Мифологи æма эпос дигорон æвзагбæл
Киунугæ исаразтонцæ
Скъодтати Эльбрус æма Къибирти Амурхан
РАЗДЗУРД
Аци киунугæ æй Нарти адæми цардиуаг æвдесæн, райдайæнæй байдауæнмæ.
Киунугæ арæзт æй дууæ хаййемæй. Фиццаг æмбес – æнхуæцгæ аййевадон-литературон уадзимис. Дуккаг хаймæ бацудæнцæ Нарти кадæнгити минкъий циклтæ æма варианттæ. Уонæн дæр ес сæхе агъазиау аййевадон æма наукон медес. Уотемæй, дууæ хаййи еумæ ирддæр æма парахатдæрæй æвдесунцæ Нарти адæми нивесийнæ.
Тексттæ мухургонд цæунцæ æнæййивдæй, кадæнгæгæнгутæй сæ куд ниффинстонцæ фиццаг, уоци хузæнæй. Æрмæстдæр æвзаги растфинсунадæ конд æрцудæй еухузи фæлхæнбæл еугур æрмæгути дæр. Дигорон Нарти кадæнгитæ æнцæ уадзимистæй финст истори. Æрхъæрттæнцæ нæмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цъухæй-цъухмæ дзоргæй. Нартæн сæ архайд цудæй бæлвурд бæрæггонд бунæтти: Хъуми будури, Идили дони билгæрæнтти, Сау денгиз, Уорс денгизи рæбунтæ, Хъобани, Турки, Гори æма ма никкидæр берæ æндæр рауæнти. Аци ахсгиаг гъуддаг бафеппайдта Туйгъанти Мухарбег æ уаци «Кто такие Нарты?» (Изв. СОНИИ, в. 1, Владикавказ, 1925. 377 ф.) Уоми загъд ес: «Место действия Нартов преимуæественно степь широкая, широкие реки и берега морей. Все большие походы Нартов рисуются не в горах и лесах, а часто – вплавь через моря. Урузмаг и Хамиц выходят из моря, Ахсар и Ахсартаг дерутся на берегу моря; охота происходит в камышах, и только случайно попадают Нарты в горы, где они дерутся с обитателями пеæер». Нарти адæми историй бæрæгдæр æвдесæндартæй еу æй тауæрæхъ «Айсана æма Нокари фурт Æхсæ-Будай». Уоми ирдæй æвдист цæуй бæлвурд тугъдон архайд, Нартæбæл е ‘знаг куд æртегол æй æма «ниббадтæй: æхсæвæ гал равгæрдидæ, бонæ – гал, уотемæй сæ уодтæбæл искодта. Кизгæ кизги æгъдаубæл нæ уагъта, ностæ ности фæлхæнбæл нæ уагъта. Тухæ син кодта алцæмæй дæр».
«Æхсæ-Будай Нарти æ разæй ракодта», фал уонæмæ разиндтæй уонæхсар тугъдон финдздзæуæг, æма сæ уацарæй фæййервæзун кодта. Аци тауæрæхъ, æнæ дузæрдугæй, æй æцæг тугъдон цауи æрфинст. Бафæнзуйнаг лæгигъæдтæ Нартæмæ берæ адтæй: бæгъатæр- дзийнадæ, хумæтæг адæми нимайун æма сæ сæрбæлтау тох кæнун, кæрæдзей фарс фæллæуун, иуазæгæн, хестæрæн æма силгоймагæн æгъдау дæттун, гъазун-ходунмæ разæнгард ун, сæ дзурдæн æцæг ун. Нæртон лæг, уасхæ раттгæй, æ мæлæтмæ дæр цудæй сæрбæрзондæй. Нартæ адтæнцæ устур нифси хецау. Рамарæн син адтæй, басæттæн ба – нæ!
Еу уæхæни сæбæл уæйгути азар ку исæмбалдæй, уæд загътонцæ: «Цæй, не сæвди рæстæг æрцудæй, фал ма нин уæддæр низзаруни барæ раттетæ. Нартæ кæддæриддæр се ‘сæвди рæстæги заргæ фæккæнунцæ». («Нартæ æма уæйгутæ».)
Ами син низзарун тугъдон мадзал адтæй, цæмæй сæмæ Батраз фæдеси рацудайдæ, уой туххæн. Фал сæ нæ фегъуста æма нæ фæййервæзун кодта, зæгъгæ, уой зонгæй дæр, æнæмæнгæ, гъæрæй низзардтайуонцæ. Уæхæн адтæй сæ уодисконд.
Нартæ нимад æнцæ тохæг адæмбæл, фал царди иннæ гъуддæгтæй дæр еппæрд н’ адтæнцæ. Кодтонцæ фонс даруни æма зæнхи куст дæр: «И æртиккаг бон бабæй Сау хонхи Сау уæйуг рацудæй ‘ма ‘й Хуцау Нарти устур Хумбарбæл æрцæун кодта. Е ба уæд сæдæ готонемæй хумæ кодта».
Иронхуати си не ‘задæй игъæлдзæг кæнун дæр: «Сæдæ æфсæни ‘ма сæдæ дзиргъæги æ дууæ усхъебæл æрауигъта, уотемæй, дзæнгал- мунгулгæнгæ, Нарти устур Хумбар Нарти æгæнон синди ниххуæстæй». («Тъизмудæ æма Нарти æгæнон синд».)
Нартæ силгоймагæн устур аргъ кодтонцæ. Æхсийнæ-æфсийнæ Сатана се ‘хсæнади ахæссуй сæрмагонд бунат. Ахид æй е Нарти бæгъатæртæн фастдæттæг æма унафгæр. Фал сæ иннæ силгоймæгти дæр дæлбарæ нæ кæнунцæ.
Уæззау дзамани ба и силгоймæгтæ дæр тохи бацæуиуонцæ. Æрхæссæн еу цубур скъуддзаг «Нарти Насиран»-æй: «Нарти Насиран адтæй уосæ, лæги дарæсти. Дуйнебæл хæтун байдæдта, æма уомæн æфсæддонæн ка нæ рацудæй, уæхæн нæййес. Авд сабати сæ авд æмбурди æркодта. Е ‘фсæдтæн сæ нимæдзæ ка ‘ссирдтайдæ, уомæ сæ барæ лæвардта.
Æ хæццæ рацæуй Ацæмæз, е ‘фсæдтæ ин банимайуй: финддæс мини, сæ уæлдай ба – æртæ сæди».
Ами Нарти Насиранæй цæуй амазонкити коми тулфæ.
Берæ кадæнгити бафеппайæн ес Нарти адæми еудзийнадæ, сæ кæрæдземæн агъаз кæнуни æууæлтæ. Стонг анз сæбæл ку скæнидæ, уæд кæрæдзей фæрци фæййервæзиуонцæ, ка бонгиндæр æма мадзалгъондæр уидæ, етæ се ‘нхуси хайбæл нæ аурстонцæ: «Нартæй цæун-гъон ка адтæй, етæ æрцудæнцæ ‘ма æстæмæй-астмæ Уорæзмæги хæдзари фæммийнасæ кодтонцæ. Къуæрей уæнгæ æстонг адæм рафедар æнцæ, цæунгъон рацæнцæ, ‘ма алке, æ сæрæн ци мадзал, уой кæнун райдæдта. Уотемæй и Нартæ судæй мæлæтæй раервазтæнцæ».
Æзнæгти хæццæ тохи сауæнгæ се ‘носи фидбилизхæссæг Сирдон ергъæвгæнæг исуй. Кенæ ба Сослани рафæдес мæрдти бæстæй дæр ма…
Нартæ адтæнцæ Хуцаумæ ковæг, Хуцаубæл æууæндагæ, дингæнæг адæм. Е сæ, æнæмæнгæ, еу кодта. Фал кæцидæр дзамани ба, æвæдзи, хæлæмулæ кæнун байдæдтонцæ æндæр адæмти динти хæццæ æма ниххæлеутæ ‘нцæ. Тохун байдæдтонцæ сæ мед-астæу дæр, сæ хуцæутти нихмæ дæр. Е, кай зонуй, æма адтæй се сæвди райдайæн…
Кадæнгитæ кæсгæй, цæститæбæл гъазунцæ Уæрхæг, Уорæзмæг, Хæмиц, Сослан, Батраз, Сирдон, Ацира-рæсугъд, Сатана æма иннети сорæттæ, уотæ дæсни сæ исниванстонцæ кадæнгæгæнгутæ.
Нарти бæгъатæрти уодисконд æма цардиуагон архайд нæмæ æрхаста сæ цæмæдессаг æвзаг. Уæхæн гъæздуг æма рæсугъд æвзаг, нимæдзæй минкъий адæмæн, нæ униау адтæй. Еци æвзагæй мах абони дзæвгарæ райзол ан. Е æй æнæнгъæлæги рæсугъд дзурдбæс-титæй арæзт: «И денгиз ба над нæ лæвардта Насирани æфсæдтæн» («Насиран æлдар»); «… е ‘фсадмæ хæдзарæн лæгæй ка нæ цæуа, е æхсæз удзести уацайрагæй хъоди!» («Гори федари æфсæдтæ»), æма ма никкидæр берæ уæхæн дæнцитæ ес æрхæссæн.
Абайти Васо æ наукон куст «Нартовский эпос осетин»-и (В.И. Абаев. «Избранные труды». Владикавказ, 1990) кадæнгæ «Нарти Ацæмæзи зар»-и туххæн финсуй: «Сказание сохранилось в нескольких вариантах. Из них один, записанный Махарбеком Тугановым, представляет высокохудожественное произведение. Этот именно вариант мы имели в виду, когда писали: «Песнь об Ацамазе занимает в эпосе особое место. В ней нет сцен жестокости и кровопролития, которые не редкость в других сказаниях. Она чужда зловеæей идее рока, которая бросает свою мрачную тень на важнейшие эпизоды истории Нартов. Пронизанная с начала до конца солнцем, радостью и песней, отличаюæаяся, несмотря на свой мифологический характер, яркостью и рельефностью психологических характеристик и живостью бытовых сцен, полная образности, соединенной с непогрешимым чувством меры, изяæно простая по содержанию и совершенная по форме, эта «Песнь» может быть названа по праву одной из жемчужин осетинской народной поэзии. Рассматриваемое сказание ставит Ацамаза в ряд знаменитых певцов-чародеев: Орфея в греческой мифологии, Вяйнемейнена в Калевале, Горанта в «Песне о Гудруне», Садко в русской былине. Еци зарæй æркæсæн еу цалдæр рæнгъемæ:
– Сау хонхи цæрæг Сайнæг-æлдар æй.
Уомæн æ кизгæ – Агундæ-рæсугъд, –
Æ еунæг кизгæ, æ бундори хай,
Зæронд æлдарæн – æ зæрди ‘нцойнæ.
Æ цилле дзикко – фади гъолтæмæ,
Æ сау цæстингас – фæскъæвда сах хор,
Æ кустмæ февналд – берæгъи лæбурд,
Бабузи накæ – æ донмæ рацуд.
Сæумæ рагиау ку рафецауй,
Æ нарæг астæу тасæ-уаситæ, –
Мæйрохс фелауй æ уорс гогойнæй,
Сæууон хори рохс – æхе цæсгонæй.
«Нарти Ацæмæзи зар», «Уасгерги ‘ма æнæ финдз Маргъуз» уæд-та ма берæ æндæр уадзимистæ ирд æвдесæн æнцæ, нæ рагфиддæлтæмæ зæлгæ-нæргæ аййевадон литературæ ке адтæй, уомæн.
Нæ уодифарни налхъут-налмас – Нарти кадæнгитæ ка кодта æма сæ ка ниффинста, етæ бæрæг æнцæ. Мах устур арфиаг ан Туйгъанти Сафар, Хамихъоти Тæкъа, Саулати Дзæрæх, Кертибийти Кертиби, Къолойти Баззе, Мудойти Сабе, Бузойти Гена æма еугур иннæ кадæнгæгæнгутæй. Арфиаг ан, уони исæносон кæнунæн æ цард нивонди ка ‘рхаста, еци Собити Инал, Туйгъанти Мухарбег, Гарданти Михал, Дзагурти Губади, Темирати Данел, Толасти Æндире æма Геуæрги, Хадати Берди æма ма никкидæр берæ æндæр ка-дæнгæфинсгутæй. Уонæй алке дæр арф æма бундоронæй лæдæрдтæй, ци ахсгиаг гъуддаг кодта, уой.
Дзагурти Губади «ПНТО»-и 2-аг рауагъди раздзурди финста: «Михал Гарданти мечтал создать нечто вроде «Одиссеи» и «Илиады». Уоци гъудимæ æнгæс адтæй кадæнгæфинсгутæн сæ еугурей меддуйне дæр.
Кай зонуй, Нарти кадæнгити фиццагон хузæ ба никки дессагдæр адтайдæ. Æрмæст уонæн се ‘цæг исфæлдесгутæ æности тари ранигъулдæнцæ æбæрæгæй. Гъæр мæрдтæмæ дæр игъусуй, уæдта, ка ‘й зонуй, мæрдтæй дæр. Аци киунуги фæззинд син уодæнцойнæ искæнуниау æй се ‘носон бунати. Махтæн ба сæ уодтæ Нарти кадæн- гити медæгæй рохс кæнунцæ нæ разнад уæларвон Марсугау…
О НАРТАХ
Нарты – поэтический псевдоним народа, запечатлевшего в героических сказаниях идеологию, общественные отношения и личностные идеалы ранних этапов своей истории. Этот народ, живущий в самом центре Кавказа – единственный хранитель языковых и культурных традиций скифского мира. Две тысячи лет назад потомки-наследники скифов и сарматов объединились под общим именем аланов. С середины XVIII в. аланы больше известны как «осетины», поскольку русский язык, осваивая Кавказ, заимствовал грузинское название Алании – «Осети». Из русского языка слова «Осетия» и «осетины» попали и в другие европейские языки. Сами аланы-осетины в обиходной речи чаще пользуются областными самоназваниями, хорошо известными по средневековым описаниям Алании – «ир» (так называлась восточная часть Алании) и «дигор» (западная Алания). Высокое, фольклорно-эпическое самоназвание народа – его подлинное общее имя – не употребляется всуе, но бережно сохранено и звучит так же, как и две тысячи лет назад: «аллон» – аланы.
Аланы-осетины сохранили уникальное фольклорное наследие, в том числе мифологические тексты и, по меньшей мере, три древних эпоса – Нартовский, Даредзановский и Царциатский. Аланский фольклор является важнейшим источником для изучения языка, культуры, истории народа, бесценным материалом для реконструкции праязыкового состояния, мифологии и социальных институтов древних ариев, для сравнительного изучения иранских и индоевропейских языков. Скифо-аланская мифология и эпос оставили неизгладимый след в культуре многих народов Европы и Азии: от японской богини солнца Аматерасу до древнерусских Стрибога, Хорса, Семаргла и древнегерманских богов-асов. Из скифских и аланских образцов современные западные историки выводят традиции средневекового европейского рыцарства. Аланская основа обнаружена в легендах о короле Артуре и рыцарях Круглого стола, ставших для европейцев воплощением рыцарского идеала. Образ Артура (от аланского «Арт-Хур») до сюжетных деталей близок к Нарту Батразу, которого народ считает олицетворением главных качеств мужчины-воина: храбрости в бою, воздержанности в еде и питье, высоком уважении к женщине.
Нартовский эпос – одна из вершин аланской культуры – известен сегодня всему миру и включен в ряд великих творений человеческого духа и народного гения. Сказания о героях-нартах в художественной форме отразили огромный исторический период. Истоки эпоса восходят к III тыс. до н. э. – к эпохе индоиранского (арийского) единства, а пополнение и развитие сказаний происходило до середины II тыс. новой эры. Совсем не случайно именно воинская идеология и рыцарская этика служат главными критериями оценки эпических персонажей. Пятитысячелетняя «Нартовская эпоха» нашей истории – время героических походов и войн, формирования государственности и борьбы за свободу.
Народ наградил любимых героев лучшими чертами национального характера – полной открытостью внешнему миру, готовностью к новизне, уважением к иным верованиям, мнениям, интересам. Духовная сила и мудрость, несгибаемое мужество и презрение к смерти, жизнелюбие и скромность Нартов всегда служили образцом для подражания. Поэтому Нартовские сказания были и остаются для каждого поколения связующей нитью времен – нетленным посланием предков, надежным обращением к потомкам.
Сказания о Нартах исполнялись нараспев под аккомпанемент арфы или кисын-фандыра. В течение веков и тысячелетий их передавали из уст в уста народные певцы. Лишь во второй половине XIX в. тексты сказаний начали записывать и публиковать. К 1868 г. относится первая публикация иронских текстов, которые записал Елдзарыко Цораев. Первые дигорские сказания были изданы Всеволодом Миллером в 1885, 1891 и 1902 гг. Часть из них была собрана им самим, другие записаны Иналом Собиевым, Амурханом Гардановым и Соломоном Туккаевым. В 1911 г. Махарбек Туганов опубликовал записанные им дигорские сказания, в числе которых «Песнь об Ацамазе» – подлинный шедевр народной поэзии. Нельзя не вспомнить с признательностью также Михала Гарданова, Губади Дзагурова, Андрея Толасова, Берди Хадаева и всех других, чьими усилиями были записаны тексты, вошедшие в эту книгу.
В первые десятилетия XX в. удалось зафиксировать нартовские сюжеты в исполнении таких выдающихся сказителей как Дзарах Саулаев, Кертиби Кертибиев, Иналдыко Каллагов, Сабе Медоев, Гаха Сланов и другие. В 1940 г. был создан правительственный Нартский комитет, призванный завершить работу по сбору сказаний, их систематизации, изучению и подготовке к изданию. Итогом работы комитета стало создание и публикация в 1946 г. сводного текста Нартовского эпоса. Это событие имело неоценимое значение для развития осетинской культуры, впервые читатели получили полное представление о величественном масштабе эпоса, начался его перевод на другие языки, образы Нартов нашли многообразное воплощение в национальной литературе, музыкальном, хореографическом, изобразительном искусстве. Для подготовки свода комитет использовал сказания, записанные на иронском и дигорском диалектах. Однако, в соответствии с господствовавшей в те годы теорией единой письменной нормы, сводный текст эпоса был издан только на восточном (иронском) варианте литературного языка.
Как известно, революционный эксперимент с назначением иронского диалекта единственной основой литературного языка не удался. Наш народ, наша национальная культура пошли другим путем. Сегодня мы имеем два развивающихся параллельно, поддерживающих друг друга и вполне равноправных варианта национального литературного языка. Приятно сознавать, что дальновиднее и мудрее оказались не искренние революционеры- унификаторы, а выдающиеся представители науки. Все они, начиная с Всеволода Миллера и заканчивая Васо Абаевым и Ладиславом Згустой, специально отмечали завидное богатство обоих диалектов и высокий литературный потенциал дигорского. Интересно, что Ладислав Згуста, живя в Америке, еще в 70-е гг. XX в. заметил «богатый, непрерывный поток произведений» на обоих вариантах литературного языка и сделал ясный вывод: «Идея о том, что использование дигорского диалекта для литературной цели означает возможность расщепления нации, была бы абсолютно необоснованной». И действительно – история аланского (осетинского) народа прямо свидетельствует о том, что диалектные различия никогда не служили ни малейшим препятствием для национальной консолидации.
Нартовский эпос – краеугольный камень в фольклорном фундаменте литературы и всей национальной культуры. Длительное отсутствие доступного и достаточно полного собрания дигорских сказаний – не говоря уже о неестественности такого положения – было досадным препятствием для развития западного (дигорского) варианта литературного языка, для его освоения учащейся молодежью. Книга, которую держит в руках читатель, восполняет этот существенный пробел. Ее составители – Эльбрус Скодтаев и Амурхан Кибиров, члены Союза писателей России – взяли на себя нелегкий труд довести до логического конца одно из важнейших начинаний национальной интеллигенции XIX-XX вв.
Составители опираются на выработанные наукой принципы публикации фольклорных текстов и исходят из принятого распределения нартовских сказаний по основным циклам. Первая часть сборника построена как сводный текст – здесь представлены циклы Уархага и его сыновей, Урузмага и Сатаны, Сослана, Сирдона, Хамица и Батраза, Ацамаза, а также отдельные сказания. Предваряют свод мифологические тексты: описание народной космологии и религии (из записей Михала Гарданова) и последовательность эпических народов, записанная Махарбеком Тугановым от Дзараха Саулаева. Во второй части книги представлены малые нартовские циклы и варианты.
К чести составителей сборника в нем нет попыток свести нартовские сказания в застывшую эпопею с искусственным единым сюжетом. Подобранные фольклорные тексты складываются в целостность более высокого порядка – на основе внутреннего единства образов, блестящего стиля фольклорной речи, идейного содержания. Пользование сборником облегчит солидное приложение с необходимыми сведениями о публикуемых сказаниях, словарем редких слов, персонажей, указателем эпических топонимов.
Востребованность этой книги будет определяться не числом поклонников эпоса или любителей дигорской речи. Гениальные по простоте и поэтической выразительности, Нартовские сказания послужат лучшим пособием при изучении родного языка, в том числе при освоении дигорского варианта иронцами в средней школе и вузе. Без доступных дигорских текстов такого качества вряд ли возможно и функциональное продвижение западного варианта литературного языка, и привлечение к чтению дигорских текстов всех групп аланского (осетинского) народа.
Словом, дигорский вариант Нартовского свода – значительное событие нашей культурной истории, знак возрождения и единства аланского народа, гарантия сохранения и развития аланского языка.
Руслан Бзаров, доктор исторических наук, профессор Северо-Осетинского государственного университета
РАГОН НАРТИ ÆМА УОНÆН СÆ
ФÆСТАГОНТИ-ЗÆРОНД ДИГОРИ ДИН
Сæумæраги арви къабæзтæй сурх сæуæхседтæ ка æрбадаруй, уой фæсте ба дуйнемæ хор-зæрин ходгæ-ходгæй ка рарветуй.
Раги изæр арвбæл талингитæ ка æрбауадзуй æма арвæн æ алли къабазæй мæйтæ, æстъалутæ ка ходун кæнуй.
Æмбес бони содзгæ хори сау мегъи буни ка бакæнуй, ирд бон æваст ка æрæнкъард кæнуй, сах хор бурдæн, уарунæй ка раййевуй. Тæвдæ сæрдæ сатæг фæззæгæй, уазал, гъизт зумæг рæсугъд æма гъар уалдзæгæй ка æййевуй.
Æдзæрæг бæститæ адæмæй ка идзаг кæнуй.
Устур аултæ, муггæгтæ, адæмихæттитæ ка берæ кæнуй.
Æзнæгти кæрæдземæ ка хæстæг кæнуй æма дзиллити федауци надбæл ка аразуй.
Адæймаги, æнæ уогæй, æ мади губуни ка равзурун кæнуй, цард ин ка раттуй, æма æй æндæр цардмæ ка ‘ййевуй.
Адæймаги цард ка гъæуай кæнуй, æма ин æй рæстæрдæмæ ка аразуй.
Æгас дуйней цард рæсугъд, цитгин, кадгин, радгин ка кæнуй. Дуйней æнæ гъæуагæй, æнæ аййеппæй, æнæ ‘фсæрмæй, æнæ тухстæй æнхузæн дарун ка зонуй…
Еци æнхæст, еци æнæ аййепп тухæ æй сугъдæг Хуцау, – табу ин фæууæд!
Аци æгас дуйнетæ æнæ нецæмæй ка сфæлдиста, уобæл æнда-рæни кади ходæн адæймаг ка æривардта, дуйней сæр, алцæмæй æма æнккæтемæй хестæр, зундгиндæр, игъосагæдæр, равзарунмæ дæснидæр, банхус кæнунмæ тухгиндæр, разæгъунмæ æма бакæнунмæ растдæр æма æнхæстдæр ка ‘й, адæймаги ка искодта, е æй Хуцау, – табу ин фæууæд!
Адæймагæн раст æма хæран ка зонун кæнуй, хуарз æма лæгъуз ка лæдæрун кæнуй.
Арв хортæ, æстъалутæ, мæйтæй ка сфæлуста, зæнхæ ба кæрдæг æма аллихузи дидинæгæй, рæзæй ка стахуй.
Денгизтæ, дæнттæ дони фонсæй ка байдзаг кодта, алли гъæздугдзийнадæ, алли рæсугъддзийнадæ ке къохæй цæуй, е дæ ду, Хуцау, табу дин фæууæд!
Хуцау æй дуйней сæр. Дуйнейæн æ райдайæн æма æ кæрон.
Хуцау æхецæн цæрæн бунат исаккаг кодта æгас дуйней рохс. Дуйней рохси къабæзтæ – тухтæ æнцæ: арв, дунгæ, зæнхæ, дон æма зинг.
Арв Хуцауи хæдзарæ æй, зæнхæ – е ‘рæнцайæн, æ тургъæ, е ‘взурæн, дунгæ – æ уод, æ рафецауæнтæ, æ хæтæндæнттæ, дон, зинг – æ сугъдæггæнæг, æ цард аразæг.
Хуцау æ цæрæнбонти исаразта хор, мæйæ æма æстъалутæ æхсæвæ æма бони бæрæггæнæнтæн, хонсар – фонсæн хуæрунмæ, фонс ба – адæймаги царди дзæбæхдзийнадæн.
Зумæг, сæрдæ, уалдзæг æма фæззæг зонун кæнунцæ адæймагæн, Хуцау тухгин ке ‘й, уой.
Адæймаг аци дуйнебæл æй Хуцауæн ковун æма Хуцауи кадгин кæнуни туххæй лæвæрд, хъæбæрдæр ба Хуцауи минеугутæ фæнзуни туххæй.
Дуйне дæр æма адæймаг дæр фæстехуарзгæнгæ, бонхуæздæрæй, цæуæнтæ.
Дуйней сæр, зæронд уорсалистæ, æнзтæй, догтæй, фæлтæртæ ‘ма рæстæгутæй рагондæр æма хестæр Хуцау, уæлæрвти медæгæ æхецæн исаразта æ сугъзæрийнæ хæдзарæ.
Хуцау æгас дуйнебæл æ къабæзтæ æруагъта æма ‘й æ сугъзæрийнæ базури буни бакодта.
Устур Хуцау уæлæрвтæ æ сугъзæрийнæ къелабæл бадуй, сугъ- зæрийнæ фингæбæл сугъзæрийнæ киунугæ æ рази, æ сугъзæрийнæ лæдзæг æ къохи, уотемæй дуйнейæн фæндæ-тæрхон кæнуй, æ фæндитæ æма тæрхæнттæ ба еци киунуги æ сугъзæрийнæ финсæнæй финсуй. Æ аллифарс, æ фалæнбулай, Хуцауæн изæдтæ, идаугутæ æма Хуцауи уарзон лимæнтæ æхсæвæй-бонæй зилдæгæй сæ зонгутæбæл бадунцæ æма лæуунцæ, табуйæй ковунцæ Хуцауæн, æма корунцæ адæмæн, æгас дуйнейæн дзæбæхдзийнæдтæ, сæ рæдудтитæбæл ба – хатир.
Етæ еугурæй дæр Хуцауæн æ алли дзурдбæл дæр амменæ зæгъунцæ. Хуцау есуй æ уарзонти кувд æма беретæн уони кувдмæ гæсгæ хатир дæр кæнуй.
Хуцау ести фæндæ ку фæккæнуй, уæд æй изæдтæ, идаугутæ æма Хуцауи лимæнтæ базонунцæ Хуцауæн æхе дзурдтæй, фæндонæй, Хуцауæй ракорунцæ æма æнамонди фидбилизæй фæййервæзун кæнунцæ, бахезунцæ.
Етæ æмвæндæй амменæ кæбæл зæгъонцæ, уой ба Хуцау æ сугъзæрийнæ киунуги ниффинсуй æма ин раййевæн нæбал ес.
Хуцау еци тæрхæнттæ æ сугъзæрийнæ киунуги æ рахес къохæй ку ниффинсуй, изæдтæ, идаугути, уодесæги æма æ иннæ уæхæн лимæнти, еци тæрхæнттæ æнхæст кæнунмæ уæд рарветуй.
Хуцау ци нæ зонуй, ке нæ зонуй, дуйнебæл уæхæн нæййес: сæумон изæдтæ æма изæйрон идаугутæ æ къохи æнцæ, аллирдæмæ сæ æрветуй æма ин етæ аллирдигæй аллихузон уадзгъудтæ хæссунцæ. Дуйнебæл зелунцæ æма, зæнхæбæл ка ци уадзгъуд фегъуста, кенæ ба фæууидта, уони ба Хуцауæн дзорунцæ.
Устур Хуцау æгас дуйне æ нæгæй сфæлдиста: æ зунд, æ фæндæ æма æ дзурдæй.
Æцæг дуйнейæн хецауæн æривардта Барастур, дæлуймонтæн – Фидбилиз, а мæнгæ дуйней – Адæймаг, уонæн се ‘нккæтей сæргъи ба лæууй Æхуæдæг, сæ миутæмæ син кæсуй æма син тæрхон кæнуй. Хуцау фиццагдæр-фиццагдæр исфæлдиста арв æхецæн цæрæндонæн, изæдтæ æма идаугутæ, æма син загъта: «Цæретæ уæл-арв мæ цæрæндони, мæ аллифарс лæууетæ».
Æма иссæй уæларвон сугъдæг дуйне. Сæ хецау ба – Хуцау æхуæдæг.
Уой фæсте ба Хуцау исфæлдиста зæнхæ æ алли гъæздугдзийнæд-ти хæццæ: донæй, халсарæй, фонсæй; уонæн се ‘нккæтей хецау ба искодта адæймаги.
Адæймаги Хуцау искодта сикъитæй, равардта ин зунд хуарз æма лæгъуз æвзарунмæ, бартæ æма фæндон ести минеугутæ кæнунмæ æма ‘й æривардта зæнхæбæл æлдарæн, æма ин загъта: цæрæ аци мæнгæ дуйнебæл, бон хæссæ дæ фæллойнæй æма устур дуйнемæ дæхе исцæттæ кæнæ, Хуцауи ма феронх уо.
Адæймаг æрцардæй зæнхæбæл, æ цардиуаг исаразта æма æхе устур дуйнемæ, Хуцауи размæ цæттæ кæнун райдæдта.
Адæймаги бакъахунмæ æма уомæн æ хъаурæ исбæрæг кæнуни туххæй Хуцау исфæлдиста сайæгой дæлуймон.
Сайæгойтæ цæрунцæ дæлзæнхæ æма алли бон дæр алли гъуддагæй дæр къахунцæ адæймаги. Хуцауæй æй идард кæнунцæ, æма ‘й сæхе дуйнемæ ласунцæ.
Хуцау æ изæдти арæзтæй адæймаги рæстмæ аразуй, Фидбилиз ба ‘й фесинмæ хæссуй, гъема уой туххæй кæддæриддæр изæдтæ адæй-маги сæрбæл дзорунцæ Хуцауи размæ.
Хуцау исмæстгун æй Фидбилизмæ æма ‘й дæлзæнхæ бакодта. Фидбилиз уоми дæр æ кæнон нæ уадзуй æма адæймаги исæфтбæл зелуй.
Гъема, уомæ гæсгæ ба, Хуцауи изæдтæ æма Фидбилиз кæддæриддæр тохунцæ.
Фидбилиз алли фонс, алли рæзæ, алли гъуддаги дæр алцæй хузи дæр бацæуй æма адæймаги басайуй.
Адæймаг фæррæдуйуй æма Фидбилизи хай исуй.
Æгас дуйнети фæндæ Хуцаумæ ‘й: æнæ Хуцау цæрæн дæр æма мæлæн дæр нæййес.
Æгас дуйнебæл æнамонддзийнадæ кæмæй цæуй, адæми кæрæдзебæл ка ардауй, ка цæгъдун кæнуй, алли цъумурдзийнадæ æма æнæ зæрдæесгæ гъуддæгтæ кæмæй цæуй, фурхуæрдæ, фурниуæзтæ, зийнадæдзийнадæ, хахур, гъолонцъух, ардаун, æлгъетун, давун, марун ке фæндæй цæуй аци мæнгæ дуйнебæл, етæ æнцæ Фидбилизи къохи æма хуннунцæ Хуцауи æзнæгтæ.
Хуцауи æзнаг кæддæриддæр Фидбилизи фæдбæл цæуй æма æ фæсте дæр фидбилиз итауй.
Хуцау е ‘знæгти ралгъиста, гъема етæ алли бон зианæй-зиани къохмæ, рæдудæй-рæдудмæ хезунцæ æма æнæ еу бон цох, æнæ еу игъæлдзæгдзийнадæй гъезæмарæ кæнунцæ.
Хуцауи æзнæгтæн æгас дуйнебæл идзулд бон, цийнæ æма бæрæг фæстаг нæййес.
Уой туххæй, æма етæ еске дзæбæхдзийнадæй, федауцæй содзунцæ æма мæлунцæ, адæмуарзондзийнадæ си райдард æй.
Хуцауи æзнаг еске зианбæл цийнæ кæнуй: е фидбилизи арф бацæуй, ниффедар æй лæгъуздзийнади медæгæ æма ин лæгъузеуæгæй фæппирнæн нæбал ес.
Рæстæбæл цæуæг, хуарзгæнæг уонæн (Хуцауи æзнæгтæн) се ‘знаг æй, сайтæнттæ æма дæлуймонтæн, адæмæн алли бон фидбилизбæл ка уодуй, етæ ба сæ лимæнтæ æнцæ.
Хуцауæн, адæмæн æма æгас дуйнейæн æзнаг ка ‘й, фидбилизбæл ка уодуй.
Дуйней дзиллитæ, муггæгтæ, аултæ, бийнонтæ æскъуддзæггаг ка скæнуй.
Адæмтæ, хæлæрттæ, лимæнтæ кæрæдземæ ка кæнуй æма сæ æзморæй ка цæрун кæнуй.
Ниуазагæ, хуæрагæ, хæтагæ, хахур, фудæвзаг, ардауæг, цъуххæссæг, лæг марунгæнæг, давунгæнæг æма зиангæнæг ка ‘й, еци уод æй Сайтан, хузæй сау, къæдзæнгулдзитæ, фæстæмæкъах, сиугин. Сайтæнттæ цæрунцæ дæлзæнхæ æма хуннунцæ дæлуймонтæ, ес сæмæ силтæ дæр æма нæлтæ дæр. Сайтан æй дуйней ихæлцæ æма фидбилиз, фал уæддæр силæ сайтан налатдæр æй.
Фидбилиз кæми уа, сайтан уоми бадуй. Сайтанæй алли адæймагæн дæр хай ес.
Адæймагæн æ хуарзмæ игъосæг рæстмæ ку зела, уæд æнæ фидбилиз æй.
Хæдзари бийнонтæн се ‘нккæтемæн дæр ес сайтани хай.
Бийнонти сайтæнттæн сæ сæр ба æй Бундор.
Æ Бундор рæстмæ кæмæн цæуа, уой гъуддаг адæми æхсæн æнцойнæдæр, кадгин-радгин æй, æ хæдзари бийнонтæ федаунцæ, æнæхилæ æма гъæздуг æнцæ.
Дæ фудголбæл æ Бундор исæрра уа: уæд хæдзарæ æ бунтæй рахъан уй. Хæдзари бийнонтæ кæрæдзей фид бахуæрунцæ æма кæрæдзей гъезæмарæй марунцæ, сæ дзилли ‘хсæн ба синдзæ-биндзæй цæрунцæ. Хæдзари цард Бундормæ гæсгæ ‘й.
Сайтæнттæ зелунцæ раст адæми фæсте, сайунцæ сæ сæхердæмæ, адæм сайд кæнунцæ.
Алли адæймагæн дæр ес сайтани хай, еци сайтани хай хæтуй адæймагæн æ фæсте, ардауй æй алли налатеуæгбæл, æ лæгъуз- дзийнæдтæ ин финсуй æма сæ игъосун кæнуй Хуцауæн.
Сайтани ахæсти ка фæууа, уомæн æ сæр æ барæ нæбал фæууй, алли нез ибæл æфтуйун райдайуй, сæр нæбал фæййахæссуй æ мæнгæ дуйнебæл æма уотемæй батар уй, æ сайтани хай æй бахуæруй. Уæхæн уогъурсуз æ мæлæти бони бафтуйуй æвдеутæ æма дæлуймонти къохи æма ‘й ниффардæг кæнунцæ дæлзæнхæмæ.
Хуцауи рази уæларв ес, Хуцауæн кадгин ка ‘й, уæхæн Хуцауи уарзонтæ. Æгас дуйне еци рæститæбæл æнцайуй æма уони кувдæй ервæзуй.
Етæ лæуунцæ изæдтæ æма идаугути хæццæ æма корунцæ уомæй адæмæн хуарздзийнæдтæ, ковунцæ Хуцауи рази, цæмæй зæнхæбæл адæм сæривулд, æнæнез, идзаг хумæ æма зад игуæрдæн уонцæ.
Ковунцæ, корунцæ етæ, æма син Хуцау сæ кувд ку райсуй, уæдта табугæнгæй сæ зонгутæбæл æрбадунцæ æма Хуцауæн адæми туххæй арфæ кæнунцæ.
Етæ Хуцауæн цитгин æнцæ, гьема син Хуцау сæ кувд, сæ курдæн кæддæриддæр устур аргь кæнуй.
Аци зæнхæбæл адæм ервæзунцæ æма цæрунцæ Хуцауи уарзонти фæрци.
Хуцауи уарзонтæ: Æфсатий, Фонси Фæлвæра, Хуарелдар, Курдалæгон, Гъæдæрæхснæг, Донбеттир, Елиа, Уасгерги, Никкола, Мадæ-Майрæн, Уæларвон Басил, Уас-Тотур, Барастур.
Хуцауи лимæн æма уарзон еци адæмтæ уомæн æнцæ, æма сæ уæлæбæл царди мæгуртæн агъазгæнæг адтæнцæ, сæ къохи ци гъуддаг адтæй, уой рæстмæ хастонцæ, æма сæ уой туххæй Хуцау æхемæ исиста: рæстити Хуцау æхемæ есуй æгас уодæй.
Æхсæвæй-бонæй Хуцауи размæ ка бадуй, уомæй адæммæ хуарз хабæрттæ ка хæссуй.
Адæми дзæбæхдзийнадæбæл, федауцæбæл ка аразуй, уони хуарз хабæрттæ уæларвон Хуцаумæ ка хæссуй.
Сæумæ æма изæрæй арвбæл, адæми гъæуайгæнæгæй, æртæ зе-лæни ка кæнуй, амменæ гæнгæй, еци сугъдæг уодтæ æнцæ изæдтæ, идаугутæ. Зæнхæбæл цидæриддæр адæймаг ес, уомæн уæларв ес изæди хай, гъæуайгæнæг Изæд.
Алли адæймаги дæр е ‘зæди хай гъæуай кæнуй фидбилизæй, æ хуарздзийнæдтæ ин финсуй æма дзоруй Хуцауæн.
Изæди хай ес æгас бийнонтæн дæр – Сæризæд, æма æгас гъæуæн дæр – Гъæуизæд.
Сæризæд æма Гъæуизæд адæми федауцæбæл зелунцæ, адæми кæрæдзебæл æнгон кæнунцæ.
Гъæуайгæнæг Изæд бæрзæндти бадуй æма адæймаги будуйрон куст алли лæгъуз дунгæ æма къæвдайæй хезуй.
Еци изæд – Будури Изæд, табу ин фæууæд! Нæ хумтæ, нæ игуæрдæнтæ уой иуазæг æнцæ.
Изæдтæн æма идаугутæн табуйæй ковун гъæуй алли сæумæ дæр æма алли изæр дæр.
Сæумæраги æма изæрдалингити етæ зелунцæ дуйнебæл амменæ гæнгæй, уони аммени сахати адæймаги цъухæй цидæр исхауа, уомæн æнæ æрцæуæн нæййес.
Гъема, адæймаг æхе фудæлгъистæй гъæуай кæнæд, æ ковæн рæстæг фулдæр дарæд.
Сæумон изæдтæ æма изæйрон идаугутæн табу фæууæд! Уонæн ковун гъæуй сæумæраги, кенæ ба рагизæр.
Гъей, Хуцауи размæ лæугутæ, Хуцауæй адæммæ æма адæмæй Хуцаумæ хабархæсгутæ, табу уин фæууæд!
Хуцауи рази, Хуцауæн æ тæрхон ка æнхæст кæнуй, æнæ фæстæмæ исдзоргæй, уæхæн косгутæ лæууй, уонæй сæ еу æй Уодесæг, иннетæ ба Алаурди æма Руни Барæ.
Карз Уодесæг æнæхатирæй адæймаги уод исесуй, адæймагæн Хуцау зæнхæбæл цæрун аккаг ку нæбал фæккæнуй, уæд.
Алаурди æма Руни Барæ ба Хуцауи фæндонæй адæмбæл нез рауадзунцæ, адæм Хуцауи ку феронх кæнунцæ æма ести тæрегъæдтæ ку ракæнунцæ, уæд.
Еци устур незихæттитæй адæм раервæзунцæ, сæ рæдудтитæ ку базонунцæ æма уонæбæл зæрдæй ку фæффæсмон кæнунцæ, уæд.
Алаурди æма Руни Барæ адæмæн сæ нез фæррæуæгдæр кæнунцæ, адæм уони ести дзæбæхæй ку æримисунцæ, уæд.
Хуцауи дзурдæй Руни Барæ алли нези хатт адæмбæл рауадзуй, Алаурди ба – сувæллæнттæбæл, Уодесæг ба сæйгитæбæл зелуй æма сæмæ æхе аллихузи æвдесуй.
Адæм ку фæффæсмон кæнунцæ сæ лæгъуз гъуддæгтæбæл, нивондтæ ку исуадзунцæ, уæд Руни Барæ æма Алаурди Хуцауæй ракорунцæ æма карз Уодесæг æхе сæйгитæй райдард кæнуй.
Сæйгитæ уой ку нæбал уинонцæ, уæд исуолæфунцæ.
Хуцауи дзурд æнхæстгæнгутæ – Уодесæг, Алаурди, Руни Барæ адæмти зæрдиуаг Хуцауи хæдзари радзорунцæ, изæдтæ-идаугутæ, Хуцауи уарзонтæ ба Хуцауæй ракорунцæ хатир æма етæ фæййервæзунцæ.
Адæймаг Хуцауи зæрдихудт ку райсуй, адæм Хуцауи ку феронх унцæ æма Хуцау адæймагмæ исаразунмæ ку фæккæсуй, уæд е бафтауй адæймаги ести зинæвзарæнти: хъиамæт, нез, æнæуой зин-дзийнæдтæ. Руни-Барæ уæд адæмбæл рауадзуй еу ести рун – нези хатт, Алаурди – дзиуарæ, æма адæм никкæлунцæ нези буни.
Карз Уодесæг хæтуй сæйгитæбæл, кæсуй адæммæ æма адæм сæ миутæбæл ку нæ фæффæсмон кæнунцæ, уæд син сæ нези хатт тухгинæй хæссуй, сæ уодтæ син исесуй, æма сæ райсуй се ‘носон бунатмæ. Адæм сæ рæдуд ку базонунцæ, сæ тæрегъæдбæл ку фæффæсмон кæнунцæ æма сæхе сæраппонди, сæ сæри бæсти, сæ фонсæй Хуцауи ном, кенæ ба Хуцауи изæдтæ, идаугути æма Хуцауи размæ лæууæг, Хуцауи уарзонти ном ку иссерунцæ, ку никковунцæ, уæд Хуцау игъосуй еци кувд æма æ адæмæн ниххатир кæнуй.
О, сурх цæстæ, хъæрæу Æфсатий, æстонг цауæйнæнтти фæтæг, Сау хонхи дзæбодуртæй, Уорс хонхи сикъетæй, сау гъæди æрситæй, сайгæ- найгæ æма сæдсугонтæй, Терки идим, Дони, Къуми, Хъобани, Къиндзи сау робастæй, дæллагон лигъз будури рæубестау, тæрхъостау къуæцæли бунмæ ка рафецауа, уони æнæ хай ма скæнæ.
Æфсатий лæварæй хай кæмæн нæ уа, еци цауæйнон лæги арми неци æфтуйуй гъæди, хонхи, будури сирдтæй, нæ сæ еруй, нæ сæ æргъæвуй, иссергæй.
Сирдти фæндæ Хуцауи лæварæй Æфсатиймæ ‘й.
Сау хонхи уорссиуæ сау дзæбодуртæ, сау саг-сирдтæ, Уорс хонхи, лигъз будури гъæуанзтæ, сикъетæ æма рæубестæ, Æфсатий, дæ къохи æнцæ.
Ду син дæ æвæлмæцгæ фиййау, æма дин дæ ном ерунцæ ца- уæнгæнгутæ, астæйронтæ, сирдтонвидæй, къуæцæли буни.
Дæ уорс гъог – дæ фонси хатт дæ хæдзарæмæ æвæлмæцгæй æздахуй. Æфсатий Гъæдæрæхснæги хæццæ æнвæндæ ‘й, уæ фонси хатт хонхи къæдзæхти, сау гъæди цилпи, кæмтти, къолти, будурти хан-си – фудæмбæлæг – хезетæ ‘й.
Æфсатий Гъæдæрæхснæги хæццæ сæ фонсæй кæрæдземæн лæвæрттæ нæ кæнунцæ.
Фиййаутæй иуазæгæн хуарз к’ адтæй, æ фонсæй æнккæтей дæр ка уарзта, уой Хуцау æхецæн лимæнæн райста æма ‘й сауфонс, листфонси фæнди сæр искодта.
Цубурдумæггаг, гебенагин, цæппо-лæппо Фæлвæра, æ дууæ бæрци, къæсмустæ, уотемæй æ фонси сæргъи рацо-бацо кæнуй.
Парахатæй фонс иуаруй Фæлвæра, фонс ка уарзуй, гъе, уонæн. Ка – гъогæргъау, ка – дзогæ фусæй, сæгъæй фæттæруй.
Цийнæ кæнуй Фæлвæра: æ лæвæрттæ хуарз æнцæ.
Фæлвæрайæн æ дзогæй фиййау нæл фус рартаста.
Фæлмæн хуæрдæ, сабур Фæлвæра æ фонси къуар кæддæриддæр адæмæн иуаруй фонсиуарæни хуцауæхсæви.
Гъе, уомæй адæми сайуй æма Хуцауæн косуй.
Хуарелдар Хуцауи лимæн æй. Æ цард æй Хуцауи хæдзари.
Адæймагæн зæнхи сойнæ есун е бамудта.
Фиццагидæр даргъ ауæдзæ, фæтæн хумтæ аци зæнхæбæл е раскъардта.
Табу ин фæууæд! Зæнхи куст уæззау адтæй æма ибæл алли фонсæй фонсæвзарæ е фæккодта.
Хъалæрдойæй къæлæтгунтæ е ‘рискъардта. Къæлæтгунтæ ‘й бæрзæндтæ райсиуонцæ, – нæ ин цудæнцæ.
Цилпи бунæй цилпæ сæртæ баефтигъта, – сау гъæдæмæ ин æ готон ниффардæг кодтонцæ.
Æрæгиау Фæлвæрамæ ку бацудæй.
Фæлвæра ин æ фонсæй тотуригурд, уорссиуæ сау галтæ ку раздахта. Уорссиуæ сау гал ауæдзи уæд рацудæй.
Еци галтæ Хуарелдар готони баефтигъта.
Даргъ ауæдзæ фæтæн хумтæ Хуарелдар уæд раскъардта, – табу ин фæууæд!
Уоми галдæрæг Хуарелдар адтæй, æ готондар Уасгерги адтæй. Муггагхæссæг ба Мадæ-Майрæн адтæй, æ муггагтау Никкола адтæй. Уоми хуар куддæр æрзадæй, уотæ еци хуарæй адæм хуарисæрæн хуæрдæ, ниуæзтæ Хуцауæн исковунмæ рацæттæ кодтонцæ.
Еци кувди къерегæнæг Мадæ-Майрæн адтæй, сæ къерековæг Фидæ- Никкола.
Еци хуми туххæй Хуарелдар Уасгергий бæхæн æнæ карст будур ниууадзун кодта.
Курдалæгон Хуцауи хæдзари æ курдбадзæ исаразта, алли хæзнатæй дзаумаутæ кæнуй æма адæми минеуæгбæл-лæгигъæдæбæл аразуй. Арвæй зæнхæмæ æхе къохæй конд сау æфсæйнагæй цæггун рæхис æруагъта.
Уой буни гур-гургæнгæ арт искодта.
Уомæн æ фæрстæмæ сæдæ сæди сæдон сугæй бийнонтæ аулгай æрбадун кодта.
Арти фарсмæ и бийнонтæ даргъ ауæдзæ, фæтæн хумтæ раскъардтонцæ.
Еци хумтæ гъæуай кæнунмæ уонæн Курдалæгон борæ-болатæй цъæх арцитæ, æхсагæ сагъæдахътæ, аскъардтæ, кæрдагæ кæрдтæ исаразта. Сафай буни, æ хуми сæргъи хуарз исардæй, еци æдгæрзтæ, мæгур лæгæн цæрун фенцон æй Курдалæгони фæрци.
Курдалæгон кæддæриддæр уæларви бадуй Хуцауи хæдзари, адæ-ми исаразуй алли кустмæ. Æ Сафа рæхис ба бор арт хорон адæми кувдтаг уæларвмæ хæссуй.
Донбеттир Хуцауи дзурдæй цæруй дæнттæ, денгизти буни.
Донбеттир адæмæн иуаруй дони фонс.
Донбеттирæн ковунцæ балердзаутæ.
Уæлæрвти, Хуцауи хæдзари ес мудбиндзитæн æрвон гъæуайгæс. Еци гъæуайгæс хуннуй уæларвон Анæгол.
Анæгол цæруй Хуцауи рази, æй Хуцауи уарзон лимæн, гъæуай кæнуй зæнхитæ фуд уадæ, фуд æртæхæй.
Уæларвон Анæголæн ковунцæ муддартæ, корунцæ си, цæмæй сæ е мудзад фæккæна, уой.
Ковæг муддар æ кувди æздæхи фæззæгъуй: «Уæларвон Анæгол, табу дин фæууæд! Хуцауи рази лæууис æма нин уомæй ракорæ хуарз анзихатт мудбиндзитæн. Æнцад цæугæ-хуæргæ анз. Анæгол, дуйнебæл муд æрзайун кæнæ, адæм мудæфсес искæнæ. Мах муддарти къуарæн ба хуæздæр æма фулдæр раттæ. Нæ муддарти нин æртигæйттæ æма хуæрзидзæгтæ бакæнæ!»
Анæгол адтæй зæнхон адæймаг. Æгас адæмæй фиццагидæр е исæрмахур кодта мудбиндзити къуар, райдæдта си пайда кæнун, хуæрун, уой фæрци нур зæнхæбæл ес муд.
Анæгол иссæй зæнхон мæгур адæмтæн æ кустæй устур агъаз, уой фæууидта Хуцау æма ‘й æхецæн райста æрвон лимæнæн.
Нур Анæгол лæууй Хуцауи рази æма устур агъæзтæ кæнуй муддартæн, мудзадбæл син зæгъуй Хуцауи рази. Табу ин фæууæд!..
Елиа Хуцауи лимæн æй, цæруй уæлæрвти медæг, тохуй Хуцауи æзнæгти хæццæ.
Хуцауæн æма адæмæн аци зæнхæбæл ес устур æзнæгтæ: Сайтан, Руймон æма мæйхуартæ.
Етæ, зæнхæбæл цидæриддæр фидбилиз цæуй адæймагбæл, цидæр ихæлддзийнадæ ес дуйнебæл, уони аразунцæ.
Сайтан аразуй адæми аллихузи фуднадбæл æма рацох кæнуй адæймаги Хуцауæй.
Хуцауи рази адæмæй лæугутæ адæм гъæуай кæнунцæ æма адæймаг ести фидбилиз кæнун ку æримиса сайтани зундæй, уæд имæ гъæуайгæнæг изæдтæ æма идаугутæ рарветунцæ.
Сайтан уонæй æхе римæхсуй. Сайтан изæди уиндæ нæ фæззæгъуй. Адæймагæн устурдæр зиан ракæнунмæ Сайтан (дæлуймон, фæлевæг) ку фæкковуй, уæд естæй хузи бацæуй – хъæбæрдæр калм- руймони хузи.
Руймонæн е ‘смаг дуйнетæ æнодæй маруй, æ гъæрæй бæститæ аруйунцæ, уой тæссæй адæм сæ Хуцауи феронх унцæ æма ин, лæхъуæни дзæбæх æма кизги рæсугъд ка фæууй дзиллити æхсæн, уони хуæрунмæ радугай æрветунцæ нивондау.
Руймони æртæ боней фæсте фат нæбал хезуй, кард нæбал кæрдуй, тухæ ‘й нæбал сæттуй. Гъема Руймони марунмæ Хуцау æрветуй сугъдæг Елиай – Уацеллай.
Уацелла, Курдалæгонæн – уæларвон кадгин курдæн – æндон æфсæйнагæй федар рæхистæ искъахун кæнуй, кæрдагæ æма хезагæ борæ- болатæй фæттæ ин искæнун кæнуй æма гæрæхтæ кæнун райдайуй адæми æзнаги.
Елиай цæхæрæй дуйней сурх цирен кæнун байдайуй, æ гæрæхтæй арв æма зæнхæ нæрунцæ, Руймон æхе дæлзæнхæ, дæлдон, дæлдор нирримæхсуй.
Елиа еуцæфон æй, Руймони æхстравгæмæ ку ‘ссеруй, уæд æй фæццæф кæнуй.
Цæф сирд ратолæ-батолæ кæнун æ медбунат райдайуй, е ‘вдо-лæни сау гъæдтæ пурх кæнуй, гъæутæ пурх кæнуй, ихалуй, лигъз будуртæ бурæнттæ-бурæнттæ ракæнуй. Æ тоги пурхæнтæй сæумон ахъуз кенæ ба изæйрон ирдгæ тоги хæлцæй тогфæлдзæгъдæ калуй дунгæ дуйнебæл. Руймон бастуй, катай кæнуй, мæлуй тогведудæй.
Уорс Елиа цийнæ кæнуй, адæми знаг рамардта, æ рæхистæ ибæл рафтудта æма ‘й уæларвмæ, гъæуайгæнгæй, фæлласуй.
Æзнаг фæддунд æй, дуйней ниррохс æй, нийдзулдæй æма ходуй, думгæн е ‘смаг, æ нез рацох æй, зæрдæ æнцонæй уолæфуй.
Руймон адæмæн устур нез æй. Игургæ, æвзургæ ба гъæуанзæй кæнуй.
Уорс Елиа, адæми еци фидбилизæй гъæуайгæнæг æй, бадуй, æма æдæхсæвæ, æдæбонæ дуйнебæл зелуй, арвæй зæнхи астæу, мегъти сæрти.
Адæми Фидæ, адæми лимæн Никкола-хуарз.
Уас-Никкола Хуцауи размæ лæууæг æй æма Хуцауæй адæмæн хуарз хабæрттæ æрхæссуй. Сугъдæг Никкола тухст адæймаг, æфхуæрд адæймаги сæрбæл дзорæг æй. Дуйнебæл еунæг неке уа-дзуй, алли раст еунæги фарсмæ дæр æрбалæууй æма ин фидæ, æнсувæреуæг бакæнуй. Сугъдæг Никкола хуæнхтæ гъæуай кæнуй, æ ковгутæй билæй хаун неке рауадздзæнæй, агъаз син кæнуй талингæ æхсæви дæр æма гъизт рæстæги, цъететæбæл æма æфцæгутæбæл дæр. Уас-Никкола тухст хуймонтæн готондар æма муггаг итауæг æй, раст киндзхонтæн къерековæг æй.
Сугъдæг Никколайæн æ къерейаг – хонсари мæнæуæй, æ бæгæнийаг – цæгати хуарæй.
Сугъдæг Никкола адæммæ фæззиннуй сæ тухсти рæстæги, зæронд лæги хузи, фæндæ кæнунмæ, мийнæварæн, рæстдзийнадæбæл исдзорунмæ.
Сугъзæрийнæ бæрзонд Уасгерги уæларв, Хуцауи размæ лæууй æма адæми гъæуай кæнуй.
Сугъдæг Уасгерги мæгуртæн агъаз æй, æфхуæрдтити рæвдауй. Сугъдæг Уасгерги размæ ку цæуа, уæд фæстæмæ гъæуай кæнуй, бæрзондæй рафæлгæсуй лигъз будуртæмæ æма тухст адæмæн агъаз дæттуй.
Сугъзæрийнæ базургин тухсунгæнæги æфхуæруй, мæгурти, æнæхъаурити ба æ базури буни бакæнуй.
Сугъзæрийнæ базургин æзнаг сæттæг, хæстæг хæссæг æй, мæгури кувд есагæ ‘й.
Уасгерги арвæй зæнхи ‘хсæн æ уорс аласабæл æдæхсæвæ, æдæбонæ зелуй æма хуарзгæнгути хуарздзийнадæбæл аразуй, фидбилизгæнгути ба къулумпи кæнуй.
Сугъдæг сугъзæрийнæ базургин бæрзонд Уасгерги фæндаг аразæг æй, хуарзбæл ка зела, уони рæствæндаг кæнуй.
Фудгæнгути æнæнгъæлтæбæл еске къохи æфтауй.
Сугъзæрийнæ базургин бæлццæнттæн фæндагсар æй, хуймонтæн – галдæрæг, фиййаутæн – гъæуайгæнæг, лæхъуæнтæн – киндзæмбал æма къохбæлхуæцæг.
Бæстæбæл хуарз – силгоймагæй – адæймаги къохи сугъзæрийнæ базургин бафтудта.
Табу дæуæн, бæрзонд Уасгерги!
Мæгур адæм, сугъдæг расти Уасгерги, де ‘уазæг æнцæ. Дæ нивонд – и дзоги ‘хсæн сау нæл сæгъæ æма бор нæл фус.
Уасгерги адæммæ æстæнмæ фæззиннуй. Зингæ ба сæмæ ба-къахуни туххæй фæккæнуй, иуазæги æгъдауæй, тухст рæстæги æ къулух бæхбæл, тухст бæлццонæй, сабийи хузи.
Æгас дуйней мадæ æй Мадæ-Майрæн, лæхъуæнти мадæ.
Дуйнебæл Хуцауи номæй киндзи кадæр цæуй, уонæн сæ киндзæмбал дигиза æй Мадæ-Майрæн.
Мадæ-Майрæн раст хумгæнгутæн сæ къередзау æй, нæуæг киндзитæн зæнæг иуаруй: кæмæн – кизгæ, кæмæн – лæхъуæн.
Сугъдæг Мадæ-Майрæн Хуцауи рази лæууй æма адæмæй Хуцауи æхсæн хæлардзийнадæ аразуй.
Мадæ-Майрæн æгас дуйней минкъий сабийтæ гъæуай кæнуй фуд Алаурдийæй, æ сугъзæрийнæ базурти буни сæ даруй, сæ дзи-уарæ ба син æ зæлдусæй радауй. Мадæ-Майрæн æй арв æма зæнхи ‘хсæн уарзондзийнади мийнæвар.
Е Хуцауи зæрдæ адæммæ фæлмæн кæнуй æма адæми æргом Хуцаумæ аразуй.
Хуцауи уарзон адæймаг, Хуцауи рази лæууæг – Уæларвон Басил дуйнейæн нæуæг цард равардта.
Е æй нæуæг æнзти сæр, зæронд анз æййевæг æма зæнхæбæл нæуæг рæстæг, нæуæг æнзтæ аразæг, æма хуарздзийнæдтæ иуарæг.
Алли нæуæг анзи сæри дæр Уæларвон Басил æ хуарздзийнæдтæй хуарз хай кæнуй раст адæмæн.
Уæларвон Басил Хуцауи размæ лæууй æма Хуцауæй хуарз лæвæрттæ коруй мæгур адæмæн.
– О, Уæларвон Басил, Хуцауи размæ лæууæг, нæуæг анзи сæри нæуæг хуæрзтæ иуарæг, махæн дæр дæ дзæбæхдзийнæдтæй хуарз хай ракæнæ, лæгъузæй нæ бахезæ!
Тотур адæймаги дзæбæхдзийнадæбæл зелуй Хуцауи рази.
Табу Уас-Тотурæн!.. Е Фæлвæрай фонси хатт гъæддон сирдтæй гъæуай кæнуй, фиййаутæн, æнæ уингæй, æмбалеуæггæнгæй, Хуцауи хæдзари цæруй.
Уас-Тотур адæймагæн æ бони игурд галтæ æрмахур искодта æма сæ готони рацæун кодта.
Сирдтæ, адæймаги сау фонси æзнæгтæ Уас-Тотурæй цæстæ хезунцæ: уомæй син барæ лæвæрд ку нæ уа, уæд сæ ком баст æй.
Уас-Тотур, нæ фонс де ‘уазæг, берæгъи ком сæмæ баст дарæ, ма сæмæ ‘й байхалæ.
Сугъдæг, Уæларвон Тотур мæгур косæг лæги фиййау æй, æ кувдтаг цæхгун къеретæй æй.
Цубур думæггаг, бæгъæнбад, æ фадгутæ хæрдмæ тухт, уотемæй, æнæ æринцойнæгæнгæй, мæгур адæми фæдбæл зелуй.
Адæми Хуцау исфæлдиста.
Алли адæймагæн дæр ес уод æма бауæр.
Æ бауæр адæймагæн æй сикъитæй конд, æ уод ба – Хуцауи коми тулфæ – думгæй.
Хуцау адæймаги бауæр Сами-Мисони сикъитæй искодта, уод си бауагъта, зæнхæбæл æй хецауæн æривардта, зунд, лæдæрун-дзийнадæ æма ин бар-фæндæнттæ равардта æма ин загъта: «Дæ къохти фæллойнæй дæхе дарæ, тæрегъæдæй тæрсæ, æнæфсæрмæй мæ размæ лæуунгъон уо, æма де ‘нхузон адæми гъæуай кæнун фæразæ!»
Адæймаг зæнхæбæл æрцардæй; æ зундæй, æ лæгигъæдæй фонс æрахæста, исæрмахур сæ кодта, зæнхæй хæзнатæ есун райдæдта æма зæнхæбæл цидæр исфæлдесонд адтæй, уонæн хецау – æлдар иссæй. Фонсæн се ‘хсир ниуазта, сæ гъунæй дарæс кодта, сæ фид ба син хуæргæ кодта.
Цæмæй ибæл Хуцауи зæрдæ нæ худтайдæ, уой туххæй ба, и фонсæй ке равгæрдидæ, уомæй Хуцауи ном ирдта, Хуцауæн æй кувдтаги номæй æвгарста.
Хуцаумæ хуарз кастæнцæ адæймаги гъуддæгтæ æма берети æхецæн лимæнæн райста, цардуодæй сæ æхемæ исиста æма сæ æ сугъзæрийнæ хæдзари адæмæн гъæуайгæсæн, фæткæн æма фæндисæрæн æривардта. Фонс иуарæг Фæлвæра, Æфсатий, цард адгингæнæг Анæгол, цард æхседæг Курдалæгон, Гъæдæрæхснæг æма Донбеттир, гъæдтæй дæнттæ игурунгæнгутæ, сирдтæ æма дони фонс уе ‘уазгутæ, се ‘вæлмæцгæ кустæй, æнæрæдуйгæ зундæй мæнгæ дуйней басастонцæ æма адæймаги цард æнæмæлгæ искодтонцæ.
Адæймагæн æ сæргъи гъæуайгæнæгæн лæуунцæ Хуцау, Хуцауи лимæнтæ æма изæдтæ.
Æ къæхти буни зæнхæ алли гъæздугдзийнадæ æма хæзнайæй идзаг æй.
Æ фæрстæмæ – адæм, е ‘мхузон адæм, кæмæн цæруй æма кæмæн косуй, етæ.
Уони зонун, нимайун æма уони имисун адæймагæн æй е стурдæр ихæс.
Аци уæлæбæл дуйней, мах кæми цæрæн, нæ цæститæй ке уинæн – нæ сæргъи цъæх арв, хор, мæйæ, æстъалутæ сау мегъти хæццæ, дон, зæнхæ æд хонсар, æд фонс, адæймаги царди исаразуни туххæй, адæймаг цæрунæй, гъæздугдзийнадæй кæми не ‘фсæдуй, е.
А мæнгæ дуйнебæл адæймаг иуазæггади цардæй цæруй æма е æй адæймагæн æхе устур дуйнемæ исцæттæ кæнуни туххæй, Хуцауи размæ кæдзосæй бацæунмæ дуйне.
Адæймаг æвзарæнæн аци мæнгæ дуйней ку нæ адтайдæ æ рæ- сугъддзийнадæ, æ гъæздугдзийнадæ, æ зунд, æ хъаурæ, æ берæ фæразондзийнадæ; адæймаги аййеппитæ ку нæ бæрæг кодтайуонцæ, уæд алке дæр изæдти амбийнæ адтайдæ. Хуцау адæймаги æ мæнгæ дуйнемæ гæсгæ зонуй, уомæ гæсгæ æй кадгин кæнуй æма ин тæрхон кæнуй. Адæймаг дуйней медæг бæрæг кæнуй.
Дуйне æ гъæздугдзийнæдтæй, æ цардæй адæймаги æхемæ æздахуй, æ Хуцауи хай ин рацох кæнуй æма ‘й арвмæ, Хуцауи цæрæндонæмæ, Хуцауи хæдзарæмæ райдард кæнуй.
Уæлæбæл дуйнейæн æ кæрон уæд уодзæнæй, æма Китай нæуæгæй ку низмæла, æма æгас дуйней цæрæг адæмтæ кæрæдзей хурфи ку рауайонцæ, уæлæбæл царди медæг адæймаг хæстæг-æнгæрон ку нæбал зононцæ, гъеуæд.
Гъеуæд æгас хорискæсæн адæмти раздзæуæг Тазæрет-Алий ис- тохдзæнæй Алибеги (Аланбеги) хæццæ лæгæй-лæгмæ.
И тугъд уодзæнæй Хъуми будури фиццаг-фиццагдæр бæхи синæкæй, бæхгини `гъдауæй, уæдта уарт æма кардæй, уæдта алли минеуæгæй дæр.
Еци тугъди исæмбæлдзæнæнцæ æгас дуйней адæмтæ, хор-искæсæнæй ба хорæфтуйæнмæ. Етæ кæсдзæнæнцæ тугъдмæ.
Бæхфæлдист, кенæ ба догъ кæмæн адтæй, е æрцæудзæнæй æ бæхбæл æма кæсдзæнæй и тугъдмæ æ бæхи усхъæй.
Æ устур хисти хъабагъ сагъд, кенæ ба устур надбæл циртдзæвæн сагъд, уæлмæрдти нивæрзæн гъæдæ, – етæ ба кæсдзæнæнцæ, ка æ хъабагъи сæрæй, ка æ циртдзæвæнæй, ка æ нивæрзæн гъæди сæрæй и тугъдмæ.
Алибег фæттухгиндæр уодзæнæй Тазæрет-Алийбæл æма хорискæсæни адæмтæ уой къохмæ æрæмбурд уодзæнæнцæ.
Мæнкъæй Алибег Нарти кæнтæмæ бацæудзæнæй æма Нарти гуппургинти уæллæй æрбаддзæнæй. Нарти гуппургинтæ ин æд минкъий, æд устур се `ндæргъцæ фестдзæнæнцæ æма ин кадгин бунат ратдзæнæнцæ.
Адæмæн се ‘носон бунат æй Устур дуйне, Нарти кæнтæ кæми æнцæ, гъе, ейæ.
Устур дуйне фиццаг уæлæбæл адтæй, адæм имæ цудæнцæ сæхе къахæй, уæдта Хуцауи дзурдæй дæлзæнхæмæ æййивд æрцудæй.
Уоми адæм цæрунцæ фæндонтæбæл: сувæллæнттæ еуварс цъæх нæуæбæл гъазунцæ, фæлмæн хори гъармæ сæхе исæрхунцæ.
Асæбæл адæм ба – еуæрдигæй аулгай æма хестæргай.
Устур дуйней нæ цитгин хестæртæ тæрхон кæнунцæ уæлæбæл адæмæн.
Е ‘нгъуд кæмæн æрхъæртуй, уой сæхемæ райсунцæ.
Уоми адæм сæ цард сабур, æнцад, æнæ хъипп, æнæ стуфæй æрветунцæ.
Алке дæр, æ фæсмæрдæ ин ци ниххæлар кæнунцæ æ хистити, уомæй цæруй.
Раст мардæн æ хистити бæнтти уæлæбæл хæларгонд ка ‘рцæуа, е æ рази лæууй, идзагæй-идзагдæр кæнуй, æведуйгæй цæуй, сæрдæ симæр нæ кæнуй, зумæг ба – сæлгæ.
Еци идзаг фингæ, идзаг синонæй алли мардæн дæр барæ ес æма æ бон æй хайвæндагон хай бакæнун.
Уоми æнæбари хай неке некæмæн кæнуй.
Мæгур æнцæ, мæрдтæрдигæй æ ном иссерæг кæмæн нæййес, етæ: неци син ес, къолæй, къæбæргорæй цæрунцæ. Мæрдти ном æ фæллойнæй ахид ка ера æ уæлæбæл дуйней, е æ мæрдти над аразуй, уомæн мæрдтæ идзаг хумæ, идзаг игуæрдæнбæл зелунцæ.
Мæрдтæрдигæй и мæрдтæ кæрæдземæ рацо-бацо кæнунцæ, кæрæдзей уинунцæ æма уæлæбæл адæммæ дæр се ‘нгас дарунцæ.
Мæрдтæ сæ фингæй сæ кæрæдземæн дзæбæх зæгъун фæразунцæ барвæндонæй.
Мæрдти уæхæн барæ нæййес тæрегъæдгунти: етæ æнцæ зиндони æма мæрдти надбæл. Мæрдтæ сæ сæхемæ нæма райстонцæ.
Тæрегъæдгунтæ алцæмæй дæр уоми мæрдти гъæуагæй цæрунцæ: се ‘донуг æма се стонг сæттун нæ фæразунцæ. Сæ берæ хуæруйнаг, ниуазуйнаг син неци агъаз кæнуй.
Сæ фингæ – идзаг, сæ губун – æстонг, æнæхснад, цъумур, къолæй бадунцæ гъæуагæй, еумæ цæрунцæ.
Уинун, кæсуни барæ син ес, хуæрун, дæттуни барæ ба нæ.
Адæймаги цард æносон æй, исæскъунæн ин нæййес.
Адæймаг куддæр рамæлуй, уотæ æ уод æма бауæр кæрæдземæй рартæсунцæ, æндæр цардæй цæрун байдайуй, æндæр дуйнемæ рай- йевуй, æндæр хузи, нæуæг царди надбæл æрлæууй. Бауæр бафту-йуй сикъитбæл, сикъитæй конд адтæй æма сикъит иссæй.
Уод ба Хуцауи тæф æй æма ранæхстæр уй æ мæрдти надбæл Устур дуйнемæ, Хуцауи размæ Нарти кæнтæмæ. Уод цæуй мæрдтæмæ арæзтæй, бæлццон арæзтæй, æ уæлæбæл дарæсти, æ мæрддзæгтæ ба ин æнцæ Нарти кæнтæмæ бацæуни туххæй.
Æ уæлæбæл дарæсæй, фонсæй æма дзауматæй адæймаг æ мæрдти надмæ æ хæццæ райсуй, æ фæсмæрдæ ин ке ниххæлар кæнонцæ, ке ин ниффæлдесонцæ, ци ин исаккаг кæнонцæ æ байзайæггæгтæ, уони. Нæлгоймаг мæрдтæмæ бæхбæл цæуй, саргъи бæхбæл.
Мæрдти алли адæймаг дæр æ уæлæбæл царди æгъдауæй цæруй. Æма мардæн æ байзайæгæн æмбæлуй æ дзауматæ æма æ фонс æ фæсмæрдæ ниххæлар кæнун.
Мæрдти над зин фæндаг æй, уод, адæймаг ибæл берæ зин бæнттæ уинуй.
Мæрдтæй надæн æ рахес фарс адæймаги уод уинуй, хуæрзгæнæгæй æ мæнгæ дуйней цард ка раевгъуйун кодта, уони.
Æ галеу фарс ба – налат, цъумур, цæлæмбуд, гæртанхуар, хахур, хæран тæрхонгæнæг æма, æнафони æнагъомæй фæндаггæнæгæй Хуцау ке ралгъиста, етæ.
Мæрдти надбæл цæуæг фиццагидæр бахъæртуй еу ивад, къæсхур, цъæх цæстæ æма бор дзикко уосæмæ, и уосæн æ раз алцæмæй дæр идзаг: хуæрдæй, ниуæзтæй, æхуæдæг ба Хуцаумæ неуй, зæнхæмæ нæ хъæртуй, цъæх нæгæ кæнуй, судæй мæлун, зæгъгæ.
Уинуни барæ – ес, хуæруни барæ ба – нæ.
Хуцау, е ба уотæ цæмæн æй? Е ба уотæ уомæн æй, æма цæлæмбуд адтæй, корæгæн ес зæгъун некæд бафæразта, æ хуæрдæ, æ ниуæзтæ иуазæгæй, æ бийнонтæй римæхсгæ кодта, сосæггай хуардта, гъема ‘й нур ба мæрдти надæй федгæ кæнуй.
Фæндагсодзæг хузесæгау: идæрдти си рацо, дæ надæн дин рахилæ кæндзæнæнцæ.
Мæрдтæмæ надæн æ рахес фарс æндæр уосæ бадуй, сойнифунхти фингæ, сугъзæрийнæй ронги ниуазæн æ къохи, цардхуз, игъæлдзæг, таведзæ каст кæнуй бæлццæнттæмæ.
Æ сойнифунхтæ иуаруй аллирдæмæ дæр, бæлццæнттæмæ азуй, адæми хинцуй, æ хуæрдæ, æ ниуæзтæ нæ федуйуй, æ фингæ, æ ниуазæн æведуйгæ идзагæй-идзагдæр кæнунцæ.
Дессаг, е ба уотæ цæмæн æй?
Е ба уотæ уомæн æй, æма уæлæбæл губун ауазун фæразта, иуазæг уарзта, хæстæг азта, хæстæг хæссæг адтæй, æ фæрзеуæй æзнаг сæттæг адтæй.
Æхе губун байауазидæ, æ бийнонти, иуазæги, æстонг адæми бафсадидæ. Нур ба ‘й мæрдти надæй кади хæццæ есгæ кæнуй; фæндаг амонæг æй, ба ‘ймæ цо.
Уомæй ци дзурд фегъосай, уой дæ зæрдæмæ райсæ, – ис дин бæздзæнæй.
Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд надæн æ галеу фарс æндæр уостити къуармæ бахъæртдзæнæ.
Сæ еуемæн комгъæдæ – æ содзийнæ, равæйнæ – æ фæдзæл, уотемæй зæнхи æскъудтæ хуйуй, и зæнхæ ба содзийни разæй устурдæр æскъунгæ цæуй.
Иннемæн – уæраси къустелæ е усхъи, хæрдмæ цæуй, рæхсбетуй æма и уосæн æ мæкъури урдугмæ кæлуй, æхуæдæг ба æдонугæй мæлуй. Æртиккаг уосæн – сæдæ татхай æ рази, рауай-бауай сæбæл кæнуй, ра сæ æхсæдуй æма ин еци фæдбæл кæрдæги буни фæуунцæ. Уонæй раззаг уосæ æ бийнонти, æ лæг нæ уарзта, нæ син худта, нæ сæ æмпъузта, иннæ уосæ ба æдонугæн къумæли къос некæд равардта, æртиккаг ба æ тургъи дзæхæрайæй корæгæн некæд равардта, некæд æй бафсаста.
Гъема ‘й мæрдти надæй федунцæ.
Фæндагсодзæг, хузесæг æнцæ, – идæрдти си рацо.
Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд еу уосæмæ бахъæртдзæнæ, – айкæ рæвæйнæй бæттуй ‘ма ин æй не ‘лвасуй, кæуй, дзиназуй.
Е ба уомæн уотæ ‘й æма давæг адтæй, æ синхонти кæркити æйкитæ римахста, æма ‘й мæрдти надæй федуй.
Тæрегъæдгун æй, мæрдти надæй е ‘хæс федуй, ма имæ бацо: фæндагсодзæг, хузесæг æй.
Минкъий уоддæр ку бацæуай, уæд дæ рази фæууодзæнæй лæг æма уосæ.
Галдзар – сæ уæле, галдзар – сæ буни, нæ сæбæл хъæртунцæ, гъæр кæнунцæ, нæгæ кæнунцæ, сæ цари гæппæлтæ сæ кæрæдземæй ратонæ-батонæ кæнунцæ.
Уæд е ба уотæ цæмæн æй?
Е ба уотæ уомæн æй, æма уæлæбæл кæрæдзей нæ уарзтонцæ, хилæ кодтонцæ, мæрдти надæй еци тæрегъæд федунцæ.
Идардмæ си рацо: фæндагсодзæг, хузесæг æнцæ.
Надæн æ рахес фарс æндæр лæг æма уосæ, тæрхъосдзар – сæ буни, тæрхъосдзар – сæ уæле.
Уæлдайгунтæй сæбæл хъæртунцæ.
Уæд е ба уотæ цæмæн æй?
Е ба уотæ уомæн æй, æма уæлæбæл кæрæдзей берæ уарзтонцæ æма сæбæл и цар ивулуй.
Уарзондзийнадæй хестæр уæлæбæл дуйнебæл нæййес: мæрдти над е урух кæнуй.
Уомæй уоддæр ку бацæуай, уæд лæгти къуармæ бахъæртдзæнæ. Етæ фæруæ къелабæл бадунцæ, фæруæ лæдзгутæ – сæ къохи. Надæн æ рахес фарс иннæ къуар сугъзæрийнæ къелабæл бадунцæ, сугъзæрийнæ лæдзгутæ – сæ къохи.
Уæд е ба уотæ цæмæн æй?
Е ба уотæ уомæн æй, æма раззæгутæ рæстбæл дзурдтонцæ, фесинмæ ба тæрхон кодтонцæ, æма ‘й мæрдти надæй федунцæ.
Иннетæ ба рæстбæл дзурдтонцæ æма раст тæрхæнттæ хастонцæ, хæстæг сæмæ бацо.
Уонæй ци дзурд фегъосай, уой дæ зæрди дзæбæх байвæрæ.
Мæрдти над унгæг æй, цæуæг ба ибæл берæ ес æма дин уони амунд исбæздзæнæй.
Бахæстæг уодзæнæ Зам-Зами донмæ. Еци донбæл ес устур хед, хедæн æ гъоси ба бадуй зайуйнаг гацца.
Гаццайæн æ къæбистæ æ хурфæй рæйунцæ.
Дессаг, е ба уотæ цæмæн уа, ци зиндзийнæдтæ федуй?
Еци гацца адтæй уæлæбæл дуйней, нæ мæнгæ дуйней тæрегъæдгун. Æ хурфæй ба рæйунцæ, – æ мадæ, æ фидæн фуд ка адтæй, хестæр- кæстæр ка нæ нимадта, етæ. Сæ тæрегъæд мæрдти надæй федунцæ: мæрдти над син нæййес, адæм куййи губуни бацудæнцæ æма уой цæсгомæй алли мæрдтæмæ цæуæгбæл дæр рæйунцæ.
Фæндагсодзæг æнцæ, дæхе си райсæ, къилдун-фалдзæгъдæн сæбæл раеуварс кæнæ æма устур дуйнемæ зиндони хедбæл бахезæ Зам-Зами дони сæрти.
Зам-Зами донбæл ес хед, зиндони хед.
И хедæн æ бахезæн æй урух æма лигъз алли адæймагæн дæр, мæрдтæ сæхемæ ке есонцæ, уомæн. Уоци хедбæл æнæ цæуæн нæййес. Хедæн æ бæрæг астæумæ ку бацæуй и бæлццон, уæд и хед дзиккой халæй дæр нарæгдæр исуй аллирдæмæ дæр. Нæ – размæ ра- йампъезгæнæн, нæ – фæрсмæ раздæхæн, нæ – фæстæмæ ракæсуни мадзал нæ фæууй и бæлццонæн.
Нарти кæнтæ тæрхони бацæунцæ, тæрхон искæнунцæ уомæн æ уæлæбæл царди уагæмæ гæсгæ, æма ин, мæнгæ дуйнебæл æ цард куд хаста, адæми куд азта æма уарзта, уомæ гæсгæ бунат æносон бунати раттунцæ.
И бæлццон кæд фудгæнæг адтæй, уæд ин исаккаг кæнунцæ зиндонæ, кæд хуæрзгæнæг, уæдта – дзенет.
Æма Зам-Зами хед и бæлццонæн æрискъунуй.
Бæлццон донмæ цъæпгæнгæй рахауй, и дон ба ‘й Дзахануми устур хъуммæ нилласуй, æма тæрегъæдгунти хæццæ зиндони цади гъезæмарæ кæнуй.
На æма и бæлццон раст разиндтæй, уæдта æ над фæуурух уй, Зам- Зами донбæл бахезуй, æма рæститæ кæми бадунцæ, уоми Нарти гуппургинти – Урузмæг, Хæмиц, Сослан, Батрази рæнгъæбæл æрбадуй. Уорс æ дарæс, æ сугъзæрийнæ уормег уæлæфтауæ, сугъзæрийнæ лæдзæг æ къохи, сугъзæрийнæ къела æ бадæн, уотемæй идзулуй Нарти кæнти ‘хсæн.
Зам-Зами дон цæуй зиндони цадæмæ.
Зиндони цадæ алли цъумур калмæй идзаг æй.
Уоми дони хурфи рабурæ-бабурæ кæнунцæ гъонцъиртæ, хæфситæ, хелæгтæ, æнкъуæлхитæ æма уони æммуггаг цъумур, цъифхуар кæлмитæ. Тæрегъæдгун уод уордæмæ ку бафтуйуй, уæд ибæл етæ сæхе никкалунцæ, сæ сæртæ ин æ бауæри ниццæвунцæ, æ тог ин цъирунцæ, аллирдæмæ ‘й гæппæлгай хæссунцæ.
Тæрегъæдгун цъæхнæгæ кæнуй, Хуцаумæ неуй, Хуцауæй, æ хæстæгутæй, æ зонгитæй коруй агъаздзийнадæ æма æнхусдзийнадæ некæмæй еруй.
Æ мæрдти над уæлæбæл царди медæг бахуардта, æ мæрдти нади сагъæс нæ кодта, нæ ‘й балхæдта, нæ ‘й искæдзос кодта, нæ ‘й бахсаста.
Адæймаг еугæр зиндони бафтудæй, уæд ин уордигæй еске хатирæй, курдæй рацæуæн нæбал ес.
Тæрегъæдгунæн Нарти кæнтæй тæрхонгонд фæууй зиндонæ бавзарун æма уоми гъенцъун кæнун е ‘нгъуди бонмæ.
Нарти нæртон Сосланæн дæр ма æ бон нæбал иссæй е ‘нæний-йергæ мади, Æхсийни зиндони цадæй ракæнун, – Нарти кæнтæ уой цардуодæй зиндонæмæ ку багæлстонцæ, уæд.
БАРАСТУР ÆМА ÆСТАВД ЗÆНГÆ АЛМУТАХЪ
Барастур æй, дзенети кæмæн кæми æмбæлуй бунат раттун, уой ка амонуй, еци лæг: дзенети дуаргæс, дзенети фасти лæг.
Дзенети адæмтæ аулгай бадунцæ æма, алли нæуæг æрбацæуæгæн дæр æ бунат ка амонуй, гъе, ейæ æй Барастур.
Æставд зæнгæ Алмутахъæн æ бон æй зиндонæмæ бацæун æма уордæгæй лæгдухæй адæмтæ дзенетмæ ракæнун.
Зиндони адæмтæ æмхæлæмулæй æма æмхузонæй гъезæмарæ кæнунцæ.
Раст адæймагæн зиндони хедбæл æ над æ бæрагæ ку бауа, Нарти кæнтæ ин æ фæндаг ку райвулун кæнунцæ, уæд е дзенетмæ рахезуй. Дзенет æй Сами-Мисони лигъз будурти, Зам-Зами дони билæбæл. Еци будуртæ æнцæ рæсугъд рæзбуни дзæхæрадонæ, и бæлæсти буни ба цъæх зæлдæ æма æхсири цадæ.
Дзенети бæлæсти буни цъæх зæлдæбæл æнæ уадæ фæлмæн хори гъармæ гъазунцæ, мади тавд, фиди рæвдуд ка нæ зудта, æнæ ‘хснад, æнæ койгондæй, æстонгæй мæрдтæмæ ка бацудæй, еци тæрегъæддаг сувæллæнттæ – дзенети цъеутæ.
Етæ фæлмæн хормæ фæгъгъазунцæ, уæдта бæлæсти буни æхсири цади хе æртайунцæ, муд-дон (Зам-Зами дон) æдонугæн ниуазунцæ, бодæрагъæн содзунцæ, уотемæй бæлæсти буни сатæги бонасадæн кæнунцæ, дони хедмæ се ‘нгас дарунцæ.
Еу хедæй дзенетмæ еске ку æрбахезуй, уæд æ размæ гур-гурæй ракæлунцæ: баба æрбацæуй, нана æрбацæуй, – зæгъунцæ.
Нур уонæн, æнæ ниййерæги тавст зонгутæн, алке дæр нана, баба æй.
Бæлццонæн æ къабæзтæ, æ думæггæгтæбæл ниххаунцæ æма ‘й, рæсугъд заргæй, цийнæгæнгæй мæрдти Барастурмæ бахонунцæ.
Мæрдти Барастур бæлццонæн дзенети дуар зæлланггæнгæ байгон кæнуй æма ‘й рæстити рæнгъæбæл Хæмици размæ æрбадун кæнуй.
НАРТИ РАНТÆСÆН
Нартæй раздæр адтæй дуйнебæл уадмеритæ. Уадмеритæ адтæнцæ устур лæгтæ, хæдзарæ нæ кодтонцæ, дуарбæл нæ сæр ку фæггубур кæнæн, уæд нæ Хуцау æхецæн ковун æнгъæлдзæнæй, зæгъгæ.
Хуцау сæ уайтагъддæр фесафта.
Уой фæсте рантæстæнцæ уæйгутæ – гурумухъ, тухуаст æма æнæконд адæм: кæбæл адтæй авд сæри, кæбæл – еу сæр æма еу цæстæ. Цардæнцæ хуæнхти, гъæдти ‘ма лæгæтти. Нарт ку рантæстæнцæ, уæд уæйгути хæццæ тухтæнцæ ‘ма син сæ муггаг фесафтонцæ.
Нарт кæцæй рантæстæнцæ, уой Хуцауæй æндæр неке зонуй, фал тауæрæхъæй зæгъунцæ, денгизи бунæй рацудæнцæ Нарти адæм, зæгъгæ. Нарт адтæнцæ æртæ муггаги: Бориатæ, Æхсæртæгкатæ ‘ма Алæгатæ. Бориатæ адтæнцæ гъæздуг, мулкгин, фæрнуггин. Æхсæртæгкатæ адтæнцæ лæгæй хуарз. Алæгатæ адтæнцæ бæгъатæр муггаг.
УÆРХÆГ ÆМА Æ ЦÆУÆТ
ÆХСÆРТÆГКАТИ УÆРХÆГ ÆМА Æ ЦÆУÆТ
Æхсæртæгкатæ ‘ма Бориатæ кæрæдзей æртæ хатти ниццагътонцæ; фæйнæ бундоребæл фæйнæ еунæги байзаидæ, ‘ма бабæй исмуггаг уиуонцæ, фал уæддæр сæ дони бун нæ рæсог кодта, ‘ма уотемæй кæрæдзей æртæ хатти ниццагътонцæ. Фæстагдæр цагъд ку никкодтонцæ, уæд Æхсæртæгкатæй ма байзадæй Уæрхæг, Бориатæмæ ба – Борæфæрнуг…
Уæрхæгæн æ зæрондмæ хæстæг райгурдæй дууæ фазон лæхъуæни: Æхснарт (Æхсар) æма Æхсæртæг.
Бориати Борæфæрнугæн адтæй æстур дзæхæрадонæ, адтæй си фæткъу бæласæ æма ибæл задæй сугъзæрийнæ фæткъутæ.
Æ фæткъутæ ин цидæр хуæрун байдæдта æхсæвигон, фал син багъæуаййи фæрæзнæ нæ ирдта. Æхецæн фурттæ н’ адтæй æма Нарти Уæрхæги фурттæй, Æхсар æма Æхсæртæгæй, ракурдта, ба сæ гъæуай кæнтæ, зæгъгæ.
Æхсар æма Æхсæртæг гъæуай кодтонцæ радугай. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми Æхсæртæг, раст бонивайæни, æфсæнкъæбот мæргътæ æрбатæхгæ фæууидта, сæхуæдтæ ба цирагъи хузæн сугъдæнцæ.
– Ци дессаг æй, – загъта Æхсæртæг, – атæ хумæтæги нæ уодзæнцæ, еуей æнæ фæццæф кæнгæ нæййес.
Мæргътæ бæласæбæл куд æрбадтæнцæ, уотæ сæмæ зустæй багъузтæй, хъæзин фатæй сæ фехста æма си еуей фæццæф кодта. Кизги цъæхахст никкодта æма æ тог калгæ фæттахтæй е ‘мбæлтти хæццæ.
Хорискасти, сæ тоги фæдмæ син ку ‘ркастæй, уæд къæсибадæг уоси бафарста:
– Циуавæр æнцæ?
Е ба ин загъта:
– Етæ æнцæ Донбеттири кизгуттæ, уонæй ку фæццæф кодтай. Æхсар æма Æхсæртæг еумæ фæннæхстæр æнцæ денгизи билæмæ. – Цæй, – загъта Æхсæртæг, – кæд нæ еу исæфа, уæддæр не ‘ннæ уæлæбæл байзайдзæнæй. Æз цæун денгизи бунмæ, ду ба мæнмæ ами фæккæсæ. Мæнæ дин мæ циргъаг, кæд тоги хузæн изæр кæнун байдайа, уæд уой зонæ, æма мæмæ æнгъæл мабал кæсæ.
Æхсæртæг денгизмæ ниллæуирдта, Æхсар ба уосонгæ скодта æма цауæн кæнун байдæдта денгизи билæбæл.
ДОНБЕТТИРИ КИЗГÆ АЦИРА-РÆСУГЪД
Æхсæртæг денгизи бунмæ ку ниххизтæй, уæд идардмæ еу уорс галауон фæййидта æма уомæ цæун байдæдта. Æ размæ дуйней адæм баййафта æма сæ фæрсуй, ци кæнтæ, зæгъгæ.
– Донбеттирæн æ хестæр кизгæ сæйгæ кæнуй æма уой фæрсæг адтан.
Æхсæртæг æхе медæмæ баласта, ку ‘й фæййининæ и сæйги, зæгъгæ. Донбеттири кизгæ медуат хуссæни адтæй, æ цори ба е ‘ртæ хуæри бадтæнцæ æма ин æ цæф цонг бастонцæ.
Æхсæртæг медæмæ ку бакастæй, уæд кизгæн æ зæрдæ багъар æй, ба ‘й зудта.
Уæд загъта Донбеттирæн Æхсæртæг:
– Дæ кизги дин æз фæццæф кодтон, нур ба ‘й дзæбæх дæр мæхуæдæг скæндзæнæн æма мин æй киндзи раттæ.
Донбеттир дæр загъта:
– Арази.
Кизгæ ку сдзæбæх æй, уæд æй Æхсæртæг рахудта денгизи билæмæ æма ‘й Æхсари уосонгæмæ бахудта. Æхуæдæг ба Æхсари агорунмæ рандæ ‘й.
Æхсар æма Æхсæртæг адтæнцæ фазæнттæ æма сæ Нарт сæхуæдтæ дæр туххæй æвзурстонцæ, ка си кæци æй.
Æхсар æ уосонгæмæ ку ‘риздахтæй, уæд, рæсугъд силгоймаги ку фæййидта, уæд фæддес кодта, а циуавæр æй, зæгъгæ.
Фал ибæл Æхсæртæги уосæ æхе æрбатухта, ци æрæгæмæ адтæ, æз ами æнæ дæу нæбал фæразун еунæгæй, зæгъгæ.
Уотемæй сæ æрбаййафта Æхсæртæг æма, ду ба, ме ‘нсувæр уогæй, мæ уосæмæ куд æвналис, зæгъгæ, и дууæ æнсувæри еци рауæн фæххилæ ‘нцæ, сæ кæрæдзей рамардтонцæ.
Кæугæ-дзиназгæ байзадæй денгизи билæбæл Æхсæртæги уосæ еунæгæй. Уæдта ин гæнæн нæбал адтæй æма фæстæмæ æ фидæмæ, Донбеттирмæ рандæ ‘й. Уоми ба ин райгурдæй фазæнттæ – Урузмæг æма Хæмиц.
УРУЗМÆГ ÆМА ХÆМИЦ УÆРХÆГÆН СÆ МАДÆ АЦИРА-РÆСУГЪДИ КУД ÆРХУДТОНЦÆ
Гъазунгъон ку фæцæнцæ, уæд дууæ биццеуи иннæ биццеу-ти хæццæ фæххилæ уиуонцæ æма Хæмиц къæсибадæг уоси биццеуи ранадта. Къæсибадæг уосæ сæмæ ралæбурдта æма сæ æлгъетуй:
– Сумах кæд уойбæрцæбæл лæгтæ айтæ, уæд уæлæ Стур Нарти астæумæ ‘сцотæ, кæцæй æрцудайтæ, уордæмæ, ами ба сумах неци гъуддаг ес!
Урузмæг æма Хæмиц мæтъæлæй æрбацудæнцæ сæ мади размæ ‘ма ин загътонцæ:
– Махæн ами фæллæууæн нæбал ес. Къæсибадæг уосæ нин уотæ зæгъуй, ами уæ фидибæстæ нæ ‘й. Нур ба нин зæгъæ, – мах ке фурттæ ан?
– Еунæ Хуцау си ма сарази уæд, – загъта сæ мадæ. – Æз уин æй зæгъуйнаг нæма адтæн, нур ба уин æй æнæ зæгъгæ нæййес.
Цæун байдæдтонцæ Урузмæг ‘ма Хæмиц ‘ма æрбацудæнцæ Нарти гъæумæ ‘ма фæрсун байдæдтонцæ Уæрхæги, бакурмæ ‘й, уотемæй. Уæрхæг ба загъта:
– Махæй фезмæлæг ку некæмибал ес, уæд ка ‘нцæ етæ, сæхе Æхсæртæгкатæй ка хонуй? Æрба сæ кæнтæ, æз сæ се стæги гъæдæй базондзæнæн.
Æма имæ сæ бакодтонцæ ‘ма син сæ цонги гъолтæ фæууидта ‘ма загъта, се стæги гъæдæ махæй æй, зæгъгæ, фал бакурмæ дæн ‘ма сæ цæмæй ма базонон?
Етæ дæр ин æрдзурдтонцæ, гъе, атæ ‘ма атæ, зæгъгæ, ‘ма син уæдта загъта:
– Æцæгдзийнадæй мæнæн адтæй дууæ фазони ‘ма рамардæнцæ. Уæдта ин загътонцæ:
– Нæ мадæн, гъе, атæ ‘й æ гъуддаг ‘ма ин æнæ дæу номбæл ардæмæ иссæуæн нæййес.
Фæццудæнцæ ‘ма сæ мади исхудтонцæ.
Сæ мадæ хундтæй Ацира-рæсугъд æма ин загътонцæ:
– Мах дæ не стур фидæн, Уæрхæгæн, хонæн киндзи.
Уæдта загътонцæ Уæрхæгæн:
– Махæн нæ мади æрхонæ, Ацира-рæсугъди!
Е ба загъта:
– Æз базæронд дæн. Æз ма лæгеуæг кæнун ку фæразинæ, уæд мин мæ тургъæбæл Нарти уоститæ сæ донмæ цæуæн фæндæгтæ не скодтайуонцæ.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Уой мах равзардзинан. Кæд ма дæ мезунцъаг финкæ кæнуй, уæд ма уосæн бæззис.
Уой ку сбæрæг кодтонцæ Урузмæг æма Хæмиц, уæд æй бацæрун кодтонцæ сæ мадæ Ацира-рæсугъди хæццæ. Æхсæвæ бацудæй ‘ма Уæрхæги зæрондбæл и уосæ æ къох æрхаста, ‘ма æй, æ лæхъуæни куд адтæй, уотæ фестун кодта.
Анз ибæл рацудæй, уæдта ин раигурдæй Субæлци. Ку иурс-тонцæ, уæд хестаг хай е райста. Уæдта бабæй хестæрбæл дзорун райдæдтонцæ Урузмæг æма Хæмиц.
Рацæй-рабон æй, ‘ма Уæрхæг рамардæй, ‘ма и мадæ Ацира-рæсугъд дæр загъта, мæнæн æнæ рамæлун нæбал ес, зæгъгæ, ‘ма мæ æртæ æхсæви куд багъæуай кæнайтæ, уотæ. Уасгерги ма мæ фæсте уотæ кодта: «Де ‘гас мæ къох кæд не ‘ссирдта, уæддæр дæ мард мæ къохи куд бафтуйа, уотæ!»
Рамардæй и уосæ, сæ мадæ. И æртæ баздахтæнцæ ‘ма æй æртæ æхсæви гъæуай кæнун байдæдтонцæ. Фиццаг æхсæвæ ‘й фæгъгъæ-уай кодта Субæлци. Æхсæвæ ибæл Уасгерги фæббон кæнидæ, уæддæр æй нæ ниууагъта. Дуккаг æхсæвæ ба ‘й гъæуай кодта Урузмæг. Е дæр æй нæ ниууагъта. Æртиккаг æхсæвæ гъæуаййи радæ æрцудæй Хæмицбæл. Хæмиц гъæуай кодта ‘ма ибæл Уасгерги æмбесæхсæви фæббон кодта, цума уоститæ фидисæуми рацудæнцæ, уотæ. Е дæр æй фæууагъта æма, æ зæрдæ ци гъастмæ æхсайдта, уордæмæ рандæ ‘й. Уасгерги дæр бацудæй зæппадзæмæ…
И уосæн ма æ тог æнæисуст адтæй ‘ма игурдзæ æ губуни бафтудæй.
Ци ибæл рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта зæппадзи медæгæ никкудтæй кизгæ.
Уæд Сирдон зонæнгин адтæй, Хуцауи æлгъист, ‘ма ‘й базудта, а, Уасгерги уотæ бакодта, зæгъгæ, ‘ма сæ рæзти æруадæй Æхсæртæгкатæн, æма ‘й Урузмæг куд фегъустайдæ, уотæ загъта: – Хуцауи дессаг нæ ‘й! Æхсæртæгкатæн сæ зæппадзæй кизги кæун цæуй.
Уой ку райгъуста, уæд Урузмæг загъта:
– Цидæр æй, нæ лæгбæл сайд æрцудæй!
Æма зæппадзæмæ уайун райдæдта ‘ма дуарæй бакастæй ‘ма си æ реубæл, мадæн, кизги фæууидта. Кизгæ (Сатанай) æ думæггаги ратухта, уотемæй сæхемæ иссудæй.
ОРÆЗМÆГ ÆМА САТАНА
Орæзмæгæн Æхсийнæ, Сатана, е ‘нсувæр-хуæрæ адтæй. Æлди ба æ уосæ адтæй. Орæзмæг афæй балци рандæ ‘й. Афæй ку ‘рхъæрттæй, уæдта æрфæдзахста Æлдимæ:
– Æнахур иуазгутæ фæххонун æма ести ниуæзтæ исцæттæ кæнæ! Сагъæс кодта Æлди æма ин уæдта Æхсийнæ загъта:
– Мадта ме ‘рвадæ дæр æй æма дин ку искæнон, уæд ди ци ракорон, уой мин!
Е дæр расоми кодта, цидæр корай, ра дин æй дæтдзæнæн, зæгъгæ. – Мадта, – зæгъгæ, загъта, – фиццаг æхсæвæ, куддæр æрхъæртонцæ, уотæ мин дæ хъæппæлтæ раттæ æма дæ хузи сæ рази зелæн кæндзæнæн, уæдта æхсæвæ, ме ‘рвадæ кæд æй, уæддæр имæ бацæудзæнæн, æма æ хæццæ фæууодзæнæн, уæдта цæретæ уой фæсте ба. Æ сæр ибæл ниццагъта, фал ин уæддæр барæ равардта.
Æхсийнæмæ зад нимæхст адтæй. Цъеу хумæллæгбæл бабадтæй æма ‘й рахуардта, æма рарасуг æй. А бæздзæнæй, зæгъгæ, æма си бæгæни искодта Сатана.
Æрхъæрттæнцæ æма ин Æлди æ хъæппæлтæ равардта, æма Æхсийнæ зелæн кодта, Æлди ба æхе бафæсвæд кодта. Баздахтæй Æхсийнæ ‘ма син хуæрун, ниуазун кæнун байдæдта, æма сæ фæррасуг кодта. Иуазгутæ ку ниххустæнцæ, уæд Æхсийнæ уатмæ бацудæй æма и расуг лæги хæццæ ниххустæй, æма лæг æма уосæ иссæнцæ. Уат к’ адтæй, уой царæбæл Æхсийнæ мæйæ ‘ма стъалути хузæ искодта.
– Не ‘фсийнæ, æнгъæлдæн, исбон æй, фестæн, – зæгъгæ, дзоруй Орæзмæг.
– Уæлæ ма стъалутæ зиннунцæ, – зæгъгæ, æма бабæй ниххустæнцæ. Нур фæббон æй æма иуазгутæ дæр фестадæнцæ, ‘ма рацо-бацо кодтонцæ. Æлди æрбауаидæ ‘ма фæстæмæ фæууаидæ, æма хурхи хъалац раниуазидæ æ фур мæстæй. Уотемæй, цалдæн æ хурфи хурхæ цудæй, уалдæнмæ ниуазта, уæдта фæтътъæпп æй æ фур мæстæй.
Æхсийнæ дæр уой ку базудта, уæдта мæйæ æма стъалутæ дæр фехалдта æма загъта:
– Нур ба, кæд де ‘нсувæр-хуæрæ дæн, уæддæр дин бийнонтæ исдæн.
– Хуцау дин ма бакомæд, – загъта Орæзмæг.
Уæдта рацудæй Орæзмæг æма загъта е ‘уазгутæн:
– Ниммин хатир кæнетæ, æгæр берæ фæххустæн.
Уæдæй фæстæмæ Æхсийнæ æма Орæзмæг лæг æма уосæ иссæнцæ.
НАРТИ САТАНА ÆМА ОРÆЗМÆГИ ЗАР (Бæгæний зар)
Еси мæлгъæ уæд фæттахтæй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Æхсæрæ къотæрбæл – бор хумæллæг,
Ес хуар, зæгъетæ!
Уомæй цъеу ку рахуардта,
Ес хуар, зæгъетæ!
Зæнхæмæ е уæд рахаудтæй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Нарти Орæзмæг уой иссеруй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Сатанамæ ‘й е æрбахæссуй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Мæнæуи цæстæмæ ‘й е бахæссуй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Мæнæуи цæсти ‘й е ку ниввæруй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Сæрæй есгæ æма бунæй ахедгæ е ку фæууй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Цъеу уоми ку æрæскъетуй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Сатана сагъæс уобæл уæд байдайуй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Орæзмæги лæмбунæг уæд ниффæрсуй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Æ хабæрттæ ин е ку æркæнуй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Гъе, нур бæгæни цæмæй кæнгæ ‘й?
Ес хуар, зæгъетæ!
Хуарелдари бафæрсетæ,
Ес хуар, зæгъетæ!
Сау бæгæни – хъæбæрхуарæй,
Ес хуар, зæгъетæ!
Е ‘нтауæн ба цæмæй кæнгæ ‘й?
Ес хуар, зæгъетæ!
Нарти Сатанай бафæрсетæ,
Ес хуар, зæгъетæ!
Е ‘нтауæн ба – æхсæрæ къотæрбæл бор хумæллæг,
Ес хуар, зæгъетæ!
Е ‘нтауæн ба уомæй кæнгæ ‘й,
Ес хуар, зæгъетæ!
– Ра нин æй хæссай сау бæгæни, Нарти Сатана!
Ес хуар, зæгъетæ!
– Ра нин æй ковай, Нарти Орæзмæг!
Ес хуар, зæгъетæ!
Дзæбæх бæнттæ ибæл мах фæууинæн,
Ес хуар, зæгъетæ!
Дзæбæх зартæ ибæл мах никкæнæн,
Ес хуар, зæгъетæ!
Нарти Сатана, Æхсийнæ-æфсийнæ, Урузмæги уосæ адтæй. Еу хатт Урузмæг загъта Сатанайæн, балци цæун, не ‘фсийнæ, мæ зæрди æрæфтудæй, мæ зæруæрдæмæ ма фæххæтон æма мин хуаллаг исрæвдзæ кæнæ, зæгъгæ.
Сатана дæр æ лæгæн куд не срæвдзæ кодтайдæ хуаллаг. Уотемæй рандæ ‘й Урузмæг е стур æрфæнбæл хæтунмæ. Ци фæххаттæй, уæдта ‘й, цидæр адтæй, Хуцау дзинти гъæубæл бахаста. Етæ ба ‘й алцæмæй дæр сайдтонцæ; цæмæй уоми æризадайдæ, уой туххæй ин алли хуарз кодтонцæ. Æ конд, æ уиндæн кæмæн н’ адтæй, уæхæн рæсугъд кизгæ имæ æрбахудтонцæ. Кизгæн айдагъ æ сугъзæрийнæ дзиккотæ цетенидзаг адтæнцæ, хори тунтæ кастæй æ хъури бунтæй.
Ами цæрæ, Урузмæг, мæнæ дин бийнонтæ, мæнæ дин хæдзарæ, тухст дæ нецæбæл бауадздзинан, зæгъгæ, ин дзурдтонцæ еци адæм.
Урузмæги зæронд дæр сæ куд не ‘рлæдæрдтайдæ ‘ма син загъта: – Цæрунбæл арази дæн, фал мин нуртæккæ ба ами ниррæмæн нæййес, цæун нæхемæ, дæс боней фæсте ба æрбацæудзæнæн! – уотæ син нæртон уасхæ равардта.
Дзинтæ дæр æй рауагътонцæ. Урузмæг æ хæдзарæмæ æрцудæй æма лæкъундзастæй æ хабæрттæ Сатанайæн æрдзурдта, уæдта загъта: – Дæс боней фæсте ба фæстæмæ цæудзæнæн, уасхæ син ра-вардтон. Æфсийнæ дæр нирдеуагæ кодта, етæ ба дзинтæ ку адтæнцæ, æма уонæмæ ку рандæ уай, уæдта дæуæй мæнæн лæг ку нæбал ес, зæгъгæ. Урузмæгæн е ‘нгъуди бæнттæ æрхъæрттæнцæ æма загъта æфсийнæн: – Æхсийнæ, ме ‘нгъуди бæнттæ фæцæнцæ, исон цæугæ кæнун æма мин хуаллаг исцæттæ кæнæ.
Сатана дæр ин хуаллаг исцæттæ кодта, æхуæдæгка ‘й фæррасуг кодта æма ‘й уотемæй ниххуссун кодта. Урузмæг ку рафунæй æй, уæд ин Сатана ба æ сæргъи мæйæ æма стъалути хузтæ искодта. Урузмæг фестидæ, рагъæуай кæнидæ, æма мæйæ – бæрзонд, стъалутæ дæр уотæ, æма уæдта фæстæмæ ниххуссидæ. Уотемæйти хор арви астæумæ исхъæрттæй, еци афони ба ‘ймæ Сатана балæбурдта: «Нæ лæг, мæрдхуссæ ку никкодтай, кумæдæр цæуйнаг ку адтæ, ‘ма дæбæл ку исрæфтæ ‘й». Урузмæг дæр æй балæдæрдтæй æма загъта:
– О, гиаур, налат силæ, мæ нæртон уасхæ мин фæссайун кодтай, Нарти астæу мæ фегадæ кодтай æма дин Хуцау ма бакомæд. Дæ миутæй бабæй бакодтай ‘ма гъенур ба мæнæй дæу астæу лæг æма уосæ нæбал ес, æма дæ хæдзарæ байагорæ.
Сатана ба ин загъта:
– Æз дæр арази дæн, лæг æ уосæ ескæд рауагъта, фал дин атемæй ба нæ ракомдзæнæн. Æз Нарти астæумæ раги æрцудтæн, сæ цæнхæ, сæ кæрдзинæй си хайгин дæн, етæ дæр – уотæ. Нур ба мин кувд искæнæ, æз ба Нартæн мæ ниуазæн раттон, уой хæццæ ба æз дæр ами хъиамæтгун дæн æма мæбæл раковун æнтæсуй, нæ хецаути мулкитæй еу сæр мæнбæл уайуй, æма е дæр гъæуама мæн уа.
Урузмæг дæр ин сарази æй æма ин кувд искодтонцæ. Кувди Нарти адæми авд æхсæви ‘ма авд бони ниууорæдта, уой фæсте Нартæ хуарз хинстæй сæ хæдзæрттæмæ фæххæлеу æнцæ, урдугистгутæ фæстагдæр байзадæнцæ, æма син Сатана загъта: «А лæги фæррасуг кæнтæ!» Урдугистгутæ дæр Урузмæгæн ниуазæнтæ равардтонцæ æма Урузмæг фæррасуг æй, уотемæй ниффунæй æй.
Сатана ба уæрдун раефтиндзун кодта, Урузмæги дæр еци расугæй хусгæ-хусгæ æ хæццæ раласта æма ранæхстæр æй æ цæгатмæ.
Будурмæ ку рахъæрттæнцæ, уæд Урузмæг æрæскъиттæй, – е ‘муод æрцæй æма фæрсуй:
– А ци ан? Кумæ цæуæн, Сатана?
– Æз мæ цæгатмæ цæун, уадзгæ мæ ку ракодтай, дæу ба мæхецæн ласун, дзурд мин ку адтæй, нæ хецаути мулкитæй еу сæр мæн куд уа, зæгъгæ, æма си дæуæй хуæздæр не ‘ссердтон.
Уой адæбæл Урузмæг фæстæмæ исæздахтæй Сатанай хæццæ æма цæргæ байзадæнцæ.
Сатанайæн, дан, æ лæг рамардæй, гъей,
Уæрæйдæ-рæйдæ, мæгур Сатана, гъей.
Сатанай рæсугъд къæбици бадтæй, гъей,
Æ еунæг кизгæ æ хæццæ адтæй, гъей.
Уалдæнмæ ба дин æвдсæйрон уæйуг, гъей,
Æ еунæг кизги ниффардæг кодта, гъей,
Уæрæйдæ, уæйтæ, уæрирæ-мардзæ, гъей,
Къæбици хецау, мæгур Сатана, гъей,
Кæугæ байзадæй, неугæ байзадæй, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, ци дин никкæнон, гъей?
Мæгур Сатана, къæбици хецау, гъей.
Уалинмæ имæ еу лæхъуæн дзоруй, гъей:
– Цæбæл мин кæуис, Сатанай рæсугъд, гъей.
– Цæбæл ма кæуон, мæнæ хъал лæхъуæн, гъей,
Мæ рæсугъд кизги, мæ рæсугъд кизги, гъей,
Сау гъæди бадæг – æвдсæйрон уæйуг, гъей,
Ниффардæг кодта, ниффардæг кодта, гъей.
– Уæрæйдæ-рæйдæ, мæгур Сатана, гъей,
Цæмæ ‘йбæл кæуис, цæмæ ‘йбæл кæуис, гъей,
Сатанай рæсугъд, цæмæ ‘йбæл кæуис, гъей,
Уобæл ма тухсæ, уобæл ма тухсæ, гъей,
Уæрæйдæ-рæйдæ, уæрæйдæ-мардзæ, гъей,
Æ фиди гæрзтæй ести мин раттæ, гъей,
Ести мин раттæ, уæрæйдæ-рæйдæ, гъей,
Дæ кизги дин уæд æз æрхæсдзæнæн, гъей.
Сау гъæди бадæг и æвдсæйронæй, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, уæрæйдæ-рæйдæ, гъей.
Сатана дæр ин уæд ку рахæссуй, гъей,
Уорæзмæги сау сугъзæрийн’ саздахъ, гъей.
Сагъæдахъ райсгæй, уæд ку рандæ уй, гъей,
И гъæугæрони е ку баздæхуй, гъей,
И гъæугæрони дæсни уосæмæ, гъей,
Ку æй æрфæрсуй, ку æй æрфæрсуй, гъей:
– Цæмæй æй, цума, еци уæйугæн, гъей,
Цæмæй æй, цума, æ адзал цæмæй, гъей,
Уой мин бамонæ, уæ, мæ мади хай, гъей,
Уой мин бамонæ, уой мин бамонæ, гъей.
– Дæ мади хай мæ ку не схудтайсæ, гъей,
Ести, дан, дин уæд бæргæ адтайдæ, гъей,
Фалæ дин нур ба хатиргонд фæууæд, гъей,
Мæ биццеуи хай, хатир дин фæууæд, гъей.
Еци уæйугæн æ марун зин æй, гъей.
Æ тæрнихи ес æртæ уорс æрдой, гъей.
Гъе, уонæй, дан, ин ку нæ бакайай, гъей,
Уæд, дан, ин, зæгъуй, неци скæндзæнæ, гъей,
Æма дин дæхе уæд ку бахуæрдзæй, гъей.
Дæ царди бæнттæ цæмæн исафис, гъей.
Лæхъуæн дæр, уомæн арфæ ракæнгæй, гъей,
Ку ниффардæг уй уæйуги фæсте, гъей!
Уæрæйдæ-рæйдæ, уæрæйдæ-рæйдæ, гъей.
Ци ма дин кæнон, мæгур Сатана, гъей.
Ку исхъæртуй, дан, и æвдсæйронмæ, гъей,
И кизги хæццæ ‘й бадгæ баййафуй, гъей,
Уæрæйдæ-мардзæ, уæрæйдæ-рæйдæ, гъей,
Сау гъæди бадæг – æвдсæйрон уæйуг, гъей,
Къилдун рахатта и лæхъуæнмæ, дан, гъей.
Фехсуни тасæй, фехсуни тасæй, гъей,
Лæхъуæн дæр æхе искъулух кæнуй, гъей,
Къулухи фæсте уæйуг ракастæй, гъей.
Лæхъуæн дæр цæттæй куд нæ лæудтайдæ, гъей.
Е ‘ртæ æрдой ин бæргæ фехсуй уæд, гъей.
И уæйуг уоми бæргæ æрхауй, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, уæрæйдæ-мардзæ, гъей.
– Цæвæ мæ, – загъта ма уæйуг, – еу ма хатт, гъей.
– Елиа дæр, дан, еудзæфон адтæй, гъей.
Уæд имæ лæхъуæн бæргæ фæгъгъавуй, гъей:
– Мæнæн мæ фидæ еудзæфон адтæй, гъей,
Æз мæхуæдæг дæр еудзæфон ку дæн, гъей.
И кизги хæццæ ку рацудæнцæ, гъей.
И уæйуг уоми ку ниххæрнæгъ æй, гъей.
Сатанамæ ‘й уæд ку схъæртун кæнуй, гъей:
– Мæнæ дæ кизгæ, æр дин æй хастон, гъей.
Уæрæйдæ-рæйдæ, ци кæнон дуйней, гъей.
Сатана ба ин, гъеуæд ку загъта, гъей:
– Хуцау æй дæуæн исаккаг кодта, гъей.
Сатанай еунæг рæсугъди хæццæ, гъей,
Лæг æма уосæй ку байзадæнцæ, гъей.
Ку байзадæнцæ æносмæ цæргæй, гъей-й-й.
Уой, уонайи уонай, уонай!
Нарти нæртон Сатана сæдæ гъунемæй
Урузмæгæн нимæт кодта.
Алли муггагæй фæйнæ кизги бæргæ æрхонуй,
Нæудæс æма цуппаринсæй кизгемæ
Фæйнæ гъуни бæргæ равардта,
Уой, уонайи уонай!
И кизгуттæй алке дæр æ гъуни хай бæргæ райста,
Нарти нæртон Сатана сæ астæу бæргæ исбадуй
‘Ма син алли зари сæр ку хаста,
Уой, уонайи уонай, уонай!
Нарти нæртон Сатана сæмæ æ цæститæ ниййирд кодта,
Уалдзигон цъеуау, цъæбар-цъубур кизгуттæ кæнунцæ,
‘Ма си Сатанайæн æ зæрдæмæ неке бацудæй.
Æрæгиау ба Алумбегати Алибеги еунæг кизгæ
Айсана-рæсугъди бæргæ исхонуй.
Уой, уонайи уонай!
Æ гъуни хай ин бæргæ багæлдзуй,
‘Ма ин алли зари сæр ку æркæнуй.
Айсана æ цъухæй хъипп дæр не суадзуй,
И нимæт бæргæ исцæттæ уй.
‘Ма и еунæг Айсанай ба æ фуртæн,
Тайсанайæн уосæн бæргæ æруорамуй.
Уой фæсте ба рарветуй алли кизги дæр
Бæхуæрдунæй сæ хæдзæрттæмæ,
Уой, уонайи уонай!
Къуæрей бонмæ сæмæ бæргæ рарветуй Алумбегатæмæ,
Кæрдзини хуæрдæмæ сæ исхонуй сæ хæдзарæмæ
‘Ма сæ сæдæ лæгемæй ку фæххинцуй хъæбæр хуарз,
‘Ма уой фæсте ба Нарт æма Алумбегати
Каййесдзийнадæ ку æрфедар æй.
Уой, уонайи уонай!
Уой, уонайи уонай!
Нарти Орæзмæг кувд кодта ‘ма имæ Нарти дзæбæхтæ æримбурд æнцæ.
Цалинмæ агæ фунхтæй, уæдмæ æмбурди адæм Орæзмæги устур еуварсуг тохона хæдзари сире къелатæбæл рабадтæнцæ. Æмбурди сæри ба – Орæзмæг æхуæдæг.
Уæд Орæзмæг тургъæмæ рацудæй ‘ма согфадæни согтæ æ гъæбеси куд цурхта, уотæ ба æ сæрти еу устур цæргæс æрбатахтæй, æхе ибæл ниццавта, æ дууæ нихи ин æ къæреди рони фæйнæ фарсмæ ниссагъта ‘ма ‘й æ нихтæбæл райста, ‘ма ‘й хæссунтæ райдæдта.
Ци ‘й фæххаста, уæдта ‘й еу денгизи сакъадахи бæрзонд сау къæдзæхбæл ниввардта, æхуæдæг ба фæстæмæ фæттахтæй.
Нур и æмбурди адæмтæ ба бадунцæ, Орæзмæгмæ кæсунцæ, – нур æрбацæудзæнæй, уæд æрбацæудзæнæй, зæгъгæ, ‘ма дзубандитæ, ‘ма дзубандий сæр хæссунцæ.
Агæ дæр исфунхтæй. Арт æрнидæн æй, уæддæр Орæзмæг не-кæми зиннуй. Кæми ‘й, ци фæцæй, зæгъгæ, ба кæстæр адæм æндеу-гæ нæ кодтонцæ ‘ма син бадунтæ раеудагъ æй.
Нур Орæзмæг ба талингæ æхсæви кæми еуæрдæмæ фæццæуй, кæми иннердæмæ æма и къæдзæхæй ниллæгмæ æрхезуни мадзалæй неци еруй. Орæзмæги зæронд никкæуидæ, нидздзиназидæ: «Мæ зæруæ мин хойтæ дæр ма базудтонцæ ‘ма мæбæл гиризмæ æрифтудæнцæ. Ци кодтон Хуцауæн, цæмæн мæмæ аци æфхуæрд æрцудæй?!»
Уотæ куд сагъæстæ кодта, уотæ ба мæйæ искастæй ‘ма Орæзмæг къæдзæхи сæри хузæн æзмесæбæл еу сувæллони фæдтæ фæууидта. Цæун райдæдта и фæдтæбæл ‘ма еу нарæг къахнад иссердта къæдзæхтæбæл.
Еци надбæл æрхизтæй Орæзмæг къæдзæхи сæрæй. Æрхизтæй ‘ма уой буни ба фæууидта хæдзарæ. Ба имæ кастæй дуарæй ‘ма дин уоми ба зæронд лæг ‘ма уосæ, сæ рази ба еу минкъий биццеу гъазуй. Берæ фæссагъæс кодта ‘ма сæмæ фæккастæй, уæдта бацудæй, ‘ма сæмæ дзоруй, уе ‘хсæвæ хуарз, зæгъгæ.
Етæ дæр ин фестадæнцæ, уæдта, æнæ неци дзоргæй, фæстæмæ исбадтæнцæ.
Дуаргæрон къелабæл исбадтæй Орæзмæг дæр. Минкъий сахат, уæдта ин фингæ алли хуарз æма дзæбæхæй ‘дзагæй æрбайвардта зæронд уосæ.
Е дæр ниццийнæ ‘й ‘ма хуæрунмæ февналдта. Хуæруй Орæзмæг, и биццеу ба хæдзари зæнхи гъазуй, гæппитæ кæнуй, еуæрдæмæ фæууайуй, иннердæмæ фæссемуй.
Уæдта Орæзмæг æ карди фийбæл еу хунæ исиста ‘ма дзоруй биццеумæ: «Æруайæ, мæ хор, мæ хунæ рахуæрæ!»
Биццеу хæлæфæй бауадæй ‘ма кардбæл бахаудтæй. Кард æ зæрди фæххастæй ‘ма и биццеу æ тæппæзтæ бацагъта, ‘ма æ уод исиста. Зæронд лæг æма уосæ дæр фестадæнцæ ‘ма, еци æнæ исдзоргæ, райстонцæ и мард ‘ма ‘й байвардтонцæ.
Орæзмæг дæр нæуæгæй фестадæй, къæдзæхи сæрмæ исхизтæй ‘ма уоми кудтæй æ мæгурбæнттæбæл, хъæбæрдæр ба – еци зæрæндти хъурмæбæл.
Уотæ рæхги ба еци цæргæс бабæй æртахтæй ‘ма Орæзмæги къæреди æ нихтæ ниссагъта, райста æй, ‘ма ‘й æ тургъи астæу согфадæни æривардта, æхуæдæг ниййаууон æй.
Орæзмæг согтæ райста ‘ма бацудæй æ хæдзарæмæ. Уоми ба Нартæ цæлхæмбурдæй бадунцæ. Æ согтæ ниввардта Орæзмæг ‘ма дзоруй адæммæ: «Рагон тауæрæхъ уин ракæнон, æви æригон?» Етæ ба загътонцæ: «Рагон тауæрæхъ ма фегъустаййанæ, фал нин æригон дзубанди ракæнæ». Орæзмæг син æрдзурдта, – цæргæс æй денгизи сакъадахмæ кутемæй фæххаста, уой, ‘ма уоми ба еу зæронд уосæ æма лæги еунæг биццеу ку рамардта, уæдта ‘й и цæргæс нæуæгæй æ тургъæмæ кутемæй æрхаста, уони се ‘нккæтей дæр.
Нартæ дестæ, тæмæстæ кодтонцæ.
Æхсийнæ-æфсийнæ ба еци хабар ку фегъуста, уæд иннæ хатæнæй нигъгъарæнгæ кодта: «Ма мæбæл фæхходетæ, Нарти дзæбæхтæ ‘ма нæ хецаути зæрæндтæ, уæ рази цъухихалдæй ке кæун, уомæй!
Æвддæс лæхъуæни ин адтæй ‘ма си æхсæрдæс æхе армæй мæрдтæмæ бацудæй, æ фæстаг фурт ба ин мæ цæгатмæ Донбеттиртæмæ хæссунмæ равардтон, кæд æй уоми ба не ‘ссеридæ, зæгъгæ, ‘ма е дæр бабæй æ армæй бацудæй».
Уой гъарæнгæмæ ба æгас æмбурд аххæй никкудтæй. Уотемæй Орæзмæгæн æ кувд кæунмæ рацудæй.
Цидæр адтæй, – æмбурди адæм рахæлеу æй. Орæзмæг дæр ходæгмæ нæбал худтæй, дзорæгмæ нæбал дзурдта, уотемæй уонтæбæрзонд æма сæргубурæй хаттæй. Æ маст æ губуни ку нæбал цæ-уидæ, уæдта Нарти нихæси Фудиронхгæнæн цъæх Дори сæрбæл æхе ниддæлгоммæ кæнидæ ‘ма уотемæй цардæй.
Еу хатт кæми адтæй, уоми къæсибадæг уосæ уотемæй фæууидта Орæзмæги ‘ма ин загъта: «Ци дæхе гъенцъунæй марис, Нарти хуарз Орæзмæг? Дæуæй устурдæр фудтæ дæр ма ескæбæл æрцудæй! Нарти Хириуфий Саулæг фудтæ нæ фæууидта, мадта е ба уæд куд цæруй?» И уосæ раевгъудæй ‘ма Орæзмæг дæр æхебæл æрхудтæй ‘ма ин Хуцау Хириуфий Саулæги агорун æ зæрди бауагъта, мæнæй ма устурдæр фудтæ кæбæл æрцудæй, е циуавæр æй, зæгъгæ, уой фæу- уинун хуарз уидæ.
Дуккаг бон Орæзмæг е стур Æрфæнбæл æ саргъ бангон кодта ‘ма рандæ ‘й æ сæрисæфтмæ. Ци фæххаттæй, Хуцау зонуй, уæдта еу æхсæвæ ба еу фиййаути бунатмæ е ‘хсæвеуат æртухстæй.
Фонс берæ, фиййау, зæгъгæ, имæ дзоруй Орæзмæг.
– Фонс дин Хуцау раттæд, – зæгъуй и фиййау. – Идардæй цæуæги хузæн дæ, рафестæг уо, фусун дин ан.
Орæзмæг рафестæг æй.
Фиййау дæр æ фустæ æрдугъта ‘ма сæ бафснайдта, уæдта иуазæгæн косарт ракодта, ‘ма арти дууæ фарсемæ ухстæлтæ фезонæгæй ‘дзагæй æрсагъта. Цæх-цæх кодтонцæ. Фиййау дæр арти фæрстæмæ зелæнтæ кодта.
Орæзмæг имæ нæбал фæллæудтæй ‘ма имæ дзоруй: «Хуарз лæг, ходуйнаг ку уа, уæддæр дæ фæрсдзæнæн, – зæгъгæ мин: дæ фий ци кодта?»
– Ме ‘уазæг ку нæ адтайсæ, уæд дин ести адтайдæ, фал дин нур ба хатир фæууæд!
Орæзмæг дæр æй нæбал уагъта, æхе дæр ин байамудта, цæй туххæй хæтуй ‘ма ке агоруй, уой дæр ин загъта.
На, нæ уа дæр æй ку нæбал уагъта, уæдта ин загъта и фиййау: – Мадта æз, ду ке агорис, еци лæг дæн ‘ма дæ мæнбæл ка исардудта, уомæй Хуцау ма исбоз уæд: мæ фудтæ мин иснæуæг кодта. Авд фурти мин адтæй, еу иннемæй уайагæдæр, еу иннемæй лæгигъæдгундæр, кондгиндæр, уотемæй. Ис мин лæгтæ ‘нцæ; цауæн цæунгъон фæцæнцæ. Еу хатт кæми адтæй, уоми ба и авдей дæр мæ хæццæ райстон ‘ма уотемæй цауæни рандæ дæн. Бонсауизæрмæ фæххаттан ‘ма неци иссердтан. Изæрæй ба нæ Хуцау еу хонхи рæбун лæгæтмæ æрхаста. Лæгæти æринцадан, æртдзух бакодтан, уотæ ба, æ тæрнихи астæу еунæг цæстæ, уæхæн уæйуг, устур дзогæ æ разæй, æ усхъи æд къуа- ла бæласæ, уотемæй æскъоттитæ кæнгæ æрбацудæй, мах ци лæгæти адтан, уордæмæ.
Уæйуг и бæласæ зæнхæбæл ниццавта ‘ма, цирагъæн – æгæр æставд, æндзарунмæ ба – æгæр листæг, уотæ ниббуройнæ ‘й. И лæгæти дуарбæл еу устур къæдзæх æрбахатта ‘ма мæмæ æхуæдæг ба дзоруй: «Æгас цотæ, ме ‘уазгутæ! Ци Хуцау уæ æрхаста ардæмæ, хуæнхаг цъеутæ?»
Мах дæр ин райарфæ кодтан.
Æхсæвæ нин косарт ракодта, хуарз нæ фæууидта, сæумæ ба раскъардта æ дзогæ, махбæл ба и лæгæти дуар æрбаивардта ‘ма ниффардæг æй.
И бон нин ци æнхæстæй, уомæй мах дæр и лæгæти дуарбæл фæййархайдтан ‘ма ин фезмæлун фæрæзнæ не ‘ссердтан: ду бабæй хонх рахъан кæнунбæл архайæ!
Изæрæй бабæй æрцудæй и уæйуг ‘ма нин косарт никкодта, уотемæй нæ финддæс æхсæви ‘ма финддæс бони, æнæ æндæмæ рауадзгæй, фæххинста.
Уæдта мин еу æхсæвæ ба и уæйуг уотæ: «Иуазæг сауæнгæ иуазæг нæ уй, нур ба нин ду дæр еу æхсæвæр искæнæ! Иуазæг еу æхсæвæ æй иуазæг, уæдта е дæр фусун æй!»
– Æз ба дæ цæмæй баиуазæг кæнон, ци мæмæ уинис?
– Мæнæ нин дæ лæхъуæнтæй еуей равгæрдæ!
Фæссæмæ кастæн ‘ма си мæ къох кæмæ тастайдæ, уæдта и хестæр загъта: «Уæддæр æз фиццагдæр бони рохс фæууидтон, цæргæ дæр фулдæр ракодтон ‘ма мæн нивгæрдæ, баба!»
Кæстæр ба уотæ: «На, мæн нивгæрдæ, баба! Хестæртæ дæ естæбæл бауолæфун кодтонцæ, æз ба дин нерæн ма неци исагъаз дæн, ‘ма дин уомæй уæддæр кæд естæмæн исбæззинæ!»
Зин мин куд н’ адтайдæ мæхе тог, мæхе фид хуæрун, фал мин гæнæн нæбал адтæй ‘ма сæмæ ракæститæ кодтон, уæдта и хестæрæн æ къæхтæ ‘ма æ къохтæ исбастон æма ‘й равгарстон.
Ба ‘й гъуд кодтон, ис æй фунхтон æма ‘й и уæйуг, æма мæ фуртти хæццæ бахуардтан.
Иннæ æхсæвæ ба нин и уæйуг фус равгарста, уæдта æз – дуккаг хестæри.
Уотемæй и авдей дæр, æхсæвæ цохæй, мæхе къохæй бафснайд-тон, сæ фид дæр син бахуардтон.
Æстæймаг кезуй ба мæмæ нецибал адтæй ‘ма мин и уæйуг цæрд- уодæй мæ дууæ уæрагеми æртикъахуг хуæдзелгæ ухст бацавта, арти фарсмæ мæ æрсагъта, æхуæдæг ба рафунæй æй. Æз дæр æрдæгсугъд, арудтитæй, мæ фий дæр рахаудтæй, мæ къах æфсæн тъæрæмæ фæббуцæу кодтон ‘ма мæхе ухстæй туххæй ратудтон.
Уæдта и ухст ис сурхзинг кодтон ‘ма ин æй æ цæсти уотемæй рацавтон. Е дæр ниййах кодта, ра мæ агурдта ‘ма дин уой рази бадтæн?! Мæхе фусти астæу исримахстон.
Уæйуг дæр, кæми зустæй, кæми лигъзæй мæ æхемæ сайуй ‘ма ин æз дæр ком нæ лæвардтон.
Сæумæ ба уæйуг æ фусти дзогæ æ цæуи евгед бакодта ‘ма сæ уотемæй æ сагæхти еугаййæй рауагъта.
Ци рацудæй, уæдта мæнæн дæр мæ сугъдтæлтæ бадзæбæхтæ ‘нцæ, мæхе гъуд кæнунгъон фæддæн æма и уæйуг ку ниффунæй уидæ, уæдта æз дæр мæхецæн ниййарт кæнинæ, фус равгæрдинæ, ‘ма уотемæй цардтæн.
Еу хатт ба мæмæ и уæйуг дзоруй, нур мæнæн уæддæр цард фæууинæн нæбал ес, нур ба мæ тухæ, мæ амонд мæнæ аци мухури æй ‘ма ‘й дæ къохбæл бакæнæ, зæгъгæ, мæмæ æ къохдарæн рагæлста. Æз дæр дин æй цийнæгæнгæ ме ‘нгулдзæбæл нæ ракодтон, нæ! ‘Ма дин и къохдарæн «мæнæ ‘й, мæнæ ‘й» кæнуй.
Куд Хуцау хуæрзгæнæг, уотæ ба мæ рази фæрæт фæцæй; æр-уадтæн уордæмæ, ме ‘нгулдзæ къудурбæл февардтон ‘ма ‘й фæрæтæй æркъуæрдтон. Аци æнгулдзæ дæр мин гъеуæд рахаудтæй.
Согфадæни æнгулдзи лухдзаги хæццæ «мæнæ ‘й, мæнæ ‘й» кæнуй ‘ма ибæл уæйуг дæр æхе ниццавта ‘ма æ фур мæстæй и къудурон фæффунук кодта.
Уой фæсте ба, ци мадзалæй раервæзон, зæгъгæ, ‘ма и цæубо-дзо равгарстон, мæхæлæстигъд æй никкодтон, æ фидæй ин мæхе исæфсастон, сæумæ ба ин æ цар мæ уæле искодтон, ‘ма фусти разæй рацудтæн.
Уæйуг дæр дуарбæл хæбæццæ æрлæудтæй, ра мæ даудта, – цогæ, цæубодзо, дзæбæх сæ æрхезæ, изæри ба афонæбæл æрцо, зæгъгæ. Туххæй-фудтæй фендæдуар дæн æма имæ уордигæй ба æрба- дзурдтон: «Дæ лæвар берæ, аци хатт мин хуарз лæвар ракодтай!» Цæмæннæ рамæстгун адтайдæ и уæйуг ‘ма мæ расурдта. Æз дæр еу билæрдæмæ ралигъдтæн.
Уæйуг билæ нæбал рагъуди кодта æ мæстæй æма зуст уади хæццæ уордæгæй рахаудтæй, ‘ма ниххæрнæгъ æй.
Æз ба еци фусти хæццæ рацудтæн.
Зин мæнæн адтæй ‘ма хъурмæ бон æз фæууидтон, æндæра дæуæн ба ци адтæй! Маргæ сæ ракодтай, сæ фид ба син уæддæр нæ бахуард- тай.
…Орæзмæг дæр æ гузавæ кæнун ниууагъта: дуйнебæл ма уомæй хъурмæдæр бæнттæ беретæ фæууидта…
Ногъай æлдармæ мæстгун адтæй Орæзмæг: «Тæходуйтæ, мæ къох имæ ку ‘рхъæртидæ еуæрдиги! Цæй, Хуцау дæр мæ маргæ, е дæр мæ маргæ!»
‘Ма æхецæн кирæ искæнун кодта, ‘ма æхе дони багæлдзун кодта. Дони ‘й багæлстонцæ. Ногъай æлдар ба хиздартæ дардта. И кирæ етæ æрахæстонцæ ‘ма ‘й и æлдармæ исхастонцæ. Е ба дин и кирæ байгон кодта ‘ма дин уоми ба Орæзмæг.
Ногъай æлдар ниццийнæ ‘й: «Изолмæ ке фæййагурдтон, уой хæстæгмæ иссердтон!»
Е дæр ин загъта:
– О, Ногъай æлдар, Ногъай æлдар, æз дæр дæмæ уой туххæй æрбацудтæн. Уæддæр мæ нæхе адæм нæбал уадзунцæ, маргæ мæ кæнунцæ ‘ма дæу къохæй ку рамæлон, уæд мин кадæдæр уодзæнæй, уæддæр æй и æлдар рамардта, зæгъгæ. Маргæ мæ кæндзæнæ нур, фал ми ести бахуæрæ!
– ‘Ма ди ци бахуæрон?
– Нарти адæммæ фонс берæ ес. Бæхæргъæуттæ, галæргъæуттæ, ‘ма уонæй ести бахуæрæ!
– Æма сæ куд бахуæрон?
– Зæгъæ син, уой бæрцæ фонс æрбакæнетæ, æз ба уин уæ лæги раттон.
Ранистадта Орæзмæг Нарти адæммæ: сæдæ сæдæ еусиуонтæ, сæдæ сæдæ дусиуонтæ, сæдæ сæдæ æртæсиуонтæ, сæдæ сæдæ ба цуппарсиуонтæ ку ‘рбакæнайтæ, уæд мæ уæгъдæ кæнуй и æлдар. Нарти адæм загътонцæ:
– Хуцау нæ ку фæууидта, еусиуонтæ, дусиуонтæ,æртæсиуонтæ, цуппарсиуонтæ кæми иссердзинан?!
Орæзмæгæн ба æ уосæ кæлæнгæнæг адтæй ‘ма син загъта:
– Е уи фонс нæ агоруй, нæ, фал сæдæ сæдæ хъæмагинтæ, сæдæ сæдæ арцæгинтæ, сæдæ сæдæ æфсæн æфсад, сæдæ сæдæ бæхгин æфсад. Нарти адæм сæхе барæвдзæ кодтонцæ æма рараст æнцæ. Орæзмæг ба син сæ размæ Ногъай адæм лæдзгути хæццæ рарветун кодта æлдарæн. Нарти адæм дæр сæ ниццагътонцæ.
Нарти адæм мæсуги размæ ку ‘рбахъæрттæнцæ, уæдта равналдта Орæзмæг, æма и æлдари æ буни фæккодта, ‘ма ‘й фус æвгæрдæгау æрбавгарста. Уотемæй Ногъайæй гæндзæхгин дæр нæбал байзадæй. Сæ мулк син рамбурд кодтонцæ ‘ма Нарти бæстæмæ æрбафардæг æнцæ.
Нарти Орæзмæг, æ конд, æ уиндæн н’ адтæй, уæхæн лæг адтæй. Æгъдауæй дæр, тухæй дæр уотæ адтæй. Нарти хестæртæ дзубанди кодтонцæ, бæгъатæрдæр ка уодзæнæй Нарти лæгтæй, зæгъгæ, æма ка – еуемæй загъта, ка – иннемæй. Орæзмæг син загъта:
«Æз дуйнебæл нецæмæй фæттæрсдзæнæн».
– Хуарз, бавзарун æй гъæуй. Æдта нур е уотæ бæгъатæр æй, – загътонцæ Нарти адæм.
Еу хатт Орæзмæг балци рандæ ‘й æма Нарти адæм исфæндæ кодтонцæ Орæзмæги бавзарун. Орæзмæг син сæ унафæн неци базудта, уотемæй æндæр адæмихаттмæ рандæ ‘й.
Фæстæмæ ку раздахтæй Нартмæ, уæд ибæл, Нартæй сосæггæй æ фæсте æрвист к’ адтæй, етæ сæдæ бæхгини исардудтонцæ. Æма сæдæ бæхгини рацудæнцæ æ фæдбæл.
Етæ надбæл сæхе фæрразæй кодтонцæ æма сæхе фæснад баримахстонцæ. Сæдæ бæхгини ратегол æнцæ Орæзмæгбæл, гъавтонцæ ‘й марунмæ. Сæ астæути куддæр-муддæрти кæронмæ раласта æхе, уоми a` æ бæх ниццæфтæ кодта æма ледзунбæл фæцæй. Ледзун байдæдта надбæл. Сорун æй байдæдтонцæ æма радаргъ æнцæ æ фæдбæл.
Нарти адæмæй æ фæдбæл гъæуай кæнунмæ æрвист к’ адтæй, етæ кæрæдземæ бакастæнцæ, нæ бæгъатæр цæхæн бæгъатæр æй, ледзунбæл фæцæй, æндæр æ бон нецибал æй, зæгъгæ. Худтæнцæ ибæл сæхе меднимæр. Уæд æваст, кæсунцæ, æма Орæзмæг æ бæхи къембур фæххатта фæстæмæ, æма сæ цæгъдун байдæдта, уотемæй сæдæ бæхгинемæй некебал ниууагъта, ниссæ цагъта.
Фæдбæлгæсгутæ æрбацудæнцæ Нарти хестæртæмæ æма син æрдзурдтонцæ, куд адтæй æма ци фæууидтонцæ, уой. Хестæртæ æрбахудтонцæ Орæзмæги сæ размæ æма ‘й бафарстонцæ: «Ледзгæ ма цæмæн кодтай сæ разæй?»
Е ба син загъта: «Лæг е ‘знаги хæццæ ку хуæца, уæд гурумухъ хъаурæй мадзали хъаурæ хуæздæр æй. Æз си тæрсгæ нæ фæккодтон æма сæ разæй уой туххæй нæ лигъдтæн, фал мин уотемæй æнцондæр басæттæн иссæнцæ, кауи мехти хузæн. Еци мадзал ба райстон мæ цауæйнон куййæй. Мæ куйбæл дуйней куйтæ рамбурд æй æма ралигъдæй сæ разæй. Е дæр – ледзгæ, етæ дæр æй – соргæ, æма ку радаргъ æнцæ, уæдта сæмæ раздахтæй, æма сæ ниццагъта еугæйттæй».
Нарт Орæзмæги бæгъатæрбæл банимадтонцæ.
НАРТÆ ÆЗ-ХУÆЗДÆРУОНБÆЛ КУД ДЗУРДТОНЦÆ
Нарти Уорæзмæг хæтунмæ рандæ ‘й æ æрфæнбæл. Нартæй ма ка байзадæй, етæ ба «æз хуæздæр дæн»-бæл дзорун байдæдтонцæ. Алке дæр си æхе хуæздæр худта æма нæбал федудтонцæ. Ку нæбал федудтонцæ, уæд сæ дзубанди къæсибадæг уосæмæ бахастонцæ: – Зæгъæ нин, ка ни хуæздæр æй, уой!
Е ба син загъта:
– Куд уин зæгъон, ка уи хуæздæр æй, уой, уæ хуæздæр ами ку нæ ‘й.
Нарти фæсевæд базудтонцæ, Уорæзмæгæй син ке зæгъуй, уой, æма хъæбæр фæммæстгун æнцæ къæсибадæг уосæмæ. Авд авди синдзæ фæлласун кодтонцæ авд цæдемæй, уонæй кегъог искодтонцæ æма уоси уой хурфæмæ бакодтонцæ, уæдта ибæл ниндзарс-тонцæ. Нарти фæсевæд уоси басодзун æнгъæл адтæнцæ æма сæ хæдзæрттæмæ рандæ ‘нцæ, фал уосæ ралигъдæй. Æма, Уорæзмæг балциæй кæцæй æрцæудзæнæй, уоми еу риндзæбæл исбадтæй.
Уорæзмæг æ æрфæнбæл æрбацудæй. Æрфæн ниххурруттитæ кодта æма ‘й фæстæмæ рахаста, уосæй фæттарстæй. Уорæзмæг æ æрфæни дуккаг хатт ниццæфтæ кодта, куйтæ дæ бахуардта, ду ами цæмæй тæрсис, зæгъгæ. Æрфæн бабæй дуккаг хатт Уорæзмæги фæстæмæ рахаста. Æртиккаг хатт бабæй æй батардта риндзæбæл. Уæд имæ уосæ æхе равдиста æма ин загъта:
– Бахатир кæнæ, Нарти хуарз Уорæзмæг, мæнбæл ци тухст бон адтæй, уой дин æнæ зæгъун нæййес. Æз дæн еци уосæ, Нартæ «æз хуæздæр»-бæл ку дзурдтонцæ ‘ма ку нæбал федудтонцæ, уæд сæ фарст кæмæ æрбахастонцæ, е. Æз ба син загътон: «Уæ хуæздæр ами ку нæ ‘й, балци ку æй, уæд цæбæл дзоретæ». Уобæл мæмæ фæммæстгун æнцæ ‘ма мæбæл синдзин арт никкодтонцæ. Уонæй уотæ басугъдтæн, фал æз ба æрдæгарудтитæй райервазтæн».
Уорæзмæг балæдæрдтæй хабар. Уосæн хъæппæлтæ исласта æ фæсабæрцæй, уæдта ‘й æ фæсабæрцæ исæвардта æма ‘й æрхаста Нарти гъæумæ. Нарти фæсевæд ибæл ниццийнæ æнцæ. Уорæзмæг ба, цума неци зудта, уотæ, æма син загъта:
– Цæуæн, фонс фæккæнунбæл нæ амонд бавзарæн. Æз зонун, фонс кæнун кæцæй æмбæлуй, уæхæн рауæнтæ.
Фæсевæд исарази æнцæ. Уорæзмæг сæ разæй, уотемæй рацудæнцæ. Фиццаг сæ кокойни синдзитæбæл рахудта æма сæ къæхтæбæл нæбал лæудтæнцæ, сæ къæхти тог аллирдигæй калдæй; уæдта сæ рахудта тугул дортæбæл. Дортæй нæбал бухстæнцæ сæ къæхтæн. Уой фæсте сæ ракодта æнæуой синдзитæбæл æма Нарти фæсевæдæн цæун сæ бон нæбал адтæй, хуæруйнагæй дæр байгудзæг æнцæ. Уæд уалдæнгæ æрхъæрттæнцæ еу фиййаутæмæ.
– Еске уи бавзарæд æ хъаурæ, уæлæ еци фиййауæй косæрттаг æрласун, – дзоруй Уорæзмæг. Кæстæртæ фæццудæнцæ, еу далис туххæй æрахæстонцæ, æ къæхтæй сæ ниттигътитæ кодта æма син раервазтæй. Сæ бон неци иссæй.
Уæд Уорæзмæг дзоруй Сосланмæ:
– Гъæйтт, дæхуæдæг бавзарæ!
Фæццудæй Сослан дæр. Еу нæл фусбæл æрхуæст æй. Фус æй берæ фæрраласæ-баласæ кодта, уæдта ин раервазтæй. Е дæр сорæй æрæздахтæй е ‘мбæлттæмæ.
Гæнæн нæбал адтæй æма Уорæзмæг æхуæдæг фæццудæй, фонсбæл æ цæстæ рахаста, æма си фиййау – некæми. Ниййахæста еу устур фур. Кæрæдзей тухтитæ кæнун байдæдтонцæ, изæр кæнун дæр байдæдта æма фонс сæ бунатмæ ранæхстæр æнцæ, æма фур Уорæзмæги æ фæсте фæлласта сау лæгæтмæ. Уоми ‘ймæ уæйуг фæггæпп ласта, æ фурбæл ниццийнæ ‘й, æгайтима мин уæхæн фезонæггаг æрбаластай, зæгъгæ. Уæйуг æрахæста Уорæзмæги. Е ‘скъелти ин ухст бацавта æма ‘й фезонæг кодта. Уорæзмæг ма æгас адтæй, уæйуг ба бафунæй æй. Къумæй Уорæзмæгмæ еу сæри къудур æрзилдæй æма дзоруй:
– Уæ, гормон, Нарти Уорæзмæг, æгас ма ку дæ, аци мæнгард фунæй ку æй, мæн дæр уотемæй бахуардта, фестæ æма ин æ дууæ цæстей астæу ухст ниццæвæ.
Уорæзмæг фæггæпп ласта. Уæйуги цæстити астæу ухст рацавта, æхуæдæг ба устур цæуи хъæстæ ракъæртт кодта æма уоми балæстæй. Курм уæйуг æй агурдта:
– Нæ мин раервæздзæнæ, нæртон дзигло, мæ дуæрттæ æхгæд æнцæ, мæ фонс мæ къохæй зонун, алке дæр си бæрæг кæндзæнæн.
Уæйуг æ фонс дæр æндæмæ нæма уагъта, уотемæй æй агурдта. Уорæзмæг имæ, кæми – еу къумæй, кæми – иннемæй гъæр кодта, фал хъæрæу уæйуг æхе хонхбæл ниццавта. Уотемæй рауайæ-ба-уайæ кодта лæгæти къумти. Уæйуг мæлунмæ æрхъæрттæй. Гæнæн ин ку нæбал адтæй, уæд лæгæти дуар райгон кодта æма æрлæудтæй дуармæ. Рауагъта раздæр æ бодзой. Æ къохтæ ибæл рахаста æма – некæми. – Цо, бодзо, цо, – загъта уæйуг.
Уой фæсте фусти еугæйттæй уадзун байдæдта, фал Уорæзмæгбæл некæми фæххуæст æй. Фустæ ку раевгъудæнцæ, уæд ма уæйуг Уорæзмæги медæгæй æнгъалдта æма имæ гъæртæгæнгæ бацудæй, нæ мин раервæздзæнæ, нæртон дзигло, зæгъгæ.
Уорæзмæг ма имæ æндегæй ходгæй æма гиризæй æрбадзурдта: – Гъе, хъæрæу уæйуг, ервæзгæ дæр ма дин ракодтон!
Уæйуг æ фур мæстæй рауайунмæ гъавта æма хонхи билæй ра- хаудтæй, уоми ниххæрнæгъ æй. Уой фонс æризадæнцæ Уорæзмæгæн. Æ сæрмæ не ‘рхаста сæри къудур ниууадзун æма ‘ймæ фæстæмæ баздахтæй.
– Ци хуарздзийнæдтæ ес аци хæдзари?
Сæри къудур ба ин загъта:
– Ес си буйнагин тъæфсæ, мард лæг си ку ниццæвай, уæд райгас уодзæнæй. Уæдта си ес æркъиаги гæппæл, цидæр ибæл исивæрай, цубур рæстæгмæ ‘й бахъæртун кæндзæнæй идардмæ. Ес си æртикъахуг фингæ, дæ рази ‘й ку æривæрай, уæд алци дæр фæззиннуй. Нур ба ди корун, цæмæй мæ æрцæвай тъæфсæй.
Фал Уорæзмæг тæрсгæ кодта еци сæри къудурæй. Фæстаг равардта уасхæ, куд ин неци кæндзæнæй, уобæл. Сæри къудур райгас кодта. Райста мулк, фустæ æма сæ ратардта.
Нарти фæсевæд уæдмæ судæй мæлунмæ æрцудæнцæ, Уорæзмæг ба сæмæ дзоги хæццæ æрцудæй. Хуарз сæхе фæййидтонцæ, сæ фонси хæццæ æрцудæнцæ Нарти гъæумæ. Уæд си байруагæс æй, Уорæзмæг сæ лæгдæр ке æй. Уæдæй фæстæмæ «æз хуæздæр дæн»-бæл нæбал дзурдтонцæ.
СОСЛАН
Æхсийнæ æнæ хæлафæй цубур курæти
Донмæ рацудæй æма æ хъæппæлтæ æхснадта.
Бæхгæс æй и уордæгæй фæййидта,
Æ уорс бауæрмæ ин æрхицæ кодта,
Дорбæл æхе бауагъта –
Золахъ фæрдуг фестадæй ‘ма ‘й
Æхсийнæмæ фехста.
Зонæнгин адтæй Æхсийнæ:
Золахъ фæрдуг дори ниххизтæй,
Бонæй-бонмæ дор ирæзтæй.
Курдалæгонмæ ‘й фæххаста,
Фараст мæйи ибæл ку рацудæй,
Уæд æй е басаста, сувæллон си разиндтæй.
Хъумайаг уосæн æй равардта,
Урузмæги сосæггæй æй фæххаста.
Биццеу ку исирæзтæй, – загъта:
– Æз адæймагæн не сбæздзæнæн,
Ку нæ мæ байсарайтæ, уæд.
– Уомæн гъæуй сæдæ кунци,
Æвддæс бæлæгъи берæгъи æхсир.
Хъумайаги схъурмæ кодта,
Е дæр загъта Æхсийнæн.
Курдалæгон скодта бæлæгъ æма кунцитæ;
Бæлæгъ Сирдони фæрци фæццубурдæр æй
Æма Сосланæн цуппар æнгулдзей бæрцæ
Нæбал рахъæрттæй. Берæгъи æхсир ба
‘Ссирдта уотемæй: хинцун байдæдта адæми
Стур фæндаги билæбæл. Уæдта æрцудæй,
Судæймæлгæ, куйти сæр Села.
Уой бафсаста; е загъта:
«Дзинагъайæй скæнæ стойнæ!»
Куйти сæр Села хаста берæгъти,
Радугай сæ Урузмæг дугъта,
Уотемæй байсардтонцæ Сослани:
Æ уæргутæн нæ рахъæрттæй,
Тæссонд уæрагæй байзадæй Сослан,
Еугур æндон болат фестадæй.
Бориатæ фæндæ искодтонцæ,
Урузмæги рамарæн, зæгъгæ.
Стур кувд ку скодтонцæ,
Марг ин сцæттæ кодтонцæ,
Кувдмæ имæ бадзурдтонцæ,
Фал ин Æхсийнæ раздæр баунафæ кодта:
«Бадгæ ма скæнæ фиццаг. Фестин
Гобанбæл сбадæ, фиццаг ниуазæн баниуазæ,
Дуккаг уодзæнæй марги хæццæ ‘ма син æй
Сæхецæн февæрæ, æртиккаг дæр – сæхецæн,
Уæдта хæтæл дæ дуси бакæнæ ‘ма
Ниуæзтæ хæтæли рауадзисæ».
Уотæ бакæнуй Урузмæг дæр.
Стур æрфæнбæл рацудæй Урузмæг дæр.
Кувди ниуазун ку байдæдта Урузмæг,
Уæд имæ Бориатæ æнгъæл кастæнцæ,
Кæд рамæлдзæнæй, зæгъгæ.
Сирдон Урузмæги хийнæ æртергади кодта
Æма загъта: «Бориатæ, уæ хуссæнтæ
Уæ мезунцъагæй ку байдзаг кодтайтæ».
Уæд Урузмæг фестадæй, цæуон, зæгъгæ.
Фæндарасти синон ин рахастонцæ марги хæццæ,
Урузмæг марг ниуазун байдæдта,
Æма дзой-дзой кæнун райдæдтонцæ æ уæргутæ,
Æ бæх, æрфæн, уой ку балæдæрдтæй,
Уæд æфсæн бæхбæттæн бахсидта
Æма е дæр нидздзой-дзой кодта.
Æхсийнæ зонæнгин адтæй ‘ма
Сосланмæ фервиста, – тагъд, Урузмæги
Марунцæ Бориатæ, зæгъгæ.
Æгас бæласæ лæдзæгæн раскъафта Сослан:
– Ходуйнаг уин нæ ‘й, Нарт,
Зæронд лæгæн тухæ кæнун? –
Ра ‘й æскъæфуй æма æ лæдзæг
Царæй хæдзари астæу рацæвуй, нийзазуй,
Æма сæбæл хæдзарæ æркæлуй.
Кæмæн – æ цæстæ, кæмæн – æ цонг,
Уотемæй сæ фæссахъат кæнуй.
Урузмæг Æхсийнæн дзоруй, куд ибæл фæндæ кодтонцæ,
Куд æй мардтонцæ, Сослани фæрци куд раервазтæй, уой.
Æхсийнæ дæр æй фæрсуй:
– Æрвадæн дæ гъæуй Сослан æви фуртæн?
– Фуртæн.
Сослан уæд раргом æй Урузмæгмæ
Æма æ фурт иссæй уæдæй ардæмæ.
Сослан исунафæ кодта Нарти астæу бæрæгдæрæй фæццæрун æма райдæдта кæрцæ кæнун, фиццагидæр – фурдзæрттæй, уæдта бабæй – уæлдзæрттæй, æма ибæл бонгинтæ рараздæр уиуонцæ.
Уæдта æ зæрди æрæфтудæй лæги закъдзæрттæй кæрцæ кæнун. Еци гъуддаг ба неке арми æфтудæй. Сослан лæг рамаридæ, æ закъæ ин растъегъидæ, уотемæй лæги закъдзæрттæй кæрцхуар æрæмбурд кодта æма сагъæс кæнун рай-дæдта:
– Нур мин мæ кæрцæ æнаййепп ка скæндзæнæй?
Еу рауæн ба бадтæй æртæ кизги. Сослан æ кæрцхуар уонæмæ фæххаста. Кизгуттæ кæрцхуармæ ку æркастæнцæ, уæд бафæсмардтонцæ – ка æ мади æрвади рехæ, ка – е ‘нсувæри рехæ æма сагъæс кæнун байдæдтонцæ, ци кæнæн, зæгъгæ. Уотæ рæхги ба сæбæл Нарти Сирдон æрфецудта æма син загъта:
– А кæрцæ исцæттæ кæнтæ æма ‘й æфцæкъуатæ гъæуаггин искæнтæ, æма ин зæгъетæ æ хецауæн: «Тухи фурт Уомари сугъзæрийнæ рехæ ку не сбада абæл реутæн, уæд ибæл неци исбаддзæнæй». Кæрцæ исцæттæ ‘й æма кизгуттæ цæттæ дзубанди разагътонцæ Сос-ланæн.
Цидæр адтæй, зумæг ба Хуцау лæгъуз ехæн зумæг фæккодта. Уалдзæгæрдæмæ хуасæ некæмибал адтæй, кæрдæг ба нæма адтæй, æрмæст Тухи фурт Уомари зæнхæ ба искæрдæг æй.
Нарт исæфтмæ æрцудæнцæ. Сослан æрæмбурд кодта Нарти бæхæргъау æма Тухи фурт Уомари зæнхæмæ ранæхстæр æй е ‘хуæрс-ти рæуони. Тухи фурт Уомармæ рахабар æй, цидæр дæ зæнхæбæл хезуй бæхæргъау, зæгъгæ.
Уомар дестæ кодта:
– Нæ зæнхи æвастæй ка хезуй, – зæгъгæ, æма имæ ранæхстæр æй. Ис имæ хъæрттæй æма æй бафарста:
– Кæмæй дæ, – зæгъгæ.
Е ба ин загъта:
– Сослани ихуæрст дæн.
Уомар ин загъта:
– Мадта Сослани гъазунтæй ести зондзæнæ æма мин æй байамонæ! Е ба ин загъта:
– Æз уотæртти фæуун æма ин неци зонун.
Уа, нæ уа дæр æй ку нæбал уагъта, уæдта ин загъта:
– Æ еу гъазт ин зонун: бæрзонддæр ци хонх фæууй, уомæ ис-сæуй æма уордæгæй æхе рауадзуй зурæмæ. Устурдæр ци тугулдор уа, уой ниррæуегъуй æ тæрнихæй æма æй сау фунук фæккæнуй.
Бавзурста Уомар дæр уотæ æма загъта:
– А нецæй гъазт æй! Сайгæ мæ кæнис, уотæ нæ фæгъгъазуй Сослан. Е ‘цæг гъæзтитæ мин нæ амонис æма дæ марун!
– Мадта ма ин еу гъазт зонун, – загъта е. – Дууæ урси фæххилæ кæнун кæнуй æма уони астæу æ сæр бадаруй.
Уомар бабæй бавзурста уой дæр æма загъта:
– Сослан атæ нæ фæгъгъазуй! Е ‘цæг гъæзтитæ мин нæ амонис, цидæр æй, уæддæр!
Бæхгæс ин загъта:
– Еу гъазт ма ин зонун: зумæги гъизти дæлæ денгизмæ ниццæуй, æстæмæй-астмæ денгизи медæг ниббадуй. Денгиз ибæл тæгæр ех ниууй, æма æй уæддæр истонуй, гъе, уой ма ин зонун!
Тухи фурт Уомар рандæ ‘й денгизмæ. Сослан ба искувта:
– Уæ, хуцаути мæхе Хуцау! Гъист рæстæг уæхæн искæнæ æма листухъ зæнхæмæ куд нæ хъæрта, æнæ исех уогæй!
Уомар ниххизтæй денгизмæ. Зумæг нигъгъизтæй. Денгиз исæнвæйнæ æй æма ибæл исхуæстæй Уомар. Ех никъкъæр-къæр кодта.
Сослан ин загъта:
– Сослан ма æ уæластæн æртæ бони бабадидæ!
Уомар æрсабур æй. Сослан ба баздахтæй æма денгизи æскъудтæ алли алцæмæй байдзаг кодта. Æртæ боней фæсте ба ин загъта: – Исхуæцæ нур!
Æхе райвæзтитæ кодта Уомар æма нæбал исфæразта æхе исласун. Уæд ин загъта Сослан:
– Гъенур ба æз Сослан дæн ‘ма дæ лæгигъæдæ æма дæхуæдæг! – Сослан дæ тухæй ку нæ дæ, фал дæ хийнæй ку дæ.
Сослан дæр æ церхъ исласта æма æй Тухи фурт Уомари бæрзæйбæл æрбадардта. Церхъ, ехбæл гурæгау, фæггурдæй Уомари бæрзæйбæл. Тухи фурт загъта:
– Гъезæмарæй мæ ма марæ, уæртæ мæхе церхъæй мæ нивгæрдæ! Ку мæ нивгæрдай, уæдта мæ астæуи стæги хъанз дæ астæубæл æрбатохæ æма мæ хъаурæ дæ медæгæ уодзæнæй. Мæ зæрдæ дæ зæрдæбæл ниввæрæ æма мæн хузон зæрдгин уодзæнæ!
Сослан ин æ церхъ не ‘рбафæразта æма ‘й изазнитæй æрбатулдта. Уотемæй Тухи фурти хийнæй рамардта. Æ рехæ ин нистигъта. Æ астæуи æстæги хъанз ба ин гъæди æставддæр тæрсæ бæласæбæл æрбатухта. Тæрсæ бæласæ дууæ ‘мбеси фæххаудтæй. Æ зæрдæ ин еу устур дорбæл ниввардта æма и дор сау фунук фæцæй.
Уотемæй Сослан Нарти бæхæргъау фæххизта æма ‘й истардта. Тухи фурти закъæй æ кæрцæн реутæ искодта æма Нарти астæу бæрæгдæрæй байзадæй.
Нарти нæртон Елæхсæрдтон Гори федари цардæй æма ин адтæй рæсугъд кизгæ, Агунда, зæгъгæ. И кизги Хуцау Сосланæн бауарзун кодта ‘ма æй корунтæ исамадта. Нарти дзæбæхтæ имæ радугай цудæнцæ æма син Елæхсæрдтон неци ком фаста. Уæд е Сосланмæ хард кæсун бай-дæдта æма федог фæгъгъæр кæнун кодта:
– Сослан Гори федарбæл æфсæдтæ кæнуй, нур ба, е ‘фсадмæ хæдзарæн лæгæй ка нæ цæуа, е æхсæз удзести уацайрагæй хъоди! Æфсæдтæ æмбурд кæнун райдæдтонцæ ‘ма син æлгъдунгæ нæбал адтæй, уой бæрцæ иссæнцæ. Сæ гъонгæс ба еунæг лæг адтæй ‘ма ке рарвистайдæ, уæхæн ин нæ адтæй, еци æхсæвæ ци биццеу райгурдæй, уомæй æндæр æма гузавæ кодта:
– Æфсади цæуон, æма Нарти фонсæн ци кæнон? Гъонгæс цæ-уон, æма Сослани хъоди, æхсæз удзести уацайрагæй кæцæй æрхæссон, – зæгъгæ.
Уотемæй ибæл æхсæвæ нæбал бон кодта. Бонивайæнæрдæмæ ба сæмæ и биццеу дзоруй:
– Баба, цæбæл гузавæ кæнис? Æз фæццæудзæнæн Сослани æфсæдти. Æ фидæ ба загъта:
– Æма мин ду, Зимайхуæ, æфсади цæунгъон ку уайсæ, уæдта Æрзæмайхуæ мæгур дæр нæ уидæ!
Еу сахат, уæдта и биццеу æхе раберигътитæ кодта æма æ авдæни фæрстæ ратудта.
– Рæхгитæ, æстонг дæн, – зæгъгæ, дзоруй æ мадæмæ.
Е дæр е ‘ндæргъцæ æма е ‘нуæрхцæ зугул ракодта. Биццеу æй рахуардта æма дууæ уой аси рацæй, æма дзоруй æ фидæмæ:
– Нур ба, баба, æз æфсади цæун. Сослан ескæми ку рафестæг уа, уæд ин, цид, æз ба æ бæхи идонæбæл фæххуæцдзæнæн.
Биццеу цæун райдæдта æма Сослани æфсæдтæмæ нихъхъæрттæй. Сосланмæ бацудæй, æ думæггаг ин æривазта æма имæ исдзурдта: – Сослан, æз дæр де ‘фсади цæун, – зæгъгæ.
Сослан дæр ибæл фæттург кодта:
– Нарти хъумуздæй сувæллæнтти æфсади нæ хондзæнæн, – зæгъгæ. ‘Ма имæ и биццеу дзоруй:
– Ескæми ку рафестæг уай, уæд дин, цид, дæ бæхи идонæбæл фæххуæцдзæнæн. Хонæ мæ!
– Æма дин мæ бæх е ‘донæ ку ратона, уæдта?
– Уæдта ин æ барцæбæл фæххуæцдзæнæн.
– Æма дин æ барцæ ку ратона, уæдта?
– Уæдта ин æ гъостæбæл фæххуæцдзæнæн.
– Нур дин æ гъос дæр ку ратона, уæдта?
– Уæдта ин æ думæгбæл фæххуæцдзæнæн.
– Æма дин æ думæг дæр ку ратона, уæдта?
– Уæдта ин æ фæстаг къахбæл фæххуæцдзæнæн.
– Æма дин къах дæр ку ратона, уæдта?
– Уæдта и Нарти астæу ду æртикъахуг, æнæ барцæ, æнæ думæг, гъосой бæхбæл ци фæббадай æма æз дæр еци ходуйнагбæл гæдзæ кæндзæнæн.
Сослан ниссагъæсти æй æма загъта:
– А хумæтæги биццеу нæ уодзæнæй, – зæгъгæ, ‘ма æй æ хæццæ фæххудта. Æфсæдтæ Гори федари размæ иссудæнцæ. Сослан æ бæх биццеумæ равардта, æхуæдæг ба тохгутæмæ рандæ ‘й. Елæхсæрдтон дæр æфсади хабар ку фегъуста, уæд галауани дуæрттæ исæхгæд-та. Æндæмæ цъеу-æзмæлæг дæр нæбал цудæй Гори федарæй. Сос-лани æфсæдтæ дæр тухтæнцæ галауани фæрстæбæл æма син къæртт-цъола дæр нæ хаудтæнцæ. Зимайхуæ сæмæ фæккастæй бæхти разæй, уæдта и гъæди æставддæр ци уестаг адтæй, уой æртасун кодта ‘ма Сослани бæх уой сæрбæл æ цуппар къахемæй æнгом исбаста, æ сæр – идонæй баст хæрдмæ, уотемæй æй рауагъта и бæласи. Бæхи и бæласæ æ хæццæ райста. Æхуæдæг ба и биццеу уайун райдæдта æма Сосланмæ исхъæрттæй. Сослан æй ку рауидта, уæд имæ дзоруй:
– Мæ бæх ба кæми æй уæд?
Е ба ин загъта:
– Уæртæ дин æй бæласæбæл бабастон, мацæмæй ин тæрсæ; нæ фæлледздзæнæй, федар баст æй, фал мæн рауадзæ тохунмæ.
Сослан дæр ракастæй æма æ бæх бæласи сæрбæл ниууидта.
– Хуарз лæги хæццæ нæ бафтудтæн, – зæгъгæ, Сослан сагъæси бафтудæй.
Нур и биццеу ба нæбал уадзуй Сослани «мæн рауадзæ, мæн рауадзæ»-й.
Сослан дæр ин исарази æй. Зимайхуæ ранæхстæр æй æма ба- фæдзахста Сосланæн:
– Нур æз цæун Гори федари астæу и бæрзонд Сау айнæгмæ ‘ма уой мæ зæбæтæй ихалдзæнæн, фал мæ Елæхсæрдтон æхсдзæнæй е ‘ртæ фатемæй еуемæй; е ба ме скъели исæмбæлдзæнæй, айнæги сæрæй рахаудзæнæн æма мæ зæнхæбæл æмбæлун ма æруадзæ, уотемæй мæ авд сауæдоней сæрти рахæссæ, уæдта Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй. Гори федар дæр басæтдзинан, Агунда-рæсугъди дæр рахæсдзинан. Уой нæ бафæразтай, уæдта æз дæр исæфт æма дæ гъуддаг дæр не суодзæнæй! Цидæр адтæй, Зимайхуæ исхизтæй Гори федари астæу Сау айнæги сæрмæ æма ибæл уой ихалун райдæдта. Еу синх къæдзæхи ихæлдæй фесæфун кодта. Уотæ рæхги ба æй Елæхсæрдтон фæууидта, фæ ‘й æхста æма æ къах куд фергъувта, уотæ и фат е ‘скъели исæмбалдæй, æма и биццеу, куреси хузæн, зур-зурæй айнæги фарсбæл ратулдæй. Сослан дæр æ дууæ уацахæссæн цонгебæл сау нимæт райтудта ‘ма æй уотемæй, æнæ зæнхæмæ æруадзгæй, райахæста. Давун æй райдæдта æма æртæ сауæдонеми бахизтæй, уотæ ба Сирдон, зæронд лæги хузи, къæссай зæронд е усхъи, пахсатæ, сагойни састæлтæ, уотемæй æрбацудæй.
– Кумæ хæлæфæй уайис, зæронд лæг, – зæгъгæ, фæрсуй æй Сослан. – Нартæ Гори федар басастонцæ æма мæ кæд уоми ести фæу-уидæ, æма тузмун. Уæд ду ба Сослани хузæн ку дæ æма и марди хæццæ ма кумæ цæуис? Агунда-рæсугъди Деденæги фурт Ерæхсау ку фæххæссуй! Сосланæй нæ байруагæс æй æма ледзун райдæдта. Еунæг сауæдонæ ма æй ку гъудæй, уотæ ба Сирдон, зæронд уоси хузи, æлхуйнæ гæнгæ, æрбацудæй æма Сосланбæл ниддестæ кодта:
– Ду ба Сослан ку дæ ‘ма а марди хæццæ ци архаис? Нартæ Гори федар ку басастонцæ, Агундай ба де ‘вæсмард æнгарæ Деденæги фурт Ерæхсау уосæн ку фæххæссуй!
Сосланæй и уоси дзурд байруагæс æй ‘ма и биццеуи мард еу туппурбæл нимæтбæл фæууагъта, æхуæдæг ба уайун райдæдта, æма е ‘фсæдтæмæ æрахъæрттæй, æма дин етæ ба æнцад бадунцæ, Сос-лани бæрæг хезунцæ. Сослан дæр æ рæдуд бæргæ ралæдæрдтæй æма ма бæргæ фæффæстæмæ ‘й, ‘ма и биццеуи мардæй баййафта: Сирдон ибæл марди сикъит бакалдта.
Уомæй е ‘нгъæл базудта æма Сослан е ‘фсæдтæ рарвиста, æхуæдæг ба еу гал равгарста, æ хурфи дзаумаути ин ракалдта, æма уой хурфи бацудæй амистолæй сосæни астæу. Уотемæй Гори федари донхæссæни хъуми билæбæл æхе нихъхъан кодта. Гали мард ибæл никкæлмæ ‘й. Дондзау уоститæ ‘ймæ ку æрхъæртиуонцæ, уæд ин кусинттæй æ дæндæгутæ ниххуаи-уонцæ, азуймаги лæхтæ фæххуæрæ, ду махæн берæ зинтæ фæууинун кодтай, зæгъгæ.
Сослан и донгон мардæй байзадæй еу гали марди буни ‘ма ‘й кæлмитæ бахуардтонцæ, зæгъгæ, Гори федари ратаус æй.
Агунда ‘ма æй Елæхсæрдтон дæр фегъустонцæ. Уæд Агунда загъта æ фидæн:
– Ба ‘й бæрæг кæнай, цума ‘цæгæй Сослан æй!
Е дæр ибæл фæттург кодта:
– Ду æй бабæрæг кæнæ, налат силæ, алли зинтæ дæу туххæй фæккодта ‘ма æй æз ба нæ бæрæг кæнун!
– Гъæй-гъæй, æ мардæй уой бæрцæ кæмæн тæрсис, уомæн е ‘гасæй ба кунæг нæ тарстæ æма уой бæрцæ хуарз ка адтæй, уомæн ба мæ дæттун гъудæй, – зæгъгæ, ‘ма имæ нецибал исдзурдта.
Елæхсæрдтон дæр æнцад кæми адтайдæ æма и мардмæ рарвиста: – Цотæ æма ухст сурх-зинг искæнтæ æма ин уой е ‘скъелти исцæветæ! И ухст æ уæрагисæрæй ку искæса æма ку нæ фезмæла, уæд рамардæй, æндæра ми уой рамæлæт нæ байруагæс уодзæнæй.
Ниййимæ цудæнцæ æма син Елæхсæрдтон куд загъта, уотæ бакодтонцæ. Сослан дæр æхе ниффедар кодта ‘ма æгас адтæй, уой не сбæрæг кодта. Ке рарвиста, етæ исæздахтæнцæ Елæх-сæрдтонмæ æма радзурдтонцæ, куд фæууидтонцæ, уой.
Елæхсæрдтон ба син загъта:
– Ракæнайтæ-ра и ухст!
Ухст имæ равардтонцæ, е дæр имæ исæсмуста æма загъта, и Хуцауи æлгъистæ ма æгас æй, æнæдзурдæн мæлæт нæййес, зæгъгæ. Е ци хард фæккастæй Агундамæ æма æ дууæ уорс цонги фæстæмæ бакодта, уотемæй имæ идардæй мæрдæгъдау æма гъарæнгæгæнгæ бацудæй:
– Уæ, мæгурдæр фæууай, Сослан! Ци гъезæмарæй рамардтæ! Уой дин ку зудтайнæ, уæд дæмæ цогæ дони дæр мæхе бæргæ багæлстайнæ! Уотæ æгадæй рамæлунмæ æвгъайуаг дин бæргæ адтæй!
Æма имæ уотемæй хуайгæй бацудæй æма ибæл æ къох баивардта. Сослан дæр æхе ниффедар кодта æма æзмæлгæ дæр не скодта. Кизгæ Агунда ку æрбахъæрттæй, уæд Елæхсæрдтон рацудæй Сослани мардмæ. Е дæр æй æхемæ цæун æрбауагъта, фал имæ æнхæст нæ фæллæудтæй. Ку æрбахæстæг æй, уæд имæ нæбал фæллæудтæй æма имæ рагæпп кодта. Елæхсæрдтон дæр ралигъдæй. Сослан æй сорун райдæдта æма, Елæхсæрдтонæн дæр Гори федари дуари æ сæрæн æ рацæвун, Сослан дæр æй уотæ баййафта æма ин церхъæй æ сæри кæхцæ фæххаун кодта. Уотемæй фæммедæгдуар æй æма дуæрттæ æхебæл исæхгæдта.
Елæхсæрдтонæн Курд-Алæгон æ сæрæн æрхийæй кæхцæ искодта æма уотемæй цардæй.
Еу хатт ба æй Сослан еу æнæдон будури иссердта ‘ма æй ра- мардта.
СОСЛАН ÆМА ТОТРАЗИ ФУРТ АЛИБЕГ
Сослан уæлвæндагæй фонсгæнæг адтæй, дæлвæндагæй – фонсамондгун.
Еу хатт Сослан цауæни фæццудæй, фæххаттæй æма некæми неци иссердта. Еу бон кæми адтæй, уоми ба Бестауи бæрзондмæ исхизтæй ‘ма уордигæй Хъуми будурмæ фæккастæй. Кæсуй ‘ма дин уоми ба еу цидæр сау æндарг зиннуй, æ фæсте ба саугæнгæ готон ауæдзау цæуй. Сослан имæ берæ фæккастæй, ци уодзæнæй, цума, зæгъгæ, уæдта имæ цæун райдæдта ‘ма имæ нихъхъæрттæй, ‘ма дин е ба лæг, æ бæхи рагъи хусгæ цæуй, æ бæхарцæ ба зæнхæбæл ласуй, ‘ма ‘й готон ауæдзи бæрцæ къахгæ цæуй.
Сослан имæ æхе æрискъардта, фонс мин Хуцау æрхаста, зæгъгæ, æ церхъ фелваста, ни ‘й сихъ ласта ‘ма фæстæмæ фесхъиудтæй. Еу ма имæ æхе æрхатта, сагъадахъ ин æ тæрнихмæ исаразта, ис ибæл æй уагъта ‘ма ин е ба æ тæрних еу минкъий бацъæрæмухст кодта, – аци дзингатæ ба мæ хуссун ку нæбал ниууадздзæнæнцæ, зæгъгæ, ‘ма ракастæй.
Сослан дæр хуарзау нæбал адтæй.
И лæг æ бæх æрбамбурдтæ кодта ‘ма искъуæрдта Сослани бæхи æ синæкæй. Сослан æ бæхæй фесхъиудтæй ‘ма æ усхъæй кæсгон хумæ ‘ндæргъцæ ханхæгæнгæ рацудæй.
Дæргъцæ заманати, уæдта æхе барæвдзитæ кодта. И бæхгин дæр æ нахæтбосæй æ бæхарцæ раихалдта ‘ма ‘й Сосланæн æ саргъæй е ‘фтауги астæу рацавта, ‘ма ‘й æ фæсабæрцæмæ æрбайста, – мæнæ мин Хуцау цæхуæн хуæнхаг цъеу равардта, зæгъгæ.
Сослан дæр имæ æ кæлмон æвзаг исласта, лигъзтæ кæнун ин райдæдта ‘ма ‘й зæнхæмæ æруагъта.
Кæрæдзей рафæрсæ-бафæрсæ кæнун раидæдтонцæ ‘ма кæрæдзей æрзудтонцæ: «Мадта ду ба, æз рагæй ке агурдтон, е ку дæ, – зæгъгæ, ин загъта Тотрази фурт Алибег. – Кæд ду Сослан дæ, уæдта мин ме ‘хсæз æнсувæри ду ку бахуардтай ‘ма дин нур ба æнæ рамарун нæбал ес!»
Сослан корун райдæдта, – нæ хæдзарæмæ мæ рауадзæ, уоми ма мæ цидæр гъуддæгтæ адтæй ‘ма уони бакæнон, уоститæ ескæбæл бафæдзæхсон, уæдта дин Нарти уасхæ дæттун, къуæрей бони Уæрп-пи буни Хæрани туппурбæл дæ размæ куд рацæудзæнæн, уобæл.
Рагæнттæ сæ дзурдæн æцæг адтæнцæ ‘ма ибæл Тотрази фурт Алибег баууæндтæй, ра ‘й уагъта ‘ма си алке æ хæдзарæмæ рандæ ‘й. Сослан уонтæбæрзонд æма сæргубурæй Æхсийнæмæ исмедæг æй ‘ма ин æрдзубандитæ кодта, Алибегæн уасхæ куд равардта, уой. Æхсийнæ дæр ин загъта: «Хуцауи ку фæндæуа, уæд дин е неци кæндзæнæй: цæугæ ‘ма мæмæ берæгъдзæрттæй кæрцхуар æрхъæртун кæнæ, уæдта Хуцауи ка фæндæуа, е уодзæнæй».
Сослан дæр Терки синдзæмæ ниццудæй ‘ма уоми дуйней берæгътæ ниццагъта; ис сæ хаста Æхсийнæмæ. Е дæр ин си къуæрей бонмæ кæрцæ ракодта.
Се ‘нгъуди бон ку æрхъæрттæй, уæдта ин Æхсийнæ æ бæхи барцæбæл сæдæ мури æма сæдæ хъудаси ниббаста: берæгъдзар кæрцæ ин усхъунмæ искæнун кодта ‘ма ин бафæдзахста: «Цогæ, Хæрани туппурмæ ду бараздæр уодзæнæ ‘ма дæ бæх исуадзæ; дæхуæдæг ба уоми Алибеги æрбацæунмæ дæ гъос дарæ, æз ба мæхе мегъи цъопп фестун кæндзæнæн ‘ма дæ ниййаууон кæндзæнæн. Алибег ку ‘рба- цæуа, уæд дæмæ гъæр кæндзæнæй: «Сослан, кæми дæ?» – Æртæ хатти имæ маци исдзорæ; е ‘рух ку раздаха æ хæдзарæрдæмæ, уæдта дæ бæхбæл бадуни кой кæнæ ‘ма дæ лæгигъæдæ ‘ма дæхуæдæг, ма ибæл байауæрдæ!»
Сослан дæр, Æхсийнæ ин куд фæййамудта, уотæ бакодта. Уа-лæнги Тотрази фурт Алибег æрбахъæрттæй ‘ма гъæр кæнуй: «Сос-лан, кæми дæ? Де ‘нгъуд ма басайæ!»
Ку неци имæ дзурдта, уæдта æ бæхи къембур ракъуæрдта: «Мадта дæ уасхæ дæ фæсте æфтуд фæууæд», – зæгъгæ, ‘ма æ хæдзарæрдæмæ е ‘рух рахатта. Сослан дæр æ бæхбæл æхе багæлста ‘ма имæ дзоруй: «Мæнæ дæн, дæ уасхæ ма фæссайæ, ба мæ хезæ!»
Алибеги бæхæн берæгъдзари æсмаг æ фиййи иссудæй ‘ма ‘й тæнти райста, уой хæццæ ба ма ибæл сæдæ мури ‘ма сæдæ хъудаси фæйнæ ‘взагемæй дзæгъал-мугъултæй уастонцæ, ‘ма и бæх тегъ-те-гъай хаудтæй, бæстæ ‘нгæрон нæбал цудæй, уорамун нæбал кумдта. Тотрази фурт Алибег дæр ин фиццаг е ‘донæ æрбатудта, уæдта ин æ гъостæ ‘ма ин æ барцæ æрбастигъта. Уæддæр ин ку нæ лæудтæй, уæдта ин æ бæрзæй æрбасаста ‘ма и бæх æ буни æрмардæй.
Уæдмæ ба ин Сослан фатæй исидзаг кодта æ фæсонтæ ‘ма е æхуæдæг дæр рамардæй. Æ тонаутæ ин бæхбæл æрцурхта ‘ма уотемæй устур надмæ æрцудæй. Уоми ба еу лæг дууадæс хъадиребæл сог хаста Тотрази фуртæн.
Алибеги ихуæрст æй, уой ку æрзудта Сослан, уæдта ин загъта: – Цогæ Урундухъ-æфсийнæмæ ‘ма ин зæгъæ: «Дæ хуæрзæнго-рæггаг мæн, дæ фурт Сослани рамардта ‘ма дæ саутæ есунмæ хист цæттæ кæнæ, зæгъгæ, а хæрсæнтæ ба мæ барæ уадзæ!»
И лæг хъадиртæ Сослани рази фæууагъта, уайун райдæдта, Урундухъ-æфсийнæмæ нихъхъæрттæй ‘ма ин рахабар кодта æ нистауæн. – Уæд дæ хæрсæнтæ ба кæми ‘нцæ, – зæгъгæ ‘й, рафарста Урундухъ-æфсийнæ.
– Дæумæ хуæрзæнгорæггаги ка цудæй, еци лæгæн æ бæх бастадæй ‘ма сæ е æрбатæруй сабурæй.
Ци хузæн лæг адтæй, зæгъгæ, бабæй æй фæрсуй Урундухъ-æфсийнæ. Е ба ин загъта: «Уонтæбæрзонд, сæргубур, къуппæтæрних, харадзаст, æ еу уонæбæл киунугфинст, е ‘ннебæл – дзиуарæ; æ уонти астæу сайнæг æстъалу, урух хъæстæ лæг, минкъий бор аласабæл бадтæй».
– Мадта мæ арт бауазал æй: е Сослан æхуæдæг ку адтæй ‘ма бабæй мин мæ еунæги дæр бахуардта, – зæгъгæ, ‘ма нигъгъарæнгæ кодта.
И лæг дæр хуарзау нæбал адтæй ‘ма æ байвæд фæффæстæмæ ‘й. Надмæ рауадæй ‘ма кæми бæхгин, ‘ма кæми хъадир! Сослан сæ æ хæдзарæмæ ниффардæг кодта.
Адæм фæффæдеси æнцæ ‘ма син Урундухъ-æфсийнæ загъта:
– Мæ фурттæй фæстегæй цæф некæд неке адтæй: амæн ба разæй цæфæй мæлæн н’ адтæй. ‘Ма ‘й фæууинетæ, кæд фæстегæй цæф уа, уæд хъæрабугъа адтæй, ‘ма ‘й уоми байвæретæ: уæлмæрдти баи-вæрун аккаг ин нæ ‘й. На ма кæд разæй цæф уа, уæдта хъазауати мард фæцæй ‘ма ‘й æрхæссетæ е ‘рвадтæлти размæ, ‘ма ‘й уони рæнгъæбæл баивæретæ!
Фæдес фæццудæй ‘ма ин æ бæхи мард ку фæууидта, уæдта ‘й фулдæретæ базудтонцæ, бæхи фидбилиз ибæл ке сæмбалдæй, уой, ‘ма ‘й сæ уæлмæрдтæмæ æрхастонцæ. Уоми ба ‘й цитгинæй баивардтонцæ.
Нарти нæртон адæм, еу кæми адтæй, уоми рацудæнцæ хæтунмæ æмбурдæй: Орæзмæг, Хæмиц, Сослан, Уон, Сирдон æма Батраз. Ци фæццудæнцæ, ка ‘й зонуй, уæдта еу тæгæрсари æрбунат кодтонцæ. Сæгтæ æруæзтæй цæгъдунцæ.
Сослан зæгъуй:
– Цæй, Тари ком ма бабæрæг кæнæн.
Коми бацудæнцæ еу сахат. Уоми адтæй мæрдзæстæ æрдозæ. Æрдози астæу ба – хъæзæ. Хъæзгæрон æрдози – хæрнæгътæ, адæймаги æма аллихузон. Æврагъ сæбæл æрцудæй. Æхсæземæй сæри хъаболи бацудæнцæ. Ехæврагъ раевгъудæй. Сæрæй зæлдæмæ рахизтæнцæ. Сослан дзоруй:
– Мæ хестæртæ, ами дессаг цидæртæ ку ес. Листæг сæмæ æркæсетæ.
Сослан сæмæ фæффест кодта. Бæхти истгутæ хецæнæй æрцурх-та. Лæги истгутæ дæр рахецæн кодта, куд адтæнцæ, уотæ сæ æрсагъта. Хуййи истгутæ дæр рахецæн кодта. Дууæ егарей истгутæ дæр рахецæн кодта. Æма дзоруй Сослан:
– Æз Хуцауæй гъенур кордзæнæн, аци дессæгтæ сæ дзамани куд адтæнцæ, уобæл. – Æма ‘ймæ фæйнердиги дзорунцæ:
– Еугурæй нæ нецæмæн гъæунцæ.
Æма сæмæ уæддæр нæ байгъуста: «Аци лæги дессаг æнæ фæу-уинун нæййес», – æма загъта:
– А, хуцаути мæхе Хуцау, аци адæймаг, æ дзамани куд адтæй, уотæ ци феста, цæститæ ба `йбæл ци нæ уа! – æма æ буйнаг цъæфсæ фелваста, уомæй æй æртæ дауди æркодта. Ци адтæй, уомæй æндагъддæр фестадæй. Рабадтæй `ма нибберигътитæ кодта. Фæйнердигæй дес кæнунцæ, алæмæттæ. Дзоруй сæмæ:
– Ци айтæ, циуавæр айтæ?
Æма `ймæ дзорунцæ:
– Мах ба ан адæм.
– Циуавæр адæми муггаг айтæ? – сæмæ дзоруй.
– Мах ба ан Нарти адæм.
Æма сæмæ дзоруй:
– Нарти зонгæ номдзуд адæм сумах айтæ?
Етæ дæр зæгъунцæ:
– Мах ан.
– Мадта Орæзмæг дæр ами `й, Хæмиц дæр ами `й, Сослан дæр ами `й, Сирдон дæр ами `й, Уон дæр æма Батраз дæр?
Дзорунцæ `ймæ фæйнердигæй: «Цæмæй нæ зонис?»
Е дæр сæмæ дзоруй:
– Нæ фиддæлтæй игъосгæ æрцудтæн: «Нарти адæм æнтæсдзæнæй, цæрдзæнæнцæ берæ рауæнти. Æскъуæлхт адæм сæмæ уодзæнæй, етæ ба фæйнæхуземæй æнтæсдзæнæнцæ».
Гъема е `ндæргъцæ исистадæй. Дзоруй сæмæ:
– Уæхе мин фæууинун кæнетæ.
Сослан дзоруй:
– Мах лæгтæ еудзæфон ан `ма уомæн гæнæн нæбал ес.
– Уæддæр мæмæ дæ къох æрхæссæ. Дæ бауæрбæл дин бамбæлон. Сослан имæ разæй банæхстæр æй `ма `й æ коми тулфæй фæстæмæ рагæлдзидæ. Æма `ймæ дзоруй:
– Ци фæддæ? – æ къох имæ даруй.
Æма `ймæ Сослан дзоруй:
– Дæ ком мард æсмаг кæнуй `ма дæмæ нæ бухсун.
Дзоруй имæ:
-Мадта мæмæ къилдунæрдигæй æрбацо.
Æ къох имæ равардта фæстети, къилдунæрдигæй. Æма ин æ цонги гъолтæ, е `уæнгтæ ин рауидта. Æма `ймæ дзоруй:
– Де `уæнгти ку неци ес, ци листæг кæндтитæ дæ. Фал дæ фæлдесонд ба æндæрхузи `й.
Сослани фæрсуй:
– Уæ цард цæмæй æй? Цæмæй цæретæ?
Æма `ймæ дзоруй:
– Нартихуари кæрдзин `ма сирди фидæй.
Æма загъта:
– Мадта уе `сæфт ку æрцудæй.
Дзоруй сæмæ:
– Мадта уæмæ зинг ес?
– Ес нæмæ.
Сослан ба ‘ймæ дзоруй:
– Мадта сумах цард ба куд адтæй?
– Мах цард ба адтæй зæнхи сойнæй, сирди фид æма æндæр уæхæнттæй. Махæн арт, зинг н’ адтæй, фал ин æ хабар ба игъустан: «Зинг æнтæсдзæнæй!»
Сослан имæ дзоруй:
– Зæнхи сойнæй кутемæй цардайтæ?
Æ цонг фæффест кодта ‘ма ‘й зæнхи рауагъта е усхъи уалдæнгæ, ‘ма сикъит æ къохидзаг исиста, ‘ма сæмæ дзоруй:
– Гъенур уæ армитъæпæнтæ æрбадаретæ.
Сослан æ къох бадардта æма ин æ армитъæпæнтæ райдзаг кодта, ‘ма ‘ймæ дзоруй:
– Гъенур уой бастæрай.
Ба ‘й æстардта ‘ма ин нард фидау æ зæрдæ ниццавта. Æма ‘ймæ дзоруй:
– Гъенур дæу хуæрун нæбал гъæуй æстæмæй-астмæ, дон ма ку баниуазай, æндæра.
Сослан дзоруй:
– Ардæмæ кутемæй æрæфтудтæ, ами дессæгтæ ку ес?
– Ами адтæй сæйгæ нæл, æ хабар цудæй æма ‘ймæ æрбацæуи-уонцæ, ‘ма сæ бахуæридæ. Уомæ гæсгæ æз дæр æрбацудтæн, – мæ бæхбæл рабадтæн ‘ма мæ егæртти хæццæ. Егæрттæ мæбæл æй раскъæрæн кодтонцæ хъæзæй. Æма мин мæ бæхи ратъæпп ласта ‘ма æрхъан æй, ‘ма егæрттæ дæр фæйнердæмæ рагæлста. Еунæг цæф æй никкодтон изазнæй. Уæдта мин мæхе зæнгитæ дæр ра-къуæрдта. Фæрсæй ма ин е ‘уæнгтæ басастон мæ къохæй. Гъеууотемæй ами æрдæрæн дæн. Е ба уин мæ хабар.
Сослан имæ дзоруй:
– Мадта лæг куд мариайтæ, сирд, уой нин байамонæ.
Æма ‘ймæ уæйуг дзоруй:
– Уæртæ идæрдтæ бацæуай.
Дор исиста, дзæбæх тугул дор ‘ма ‘ймæ дзоруй:
– Кæми дæ?
Фæййимæ дзурдта:
– Мæнæ дæн.
Кæцæй дзурдта, уордæмæ ‘й фехста. Дзоруй имæ:
– Ци фæддæ? Нæ дæбæл рауадæй?
Æма ‘ймæ дзоруй:
– Нæ мæбæл рауадæй, мæхе фæттилеф кодтон.
Дзоруй имæ:
– Мадта мах еци тилефæн неци зудтан. Тилеф бабæй ци ‘й? Уæдта бабæй æд къуала бæласæ истудта ‘ма ‘й уомæй фехста. Дзоруй имæ:
– Ци фæддæ, нур дæр нæма нимморæ дæ?
Е дæр имæ дзоруй:
– Мæ фалдзос дæр не ‘рцудæй, мæхе фæттилеф кодтон.
Æма сæмæ дзоруй:
– Мах тилефæн неци зудтан. Сумах сайтантæ цидæр айтæ ‘ма мæ ниууагътæ, корун уи, ‘ма мæ уомæй фулдæр мабал мæстæй маретæ. Сослан имæ бацудæй буйнаг цъæфси хæццæ ‘ма искувта:
– Кутемæй дæ иссердтон, ецихузи фестæ!
Æма ‘й буйнагин цъæфсæй æртæ дауди æркодта, ‘ма, куд адтæй, уотæ хæрнæгътæ фестадæй.
Баздахтæнцæ ‘ма ‘йбæл туппур искодтонцæ, ни ‘й æмбарзтонцæ. Ранæхстæр æнцæ сæхемæ, сæ сирди мæрдтæй уæргътæ искодтонцæ, уотемæй æрцудæнцæ сæ хæдзæрттæмæ ‘ма байзадæнцæ цæргæ-хуæргæ, алæмæттæ хастонцæ.
Нарти Сослан будурмæ бæхбæл рацудæй. Надбæл еу сундакъи къубулойнæ æ размæ фæцæй, æма Сослан, а бабæй ци ‘й, еу минкъий си хæссон, зæгъгæ, æ къохбæл нивæндун байдæдта æма ‘й берæ фæнниванс-та, фал къубулойнæ нæ минкъийдæр кодта. Уæд Сос-лан бадес кодта æма, къубулойнæ уæлдай минкъийдæр ку нæ кодта, уæд æй ниууагъта.
Цæунтæ райдæдта æма еу хурдзинтæмæ бахъæрттæй. Мæнæ цæхæн хурдзинтæ, зæгъгæ, ‘ма сæмæ æхси дудагъæй равналдта, æма æхси гъæдæ расастæй. Мæнæ дессаг, зæгъгæ, ралæуирдта æма хурдзинбæл исхуæстæй, æма ин не скундта. Æ дууæ къохемæй ибæл исхуæстæй æма æ уæраги сæртæй дæлæмæ зæнхи ранæхстæй, æзмæлун дæр ин нæ бакумдта. Ниссæ уагъта.
Цæун бабæй райдæдта æма еу тургъæмæ бацудæй. Тургъи ас-тæу ба еу устур гацца хустæй, æ хурфæй къæбистæ рæйдтæнцæ. Сослан фæттарстæй, æ хурфæй къæбистæ кæмæн рæйунцæ, е æхуæдæг ку ‘ригъал уа, уæд мæ бахуæрдзæнæй, зæгъгæ, æма æ бæх бæхбæттæнбæл ниббаста, æхуæдæгка еу авармæ бацудæй. Авари æнæсæр кизгæ лæудтæй. Дуйнебæл уомæй рæсугъддæр, гургиндæр зæнхæбæл силæ н’ адтæй æма Сослан дес кодта: «Хъæбæр берæ ку фæххаттæн æма æнæсæр кизгæ ку некæд фæййидтон».
Авари фæндуртæ адтæй æма Сослан фæндур æрбайста, æма кизги сæргинæй рауидта, æма ниддес æй: «Нуртæккæ ами æнæсæр кизгæ ку адтæй æма ци æрбацæй!»
Фæндур цæгъдун байдæдта, кизгæ дæр кафун байдæдта, уотемæй берæ фæккафтонцæ. Ку ниссабур æнцæ, уæд Сослан ра-дзубанди кодта, аци бон дессæгтæ фæййидтон, зæгъгæ: «Надбæл цудтæн æма мæ размæ сундакъи къубулойнæ фæцæй, æма ‘й ни-вæндун байдæдтон. Берæ ‘й фæнниванстон æма мин уæлдай минкъийдæр нæ кодта, æма ‘й ниууагътон. Уордиги ку рацудтæн, уæд еу хурдзин мæ размæ фæцæй æма имæ ме ‘хси дудагъæй равналдтон, æма мин не скундта. Ме ‘цæгæй ибæл исхуæстæн æма мæ уæраги сæртæмæ зæнхи ранæхстæн, æма ‘й уæдта ниууагътон. Мæнæ тургъæмæ æрбацудтæн æма мæбæл гаццай хурфæй къæбистæ рæйдтæнцæ. Ардæмæ æрбацудтæн æма æнæсæр кизгæ фæууидтон. Е дæр цидæр фæцæй».
Уæд ин кизгæ дзоруй: «Еци сундакъи къубулойнæ дуйней барæн æй æма кæд дуйней рабардзæнæ, уæд е дæр ниванст фæууодзæнæй. Хурдзин ба дуйней æмуæз æй æма кæд дуйней исесдзæнæ, уæд уой дæр исфæраздзæнæ. Гацца ба уой бæрæггæнæн адтæй æма, куд фæстæмæ, адæм сæ мади хурфæй унафæ кæндзæнæнцæ. Æнæсæр кизгæ ба æз адтæн, дæ амонд, æма, цалдæн ду æрбацудайсæ, уалинмæ мин сæр дзурд нæ адтæй».
Кизгæн æ уиндæ, æ кондæн н’ адтæй. Бæсти хуарз адтæй, дуйнебæл уомæй рæсугъддæр н’ адтæй. Бафедудтонцæ еци рауæн æма ‘й рахудта Сослан, æма хуарзæй фæццардæнцæ.
Сослан еу къуар анзей фæсте, цид, цæуидæ афæй балци æма, еу кæми адтæй, уоми бабæй æ афæй балци цæун ку æрхъæрттæй, уæд рабадтæй æ бæхбæл, æма рандæ ‘й. Сæхемæ ба ма ниууагъта айдагъ æ зæронд мади. Сослан афæй балци ку рандæ ‘й, уæд Нарти адæм загътонцæ: «Мадта нур мах цæмæй фæрресун кæнæн Сос-лани зæрдæ, уæхæн ма смадзал кæнæн; æнгъæлдæн бабæй æ афæй балци рандæ ‘й æма ин уæд мах ба æ мади, ка æрцæуа, еци сабати цæрдуодæй ниггæлдзæн зиндонæмæ».
Уотемæй еугурæй дæр исфæндæ кодтонцæ Сослани мади цæрд-уодæй дзахани-маханмæ ниггæлдзунбæл.
Сослани мадæ уой ку фегъуста, уæд кæунтæ æма дзиназунтæ байдæдта: «Мадта мин нур мæ фуртмæ, Сосланмæ, æ афæй балци бунатмæ ка фæццæуа æма мин уомæн ка фегъосун кæна!»
Уотемæй æртæ цæхгун къерей ракодта. Гъæуи фæсте еу æстур цъæх дор адтæй æма имæ уайун байдæдта. Ку имæ нихъхъæрттæй, уæдта æ сæрбæл исбадтæй æма, æртæ цæхгун къерей æ размæ тæбæгъи ниввæргæй, Хуцаумæ ковун байдæдта: «Йа, хуцаути мæхе Хуцау! Мадта мин мæ сæрти еу маргъ уæхæн æртæхун кæнæ, æма мин мæ фурт Сосланмæ æ афæй балци бунатмæ ка фæццæуа!»
Æма ма е уотæ ку кувта, уæд æ сæрти еу хъæрццигъа æрбатахтæй, æма уой куддæр рауидта, уотæ ба имæ дзоруй Сослани мадæ дæр: «Уæртæ хъæрццигъа! Дæ хуарзæнхæ мин Хуцау раттæд æма мин мæ фурт Сослани афæй балци бунатмæ фæццо, æма ин фегъосун кæнæ, – Нарти адæм дин дæ мадæбæл цæрдуодæй дзахан-маханмæ гæлдзуни унафæ искодтонцæ æма, кæд лæг дæ, уæд марауадзæ, сабати æй гæлдздзæнæнцæ».
– Фуддæр-фудтæ дæр дæбæл ку цæуидæ, дæ фурт Сослан алли адагæ фидидзагæй ку дардта æма æза, уотид ке рагæлдзидæ, еци фиди хунтæбæл ку бабадинæ, уæддæр ма мæ æхсгæ ку кæнидæ ‘ма мæ, цид, ку нæ уадзидæ, – цума ‘й игъосгæ дæр нæ фæккодта, уоййау æ сæрти ратахтæй.
Е дæр бабæй кæунтæ æма дзиназунтæ байдæдта, цалдæнмæ бабæй æ сæрти еу халон æртахтæй æма уой хæццæ дзубанди кæнунмæ фæссабур æй; фал ин е дæр хъæрццигъай хузæн разагъта æма ‘й уоми кæугæ ниууагъта.
Кæунтæ æма бабæй дзиназунтæ байдæдта:
– Хуцау! Мадта ма мæнæй мæгурдæр ескæми ес, еу фæххуæцæг кæмæн нæ ес?
Уæдта еу минкъий сахати фæсте æ рæзти еу зæрбатуг æрбатахтæй æма уой куддæр рауидта, уотæ и уосæ к’ адтæй, уомæн æ зæрдæ фæффедардæр æй æма имæ дзоруй:
– Адæмлимæн, сагелдумæг зæрбатуг! Дæ хуарзæнхæ мин Хуцау раттæд æма мин мæ фурт Сосланмæ æ афæй балци бунатмæ фæццо, æма ин зæгъæ, дæ еунæг мади дин, Сослан, Нарти адæм сабати цæрдуодæй дзахани-маханмæ гæлдзунцæ æма, лæг кæд дæ, уæд æхсæвæ-бонæ ма разæгъæ, æма тагъд уо, кæдимайди ма ‘й, зæгъгæ, уæлæбæл баййафисæ.
– ‘Ма дин фæццæудзæнæн, – загъта зæрбатуг дæр.
– Еу хатт ду къумæлтæ ку фунхтай, мæнæн ба уæ тохонай ас- тъонæ ку адтæй æма мин бæдæлттæ ку адтæй, уотемæй ба сæ уæ тикис тæвдæ фунукмæ ку æргæлста, æма мин сæ ку байстай, æма сæ уæ сау гъоги æхсири ку ниртадтай, уотемæй сæ мæ астъони фæстæмæ ку ниввардтай, уæд дин еци хуарздзийнадæ цæмæй бафеддзæнæн?
– Мадта, ка ‘й зонуй, зинæууæндæ æй, æма дин дæ дзурдтитæбæл ку не ‘ууæнда, уæд мæнæ дæ хъурбæл бакæнæ мæ къохдарæн æма ин æй æ размæ ниггæлдздзæнæ, уæдта уоми финст ес æма ‘й зондзæнæй. Æма ци кæнуй, е дæр хуарз, зæгъгæ, имæ дзоруй зæрбатуг дæр. Е дæр ин æ хъурбæл æ къохдарæн бакодта æма ин загъта: «Нур, æхсæвæ дæр ма разæгъæ, уотемæй тæхæ æма тагъд уо!» – æма зæрбатуг Сосланмæ рандæ ‘й, е ба фæстæмæ сæхемæ раздахтæй æма уоми хизта Сослани.
Зæрбатуг дæр, Сослан æхсæвæр хуæрæнти фингæбæл куд исбадтæй, уотæ имæ бахъæрттæй æма, тохонабæл исбадгæй, цъæбар-цъубур кæнун байдæдта.
Сослан дæр фингæмæ нæбал æвналдта, фал имæ сабур бай-гъуста æма уæдта дзоруй: «Дуар ин æрбакæнайтæ еци зæрбатугæн!»
Дуар ин æрбакодтонцæ æма тохонайæй къеламæ æрбатахтæй, æма бабæй цъæбар-цъубур кæнун байдæдта. Сослан дæр зæнхæмæ листæг никкастæй; уоми к’ адтæй, е ‘мбæлттæ, етæ дæр дес кодтонцæ. Уæд Сослан зæрбатугмæ дзоруй:
– Нæ ми æруагæс кæнуй.
Зæрбатуг дæр уой куддæр фегъуста, уотæ ин æ размæ фингæбæл æ мади къохдарæн ниггæлста. Сослан уомæ ку æркастæй, уæд бау- уæндтæй, зæрбатуг ин æцæг ке дзубандитæ кодта, уобæл, æма æ гъæлæсидзаг нимбухта.
Е ‘мбæлттæ дæр æй бафарстонцæ, цæбæл кæуис, зæгъгæ, æма син е дæр радзурдта, зæрбатуг ин цитæ радзурдта, уони. Уæдта æ æртикъахуг бæхбæл, æ тæрнихи ба – еунæг цæстæ, уобæл саргъ февардта æма еци æхсæвигон ранæхстæр æй, сæумæ сабат уодзæнæй, зæгъгæ, уæд.
Бæхæн уæхæн æртæ цæфи никкодта е ‘хсæй, ‘ма æ тæнæй æртæ уафсхуари исхаудтæй, æ къохæй ба æртæ тъаффæхуари: бæх уадæнуад ‘ма мегъæндзо кæнун байдæдта.
Фал ин æ мади е ‘рбацудмæ Нарти адæм ниггæлстонцæ æма Сослан дæр, æ мади ку нæбал баййафта, уæд Нарти адæми еуæрдæмæ гъæунгтæгæнгæ рацæуидæ, иннердæмæ ба сæ æ æхсаргардæй цæгъдгæ рацæуидæ, уотемæй, цалдæнмæ бауæгæ ‘й, уалдæнмæ сæ фæццагъта. Ку бауæгæ ‘й, уæдта сæхемæ рандæ ‘й æма æ бæхæй саргъ исис- та, æхуæдæг ба медæгæй æхебæл дуæрттæ исæхгæдта æма, æнæ æндæмæ рацæугæй, уоми кудтæй æхсæвæ дæр æма бонæ дæр. Æ лимæнтæй ин еу уой ку базудта, уæд имæ рандæ ‘й æма имæ дзурд-та, Сослан, ами дæ, зæгъгæ. Фал имæ Сослан хъипп дæр не скодта.
Уæдта бабæй имæ нæуæгæй дзоруй:
– Сослан, рацо мæ хæццæ, æз ба дæ мæрдти Барастæрмæ фæххонон, кæдимайди ба дæ æхемæ бауадзидæ æма дин дæ мади, ракоргæй, ести мадзалæй рауадзидæ.
Сослан дæр уой ку фегъуста, уæд имæ æндæмæ рацудæй æма ин загъта:
– Æй, æма мин уой мадзал ку искæнисæ, уæдта дин еци хуарз бæргæ некæд феронх уинæ, – æма дууемæй дæр рабадтæнцæ бæхтæбæл æма рандæ ‘нцæ мæрдти Барастæрмæ корунмæ.
Ку бахъæрттæнцæ дуармæ, уæд Сослан дуар бахуаста медæгмæ, æна, дуар мин байгон кæнай, зæгъгæ. Барастæр ба имæ æндæмæ радзурдта: «Сослан ке дæ, уой дæ зонун æма цæмæн цæуис, уой дæр; фал ин нæбал ес гæнæн еци гъуддагæн, еунæг гъуддаг ма ин ес: кæд, дæ бæхбæл цал æрдой ес, уал зилди æркæнай хорæфтудмæ дзахан-маханбæл, уæд дин æй дæ бæрагæ дæттун æма ‘й исесæ уордигкæй, æма ‘й хæссæ дæ хæццæ».
Сослан дæр æ бæхбæл фæббадтæй æма, хор лæдзгутæ куд æр- уагъта, уотемæй ибæл, æ бæхбæл цал æрдой адтæй, уал зилди ракодта, уæдта ма зиндонæмæ ниллæууирдта, æма æ мади æ къохти фелваста, иннетæй ба ма бæхи думæг кæбæлдæр хъæрттæй, уони дæр ма æ хæццæ фæууæлбилæ кодта, уотемæй Барастæрæн райарфæ кодта æма рацудæй е ‘мбал æма æ мади хæццæ, æма уомæй æндæмæ бабæй цæрунтæ æма хуæрунтæ байдæдтонцæ.
НАРТИ СОСЛАН УОДÆГАСÆЙ МÆРДТИ КУД АДТÆЙ
Нарти Сослан, еу бон кæми адтæй, уоми цауæни рацудæй. Берæ фæххаттæй æма нецæбæл исæмбалдæй. Уæд Хуцаумæ искувта ‘ма загъта: «А, Хуцау, æдта абони уæнгæ мæ берæ ку уарзтай æма мæ æгадæ ку некæд кодтай, нур ба а цæмæн уотæ ‘й, нур ба ди корун, æма, цæмæй Нарти астæумæ ревæдæй нæ иссæуон, уотæ».
Сослан фæссагъæс кодта, уæдта баунафæ кодта, Сау хонхи федæрттæ ма бабæрæг кæнон, зæгъгæ. Сау хонхи федæртти бæрзæндтæмæ ку схизтæй, уæд цæстгæсæнæй ракастæй æма дуйнебæл сирди муггаг некæми зиндтæй, фал коми ба дæлæмæ ниу-уидта уæргъуни асæ мегъи цъопп. Мегъи цъопп коми исхæлеу æй æма сау хонхи дæр æримбарзта. Сосланбæл еци мегъæ уотæ æрталингæ кодта æма, æ къæхтæмæ ку æркæсидæ, уæд сæ нæбал уидта æма загъта: – А Хуцау! Кæд ме сæфт не ‘рцудæй, уæд айæ циуавæр мегъæ ‘й, мæ къæхтæ дæр ку нæбал уинун æма, цирдæмæ цæуон, уой ку нæбал зонун.
Берæ фæссагъæс кодта Сослан, уæдта загъта æхецæн:
– Цæй, комæрдæмæ урдугмæ цæуон æма кæд еу риндзæбæл исæмбæлинæ.
Комæрдæмæ урдугмæ цæун райдæдта ‘ма, кæми æргуридæ, кæми рахауидæ, кæми ба цæун райдаидæ, уотемæй коми донмæ æрхъæрттæй. Дони билæбæл еу къахнад рауидта, донмæ ниххизтæй ‘ма си æ къох ниццавта, дон цирдæмæ уайуй, уой базонуни туххæй. Дон цирдæмæ уадæй, ецирдæмæ дони билтæбæл къахнадбæл Сослан цæун райдæдта ‘ма загъта æхе меднимæр: «Аци къахнадбæл коми урдугмæ цæудзæнæн æма мæ кæд еу дуйнебæл исæмбæлун кæнидæ».
Цæйбæрцæ фæццудæй, Хуцау зонуй, уæдта надбæл еу рауæн æрбадтæй, æ хуаллæгутæ исиста ‘ма сæ бахуардта. Æхе ку рафсаста, уæд бабæй е ‘ндурæ ‘ма æ сагъæдахъи фæттæ æ дæлагис бакодта, æ церхъ ба æ фарсбæл, уотемæй бабæй Сослан еу къахнадбæл коми урдугмæ цæун райдæдта. Хъæбæр берæ бæнттæ фæццудæй тар мегъи хурфи, талингæ коми, урдугмæ къахнадбæл, хъæбæр бабæй исæстонг æй æма загъта:
– А, Хуцау! Аци зиндзийнадæ мин цæмæн искодтай? Нарти ас-тæу мæ кой ходуйнагæй байзайдзæнæй, атемæй ку фесæфон, уæд, уæдта истонгæй дæр ку мæлун æма мæ еу дуйнебæл цæмæннæ ис-æмбæлун кæнис?
Никкидæр ма хъæбæр берæ бæнттæ коми фæццудæй, уæдта коми думæгмæ рахъæрттæй æма дуйне фæррохс æй. Ракастæй, æма дин уоми ба дуйней лигъз будуртæ, ниллæг, зæрдæн æхцæуæн, уæдта зæрдæн дзæбæх рохс хор адтæй. Арвмæ ракæститæ кодта æма ибæл хор дæр, æма мæйæ дæр нæ зиндтæй. Сослан хъæбæр фæддес кодта ‘ма загъта: «А, Хуцау! Ци дессаг дуйнемæ мæ бафтудтай? Мæ сувæллонæй ардæмæ кæми нæ фæххаттæн, уæхæн рауæн ку нæбал ниууагътон, уæд атæ ци дессаг рæсугъд будуртæ ‘нцæ? Ани æз ку некæд фæууидтон, истонгæй дæр ку мæлун. Æма кæми ци бахуæрон?»
Еци рæсугъд лигъз будури цæун байдæдта Сослан æма еу цадæмæ нихъхъæрттæй. Цади билæбæл ба авд рæсугъд кизги, хуарз ефтонгæй симдтонцæ. Кизгутти ку рауидта Сослан, уæд æхе меднимæр загъта: «Гъенур ба мин кæд еци кизгуттæ ести бахуæрун кæниуонцæ». Кизгуттæмæ ниццудæй æма сæмæ дзоруй:
– Уæ бон хуарз, хуарз кизгуттæ!
Кизгуттæ дæр имæ дзорунцæ:
– Æгас цо, Нарти Сослан! Уæлæбæл дæр дæ Хуцау берæ уарзта ‘ма дæ мæрдтæмæ дæр, дзенетмæ, дæ цар æма дæ бауæри цауæйнон рæвдзæй æрбауагъта.
Сослан нæрæмон адтæй æма нæбал фæллæудтæй: рæсугъддæр си ци кизгæ адтæй, уой хæццæ симди æрхуæстæй.
Сослан мæрдти, дзенети будури дæр æ фудуагдзийнадæ кæми уагъта ‘ма, семгæ-семгæй, кизги цонг фелхъивта.
И кизгæ дæр имæ дзоруй:
– Сослан! А дзенети будур æй æма ами дæр дæ фудуагдзийнадæ нæ уадзис, уæлæбæл кудтитæ кодтай, ами, дзенети будури, уотитæ гæнæн нæййес, æма дин аци хатт хатир фæууæд, дуккаг хатт ба уотæ ку бакæнай, уæд дин хатир нæбал уодзæнæй.
Сослан нæрæмон кæми н ‘адтæй æма бабæй дуккаг хатт дæр кизги цонг фелхъивта. Дуккаг хатт ма ин æ цонг ку фелхъивта, уæд ин кизгæ нæбал ниххатир кодта, Сосланæн æ базугбæл фæххуæстæй æма ‘й цади астæумæ низзуввутт кодта. Сослан цади сæрбæл æ къабæзтæ берæ фæттилдта, уæдта ‘й дон æ бунмæ раиста. Дони хурфи бунмæ цæй бæрцæ фæццудайдæ, уæдта цади бунмæ рахъæрттæй, уоми бабæй дуйней хуарз будуртæ байгон æй. Еци будури фæццæйцудæй æма еу рауæнмæ нихъхъæрттæй, уоми ба дин дуйней адæм ауигъдтитæй лæудтæнцæ: ка æ къахæй, ка æ цонгæй, ка е ‘взагæй, ка æ хъурæй, сæ буни ба содзгæ дортæ цирен кодтонцæ. Сослан сæбæл хъæбæр фæддес кодта ‘ма сæ бафарста, сæ гъуддаг уотæ цæмæн æй, уобæл. Етæ дæр ин загътонцæ:
– Мах ци бакодтан, уой нæхуæдтæ нæхецæн бакодтан: уæлæбæл лæгъуздзийнæдтæ фæккодтан, нур ба сæ ами ба зиндзийнæдтæй федæн, анз нин кæмæн æртæ бони, кæмæн ба æртæ къуæрей, кæмæн ба фулдæр, ауæхæн зиндзийнадæ бавзарун мæрдти хецауæй тæрхонгонд æй. Уæд сæмæ Сослан дзоруй:
– Хуæруйнагæй ба куд айтæ, æстонгæй ку мæлун æма уæмæ кæд ести ес, уæд мин бахуæрун кæнетæ.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Мах бон нæ ‘й хуæруйнаг райсун нæхецæн дæр, æнæ бафæрсгæй, фал мæнæ аци надбæл цо æма лæг æма уосæмæ нихъхъæртдзæнæ, æма дин етæ байамондзæнæнцæ, кæми бахуæрай, уæхæн рауæн.
Сослан дæр, ци над ин байамудтонцæ, еци надбæл рацудæй æма еу лæг æма уосæмæ æрхъæрттæй: лæг æ гъæлæсæй цæхæртæ ундта, уосæ ба имæ æ къохтæ бадаридæ, сæхуæдтæ ба сæ дууæ дæр нимпулдæнцæ. Уæ бон хуарз, зæгъгæ, сæмæ дзоруй Сослан.
Етæ дæр имæ дзорунцæ:
– Æгас цо, Нарти хуарз Сослан, уæлæбæл дуйнебæл дæр дæ Хуцау берæ уарзта ‘ма дæ мæрдтæмæ дæр дæ цар æма, уотæ, дæ бауæри æрбауагъта, уæдта дин ами дæр хъæбæр хуарз бунат уодзæнæй. Сослан дæр бабæй сæмæ дзоруй:
– Ци дессаг айтæ, ци кодтайтæ? Уæ гъуддаг уотæ лæгъуз цæмæн æй?
Етæ дæр имæ дзорунцæ:
– Нæхе фудæй атæ гъезæмарæ кæнæн, уæлæбæл дуйней бийнонти астæу нæхецæн сосæггæй хецæн хуæруйнæгтæ кодтан ‘ма нур ба еци давддзийнадæ мæрдти аци зиндзийнадæй федæн: анз æртæ бони атæ фæгъгъезæмарæ кæнæн, мæрдти хецау нин гъеууотæ истæрхон кодта. Уæд сæмæ Сослан дзоруй:
– Æз æстонгæй мæлун, кæд уæмæ ести ес бахуæруйнаг, уæд мин раттетæ.
Етæ дæр имæ дзорунцæ:
– Сослан, дæу Хуцау берæ уарзуй æма ма гузавæ кæнæ, ба дæ æфсаддзæнæй, махæн ба нæ бон нæ ‘й нæхецæн райсун дæр, æнæ бафæрсгæй, фал мæнæ уоци надбæл цо, еу уосæмæ нихъхъæртдзæнæ, æма дин ейæ бахуæрун кæндзæнæй.
Ци над ин ниййамудтонцæ, Сослан еци надбæл рацудæй æма еу уосæмæ нихъхъæрттæй. Уосæ сугъзæрийнæ къелабæл бадтæй, сугъзæрийнæ цетенæ æ рази, уæдта алли хуæруйнаги дзæбæхæй æ раз идзагæй лæудтæй. Сослан имæ дзоруй:
– Дæ бон хуарз, дзæбæх уосæ!
Е дæр имæ дзоруй:
– Æгас цо, Нарти хуарз Сослан! Уæлæбæл дуйней дæр дæ Хуцау берæ уарзта, нур ба дæ мæрдтæмæ дæр дæ цар æма дæ бауæри æрбауагъта, уæдта бунат дæр ами, дзенети, дæуæн хуарз ес. Уæд имæ Сослан дзоруй:
– Дæ гъуддаг алцæмæй дæр дæуæн уотæ хуарз цæмæн æй?
Е ба ин загъта:
– Авд лæхъуæни ‘ма мин авд ности адтæй æма се ‘гасей дæр æнхузон уидтон, се ‘гасемæн дæр хуарз адтæн, æма мин етæ дæр хуарз адтæнцæ. Мæ къохи хъæбæр берæ адтæй æма дæттунæй нæ аурстон, æма, кедæр фæллæвардтон, етæ нур ба мæ размæ кæдзосæй лæуунцæ.
Уæд бабæй имæ Сослан дзоруй:
– Мадта æстонгæй мæлун æма мин ести бахуæрун кæнæ.
– Нуртæккæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй, – мæ къохи, Хуцауи фæрци, берæ ес.
Æма ин фингæбæл еу æртæ къæбæри февардта. Сослан фингæмæ кæсуй æма ниссагъæси ‘й, еци æртæ къæбæри мин цæй фагæ ‘нцæ, зæгъгæ. Уосæ ба имæ дзоруй:
– Сослан! Цæбæл сагъæс кæнис? Хуæргæ цæмæннæ кæнис?
Сослан исбадтæй æма хуæрун райдæдта, фингæй еу къæбæр ку исесидæ, уæдта бабæй æ бунати æндæр къæбæр равзуридæ, уотемæй Сослан æхе бафсаста, фингæ ба уæддæр уæлдай ревæддæр нæ фæцæй. Сослан ку бахуардта, уæдта бабæй уосæмæ дзоруй: «Хуарз уосæ, хуæрун дæр мин бакодтай, фал ма ди еу гъуддаг корун: Хуцауæй мин ракорæ, цæмæй уæлæбæл дуйнемæ фæстæмæ исхезон æма цæмæй Нарти астæу мæ кой ходуйнагæй нæ байзайа, Сосланæн, зæгъгæ, æ мард кæми фесавдæй, е дæр нæбал исбæрæг æй».
Уосæ ба ин загъта:
– Мæн бон дæу ракорун нæ ‘й, фал мæнæ аци надбæл иссо ‘ма еу дзæхæрадонæмæ нихъхъæртдзæнæ, е ба уодзæнæй дзенети дзæхæрадонæ, дзæхæрадони бæлæсти буни ба хъæбæр берæ сувæллæнттæ гъазунцæ, гъема, уони бон æй дæу ракорун мæрдти хецауæй.
Сослан еци уосæн райарфæ кодта æма ин е ци над байамудта, еци надбæл рацудæй. Цæй бæрцæ фæццудайдæ, уæдта дзенети дзæхæрадонæмæ æрхъæрттæй. Дзенети дзæхæрадонæй имæ дуйней сувæллæнттæ ракастæй æма имæ дзорунцæ:
– Æгас цо, хуарз Сослан, Хуцау дæ уæлæбæл дуйней дæр берæ уарзта ‘ма дæ мæрдтæмæ дæр дæ цар æма дæ бауæри æрбауагъта, уæдта дин бунат равардта мæнæ дзенети дзæхæрадони мах хæццæ. Сослан син, æ хабар ци адтæй, уой радзурдта. Сувæллæнттæ ба ин загътонцæ:
– Коргæ дæ ракæндзинан мæрдти хецауæй, фал мабал цо уæлæбæл дуйнемæ, фæсмон кæндзæнæ, уæхæн барæ сувæллæнттæ ‘ма дæуæй фæстæмæ адæмæй некæмæн ес, æма дин ами, дзенети дзæхæрадони хуæздæр æй.
– Мæ сæрмæ ‘й нæ хæссун, – загъта Сослан. – Нарти астæу ми еци кой ку рацæуа, Сослани мард, зæгъгæ, кæми фесавдæй, е дæр нæбал исбæрæг æй!
– Мадта дæ кæд уотæ хъæбæр фæндуй уæлæбæл дуйнемæ, Нартæмæ раздæхун, – загътонцæ сувæллæнттæ, – уæд нæ хæццæ рауай уæртæ дзæхæрадони кæронмæ мæрдти хецаумæ æма дæ, гъе, уомæй ракордзинан мах.
Æма Сослан сувæллæнтти хæццæ рацудæй æма ‘й дзæхæрадони кæронмæ мæрдти хецаумæ, еу устур бæгънæг лæгмæ, æ гъунтæ аллирдæмæ рафелауæ-бафелауæ кодтонцæ, æ цæститæ цæхæрау æрттивтонцæ, æ даргъ рехæ ба е усхъитæбæл фæстæмæ рагæлста ‘ма си е скъелтæ æримбарзта, уæхæнмæ ‘й бахудтонцæ ‘ма ин загътонцæ: – Мæнæ Сослани фæстæмæ раздæхун фæндуй уæлæбæл дуйнемæ, Нарти астæумæ, цæмæй æ ходуйнаги кой нæ байзайа Нарти астæу, Сосланæн, зæгъгæ, æ мард дæр ци фæцæй, е дæр нæбал исбæрæг æй æма ди корæн, цæмæй ин над раттай, уой.
Мæрдти хецау ба син загъта:
– Ма кæнæ, Сослан, фæсмон кæндзæнæ, ардигæй мабал æздæхæ фæстæмæ, уæлæбæл дуйнемæ.
Сослан ба загъта:
– Нарти астæу хъæбæр кадгинæй фæццардтæн, нур ба еци кой ми байзайун Нарти æхсæн мæ сæрмæ нæ хæссун æма мин æнæ раздæхун нæ ес, кæд мин над дæттис, уæд.
– Мадта дæ ронæ фехалæ ‘ма мæмæ дæ фæсонтæ æрбадарæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй мæрдти хецау.
Сослан æ ронæ фехалдта ‘ма мæрдти хецаумæ æ фæсонтæ бадардта. Мæрдти хецау дæр Сосланæн æ дууæ уонебæл æ дууæ къохи æривардта, æхуæдæгка ин загъта:
– Ка ‘й зонуй, уæлæбæл дуйней ку не ‘ууæндонцæ, мæрдти ке адтæ, уобæл, уæд сæмæ дæ фæсонтæ бавдесдзæнæ.
Æхуæдæгка сувæллæнттæмæ фæгъгъæр кодта æма дзенети дзæхæрадони бæгънæг сувæллæнттæ дæр сæ базуртæ фергъувтонцæ, испæр-пæр кодтонцæ, зелун райдæдтонцæ. Уони базурти дунгæй ба зелæн дунгæ фелвæстæй æма Сослани фелваста, хæрдмæ ‘й хæссун райдæдта, хæссун, æма ‘й уæлзæнхæ фæккодта. Уæлзæнхæ ку фæцæй, уæд гъæумæ æрбацудæй æма гъæунгти ку фæццæйцудæй, уæд еугурæй дæр Сослани размæ уайун байдæдтонцæ, ‘ма ибæл цийнæ кодтонцæ. – Æгас цо, Сослан! Ацал-ауал анзи кæми фесафтдæ?
Нарти астæумæ æрбацудæй æма ибæл етæ дæр фæццийнæ кодтонцæ, уæдта ‘й бафарстонцæ, уал анзи кæми адтæй, уобæл.
Сослан ба син загъта:
– Мæрдти адтæн æма дзенет дæр, æма зиндони дæр фæууидтон. Уæд имæ Сирдон дзоруй:
– Сослан, кæмидæр дзæгъæл фæххаттæ, нур ба æрцудтæ æма, мæрдти адтæн, зæгъгæ, зæгъис!
Сослан дæр æ уæллаг гурæ рабæгънæг кодта ‘ма сæмæ æ фæсонтæ равдиста, æ фæсонтæбæл ба финст адтæй: «Мæрдти Барастур». Еци финст ку байаргъудтонцæ, уæд си баируагæс æй, Сослан мæрдти ке адтæй, е, уæдта, мæрдти хецау «Барастур» ке хуннуй, уой дæр базудтонцæ.
Гъема, гъеуæдæй ардæмæ байзадæй мæрдти хецауи ном «Мæрдти Барастур», зæгъгæ.
Сослан ба уой фæсте дæр Нарти æхсæн дзæбæх фæццардæй.
Нартæ Устур нихæси цæлхæмбурдæй бадтæнцæ ‘ма син Сослан загъта: «Цауæни фæццæуæн».
Нарти дзæбæхтæ исарази æнцæ æма Хузæдзæгатмæ цауæни рандæ ‘нцæ.
Æстæмæй-астмæ фæххаттæнцæ ‘ма неци ирдтонцæ. Нартæ раздахтæнцæ. Сослан ба ма æ уæластæн хæтун райдæдта. Ци фæххаттæй, уæдта Хъуми будури еу цидæр уорс фæууидта; цæун имæ райдæдта, ни ‘ймæ хъæрттæй ‘ма дин е ба уорс гъæуанз.
Фехста æй ‘ма и гъæуанз ралигъдæй. Сослан дæр, кумæ фехста, уордæмæ бацудæй ‘ма уоми ба тоги кæлæнтæ.
Æгъзæлбæл цæун райдæдта Сослан æма ‘й денгизи хъæзæмæ бахаста. Уоми ба еу устур æрдозæ, æ астæу ба – æ конд, æ уиндæн нæ, уæхæн кизгæ. Сослан имæ дзоруй:
– Ами еу сирд ниццавтон ‘ма неци фæууидтай?
Е ба ‘й фæрсуй:
– Ка дæ, уой мин зæгъæ.
– Нарти Сослан дæн, фал мæ цæф сирд ами фесавдæй ‘ма ‘й кæд ескæми фæууидтай, уæд мин æй байамонæ!
– Мадта кæд Сослан дæ, уæдта ацал-ауал бони æз дæу ку агурдтон ‘ма мæ дæхецæн бийнонтæн аккаг искæнæ, æз ба дæн Фид- Уаней кизгæ (уæларвон Марсуги кизгæ).
Сослан ба ин загъта, дæу хузæн цади бадæг цубур дзæргъитæ Сослан берæ фæууидта ‘ма уони æнккæтей бийнонтæн нæ хаста, зæгъгæ, ‘ма æ бæхи къембур ракъуæрдта.
И кизгæ дæр æ цæстисугтæ æркалдта ‘ма æ фидæмæ иссудæй, ‘ма ин рагъаст кодта, Сослан мæбæл нæ банвæрстæй, зæгъгæ.
‘Ма ин е ба загъта, нæ дин загътон, еци лæгмæ дæхе къахæй ма цо, нæ дæбæл банвæрсдзæнæй, зæгъгæ.
Уæдта æ фæсдзæуийнæ, Ойнони Цалхæн, загъта:
– Цо, æма Сосланбæл куд разелай, уотæ.
Курд-Алæгон æй нæуæгæй баисардта ‘ма Ойнони Цалх Сослани марунмæ æрцудæй.
Сослан æй ку рауидта, уæд æй сорунтæ райдæдта ‘ма ‘й сау гъæдæмæ батардта. И Цалх фиццагидæр фæрбунбæл балигъдæй ‘ма ‘й фæракæгæнгæ бацудæй; неци ин истухæ кодта ‘ма ‘й Сослан дæр ралгъиста: «Ке лæг лæгъуз, ке гал лæгъуз, уой хай фæууо!» Уæдта фатхъæдбунбæл балигъдæй ‘ма ин е дæр неци исбилдогъ кодта. Уой дæр ралгъиста Сослан:
– Арти басодзунмæ дæ куд агоронцæ, уотæ дæ Хуцау искæнæд! Уордæгæй ба æхсæрбунмæ ратухстæй. Уоми ба и цилпæ хумæллæги хæццæ исеу æй ‘ма Цалхбæл тухсун райдæдта, ‘ма ‘й Сослан баййафта.
Адæмæн уæ Хуцау хуасæ фæккæнæд, зæгъгæ, райарфæ кодта фиццаг æхсæрæ ‘ма хумæллæгæн, уæдта Ойнони Цалхæн хъамуциæй æ бæрзæй нилхъивта, ‘ма ин æ сæр церхъæй æркъуæрон, зæгъгæ, куд загъта, уотæ ба имæ и Цалх исдзурдта: «Уасхæ нæ ас-тæу, – æртæ бонемæ Уæрппи буни Хæрани туппурбæл дæ рази ке уодзæнæн, уобæл; нур ба мин аци надбæл мæ уоди монди ма бацо!»
Уасхæ нæ раттун ба фиццаг адæмæн н’ адтæй ‘ма ‘й Сослан рауагъта. Ойнони Цалх мæлæтæй раздахтæй æ хæдзарæмæ. Ци рацудæй, уæдта ибæл Сирдон рамбалдæй ‘ма ‘й фæрсуй, цæбæл уотæ мæтъæлæй цæуис, зæгъгæ.
Е ба ин загъта:
– Сосланæн уасхæ равардтон, æртæ бонемæ Хæрани туппурбæл ке уодзæнæн, уобæл ‘ма мæ маргæ кæндзæнæй, ‘ма уобæл мæтъæл дæн. Мæхе бон ба нецибал æй, мæ Цалхи ком багъзалдæй.
– Дæу ку исардта Курд-Алæгон, уæд æз дæр уоми адтæн ‘ма дин де ‘фсæйнагæй еу къæртхуар радавтон; нур ба дин æй дæттун ‘ма нæуæгæй дæхе баисæрун кæнæ, дæ къæрттитæ дæр уомæй бампъозун кæнæ, ‘ма Сослан уоми хусгæ куд кæна, уотемæй ин æй æ уæргутæбæл разелæ, æндæра борæмæзæй исард æй, ‘ма ‘й нæ никкæрддзæнæ! Ойнони Цалх исарази æй. Сирдон дæр ин æ къæртт февардта. И Цалх Курд-Алæгонмæ исхъæрттæй ‘ма ‘й е дæр нæуæгæй баисард-та. Ойнони Цалх æхебæл æ зæрдæ ку бадардта, уæд разилдæй æма Хæрани туппурбæл Сослани хусгæ æриййафта, ‘ма ин æ дууæ уæрагебæл разилдæй. И уæргутæ рахаудтæнцæ ‘ма ма Сосланæн айдагъ æ къудурон æризадæй.
Ойнони Цалхи ма идардмæ рауидта ‘ма æ уæргутæбæл мудзуратæ рабаста, ‘ма ‘й сорун райдæдта; æр æй хæстæгутæ кодта ‘ма имæ Ойнони Цалхмæ Сирдон дзоруй, хумгондмæ æфтауæ, зæгъгæ.
Ойнони Цалх дæр хумгондмæ зелун райдæдта ‘ма ‘й Сослан нæбал æййафта; хумгонди æ мудзуратæ хæссун райдæдтонцæ ‘ма рахъан æй. Æ тог алли пазбунæй калдæй, уотемæй, кæдмæ хуми хъанæй лæудтæй Сослан!
Уотæ ба æ сæрти еу халон æртахтæй ‘ма кæуй Сосланбæл:
– О, нæ алли бони идзаг фингæ, алли ком нин фидæй ‘дзагæй ка дардта, куд ма цæрдзинан!
Сослан дæр имæ дзоруй:
– Рауай, мæнæ ци фидтæ æмбуйдзæнæй, уонæй еститæ рахуæрæ, кенæ ка ниххуæстæй, еци тоги гæппæлтæй.
Халон дæр имæ æхе æрбаласта ‘ма ‘й уæдта Сослан дæр ралгъиста:
– Бон изæрмæ адæми куд æлгъетай, е ба сæбæл куд нæ цæуа, ду ба уобæл æхсæвæ-бонмæ дæ къахæй бæласи къадобæл ауигъдæй куд лæууай, уотæ.
Уæдта имæ робас æрцудæй; фæхъхъонц кодта, уæдта Сослани тогтæмæ æхе баласта ‘ма ‘й е дæр ралгъиста:
– Адæм дæ дæ цармæ сорæнтæ, дæ фид ба куйтæн дæр хæран фæууæд!
Æрæгиау ба имæ берæгъ æрцудæй ‘ма ибæл е ба зæрдæй фæккудтæй. Сослан дæр ин хуæрун кодта æ фидæй, ниуазун ин кодта æ тог ‘ма и берæгъ бунтон никкæуидæ, нидздзиназидæ.
Е ‘цæггадæ ин ку базудта Сослан, уæд ин райарфæ кодта: – Бацæунмæ дин мæ зæрдæ куд уа, раздæхунмæ ба æнæкурд тæтон кизги зæрдæ, уотæ!
Уæдта Сирдон фестадæй ‘ма идардæй кæугæ æрбацудæй:
– Нарти хуæрзигурд Сослан! Дæуæн ауæхæн æгадæ мæлæтæй рамæлун аккаг бæргæ н’ адтæй!
Сослан ба ин загъта:
– Дæ кæун ниууадзæ, фал мин Нартæмæ гъæргæнæг фæццо!
– Фестæгæй кæд уодзæнæн ‘ма дæ бæхбæл цæуон!
– Мæ цæстæуингæй мæ бæхбæл сомигонд дæн ‘ма ибæл еу аууони рабадæ, ‘ма цо!
Сирдон дæр æй еу тæрфæмæ баласта ‘ма ин е ‘фтаугити буни кокойни синдзитæ бакодта, уотемæй ибæл рабадтæй, ‘ма ‘й Сослани рæзти æрбатардта хъиллиппитæгæнгæ.
Ци æнахъæл æй дæ бæх, Сослан, зæгъгæ, имæ дзоруй.
– Гъо, цийфæнди дæр уæд, тагъд цо æма Æхсийнæн фегъосун кæнæ! Сирдон и бæх ниххуаста ‘ма еци-еу уадæй Нарти Устур нихæси рæзти исцудæй. И бæхæн æ хед æ фæсхъостæй калдæй хъоппæгътæй, æ тог алли пазбунæй калдæй ‘ма уотемæй Нарти Алæгмæ исмедæг æй. Уоми ба Нартæ кувди бадтæнцæ.
Сослани хабар ку фегъустонцæ Нартæ, уæд имæ хъæндзалгун уæрдунтæ ракодтонцæ, хуарз ин цирт исдастонцæ ‘ма Сослан цæрдæй æ циртмæ бацудæй, æ цирти хицæмæ.
Æ циртмæ цæунбæл ба бауосиат кодта:
– Мæ церхъ, ме схъæр, мæ сагъæдахъ – уони Деденæги фурт Ерæхсауæн раттетæ ‘ма мин е мæ тог райсæд Ойнони Цалхæй. Мæ бæх ба мин афæй исхæссетæ, уæдта ‘й Сирдонæн раттетæ, е ба ибæл æхецæн еститæ коса!
Æхсæртæгкатæй ма к’ адтæй, етæ исæнхæст кодтонцæ Сослани уосиат.
Деденæги фурт Ерæхсау дæр Ойнони Цалхи фæсте зелун рай-дæдта ‘ма ‘й некæми ирдта, уæдта ‘й, къæсибадæг уоси амундæй, зæронд уæлмæрдти еу ихæлд уобаййи иссердта Нарти устур богъа, ‘ма ибæл исæмбухта.
Ерæхсау дæр имæ ниццудæй ‘ма ‘й уоми листæг къуæхтæ никкодта. Сирдони ба Сослани бæх, донмæ ‘й куд ласта, уотемæй ниццавта æ зæбæтæй ‘ма е дæр рамардæй.
Ойнони Цалх Сосланæн æ зæнгитæ ку рахаун кодта, уæд ин Нартæ хуарз цирт исаразтонцæ ‘ма Сослан цæрдæй циртмæ бацудæй. Сосланæн искурдиадæ адтæй ‘ма ракурдта Хуцауæй, алли фæдеси дæр ин рацæуни барæ куд адтайдæ, уотæ. ‘Ма фæдес ку фæццæуидæ, уæдта æ циртæй ралæборидæ ‘ма уотемæй Нартæн агъаз кодта мæрдтæй дæр ма.
Еу хатт ба Нарти хугæс Сослани цирти рæзти æрцудæй ‘ма фæффæдес кодта:
– Гъæй, Сослан, нæ фонс нин фæттардæуй!
Сослан дæр рагæпп ласта, ракæсæ-бакæсæ ракодта ‘ма дзоруй хугæсмæ:
– Цирдæмæ фæдес?
– Фæдес нæййес, фал дæ некæд фæууидтон ‘ма уой туххæй фæгъгъæр кодтон, кæд дæ фæууининæ, зæгъгæ.
Гъигæ ин куд н’ адтайдæ ‘ма Сослан ракурдта Хуцауæй, мæрдтæй æздæхæн ин куд н’ адтайдæ, уотæ. Мæрдтæй æздæхæн ин нæбал адтæй, фал мæрдтæмæ цæун дæр не ‘ндиудта æ тоггин Тотрази фурт Алибегæй.
Нарти дзæбæхтæй уоми к’ адтæй: Саулæг, Хуарз Хириуфий, Къантдзи фурт Сæууай, уадмеритæ, гумеритæ, сæдсæронтæ ‘ма авдсæронтæ имæ цудæнцæ, ‘ма ин разæгъиуонцæ: «Мах дæ дзенетмæ бахондзинан, нæ бон дин алкæмæн дæр исуодзæнæй, еунæг Тотрази фурт Алибегæн дин нæ бон неци ‘й!»
Сослан дæр сæмæ фегъосидæ, уæдта сæ æхецæй ратæридæ:
– Рандотæ, бунлийгитæ! Æз дæр уомæй тæрсун ‘ма сумах, Сос- лани мæрдтæмæ ка бахъæртун кæна, уæхæнттæ н’ айтæ!
Æрæгиау ба имæ Сайнæги фурт Алий æрцудæй ‘ма уой хæццæ ранæхстæр æй. Цæун райдæдтонцæ ‘ма мæрдтæмæ ку бахъæрттæнцæ, уæд Сосланмæ, – фиццагидæр кизгæй, уосæй кæмæн батухæ кодта, етæ сæ содзинттæ, сæ кæрдæнтæ сæ разæй хæсгæй, сæхе раскъардтонцæ. Сайнæги фурт Алий дæр сæмæ рауозгæлдтæлтæ кодта ‘ма кизгæй дæр, уосæй дæр банæлæгтæ ‘нцæ.
Уой фæсте ба сæ æруидта Тотрази фурт Алибег ‘ма сæмæ е рауадæй. Алий дæр ибæл фæгъгъæр кодта ‘ма Алибег фæссабурдæр æй. Еу ма ибæл фæгъгъæр кодта ‘ма бабæй рагубурдæр æй. Æртиккаг хатт ибæл фæгъгъæр кодта ‘ма уæдта æ уæраги сæрмæ зæнхи рахастæй Алибег.
Сослан æма Сайнæги фурт дæр бацудæнцæ ‘ма зиндони цади билæбæл æрлæудтæнцæ. Уоми ба Сослан е ‘нæниййергæ мади – Æхсийни фæууидта. Сослан имæ фæллæборуй ‘ма ‘й и цади дон иннæ билæмæ райсуй, уотемæй нур дæр ма архайуй уой исесунбæл, ‘ма ин æнтæсгæ ба нæ кæнуй.
Ахæри хъиамæт ку æрцæуа, уæди уæнгæ Сосланæн дæр, æ мадæн дæр уомæй банцайæн нæййес. Уæдта ахæри бони фиццагидæр Тотрази фурт Алибег æма Сосланæн тугъд уодзæнæй.
Бæхфæлдист кæмæн адтæй, æ хисти догъ кæмæн уадæй, циртдзæвæн, хъабагъ кæмæн адтæй, етæ, ка – æ бæхи сæрæй, ка – æ циртдзæвæнæй, ка – æ хъабагъи сæрæй кæсдзæнæй еци тугъдмæ. Уой фæсте ба ахæр рацæудзæнæй ‘ма Æхсийнæ æносмæ зиндони
байзайдзæнæй, Сосланæн алли фудеуæгдзийнадæбæл ке агъаз кодта, уой туххæй.
СИРДОН
СОСЛАН ÆМА СИРДОНИ РАЙГУРУНИ ТАУÆРÆХЪ
Нарти Алæгæн инсæй лæхъуæни райгурдæй. Уонæн сæ кæстæр хундтæй Сосæг-æлдар. Æ фидæ ‘й нецæбæл исахур кодта фонсæй æндæр ‘ма Сосæг-æлдар уони хæццæ хаттæй ‘ма цардæй.
Сосæг-æлдар ма биццеу ку адтæй, уæд æй æ фидæ æскъæти бакодта, æ хæццæ ба ма æртæ фуси æнæ фурæй. Етæ еунæг анзмæ сæдæ фуси бацæнцæ.
Сосæг-æлдар и фонси хæццæ уотæртти цардæй. Ци ибæл рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, ‘ма æ фонс уорамун нæбал фæразта.
Еу бон кæми адтæй, уоми ба сæ Терк-уордгутæ исæскъардта ‘ма сæ гъæуай кодта, – лæг еунæг фус куд гъæуай кæна, уотæ.
Æхсийни унæут фæлгæсæнæй ракастæй ‘ма загъта: «Ауæхæн дессаг некæд фæууидтон: дæлæ и будуртæ фонсæй басау æнцæ, гъæуай ба сæ еунæг лæг кæнуй!»
Æхсийнæ ракастæй фæлгæсæнæй ‘ма и фиййауи ку фæууидта, уæдта уæрдун раефтиндзун кодта ‘ма Терки билæмæ ниццудæй.
Уоми ба æхе мадиард бæгънæг искодта.
Сосæг-æлдар силæстæг бæгънæгæй некæд фæууидта ‘ма фæддес кодта, уæдта еу дорбæл рафунæй æй ‘ма фертайуйнаг æй.
Æхсийнæ ‘й куд нæ балæдæрдтайдæ ‘ма ниффардæг æй. Сосæг-æлдар дæр æхе ниртадта ‘ма рандæ ‘й æ фонси хæццæ.
Цидæр адтæй, Æхсийнæ и бæнттæ нимайун райдæдта и дорæн. Æ афонæ ку æрхъæрттæй, уæдта дор бакъæртт кодта ‘ма имæ дори нафæй биццеу ниххудтæй. Биццеу ин загъта: – «Дæ хъиамæт мабал фæдздзæгъæл кæнæ! Нур ба мин лилагъз искæнæ ‘ма мæ Курд-Алæ- Уæргонæн баисæрун кæнæ, е ба айдагъ болат исуон!»
Æхсийнæ дууадæс уæрдуни дорин æвзалу æрбаласта, лилагъзи дон никкодта ‘ма ‘й кунцгоми истæвдæ кодта, уæдта ‘й и биццеу ниввардта ‘ма ин æ уæрагисæртæ нæ рамбарзта.
– Дæ хъиамæт дзæгъæл кæнуй, рæхги дон æрбадавæ, – зæгъгæ, ‘ма Æхсийнæ æхуæдæг донмæ рауадæй. Донгæс ин дон нæ лæвардта ‘ма уæдмæ и биццеу рауазал æй, æма æ уæрагисæртæ æнæ исард байзадæнцæ.
Уæд Æхсийнæ æ думæггæгтæ бацагъта æма Сирдон æрлæуирдта. Ралигъдæй.
Биццеу имæ дзоруй:
– Гъе, мæ бæрцаг æрвадæ, кумæ ледзи? Натар-Уатари фурт Сирдон дæ ном фæууæд!
Сирдон ба ин загъта:
– Сосæг-æлдари фурт, сосдорæй хуæрзигурд Сослан ба дæу ном фæууæд!
Еци бонæй ба сæ рамæлæти бонмæ Сослан æма Сирдон кæрæдзей фæдбæл некæд рацудæнцæ.
Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослан ранæхстæр æнцæ хæтунмæ. Сирдони ба фæххудтонцæ кæстæрæн. Сирдон, мæ бæх нæ фæразуй, зæгъгæ, исрæуонæ кодта надбæл. Сослан и къуари кæстæр адтæй æма ‘й æ фæсабæрцæ исæвардта. Сирдон ин æ зинггæнæнтæ радавта. Уæдта ‘й Хæмиц исæвардта æ фæсабæрцæ æма уой зинггæнæнтæ дæр радавта. Уорæзмæгæн дæр уотæ бакодта.
Изæрæй еу тагрæбунмæ се ‘хсæвеуат æрхастонцæ. Сослан е ‘мбалти уосонгæ кæнунмæ фæууагъта, æхуæдæг ба, рахæтон, зæгъгæ, рандæ ‘й. Уотæ рæхги ба еу саг раирдта, фæ ‘й æхста æма ‘й рамардта. Ба ‘й кой кодтонцæ.
Зинг никкæнæн, зæгъгæ, ‘ма сæ зинггæнæнтæ райагурдтонцæ, ‘ма сæ нæбал иссердтонцæ. Сирдон ба бæласи сæрмæ исхизтæй сог кæнунмæ æма сæбæл гириз кодта:
– Атæ ба цауæни рацудæнцæ!
Уотæ рæхги ба еу хонхи рæбунæй хъуæцæ иссудæй ‘ма рохс ферттивта. Сослани рарвистонцæ уордæмæ зинггор. Е дæр бахъæрттæй уордæмæ æма дин уоми ба дууадæс уæйуги. Ба ‘й худтонцæ Сослани и уæйгутæ ‘ма ‘й, дæхе ратавæ, рагъар кæнæ, зæгъгæ, уæллæй сиребæл исбадун кодтонцæ æма ин æнæдон санс æ буни рауагътонцæ.
Сослан ниццæфстæй къелабæл æма некæмибал зиндтæй. Хæмици имæ рарвистонцæ. Хæмиц дæр бацудæй и рохсмæ, бадзурдта ‘ма имæ уæйгутæ рацудæнцæ, ба ‘й худтонцæ,Сослани дæллæй æй исбадун кодтонцæ ‘ма ‘й уоми къелабæл ниццæфсун кодтонцæ. Сос-лан дæр ин барæй неци загъта.
Куд некæми зиннунцæ, зæгъгæ, ‘ма сæмæ Уорæзмæг æхуæдæг рандæ ‘й.
Бахъæрттæй сæмæ æма багъæр кодта, зинггор уæ ку æрбарвистон æма ци фæцайтæ, зæгъгæ.
Уæйгутæ имæ рауадæнцæ, медæгмæ ‘й бахудтонцæ, е ‘мбалти дæллæй æй æрбадун кодтонцæ, æ буни ин æнæдон санс рауагътонцæ æма е дæр ниццæфстæй.
Уой фæсте ба Сирдон низзинг кодта. Саги мардæй æхе исæфсаста, уæдта дууæ æхсæрфæмбали æ бецъотæбæл ниббаста æма уотемæй ранæхстæр æй е ‘мбалти агорунмæ. Ба сæмæ хъæрттæй, ба ‘й худтонцæ и уæйгутæ.
Исбадæ, зæгъгæ, имæ дзорунцæ.
Сирдон ба зæгъуй:
– Сæхуæдтæ кæстæргай уæллæй ке сбадтæнцæ, е берæ нæма æй? Никки ба ма æз дæр уони рæнгъæбæл! Ме ‘лдартæ æнцæ атæ æма сæ рæнгъæбæл нæ фæббадун.
Хускъадони фунукбæл уой исбадун кодтонцæ. Санс ин æ буни рауадзиуонцæ æма фунуки рафардæг уидæ.
Уæд дин Сирдон зелæн кæнун райдæдта æма и уæйгути Сос-ланмæ фæккодта. Сослани син феууæрдун кодта хуарз, уæдта сæ Хæмицбæл райардудта, уæдта Уорæзмæгбæл. Уотемæй сæ хуарз феууæрдун кодта. Уæдта и уæйгути сæ кæрæдзей медæг искодта, ба сæ авинста æма сæ кæрæдзей фæццагътонцæ.
Етæ ку æрмардæнцæ, уæд Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослан лихстæ кæнун райдæдтонцæ Сирдонæн:
– Ести мадзалæй нæ фæййервæзун кæнæ аци ходуйнагæй.
Сирдон дæр артмæ хæстæггомау исбадтæй; æхсæрфæмбæлттæ æ рехæбæл бор кодта æма сæ æ билæй бацъиридæ.
Мæстæй имæ куд нæ мардайуонцæ етæ!
Æма сæмæ Сирдон дзоруй:
– Мадзал уин нæ зонун, фал Нарти устур хирхæмæ фæццæуон æма уин уомæй уе ‘мбæрцитæ и къела æрлух кæндзæнæн.
Лихстæ кæнун ин райдæдтонцæ, сæ кæлмон æвзаг имæ исластонцæ: – Нартæмæ нин нæ ходуйнаг ма фæххæссæ, фал æндæр ма-дзалæй дæмæ ци мадзал ес, уомæй нæ дæ хуарзæнхæ!
Сирдон æрсастæй, устур агæ донæй байдзаг кодта, ис æй гъар кодта æма син гъар дон сæ буни рауадзидæ, уотемæй сæ исуæгъдæ кодта хъадамайæй.
Æрсабур æнцæ, саги фидæй сæхе бафсастонцæ, уæдта Сирдонбæл фудфæндитæ кæнун райдæдтонцæ æма ин æ бæхи билæ æривгарстонцæ. Сирдон дæр уой цума нæ базудта, уотæ æхе сæ фæсте цæуæг ракодта æма син сæ бæхти думгутæ æривгарста. Ранæхстæр æнцæ æма, ци рацудæнцæ, уæдта Сирдонмæ дзорунцæ:
– Ци ‘й а, Сирдон, дæ бæх ходгæ ку цæуй?
Е ба син загъта:
– Æ разæй ходдуйнæгтæ ке уинуй, уобæл ходуй.
Сæ бæхтæмæ æркастæнцæ æма сæбæл думгутæ – нæбал!
– Ци ин кæнæн не сæвди лæгæн: маргæ æй ракæнæн ‘ма нæбæл Нартæ зар искæндзæнæнцæ; атемæй æй ниууадзæн æма нæ цард нæ ниууадздзæнæй!
Фæссагъæс кодтонцæ, уæдта еу тала æртасун кодтонцæ ‘ма Сирдони уобæл æ дууæ бецъоемæй исбастонцæ ‘ма æй æ хæццæ райста. Сæхуæдтæ ба рандæ ‘нцæ.
Куд Хуцау хуæрзгæнæг, уотæ еу фиййау уорс дзоги хæццæ æскъоттæй заргæ æрбацудæй. Сирдон дæр гъæр кæнун байдæдта: – Нæ мæ гъæуй, Хуцау, æлдар! Не сарази уодзæнæн!
Фиййау имæ æрбацудæй æма имæ дзоруй:
– Ци дæ, ци муггаг дæ, цæбæл нæ арази кæнис?
– Æма ци дæн! – загъта Сирдон. – Нартæ мæ сæхецæн æлдар кæнунцæ æма син æза нæ комун. Гъема, цалинмæ исарази уон, уæдмæ мæ нæ уæгъдæ кæнунцæ.
– Мæн искæнæ, мадта, дæ бæсти, – загъта и фиййау.
– Хуарз, – загъта ин Сирдон, – фал ку нæ бафæразай атæ бастæй?!
Бафæраздзæнæн, зæгъгæ, æма Сирдони раихалдта, æхе ба уоми исбæттун кодта.
Сирдон æрхизтæй æма ‘ймæ исдзурдта:
– Фæндуй мæ зæгъæ!
Фиййау дæр бæласæй «фæндуй мæ, фæндуй мæ» кодта. Сирдон ба уой хæтæл райста æма уорс дзоги фæсте Нарти гъæунгти æскъоттæй заргæ иссудæй.
Нартæ ин дес кодтонцæ æ фонси кондбæл, Сирдон ба син дзурдта: – Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослани агъди фидти аргъæй сæ райс- тон, – зæгъгæ.
НАРТИ СИРДОН УÆЙУГБÆЛ МАРУНВÆНДÆ КУД ИСКОДТА
Нарти адæми тухсун кодта еу уæйуг; цæрун сæ нæ уагъта æма уæдта Сирдон исфæндæ кодта, еци уæйуги рамарон, зæгъгæ.
– Тухæй ин неке бон цæуй, фал ин мадзал кæнун гъæуй, – загъта.
Уæд еу кæми адтæй, уоми уæйуг балци рандæ ‘й. Сирдон баздахтæй æма, кондгин ци лæг адтæй, уой байагурдта æма ‘й исаразта. Уæйуги уосæ уæладзгути къæрæзгитæй куд кастæй, уотемæй æй уой рæзти рацæун кодта. Уæйуги уосæ ‘й нæ фæууидта, фал имæ, косгутæй хæстæгдæр к’ адтæй, етæ ба ‘й фæууидтонцæ ‘ма ‘й уæйуги уосæн радзурдтонцæ, уæхæн кондгин лæг фæууидтан, зæгъгæ.
Уæйуги уосæ дзоруй еци косæгмæ:
– Гъуди æй кæнай æма мин фегъосун кæнæ.
Уотемæй кæсуй æма и лæг иссæуй, ни ‘й уидта идардмæ, къæрæзгити рæзти бабæй исфецудта. Бацудæй косæг уæйуги уосæмæ æма ин зæгъуй:
– Мæнæ нуртæккæ иссæуй къæрæзгити рæзти.
Уæйуги уосæ ‘ймæ къæразгæй ракастæй æма æ косæгмæ дзоруй: – Цæугæ, ардæмæ ин медæгмæ зæгъæ.
Нур Сирдон ба ниффæдзахста лæгæн, ке исаразта, уомæн:
– Цалдæнми æ хæццæ æрлимæн уай, уалдæнми ин маци ма иской кæнæ. Æ хæццæ ку æрлимæн уай, еу уати хуссунмæ ку æр-уайтæ, уæдта ин зæгъдзæнæ.
Ба ‘й иуазæг кодта уæйуги уосæ и лæги. Фæццийнитæ кодта лæгбæл, хуарз æй фæххинста. Сирдон куд ниффæдзахста, уотæ бакодта и лæг дæр. Уæйуги уосæ ‘йбæл цийнæ кодта, лæг ба ‘йбæл никкидæр фулдæр цийнæ кодта фæдзæхстмæ гæсгæ. Уотемæй кæрæдземæн фæдздзубандитæ кодтонцæ.
Лæг медæгмæ ку бацудæй, уæд Сирдон ба дуари фæсте æхе нилхъивта æма сæмæ игъосуй. Лæг базудта, уæйуги уосæ ин, цæбæлдæр æй фæрса, уой ке зæгъдзæнæй. Еу уатмæ æрцæунмæ сæ гъуддаг æрхъæрттæй. Уæд имæ и лæг дзоруй уæйуги уосæмæ:
– Еу гъуддагбæл ма дæ бафæрсдзæнæн æма ми æй ма банимæхсæ, дессаг мæмæ кæсуй.
Уæйуги уосæ ‘ймæ дзоруй:
– Æз дæубæл ци гъуддаг банимæхсон, уæхæнæй мæмæ неци ес. Уæд æй лæг фæрсуй уæйуги уоси:
– Мадта дæ лæг ци хъæбæр федар æй, адзалæй ин нецæмæй тæрсис, æ уод кæми æвæрд æй?
Нур сæмæ Сирдон ба листæг игъосуй фæсдуарæй.
Уæд имæ уæйуги уосæ дзоруй, гъæй, зæгъуй, уæйуги уод федар рауæн æй.
Еу дуар ин байамудта æма ин уомæй уотæ зæгъуй:
– Еци дуар ку байгон кæнай, уæд ма еу дуар дæр байгон кæндзæнæ иннæ авармæ. Уоми ба кирæ æвард ес. Кири медæгæ ба æхсаргард. Æхсаргарди еске къохи куддæр фæууина, уотæ ин цæрæн нæбал ес, е æ адзал уодзæнæй. Уомæй фæстæмæ ин адзал нецæмæй ес. Уæд Сирдон рагъуди кодта æхе медзæрдæ:
– Цæй, хуссун бал сæ бауадзон.
Æмбесæхсæви, нур нæбал æригъал уодзæнæнцæ, зæгъгæ, уæдта Сирдон дуæрттæмæ февналдта æма сæ байгон кодта дууæ дуари дæр. Кирæ раирдта æма уой сæр дæр истудта, уотемæй кард рахаста. Нур Сирдон лæгæн ба ниффæдзахста:
– Сæумæ раги исистдзæнæ æма рацæудзæнæ.
Лæг дæр уотæ бакодта, исистадæй. Сирдон дæр кард исиста, æма еумæ рацудæнцæ.
Уæд Сирдон Нартмæ иссудæй æма изæрæй адæмæн дзурд равардта, ради гъонгæс адтæй, æма: «Сæумæ уæ фонс раскъæретæ, æз ба уин уæ фонс фæххезун кæнон», – зæгъгæ.
Нарти адæм еци дзаман æстонгæй тухст адтæнцæ.
Уæд, уæйуг к’ адтæй, е Сирдонбæл рафецудта, фонси сæргъи куд адтæй, уотемæй. Бонхуарз ин загъта Сирдонæн уæйуг. Æма æй фæрсуй:
– Ке гъонгæс дæ, ке фонс æнцæ?
Сирдон ба ин загъта:
– Нарти фонс æнцæ, Нарти гъонгæс дæн.
Уæдта сагъæс кæнуй:
– Нур æ мæлæт мæ къохи ‘й, фал и кард ку нæ рахастон нæхецæй. – Цæуон, – загъта уæйуг.
Æма ‘й Сирдон фæрсуй:
– Кумæ цæугæ дæ нур?
Уæйуг ба ин загъта:
– Кумæ цæун? Нарти адæм фенæхъаурæ ‘нцæ æма сæ мæхе ба-кæнон адæмæй дæр, фонсæй дæр.
Уæйуг ранæхстæр æй æма фæццæуй.
Уæд Сирдонæн æ дууæ кизги хуæруйнаг рахастонцæ’ма сæмæ Сирдон дзоруй:
– Мæнæ бал фонс еу минкъий багъæуай кæнтæ, фæккæсетæ сæмæ, нæхемæ бауайон, тагъд фездæхдзæнæн!
Сирдон ба Нарти адæмæн тарстæй, æфхуæрдзæнæй сæ, зæгъгæ, æма уæйуги фæсте фæццæуй. Уæйуг Нарти фонс куд рамбурд кодта, уæдта сæмæ лæхъуæнæй æма кизгæй кадæр адтæй, уони, уотæ ‘й Сирдон баййафта.
Уæд Нарти адæммæ Сирдон дзоруй:
– Нарти адæм, ци хъæравгæ айтæ, куд рауагътайтæ уæ фонс? Урузмæг имæ дзоруй:
– Дæ хъалдзийнадæ нæбæл мабал калæ, Сирдон. Уингæ нæ ку кæнис, ке фесавдан, уой!
Нарти адæм, уæйуг сæ ку бафхуардта, уæд минкъиййæй, устурæй Сирдони рази кудтæнцæ.
Уæд сæмæ Сирдон дзоруй:
– Хъурмæ ма кæнтæ! Нуртæккæ ин ци гъæуа, уой æз бакæндзæнæн! Уотемæй Сирдон медæгмæ бацудæй æма уæйуги кард æ уæле æрбабаста. Уæйугмæ ку рахъæрттæй, уæд кард фелваста, æз дæуæн лæг фæууинун кæндзæнæн, зæгъгæ.
Еци загъдмæ уæйуг фæстæмæ фæккастæй Сирдонмæ æма, æ адзал кæмæй адтæй, еци кард Сирдони къохи фæууидта. Уотемæй уæйуг уоми æрхъан æй æма рамардæй.
Сирдон дзоруй Нарти адæммæ, кæугæ мабал кæнтæ, зæгъгæ, æз æгас ку уон, уæд, æнæ мæ бæрæг базонгæ, тухсгæ ма кæниайтæ. Уæ фонс фæстæмæ тæретæ, уæ мулк уæхе бакæнтæ, æз ба цæуон æма уин уæ фонс фæстæмæ æрбаскъæрон.
Уотемæй Сирдон рандæ ‘й æма, æ дууæ кизгей рази ци фонс ниууагъта, уони æрбаскъардта Нарти адæмæн.
Изæрæй æрсабур æнцæ, ниххустæнцæ адæм.
Уæд сæумæ Сирдон дзоруй Нарти адæммæ:
– Нур цæуæн æма мæнæ аци хæрæг, – уотæ загъта уæйугæй, – ци фонс хуардта, уони дæр ма нæхе бакæнæн.
Уотемæй рацудæнцæ Нарти адæм Сирдони хæццæ æма нихъхъæрттæнцæ уæйуги хæдзарæмæ. Уæйугæн ма æ хæдзари адтæнцæ æ уосæ æма æ мадæ. Фиццаг ин æ уоси рамардтонцæ, уæдта ин æ мади мардтонцæ æма дзоруй уæйуги мадæ Нартæмæ:
– Корун уи, æма мæ ма рамаретæ, æма уин сугъзæрийнæ æвæрæнтæ дæр байамондзæнæн.
Уотемæй син уæйуги мадæ байамудта, хуарздзийнадæй уæйугмæ цидæр адтæй, уони. Уæдта Нартæ мади дæр рамардтонцæ.
Нарти зæронд адæм дзорунцæ:
– Рамбурд кæнæн, ами дзаумайæй цидæр ес, уони.
Уæд сæмæ Сирдон дзоруй:
– Хæлæф ма кæнтæ, Нарти зæронд адæм! Дзауматæ бал ами уадзæн, некумæ нин ледзунцæ, фал, будури фонсæй ка ес, уони æд гæрзтæ рамбурд кæнæн æма сæ нæхердæмæ раскъæрæн, æви сæ ами уадзæн, уобæл нæ дзæбæх баунафæ кæнун гъæуй.
– Нæхемæ ку раскъæрæн, уæд сæ кæми бауорамæн, кæми сæ хезæн, уæхæн будуртæ нæмæ нæййес, фал сæ ами уадзæн æд гæстæ, – уобæл байзадæй Нартæн сæ гъуддаг.
Уæд сæмæ Сирдон дзоруй:
– Мадта мæн дæр уотæ фæндадтæй рагæй дæр. Дзауматæ дæр уоци рæвдзæй ами уадзæн æма ардæмæ цæрунмæ раледзæн.
Уотемæй Нартæн сæ фæндæ уæйуги зæнхæмæ фæлледзунбæл рахецæн æй.
Иссудæнцæ сæхемæ æма загътонцæ сæ бийнонтæн:
– Ледзгæ ан уордæмæ æма исрæвдзæ кæнтæ, а дууæ бони куд рандæ уæн, уотæ!
Нарти адæм исрæвдзæ ‘нцæ æма фæллигъдæнцæ уæйуги цæрæнтæмæ.
СИРДОН СОСЛАНМÆ ЦÆМÆН ФЕЗНАГ ÆЙ
Сирдон æ лæхъуæн Нартæн нисан æрæвардта. Ба син дзурд кодта: – Ку ‘й рамарайтæ, уæд мæ неци гъæуй, ку нæ ‘й рамарайтæ, уæдта мин хæдзарæн гал.
Ни ‘й сагъта, æхуæдæгка ин æ уод хораууон банимахста. Нарт æй æхстонцæ æма хорхуфийни хузæн ницъцъæстæ ‘й, уæддæр нæ мардæй, Сирдон ба сбадтæй æма сæбæл худтæй. А ци дессаг æй, зæгъгæ, хорхуфийни хузæн ку ниццæй, уæддæр ку нæ мæлуй!
Сослан Æхсийнæмæ бацудæй æма ‘й фæрсуй, æма ин е ба загъта: – Æ хораууонмæ ин гъавæ, уæдта ку нæ рамæла, уæд æй фæййиндзæнæ!
Сослан нигъгъавта æма ин æ уод хораууони фергъавта, æма лæхъуæн рахъан æй. Гъе, уæдæй ардæмæ Сирдон Сосланмæ фе-знаг æй æма ибæл фесинмæ зелун райдæдта.
Сирдонмæ адтæй еунæг гæбæр гъог. Еу бон кæми адтæй, уоми æ гъог гъазгæ кодта ‘ма изæрæй æ фæсте къуар богъай æрцудæй. Сирдон сæ истойни бакодта, æхуæ-дæгка æ уосæмæ бауадæй ‘ма ин загъта: «Уæртæ нæ гъог аци бон цал уæси низзадæй, уомæ ма ракæсæ».
Уосæ дæр рауадæй ‘ма сæбæл фæццийнæ кодта: «Цæгæй, нæ гъог цал уæси низзадæй, уæдта цæй æстæ æнцæ!»
Уæд сæумæ, богъатæ ке адтæнцæ, е сæ агоргæ кодта ‘ма сæ Сирдони стойнæмæ бауидта, ‘ма сæмæ бадзурдта, мæ богъатæ мин рауадзетæ, зæгъгæ. Сирдон ба ин уотæ: «Дæуæн ами богъатæ нæййес, уони мæхе гъог кæддæр-уæддæр низзадæй, ду ба мин сæбæл дауæ кæнис». Богъати хецау ба ин загъта: «Мадта, кæд дзæгъæл дауæ кæнун, уæд мæ хæццæ рацо дæлæ фасти хадзимæ ‘ма нæ гъуддаг уоми равзардзинан». Сирдон ба ин загъта:
– Æз фасти хадзимæ фæццæунмæ неци бакæндзæнæн, уой туххæй, æма ду заманай цъæх саулох бæхбæл бадис, кæрцæй, æндæрæй ба ефтонг, æз ба атемæй мæ гебенати хæццæ ‘ма, гъай-гъай, фасти хадзи дæр уотемæй дæу гъуддаг фарс ласæн кæндзæнæй, мæн ба хæран кæндзæнæй.
Богъати хецау Сирдонæн берæ фæллихстæ кодта ‘ма ин уæддæр нæ бакумдта, уæдта ин загъта:
– Мадта мæнæ мæ бæхбæл рабадæ, æз ба фестæгæй дæр цæудзæнæн. Уæддæр ин Сирдон нæ бакумдта:
– Дæ кæрцæ дæр ма мин раттæ, кенæдта нæ цæун.
Гæнæн нæбал адтæй ‘ма бабæй ин богъати хецау æ кæрцæ дæр равардта. Уотемæй Сирдон цъæх саулох бæхбæл, кæрцæй-æндæрæй ефтонгæй, богъати хецау ба фестæгæй æнæ кæрцæй, æрцудæнцæ фасти хадзимæ сæ гъуддаг равзаруни туххæй. Фасти хадзи фæрсуй богъати хецауи:
– Гъи, ци хабар дæмæ ес? Цæбæл гъаст кæнис?
Е ба загъта:
– Сирдонæн, æвæдзи, æ гъог гъазгæ кодта ‘ма мæ богъатæ æ хæццæ æрцудæнцæ, нур ба мин сæ нæбал дæттуй, мæхе гъог сæ, зæгъгæ, низзадæй ‘ма мæхе æнцæ.
Сирдон дæр нæбал фæллæудтæй ‘ма фасти хадзимæ дзоруй, гъенур мин, зæгъгæ, аци лæг мæ бæхбæл дæр æрдауæ кæндзæнæй!
Богъати хецау ба дзоруй:
– ‘Ма бæх дæр мæн æй.
Сирдон дæр бабæй дзоруй:
– Гъенур дин нæ загътон, нур мин аци лæг мæ кæрцæбæл дæр æрдауæ кæндзæнæй.
Богъати хецау дæр бабæй дзоруй:
– ‘Ма кæрцæ дæр мæн æй.
Уæд Сирдон дзоруй фасти хадзимæ:
– Гъенур ком-коммæ æ мæнгæдтæ не сбæрæг æй, фиццаг мин мæ гъоги уæситæбæл дауæ кодта, нур ба мин, дæхе цæстæй уингæй, мæ бæхбæл дæр æма мæ кæрцæбæл дæр дауæ кæнун райдæдта.
Фасти хадзийæй дæр æцæгдзийнадæй Сирдони дзубанди байруагæс æй:
– Айæ, цæгæй, фиццаг айдагъ уæситæбæл ку дауæ кодта, нур ба ин æ бæхбæл дæр æма æ кæрцæбæл дæр дауæ кæнун ку райдæдта. Æма фасти хадзи уæситæ Сирдонæн ратæрхон кодта.
Уотемæй Сирдонæн æ налатдзийнади фæрци еске богъатæ дæр байзадæнцæ, бæх дæр, уæдта кæрцæ дæр.
Сирдони мадæ рамардæй æма ин хист нæ кодта, – æхе нигъгъос кодта. Нарти адæмæй ин еу дæр, иннæ дæр разæгъидæ: «Сирдон, дæ мадæн хист искæнæ… Сирдон, дæ мадæ иннæ мæрдтæмæ æнгъæлдзау уодзæнæй, дæхе цæмæн тæрегъæдгун кæнис мæрдти ‘гъдауæй дæ мадæй?» Еуетæ ба ма ин федис дæр кодтонцæ: «Дæуау еске æ мард æгондæй уадзуй? Хъæбæрдæр ба ма – æ мади мард?»
Сирдон дзæбæх лæдæрдтæй, еци дзубандитæ ци адтæнцæ, уой. Адæми фæндадтæй мæгур Сирдони еунæг гъог бахуæрун æма, Сирдон куд гъæуагæй цардæй, уомæй ма никки гъæуагæдæрæй куд цардайдæ, уой. Æндæр ба Сирдони мади сагъæс кодтонцæ? Æгириддæр макæд маци бахуæрæд мадæ ба æма тайгæй фæццæрæд иннæ мæрдтæмæ.
Аци гъуддæгтæ дзæбæх зудта Сирдон æма дзæвгарæ рæстæгути æхе нигъгъос кодта. Æрæгиау ба син загъта: «Цæмæй мин хист кæнун кæнтæ мæ мадæн, ку зонетæ, ке неци мæмæ ес, уой, уæд?»
– Нæхуæдтæ дин ратдзинан, адæм дин ратдзæнæнцæ. Æрæмбурд кæнæ дæ хæстæгутæй, лимæнтæй, æнæ хист ба ма уадзæ дæ фæллонгун мади, – зæгъгæ, ин загътонцæ адæм.
Гæнæн нæбал адтæй æма адæмбæл хæтун байдæдта, коргутæ исаразта æма коргутæ æмбурд кодтонцæ – кæцæй хуар, кæцæй ко- сæрттаг, Сирдон æ мадæн хист кæнуй, зæгъгæ.
Ку ‘рæмбурд кодта косæрттæгтæ ‘ма хуар устур хистæн, уæд хисти ци гъудæй, уомæй дзæвгарæ рафулдæр æнцæ. Сог раласун кодта, дугъосуг ниссадзун кодта æма бæгæни кæнун байдæдта. Бæгæнигæнæг, æдулидæр к’ адтæй, уой искодта æма ин дугъосуги кæд инсæй хаййи гъудæй, уæд си Сирдон ба еунæг зади хай никкæнидæ, донæй ба ‘й байдзаг кæнун кæнидæ дугъосуг. Уотемæй къуар бони фæббæгæни кодта. Бæгæнигæнæг бон-изæрмæ донмæ фендзаридæ. Адæмæй и тургъæ байдзаг æй, фал Сирдонæн æ зунд æхемæ адтæй: «Мæн мадæ мæрдти хуæргæ нæбал бакæндзæнæй, еци косæрттæгтæ ‘ма хуар сумахæн еубойнон искæнæ, уæхæн æдули ба нæ дæн», – дзурдта æ меднимæр Сирдон.
Кæрдзингæнгутæ дæр æрхудта Сирдон æма еу къуар дзоли ра-кæнун кодта. Еунæг аги ‘дзаг карз арахъ искæнун кодта æма хисти бони бæгæнигæнгутæ, кæрдзингæнгутæ æма еу дууæ урдугистæги бамбурд кодта, уæдта син загъта: «Сумах зелæн кæндзинайтæ æма уæ ести рахуæрун гъæуй раздæр, кенæ ба æнæ хуæргæ байзайдзинайтæ», – æма син еу дууæ карки равгæрдун кодта, æма син уони февардта. Карз арахъæй син раниуазун кодта, уæдта сæ бæгæнити цæхгæртæ æма дугъосуг аразунбæл фæццалх кодта. Адæммæ рар-виста хонгутæ, æхуæдæг ба æ зелæнгæнгути астæу æнхæлцæ багæлс-та: сæ еуей инней нихмæ фæййаразидæ, гъома, дан, е уотæ зæгъуй, карк раздæр рантæстæй айкæй, иннемæй бабæй – айкæ раздæр рантæстæй каркæй, зæгъгæ.
Етæ уоми загъд исамадтонцæ, æсхуститæ, æнсæдтитæгæнгæ кæрæдзей. Сирдон ба цума уони ергъæв кодта, уотæгæнæг æхе скодта ‘ма дугъосуг рахъан кодта, уæдта бæгæний цæхгæр – донгинтæ кæми никкодта, уой. Ку сæ рахъан кодта, уæд сæбæл нирдеуагæ кодта, ку мæ фесафтайтæ, Нарти адæммæ хонгутæ ку рарвистон, нур ба мин мæ ниуæзтæ ку ракалдтайтæ æма ма ци цæсгомæй ра-цæудзæнæн Нарти астæу, зæгъгæ.
Сæ хæццæ куд хъаугъа кодта, уотæ ба еу къуар æрбацудæй хистмæ. Сирдон сæ размæ рауадæй æма син радзурдта, мæ бæгæнитæ мин никкалдтонцæ, загъд син раеудагъ æй карк æма айки туххæй, зæгъгæ, æма син се ‘хсæн æнхæлцæ багæлста уонæн дæр. Хист-дзаутæ дæр загъд кæнун байдæдтонцæ: ка – карк хестæр æй, ка ба – айкæ хестæр æй каркæй, зæгъгæ, гъæр кодта. Хисти ке нецибал адтæй, уой дæр базудтонцæ æма некебал æрцудæй Сирдони мади хистмæ. Сирдонæн байзадæнцæ, ке æрæмбурд кодта, етæ.
Еу лæг Сирдони хæццæ хæснæ искодта:
– Уазай æфцæгмæ исхезгæй, æхсæвæй бонмæ ка бабухса æнæ арт, æнæ ниххусгæ, уомæн гал баст.
Сирдон Уазай бæрзондмæ иссудæй æма истадæй уоми; æ хæццæ ба ин лæг рарвиста. Æмбал имæ кастæй гъарæй. Ехæн куд н’ адтайдæ, æма Сирдон Хъуми будури ниууидта арт. Сирдон æ къохтæ кæрæдзебæл раивæридæ, æ цæсгон расæрфидæ:
– Ох, ох, цæхæн арт адтæй, ку мæ исгъар кодта!
Æрцудæнцæ æма ‘й бафарста:
– Гъи, куд, ци, бабухстæй?
– Бабухстæн, бабухстæн, – зæгъгæ, загъта. – Арт дæр нæ никкодтон, хусгæ нæ никкодтон, бадгæ дæр не скодтон.
И æмбали бафарста:
– Æцæги бадгæ дæр не скодта, арт дæр, хусгæ дæр?
– Уотæ адтæй, фал Хъуми будури артмæ æ къохтæ тавта.
– Мадта е арт нæ ‘й?
‘Ма ибæл лæг исидæудтæй, ‘ма нецибал равардта.
– Хуцау дин ма бакомæд! – загъта Сирдон.
Уалдæнги Сирдон косарт никкодта, кувд кæнун, зæгъгæ. Хонгутæ рарвиста, æрæмбурд кодта. Æхуæдæгка, агæ к’ адтæй, уой рæхисбæл ниййауигъта, арт ба фæсдуар никкодта.
Адæм ку æрæмбурд æнцæ, уæд «нæма, нæма?!.» кæнунцæ.
– Гъуйдт, Нарт, ма рауæгæ уотæ! Нæ агæ фунх нæма ‘й!
Ку бауæгæ ‘нцæ, уæдта:
– Арæбий, Сирдон бабæй цидæр бæллах кæнуй, бабæрæг кæнайтæ! Бабæрæг кодта еу лæг æма загъта:
– Гъи-гъæ, и агæ рæхисбæл ниййауигъта косарти марди хæццæ, арт ба фæсдуар никкодта!
– Ци кæнис, Сирдон, дæ миутæй бабæй ку кæнис, ку нæ сайис? – Ци кæнун, – зæгъгæ, загъта, – и арт Хъуми будурæй Уазамæ ку хъæртуй, уæд фæсдуарæй ба тъæригъосмæ нæ хъæртдзæнæй?
Æ хæснæ к’ адтæй, уобæл и лæг басастæй æма ин равардта. E дæр, Сирдон, аги бунмæ бандзарста æма кувд исцæттæ ‘й, æма бахуардтонцæ.
Сирдон æхсири къибила хедбæл хаста. Хед ардæг Хуцау-мæ никкувта:
– А, Хуцау, дæ хуарзæнхæ, дзæбæх мæ баервæзун кæнæ!
Хедæй ку рацох æй, уæдта уотæ фæккодта:
– Хуцау, нур ба мæ дæ фудæнхæ!
Æма æ къах искъуæрдта, æма бахаудтæй, æма æхсири къибила никкалдæй. Фестадæй æма зæгъуй:
– А, уæууæй, Хуцау, мæ дзубанди ди раруагæс æй! Æз гириз фæккæнун!
Æма, дан, Хуцау еунæг еци хатт фæххудтæй.
Берæ мæгурбæнттæ фæйдтонцæ и Нартæ, фал син гъомурун æма æстонг анзæй хъæбæрдæр ба сæ зæрдæ неке басаста.
Еу кæми адтæй, уоми и Нарти лæгъуз ехæн зумæг никкодта æма æ хæццæ ба ма сæ фонсбæл фуд гъомурун ралæудтæй, æма сæ дзурунæ кодта. Фонс некæ-мæбал адтæй; кæмæ бацæуидæ, уомæ еунæг æстор дæр кæвдæсбæл нæбал ниууадзидæ. Æгас Нарти ма байзадæй еунæг Субæлций гъолон гал. Уой ба Субæлци гъомуруни разæй баримахста æ бунккаг, зæнхи буни, авæртти æма æй, æнæ æндæмæ рауадзгæй, медæгдон æма медæгхуарæй хаста.
И уалдзæг гъомурун ку банцадæй, уæд Субæлци дæр æ гал рауагъта. Хумафонæ æрцудæй æма Субæлци æ галæн къохæфсой искодта, уотемæй æхецæн дæр æма, Нартæй кæбæл хъæрттæй, уонæн дæр æрхумæ кодта, æма син баитудта муггаг.
Уæд Хуцау фæххортæ кæнун кодта æма дуйней басугъдæй: зæнхæй кæрдæги халæ дæр нæбал истахтæй. Æрфæззæг æй. Нартæ сæ зæронд тиллæг бахуардтонцæ, нæуæг ба не ‘рхастонцæ æма судæй мæлæтмæ æрифтудæнцæ. Косун ма ке арми æфтудæй?! Нихæсти хъантæй лæудтæнцæ æма Хуцаумæ дзиназтонцæ.
Адæмæй фестунгъон некебал адтæй, уомæ æрифтудæнцæ и Нартæ. Сирдон ба Субæлций гал радавта. Уомæй фезонæгæй æхе исæфсаста, æхуæдæг ба æ дууæ бецъоебæл дууæ æхсæрфæмбали исбаста, æ гаццайæн ба æ фарс фæкъкъæртт кодта æма æй, æ хæлæрттæ æ сидзæбæл давгæ, Нарти Устур нихæсмæ исласта.
Уоми ба Сирдон æфсесæй устур дзурдтæ кодта, адæми мæстæй мард- та. И гаццай хæлæрттæ син сæ билтæбæл раласæ-баласæ кодта, æхуæдæг ба – кæми æ еу рехи фарсмæ, кæми – е ‘ннæ рехи фарсмæ е ‘взагæй равналидæ æма æхсæрфæмбал æрбацъиридæ, уотемæй æй Нарти устур Уорæзмæг фæйдта. Ци имæ исдзурдтайдæ æма мæстгунæй æ хæдзарæмæ баздахтæй. Гъолгун урундухъбæл зустгомау æрбабадтæй æма и сугъзæрийнæ урундухъ æ буни фæрки-фæркгай рахаудтæй. Ци кæнис, цæбæл бабæй исмæстгун дæ, зæгъгæ, имæ дзоруй Æхсийнæ.
Е ба ин загъта:
– ‘Ма цæбæл исмæстгун дæн! И Нартæ судæй мæлунцæ, нихæси нихъхъантæ ‘нцæ. Сирдони налат ба син сæ билтæбæл æ гаццай хæлæрттæ раласæ-баласæ кæнуй æма куд нæ ма мæстгун кæнон?! – Мадта син дæ зæрдæ уотæ кæд æхсайуй, уæдта мæмæ авд медæггойни хуæрзидзагæй лæууй алли дзæбæх хуæрдæ æма ниуæзтæй, æр сæ хонæ æма сæ бафсадæ! Уæхæн бонмæ дин сæ баивардтон, – загъта Æхсийнæ æма Уорæзмæги æ æвæрæнтæ уинунмæ бахудта.
Уорæзмæг дæр сæ фæууидта, ниццийнæ æй, æ дууæ гъунгун сау æрфуги уæлиаумæ исиста æма уотемæй Нарти нихæсмæ рацудæй. Уæдта Нарти федеугутæн дзурд равардта:
– Фæгъгъæр кæнетæ: æ къахбæл цæунгъон ма ка æй, етæ Уорæзмæгмæ цæуæнтæ. Æгас Нартæн къуæре мийнасæ кæнуй!
И федеугутæ фæгъгъæр кодтонцæ. Нартæй цæунгъон к’ адтæй, етæ æрцудæнцæ æма æстæмæй-астмæ Уорæзмæги хæдзари фæммийнасæ кодтонцæ. Ка нæбал фæразта, уонæн ба сæ хæдзæрттæмæ хæйттæ æрвистонцæ.
Æстонг адæм æгæр зудæй ку фæрресонцæ, зæгъгæ, æма син Æхсийнæ æхе къохæй халтъамадон фæллæвардта. Нихъуæрун ка нæбал фæразта, уонæн ба æ еу къохи – фингæ, е ‘ннæ къохи ба – едуг, уотемæй хуæрун кодта. Къуæрей уæнгæ æстонг адæм рафедар æнцæ, цæунгъон рацæнцæ æма алке, æ сæрæн ци мадзал, уой кæнун райдæдта. Уотемæй и Нартæ судæй мæлæтæй раервазтæнцæ.
Сирдон ку мардæй, уæд æ уосæн загъта:
-Æгъдау куд æй, гъеууомæ гæсгæ мæбæл сау дардзæнæ, фал дин фæдзæхсун дууæ гъуддаги: медгъун кæрцæ ма бадарæ, тæвдæ хуæруйнаги фæсте уазал дон макæд баниуазæ, – уæд дуккаг мард ракæндзæнæн.
Рамардæй Сирдон æма си æ уосæ ба арази кæми адтæй: мæстгун имæ адтæй æма фудæнæн медгъун кæрцæ фæддардта, æма ниссистæ ‘й, исцола æй. Уой хæццæ ба тæвдæ хуæруйнаги фæсте уазал дон ниуазгæ, ку нæ ‘й гъæуидæ, уæддæр æма æ коми дæндаг нæбал байзадæй.
Сирдон æ мæлæти разæй æ гъæуæн дæр бафæдзахста: «Нихæсæнгæрон мæ ма байвæретæ». Етæ баздахтæнцæ æма ‘й тæккæ ни-хæси хурфи байвардтонцæ фудæнæн.
Естæбæл загъд ку цæуидæ лæгти ‘хсæн, е æлгъетгæ ку кæнидæ, е ба æндæр ести, уæдта æууæндун ку кæнидæ еу инней, уæддæр фæлдистонцæ Сирдонæн сæхе: «Кæд мæнгæдтæ дзорун, уæд мæ Хуцау мæнæ Сирдонæн бæхæй фæххæтун кæнæд!» Кенæ ба: «Сирдонæн фæлдист фæууо, Сирдонæн бæхæй фæххæтæ!» – æма æндæртæ. Уæд Нартæй кадæр æргъуди кодта, а Сирдонæн е ‘гасæй нæбал фæразтан, нур ба ма ин æ мардæн дæр нæхе фæлдесæн, – донмæ ‘й рагæлдзун гъæуй, зæгъгæ. Искъахтонцæ ‘й æма ин е стгутæ дони багæлстонцæ. Сирдони истгутæ дони ку багæлстонцæ, уæд фæстæмæ æригас æй æма исæздахтæй Нарти ‘хсæнмæ. Еугур мард гæнæн н’ адтæй Сирдонæн.
Сирдон адтæй Донбеттирти хуæрифурт æма ин æ мард дони ку багæлстонцæ, уæд æригас æй. Дон æй фæл-ласта æма еу тагрæбун сормæ рахизтæй.
Нарти гъæумæ фæццæуй æма сæмæ исхъæрттæй.
Дзоруй сæмæ:
– Уæ бон хуарз, Нарти зæрæндтæ!
Етæ дæр имæ никкастæнцæ:
– Мæнæ дессаг! А Сирдон ку æй æма бабæй ку фæззиндтæй, фусти дзоги хæццæ.
– Æгас цо, Сирдон! Цирдиги, кæми фæффонс кодтай, – зæгъгæ ‘ймæ дзорунцæ Нарти зæрæндтæ.
Сирдон сæмæ дзоруй:
– Уой ба ци хонетæ? Мæнæ мæ дони ку гæлстайтæ, уæд мæ исафгæ кодтайтæ, æз ба дони рацудтæн æма, гъе, атæ фæффонс кодтон! – Корæн ди, Сирдон, махæн дæр дæ цæстæ бауарзæд, е ба мах дæр кæд фæффонс кæнианæ.
Уæд сæмæ Сирдон дзоруй: «Цæмæннæ уин æй байамондзæнæн, нуртæккæ дони минкъий фонс ес? Сумах дæр уæхе дони бакалетæ æма уæ цæй бæрцæ гъæуа, уой бæрцæ истæрдзинайтæ. Мæн фулдæр нæ гъудæй, æндæра истардтайнæ».
Нарти адæм, уоми к’ адтæнцæ, етæ еугурæй дæр сæхе дони бакалдтонцæ.
Сирдони зæрди дзахана фæййинун æрæфтудæй, тæре-гъæдгунтæ кумæ цæунцæ, зæгъгæ, æма ‘й Барастур дзаханамæ бахудта, æма ин фиццаг уой фæййинун кодта, уæдта ‘й дзенетмæ бахудта, æма ин алци фæййинун кодта. Уæдта фæстæмæ ку раздахтæнцæ, уæд Сирдон еци хийнæ æримиста æма æ басмухътæ дзенети ниууагъта, æма, æндæдуар ку фæцæй, уæдта загъта:
– Æллах, æллах, мæ басмухътæ ку байронх дæн!
Барастур ин зæгъуй:
– Æз дин сæ радавдзæнæн!
Сирдон ба: «Нæ сæ иссердзæнæ, мæхуæдæг сæ радавдзæнæн», – зæгъгæ.
Æма ку фæммедæг æй, уæд ибæл дуар рахгæд æй, æма уоми æгасуодæй байзадæй. Кæд Нартæн берæ фудæбæнттæ фæййинун кодта, уæддæр æ зæрдихатт хуарз адтæй.
ХÆМИЦ ÆМА БАТРАЗ
Нарти нæртон Болат-Хæмиц, еу хатт кæми адтæй, уоми цауæни фæццудæй. Æстæмæй-астмæ фæххаттæй æма нецæбæл рамбалдæй. Судæй мæлæтмæ æрифтудæй зæронд Хæмиц, уотемæй æ уæластæн æртæ бони хæтун байдæдта.
Фæстаг бон изæрæрдæмæ еу сау гъæдæмæ рафтудта. Еу къулдунбæл фæццæуй, коммæ кæсуй нæртон Хæмиц æма уинуй: адаги медæг еу лæг саг рамардта æма æй кæстау кæнуй.
Цæмæннæ ниццийнæ адтайдæ и судæймард лæг?! Ниййимæ цудæй Устур Хæмиц, кæсуй æма дин е ба – дæргъцæмæ идзестæ, уæрхцæмæ улинкъæ, уæхæн лæг.
Хæмиц имæ дзоруй:
– Уæ, берæ дин Хуцау ратта!
– Еумæ нин æй Хуцау равардта, – загъта Улинкъæ, – рабадæ, нуртæккæ нæ косарт цæттæ уодзæнæй!
Хæмиц исбадтæй æма сагъæстæ кæнуй: «Æхуæдæг мин нæ уосæн хæлайфаг, æ сирди мард ба мин фæндаггаг», – æхуæдæгка дзоруй Улинкъæмæ:
– Бадгæ бæргæ искодтон, фал мæ истун кæндзæнæ дæ саги мард хатунмæ!
Минкъий мæрздухъ лæг дæр саги мардæн æ еу фарс растигъта, уæдта æй æ еунæг къохæй иннердæмæ фесхуста æма и саги мард ецирдæмæ бахъан æй.
– Цидæр æй, уæддæр аци хатт мæ аккаги лæгбæл фембалдтæн! Саги мард уотæ рæуæг ка рахатæ-бахатæ кæнуй, е мин ести замана кæндзæнæй, – дзоруй æхецæн Устур Хæмиц.
Улинкъæ дæр æ саги мард рафснайдта, дууæ ухсти фезонгутæй райдзаг кодта, хускъæ согтæй циргъ арт ракодта æма и фезонгутæ уой фæрстæмæ æрсагъта. Устур гур-гургæнгæ арти фæрстæмæ цæх-цæх кæнунцæ сирди фиди фезонгутæ. Хæмиц бадуй арти фарсмæ æма æнкъард гъудитæ кæнуй:
– Аци лæги хæццæ ести хæстæгдзийнадæ нæ астæу ку нæ уа, уæд мин ести фидбилиз араздзæнæй.
Æрæги-дурæги ба имæ дзоруй:
– Нæ дæ зонун, мæ хуарз фусун, фал дæ хæццæ хæстæг ку уайнæ, уотæ мæ фæндуй.
– Æз дæн Тæтæрай фурт, Тæтæрати авд æрвадей кæстæр; ес нин махæн еунæг хуæрæ. Æнвæрсис ибæл бийнойнагæн, уæд дин æй дæттæн! Уомæн æ дуккаг бон, сæумæраги Тæтæрати авд æрвадей кæстæр – Улинкъæ æма Нарти нæртон Болат-Хæмиц ранæхстæр æнцæ æма, раст дууæ изæрей астæу, æрбахæццæ ‘нцæ Тæтæратæмæ.
Изæрæй Улинкъæ Хæмици бакодта æ хуæри уатмæ. Уати медæг сире къела, уой уæле ба горцъе æма бунбули баз. И бази сæрбæл ба хæфсæ бадуй; тохонай рæбун дæллаг тъæрæбæл ба – зæронд уосæ, и кизги мадæ.
– Гъе, е дин нæ хуæрæ, – загъта Улинкъæ, – нæ мадæ ин хори уиндæ æма зæнхи уазал ниндæ кæнуй. Хæлар дин уæд!
Нæртон Хæмиц сагъæсти бацудæй:
– Нарти æхсæнмæ хæфсæ уосæн куд фæххондзæнæн æма æй куд фæддардзæнæн, Хуцау мæ ку фæйдта, – зæгъгæ.
Дæ бон хуарз, кизгай, зæгъгæ, исдзурдта Хæмиц.
Хæфсæ дæр фезмалдæй, æ цар раласта æма дин е ба сугъзæрийнæ æстуггин кизгæ. Кизгæ е ‘ндæргъцæ фестадæй, æ дууæ сугъзæрийнæ дзиккой æ размæ æргæлста; æ сау æрфгутæ – сунти базуртау, æ дæлахъуртæй ба хортæ-мæйтæ ходунцæ, – гъе, и кизгæ ба дин уæхæн адæймаг.
Хæмиц æ фур цийнæй кæфойни зæронд фестадæй, еу рауæн нæбал лæудтæй.
Куд æй, мæ хуæрæ æма дæ бийнонтæ дæ зæрдæмæ цæуй, зæгъгæ, дзоруй минкъий Улинкъæ Болат-Хæмицмæ.
– Æ мади фæндæуагæ уæд, – загъта ин Хæмиц æма фæсдуар сиахси бунати исбадтæй.
– Мадта нæ Хуцау фесгун хæстæг искæнæд! Нур ба дин æз мæ кизгæ еци æгъдауæй дæттун, æма дин æй зæнхонуг адæймагæй куд неке фæууина æма базона, уотæ. Ци бон æй Нарти адæм базононцæ, еци бон ба мин æй фæстæмæ мæ къох куд иссерун кæндзæнæ, уобæл ба мин уасхæ зæгъæ, – загъта и мадæ.
Хæмиц дæр уасхæ равардта æма и хæфси æ дзиппи ниввардта, æма уотемæй ниффардæг æй Нарти Устур гъæумæ.
Ци рацудæй, Хуцау зонуй, уæд Нарти æфсийнæ – Сатана æгас Нартæн кувд исаразта. Нартæй æ къахбæл цæунгъон ка адтæй – минкъиййæй, устурæй, лæгæй, уосæй, етæ еугурæй дæр еци кувди адтæнцæ. Лæхъуæнтæ, кизгуттæ кафгæ кодтонцæ, Æхсийнæ-æфсийнæн æ зæрдæ æлхæдтонцæ. Лæгтæ æма уоститæ ба къуар-гæйттæй æмбурди бадтæнцæ.
Хæмиц дæр, Ауари рæсугъд Агундæ æ дзиппи, уотемæй еци æмбурди бадтæй. Æмбурди синонхаст ба Нарти хийнæ Сирдон адтæй.
Сирдон æмбурдмæ ку рацудæй, уæд æ синон Нарти зæрæндти сæртæбæл ниппурх кодта æма гъæртæ кæнун райдæдта:
– Нартæ! Хуцау уин ма бакома, уостити Нарти зæрæндти рæнгъæбæл сæ дзиппити ка даруй æма уотемæй æд нæуæгдзуд уоститæ кувдтитæбæл ка хæтуй!
Уæд Хæмицæн, æ уасхæмæ гæсгæ, гæнæн нæбал адтæй æма еци гъæйтт сахат фестадæй, æма æ уоси Тæтæратæмæ фæххаста, æма æй æ мади къох иссерун кодта.
И уоси æ цæгатмæ ку худта, уæд ин æ дууæ уоней астæу балис- тухъ кодта. Уобæл и уосæ бауæззау æй. И уосæ æ бæнттæ нимайун райдæдта æма е ‘нгъуд ку æрхъæрттæй, уæдта Хæмицмæ рарвиста; æ уонти астæу бакъæртт кæнун кодта æма уордæгæй ба сувæллон фæххудтæй. И сувæллон ба адтæй Батраз.
Хæмиц и сувæллон райста æма æй сæхемæ исхаста. Ауари рæсугъд Агундæ ба уой адæбæл уати бахаудтæй æма рамардæй. Æ мард ин Хæмиц Нартæмæ исласта æма æй, æхецæн ци нæуæг уобай искодта, уоми баивардта.
ЗОЛАХЪ ФÆРДУГ ÆМА ФÆНДУРИ ФÆЗЗИНД («Болат -Хæмиц»-æй)
Ауари кизгæ, нур мæлдзæнæн, зæгъгæ, уæдта загъта Хæмицæн: «Мæ хъиамæтæй дæбæл неци ес, фал мæ æртæ æхсæви багъæуай кæнæ!» Ауари кизгæ рамардæй.
Хæмиц æй гъæуай кæнун байдæдта, е стур кæрцæ искодта уæлæфтауæй, æ церхъ ба уой медæг баримахста.
Дууæ æхсæви багъæуай кодта; æртиккаг æхсæвæ ба Руймон æрбалæстæй уобаййи дуари цъасæй ‘ма и мардмæ æ гъæлæс куд фæххæлеу кодта, уотæ ба ‘й æ церхъæй расæрфта.
Руймон дууæ ‘мбеси рахаудтæй ‘ма фиццаг æрдæг лæсун рай- дæдта, ‘ма еу фæрдуг æрхаста. И дууæ лухи еумæ бакодта, уотемæй ма сæбæл æй æрсæрфта ‘ма ниццæфстæнцæ.
Хæмиц фæллæуирдта ‘ма фæрдуг барæмугъта, ‘ма ‘й мардбæл сæрфун байдæдта, ‘ма мард æрабадтæй. Уæдта æ фиййаг лæдзæгбæл сæри хъаболæ бакодта, и кизги дзиккотæй ба ин тæнтæ искодта ‘ма ибæл уотемæй цагъд искодта уобаййи хурфи.
Уæд изæрæй уоститæ сабатизæри æрцудæнцæ ‘ма фæндури цагъд уобаййи хурфæй ку фегъустонцæ, уæдта фæстæмæ фæллигъдæнцæ. Адæм дессагмæ æрцудæнцæ ‘ма уордигæй Ауари кизгæбæл дуккаг алай никкодтонцæ.
УОРÆЗМÆГ ÆМА ХÆМИЦ ХЕСТÆРДЗИЙНАДÆБÆЛ КУД ДЗУРДТОНЦÆ
Уорæзмæг æма Хæмиц сæ лæги бæрцæмæ ку рахъæрттæнцæ, уæд хестæрдзийнадæбæл дзорун рай-дæдтонцæ. Æхсийнæмæ бацудæнцæ, ба ‘й фарстонцæ ‘ма син е загъта: «Æз уин неци зонун, æз уæ кæстæр дæн, фал уæхецæй хестæр ка ‘й, е фæсхонх цæруй ‘ма уой бафæрсетæ».
Бæхтæбæл сбадтæнцæ, цæун байдæдтонцæ ‘ма фæсхонх еу фæсалгунмæ бахъæрттæнцæ. Дзоруй Уорæзмæг Хæмицæн:
– Не ‘ркъетæн ци кæндзинан, фæсалæ ку ратонисæ.
Хæмиц дæр рагæпп кодта ‘ма фæсалæ ратудта, уæдта зæгъуй: – ‘Ма син ци кæнæн?
– Дæ фæсабæрцæ сæ бабæттæ.
Е дæр сæ бабаста, идарддæр фæццæунцæ, æрхъæрттæнцæ. Æрфестæг æнцæ ‘ма сæбæл цийнæ кæнуй сæ хестæр хуæрæ, сæ бæхтæ дæр син бафснайдта, хуæрун дæр син бакодта, уæдта сæ фæрсуй:
– Кæми адтайтæ, ка некæд цæугутæ?
– Хестæрдзийнадæбæл нæ федауæн ‘ма хийнæ ма ракæнæ, нæ хестæр хуæрæ дæ ‘ма нин зæгъæ!
Ниххудтæй сæбæл ‘ма син загъта:
– Уæ хестæр уæхуæдтæ ку рабæрæг кодтайтæ, – уæртæ фæсæлттæ ке фæсабæрцæ ‘нцæ, е уæ кæстæр.
Хæмицæн гъигæ цæмæн н’ адтайдæ, рамæстгун æй ‘ма загъта: – Бориати хæрæг дæбæл слæуерæд!
‘Ма еци хæрæгæн куддæр загътайсæ, уотæ ин æнæ ‘рбацæуæн н’ адтæй ‘ма имæ уæртæ æрбауайуй.
– Уæ, м’ арт! Ма мæмæ ‘й æрбауадзæ ‘ма дæуæн дæр еу скурдиадæ скæндзæнæн!
‘Ма имæ хæрæг не ‘рбауагъта.
– Кæмæ æрхицæ кæнай силæстæгæй, уомæ дæ дæндаг ку фæззихъир кæнай, – цалинмæ ибæл сæмбæлай, уæдмæ ин Хуцау сдзæбæхиадæ ма раттæд!
Уæхæн скурдиадæ ин равардта. Уорæзмæг хестæрæй байзадæй. Сæ хæдзарæмæ рандæ ‘нцæ. Хæмицæн ба уæхæн скурдиадæ адтæй, – кизгæмæ æ болат дæндаг ку равдесидæ, уæд банæлæг уидæ ‘ма фæссæйгæ уидæ, цалинмæ æ хæццæ фæууидæ уати, уæдмæ. Адæмбæл хаттæй ‘ма ин хуæзголтæ еу дууинсæййи бæрцæ иссæй.
Гелæхсæртони кизгæ Агундæ-рæсугъд к’ адтæй, е фарста е ‘нгарти:
– Кæмæн æнцæ аци дзауматæ?
Сагъæдахъи бæндæнтæ, æндæртæ ин кодтонцæ ‘ма «Болат-дæндаг Хæмицæн», зæгъгæ, загътонцæ.
– Уе ‘гæр калайтæ, ци уæмæ кæсуй симæр дæндаг!
Кадæр æй Хæмицæн радзурдта ‘ма ибæл зелæн кæнун байдæдта, фал ин фæууинуни мадзал нæ ирдта: мæсуги бадтæй Агундæ. Берæ бæнттæ ибæл рацудæй, уæддæр ин мадзал нæ ирдта. Уæдта Гелæхсæртон кувд кодта ‘ма имæ æмбурд адтæнцæ адæм. Хæмиц дæр сæ тургъæмæ бацудæй ‘ма, уæцъæфи лæхæ кæми калдтонцæ, уордæмæ æхе баиста, нур ку рацæуонцæ, уæд мæхе рауадздзæнæн, зæгъгæ. Уæдта, тог к’ адтæй, уоми æхе сæвдулдта.
Ку рацудæнцæ, уæд, мæнæ еу лæг рамардæй, зæгъгæ, ‘ма ‘й ракæнæ-бакæнæ кæнунцæ; æ цæсгон дæр нæбал зиндтæй. Уæдмæ ба Агундæмæ дæр сигъустæй ‘ма æ сæргъи æрбалæудтæй. Хæмиц имæ уæд болат дæндаг фæззихъир кодта ‘ма Агундæ банæлæг æй…
Уæдта гæнæн нæбал адтæй ‘ма имæ Хæмици схудтонцæ. Лæг æма уосæ ‘ссæнцæ ‘ма Агундæ сдзæбæх æй. Уотемæй байзадæнцæ етæ.
Еу бон кæми фæууй, уоми Уæрппи бæрзондæй æртæ лæги бæргæ рацæуй: Хæмиц, Сослан, Къантдзи фурт Сæу-уай.
Хæмици фурт Батраз хуæнхаг лæг адтæй; Уазай бæрзондæй син кæстæрæн хаттæй.
Нарти гуппургинтæ Бестауи бæрзондмæ бæргæ æрæмбурд æнцæ; устур синдбæл бæргæ ниххуæцунцæ. Семунцæ, кафунцæ Нарти гуппургинтæ, Акула-рæсугъди рафецаунмæ бæргæ æнгъæл кæсунцæ. Уалæнги сæбæл Нарти нæртон зæронд Уорузмæг е стур æрфæнбæл бæргæ æрбагъазуй.
– Цæбæл кафетæ, цæбæл семетæ, ревæд уæйрауæй бæстæ уæ сæрбæл цæмæн хæссетæ?
– Цæбæл кафæн, уой ба дин куд нæ зæгъдзинан: Хъара-денгиз æма Ахъ-денгизи астæу цæруй бæстæбæл хуарз Акула-рæсугъд. Алли бон дæр арви кæрæнттæбæл æртæ зелæни кæнуй. Кæдимайди ма æ еу разилди æ цæсти æнгаст мах фæууианæ æма ни ескæмæ æрхицæ кæна! – Уæ, куйти Нартæ! Ци мин дæттетæ, æз уин Акула-рæсугъди ку фæууинун кæнон аци сахатбæл?
– Мæ уайгæ бæх дин æз ку дæтдзæнæн!
– Мæ кæрдагæ кард дин бæргæ раттинæ, – дзорунцæ кафгæй Нарти гуппургинтæ, кæрæдзей цъухæй дзурди сæр есгæй.
– Уæй, тæходуй! Уорузмæги зæронд ма уæхæн лæг ку уайдæ, Акула- рæсугъди ардæмæ ка æрсайа, – ме ‘хсагæ сагъæдахъ ин нæ бавгъау кæнинæ, – уотæ ин зæгъуй минкъий Батраз. Уорузмæги зæронд уайунтæ, ледзунтæ уæд ку райдайуй. Хъара-денгиз æма Ахъ-денгизи и сакъадахи, Тамани будури, арвæй зæнхи астæу æрхи мæсуг бæргæ бауинуй. Цæунтæ, уайунтæ уомæ бæргæ байдайуй. Дууæ изæрей астæу имæ хæстæгутæ кæнун бæргæ райдайуй.
Уорузмæгæн æ бæх адæймаги æвзагæй æнхæст ку адтæй.
– Куйтæ дæ бахуæрæд, мæсуги размæ ку ниццæуай, уæд ма мин тæрун ку ракомай, уæд! Нæмдзæнæн дæ, – зæгъуй Уорузмæг, – алли фуд какола дин æз ку кæндзæнæн, ду ба дæхе искъулух кæнæ, дæхе рахъан кæнисæ, кæдимайди ма Акула-рæсугъд, дæу тæрегъæдмæ кæсгæй, мæсуги сæрæй æракæсидæ!
И бæхæн Уорузмæг куд бафæдзахста, раст хайуан уотитæ бæргæ никкæнуй.
Уорузмæг нæмуй æ уарзон бæхи; дæргъцæй, уæрхцæй арха-йуй, фал бæх не ‘нкъусуй.
Акула-рæсугъд кæсуй къæразæй; дес, тæмæстæ кæнуй и зæронд лæгбæл. Уалæнги имæ æ фæсдзæуийнæ бæргæ рарветуй, фæггæдзæ кæнун нæбал фæразта:
– Цо, кизгæ, еци зæронд лæг ду бауорамæ! Е, устур маст кæмæ ес, уæхæн лæг ку æй; е тограсуг æй, уосæнсанст æй æ цард; æ хуæрди бæрæг ка нæбал нимайуй, уæхæн лæг ку æй. Æ бæрæг ин, мæ хор, ду æрбахæссæ!
И фæсдзæуийнæ кизгæ Акулай дзурдмæ куд нæ игъустайдæ. Коруй Уорузмæгæй æринцойнæ ун.
– Дæ бон бакалай, мæнæ хъал кизгæ! Фусунмæ цæун рæстæг мин ку адтайдæ, уæд ардæгæй уæлæмæ дæр сумах хузæн тапга ес-кæми иссердтайнæ, фал уобæл нæбал дæн. Арган-Аурген æфсæдтæ кæнуй Хъара-денгизи билæмæ, мæ хуæри гъæумæ. Ахсæви еци æфсадæн æнæ æрбахъæртун нæййес, гъема уой фæдеси мæ хуæрæмæ цæун, кæдимайди ма æй раефхæссинæ!
И фæсдзæуийнæ кизгæ Акула-рæсугъдæн еци хабæрттæ куд нæ ракодтайдæ. Акула-рæсугъд ба æфсади хабарæй куд нæ фæттарс-тайдæ æма Уорузмæги зæрондмæ мæсуги сæрæй куд нæ ракастайдæ!
– Ахсæви ами лæууæ, хуарз зæронд лæг! Дæ бæх дæр бауолæфун кæнæ, исон ба, Хуцауи ка фæндæ уа, е уодзæнæй, – коруй Акула- рæсугъд.
Уорузмæги зæронд исарази æй, хуæздæр ма Хуцауæй ци ракурдтайдæ. Сæумæ рагигомау бæргæ фестадæй, æ кæсæнцæститæ Хъара-денгизмæ бæргæ саразуй: дестæ, тæмæстæ кæнун е ку сидайуй æцæги хузæн.
– Хуцауæн табу, Арган-Аургени æфсæдтæ саухал-æнвæтæнæй æрбалæсунцæ, дуйней будуртæ æримбарзтонцæ, мæ хуæри гъæу дæр мин ниппурх кодтонцæ! Алке уи, æ сæрæн ци мадзал, уой кæнæд, æз фæстæмæ цæун!
– Мадта мæн дæр дæ хæццæ хонæ, – æр имæ хаттæй Акула-рæсугъд. – Кумæ дæ хонон, мæхуæдæг исæфгæ гæнгæй, дæ хъурмæ-дзийнадæмæ кутемæй кæсон, ку неци зонун!
Æрæги-дурæги ниййарази уй зæронд Уорузмæг, Хуцауæй ке курдта, еци гъуддаг куд нæ райстайдæ! Акула-рæсугъд хъæндзалгун уæрдунбæл æхсæз бæхи баефтиндзун кодта, Уорузмæги æ фарсмæ исбадун кодта æма уотемæй ранæхстæр æнцæ. Ци рацудæнцæ, Хуцау дæсни æй, уæдта Бестауи бæрзондæй Нарти семгутæ зиннун райдæдтонцæ. Акула-рæсугъд дæр дзоруй Уорузмæгмæ:
– Ци уодзæнæй цума еци сау æндарг?
– Æвæдзи Нарти хъалауртæ æнцæ, æфсади хабар фегъустай-уонцæ! Ис сæмæ хъæрттæнцæ æма дин етæ ба – Нарти гуппургинтæ кафунцæ, семунцæ Бестауи бæрзондбæл. Хъæндзалгун уæрдун сæ рази æрлæудтæй. Акула-рæсугъд сæмæ къæразгæй кæсуй. Нæрæмон Сослан нæбал фæллæудтæй, е ‘уæнгтæ исцагъта æма дзоруй:
– Ацал-ауал бони мах ами дæу туххæй ку кафæн, нур ба ди корун, мæ хæццæ ракафæ!
– Бæргæ хуарз лæг дæ, дæ хæццæ дæр ракафинæ, фал хуæнхаг лæг дæ æма дин де ‘ркъети фæсалæ ку нæ барæвдзæ кæнон, уæд нæрæмон дæ æма мæ бахуæрдзæнæ!
Ме ‘ркъей бунæн фæхъау фæууо, зæгъгæ, имæ е ‘ркъей бун фæххатта Сослан, æхуæдæг ба уонтæбæрзонд æма сæргубурæй семун райдæдта.
Уой фæсте ба имæ Уорузмæги зæронд æ уонтæ исцагъта:
– Рауай-ра, кизгæ, мæн хæццæ искафæ!
-Неци ракафдзæнæн дæу хæццæ дæр: уалдзигон кæрдæгау дæ уорс æма дæ сау исхæлæмулæ ‘нцæ.
Уæдта имæ Къантдзи фурт Сæууай æхе бахатта:
– Æрцо мадта, мæн хæццæ искафæ!
– Дæу хæццæ ба бæргæ ракафинæ, фал дин устур лæгтæй еске мæ къохи рæуаги дæ къох ку фелхъева, уæд дин фæллихъæ уодзæнæй. Æнккæтей фæстаг ба имæ дзоруй Хæмици фурт минкъий Батраз: «Мадта мæн хæццæ ракафæ, кизгæ!»
– Гъай-гъай ракафдзæнæн дæу хæццæ ба: Нарти æхсæн æнай-йепп еунæг ду ку дæ! Фал дæумæ дæр еу аййепп ба ес æма уой ку бафæразисæ иссерун, уæдта мин æмбæлуй дæ хæццæ кафун: Хъæндзæргæс, базургин, æвдсæйрон уæйуг дин дæ фиди фиди – Уони фæсхонхмæ фæххаста, æхецæн æй бæхгæс искодта, æ байрагдзар къæредæ ибæл ниссистæ ‘й, ниллискъæ ‘й. Хор бони ибæл нимпулуй, уарун бони ба ин райвулуй, уотемæй цæруй. Уой уордигæй ку рахæссай, уæд мин æмбæлуй тæккæдæр дæ хæццæ кафун, – загъта Акула-рæсугъд æма уæрдуни къæразгæ æ фæсте рахгæдта.
– Уæ, куйти Нартæ! Додой мин уæ сæртæ кæнуй, уæ синд ку фехалайтæ, мæ бийнойнаги ба мин ести зулун дзурдæй ку исзæрдихудт кæнайтæ, уæд!
Хæмици фурт минкъий Батраз æ бæхбæл æхе багæлста æма æ хæдзарæмæ æрбацудæй, æма дзоруй æ мадæмæ:
– Нана, уæ нана! Нарти хæтæг адæм хæтунмæ цæунцæ æма нæ фидæй е карди зæронд, е бæхи зæронд, е саргъи зæронд кæд ескæми байзадæй, уæд мин сæ байамонæ, е ба æз дæр æмбалхай æрхæссон! – Уæ, нана дæ рунтæ бахуæра, ду мин дарунгъон, кенæ ба хæтунгъон ку уайсæ, уæдта дин дзаумаутæ ба бæргæ иссерианæ. Уæртæ нæ медæггойни æфсæн кирæ дæ фиди фиди дзаумаутæй хуарз идзагæй лæууй; ба имæ цо, хатиагау имæ исдзорæ, байгон дин уодзæнæй æфсæн кири дуар æма дæ ци гъæуа, уони райсæ.
Хæмици фурт минкъий Батраз медæггойнæмæ бацудæй, хатиагау исдзурдта и кирæмæ. Зæлланггæнгæ байгон æй и кири дуар. Æсхъæрæй, церхъæй æ зæрдæ кæмæ æхсайдта, уони æ уæле æрæфтудта Батраз æма уотемæй æ мадæмæ рацудæй:
– Нана, уæ нана! Зæгъгæ, куд мæбæл федаунцæ мæ фиди дзау- маутæ?
– Уæ, нана дæ рунтæй бафсæда! Куд дæбæл федаунцæ: хор хуæнхтæбæл куд федауй, уотæ дæбæл де схъæр федауй; уалдзигон æртæх нæуæг кæрдæгбæл куд æййева, уотæ ба дæ ронæбæл – дæ церхъ, æндæра дæбæл куд федаунцæ?!
– Мадта мин, нана, рагъæн – рæуæг, хъæстæн – дзæбæх, уæхæн хуаллаг ракæнæ: балци цæун! Дæхуæдæгка, мæ фиди фидæй е саргъи зæронд, е бæхи зæронд кæд ескæми байзадæй, уæд мин уони байамонæ!
– Уæртæ иуазæгдони дæ фиди фиди саргъ æма идонæ и рагъæнбæл, райсæ сæ æма сау гъæди даргъдæр ци сибулдзæ бæласæ ес, уомæ исхезæ, æма уордигæй дæ идонæ бателæ, уæдта дæмæ хæл-хæлгæнгæ фелвæсдзæнæй дæ фиди фиди уорс æрфæн, æма дæ лæгигъæдæ æма дæхуæдæг, бадун ибæл бафæразæ, уæдта дин е бæхæн бæздзæнæй. На, æма ибæл бадун нæ бафæразтай, уæдта имæ мабал æнгъæл кæсæ! Батраз фегъуста æ мади дзубандитæмæ, райста æ фæндагмæ рагъæн рæуæг, хъæстæн дзæбæх ка адтайдæ, уæхæн фæндаггаг æма уотемæй рандæ ‘й æ рæвдзæй – саргъæй, идонæй.
Минкъий Батраз, сау гъæди устурдæр ци сибулдзæ адтæй, уомæ исхизтæй. Уой сæрæй ба е ‘донæ ниттилдта æма имæ Уони уорс къода аласа, уæлвидæнтæ æруагъта, уотемæй хæл-хæлгæнгæ æрхъæрттæй. Батраз дæр имæ цурд лæудтæй, идонæ ибæл рафтудта, саргъ ибæл фенгон кодта æма ибæл æхе багæлста. И хъал бæх дæр æхе æртæ хатти фехста æма сау гъæди бæлæстæй мегъи астæу рагъазидæ. Батраз дæр æртæ цæфи уæхæнттæ фæккодта, æма и бæхæн æ фæрстæй æркъехуартæ исхауидæ, уæдта æй æрбамбурдтæ кодта, ни ‘й гъазунтæ кодта æма имæ дзоруй:
– Хæрæги къæлæу! Ду бал мæнæн мадзалагъонмæ уаргъхæссæнæн исбæздзæнæ!
– Ду ба, къолибадæг, мæнæн бадæгæн бæздзæнæ мадзалагъонмæ, – фæккомæги имæ æй и уорс æрфæн.
Хæмици фурт минкъий Батраз æхе барæвдзитæ кодта æма ранæхстæр æй. Цудæй æма дæргъцæ уæрхцæмæ æвгарста. Ци рацудæй, Хуцау зонуй, уæдта имæ и бæх фæккомæги æй:
– Нур кумæ цæуис, фæндаг зонун хуарз æй?
– Мæ фиди фиди мин Хъæндзæргæс, æвдсæйрон уæйуг, фæххас-та хонхи фæстемæ æма уой агорунмæ цæун.
– Е дæ арми кæми бафтуйдзæнæй, – загъта и бæх, æхуæдæг ба æ цæстисугтæ æркалдта. – Дæ фидæ дæр еци уæйугбæл берæ фæййархайдта æма ин неци фæрæзнæ иссердта, æ бацæуæнбæл и уæйугæн дууæ хонхи фурау тохуй. Уонæн сæ фæххецæни æртæ цæфи уæхæнттæ ку бафæразай, æма мæ фæрстæй æркъехуартæ куд исхауа, дæхе армитæй ба – уæфсæгтæ, уæд фæууордæг уодзинан, кенæ ба æз дæр æма ду дæр – исæфт! Еу хатт дæ фиди фидæ мæ æнхæст цæвун нæ бафæразта æма мин хуæнхтæ мæ думæг æрбаргъавтонцæ, уæдæй ардæмæ фæкъкъода дæн.
Еци дзубандигæнгæй, цидæр адтæй, исхъæрттæнцæ, хуæнхтæ фурау кæми тохунцæ, уордæмæ. Хæмици фурт Батраз дæр æ бæх нигъгъазунтæ кодта, æрба æй æмбурдтæ кодта, хонхæрдæмæ æй фездахта æма, и дууæ хонхи кæрæдземæй куд фæххецæн æнцæ, уотæ ба ин æртæ цæфи уæхæнттæ фæккодта, æма и бæхæн æ фæрстæй æркъехуартæ исхаудтæй, Батрази арми тъæпæнæй ба – уафсхуартæ.
Бæх дæр ратæррæст ласта, хонх уордæг фæцæй. Хонх уордæг зæнхæ лигъз къулдунтæ-къулдунтæ рахаста. Уонæбæл ба еу æрдæгæй бæхæргъæуттæ æма гъогæргъæуттæ, халæ пихсау, еци-еу æзмæлд кодтонцæ; иннæ фарсæй ба и листæг фонсæй дуйней бæститæ басау æнцæ æма дæрæз-бæрæз кодтонцæ. Æргъæутти сæргъи лæууй еу зæронд лæг. Батраз имæ бацудæй æма имæ дзоруй:
– Фонс берæ, хуарз зæронд лæг!
– Фонс дин Хуцау раттæд, дзæбæх лæхъуæн, – зæгъгæ, æма и бæхбæл разелæн кодта зæронд лæг, æма æ гъæлæсидзаг ахæй никкудтæй.
– Ци æй а, цæбæл кæуис, хуарз зæронд лæг, мæ фæууиндæ дин уотæ гъулæг адтæй?!
– Цæбæл кæун?.. Нецæбæл… мæнæн дæр еу ауæхæн æрфæн адтæй лæхъуæнæй, е мæ зæрди æрбафтудæй æма уобæл искудтæн.
– Мадта а бæх дæ бæх æй; æз мæхуæдæг, дæ фурти фурт, Хæмици фурт Батраз. Хуцауи ка фæндæ уа, е уодзæнæй, мабал тæрсæ, зæронд лæг!
– Кæд махæй дæ, ардæмæ æрцо, æз ба дин де ‘уæнгтæ фæйнон. Хæмици фурт Батраз имæ бацудæй. И зæронд лæг ин е ‘уæнгтæбæл æ къох æрхаста æма ахæй никкудтæй:
– Æз ке фесафтдæн, е берæ ку æй, уæд ма ду ба кумæ цудтæ? – Ма ко, мæ фиди зæронд! Кæунæй нецибал фæцан, фал мин и уæйуги цæрæн амонгæ бакæнæ, уæдта, Хуцауи ка фæндæ уа, е хуарз. Уон дæр ин и уæйуги хæдзарæ ниййамудта.
Батраз и хæдзарæмæ исмедæг æй æма дин уоми ба уæйуг хур-хурæй хуссуй, æ гъæлæсæй æхседæн зингитæ кæлуй, царæбæл етæ сау фунук кæнунцæ æма уотемæй зæнхæмæ кæлунцæ. Æ дæлфæдтæ и уæйугæн – Хори кизгæ, æ сæргъи ба – Мæйи кизгæ. Кæунцæ кизгуттæ. Кæунцæ æма сæ цæстисуг налхъут-налмас цæппозуртæй æгъзæлуй. Урух хæдзари зæнхи ба етæ кæртæ-кæртæ бадунцæ.
Уæ, уæ бон хуарз, кизгуттæ, зæгъгæ, сæмæ дзоруй Хæмици фурт минкъий Батраз.
– Цæбæл кæуетæ?
– Дæ гъуддаг раст уа, Хæмици фурт минкъий Батраз! Мах ке фесавдан, е берæ ку адтæй, уæд ма ду ардæмæ цæмæн æрцудтæ дæ сæри исæфтмæ. Минкъий ма гъæуй, нæ сæри хецау райгъал уодзæнæй æма нин не скъелтæй нæ тог исцъирдзæнæй. Нæ кудт уобæл æй. Корæн ди, дæхе райсæ, дæу дæр бахуæрдзæнæй!
– Æ адзал цæмæй æй, уой мин зæгъетæ, уæдта Хуцауи ка фæндæ уа, е уодзæнæй.
– Мæнæ нæ фæсдуар æфсæн кирæ æрхугондæй лæууй, æ хурфи ба устур церхъ, æ рахатунмæ сæдæ къамбеци гъæуй. Уомæй æй ку нæ рамарай, уæд ин адзал нæййес: кард æй нæ кæрдуй, фат æй нæ хезуй.
Батраз дæр и кирæмæ бацудæй ‘ма имæ хатиагау исдзурдта. Кири дуар байгон æй. Уордæгæй и уæйуги церхъ исиста; ра æй саудор кодта æма уомæй уæйугæн æ сæр æрсæрфта.
Хъæндзæргæс, æвдсæйрон уæйугæн, æ бæрзæййæй е ‘хсæз сæри ратахтæй æма дзоруй:
– Хæмици фурт Батраз! Хуссæг лæгмæ бавналун дин аккаг н’ адтæй, нур ба ди корун, цæмæй рæхгидæр рамæлон, уомæй мæ цæвæ дуккаг хатт.
– Елиайау еуцæфон дæн, дуккаг цæф никкæнун дин мæ бон нæбал æй. Дæ хусгæмæ ба дин уомæн бавналдтон æма мин мæ фиди фиди æгæр æгадæ бадардтай. Уой мæстæй ба мæ тог нæбал бауорæдтон, æндæра мин аййепп адтæй, сæттун ибæл.
Уæйуг рамардæй æма и кизгуттæ ракурдтонцæ Батразæй, дæ хæццæ нæ фæххонæ, зæгъгæ. Е дæр сæ уасхæй баууæндун кодта.
Уæд ин кизгуттæ загътонцæ:
– Ами еу суйнаг ес, уомæй цидæриддæр исбæттай, е нецибал уæзæ кæнуй. Ес ма си еу уафс: уобæл ба æгас дуйней æд ес-бес бацæудзæнæй. Нæ Хъæндзæргæси базуртæбæл ба цидæр ниввæрай, уони хуæнхтæ, гъæдти сæрти рахæсдзæнæнцæ. Уæдта ма уæртæ хонхи дагъи ес æхсири цадæ: уоми æхе ка ниртайа, е æ фиццаги хузон лæхъуæн фестдзæнæй.
Батраз дæр æ фиди фиди æхсири цади ниртадта æма Уон, лæхъуæнæй куд адтæй, уотæ фестадæй. Уæдта æ цулухъ байдзаг кодта æма æй æ дзиппи ниввардта.
Уой фæсте ба и уæйуги ес-бес рамбурд кодта и уафсмæ. Суйнагæй сæ бабаста æма си хумæллæги пакъуй уæзæ дæр нæбал адтæй. Уотемæй Хъæндзæргæси базуртæбæл рабадтæнцæ и адæм æд фонс æма хуæнхти сæрти ратахтæнцæ. Фæсхонх Батраз и суйнаг райхалдта æма и уафсæй ци фонс рацудæй, етæ дуйней бæститæ нимбарзтонцæ.
Уордæгæй Уон æ уорс æрфæнбæл æ хæдзарæмæ ниффардæг æй. Батраз ба и фонс æма и уостити хæццæ афæдзи-афæймæ æрхаттæй. Æ уæледарæстæ æ уæраги сæртæмæ исхъæрттæнцæ, уотемæй æ афæдзи бони устур дзоги хæццæ Бестауи бæрзондмæ æрхъæрттæй. Уоми ба и Нарти гуппургинтæ цæлхæмбурдæй синдтонцæ. Акула-рæсугъд ба хъæндзалгун уæрдуни къæрæзгитæ æхебæл исæхгæдта æма Батразæн е ‘рцудмæ æ къахæй-къохмæ фæлуст исцæттæ кодта. Батраз æ дзаумаутæ раййивта æма ин Нарти гуппургинтæ алай-булаййæй Акула-рæсугъди уосæн исхудтонцæ.
Батраз Хæмици еци æхсири исæртадта æма Хæмиц иснæуæг æй. Хори кизгæ Хорцескæ æма Мæйи кизгæ Мисирхан ба Уон æма Хæмицæн исаккаг æнцæ.
Батразæй фæстæмæ, æ фидæ æма æ фиди фиди хæццæ еу фæндагбæл уосæ некæд неке æрхудта.
Нарти гуппургинтæ – Урузмæг, Сослан æма Хæмиц еу сабат бони ранæхстæр унцæ цауæни. Нарти гуппургинтæ авд бони æма авд æхсæви фæцæнцæ цауæни, æма сæбæл сирд æмбæлæг нæ фæцæй.
Нартæ губуни хуаллагæй дæр æма уæледарæсæй дæр байгудзæг æнцæ æма исфæндæ кодтонцæ фæстæмæ раздæхун. Цæунцæ-цæунцæ æма сæбæл тар гъæди кæрони ба еу уорс саг фембалдæй: сæ фæндаг син разæвгæрдæ ракодта æма дин уæлæ фæлледзуй.
Нартæ сæ номдзуд сагъæдæхътæ фелвастонцæ ‘ма ‘й уотемæй сорунтæ байдæдтонцæ. И саг æхстбæрцæ æхе æруадзидæ, уæдта бабæй раледзидæ. Нартæ дæр æй сорунтæ байдæдтонцæ æма сæ и саг авд хонхей фæстемæ басайдта, уæдта цидæр æрбацæй.
Бон æ бартæ исуагъта æма æхсæвæ æ тар къабæзтæ байтудта бæстæбæл. Æстонгдзийнадæ сæбæл бустæги хъæбæр кæнун байдæд-та, сæхемæ цæуиуонцæ, фал байрæгæмæ ‘й, ами лæууонцæ æма ци сæхсæвæр кæнонцæ?
Кæсунцæ æма дин еу рауæнæй рохс кæлуй.
Нарти гуппургинтæ и рохсмæ равардтонцæ се ‘ргон; бахъæрттæнцæ тугулдорæй даст мæсугмæ æма багъæр кодтонцæ. Уоци мæсуги цардæй авд уæйуги. И уæйгутæ устур цийнæ никкодтонцæ, хуæнхаг цъеутæ нæмæ сæхе къахæй æрбацудæнцæ, зæгъгæ.
И уæйгутæ сæ артмæ хæстæг рабадун кодтонцæ, сæхуæдтæ ба сæ цæститæ сæ кæрæдземæ æркъуæрдтонцæ. Æртæ си ухститæ кæнунмæ фæцæнцæ, иннæ цуппар уæйуги ба артмæ зелун байдæдтонцæ.
Нарти гуппургинтæ цæмæннæ истарстайуонцæ, мæнæ не сæвди рæстæг æрцудæй, зæгъгæ!
Уæд Хæмиц дзоруй уæйгутæмæ:
– Цæй, не сæвди рæстæг æрцудæй, фал ма нин уæддæр низзаруни барæ раттетæ: Нартæ кæддæриддæр се сæвди рæстæги заргæ фæккæнунцæ.
Уæйгутæ сæбæл гъæрæй ниххудтæнцæ æма син загътонцæ:
– Ра ма заретæ, хуæнхаг дзиглотæ, уæддæр уæ нуртæкки фезонæг кæндзинан.
Нартæ сæ тух, сæ бонæй низзардтонцæ æма син сæ зарунгъæр фегъуста Нарти номдзуд болат Батраз. Батраз гъонбæл кодта уæларви. Æхе рагæлста æма хуæнхтæбæл исæмбалдæй, æ унæрæй хуæнхтæ, гъæдтæ æма будуртæ æндзеллау кæнун байдæдтонцæ.
Нарти адæм балæдæрдтæнцæ, Батраз ке фæззиндтæй, уой æма æнхузæнæй исхудтæнцæ:
– Ходетæ, ходетæ, хуæнхаг цъеутæ, – зæгъгæ, сæмæ исдзурдтонцæ и уæйгутæ æма сæ нур ухститæбæл рацæвæн, зæгъгæ, уæдта сæ мæсуги фарс фæппурх æй. Е адтæй Батраз.
Батраз фæммедæг æй уæйгути хæдзари æма сæбæл æ тумбул къохæй ралæудтæй, ке си ниццæвидæ, е сау фунук фестидæ, уотемæй Батраз уæйгути бунцагъд никкодта… Нартæн сæ хæццæ рацудæй Батраз æма син дуйне сирдтæ ниццагъта, уотемæй сæ рарвиста устур цийни хæццæ Нартæмæ.
ХÆМИЦИ МÆЛÆТ («Нарти Батраз»-æй)
Батразæн æ нæуæг игурди дзамани Æхсæртæгкатæ æма Бориатæ стур æзнагæй цардæнцæ. Бориати Борæфæрнуг, æхуæдæг имæ нæ нифс кодта Хæмицмæ, фал ибæл æ хуæрифурти Сау айнæги бадæг Сау Албæги сардудта. Уæдæй фæстæмæ Сау Албæг Хæмици рамарунмæ агурдта. Еу бон кæми адтæй, уоми сæ кæрæдзебæл исæмбалдæнцæ ‘ма Сау Албæг е’ фсоргъæбæл куд бадтæй, уотемæй æй æрсурдта. Хæмиц имæ æхе куд фæззилдта, уотæ ‘й кардæй ниццафта ‘ма ин æй Хуцау е ‘ндон дæндагбæл рауайун кодта, – кардæй еу къæртт фæххаудтæй. Никкидæр æй ниццæфтæ кодта ‘ма ‘й уотемæй рамардта. Æхуæдæгка ‘й бæхи саргъбæл рабаста ‘ма ‘й рауагъта. Бæх Хæмици мард ку æрхаста, уæд æй Æхсæртæгкатæ уайтагъд базудтонцæ, сæ лæгбæл Бориати ардудæй Сау Албæги бæллах ке æрцудæй, уой.
ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗ Æ ФИДИ ТОГЕСÆГ
Нарти лæхъуæнтæ еу афони уалдзæг рацæуиуонцæ будурмæ ‘ма гъазтонцæ. Хæмици фурт Батраз дæр сæ хæццæ фæццæуидæ ‘ма гъазта. Еу бон ку адтæй, уæд фат æма æрдунæй гъазтонцæ, нисан еу æрсадзиуонцæ ‘ма ‘й æхстонцæ. Хæмици фурт Батраз загъта хани авд фуртемæн:
– Уæ бунати бадетæ ‘ма æхсетæ, æз ба уин фæууайдзæнæн ‘ма уин уæ фæттæ æрхæццæ кæндзæнæн уæ къохмæ. Изæрæрдæмæ ку нæбал гъазайтæ, уæдта мин уæ авд æрдуни фæйнæ æхсти фæккæнунмæ раттетæ, уæ хъæппæлтæ ба мин нисанæн æрсадзетæ.
Сарази ‘нцæ ‘ма æхсун байдæдтонцæ. Уæдта изæрæрдæмæ ку нæбал гъазтонцæ, уæд ин равардтонцæ авд æрдуни, сæ хъæппæлтæ раластонцæ, баизадæнцæ ма айдагъ хæлæфтæ æма хæдæнтти, ‘ма ин сæ нисанæн æрсагътонцæ. Фæссин сæ æхста фæйнæ æхсти ‘ма син сæ пъæскъугай никкодта; уæд уæгъдхæдæнтти ‘ма хæлæфти баизадæнцæ ‘ма иссудæнцæ сæ фиди размæ, ‘ма сæ е ба фæрсуй:
– Ци кодтайтæ? Ци бæгънæг айтæ? Ка уæ бафхуардта?
Етæ ба ин зæгъунцæ, Хæмици фурт Батраз, зæгъгæ.
Мадта, зæгъуй, цотæ æдта, мæнмæ ‘й схонетæ, зæгъгæ.
‘Ма имæ рацудæнцæ æртемæй, ниццудæнцæ имæ, æма дзорунцæ, уæлæ дæмæ хан дзоруй, зæгъгæ. Е ба син зæгъуй:
– Цотæ, рандотæ, мæн хани хæццæ неци гъуддаг ес.
Етæ дæр иссудæнцæ ‘ма загътонцæ:
– Нæ комуй, нæ цæуй!
– Цотæ уæ авд дæр ‘ма ‘й тухæй исласетæ!
Рацудæнцæ авдемæй, æрцудæнцæ ‘ма æ сæргъи æрлæудтæнцæ. Сæ кæстæр к’ адтæй, е зундæй хуæздæр адтæй, тухгиндæр ‘ма уотæ æргъуди кодта, нур амæн тухæй неци бакæндзинан, фал ин дзæбæх загъд зæгъæн, кæд уотемæй фефсæрми уайдæ ‘ма иссæуидæ, зæгъгæ. Уæд ин радзубанди кодта:
– Йарæбий, Батраз, лæг ку дзора, уæд фæццæун æмбæлуй, фефсæрми аккаг æй.
Дзæбæх загъдæй æ зæрдæ фæффæлмæн æй: рацудæй, иссудæй ханмæ ‘ма имæ дзоруй:
– Дæ бон хуарз, хан! Ци ми кæнис?
Е ба ин зæгъуй:
– Кæд уой асæ лæхъуæн дæ, уæд дæ фиди тог райсæ!
Æ цæстисугтæ æркалдта Батраз, еци фæдбæл æ хæдзарæмæ рацудæй. Уæларт фесарæн сивардта ‘ма ‘й тæвдæ кæнуй. Æ мадæ имæ дзоруй: – Ци кæнис уомæй? Цæмæн æй тæвдæ кæнис?
Е ба зæгъуй:
– Лæхъуæнтæ ку фæгъгъазунцæ, уæд алкæмæн дæр æ дзиппи фæууй цæкутæ, ис сæ есунцæ ‘ма хуæрунцæ. Æз дæр нур ба мæхецæн цæкутæ кæнун.
Фесарæн ку стæвдæ кодта, уæдта æрахæста æ мади ‘ма ин зæгъуй: – Еци фесарæнæй дин дæ дууæ цæсти содзгæ кæнун, мæнæн фидæ адтæй ‘ма ци фæцæй, уой мин базонун кæнæ!
– Дæ байамонæгæн Хуцау ма бакомæд, дæуæн дæр! Фидæ дин адтæй ‘ма дин æй Сайнæги бадæг стур æлдар рамардта.
Уой ин ку загъта, уæдта ‘й исуагъта ‘ма фæрсуй:
– Мадта мæ фидæн гæрзтæ неци байзадæй, бæх дæр?
Е ба ин зæгъуй:
– Ес бæх дæр, гæрзтæ дæр. Бæхæн дæлæ фагусæй ма æ дууæ гъоси зиннунцæ, койгæнæг æй нæййес, æ алли фарс æхсинуй, мæгур. Гæрзтæ ба кири æфснайдæй лæуунцæ, изгæ сæ бахуардта, уотемæй.
Батраз бацудæй, æ фиди гæрзтæ рахаста, никкæдзос сæ кодта, бæх дæр раласта ‘ма ‘й дони ниртадта, никкæдзос кодта уой дæр. Уæдта сбадтæй бæхбæл ‘ма ‘й рагъазунтæ кодта, уотемæй Сатанамæ дзоруй:
– Куд федаун бæхбæл?
Е ба ин зæгъуй:
– Мæнæ фиртони лæхæ зæнхи сæрбæл хор бони куд ниххускъæ уй ‘ма е куд федауй, гъе, уотæ федауис бæхи рагъбæл!
Уæдта Батраз зæгъуй:
– Йа, уæууæй, æдта ку неци федаун!
‘Ма хуæздæр рагъазта бæхбæл дууердæмæ, уæдта бабæй дзоруй: – Куд федаун гъенур?
Е ба ин зæгъуй:
– Хуарз федауис: уалдзигон нæуæг кæрдæгбæл сæумæ æртæх фæрдгутæ ку сбадуй ‘ма уобæл хор фиццагидæр ку ‘рбакæсуй, уæд, гъе, уомæ лæг ку ракæсуй ‘ма е лæги цæстæн куд федауцæ ‘й, зæрдæн куд æхцæуæн æй, гъе, уотæ федауис.
– Мадта, Хуцауæй боз, хуарз федаун, – хуæрзбон рауо, æдта гъенур æз мæ фиди тог есунмæ цæугæ кæнун!
‘Ма рараст æй. Уæд имæ Сатана фæстегæй фæдздзурдта:
– Кутемæй цæуис, – минкъий ма мæмæ æрбаздæхæ!
Æрба имæ ‘здахтæй ‘ма ин е ба загъта:
– Сайнæги æлдар алли сæумæ дæр, еу рауæн сауæдонæ ес, ‘ма гъе, уордæмæ æ дууæ хуарз бæхи раласуй æхуæдæг; уæдта имæ кард ес ‘ма ‘й еци кардæй ку нæ рамарай, уæд ин æндæр кардæй рамæлæн нæййес. Æндæр рауæн æй ергæ дæр не скæндзæнæ.
Мадта хуарз, зæгъгæ, ‘ма цæун байдæдта; ци сауæдонæ ин бамудтонцæ, уордæмæ бацудæй.
Сайнæги бадæг Албæг сæумæ рагиау æ дууæ бæхи раласта ‘ма имæ дзоруй Батраз:
– Дæ рагисон хуарз!
Сайнæги бадæг Албæг ба имæ дзоруй:
– Ци Хуцау дæ æрхаста, ардæмæ сирд, маргъ ку нæ тæхуй, уæд кутемæй æрцудтæ?
Е ба ин зæгъуй:
– Ци кæнон, лæхъуæни зæрдæ æрра æй, æ зæрдæ алцæмæ дæр дзоруй ‘ма мæхецæн кард кæнун, æвзалу ‘ма æфсæйнаг æрцæттæ кодтон. Фæрсун зæронд адæми, хуæздæр кард кæмæ уодзæнæй, зæгъгæ, ‘ма мин дæу кард бамудтонцæ, – уой туххæй, гъе, ардæмæ æрбахъæрттæн, уой кæд фæййининæ, зæгъгæ.
Е ба ин зæгъуй:
– Хуцауæй боз, мæнæ мæ кард дæр мæ хæццæ!
Албæг æ кард исласта ‘ма имæ ‘й равардта. Е дæр æй рауинæ- бауинæ кæнуй: «Мæнæ ци хуарз кард! Ай хузæн кард, тæходуй, мæ къохи ку бафтуидæ».
Уæд кардæн æ рæбунæрдæмæ – къæртт æ ком. Батраз зæгъуй: – Тæходуй, аци кардæн ма аци къæртт ку нæ фæцайдæ!
Е ба ин зæгъуй: «Хæрæги дæндæгтæ ку бахуæридæ, Хæмици ку мардтон, уæд ин си е ‘фсæртæ ниццафтон ‘ма мин, гъе, уой дæндагбæл фæкъкъæртт æй».
– Æ, æдта æз ба дæу ку агорун! Куййи дæндæгтæ ду бахуæрæ! – ‘ма ибæл ралæудтæй уоци рауæн, ‘ма ‘й никъкъуæхтæ кодта.
Уæдта ин æ гъолгун æрлух кодта ‘ма ‘й рахаста æ хæццæ, æрхас- та æй æ мадæмæ ‘ма ин зæгъуй, мæ мадæ, мæ фиди тог райстон, зæгъгæ.
Е дæр ибæл не ‘ууæндтæй.
– Мæнæ ин æ гъолгун дæр æрхастон!
Е ба уотæ:
– Ду кæмидæр цъамари рамардтай ‘ма уой гъолгун æрхастай! Лæхъуæн ба дзоруй, соми кæнуй:
– Ра ‘й мардтон мæ фиди марæги!
– Мадта ардиги сæумæмæ берæ нæбал ес. Сæумæ мæсуги сæрмæ схездзæнæн, уордигæй фæккæсдзæнæн ‘ма мегъсæлфунæг кæнун ку байдайа, уæд е уодзæнæй сæ цæстисуг адæмæн; уæдта адæм къуæрттæ- къуæрттæ ку цæуонцæ, уæд етæ ба уодзæнæнцæ мæрддзогойнæ ‘ма ми гъеуæд байрагæс уодзæнæй.
Æхсæвæ фæййевгъудæй, фæббон æй. Мадæ рагæпп ласта, мæсуги сæрмæ схизтæй ‘ма куд загъта, уотæ мегъсæлфунæг кæнуй, адæм дæр къуæрттæ-къуæрттæ цæунцæ. Уони æ цæстæй ку фæйдта, уæдта ‘й байруагæс æй, æдæуагæй æй рамардта, зæгъгæ.
Уæдта æрхизтæй ‘ма зæгъуй Батразæн:
– Цо ‘ма ин фæххæссæ æ гъолгун, ‘ма ин æй æ реубæл ниввæрæ, уой туххæн, æма ин мæрдтæмæ уæнггъæуаггинæй бацæуæн нæ е. Дæ фиди дæр дин уæнггъæуаггинæй нæ барвиста.
Е дæр сбадтæй уæд æ бæхбæл ‘ма и гъолгун к’ адтæй, уой хæссун байдæдта. Сайнæги бадæги кæми ивардтонцæ, уордæмæ иссудæй, æ кард исласта, зæнхи ‘й ниццавта идард ‘ма уобæл æ бæх бабаста; уæдта гъолгун райста ‘ма си æ сæр хуайгæ, мæрдæгъдаугæнгæ, бацудæй ‘ма ‘й марди реубæл ниввардта. Адæм дæр æ алли фарс мардæн еци æмбурдæй лæудтæнцæ. Уæд еу инней гъоси бадзоридæ: – Мæнæ марæг æрбацудæй ‘ма ‘й куд зиндæрæй рамарæн?
Уобæл унафитæ кæнунцæ.
Уæд еу дæсни к’ адтæй, е уой фегъуста ‘ма син баунафæ кодта: – Уой уотемæй нæ рамардзинайтæ, фал дæлæ æ кард ин исласетæ ‘ма ‘й уомæй рамаретæ! Кæд уой ласун нæ бафæраздзинайтæ, уæдта неци рамардзинайтæ ‘ма æнцад, сабур бадетæ!
Етæ дæр ниццудæнцæ, кардбæл ниххуæстæнцæ, раивазæ-баивазæ ‘й кæнунцæ ‘ма ‘й нæ фæразунцæ; ни ‘й уагътонцæ. Уæдта æхуæдæг Батраз ниццудæй ‘ма æ кард фелваста, ра ‘й сæрфтитæ кодта, уæдта ‘й æ кæрдбадзи ниццавта, бæхбæл исбадтæй ‘ма æрцудæй æ хæдзармæ. Уæдта синдзæ æрласун кодта, ни ‘й цурхта хормæ ‘ма ‘й хускъ кæнун бауагъта. Уæдта ‘й моси нийтудта ‘ма, æ фиди тог ин ка бафедис кодта, еци хани авд фурти æма сæ уостити дæр синдзæбæл бæгъæнбадæй ратæрæ-батæрæ фæккодта. Сæ тог сæ къæхтæй уадæй, уотемæй сæ рауагъта сæ хæдзарæмæ. Уæдта бабæй Нарти гъæумæ баздахтæй ‘ма син тухæ кæнун байдæдта, мæ фиди тог мин бафедетæ, зæгъгæ.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Дæхе цъух дæ тæрхон, ци нин федун кæнис, уой дин бафеддзинан.
Загъта син:
– Цотæ, æдта мин дзалгъæдæй дууæ къудур гъæди æрласетæ, мæхецæн уæрдун кæнун, æма.
Етæ дæр фæццудæнцæ, алли къулдунтæбæл агорунцæ ‘ма не ‘ссирдтонцæ, кæми ес иссерæн дзалгъæдæй къудурони гъæдæ? Нур дæр æма уæд дæр уæхæн гъæдæ некæд адтæй. Æрæздахтæнцæ ‘ма ин зæгъунцæ:
Æндæр ести нин бамонæ, не ‘ссирдтан уой!
– Мадта, цотæ ‘ма мин дууæ хæдзарæн хъумаци уæрдун сласетæ, зæнхæ бæрзонддæр кæми ‘й, уордæмæ, уоми сæ сцурхетæ, зинг сæбæл бафтауетæ ‘ма мин сæ сугъдон голлæгти æрласетæ!
Етæ, куд загъта, уотæ дууæ хæдзарæн хъумаци уæрдун сластонцæ, ис сæ цурхтонцæ ‘ма сæбæл зинг бафтудтонцæ. Ку басугъдæнцæ, нур син сæ сугъдон исесæн, зæгъгæ, уæд дунгæ æрбацудæй ‘ма син æй ниххæлеу кодта, уотемæй уонтæ бæрзондæй æма сæр ниллæгæй æрæздахтæнцæ сæ хæдзарæмæ. Батраз сæ ку фæммæстæй мардта, уæдта сæ ниууагъта.
ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗ ÆМА ОРÆЗМÆГИ ТАУÆРÆХЪ
Еу кæми адтæй, Хæмици фурт Батраз хæтунмæ цудæй ‘ма æ бæхбæл рабадтæй. Нарти Нихæсмæ рацудæй ‘ма еуæрдæмæ рагъазидæ, уæдта иннердæмæ, æхуæдæгка Орæзмæгмæ дзоруй:
– Куд дæмæ кæсунцæ мæ бæхи гъазунтæ?
Орæзмæг ба ин загъта:
– Сайнæги фурт Алий гъазунтæ кæнис!
Хæмици фурт Батраз бабæй имæ дзоруй:
– Гæр, мæн гъæзтитæ ба Сайнæги фурт Алий гъæзтитæй хуæздæр куд нæ ‘нцæ, æз ба хуæнхти бæстæ æма будурти тъæпæн мæхецæн рагъи лæкъæфæн ку рабæтдзæнæн!
Орæзмæгæн хъæбæр гъигæ адтæй, Батраз уæхæн устур зæгъдтитæ ке кодта, ейæ ‘ма æхе меднимæр Хуцаумæ искувта:
– Йа, Хуцау, мæнæ Батраз цæуй хæтунмæ ‘ма фæстæмæ ку раздæха, уæд унгæг коммæ ку ‘рбахъæрта, уæд æгас дуйней æртиккаг хаййи уæзæ дæркъи медæгæ бакæнæ, дæркъæ ба цъифи куд ниннæхса, уотемæй ба ин æй æ размæ фæккæнæ! Уæдта уобæл ку раевгъуйа, уæд бабæй никкидæр еци унгæг коми, раздæхæн ин æндæр рауæнбæл куд нæ уа, уотемæй Сайнæги фурт Алий, æ дзамани куд адтæй, уотемæй бæхбæл æ рази куд фæууа! – Гъе, уотитæ искувта Орæзмæг Хæмици фурт Батразæн æма ‘йбæл æ кувдтитæн ба æнæ ‘рцæун н’ адтæй, – Хуцауæй ин искурдиадæ лæвæрд адтæй.
Рандæ ‘й Хæмици фурт Батраз хæтунмæ ‘ма фæстæмæ ку æраздахтæй хæтунæй, уæд еу унгæг коммæ куд бахъæрттæй, уотæ ба, еу дæркъæ цъифи ниннахстæй, уотемæй æ размæ фæцæй.
Е дæр имæ уæлбæхæй е ‘хси дудагъæй равналдта, фæ ‘й уæлбилæ кæндзæнæн, зæгъгæ, ‘ма ин не скундта, æ бæхæй ралæуирдта, – Нарти æхсæнмæ еци ходуйнаги хæццæ куд иссæудзæнæн, дæркъæ цъифи нæхстæй ниууагъта, зæгъгæ.
Исхуæцæ-исхуæцæ ибæл фæккодта ‘ма ‘й не сфæразта. Изазнæ ракодта ‘ма ‘й райзазæ-байзазæ фæккодта, уæддæр ин цъифæй исласун нæ бакундта ‘ма загъта Батраз:
– А ци дессаг æй? Дæркъæ цъифæй исесун ку нæбал фæразун, уæд мин уой Нартæ ку фегъосонцæ ‘ма мæ ку фæрсонцæ, уæд син ци зæгъдзæнæн?
Цидæр адтæй, уæддæр дæркъи ниууагъта цъифи нæхстæй, мехъ-мехъ кæнгæ, ‘ма рацудæй. Еу сахат ку ‘ссудæй, уæдта еу унгæг мæскъæмæ исхъæрттæй, ‘ма уоми ба Сайнæги фурт Али, æ дзамани куд адтæй, уотемæй бæхбæл æ рази фестадæй. Хæмици фурт Батраз ин æ рауиндæй уотæ фæттарстæй, ‘ма æ бæх фæстæмæ фездахта ‘ма еу минкъий æруадæй, уæдта расагъæс кодта, ‘ма ин æндæр рауæнбæл рацæуæн ке н’ адтæй, уомæ гæсгæ фæстæмæ фездахтæй, еу каст ма ‘ймæ бакæнон, зæгъгæ. Ба имæ кастæй ‘ма дин си бæхгин нæбал, фал си унгæг мæскъи бæх æма лæги хæрнæгътæ æркалдæнцæ, ‘ма си рацæуæн дæр нæбал адтæй. Тухтæ-заманатæй, еци бæхбæл бадгæй, бæхи суйни зелони цъаси ралæстæй ‘ма, уотемæй, мæтъæлæй Нарти гъæумæ, сæхемæ, иссудæй.
Ку ‘ссудæй, уæд æй Нартæ фæрсунцæ, Батраз, ци мæтъæл дæ, зæгъгæ, аци хатт?
Батраз ба син загъта:
– Нæ уæбæл банимæхсдзæнæн, æз аци бон ци дессæгтæ фæйдтон, уой.
Æма син æ дæркъи хабар дæр радзурдта, уæдта:
– Гъе, ауæхæн бæхгин дæр мæ рази фæцæй ‘ма си фæттарстæн ‘ма фæстæмæ ралигъдтæн, уæдта имæ фездахтæн, еу каст ма ‘ймæ бакæнон, зæгъгæ, ‘ма дин дуйней лæги хæрнæгътæй ‘ма бæхи хæрнæгътæй рацæуæн нæбал адтæй, ‘ма уæдта бæхи суйни зелони æд бæх ралæстæн. Гъе, уæхæн дессæгтæ фæйдтон!
Æма ‘ймæ Орæзмæг дæр дзоруй, ами, нихæси бæхбæл ку ра- гъæзтитæ кодтай ‘ма мæ фæрсгæ ку кодтай, уæд дин æз ба уотæ ку загътон, Сайнæги фурт Алий гъазунтæ кæнис, зæгъгæ, уæд ду ба æгæр уæлиæуттæ дзурдтай, ‘ма дæбæл мæ зæрдæ фæххудтæй, ‘ма Хуцаумæ искувтон, æгас дуйней æртиккаг хаййи уæзæ дæркъи куд бакодтайдæ ‘ма дæ рази цъифи нæхстæй куд фæцайдæ, уæдта бабæй Сайнæги фурт Али, æ дзамани куд адтæй, уотемæй бæхбæл дæ рази куд фестадайдæ. Гъема дин етæ уой туххæй адтæнцæ, ‘ма иннæ хатт уотæ устуртæ мабал радзорæ, зæгъгæ.
Нарти хуæрзтæ Ахкемай æрæмбурд æнцæ æма «æз хуæздæр»-бæл дзурдтонцæ. Кæрæдземæн нæ састæнцæ. Уæдта Хуцау Сослан æма Хæмици фурт Батрази кæрæдземæ фæккодта. Еу дæр си æхе хуæздæр худта, иннæ дæр, кæрæдземæн ба нæ састæнцæ.
Нарт нигъгъос æнцæ. Сослан æма Батраз ба ранæхстæр æнцæ се ‘нæниййергæ мадæмæ – Æхсийнæмæ. Æрцудæнцæ æма æй бафарстонцæ, ка ни хуæздæр æй, зæгъгæ.
Æхсийнæ син балæдæрдтæй сæ ерисдзийнадæ æма загъта:
– Æгайтима æндæр муггагæй ерисгæнæг нæййес уæ хæццæ! Сумах бабæй уæ кæрæдземæ цæмæн ерис кæнетæ?
Уа, нæ уа ин ку нæ састæнцæ, уæдта син загъта:
– Мадта исон æмбесбони уалдæн хуæздæр хуæрзеуæги хæццæ ка æриздæха æ хæдзарæмæ, е хуæздæр фæууæд!
Сослан æма Батраз рабадтæнцæ æма цæун райдæдтонцæ. Еу будурмæ рахъæрттæнцæ. Уоми ба Батраз фæуурдуг кодта, Сослан ба тæссармæ æрбаздахтæй æма еу туппурмæ бахъæрттæй. Æ бæх бафæсахсæн кодта æма фегъуста и туппурæй зарунгъæр.
Ци дæ, зæгъгæ, дзоруй Сослан æма туппурбæл æразелæн кодта. Туппурæй дуар байгон æй æма Сослан уордæмæ бацудæй. Уоми ба уæллæй сиребæл лæг æма уосæ бадтæй. Дæллæй ба кизгуттæ æма лæхъуæнтæ синдтонцæ. Сенгутæ Сослани сæ астæу фæккодтонцæ, æгас цæуай, Сослан, зæгъгæ, имæ дзурдтонцæ.
Е дæр си ракурдта, – мæ гъуддаг тагъд æй, зæгъгæ.
И лæг æма и уосæ дзорунцæ:
– Мадта анæй дæ зæрдæ кæмæ æхсайуй, уони хæссæ!
Сослан дæр лæхъуæн æма кизгæ рартаста, æ фæсабæрцæ сæ февардта æма, æмбесбон дæр нæма адтæй, уотемæй Æхсийни размæ исхъæрттæй.
Батраз ба цæун райдæдта æма æ мади æрваддæлтæмæ Ауармæ ниццудæй. Ра ибæл цудайдæ еу авд – дæс анзей бæрцæ æма адæм кæрæдзей гъоси, гъос-гъосай дзурдтонцæ:
– Ци, Сослан Батрази рауæйæ кодта, – зæгъгæ.
Уæд дин Батраз иссудæй Æхсийни размæ, сæдæ уæрдуни хуссар хъумацæй се ‘мидзаг, уони хæццæ ба ма сæдæ лæхъуæни æма сæдæ кизги, уотемæй.
Цидæр адтæй, сæ гъуддаг Нарти устур тæрхонтæмæ рацудæй. Етæ ба Фæс-и-Нарт Хузæдзæгатмæ фæццудæнцæ. Уоми ба ка ке уарзта, уой фарс дзурдта, æма, уотемæй Сослан æма Батраз дууæ æмбес лæгемæй байзадæнцæ.
Нарти адæм Хуцау ку скодта, уæд сæ астæу адтæй уæхæн хецæн ниуазæн, цæхгæри хузæн, худтонцæ ‘й Уацамонгæ. Еу бон ку адтæй, уæд Нарт æрæмбурд æнцæ ‘ма дзорун байдæдтонцæ, мæн ку бауидæ, зæгъгæ. Уацамонгæбæл адтæй уæхæн фæлдесонд Хуцауæй, ‘ма еу ке бацайдæ, уомæн гъæуама æ бунатæй куд фезмалдайдæ, уотæ, уæдта æ билтæй дæр куд искалдайдæ, уотæ.
Уæд Сослан æрлæудтæй æ сæргъи ‘ма дзоруй, кæми ци бакодта, уой:
– Æз сæумон идаугутæй рамардтон авд, – гъе, уотитæ дзурдта Уацамонги сæргъи.
Хæмици фурт Батраз к’ адтæй, е ба уæд анз балций адтæй ‘ма фæстæмæ куд æздахтæй, уотæ ба ибæл, Нартæй балци ка рацудæй, уæхæн зæронд лæг фембалдæй. Батраз имæ дзоруй, дæ бон хуарз, зæгъгæ. Е ба нæ фегъуста ‘ма имæ Батраз гъæрдæр исдзурдта: – Дæ бон хуарз, зæронд лæг!
Е дæр ин:
– Æгас цо!
Уæдта ‘й Батраз фæрсуй:
– И Нарти ци хабар ес? Уацамонгæ мæ фидæ Хæмици ку адтæй, уæд ибæл еске дзоруй? Ци хабæрттæ ес?
Зæронд лæг дæр ин зæгъуй:
– Сослан æ сæргъи лæууй ‘ма дзурди барæ неке уадзуй, æхе ‘й кæнуй. Хæмиц ба кæронæй лæууй, дзурди бон дæр æй нæййес, уотемæй.
– Мадта, – зæгъуй, – мæ фидæ Хæмиц абони уалæнгæ æгадæ ку некæд адтæй!
Æма æ бæх ниццæфтæ кодта, ‘ма, кæми уайгæй, кæми сабур, уотемæй Нарти гъæумæ æрбахъæрттæй, æ бæх тургъи бæхбæттæнбæл бабаста, æхуæдæгка, Нартæ æмбурд кæми адтæнцæ, уордæмæ бацудæй ‘ма дзоруй Сосланмæ:
– Сослан, дзорæ дæ лæгигъæдтæ, кæд дæ фæндуй – кæстæргай, кæд дæ фæндуй, уæдта – хестæргай!
Сослан дзоруй:
– Æдта æз зæгъдзæнæн. Æз æцæгдзийнадæй сæумон идаугутæй рамардтон авд, сæ тонаутæ син мæ фæсабæрцæ æрхастон. Хуарелдари æцæгдзийнадæй куд рамардтон, уони цацæгдзийнадæй зæгъун, уацæгдзийнадæй мин мæнæ Уацамонгæ æ билтæй искæлæд ‘ма дæуæй фæстæмæ аци адæмæй дзурди барæ куд некæмæбал уа, уотæ.
Хуарелдари фурт Борхуарали æхе банимахста Уацамонги хъоппæгъи буни, кæд Нарти адæмæй еске исрæдуидæ, зæгъгæ, ‘ма, мæ фиди мин ка рамардта, уой базонинæ.
Батраз ба Сосланбæл ниххудтæй æ гъæлæси ‘дзаг ‘ма ин зæгъуй: – Сослан, дæу хузæн устур лæгæн мæнгæдтæ дзорун ходуйнаг æй! Уæдта Батраз зæгъуй:
– Сæумон идаугути дæр æз куд рамардтон, Хуарелдари дæр æз куд рамардтон, уони цацæгдзийнадæй зæгъун, уацæгдзийнадæй Уацамонгæ æ медбунатæй фезмæлæд ‘ма мæ фидæ Хæмици уæрагбæл æринцайæд! Уæд Уацамонгæ фезмалдæй ‘ма хъоппæгъи бунæй рагæпп ласта Борхуарали. Уацамонгæ к’ адтæй, е Хæмици уæрагбæл æринцадæй. Уæдта Хуарелдари фурт дзоруй:
– Мæнæ мæ фиди марæги, Хуцауæй боз, иссердтон!
Æма æвдесæнтæ кæнуй ‘ма уотемæй рандæ ‘й. Изæдтæмæ цæун байдæдта æма фиццагидæр Уасгергимæ бацудæй, ‘ма ин зæгъуй: – Дæ сæр мæ багъудæй, мæ фиди марæг иссердтон!
Е ба ‘й фæрсуй, ка æй, зæгъгæ, ‘ма ин зæгъуй:
– Хæмици фурт Батраз.
Уасгерги ин зæгъуй:
– Уой хæццæ гъазунмæ æз неци бакæндзæнæн! – æма уомæй раздахтæй.
Фæххаттæй Борхуарали изæдтæбæл ‘ма æ нифс Батразмæ неке бахаста. Уæдта æ фæстаг Елиатæмæ æрцудæй ‘ма син зæгъуй:
– Æз уе ‘уазæг! Уæ сæр мæ багъудæй, æгас изæдтæбæл фæххаттæн, мæ фиди марæг иссердтон ‘ма си æ нифс неке æрхас-та; нур ба æз уе ‘уазæг, мæ фиди тог мин райсун гъæуй.
Елиа зæгъуй:
– Уой хæццæ исгъазун зин гъуддаг æй, бæргæ, фал цо, нæ амонд ибæл бавзардзинан.
Зæрдæ ин ку байвардта, гъеуæд Хуарелдари фурт цийнæгæнгæ рандæ ‘й æ хæдзарæмæ.
Уæд, еу бон ку адтæй, уæд Батраз æ бæхбæл исбадтæй, æ егæрттæ æ фæсте, уотемæй зæрди дзæбæхæн робасдзауæн кæнуй. Уæд æ сæрмæ тумугъгæнгæ æрбацудæй мегъи цъопп ‘ма ‘й уордигæй Елиатæ æхсунцæ. Батраз дæр фехсуй ‘ма ‘й фæппурх кæнуй, æмбурд кæнун æй нæ уадзуй. Ци фæттухтонцæ, Хуцау зонуй, уæдта Батраз истæвдæ ‘й ‘ма рахъан æй, дон ба хæстæг некæми адтæй ‘ма нæрсун байдæдта. Уæд смаг кæнун байдæдта ‘ма е смагæй маргъ æ сæргъи ратæхун нæ фæразта. Уæддæр ма уодæгас адтæй. Уотæ зинтæ ку идтонцæ адæм, уæд бафарстонцæ къолибадæг уоси.
Е ба син загъта:
– Æртæ æргъауемæй æртæ уорс иуонуги рартасетæ ‘ма хæдзарæн æртæ къерей искæнтæ, ‘ма имæ кувди фæццотæ, ‘ма ‘й баууæндун кæнтæ, мах дæ Софиай дзæппазмæ фæххæсдзинан ‘ма дæ уоми байвæрдзинан, зæгъгæ, ‘ма уæбæл ку баууæнда, уæдта уин æхе рæуæг искæндзæнæй, смаг дæр нæбал кæндзæнæй.
Куд син бамудта, уотæ бакодтонцæ. Фæццудæнцæ имæ ‘ма ин лихстæ кæнун байдæдтонцæ:
– Фиццаг ци хузи адтæ, еци хузи дæхе ку искæнай, уæд дæ Софиай дзæппазмæ фæххæсдзинан.
Ку сæбæл баууæндтæй, уæд син æхе исрæуæг кодта’ма ‘й исхастонцæ Софиай дзæппазмæ. Дуармæ ‘й куд исхастонцæ, уотæ ба æ уæраг дуари тæрвазæбæл исбуцæу кодта ‘ма син медæмæ нæбал комуй. Уæд еу лæхъуæн к’ адтæй, е ‘ркастæй ‘ма æ еу къахбæл дзабур н’ адтæй, ‘ма уайун байдæдтонцæ ‘ма ин æ дзабур исхастонцæ, ‘ма ин æй æ къахбæл бакодтонцæ, ‘ма син уæдта æхуæдæг æ къах медæмæ байста. Ба ‘й хастонцæ медæмæ ‘ма ‘й Софиай дзæппази тæрхæгбæл ниввардтонцæ, ‘ма уоци рауæн, е ‘носон бунати, байзадæй.
Арв уалдзæг гæрæхтæ кæнун ку байдайуй, уæд уой Хæмици фурт Батрази æхси цæфтæ хонунцæ, – æ бæхбæл ку рабадуй, уæд…
АЦÆМÆЗ
Насиранмæ фиццагидæр хунæ æрцудæй. Хунæн ба ин ци æрцудæй?! Уорс фури гъунтæй ин ласгæ гъунæй нимæт æрцудæй, уой хæццæ ба ин тъасхæ ‘рцудæй Тогус æлдари бæхæргъау ратæруни туххæй.
Насиран, æфсад æфсадæй устурдæр, уотемæй æртæ æфсади æрæмбурд кодта. Е ‘фсади адтæй сæдсæйрон уæйгутæ, сæумон уацеллатæ, изæйрон идаугутæ. Насиран æлдар е ‘фсади хæццæ денгизи билæмæ бацудæй. Тогус æлдар ба цардæй денгизуордæг. И денгиз ба над нæ лæвардта Насирани æфсæдтæн ‘ма Насиран æлдар загъта:
– Ме ‘фсади мæ ефхæсгутæй, Ацæтæй, ку неке уа, уæд не срæвдзæ уодзæнæн.
Дууадæс æмбалей хæццæ рабадтæй ‘ма бахъæрттæй Ацæтæмæ. Ацæтæй ами ка ес, зæгъгæ, багъæр кодта.
Еу уосæ имæ ракастæй ‘ма загъта:
– Ацæтæй ами некебал ес, уæртæ авдæни минкъий сувæллонæй фæстæмæ!
Насиран æлдар бæхæй рахизтæй æма, æхсæй æ тæрних хуайгæ, уотемæй Ацæтæмæ кæугæ бацудæй. Уæдта рабадтæй, æ бæхи уалхъос æхсæй рацафта ‘ма рандæ ‘й. Уосæ дæр бахъæрттæй хæдзарæмæ ‘ма имæ биццеу авдæнæй дзоруй:
– К’ адтæй е, уотæ хъæбæр ка фæккудтæй?
Уосæ ба ин загъта:
– Е адтæй уæ енцег Насиран æлдар, æфсæддон агурдта.
– Мадта, нана, мæн дæр исесæ, æз дæр фæццæудзæнæн æфсади, – загъта и биццеу.
Æ мадæ ‘й кæми исистайдæ! Уа, нæ уа æй ку нæ иста, уæдта æ мæкъустæгæй авдæни фæрстæ рарæдувта фæйнердæмæ ‘ма загъта: – Мæ фидæн бæхи зæронд некæми байзадæй, æдта?..
Уосæ ба загъта:
– Уæртæ æскъæти Ацæти уорс бæх фагуси ниххастæй, айдагъ æ гъостæ ма зиннунцæ.
Биццеу æскъæтмæ ниццудæй, бæхи дууæ гъосебæл фæххуæстæй, фæ ‘й æлваста ‘ма ‘й никкæдзос кодта. Уæдта бафарста:
– Саргъи зæронд гъуддаг неци байзадæй мæ фидæн?
Ба ин амудтонцæ, и кири æнцæ, зæгъгæ. Биццеу хатиагау исдзурдта и кирæмæ. Кирæ байгон æй ‘ма дин уоми ба хахиаг хах идонæ, бабиаг авд æфтауги, ангусаг æвдуст саргъ.
Ба сæ æнгон кодта бæхбæл, ра ибæл бадтæй ‘ма нигъгъастæлтæ кодта тургъи астæу æма дзоруй æ мадæмæ:
– Мæ мадæ, куд гъазун, куд федаун мæ бæхи рагъи?
Æ мадæ ба имæ дзоруй:
– Кудзи лæхæбæл халасæ куд фæффедауй æрæгвæззæг, гъе, уотæ! Биццеу рахизтæй æ бæхæй æма мæстгунæй сире къелай æрбабадтæй ‘ма и къела æгъзæли-æгъзæлгай ниццæй, æхуæдæг ба дзоруй æ мадæмæ:
– Ме ‘ндæргъцæ ‘ма мин ме ‘нуæрхцæ зугул ракæнæ!
Бæдæйнаг уосæ февналдта ‘ма ин гъей-йид сахат зугул ракодта. Биццеу æй зæнхæмæ морæ не ‘руагъта, уотемæй æй рахуардта, æхуæдæг бабæй æ бæхбæл рабадтæй æма и тургъи нигъгъастæлтæ кодта. Æ мадæ, – нур нæ лæууй, уой ку базудта, уæдта ин загъта: – Тæккæ дæр, биццеу, сæумæраги хор хуæнхтæбæл куд федауй æма сæумон æртæх уалдзигон цъæхбунбæл, уотæ федауис дæ бæхи усхъи, нур ба фæндараст фæууо!
Аци фурт Ацæмæз уотемæй рандæ ‘й Насиран æлдари фæсте ‘ма ин е ‘хсæвеуат Хуцау сау гъæди астæу æрхаста. Аци фурт Ацæмæз дæр февналдта ‘ма æхецæн дууадæс лæгей фагæ уосонгæ ракодта, дууадæс рагъæни ‘й ниссагъта, уал бæхбæттæни ба уосонги размæ, æхуæдæгка æ еунæг бæхæн дууадæс бæхей фагæ цагъд искодта, сæгти æруæз æртардта, уони цагъди бакодта. Сæ цартæй син бæзгин листæн никкодта, сæ фидтæ ба син царæбæл æрауигъта, уотемæй æ уосонги байарт кодта.
Артæн æ фæрстæмæ дууæ ухстей ‘дзаг сирдтонвидæй фезонгутæ цæх- цæхгæнгæ æрсагъта, уотемæй æрфусун кодта сау гъæди астæу. Еу бон Насиран æлдар фæлгæсæнæй фæккастæй ‘ма сау гъæди сæргъи хъуæцæ фæйдта. Насиран æлдар, дууадæс æмбали æ хæццæ, уотемæй ранæхстæр æй и хъуæцæ бабæрæг кæнунмæ. Бахъæрттæй, хъуæцæ кæцæй цудæй, уордæмæ ‘ма сæмæ Аци фурт Ацæмæз æрацудæй уосонгæй; ра сæ фестæг кодта, дууадæс бæхи бæхбæттæнтæбæл бафтудта, дууадæс рагъæнебæл гæрзтæ æрауигъта, æхуæдæг ба дууадæс ухсти сирдтонвидæй райдзаг кодта ‘ма сæ гур-гур арти фæрстæмæ æрсагъта.
Фезонгутæ исфунхтæнцæ ‘ма син фæйнæ ухсти бахуæрун кодта, æхуæдæг ба сæ бафарста:
– Æвæдзи мæ нæ фæсмæретæ? Æз дæн Аци фурт Ацæмæз.
Насиран æлдар ниццудæй ‘ма ‘й æ хæццæ рахудта е ‘фсадмæ. Æрхъæрттæнцæ. Ацæмæз син загъта:
– Æз бавзарон и денгиз!
‘Ма Ацæти уорс бæхбæл фæммедæг æй денгизи. Денгиз ин æ бæхи сæфтæг дæр нæ рахулуй кодта, уотемæй уордæг фæцæй Ацæмæз. Уоми ба и бæх ниххурруттитæ кодта. Ацæмæз дæр æй никъкъæрццитæ кодта: – Куйтæ дæ бахуæрæд!
И бæх дæр имæ фæккомæги æй:
– Дæ фидæ Ацæ мæбæл уотемæй нæ бадидæ, фал мæ фастбæл фæрсидæ!
Ацæмæз æй балæдæрдтæй ‘ма имæ æ кæлмон æвзаг исласта. Уорс бæх ма загъта:
– Уотемæй мæбæл ма цо Тогус æлдари бæхæргъаумæ, фал дæлæ денгизи билæбæл санси дугъосуг æхседунцæ, ниццо ‘ма син балихстæ кæнæ, ‘ма мæ санси ниттолæ, уæдта мæ æртæ хатти æзмеси истолæ, æртæ хатти ба тугул дори. Бæхæргъау гъæуайгæнæг ба æй æфсæнцъух берæгъ, æфсæнцъух хъæрццигъа ‘ма æфсæнцъух урс. Фиццаг дæмæ æртæхдзæнæй æфсæнцъух хъæрццигъа ‘ма ин, æ тæрнихи уорс æстъæлфæ, уой ку нæ фергъæвай, уæд дæ зиан кæндзæнæй. Уæд дæмæ рацæудзæнæй æфсæнцъух берæгъ. Уомæн дæр æ тæрнихи уорс æрдо ‘ма ин уой фергъæвæ, кенæ ба дæ бахуæрдзæнæй. Дæхецæн къахт искæнæ ‘ма уоми дæхе нирримæхсæ, мæнбæл ба федар архъан ниббæттæ. Æфсæн урс мæмæ раззаг къахбæл рацæудзæнæй ‘ма, кæд дæ лæгигъæдæ ести уа, уæд мæ нæ рауадздзæнæ ‘ма фæллæгæй-лæгмæ уодзинан; кæрæдзебæл фиццаг зæбæтæй истохдзинан, уæдта дæндагæй бавналдзинан. Æфсæн урс мин мæ тугул дор ку хуæра, уæд ин æз ба æ цар хуæрдзæнæн. Уæдта ин æз æ фидмæ ку бавналон, уæд е ба æзмесæмæ бахъæртдзæнæй; уæдта сансмæ; æз ба ин æ зæрди ауиндзæнтæ æртондзæнæн. Ду ба цурд бадæ ‘ма се ‘гасей гъостæ дæр æркæнæ!
И бæх ин куд амудта, уотæ бакодта Ацæмæз.
Фиццагидæр æ бæх æнæдон санси ниццавта, уæдта ‘й æзмесæ ‘ма тугул дори истулдта. Æхуæдæг ба Тогус æлдари бæхæргъаубæл рагъæр кодта.
Бæхæргъау гъæуайгæстæ – æфсæнцъух хъæрццигъа ‘ма æфсæнцъух берæгъ имæ сæхе рауагътонцæ. Ацæмæз дæр син сæ тæрнихи уорсмæ багъавидæ, фæссæ тумбул кæнидæ ‘ма син сæ гъостæ æ дзиппи рацæвидæ. Æрæги-дурæги ба сæмæ æрхъæрттæй æфсæнцъух урс.
Ацæмæз дæр, денгизи билæбæл ин къахт адтæй, ‘ма уордæмæ ниллæуирдта ‘ма и дууæ бæхи тохун байдæдтонцæ. Фиццаг истухтонцæ зæбæтæй, уæдта кæрæдземæ дæндагæй бавналдтонцæ. Цалинмæ æфсæн урс Ацæти бæхæн æ тугул дор, е’ змесæ хуардта, уалинмæ ин е ба æ зæрди ауиндзæнтæ æртудта ‘ма и урс рахъан æй.
Ацæмæз дæр къахтæй фæггæпп кодта ‘ма ин æ рахес гъос æрбакодта, ‘ма ‘й æ дзиппи рацавта. Æхуæдæг ба æ бæхбæл рабадтæй æма и бæхæргъау æфсадмæ бахъæртун кодта, денгиз уордæгмæ сæ баефхаста, еу байраг дæр си ласун нæ рауагъта, уотемæй.
Уæдта Ацæмæз фæстæмæ раздахтæй фæдес расайунмæ ‘ма Тогус æлдари колдуармæ бахъæрттæй. Уоми ба адæм цæлхæмбурдæй кувди бадунцæ. Ацæмæз барвиста Тогус æлдармæ:
– Дæ бæхæргъау дин фæттардæуй!
Тогус æлдарæй нæ байруагæс æй:
– Æвæдзи, хуæрдагор æма ронгæцæу ка ‘й, уæхæн уодзæнæй, æрба ‘й хонетæ æма ‘й бафсадетæ!
Дууæ æрвистемæ не ‘рбакумдта, æртиккаги ба æрбацудæй Ацæмæз. Æртæ финги ин æртæ идзаги æрбакодтонцæ, уæдта Ацæмæз гъостæ фелваста æ дзиппæй ‘ма син сæ фингити райурста: хъæрццигъай сæр хестæртæн хестаг, берæгъи гъос ‘ма урси гъос ба кæстæртæн: – Е ба уин хестæртæн хестаг, кæстæртæн ба кæстаг!
Æхуæдæг ба æ бæхбæл фæббадтæй ‘ма ратахтæй. Тогус æлдар æй сорун байдæдта. Ацæмæз уой ку базудта, уæд æй еу туппурбæл бахизта.
Авд бони тохдзинан, зæгъгæ, кæрæдземæн нæртон уасхæ равардтонцæ. Уотемæй, бонæ фæттохиуонцæ, кæрæдзей хуфийни хузæн никкæниуонцæ, уæддæр си неке хъæбæрдæр кодта. Тогус æлдарæн уæхæн уосæ адтæй, æма æхсæвæ ку ниххуссидæ, уæд æ мадæй райгурæгау исуидæ. Ацæмæз ба, мæгур, нæтгæ ниххуссидæ.
Дууæ бони истухтонцæ. Æртиккаг бон ба изæрæрдæмæ Ацæмæз фæтти уæзæй рахъан æй. Тогус æлдар æй æ бæхи думæгбæл ниб-баста ‘ма ‘й уотемæй æ хæдзарæмæ æрласта. Æхсæвæ ин еу буйнаг, къуми ка уидæ, уæхæн æ буни ниггæлстонцæ. И буйнаги ба Хуцау æразиннун кодта, и уосæ кæбæл хуссидæ, уæхæн.
Æхсæвæ Ацæмæз ниххустæй буйнагбæл ‘ма бонмæ æрдзæбæх æй. Фæттæ æ фæрстæй фæккалдæнцæ ‘ма æ размæ устур кæрæ иссæнцæ. И бонæ ба Тогус æлдари рамардта ‘ма ин æ уосæ æхецæн бийнонтæн рахаста.
Е ‘рæздæхтмæ æфсæдтæ рахæлеу æнцæ, нæбал æй фæххизтонцæ: алке æ хæдзарæмæ ниффардæг æй.
Ацæмæз дæр рандæ ‘й æ хæдзарæмæ уоси хæццæ. Насиран æлдари хæццæ дæр хæларæй цæргæ байзадæй.
Адæкезæн адтæй седзæр кизгæ, æ ном Уадзæфтауæ. Æ конд, æ уиндæн н’ адтæй Уадзæфтауæн. Нарти дзæбæхтæ ибæл низмалдæнцæ æма некæмæ кумдта. Алкæмæн дæр еу аййепп иссеридæ. Æхсæртæгкатæ уой ку базудтонцæ, уæд загътонцæ:
– Махбæл ци фау исæвæрдзæнæй, – зæгъгæ. – Нур ба æй ракорæн нæ хестæр Уорузмæгæн.
Ба ‘й рæвдзитæ кодтонцæ. Нарти хæзнатæ – церхъæй, уормегæй – уони ибæл искодтонцæ. Æ устур æрфæнбæл æй рабадун кодтонцæ ‘ма ‘й рарвистонцæ уосгор дууадæс æмбалей хæццæ. Æрхъæрттæнцæ гъæумæ, бафусун кодтонцæ еу бонгин хæдзарæмæ, сæумæ ба сæ фусунæн загътонцæ сæ гъуддаг.
Сæ фусун син кегъæре, уотемæй и къуари дууæ ахсгиагидæр к’ адтæй, уони бамийнæвар кодтонцæ Адæкезæмæ.
Хуарз сæ цæмæннæ фæййидтайдæ иуазгути. Бахуардтонцæ, баниуазтонцæ, уæдта æрдзубанди кодтонцæ Адæкезæн сæ гъуддаг. Е ба син загъта:
– Æз арази дæн, фал мæ кизгæн æхе бафæрсетæ. Æхсæртæгкатæ бафауйнаг нæ ‘нцæ. Еци æрваддæлтæй арв нæрун ку не ‘ндеуй, Нарти æхсæн сæмæ уæхæн хъаурæ ку ес. Етæ мин, мæ кизгæ агоргæй, æз ин хуæздæр неке агорун, фал ин фидæ, æрвадæ нæбал байзадæй æма ин æхе бафæрсетæ.
Кизгæ сæмæ фегъуста, сæ сæргъи лæудтæй ‘ма, уæдта син загъта: – Раст зæгъуй мæ мадæ: Æхсæртæгкати æрваддæлтæ бафауйнаг нæ ‘нцæ. Æз дæр сæ мæ сæрæн аккаг искодтайнæ, фал сæ еу гъуддагæй ба нæ кæнун: куй ку базæронд уй, уæд егарти фæсте уайун нæбал фæффæразуй, е ‘фсæртæ нæбал фенгон кæнуй æма куйфæдеси дæр нæбал фæццæуй. Уорузмæг дæр уой хузæн е ‘фсæртæ уорамун нæбал фæразуй, базæронд æй, адæми тонхи нæбал цæуй æма уомæ фæццæун мæ сæрæн аккаг не скæндзæнæн.
Мийнæвæрттæ æриздахтæнцæ æма Уорузмæгæн радзурдтонцæ и кизги дзуапп. Маст ин куд нæ адтæй æма уонтæбæрзонд, сæргубурæй æ хæдзарæмæ æрбаздахтæй.
Нарти астæу рахабар æй, Уадзæфтауæ Уорузмæгмæ нæ бакумд-та, зæгъгæ.
Уой фæсте ба Æхсæртæгкатæ рарвистонцæ Хæмици. Е дæр бацудæй, бамийнæвар кодта æма уомæн ба дзуаппæн загъта:
– Уадзæн Æхсæртæгкати Хæмиц загъдæуй. Куд нæ имæ фæццудайнæ айдагъ æ сугъзæрийнæ дæндæгути туххæй уæддæр, фал имæ нæ фæццæудзæнæн: æ сугъзæрийнæ дæндæгутæбæл изгæ бадун байдæдта æма уонæмæ кæсунмæ неци бакæндзæнæн!
Раздахтæй е дæр æма имæ нæуæг æмбалти хæццæ Сослан бамийнæвар кодта. Мийнæвæрттæ радзурдтонцæ:
– Уорузмæг æма Хæмици зæронди туххæй не саккаг кодтай, Уадзæфтауæ, фал дæ нур ба Æхсæртæгкатæ Сосланæн агорунцæ. Е ба загъта:
– Сослан лæгигъæдгун ке æй, уой æз зонун, уингæ ‘й кæд некæд фæккодтон, уæддæр ин æ хабар игъосун, æгас Нарти æхсæн уомæй æскъуæлхтдæр нæййес, зæгъгæ. Фал тæбæгъи донау рацæхъал-ба- цæхъал лæг æй: дзурд, соми ин нæййес æма мин уомæй ка равзура, етæ дæр уотæ æнæдзурд, мæнгард уодзæнæнцæ æма син и арт сæ фæстаг басодздзæнæй. Æвæстаг кæми уон, уордæмæ ба, зонгæ-зонгæй, не сарази уодзæнæн.
Мийнæвæрттæ радзурдтонцæ Сосланæн сæ дзуапп æма уонтæбæрзонд, сæргубурæй æ хæдзарæмæ ниффардæг æй. Уой фæсте ба Æхсæртæгкатæ æримбурд æнцæ æма бафæндæ кодтонцæ, Уоруз-мæги фурт Айсанайæн æй ракорæн,зæгъгæ. Уомæй ба ма ци зæгъдзæнæй: æ конд, æ уиндæн ку нæййес. Дондзау уоститæ æ уиндæй сор ку кæнунцæ, уæд имæ куд нæ бакомдзæнæй?
Уотемæй Айсанай исаразтонцæ, дууадæс бæхгиней хæццæ æй рарвистонцæ. Æрхъæрттæнцæ, бафусун кодтонцæ, и дуккаг бон ба сæ фусуни кегъæре райстонцæ æма уотемæй бамийнæвар кодтонцæ Уадзæфтауæмæ.
Е ба син загъта:
– Бæргæ хуæрзконд лæг æй Айсана, фал æгæр кизгæгонд æй. Нури уæнгæ Нарти астæу æнæ номæй, æнæ ести фонсиконд фæккæнгæ ку цæруй. Е мæн дарун дæр нæ бафæраздзæнæй æма имæ нæ фæццæудзæнæн. Уотемæй Айсана дæр раздахтæй. Се ‘нккæтей фæсте ба имæ рарвистонцæ Хæмици фурт Батрази дууадæс æмбалей хæццæ.
Мийнæвар, тог тæдзгæ, æрдзурдта Æхсæртæгкати гъуддæгтæ, фестудта Хæмици фурт Батрази дæр. Адæкезæ дæр уони фарс фæцæй. Дзурд ку фæцæнцæ, уæдта имæ и кизгæ бакъолæ кодта:
– Сумах ка фæндадтæй, уой загътайтæ, нур ба мæнæн дæр еу дзурди барæ раттетæ, – зæгъгæ.
Дзурди барæ ин бауагътонцæ æма син загъта:
– Хæмици фурт Батраз бафауйнаг лæг нæ ‘й, еу дæр аци рæстæги нæ фæсевæдмæ уомæй æгасдæр лæг нæййес, фал имæ æз ба нæ фæццæудзæнæн. Идили дон ку ниййех уй ‘ма Нарти биццеутæ уобæл ку фæгъгъазунцæ, уæд е ба æхе сау робас фестун кæнуй æма сæ еугай- дугæйттæй ехи бунмæ ласуй, æма син уотемæй сæ тог се скъелтæй цъируй. Ка ‘й зонуй, æма уотемæй ескæд, рамæстгун уогæй, мæн дæр ку бахуæра, уомæй тæрсун ‘ма имæ нæ фæццæудзæнæн. Æхе мæлæт ке бафæндæ уодзæнæй?!
Уотемæй Уадзæфтауæ раздахта Хæмици фурт Батрази дæр. Се ‘нккæтей фæсте ба имæ æрцудæй Къантдзи фурт минкъий Сæууай; ба имæ мийнæвæрттæ кодта.
Уадзæфтауæ ба ин загъта:
– Цæмæ цудтæ, Къантдзи фурт минкъий Сæууай, нуртæкки дæмæ мæхуæдæг ку цудтæн? Нарти астæу ай сахат дæуæй лæггонддæр ку нæййес, уæд, фал дæмæ неци фæццæудзæнæн: дæ цъифхуар мадæ уæллæй и къоли сæри дууадæс рæхисемæй бастæй лæууй, æ гъæлæсæй æхседæн зингитæ калуй, зæнхæмæ ба уазал ехæй хаунцæ æма мæбæл ести ку æрхауа, уæд рамæлдзæнæн. Кенæ ба уомæн ци нæ дæ, уой мæнæн фæууодзæнæ?
Сæууай раздахтæй. Нарти æхсæн ракой æй:
– Æхсæртæгкатæ æхсæземæй курдтонцæ Уадзæфтауи æма си некæмæ бакумдта, – зæгъгæ.
Уæд Ацæти Ацæ æ бæхуæрдун раефтигъта æма Нарти гъæунгти сæрдт- сæрдтæй æруадæй. Цирдæмæ, зæгъгæ ‘й рафарстонцæ.
Е ба син загъта:
– Цæун Адæкезæмæ: Уадзæфтауи мæ фуртæн уосæн корун, – зæгъгæ, æма раевгъудæй.
Лæвард дин фæцæй нур, зæгъгæ, гириз кодтонцæ хъалтæ Нарти нихæси.
Ацæ дæр Адæкези мæсуги хораууон æ бæхуæрдун бабаста, æхуæдæг ба хæдзарæмæ бацудæй. Ра ‘й бадун кодтонцæ, хуæруйнаг ин æривардтонцæ. Е дæр æхе рафсаста, уæдта син загъта:
– Æз дæн уосгор, сумах хузæн еунæг адæймаг. Дæуæн Адæкезæ дæ еунæг кизгæ, мæнæн ба мæ еунæг лæхъуæн! Нур ба дæ кизги мæ лæхъуæнæн исаккаг кæнæ!
Адæкезæ ба ин загъта:
– Коргутæ æй адтæй æма ин æз не сунафæ кодтон, нур дæр – уотæ! Æхе ин бафæрсæ, мæнæ дæ сæргъи æй, æма.
Ацæ дæр и кизгæмæ дзоруй:
– Æз Ацæтæй дæн, нур ба нæ дæхецæн исаккаг кæнæ!
Уадзæфтауæ ба загъта:
– Ходуйнаг ма уæд, ести ку зæгъон, уæд. Ду дзуапп агорис æма дин ести зæгъун гъæуй. Нур ба тæккæ мæн дæр фæндуй, мæ мадæ, Ацæтæмæ ку уайнæ, гъема дæу дæр фæндæд. Мæхе мин уомæй фарстай æма мин мæ зæрдиуаг зудтай, – мæхе кæмæ нæ фæндадтайдæ, уомæ ке нæ фæццудайнæ, уой. Нур ба арази мах: Хуцауи хæстæг æма нæ хæстæг!
– Мадта уотæ нæ! Дæхе рарæвдзæ кæнæ æма нур ба цæугæ, – загъта Ацæ.
Кизгæ дæр æхе рарæвдзæ кодта. Æ гобанцъарæ, æнæуой хуссæнтæ уæрдуни æ буни бакодта æма ранæхстæр æнцæ. Изæрæрдæмæ Ацæ Уадзæфтауи хæццæ Нарти Устур нихæси рæзти синкк-синккæй иссудæй. Уотемæй Уадзæфтауæ Ацæти уосæ бацæй.
Аци фурт Ацæмæз денгизи билæмæ Сау робаси фæдбæл цауæни рандæ ‘й. И Нартæ ба уой æрцудмæ Гори федар басастонцæ ‘ма ин æ ес, æ бес рахастонцæ, иуарунбæл ба нæ федудтонцæ.
Сæ еу дæр, се ‘ннæ дæр уотæ загъта:
– Æз Гори федармæ фиццагидæр бацудтæн æма гъæ-уама иуарæг дæр æз уон, хуæздæри хай дæр мæн уа!
Уотемæй хъаугъатæ кодтонцæ æма нецæбæл федудтонцæ. Уа-лæнги Аци фурт Ацæмæз дæр, ци фæххаттæй, Хуцау зонуй, е ‘фсæн гебунтæ æ уæраги сæртæмæ бафехсудæнцæ, уæдта Сау робас рамардта æма уотемæй æ хæдзарæмæ æрбахъæрттæй.
И Нартæ Гори федар басастонцæ, æ ес, æ бес ин иуарунцæ, æз ба æнæ хай фæддæн, зæгъгæ, куд нæ ниггузавæ адтайдæ Аци фурт Ацæмæз.
Нарти Уадзæфтауæ ба ин уосæн адтæй æма ин загъта:
– Уобæл гузавæ ма кæнæ, фал цо æма, и Нартæ Гори федарæй еу зæронд уосæ сæ хæццæ ракодтонцæ, нур ба æй бæгънæгæй хъамили рагæлстонцæ æма уомæ бацо. А Сау робаси думæг ба дæ ходи æскъели æрцæвæ æма ‘й зæболæй уадзæ, дæхуæдæг ба и уоси дарæсæй дæр, хуаллагæй дæр хуарз фæууинæ, уæдта Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй. Нарти адæм «сæр æз дæн»-бæл ‘ма «сæр мæн»-бæл ци фæхъхъау-гъа кодтонцæ, Хуцау зонуй, уæдта сæ фæстаг ба, ци зæронд уосæ рахудтонцæ, уомæ æрцудæй. И уосæмæ еугаййæй цæун райдæдтонцæ Нарти дзæбæхтæ ‘ма æй фарстонцæ, Гори федармæ раздæр бацæугæ ке фæййидтай, зæгъгæ.
Е дæр, сæ еуемæн дæр, се ‘ннемæн дæр, нæ дæ фæйдтон, зæгъгæ, разæгъидæ. Уотемæй æгас Нарти дзæбæх адæмæй фæстаг некебал байзадæй, уæддæр си е ба неке байамудта.
Уæд Нартæ исгузавæ ‘нцæ, мадта ма раздæр Гори федармæ ка бацудайдæ, зæгъгæ.
– Ацæмæз зæгъæн, æма е ба нæ хæццæ дæр ку н’ адтæй.
Æрæги-дурæги ба Ацæмæзи барвистонцæ и уосæмæ. Е дæр загъта: – Гъæй, уæ буни байзайа, кæд аци лæгæй раздæр Гори федармæ неке бацудæй, уæд!
Нартæ фæддес кодтонцæ, фал син гæнæн нæбал адтæй æма Аци фурти иуарæг искодтонцæ æма Сирдонæн загъта:
– Къахтмæ ниххезæ æма си римæхсæнтæ искæнæ дæхецæн: иуарун ку райдайон, уæд хуарз хæзнайæй кедæр уинон, уони уордæмæ гæлдздзæнæн æма сæ ду ба асхъод кæнæ!
Сирдонæй байруагæс æй ‘ма и къахтмæ ниххизтæй. Аци фурт Ацæмæз дæр ибæл сикъит никкалун кодта. Иуарун райдæдта ‘ма сæ исхæйттæ кодта, æхецæн ба сæлф ходæ, суйнаг æма еу уафси зæронд райста æма Сирдони исуагътонцæ. Е дæр еу хай æ æрций фиййæй фæхъхъел кæнидæ, инней дæр – уотæ, æма сæлф ходæ, суйнаг, æма и уафси ку некæми иссердта, уæдта син загъта:
– Уæ хæйттæй ирайгæ уотæ, куйти Нартæ! Ка адтæй, уони Аци фурт ниффардæг кодта!
Сæлф ходæмæ уæхæн хъаурæ адтæй ‘ма æй ка никкæнидæ, уой тугъди кард нæ карста, фат æй нæ хизтæй æма æй æзнаги цæстæ нæ ахæста. Суйнагæй ба цидæр рабастайдæ, – пакъуй уæзæ дæр æй нæбал уидæ. И уафс ба цидæр донбæл, кенæ ба денгизбæл багæлстайдæ, – хед фестидæ. Уæхæн хæзнатæ адтæнцæ.
Ци гæнæн ма син адтæй Нартæн æма и хæзнатæ Аци фурт Ацæмæзæн байзадæнцæ.
АЦИ ФУРТ МИНГИЙ АЦÆМÆЗ ÆМА ÆНЗОРАЙ ФУРТ
Æнзорай фурт хуарз лæг адтæй ‘ма ин æртæ кизги адтæй. И æртæ кизгемæн æ тургъи медæгæ тумбул дорæй адтæй мæсуг. Гъема, тумбул дортæбæл сæ басмухъти иссæ-уиуонцæ ‘ма къæразгæбæл бахезиуонцæ, æндæр ин дуар н’ адтæй. Æма син уæхæн айдæнæ адтæй, ‘ма, зæнхæ цидæр ‘ма кæмидæр адтæй, уони си уидтонцæ. Корæг сæ адтæй аллирдигæй ‘ма син лæгмæ ка кумдта?! Нæхуæдтæ нæхецæн иссердзинан, зæгъгæ, ‘ма мæсуги бадтæнцæ.
Еу бон ку адтæй, уæд æмбесбон иссæй ‘ма Æнзорай фуртæн æ зæрди æрифтудæй, цауæни ку фæццæуинæ, зæгъгæ, ести æхсæвæр ку рамаринæ. Уæллæй имæ æ кизгуттæ кастæнцæ ‘ма ибæл сæ гъæлæси ‘дзаг ниххæл-хæл кодтонцæ. И лæг к’ адтæй, уомæ гъигæ фæккастæй е, ‘ма загъта:
-Гъæ, уæлæ гаццатæ! Æз абони уалæнгæ ходдуйнаг ку н’ адтæн, уæд мæбæл сумах куд ходетæ?
Фæххилæ кодта, уæдта сæмæ нецибал исдзурдта ‘ма фæццæуй. Цæун байдæдта ‘ма ин еу рауæн фæлгæсæн туппур адтæй, ‘ма уой сæрмæ исхизтæй. Кæсæнцæстæ исласта ‘ма фæккастæй, ‘ма будури астæу еу сау æндæрг рауидта. Кæсун имæ байдæдта ‘ма дес кæнуй: «Нури уалæнгæ еци будури ку некæд неци адтæй, уæд е циуавæр æй, – зæгъгæ, – Хуцау мин фонс æрхаста дууæ изæрей астæу».
Кæсун имæ байдæдта æма, æ бæх тæрхъоси асæ, æхуæдæгка биццеуи асæ, уæхæн иссæуй, ‘ма имæ исхъæрттæй, ‘ма ин райарфæ кодта, дæ бон хуарз, зæгъгæ, ‘ма фæццæуй.
Е дæр имæ дзоруй:
– Раздæхæ фæстæмæ!
Е ба загъта:
– Æхсицгæ гъуддаг мæ ес ‘ма дæ кæд нецæмæн гъæун, уæд мæ ма ‘здахæ!
Е дæр бæхбæл æхе багæлста ‘ма имæ бахæццæ ‘й ‘ма имæ дзоруй: – Æрдавæ де ‘донæ!
– Ци кæнис ме ‘донæй?
– Хуцау дæ мæнæн фонсæн равардта.
Загъта е дæр:
– Биццеу ку дæн, ду ба зæронд лæг ку дæ, ‘ма мæ ку бафхуæрай, уæд дин ходуйнаг нæ уодзæнæй?
Е ба ин загъта:
– Мæнæ мæ фæсабæрцæмæ æрбахезæ, де ‘фхуæрдтитæ ‘ма æндæрти сагъæс ма кæнæ, ‘ма дæ, кумæ гъæуа, уордæмæ бахъæртун кæндзæнæн. Нæбал имæ фæккастæй ‘ма тæрхъоси асæ бæх дзоргъагæнгæ фæццæуй. Е дæр æ бæх ниццæфтæ кодта ‘ма ‘й фæстеггæй иссурдта, ‘ма ‘й бæхæй искъуæрдта, ‘ма тæрхъоси асæ бæх æ дзоргъа дæр нæ ниууагъта. Никкидæр Æнзорай фурт æ бæхи ниххæфтитæ кодта; еуæрдигæй дæр, иннердигæй дæр имæ æхе батæруй ‘ма ин æзмæлгæ дæр нæ кæнуй.
Зæгъуй ин:
– Ци кæнис, лæхъуæн ку дæн ‘ма мæ цæмæн æфхуæрис?
Ку не ‘змалдæй, уæд имæ æркастæй ‘ма ‘й ку нæбал уагъта Æнзорай фурт, уæд æй тæрхъоси асæ бæхæй искъуæрдта, ‘ма ‘й бæхæй рагæлста, æхуæдæг ба ‘й æхси дудагъæй нилхъивта, æнæ къохæй бавналгæ æма æнæ бæхæй æрхезгæ. Уæд æ ходæ фелваста ‘ма ин ковун байдæдта:
– Æз, – цидæр изæд дæ, цидæр идауæг, – дæ мадæ, дæ фиди иуазæг!
Æма е дæр е ‘хсæ исиста:
– Изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр нæ дæн, мæгур лæг дæн ‘ма мæ мæ надбæл цæмæннæ уадзис?
Фæ ‘й уагъта ‘ма фæццæуй. Æнзорай фурт фестадæй ‘ма сагъæс кæнуй: «Нур мæ мæ фудбони кизгуттæ уинунцæ ‘ма син ци зæгъдзæнæн? Ка мæ бафхуардта, уой ку нæ зонун!»
Æма æ фæсте уайун байдæдта ‘ма имæ дзоруй:
– Фæммæмæ лæууæ еу мæнкъæй!
Е дæр имæ дзоруй:
– Ку нæ мæ евдæлуй, тагъд ку кæнун ‘ма мæ цæмæннæ рауадзис? Е ба имæ дзурдта:
– Корун ди, айдагъ дууæ дзурдемæ ма фæллæууæ!
Ис æй æййафта ‘ма дзоруй:
– Кæмæй дæ, кумæ цæуис? Ци ‘хсицгæ гъуддаг кæнис, уой мин зæгъæ!
Е ба загъта:
– Æз дæн Аци фурт минги Ацæмæз. Мæ гъуддаг ба уотæ ‘й: цæун, Æнзорати минги Æнзорæн æртæ кизги сæрккаги бадунцæ ‘ма мæмæ уонæй кæд еске фæрразæнгард уидæ.
– Дæ амонд дин æдта Хуцау хуарз искæнæд!
Æхе фæййеуварс кодта ‘ма уайун байдæдта Æнзорати минги Æнзор, æма уомæй æхе фæрраздæр кодта сæхемæ. Нихъхъæрттæй ‘ма ку фæммедæг æй, уæд æ сæр ниллæгдæр, е уонтæ бæрзонддæр, уотемæй имæ сæрккагæй æ кизгуттæ ракастæнцæ. Дзурдтонцæ имæ:
– Ку дин загътан, нур ба дæу ка бафхуардта, уой мах дæр æрий- йафдзинан, ма ибæл хъурмæ кæнæ!
Е дæр бацудæй медæмæ. Уалæнги схъæрттæй Аци фурт минги Ацæмæз дæр, бæхбæттæнбæл æ бæх бабаста; цалдæн иуазæгдонæмæ цудæй, уалдæн æ фæсте кæсунцæ кизгуттæ ‘ма ибæл нивтæ ракарс-тонцæ, дарæсæн æй ци гъудæй, уобæл. И æхсæвæ ‘й хуарз исиуазæг кодта Æнзорати минги Æнзор, æндæмæ ба имæ нæ рацудæй. Кизгуттæй дæр алке æ дарæс къахæй-къохмæ рацæттæ кодта. Ку фæббон æй сæумæ, уæд ин сæ æрæрвистонцæ ‘ма ин загътонцæ, гъе, уонæй дæ аккаг ка ‘й, е дæу фæууæд, иннети ба фæстæмæ сирветæ, зæгъгæ.
Ра сæ ‘взурста ‘ма хестæри дзауматæ, æхецæн куд дзæбæх, уотæ разиндтæнцæ, иннети ба фæстæмæ рарвиста. Æр имæ æрвистонцæ: – Ирæдæн нин ци унафæ кæнис? Ирæди унафæ нæхуæдтæ кæнæн; кæд дæ нифс хæссис, уæд арази ан, дæ нифс ку нæ хæссай, уæдта дæ хæдзарæ агорæ! Нæ фиди æфхуæрдæн нин – сæдæ саги.
Исарази æй. Æнгъуд ин искодтонцæ. Еци сахатбæл уæдта фæццудæй æма сæдæ саги æртардта, æма син сæ сæ тургъи баскъард-та. Æнгъуд ин равардтонцæ, æнгъуди бонмæ куд иссæуай ‘ма дæ бийнонтæ куд фæххонай, зæгъгæ, уобæл.
Аци фурт минги Ацæмæзбæл Нарти адæм тæрхæнттæ кæнун байдæдтонцæ:
– Аци фурт цауæни рандæ ‘й ‘ма некæмибал зиннуй, ‘ма имæ агорунмæ цæун гъæуй!
Уотæ куд дзурдтонцæ, уотæ ба Ацæмæз нихъхъæрттæй ‘ма, Нарти адæмæн арфæ ку ракæнинæ, зæгъгæ, ‘ма сæмæ фездахтæй, уе ‘зæр хуарз, Нарти хестæр адæм, зæгъгæ, син разагъта.
Етæ дæр ин:
– Æгас нæмæ цо! Мах ба дин уосæ корун унафæ ку кодтан ‘ма дæмæ агорунмæ дæр цæунмæ ку гъавтан.
Е ба загъта:
– Киндзхонæй мæ уæ хуарзæнхæ фæууæд! Иннæ абони дзурд бафтудтон ‘ма мæ уæ хуарзæнхæ уæд!
Иннæ аци афони фæццудæнцæ Нарти адæм ‘ма ‘й æрхудтонцæ.
Сау хонхи цæрæг Сайнæг-æлдар æй.
Уомæн æ кизгæ – Агундæ-рæсугъд,
Æ еунæг кизгæ, æ бундори хай,
Зæронд æлдарæн – æ зæрди ‘нцойнæ.
Æ цилле дзикко – фади гъолтæмæ,
Æ сау цæстингас – фæскъæвда сах хор,
Æ кустмæ февналд – берæгъи лæбурд,
Бабузи накæ – æ донмæ рацуд.
Сæумæ рагиау ку рафецауй:
Æ нарæг астæу тасæ-уаситæ, –
Мæйрохс фелауй æ уорс гогойнæй,
Сæууон хори рохс – æхе цæсгомæй.
Нарти лæхъуæнтæн сæ хуæрзхаст бæхтæ,
Æ размæ гъазгæй, фæггобан унцæ:
Агундæ-рæсугъд бæрзонд айнæгæй
Æ рæсугъд цæстæй нæ рафæлгæсуй.
Мийнæвар цæугæй, нихæси бадæг
Нарти зæрæндтæн сæ галдзар уæфстæ
Сау хонхи рагъбæл бафехсуд æнцæ:
«На»-æй æндæр син неци дзиуапп ес.
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз
Агундæ-ханмæ æрхицæ кодта.
Сау гъæди астæу гæмæх æрдозти
Æ сау нæл сæгътæ дзæгъæл ниууадзуй,
Дзæгъæл ниууадзуй æма саразуй
Æ фиди хæзна, – сау æфтудтитæ
Сугъзæрийн’ хæтæл. Ку фæннæхстæр уй
Сау хонхи цъоппмæ æ хæзнай хæццæ.
Мулки номæн ма хуарз Ацæмæзæн
Иуæрци фæсте е ку байзадæй.
Уази хæдзари æ фуртти æхсæн
Иуæрци хъаугъа уобæл æрцудæй.
Нарти скъуæнхт лæгтæ, Авд нихæсеми
Æрбадгæй, уобæл нæ базонунцæ
Раст хæйттæ кæнун ‘ма нийхæлунцæ
Авд хатти етæ тæрхони сæрбæл.
Нарти Мæгуйраг, къеуæ цæститæ,
Фæстаг æмбурди се ‘уарæг фæууй.
Рæстиуæрцæ дæр айдагъ е хæссуй:
Фонс – и хестæртæн, хæтæл – кæстæрæн…
Уази фурттæ дæр арази æнцæ.
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз
Сау хонхи сæрмæ ку фæррæдæхсуй,
Æртдор къæдзæхбæл æрбадуй æма
Цæгъдунтæ, æдта, е ку байдайуй.
Агунди гъоси дæр хæтæли цагъд
Æрцудæй æма Сау хонхи айнæг
Къæразги бæрцæ уæд ку байгон æй:
Агундæ-рæсугъд, æ куст ниууадзгæй,
Æ куст ниууадзгæй, æнæ фезмæлгæй,
Игъосуй нæртон лæхъуæни цагъдмæ.
Лæхъуæни зæрдæ уой балæдæруй.
Уази игурдæн æ рæсугъд цагъдмæ
Æгас дуйнетæ æригъал унцæ.
Æноси цъететæ уæд тайунцæ,
Урух будурмæ нæ унгæг кæмттæй
Фæдесон лæгау хæбал-хубулæй
Мæстгун ивулд дæнттæ уæд уайунцæ.
Æнæбун денгиз ку рафæлхъæзуй.
Хъуми будури и цъæх дудæхътæ
Æма совæхътæ уæд ку кафунцæ.
Уази фурт Ацæмæз æ хæтæлæй
Хъæбæрдæр цæгъдунтæ ку байдайуй…
Цæгатон æрситæ сæ тар фунæй,
Сæ гъур-гъур цæугæ, æригъал унцæ.
Сæ гъар лæгæттæ ку ниууадзунцæ
‘Ма лæпп-лæппгæнгæй кафун ‘ма семун
Сау гъæди астæу уæд байдайунцæ.
Тæгæрсæрæй ибæл сæргин сæгтæ,
Гъæуæнзтæ ‘ма къæлæтсæртæ скъæрун
Уæд райдайунцæ; туацъи билтæбæл
Хъæлзæнг рæууестæ уæд ку уайунцæ.
Æфсатий фонс сау айнæги бунмæ
Дзогтæ-дзогтæй Ацæмæзи зармæ
Æмбурдтæ кæнун уæд ку райдайуй.
Ацæмæз дæр дин уæд æ хæтæлæй
Рæсугъддæр цагъдмæ нур ку низдохуй…
Сау гъæддон ибæл тъæфилтæй хауй.
Гæмæх къулдунтæ, гæмæх æрдозтæ
Сæ цъæх зæлдагæ уæд радарунцæ;
Аллихузи рæсугъд деденгутæ
Идзулд будурти уæд равзурунцæ.
Дуйней будуртæ Фæлвæрай фонсæй
Уæд байдзаг унцæ; деденгутæбæл
Гæбæлотæ ‘ма стонг мудбиндзитæ,
Дув-дув гæнгæ, ратæхæ-батæхæ
Уæд кæнунцæ; алли рæсугъд мæргътæ
Сæ уасунæй сау гъæдæ сæ сæрбæл
Уæд исесунцæ: хуарз Ацæмæзæн
Фæрсаг кæнунцæ. Уалдзигон хор дæр
Æгас дуйнебæл æхцæуæн гъарæй
Уæд ку бакæсуй, кæдзос дунгæмæ
Алли уодгоймаг, æхе рахатгæй,
Фæтæн реуи ‘дзаг уæд исуолæфуй.
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз
Рæсугъддæр здæхтæ уæд ку равзаруй…
Мегъи пъæстутæ рарæнгъæ унцæ,
Сæ гъар цæстисуг уæд æркалунцæ:
Сау гъæдрæбунти арви нæрун дæр
Уæд æрцæуй, ‘ма кæрдæги халæ
Идзулдæй æхе уæд ку бацæгъдуй.
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз
Рæсугъддæр цагъдмæ бæргæ низдохуй…
Агундæ имæ айнæги фарсæй
Беурæ фегъосуй, фал ин разæгъуй:
«Уæ, дзæбæх лæхъуæн, дæ ниййерæгæн
Æ фæндæуагæ ку фæццæрисæ,
Мæн ба к ‘уайуонцæ дæ сугъзæрийнæ
Арæзт хæтæл ‘ма дæ сау нæл сæгътæ!»
Нарти Уази фурт æрбамæстгун уй:
Сау хонхи къæбурбæл æ даргъ хæтæл
Листæг сау хъуæлтæ фæххаун кæнуй,
Ку фæннæхстæр уй сæ хæдзарæмæ
Æ сæр губурæй, æ уонтæ калдæй.
Рæсугъд хъал кизгæ, Сайнæги бундор,
Уæд æрахезуй айнæг къæразгæй,
Æрæмбурд кæнуй хæтæли хъуæлтæ,
Бадæттуй сæ æ фиди зæрондмæ.
Буйнагин цъæфсæй сæ е ку ‘рцæвуй –
Хæтæли мортæ банихæсунцæ.
Агундæ-рæсугъд фиййауи хæтæл
Ку бабæттуй уæд сурх дарий медæг.
Хъандзалгун кири ‘й арф нинниуæрдуй.
Хуарз Никкола ‘ма рæсти Уасгерги
Бæхтæбæл бадгæ æрацæунцæ –
Сæ уацæ рохсæй цæстæ тар кæнуй.
Уонæн сæ бæхтæ – æфсорхъи муггаг,
Лæгти изæдæн æ бæхæргъауæй.
Курдалæгонæн æ цæфхади цагъд
Нур дæр бæрæг æй: идзæгъни хузæн
Кæд хонхи рагъбæл зингитæ цæгъдуй.
Æрацæунцæ ‘зæдтæ-даугутæ,
Мæйрохси хузæн, хонхбæл фелаугæ.
Сæ фалæмбулай рафæлгæсунцæ:
Разæй уинунцæ тъæпæн будуртæ,
Сæ рахес фарсæй – Хъæреуи бæрзонд,
Сæ галеу фарсæй – Бестауи бæрзонд.
Уази фурти дæр уæд ниууинунцæ:
«Дæ фæндаг раст уа, минги Ацæмæз!
Кумæ фæццæуис дæ къæхтæ къуæргæ,
Дæ сæр губурæй, дæ уонтæ калдæй?
Ка дин фæттардта дæ сау нæл сæгътæ?
Кæми ниууагътай дæ зинаргъ хæтæл?»
«Табу уæхецæн, нæ рохс изæдтæ!
Нифс ма ка хæссуй Нарти адæмæй
Сайнæг æлдармæ мийнæвар унмæ?
Ду мин ку уайсæ, нæ рохс Уасгерги,
Ду мин ку уайсæ къохбæлхуæцæгæн,
Раздзæуæгæн мин – бæрзонд Никкола,
Рохс идаугутæ – киндзхонти къуарæн, –
Нæбал цæуинæ мæ къæхтæ къуæргæ!
Нæбал цæуинæ мæ сæр губурæй».
‘Зæдтæ-даугутæ разæгъунцæ ин:
«Рамбурд кæнæ ‘дта дæ киндзхонти къуар,
Сæ рæнгъæй мах ба нæ рартæсдзинан».
Нарти Уази фурт минги Ацæмæз
Сæумон уазали, æ бæх ниртайгæй,
Хорæн е скасти рафæндараст уй,
Нарти фæйнæгфарс, хуарз Созурухъо,
Æ рахес фарсæй, æрфæнбæл бадгæй,
Хестæр æмбалæн хуарз Ацæмæзæн
Æнæ зийнадæ е ку разиндтæй.
Сæ киндзхонтæбæл уæд æрхæтунцæ:
Æрги нарæгмæ рохс Тæтæртуппмæ,
Курпи бæрзондмæ Будури ‘зæдмæ,
Тубауи хонхмæ уорс Елиамæ,
Уазай бæрзондмæ хуарз Никколамæ.
Адай цъоппбæл син – къахгин Æфсатий,
Хъæреуи хонхбæл – тæтон Фæлвара,
Дигоргоми ба – рæсти Уасгерги.
Ходаистæй син кургус кæнунцæ.
Нæ бæлццæнттæ – изæдтæ, ‘даугутæ
Æрæмбурд æнцæ, ранæхстæр æнцæ
Сау хонхи бадæг Сайнæг æлдармæ.
Уорссæр Тæтæртупп – сæ къуари хестæр,
Æ галеу фарсæй – æхсаргин Елиа,
Æ рахес фарсæй – бæрзонд Никкола.
Уонæн сæ кæстæр – рæсти Уасгерги.
Изолдæр къуарæй – иннæ ‘даугутæ.
Хуæнхтæ резунцæ бæхти хурруттæй,
Цъæх мегъæ сбадуй сæ бæхти тулфæй,
Рæфтон хор гъазуй сæ идæнттæбæл.
‘Зæдтæ-даугутæ уæд байдайунцæ
Сæ даргъ фæндагбæл унафæ кæнун:
«Аци хатт дæр ма Сайнæги зæронд
Нæ къуари хатир ку нæ фæууина,
Нæ унафæ уæд цæбæл ралух уа?»
Нæ Дигоргоми цитгин Уасгерги
Рохс идаугутæн атæ разæгъуй:
«Уази фуртæн æз къохбæлхуæцæг дæн
Æма уи корун, ме ‘нхузон адæм:
Кæд нин æй ратта фæндонæй – хуæздæр,
Ку ниффæрсмæ уа – æхецæн фуддæр.
Аци æмбурдæй рахæссæн тухæй
Зæронд хевастæн æ рæсугъд кизги».
Сау хонхи айнæг, – зæгъуй Тæтæртупп, –
Æгæр бæрзонд æй, æгæр федар æй:
Агундæ-рæсугъд, Сайнæги бундор,
Æ фиди цорæй зин æскъæфæн æй.
Даргъ æхсарæгин, мæнгартти сорæг,
Уорс Елиа уæд атæ разæгъуй:
«Нæ къуари хестæр, Хуцауи уарзон,
Ду нин ракорæ бæрзонд Хуцауæй
Мегъæстуг, æз ба бавзардзæнæн уæд,
Бавзардзæнæн уæд, – ци федардæр æй:
Ме ‘хсарæ æви Сау хонхи айнæг!»
– Нæ уорс Елиа, Сау хонх фехалæ, –
Уасгергий æма мæ бæгъдауонд æй
Сайнæг æлдари кизги раскъæфун? –
Уотæ разæгъуй бæрзонд Никкола.
Уомæ игъосгæ къахгин Æфсатий
Æрбарæуæг уй: «Лæгау фæллæууæн!
Ме ‘ртасгæ фонсæй авд сæргин саги,
Æвзестæ арæ уæрдуни ефтигъд,
Хездзæнæнцæ уæ Сау хонхи рæбун».
«Æз ба уин, – загъта Будури изæд, –
Уæ разæй тæхгæ фæндагамонæг».
Фæлвæра загъта: «Æстæмæй-астмæ
Цидæр уæ гъæуа мæ фонсæй – цæттæ!»
Нæ рохс изæдтæ, унафæ гæнгæ,
Сау хонхи размæ бахæстæг унцæ.
Æрфестæг унцæ уæларвон бæхтæй
Сау кæрдтуй буни урух надгæрон.
Бæласи аууон цъæх зæлди астæу
Æритаунцæ сæ уорс нимæттæ.
Коми дунгæ син сæ даргъ закъитæ,
Æрдогай телгæ, сатæг ку кæнуй.
Сайнæг æлдарæн æ тургъи астæу
Æрфестæг унцæ дууæ изæди.
Æ цурд кæстæртæ Сайнæг æлдарæн
Гур-гурæй сæмæ æракæлунцæ,
Се ‘дæнттæмæ син фæллæборунцæ.
Æрацæй цæуй е ‘уазгутæмæ
Сайнæги зæронд – æлхий æрфгутæ,
Æлхий æрфгутæ, уорс цилле закъæ,
Нарæг астæу ‘ма фæтæн усхъитæ.
Уæлæфтауцæй ин теуагъун цохъа,
Æвзестæ лæдзæг æ галеу къохи.
«Æгас æрцотæ!» – «Хуæрззæруæ бауо!» –
Ку сæ бахонуй ‘уазæгдонæмæ.
Лæгти изæд ‘ма бæрзонд Никкола
Уæллæй сбадунцæ пилæстæг сирей,
Ку ин дзорунцæ сæ цуди хабар:
«Дæ хуарзæнхæ нæ к’ уайдæ, Сайнæг,
Нæ хестæртæ дæр æнгъæлдзау æнцæ:
Мах Уази фуртæн мийнæвæрттæ ан!
Мийнæвар лæгæн е ‘хæс е рагъи ‘й.
Уази фурти дин неке фаудзæнæй:
Æ фидæ адтæй Нарти бæрæг лæг,
Æхуæдæг кæд æй лæхъуæнти хуæздæр,
Кæд æ хæтæли цагъд зæрдæ ‘лхæнуй,
Будур батар æй кæд æ сау фонсæй,
Уæд хæстæгæн дæр æнсувæр кæд æй,
Зæрдегин æма нихидзиуаргин.
Дæ хуарзæнхæ нæ ку уайдæ, Сайнæг,
Дæттæг корæги уæд саразидæ».
«О, мæ кæдзосуод, хуарз иуазгутæ!
Æз аци бонæ мæ цæрæнбæнтти
Æхсæви рохсбæл банимайдзæнæн.
Уæхе куд фæндуй, уотæ бакæнтæ,
Сумах раст дзурдбæл ци зæгъуйнаг дæн?
Фал æркæсетæ, нæ рохс изæдтæ,
Мæгур зæрондмæ, мæгур фидæмæ!
Фиццаги хъаурæ кæми ма ес нур?
Æр мæмæ зилдæй мæ царди зумæг.
Ме стæг фезгъæр æй, фæккиудтæй мæ зунд,
Арфдæр æфсæрун мæ цирти гъосмæ.
Мæтъæл бони ма ‘й мæ хори цæстæ –
Табу уæ фарнæн – мæ еунæг кизгæ.
Куд æй лæдæрун мæ хуарз хъæболи –
Нæ рагæлдздзæнæй æ зæронд фиди,
Æгæр æвзонг ма ‘й лæгмæ цæунмæ…»
Сайнæги дзурдмæ неци зæгъунцæ.
Фæннæхстæр унцæ нæ рохс изæдтæ
Еци хузæнæй се ‘мбæлтти къуармæ.
Гурведауцæ ‘ма нарæг æрфгутæ
Сайнæги кизгæ, Агундæ-рæсугъд,
Ци дзурд равардта рохс иуазгутæн,
Уобæл бафæрсуй æ зæронд фиди.
Дзиуапп фегъосгæй, æрбамæстгун уй,
Æ даргъ æрфгутæ æрбатар кæнуй,
Фендæ уй æма хæдзари дуар
Уæд ниггупп ласуй æ рæсугъд къохæй.
Ба ‘й лæдæруй уæд æ фиди зæронд,
Фæхходуй æма уотæ разæгъуй:
«Куд дæ лæдæрун, мæ хеваст кизгай,
Уотемæй уарзис рæсугъд цæгъдтæлтæ,
Сау нæл фустæ ‘ма дангъа хæтæлтæ;
Уонæй хъæбæрдæр бæргæ бауарзтай
Нарти Уази фурт хуарз Ацæмæзи.
Дæ киндздзон кири хæтæли хъуæлтæ
Хумæтæги арф нæ нинниурстай!»
Дуккаг æрвист ма ку бакæнунцæ,
Сайнæг æлдар син уотæ разæгъуй:
«Уæ хатир фæйнгæ, рохс идаугутæ,
Аккаг æй кæнун ме ‘мсæр адæмæн
Мæ еунæг зæнæг, мæ еунæг кизги».
Нæ рохс изæдти æ хæдзарæмæ
Уæд ку бахонуй Сайнæги зæронд.
Устур Нартмæ дæр хонæг ферветуй.
Нарти адæм дæр æрбамбурд унцæ.
Сайнæг æлдар сæ æстæмæй-астмæ
Уæд ку байдайуй идзулдæй хинцун.
Æвзестин къæхтæ зурнæ фингитæ
Æрæвæрунцæ изæдти размæ.
Уæзбун фингитæ хъабагъи дæргъцæн
Æрæвæрунцæ Нарти адæмæн.
Хуæрзарæхсгæ ‘ма рæуæг кæстæртæ
Æртæ къерей ‘ма æхсæрфæнбæлттæ
Æфсæн ухстбæл цавд æрахæссунцæ.
Бæгæний синон дугъосуги ‘дзаг
Æлутон фунхæй æрæвæрунцæ.
Уорссæр Тæтæртупп фæууй сæ ковæг,
Ковæггаг фæууй Уази игурди.
Сæ ниуæзтæ уй донæй ахиддæр,
Сæ хуæрдæ фæууй дууæ уой бæрци.
Сæ ниуазæнтæ – дзæбодур-сиуæй,
Бунмæ тонунцæ фидæй фингитæ.
Мийнасæ беурæ – фæууй фæндонæй.
Нæ сæмæ фæууй мийнасæн æ сæр:
Нæ сæмæ фæууй игъæлдзæг зартæ.
Æфсеси зæрдæ зарун агоруй:
«Гъе, мæ нæуæг сиахс, цæмæннæ цæгъдис
Дæ сугъзæрийнæ рæсугъд хæтæлæй,
Хъал кизги зæрдæ кæмæй басастай,
Кæмæй ин цагътай, еци хæзнайæй?»
Нарти Уази фурт Сайнæг æлдармæ
Раги фæххатæй, зæгъгæ, бандеуй:
«Мæ лæхъуæн зæрдæ мæ хæзнай цагъдæй,
Мæ сугъзæрийнæ дангъатæ хæтæл
Хонхи къæбурбæл ку ниффæртт ластон.
Листæг буройнæ ‘й уæд ку никкодтон!»
Агундæ-хан ин æ фиди хæзна
Сурх дарий тугъдæй уæд æрбахæссуй.
Е дæр саразуй рæсугъд цæгъдтæлтæ,
Иуазгутæ дæр уæд нийдзулунцæ.
Нарти хуарз лæгтæ хуæрдæ-ниуæзтæй
Ку бафсæдунцæ, уæд самайунцæ
Тумбул фингæбæл къæрцц æнгулдзæхтæ,
Кæхци билтæбæл нæртон кæфтитæ,
Цъæх зæлдæ тургъи æнгом уæззау синд
Ку рахецæн уй æстæмæй-астмæ,
Рарæнгъæ унцæ Сау хонхи рагъбæл
Ацæмæзæн уæд æ хуарз киндзхонтæ,
Ку рахæссунцæ рæсугъд Агунди.
Сæ киндздзон уæрдун – æвзестæ арæ.
Уобæл син ефтигъд авд сæргин саги,
Авд сæргин саги – Æфсатий лæвар.
Киндзхонти фæдбæл авд уæрдунеми,
Авд уæрдунеми – доммайтæ ефтигъд,
Киндздзон дзаумаутæ етæ ласунцæ,
Етæ ласунцæ Сау хонхи рагъбæл.
Æ къохбæлхуæцæг – рæсти Уасгерги,
Дуккаг уæхæн ин – Нарти Урузмæг;
Сæ разæй цæуæг – бæрзонд Никкола,
Туруса хæссæг – Будури изæд.
Бæхбæл нигъгъазуй цитгин Елиа:
Уомæн е ‘хси къæрцц арви нæрун æй,
Бæхарци цæхæр – арвæн æ ферттивд,
Æ бæхи рагурд – æгас адагæ,
Æ бæхи финкæ – зумæгон бурдæн.
Ба æй хонунцæ зæрдигъæлдзæгæй
Сайнæги кизгæ Агундæ-хани.
Фæрнæй баковуй нæртон хуарз уоси,
Нæртон хуарз уоси – Сатанай къахбæл.
Нæуæгæй бабæй уæд идзулунцæ.
Уæдæй байзадæй æгъдауæн, мæ хор,
Къуæре бæласæ нæ хуарз адæмæн.
ХЕЦÆН КАДÆНГИТÆ
Бориатæ æма Æхсæртæгкатæ дууæ муггаги адтæнцæ æма сæ райдайæнæй дæр сæ кæрæдземæ ба гегæ гæнгæ цудæнцæ. И дууæ муггагей Хуцау сæ кæрæдземæ фæггегæ кæнун кодта æма тогæй тог æхснæнгæ цудæнцæ; бафедауиуонцæ, кæрæдземæй енцегтæ исхæссиуонцæ, каййесæхсæнтæ дæр бакæниуонцæ тогбæл, уæдта бабæй нæуæгæй кæрæдземæ бавналиуонцæ, æма уотемæй сæ кæрæдзей фид хуардтонцæ, кæрæдзей ирæзун нæ уагътонцæ.
Бориатæ адæмæй фулдæр адтæнцæ, Æхсæртæгкатæ ба кæд сæрæй уой бæрцæбæл ивулд н’ адтæнцæ, уæддæр æхсарæй ба уайæгдæр адтæнцæ æма син фуд бæнттæ уинун кодтонцæ.
Еу кæми адтæй, уоми Бориати кæстæртæй еу – Курд-Алæугон Уорæзмæги фурти, Айсанай енцег хаста. И биццеу ку рагъомбæл æй, уæд Бориатæн æзнаггадæ кæнун райдæдта æма ибæл етæ дæр рамаруни фæндæ искодтонцæ, фал æй равги нæ ирдтонцæ, Курд-Алæугон син æй нæ лæвардта.
Уæд Бориатæ Курд-Алæугонмæ сæ кæлмон æвзаг исластонцæ ‘ма æй басайдтонцæ. Айсана ба е схæссæги уотæ берæ уарзта, æма сæумæ ку фестидæ, уæд Курд-Алæугонмæ æ курдбадзæмæ æнæ бауайгæ æма ин æнæ фæрсагхуайæ рагæнгæ некæд фæцайдæ. Уой ин зудтонцæ Бориатæ æма фæскуст и курдбадзи кæми бабадидæ, уоми дууадæс цæнгæрийни еуæрдæмæ, фондз ивазни иннердæмæ, уæхæн уæрмæ искъахтонцæ, æ сæр ба ин мæнгазгъунст бакодтонцæ.
Еу сæумæ Айсана Курд-Алæугони курдбадзæмæ рагисон хуарзмæ бацудæй æма æ ахур бунати æрбабадтæй. Æ бунат ба сайнæ аз-гъунст адтæй ‘ма æй фæссайдта. Уотемæй Айсана уæрми радæлæ ‘й.
Бориатæ дæр ибæл алли лæхæ-марг никкалдтонцæ ‘ма æй уотемæй уоми æнодæй рамардтонцæ. Уой фæсте ба рахабар æй, Курд-Алæугони енцег фесавдæй, зæгъгæ, ‘ма æй Æхсæртæгкатæ агорун райдæдтонцæ. Уорæзмæг, Хæмиц æма Сослан арви кæрæнтти фæххаттæнцæ ‘ма ин æ бæрæг бæлвурд хабар некæми игъустонцæ; сæ фæстаг ба къолибадæг уосæмæ æрцудæй.
Е ба син загъта:
– Сирдони гаццай хъури бæндæн бафтауетæ ‘ма æй уой гъæуай кæнун бафæразетæ, уæдта уин æй е ердзæнæй.
Етæ дæр гаццай хъури бæндæн ниббастонцæ æма уой фæдбæл зелун райдæдтонцæ. И судæймард гацца дæр кæми еу рауæнмæ фæууаидæ, кæми иннæ рауæнмæ; æрæгиау ба Курд-Алæугони курд-бадзæмæ исмедæг æй æма уоми Айсанай бадæн æзгелун байдæдта.
Æхсæртæгкатæй æруагæс дæр нæ кодта, фал уæддæр и гацца кæми разгилдта, уой къахун райдæдтонцæ ‘ма æй Айсанай мард иссердтонцæ. Ци гæнæн ма син адтæй æма мард байвардтонцæ, сæхуæдтæ ба Бориатæмæ гъузун райдæдтонцæ. Адæм сæ астæу бацудæнцæ æма Æхсæртæгкатæй корун райдæдтонцæ, куд бафедудтайуонцæ, уой. Æнккæтемæй фулдæр ба си курдта сæ хуæрæ Уадæ-хезæ, Бориати уосæ адтæй, æма е.
Æхсæртæгкатæ адæми зæрдиуаг ку базудтонцæ, нур нæ нæбал ниууадздзæнæнцæ æнæ бафедаунгæнгæ, зæгъгæ, уæд ратæргай æнцæ Кæнти Сæр-Хуæндонæмæ æма Бориати рæзти къæрццитæгæнгæ æрцудæнцæ. Уадæхезæ уой ку базудта, уæд сæ исæлгъиста:
– А, хуцæутти мæхе Хуцау! Æхсæртæгкатæй лæг кумæдæр ба-цæуа, уоми куйæгадæ куд кæна анзи уæнгæ; сæ дзурди кадæ куд нæ уа, сæ кæрдагæ кард куд нæбал кæрда, сæ уайагæ бæх куд нæбал уайа, уæхæн фæндараст сæ фæккæнæ.
Æхсæртæгкатæ Кæнти Сæр-Хуæндонæмæ æрцудæнцæ æма сæмæ е ‘рух нецæмæй дардта. Иуазæгдони бадун райдæдтонцæ. «Нур нæмæ рацæудзæнæй, уæд нæмæ рацæудзæнæййæй» сæбæл анзмæ хæстæг рацудæй. Уæди уæнгæ ба Кæнти хиститæ, хъабагътæ, догътæ куд н’ адтайдæ æма фиццагидæр барæ ба Æхсæртæгкати уидæ, – иуазæг адтæнцæ, æма уомæн. Етæ дæр дзорун дæр цæмæннæ æвзурстонцæ, сæ бæх догъи уагътонцæ, хъабагъ дæр æхстонцæ, сæ кард дæр – уой хузæн æма некæд некæми исбæзтæнцæ.
И анзи бæнттæ ку раевгъудæнцæ, уæдта еци догъи Уорæзмæги æрфæн рауагътонцæ. Уорæзмæг ин æ бадæгæн бафæдзахста, и догъæй бон фæстагдæр рацо, зæгъгæ. Е дæр, Уорæзмæг ин куд бафæдзахста, уотæ рацудæй, уæдта сæ сорун райдæдта æма си ке куд æййафта, уотæ, кæмæн æ гъос, кæмæн æ думæг, кæмæн æ барцæ истонидæ, уотемæй и догъи æнгъудæй ма бон раздæр æрбацудæй.
Адæм ибæл дестæ кодтонцæ: «Аци бæх нурмæ хай дæр ку не ‘ййафта, уæд нур ба уой бæрцæ раздæр куд æрбацайдæ, æ бадæг син иннетæн ести хийнæ кæд не скодта, уæд?»
Е ба син загъта:
– Бон фæстагдæр ке рацудтæн догъæй, уобæл ба, бæхтæ ку æрбацæуонцæ, уæд бафæрсетæ.
Цæгæй и бæхтæ гъосойтæ æма къодатæй цæун ку райдæдтонцæ, уæдта си байруагæс æй.
Еци хисти гал æвгæрдунбæл ба еу лæг Хæмици кард галбæл æгæр æрбадардта æма ин æ зæнгитæ рахаун кодта. Уотемæй, Æхсæртæгкатæн сæ гъуддæгтæ рæвдзæ кæнун райдæдтонцæ.
Еу бон кæми адтæй, уоми ба Сослан иуазæгдони æ церхъ фæрсинсад кодта æма æ меднимæр дзурдта:
– Исон Кæнти Сæр-Хуæндонæмæ рагисон хуарзмæ цæудзæнæн æма ма нæ уæддæр ку нæ фæрса, кæми адтан, уобæл, уæдта дæ уой бæрзæйбæл æвзардзæнæн. Ку нæ мин æй никкæрдай, уæд ами Кæнти сувæллæнттæн кæрдхуæрттæ æма æртхуæрттæн байзайæ! Æз уотæ ку нæ бакæнон, уæдта мæн Хуцау и Нарти астæу налатæй фæххæтун кæнæд!
Еци дзурдтитæ кадæр фегъуста ‘ма сæ Кæнти Сæр-Хуæндонæмæ бахъæртун кодта. Уой дæр Хуцау фæттæрсун кодта æма и сæумæ ба æрбарвиста Æхсæртæгкатæмæ. Етæ дæр имæ бацудæнцæ æма сæ Кæнти Сæр-Хуæндонæ бафарста, кæми адтæнцæ, ци сæ гъæуй, уобæл.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Бориатæ нæ бахуардтонцæ, нур ба нæ гъæуй æфсад!
Кæнти Сæр-Хуæндонæ ба син загъта:
– Цотæ æма Сау айнæги æфсæн дуармæ хатиагау исдзоретæ; ба уин игон уодзæнæй æма, цалинмæ фæстæмæ ракæсайтæ, уалинмæ ибæл цæудзæнæй æфсæдтæ, уæдта фехгæндзæнæй, æма мин сæ нимæдзæ ба зæгъетæ, ка рамардæй æма æгас ка байзадæй, уой бæрæг куд зонон, уотæ.
Ранæхстæр æнцæ Æхсæртæгкатæ æма син и Сау айнæги æфсæн дуар байгон æй.
Цæун райдæдтонцæ, сæ фæсте ба æфсæдтæ лæстæй. Ци рацудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта Сослан нæбал фæллæудтæй æма фæстæмæ фæккастæй. Æ фæккасти хæццæ æфсæн дуар æхе фехгæд-та, фал æфсадæн ба æлгъдунгæ нæбал адтæй æма син сæ нимæдзæн иссеруни фæрæзнæ нæбал адтæй:
– Æхсийнæ-Сатана ку нæ уа, уæд анæн мах неци амал иссер- дзинан, – зæгъгæ, – æма Уорæзмæг уомæ уайун райдæдта. Бахъæрттæй и Нартæмæ, æрдзубандитæ кодта ин æ гъуддæгутæ.
Æхсийнæ дæр ин загъта:
– Ахсæви бал бахуссæ, сæумæ ба Хуцауи ка фæндæ уа, е уодзæнæй.
Æхсæвæ Сатана æртикъахуг уорс хæлаф рахудта, сæумæ ба æй рахснадта ‘ма æй хори æрбакасти кауæбæл уиндтуг рауæни райтудта. Уотæ рæхги ба Сирдон кæцæйдæр фелвæстæй æма и хæлаф рауидта: – Де ‘гæр фæккалай, Æхсийнæ-‘фсийнæ Сатана, кæд æрти-къахуг хæлафæй бабæй уæд ци кæнис? Æхсæртæгкати æфсæдтæ æрзæ æма æрзæ мини æнцæ, сæдæ сæ уæлдай æма уонæмæ æртикъахуг лæг нæййес! Сатана ба раздæр æртикъахуг хæлæфтæ кæнун райдæд-та!
Сатана дæр еци дзурд къахта ‘ма æй Уорæзмæгæн радзурдта. Е дæр бацудæй æма и цæттæ дзубанди Кæнти Сæр-Хуæндонæн загъта. И æфсад ранæхстæр æнцæ æма Бориатæбæл æрбадтæнцæ. Æнккæтей разæй ба Сослан æ бæх къæрццитæгæнгæ Бориати рæзти иссудæй. Е ‘хси гъæрæй Бориатæн сæ хæдзари æскъæртæ æркалдæнцæ æма Уадæхезæ æндæмæ рацудæй:
– А ба Æхсæртæгкати æхси гъæр ку æй æма кæми адтайтæ, – зæгъгæ.
Уадæхезæ æфсæдтæ ку æруидта, уæд Нарти дзæбæхтæн лихстæгæнгæ, æма уотемæй Æхсæртæгкати æрсабур кæнун кодта. Бориатæ æма Æхсæртæгкатæ бафедудтонцæ, тогбæл киндзæ сæ астæу куд рацудайдæ; кизгæ Æхсæртæгкатæ куд равардтайуонцæ, хонгæ ба æй Бориатæ куд фæккодтайуонцæ, уотæ, ‘ма и æфсад раздахтæй.
Киндзи æнгъуд дæр æрцудæй æма Æхсæртæгкатæ дæр Уорæз-мæги радастонцæ, æма син уой рарвистонцæ. Æхсæвæ лæхъуæн æхе хуссæни рауагъта, æ гæрзтæ ба æ рази ниввардта, Уорæзмæг ба æхе исзелæнгæнæг кодта, Бориатæй ин æмбал сæ кизгæ адтæй, уой хæццæ. Ци рацудæй, уæдта и лæхъуæн рафунæй æй. Уорæзмæг дæр ин æ кард исласта æма ин æ сæр æркъуæрдта, и кизгæмæ ба «сабур», зæгъгæ, банхъерæн кодта, уæдта ин батухæ кодта.
Уой фæсте ба и мард æрахаста æма син æй сæ адзатханай сæрмесиндзæгмæ ниггæлста, æхуæдæг ба ниффардæг æй.
Еу ку рандæ ‘й, уæд и кизгæ бадзурдта:
– Уомæй фесгундæр ностæ уæмæ ма æрцæуæд: уæ лæги уин рамардта, мæн дæр фæхходуйнаг кодта, æндæмæ ракæсетæ!
Уой фæсте ба Æхсæртæгкатæ барвистонцæ Бориатæмæ:
– Нæ лæги мардмæ уи лæг рамардтан, уæ кизгæ ба ма уæлæнхасæн. Нур ба – уæ лæгигъæдæ æма уæхуæдтæ!
СОСЛАН ТЕЛБЕРДИЙ ÆРТÆ ФУРТЕЙ КУТЕМÆЙ РАМАРДТА
Нартæй еу Уæрхæг хундтæй æма фæсхонх Ауари-ханмæ уинунмæ цудæй.
Мадта, æмбалтæ мæ гъæуй, зæгъгæ, ‘ма æ хæццæ фæххудта Сослан, Хæмиц, Уорæзмæг æма Субæлций. Уони ба уой туххæн худта æма Уорæзмæг зæронд лæг адтæй, ‘ма къуари уæллæй бабадунмæ бæздзæнæй, зæгъгæ. Хæмиц ба дзуапп раттунмæ цурд адтæй. Сослан ба, бæхбæл сбадгæй, лæгдзийнадæй сбæздзæнæй. Субæлци ба, кæстæреуæг ку багъæуа, уæд исбæздзæнæй æфсаргъæ раттунмæ. Тотуригурд галти сæрбæл рахуæцунмæ Нарти æхсæн уой цурдæн некæми адтæй.
Гъема уæдта дууадæс тотуригурд сау галебæл ранæхстæр æнцæ. Уони уæрдуни ба алли хузæн хуарз ниуазуйнаг, хуæруйнаг куд н’ адтæй?! Цæун райдæдтонцæ ‘ма, ци бацудæнцæ, уæдта сæбæл тар мегъæ æрбадтæй. Уæдта сæбæл гъæр уæхæн никкиндæ ‘й ‘ма сæхецæн сæ сæрæн нæбал адтæнцæ.
– Нæ авд анзей хъалон нин ку нæма бафистайтæ, Нарт! Мах Телбердий æртæ фурти ан. Майрæнбони уæмæ хъалон есунмæ цæу- дзинан ‘ма раздæхетæ!
Уорæзмæг загъта:
– Ма кæнтæ, раздæхæн, нæ над хуарз нæбал æй!
Сослан ба загъта: «Гъæй, Нарти зæрæндтæ, нур цæмæй тæрсетæ уæхæн дзæгъæл гъæртæй?»
‘Ма æ бæх ниццæфтæ кодта. Иннетæ æ фæсте цæун байдæдтонцæ. Цæун райдæдтонцæ ‘ма, ци бацудæнцæ, уæдта бабæй сæбæл нигъгъæр киндæ ‘й:
– Кумæ цæуетæ, мах Телбердий æртæ фурти ку ан ‘ма нæ хъалон ку нæма бафистайтæ!
Зæнхæ расалдæй уони гъæрæй ‘ма Уорæзмæг загъта:
– Нæма цæуæн нур дæр?
– Нæма, – загъта Сослан, – мæ фиди стæн; махбæл уæхæн гъуддæгтæ берæ æрцудæй!
‘Ма дзоруй Субæлцимæ:
– Рахуæцæ дæ галтæбæл!
‘Ма рацудæнцæ. Ци бацудæнцæ, уæдта бабæй сæбæл нигъгъæр киндæ ‘й:
– Цал гъæри уæбæл кæнæн! Нæ авд анзей хъалон есунмæ уæмæ фæсцæгатмæ цæудзинан ‘ма раздæхетæ!
Гъæр кæстæр никкодта ‘ма зæнхæ сæлдæскъудтæ фæцæй.
Загъта бабæй Уорæзмæг:
– Æдта нæма здæхæн нур дæр?
– Здæхæн, – загъта Сослан ‘ма раздахтæнцæ. Æрцудæнцæ сæ хæдзæрттæмæ ‘ма алке æ къæсмæ бацудæй. Сослани мадæ Æхсийнæ адтæй. Сæ хабар гъæубæл фæххæлеу æй ‘ма фæггузавæ ‘нцæ. Æхсийнæ загъта:
– Фæсхонх уæхæн сауæдонæ ес ‘ма имæ фонсæн дæр æрцæуæн нæййес. Уонæн сæ бæхтæ базургин æнцæ ‘ма арвæй зæнхи астæу тæхгæ кæнунцæ. Уæ фиддæлти дæр уин мæстæй мардтонцæ; уæхе доги ба нæбал æрæндиудтонцæ, нур бабæй фæззиндтæнцæ. Фæццо еци сауæдонæмæ ‘ма дæхецæн бæлæгъ скæнæ. Бæлæгъи дæхе нихъхъан кæнæ. Сæумæ сæ бæхтæ уордæмæ æртайунмæ фæлласунцæ. Тæхгæ дæмæ æрцæудзæнæнцæ ‘ма дæхе марди ‘фсон никкæнæ. Еу сахат дæбæл не ‘ууæнддзæнæнцæ.
Сослан дæр уотæ бакодта ‘ма имæ хестæр тæхгæ æрцудæй, ‘ма имæ хæстæг не ‘ндиудта:
– Æ, гйаур, Сослани хузæн ку дæ ‘ма барæй дæхе уотæ ку никкодтай!
Еу æртæ хатти имæ уотæ не ‘рæндиудта, уæдта имæ æхе æрхæстæг кодта ‘ма ‘й Сослан дæр фæммард кодта. Æ бæх ин æрахæста, æхе ба ин, къæхтитæ син конд адтæй, ‘ма ‘й уоми раивардта.
Гъе, уæдта дуккаг хестæр æрцудæй ‘ма хæстæг не ‘ндиудта: – Сослан ку дæ ‘ма барæй дæхе уотæ ку никкодтай!
Уæдта е дæр бабæй æрхæстæг æй ‘ма уой дæр рамардта, æ бæх дæр ин бафснайдта, æхе дæр ин баивардта. Æрæгиау ба кæстæр æрцудæй ‘ма имæ æппундæр хæстæг нæбал æндиудта:
– Сослан ку дæ ‘ма дæхе марди ‘фсон ку никкодтай. Фæддæ ‘хсинæ ‘ма мард фехсунæй сомигонд дæн.
Е дæр бабæй æрхæстæг æй, уæдта, ‘ма бабæй уой дæр рамардта. Нимæхсгæ дæр ма ‘й кæми кодтайдæ ‘ма син сæ бæхтæ еу рауæнмæ æрбамбурд кодта.
Уæдта майрæнбон æрхъæрттæй, Нарт æрæмбурд æнцæ Хузæ-дзæгатмæ æма дзурдтонцæ:
– Сослан ба кæми ‘й?
Сирдон загъта:
– Е ба кæми ‘й? Æхе бабæй исримахста, æндæра кæми ‘й?
Уобæл басагъæс кодтонцæ, уæдта загътонцæ:
– Нæ сæрæн æгъдау ку нæ скæнæн, уæд нæ фонс дæр нин нæ рахъæртдзæнæй!
Уотæ æнæгъдау берæ дардтонцæ авд анзей хъалон.
Уæдмæ Сослан æртæ ‘нсувæремæн сæ хъæппæлтæ раласта ‘ма сæ бæхи фæсабæрцæ бабаста. Уæдта син се ‘ртæ сæри æркодта ‘ма си алкæмæн æ сæр æ бæхи думæгбæл бакодта, уотемæй æрбацудæй ‘ма сæ Нарти астæумæ æрбаскъардта, æхе ба син нæ бавдиста. Ка уа, зæгъгæ, дес кодтонцæ, гъуди кодтонцæ. Сосланæй фæстæмæ уоми ка н’ адтæй, уæхæн ‘н адтæй ‘ма, Сослан адтæй, зæгъгæ, уобæл æй банимадтонцæ. Сæ хъалон Нартæн Сослани фæрци баизадæй.
ТЪИЗМУДÆ ÆМА НАРТИ ÆГÆНОН СИНД
Нарти рæсугъд Тъизмудæ авд æрвадей еунæг хуæрæ адтæй. Æ конд, æ уиндæн н’ адтæй Тъизмудæн. Коргутæ ‘й куд н’ адтайдæ ‘ма некæбæл æнвæрстæй.
Æхецæн уæлеуат авд надей астæу гъæдин мæсуги сæрбæл искæнун кодта, уордæмæ бацудæй ‘ма, æнæ æндæмæ рацæугæй, и нæдтæбæл ка цудæй, уонæбæл фауи фаутæ æвардта æ унæути цъухæй.
Сослан нæрæмон адтæй ‘ма уотæ зæгъуй:
– Мадта мæнбæл ести фау исæвæрдзæнæй?
Æма имæ бамийнæвар кодта.
Тъизмудæ имæ е усхъи сæрæй дæр нæ ракастæй.
Уонтæбæрзонд æма сæргубурæй иссудæй Нарти Устур нихæсмæ ‘ма дзоруй адæми æмбурдмæ:
– Дæлæ денгизи билæбæл еу налат силæ исæнтæстæй, адæммæ æндæмæ нæ кæсуй, æхуæдæг ба, авд надебæл кадæр цæуй, уонæбæл æнæ фауи фаутæ æвæруй. Нур ба имæ ниццæуæн ‘ма ‘й дортæй рамарæн, кенæ ба не ‘нккæтей дæр сæрæвгарст кæнуй.
Нарти дзæбæхтæ ин загътонцæ:
– Нартæн ходуйнаг уодзæнæй еу сабийи туххæн уордæмæ ниццæун ‘ма уобæл дортæ калун, фал ин дæхуæдæг ба, ци амал ерис, уомæй ести фæрæзнæ кæнæ!
Уордигæй фæстæмæй ибæл Сослан зелун райдæдта ‘ма ин неци мадзал ирдта. Уæдта æ фæстаг бон къæсибадæг уосæмæ æрцудæй. Е ба ин загъта:
– Мæ бон дин неци ‘й, фал сау гъæди астæу устур мæрæ ес. Уой астæу ба сау кæлдæ. Уой буни ба узун бадуй ‘ма уой бафæрсæ, ‘ма дин е бæрæг зæгъдзæнæй.
Сослан хæтун райдæдта сау гъæди ‘ма ин и къæсибадæг ци æрдозæ амудта, уой иссердта. Ра ‘й зелæнтæ кодта ‘ма и кæлди рази ниллæудтæй, ‘ма дзоруй:
– Ами цæрæг ка ес, – де ‘уазæгмæ ракæсæ!
Узун дæр уотæ тагъд кæми æзмалдайдæ ‘ма имæ æртиккаг гъæри ба туххæй рацудæй. Сослан ин радзубанди кодта, цæй туххæн æрцудæй, уой. ‘Ма ин и узун загъта:
– Неци мадзалæй уæмæ рацæудзæнæй, фал æгас Нартæн дæр зæгъæ ‘ма алкедæр, цæмæй косуй, уони хæццæ, æ усхъитæбæл сæ æривæрæд, ‘ма уотемæй кизгæй дæр, уосæй дæр, зæрондæй дæр ‘ма лæхъуæнæй дæр авд надей астæу Тъизмуди уæлеуати буни синдбæл ниххуæцетæ, уæдта уæмæ зиндзæнæй.
Сослан Нартæмæ æрбацудæй ‘ма дууæ федогемæн загъта:
– Фæгъгъæр кæнетæ: исони бони цæунгъон ка ‘й, етæ еугурæй дæр авд надей астæумæ Тъизмуди уæлеуати бунмæ куд рацæуонцæ ‘ма уоми, ка цæмæй косуй, етæ сæ усхъити, уотемæй зилдæй синдбæл куд ниххуæцонцæ, уотæ.
Уæллаг синхи федог Цæразон, Дæллаг синхи федог ба Сибека – рацудæнцæ ‘ма фæгъгъæр кодтонцæ. И дуккаг бон ба Нартæ рамбурд æнцæ Тъизмуди уæлеуати бунмæ ‘ма синдбæл исхуæстæнцæ.
Нарти уоститæй, кæмæн æ усхъæбæл амæнтæн, кæмæн пахса, кæмæн сагойнæ, уотемæй семунцæ. Нарти æгæнон синди хабар райгъустæй æгас дуйнебæл ‘ма имæ цæун райдæдтонцæ. Сау хонхи Сау уæйуг дæр еци синдмæ рацудæй: æ еу усхъæбæл устур къæйæ Сау хонхæй, е ‘ннæ усхъæбæл ба Уорс хонхæй ‘ма уотемæй синди ниххуæстæй.
Ци расиндтонцæ, уæдта Сау хонхи Сау уæйуг æхе исцагъта ‘ма къæйтæ æркалдæнцæ, ‘ма, фæрстæмæ к’ адтæй, уонæй кедæрти никъкъуæрдтитæ кодтонцæ. И дуккаг бон дæр бабæй æрцудæй ‘ма ‘й уæдта Хуцау Хæмици фурт Батрази размæ хуæст фæккодта. Батраз ин семгæй æ къахи уæлфадбæл фефсардæй ‘ма Сау хонхи Сау уæйугæн æ къах æ фадигъолæй дæлæмæ уоми райзадæй.
Уæйуг æхе райвазта ‘ма ‘й Батраз дæр æхердæмæ æрбайвазта, ‘ма и уæйугæн æ цонг фелвæстæй. Сау хонхи Сау уæйуг ниййах кодта ‘ма рандæ ‘й цонгой æма къахоййæй æ фиди хæдзарæмæ. Æ фидæн рагъæститæ кодта ‘ма ин е ба загъта:
– Нæ дин загътон, ма цо Нарти синдмæ, еске дæуæй хъаурæгиндæр разиндзæнæй!
И æртиккаг бон бабæй Сау хонхи Сау уæйуг рацудæй ‘ма ‘й Хуцау Нарти устур Хумбарбæл æрцæун кодта. Е ба уæд сæдæ готонемæй хумæ кодта. Кæрæдземæн райарфитæ кодтонцæ, радзубандитæ кодтонцæ ‘ма Нарти устур Хумбар дæр Нарти æгæнон синдмæ ранæхстæр æй.
Сæдæ æфсæни ‘ма сæдæ дзиргъæги æ дууæ усхъебæл æрауигъта, уотемæй дзæнгал-мунгулгæнгæ Нарти устур Хумбар Нарти æгæнон синди ниххуæстæй. Хумбар æхе ку сцагъта, уæд сæдæ æфсæни ‘ма сæдæ дзиргъæги сæдæ æвзагемæй исуастонцæ. Тъизмудæ уой ку æри- гъуста, уæд нæбал фæллæудтæй ‘ма мæсуги сæрæй рахизтæй.
Раст еци сахат ба Нарти Уорæзмæги дæр Хуцау уордæмæ æрбахаста. Æсхъæр, уормег, Нарти хæзнатæ: церхъæй, æндæрæй æ уæле адтæнцæ, уотемæй Нарти устур уорс æрфæнбæл бадтæй. Рафестæг æй æма синди ниххуæстæй.
Тъизмудæ дæр рацудæй синдмæ æма Уорæзмæги е усхъи сæрæй райста. Тъизмудæ Уорæзмæги бацæй. Æ уорс æрфæн син федауæг-гаг равардта. Æ саргъ е усхъи, уотемæй бон æнгъудæй сæхемæ ранæхстæр æй.
Синд рахæлеу æй ‘ма Æхсийнæмæ бахабар æй, Тъизмудæ Уо-рæзмæги е усхъи сæрæй райста ‘ма ‘й Уорæзмæг æхецæн бийнонтæн хонуй, зæгъгæ. Æхсийнæ дæр мæсуги сæрæй фæккастæй ‘ма Уорæз-мæги будури, æ саргъ е усхъи, уотемæй ниууидта. Æ зæрдæ цæмæннæ ниммæгур адтайдæ ‘ма бацудæй, ‘ма сæддæндагон æхсинæнтæбæл гъун перонгом кодта, уотемæй æхсидта.
Уæдмæ ба Уорæзмæг дæр исхъæрттæй ‘ма имæ ходæзмолтæй дзоруй Æхсийнæ:
– Ци ‘й а, нæ хецау? Нурмæ дæ дæ бæх ку хаста, нура дæхуæдæг дæ бæхи хæссун ку райдæдтай?!
Уорæзмæг дæр ин рахабæрттæ кодта ‘ма ин бæдæйнаг уосæ зæрдитæ раивардта:
– Рахуссæ, уæдта де ‘нгъудмæ куд рахъæртай, еци афони ба дæ æз игъал кæндзæнæн.
Уорæзмæг дæр афæй балци адтæй ‘ма бæхвæлладæй рахустæй. Æхсийнæн искурдиадæ адтæй ‘ма и хæдзари фæрстæ мæйтæ ‘ма æстъалутæ фестун кодта.
Ци рахустæй, уæдта Уорæзмæг фегъал æй ‘ма дзоруй Æхсийнæмæ: – Ра мæ рæвдзæ кæнæ, цæун афонæ мин æй ме ‘нгъудмæ.
Е ба ин загъта:
– Арвмæ нæ кæсис, нерæнгæ ма æмбесæхсæвæ дæр ку нæма ‘й, рахуссæ бал, уæдта цæудзæнæ!
Уотемæй æй къулумпигæнгæ цудæй ‘ма ‘й е ‘нгъудмæ нæ ра- уагъта.
Уорæзмæг е ‘нгъудмæ ку не ‘рцудæй, уæд уордæгæй фæстæмæ ба Тъизмудæ исуæгъдæ ‘й ‘ма бабæй имæ коргутæ цæун райдæдтонцæ. Хъæрæм Саухали фурт Хъæрæм Солтан уой ку фегъуста, уæд æ уорс аласабæл æхе багæлста ‘ма ранæхстæр æй Тъизмуди корунмæ. Æгас надæндæргъцæ Хъæрæм Солтан еунæгæй дууердæмæ гъазгæ цудæй ‘ма сæдæ бæхгиней бæрцæ зиндтæй. Тъизмуди мæсугмæ æрхъæрттæй, æ бæх бафæскъох кодта ‘ма бацудæй и кизгæмæ, ‘ма ин загъта:
– Бийнонтæн дæ агорун, нур ба мæ дæхецæн исаккаг кæнæ, Хъæрæм Солтан, Хъæрæм Саухали фурт дæн, Сау денгизи билæбæл мæ цæрæнтæ ‘ма мæ бæстæ.
Е ба ин загъта:
– Фæддæмæ цудайнæ, фал дæмæ неци фæццæудзæнæн!
Хъæрæм Солтан дæр рацудæй ‘ма бабæй æ бæхбæл уотæ гъазгæ ранæхстæр æй.
Тъизмудæ æ фæсте кастæй ‘ма имæ радзорун кодта. Хъæрæм Солтан æрбацудæй ‘ма ин е загъта:
– Цæун дæмæ, фал денгизи синдзæмæ ниццо. Уоми Сау робас бадуй. Уой рамарæ, æ думæг ин дæ ходи æскъели ниццæвæ, куд дæ фæсмæрон, уотæ. Дæхуæдæг ба Цецени рæсугъд кизгуттæй инсæй, Ногъаййи лæхъуæнтæй инсæй, уони ба æхсæн-мæхсæнти исбæттæ ‘ма уони æрбаскъæрæ, ‘ма уæдта дæу уодзæнæн!
Хъæрæм Солтан денгизи синдзи хæтун райдæдта ‘ма е ‘фсæн гебунтæ исхаудтæнцæ, æ приска æсгæлладæ цохъа дæлтæ-уæлтæ бафехсудæй, æ аласай къæхти тог дæр алли æрдой бунæй калдæй, уотæ фæххаттæй. Æрæгиау ба и Сау робас иссердта: ра ‘й мардта, æ цар ин нистъигъта, уотемæй Цецен æма Ногъаймæ лæбурди рандæ ‘й. Цеценæй инсæй кизги, Ногъаййæй ба инсæй лæхъуæни, уони æхсæн- мæхсæнтæ баст искодта, уотемæй сæ ратардта.
Цецени æма Ногъаййи фæдес ибæл истухтонцæ ‘ма ‘й и дууæ фæдеси æставд цæфтæ ‘ма листæг цъæрæмухститæ никкодтонцæ, уæддæр син нæ басастæй ‘ма фонсиконд Тъизмуди мæсуги бунти баскъардта: – Æнирай си искæнæ!
Нур ба æз мæлгæ кæнун, зæгъгæ, ‘ма и бæхи къембур ра- къуæрдта, ‘ма æ хæдзарæмæ туххæй исхъæрттæй.
Адæм ибæл æмбурдтæ кодтонцæ. Хъæрæм Солтан дæр ду-уердæмæ рафтауæ-бафтауæ кодта. Уалæнги Тъизмудæ бæхтæ раефтиндзун кодта хъæндзалгун уæрдунбæл ‘ма æ сæргъи балæудтæй. Æ гузавæ сæйгæ ин ку базудта, уæд загъта адæмæн:
– Нури уæнгæ мæ цæсгон адæмæн нæ фæйнун кодтон, нур ба ходуйнаг ма уæд, Хъæрæм Солтани уинунмæ мæ рауадзетæ!
Адæм дууех фæрсагæй ралæудтæнцæ ‘ма сæ астæути бацудæй Тъизмудæ. Æ цæфтæ ин фæйдта ‘ма загъта адæмæн:
– Ходуйнаг ку уа, уæддæр нæ хебæрагæ бауагътæ.
Адæм рацудæнцæ. Тъизмудæ дæр æхе рабæгънæг кодта ‘ма Хъæрæм Солтанæн æ царæй фиди астæути ралæстæй, ‘ма æ мадæй райгурæгау иссæй. Уотемæй Хъæрæм Солтан æма Тъизмудæ, абони уæнгæ дæр ма, лæг æма уосæй цæрунцæ.
Нокари фурт Æхсæ-Будай цардæй Уæрппи сæри æма адтæй берæ хъабагъти хецау. Ци дзиллæ нæ басаста, уæхæн ин нæбал адтæй Нартæй фæстæмæ.
Нокари фурт Æхсæ-Будай Нарти басæттун фæндæ искодта æма æ устур хъадирбæл ранæхстæр æй. Бæхæн хъадир дардта. Сослан уой ку фегъуста, уæд рæуæнттæй рандæ ‘й балци. Сослан рауон-циуон адтæй.
Цидæр адтæй, æ фусун Уорæзмæгмæ æркодта. Æрæхсæвæ ‘й, æма Сослан æхецæн иуазæгдони уат кæнун дæр нæ бауагъта, хæдзарæй фæстæмæ.
Æхсæ-Будай и Нартбæл æстæмæй-астмæ ниббадтæй. Æхсæвæ гал равгæрдидæ, бонæ гал, уотемæй сæ сæ уодтæбæл искодта. Кизгæ кизги æгъдаубæл нæ уагъта, ностæ ности фæлхæнбæл нæ уагъта. Тухæ син кодта алцæмæй дæр æма и Нарт сæ уодæн нæбал адтæнцæ.
Æхсийнæ еци бони æраиста Уорæзмæги фурти Айсанай. Гъæдин саг ин искодта, раледзгæ куд адтайдæ, уотæ. Никки ба ма ин Æхсийнæ æ es фарси ходгæ хор, е ‘ннæ фарси ба цогæ мæйрохс искодта, æ уонти астæу ба сайнæг æстъалу æма æй уотемæй рар-виста Уæрппи бунмæ, æхецæн ба ин ниффæдзахста:
– Æхсæ-Будаййи уосæ дæ ескæми ку фæйна, уæд дин цалинмæ хъæбæр балихстæ кæна, уæдмæ имæ ма баздæхæ.
Айсана Уæрппи бунмæ бацудæй. Уоми ба Æхсæ-Будаййи уосæ Уорс хонхи билæбæл бадуй æма æлвесуй: конгъæдæ – е ‘лхуйнæ, куронфид – æ уæдæртæ, рæвæйнæ ба – æ халæ, уотемæй е ‘лхуйнæ хонхи бунмæ хъæртуй.
Айсана расурдта и саг, фæ ‘й æхста, ба ин нисан кодта, цауæйнон куд фæууй, уотæ. Лæкъæф е ‘рагъи ракодта æма ранæхстæр æй. Уотæ ба ‘й и уосæ фæйдта æма имæ дзоруй:
– Æлдар-Хуар-Æфсатий мæ мади æрвадæ ‘й; никкидæр дин ракордзæнæн æма æрбаздæхæ!
Уа, нæ уа ку нæ ‘здахтæй, уæдта ибæл Хуцауи багъардта æма Айсана дæр баздахтæй. И уосæ æй æ уæдæртæбæл исиста уæлбилæмæ. Уоми кæрæдзей зæрдиуаг ку иссердтонцæ, уæд Æхсæ-Будайбæл маруни фæндæ искодтонцæ. Уосæ загъта:
– Мæлæт ин нецæмæй ес мæ сæри хецауæн, уæртæ и кири минкъий болат хъæмайæй ин æ тæрнихи уорс æстъæлфæ ку нæ рацæвай, уæд. Айсана и кирæмæ хатиагау исдзурдта, кирæ байгон æй æма исиста и хъæма. Уæдта æй и уосæ æ уæдæртæбæл æруагъта зæнхæмæ.
Æхсæ-Будай Нарти æ разæй куд ракодта æма, Æхсийни хæццæ еумæ куд бадтæй, уотæ нихъхъæрттæй Айсана дæр. Нур мæмæ хицæ кæндзæнæй, зæгъгæ, уой балæдæрдтæй æма Хуцауæн искувта, сæ астæу устур бурæу куд фестадайдæ, уобæл.
Æхсæ-Будай Айсанай ку æруидта, уæд æй расурдта æма сæ астæу бурæу фестадæй.
Æхсæ-Будай дæлгоммæ бахаудтæй бурæуи. Айсана дæр имæ фæццурд æй æма ин æ хъæмайæй æ тæрнихи уорс æстъæлфæ ра-сæрфта. Уотемæй, Æхсæ-Будай уоми ниххæрнæгъ æй.
Нарт æрбаздахтæнцæ. Айсана ба цæун райдæдта æма Уæрппи бæрзондмæ иссудæй. И уосæ фæгъгъæр кодта æ адæмбæл:
– Æхсæ-Будай Нарти басаста æма æрбарвиста, цæрунмæ уордæмæ куд æрцæуайтæ, уотæ.
Айсана и уоси æхецæн бийнонтæ искодта, адæми ба æракодта Нартмæ. Айсанайæн æ фиццаг фонсиконд дæр æма æ фæстаг фонсиконд дæр е адтæй.
Елæхсæрдтон æма Негор æлдар дууæ адгин æнсувæри адтæнцæ. Уонæн ба адтæй еунæг хуæрæ, æ ном Агундæ. Е ба адтæй Асти уосæ. Астæмæ ба уæхæн уорс аласа адтæй, æма ибæл изæрæй ку рабадтайсæ, уæд арви къа-бæзти æртæ зилди кодта.
Елæхсæрдтон хæтæг лæг адтæй ‘ма фæццудæй Астæмæ, ‘ма ракурдта и бæхи балци кæнунмæ. Астæ ин загътонцæ:
– Ду нин нæ бæхæн æ фид корис, фал дин маха æ сæр дæр ма ратдзинан, – ‘ма ин и аласа медæгдон æма медæгхуарæй хæссун райдæдтонцæ.
Еу хатт кæми адтæй, уоми Негор æлдар Нарти нихæсмæ рацудæй ‘ма уоми æртæ лæхъуæни дзубандитæ кодтонцæ:
– Цума и Асти уорс аласа радавун дæр еске бафæраздзæнæй?! И лæхъуæнтæй сæ еу уотæ загъта:
– Не ‘нгъæл дæн! Еци гъуддаг неке арми бафтуйдзæнæй, Негор æлдари арми ку нæ бафтуйа, уæд.
Иннæ ба уотæ:
– Нарти кæркитæ ‘ма гогузтæ, хъæзтæ ‘ма бабузтæй æндæр æ арми ку неци бафтуидæ! Мадта и Асти уорс аласа е ку нæ радава, уæдта ци фæууодзæнæй!
Негор æлдар еци дзурдтæ æ зæрдæмæ байста ‘ма исфæндæ кодта Нарти уорс аласа радавунбæл.
Еу хатт кæми адтæй, уоми бацудæй æ хуæрæмæ ‘ма ин загъта: – Уæ уорс аласа мæ арми цæмæй бафтуйа, уой мин байамонæ, кенæ ба хуæр-иурст æма хуар-æвдесæн куд бакæнæн, уотæ!
Агундæ ба ин загъта:
– Цæмæн уотæ зæгъис, нæ хецаутæ и бæхи Елæхсæрдтонæн медæгхуар æма хуасæй ку хæссунцæ, уæд?! Дæ хæлар æрвадæ уой ку базона, уæд дин ци зæгъдзæнæй?
– Цидæр æй, уæддæр ин æнæ радавун нæййес, – разагъта Негор æлдар.
На, нæ уа дæр мадзал ку нæбал ирдта, уæдта загъта Негор æлдарæн Агундæ:
– Нæ бæхæн фиццаги-фиццагдæр гæсæн ес еу сауæдон. Е ба æсмаг уотæ кæнуй, æма ин е смаг уорамун неке фæразуй, ‘ма уой ци мадзалæй бафæраздзæнæ ниуазун? Дуккагæй ба тауæг фæткъу, æ тауæг æсмагæй æ рæзти рацæуæн кæмæн нæ ес, уæхæн. Уæдта æфсæнцъух берæгъ æма æфсæнцъух хъæрццигъа. Уонæй ку баервæзай, уæдта Тула æма Тулабег æ дуаргæстæ ‘ма дæ етæ уæддæр мардзæнæнцæ. Уонæй дæр баервазтдæ, уæдта æ дуарбæл къума ‘ма ‘й ци мадзалæй байгон кæндзæнæ? Е дæр дин ку байгон уа, уæдта дуарæй и бæхмæ ес нарæг хед, æма ибæл куддæр бамбæлай, уотæ уасæнги уаст никкæнуй ‘ма дин уæдта æнæ базонун æма рамарун нæ ес.
Хуарз, е ба неци кæнуй, зæгъгæ, загъта Негор æлдар æма рандæ ‘й сæ хæдзарæмæ. Æхе цæттæ кæнун райдæдта ‘ма исаразта дууæ фурдзар кæрци, нæл фуси фæхсун, фаги къæсса, сойни æвгæд сæдæ дæгъæли ‘ма уотемæй ранæхстæр æй и Асти уорс аласа давунмæ. Цæун райдæдта ‘ма и бæх сауæдонæмæ бахæстæг æй.
Е смаг ин æ бæхи финдзи хъæлтæ ниццавта ‘ма ‘й фæстæмæ кæсгон хумæ ‘ндæргъцæ рахаста. Негор æлдар дæр æй æрцæфтæ кодта: – Куйтæ дæ бахуæрæд, ду мæ еци дзæхдонæй ниуазун ку нæ бауадзай, уæд!
И бæх дæр багæпп кодта æма баевгъудæй сауæдонæбæл. Негор æлдар рахизтæй æ бæхæй, сауæдонæй баниуазта ‘ма загъта:
– Ох, ох, ох! Аци донæй адгиндæр дон нæма баниуазтон!
Фæндараст фæууо, мæнбæл ка банвæрстæй, зæгъгæ, имæ исдзурдта и сауæдон.
Цæуй Негор æлдар ‘ма бабæй æй æ бæх фæстæмæ райста. Е дæр æй никъкъæрццитæ кодта:
– Куйтæ дæ исхуæрæд, ду мин еци адгин фæткъуйæй хуæрун ку нæ бауадзай, уæд!
Бæх маргъау батахтæй бæласи цорти. Негор æлдар дæр фæффестæг æй ‘ма еу фæткъу рахуардта, ‘ма:
– Ох, ох, ох! Ци адгин рæзи муггаг æй, – исдзурдта.
Фæндараст фæууо, мæнбæл ка банвæрстæй, зæгъгæ, имæ исдзурдта и бæласæ дæр.
Цæуй, цæуй, уотæ ба имæ и æфсæнцъух берæгъ æма æфсæнцъух хъæрццигъа сæхе рауагътонцæ. Негор æлдар дæр нæл фуси фæхсун берæгъæн рагæлста, фаги къæсса хъæрццигъайæн райтудта.
– Фæндараст фæууо! Астæ нин цъæмæлтæ дæр, кенæ ба къабеллаг дæр некæд равардтонцæ.
Уонæй баевгъудæй ‘ма имæ бæхи дуаргæстæ Тула æма Тулабег сæхе рагæлстонцæ. Негор æлдар дæр син фæйнæ фурдзар кæрци равардта ‘ма ин над равардтонцæ. Дуармæ бахъæрттæй, и дæгъæлтæ æвзарун байдæдта ‘ма ‘й еу дæгъæлæй байгон кодта. Уæдта, и сойнæ тайун гæнгæ ‘ма уомæй и хед исæрдгæ, уотемæй и хед æрфæлмæн кодта, хъист дæр нæбал кодта, уотæ ‘й искодта ‘ма и бæх раласта. И бæх æ къохи ку бафтудæй, уæд æрдæг изæр фæййаууон уидæ ‘ма бонивайæнмæ кизгæ ‘ма лæхъуæни хæццæ фездæхидæ. Уони ба рабæттидæ æ хуæрæ Агундæмæ.
Цæй бæрцæ ибæл рацудæй, уæд Елæхсæрдтон æрцудæй ‘ма Асти бæхи давд фегъуста. Фæ ‘й агурдта арви кæрæнтти ‘ма ‘й кæми иссердтайдæ, и бæх сæхемæ уогæй.
Уæд е бафарста къæсибадæг уоси ‘ма ин е ба загъта:
– Ахсæви дæлæ Нарти устур хедбæл бадæ ‘ма дæ бæх дæ къохи бафтуйдзæнæй!
Раизæр æй. Негор æлдар дæр балци ниффардæг æй. Æхсæвæ Елæхсæрдтон и хеди гъосмæ ниццудæй, уоми æхе баримахста æма гъæуай кæнун райдæдта. Бон ивайун куд райдæдта, уотæ ба Негор æлдар, кизгæ ‘ма лæхъуæн æ фæсабæрцæ, уотемæй и хедбæл æрба- цæйцудæй. Хеди астæумæ ку æрбахъæрттæй, уæд æй и бæх фæстæмæ райста.
– Куйтæ дæ бахуæрæд, кæд Нарти нæртон Елæхсæрдтон дæ рази нæ бадуй, уæд!
И бæдæйнаг бæх æрбатахтæй. Елæхсæрдтон дæр æй фехста ‘ма Негор æлдар бæхæй рахаудтæй. Елæхсæрдтон иссудæй ‘ма е ‘рвади ку æрфæсмардта, уæдта никкудтæй:
– Мæхе фид ку бахуардтон!
Сæумæ фæффæдес кодта. И Нартæ æрæмбурд æнцæ. Æрхи табæт ин искодтонцæ ‘ма и марди цæнгтæн райаразун мадзал нæ ирдтонцæ, ци нæ син кодтонцæ, уæддæр фæйнердæмæ итигъдæй лæудтæнцæ.
Уæд имæ Агундæ рацудæй гъарæнгæгæнгæ; кизгæй, лæхъуæнæй ке ‘рхаста, уонæй еу къуар сæхемæ баримахста, æндæра етæ дæр æ хæццæ, уотемæй. ‘Ма и мард æ рахес къох рараст кодта е ‘ндæргъцæ. Е ‘ннæ цонгæн ба ин мадзал нæ ирдтонцæ.
Агундæбæл исгурусхæ ‘нцæ:
– Амæ ма ести уодзæнæй, – ‘ма имæ Нартæ батхалдтонцæ.
Е дæр фефсæрми æй ‘ма иннети дæр рахудта. Етæ ку рахъæрттæнцæ, уæдта и мард е ‘ннæ цонг дæр рауагъта ‘ма ‘й æрхи табæти байвардтонцæ.
Елæхсæрдтон ба уони хæццæ цæргæ байзадæй.
УАСГЕРГИ ‘МА ÆНÆ ФИНДЗ МАРГЪУЗ
Уасгерги фæууй Уæларвон цæрæг;
Дууæ уоси ин; Уæллаг дзиллити
Цæруй сæ хестæр, Дæллаг дзиллити
Цæруй сæ кæстæр, Къурпи бæрзондбæл.
Цæттитæ кæнуй æхе Уасгерги,
Цæунмæ гъавуй афæдзи балци.
Æ хестæр уосæ зæгъуй кæстæрæн:
«Исони бон æй нæ лæги нæхстæр,
Дæуæн ба нур дæр дæ хуйуйнæгтæ
Уæртæ лæуунцæ æрдæг кæрститæй,
Æрдæг кæрститæй, æрдæг худтитæй.
Ходуйнаг, мæ йарт! Курондзаутæ ‘ма
Дондзау уоститæ зар скæндзæнæнцæ,
Уой нин базонгæй, нæ дууебæл дæр».
Кæстæр æмигир уæд æ медбилтæ
Баходуй æма дзиуапп саразуй:
«Уанæбæрæг ма куд æхцул уисæ
Нæ лæгбæл, мæ хор, æнæ финдз Маргъуз
Куд æй алцæмæй, уотæ ку уайдæ».
Нецибал дзоруй хестæр уосæ дæр,
Фал баивæруй сау маст æ зæрди.
Æхсæвæй ‘ссæуй хестæр уосæмæ
Уасгерги, уинуй, мæтъæлæй бадгæй,
Къæразги рæбун æ рæсугъд уоси.
«Ци кæнис? – зæгъуй. – Дæ хуарз цæгатæй
Маке ‘рбахæссæд фуд хъонцци хабар».
– Мæ хурфæ содзуй, мæ сæри хецау,
Мæстæй абонккæй: нæ Къурпи бадæг,
Дæ хуарз æфсийнæн, айсоми зæгъун:
«Дæ хуйуйнæгтæ ратагъддæр кæнæ!»
Хуæздæр дзурдæн мин уотæ фæккодта:
«Æнæ финдз Маргъузи хузæн ку уайдæ
Алцæмæй æнхæст, уæд ибæл цума
Куд æхцул уисæ – уæд æй дæхецæн
Хъури æгънæгæн бæргæ дарисæ».
Ходуй Уасгерги æма фæррохс уй
Аварæ уомæн æ худтæй æваст:
«Цитæ мин дзорис… уæхе нимæри
Кунæг зæгъдтæлтæ сумах нæ кæнтæ».
И сæумæ фестуй æма ниццæуй
Дæллаг дзиллити кæстæр уосæмæ:
«Ку нæ разинна æнæ финдз Маргъуз,
Куд зæгъис, уотæ – мæгур дæ къоппа,
Дæ сæри къоппа! Ис дæ бæтдзæнæн
Емиллæг бæхбæл, тъæпæн будурти
Радæуадздзæнæн еци хузæнæй.
Æцæг к’ уа дæ дзурд, – дæуæй адгиндæр
Нæбал уодзæнæй мæнæн дуйнебæл».
Уасгерги сбадуй æ уорс æфсорхъбæл,
Ни ‘й цæфтæ кæнуй æвзестæ æхсæй,
Будуртæ дауй уомæн е ‘хси къæрцц,
Будуртæ дауй, хуæнхтæ арауй.
Цæун байдайуй идард бæстæмæ,
Æ цуд не ‘халуй сæумæй изæрмæ.
Изæри цæуй æхсæвæртæмæ.
Идардмæ уинуй арти цæститæ,
Æ гъоси цæуй бæхгæси гъæртæ.
Идардæй сæмæ ку багъæр кæнуй.
Ра имæ уайуй фараст лæхъуæни,
Е ‘донæбæл ин фæххуæцунцæ ‘ма:
«Медæгмæ ‘уазæг», – зæгъгæ, зæгъунцæ.
Нивгæрдунцæ ин æнæ бадт байраг,
Хуарз æй хинцунцæ. Сæумæ ку фестуй,
Ку рафæлгæсуй – будур нæ зиннуй,
Дзурд дæр не ‘гъусуй бæхти гур-гурæй.
Сæ бæхгæстæ ‘нцæ фараст фарасти,
Хъойрагъти хæццæ, архъанти хæццæ.
Бæхтæ раздæхун туххæй комунцæ.
Фæрсуй Уасгерги: «Атæ кети ‘нцæ?»
«Ани хецау æй æнæ финдз Маргъуз,
Æр нæмæ кæнуй анзæн еунæг цуд
Æма фæлласуй бæрцæлвид байраг».
«Æ цæрæн кæми ‘й, кæми гъæубæсти ‘й?»
«Хуарзæй-фудæй ин неци лæдæрæн».
Бæхбæл фæббадуй æвæсмард ‘уазæг,
Бæхбæл фæббадуй, бон-сауизæрмæ
Цæун байдайуй уæларвон бæхбæл.
Галæргъæуттæ ‘ма къамбецæргъæуттæ,
Идзаг фæздойнæ – хуæрдгун гъоцитæ
Зиннун байдайуй нæ хуарз бæлццонмæ.
Уонæн сæ уотар – æгас гъæубæстæ,
Се стæнтæн ахæст – æгас будуртæ,
Сæ нимæдзæ син туххæй ерунцæ,
Минтæй нимайгæ – сæ гъонгæстæ дæр;
Уасгергий размæ æрацæунцæ.
– «Уæ фонс беурæ уа!» – «Беурæ фæццæрæ!
Изæр æй, ‘уазæг, махæн нæ рæзти
Некæд фецауй фæллад бæхгин лæг.
Мах дин фусун ан, фусун, иуазæг».
Дууæ æхсæви ‘й нæ рауадзунцæ,
Æвгæрдунцæ ин бонæн ионуг,
Хуарз æй уинунцæ хуæрдæй-ниуæзтæй.
Етæ Уасгергий нæ фæсмæрунцæ.
Æ нæхстæрбæл син уотæ ку зæгъуй:
«Аци мийнасæ ке фæрци кæнун,
Уой ку нæ зонун, циуавæр лæг æй?»
«Махæн не ‘лдар æй æнæ финдз Маргъуз,
Æ фонси бæрæг райсунмæ анзæн
Еунæг цуд кæнуй, – идард кæмидæр
Цæруй æхуæдæг; исон рæфтæмæ
Ду фембæлдзæнæ æ фиййаутæбæл,
Уонæн зундгонд æй æ гъæумæ фæндаг».
Райарфæ кæнуй, рафæндараст уй,
Цæун байдайуй уæларвон бæхгин.
Бонæ ку цæуй – е ‘мбал æй сах хор;
Æхсæвæ цæуй – æ над амонæг
Арвæн е ‘фсийнæ – рохс цæсгон мæйæ,
Сæумон æстъалу – æ сæумон æмбал.
Рæфти нихъхъæртуй урух тагæмæ,
Донбæл бадунцæ фустæ ‘ма сæгътæ,
Фустæ ‘ма сæгътæ дори арæхæн.
И дони æрхæ бæлæсти æхсæн
Уонæй сау даруй кæрæй-кæронмæ,
Кæцæйдæр цæуй хæтæли цæгъдун,
Хæтæли цæгъдун – æнгом æрдзæфгъæр.
Зилдæй бадунцæ инсæй лæхъуæни
И хорæфтуди, бæласи буни;
Еу си ку цæгъдуй, дууæ си кафуй,
Дууæ си кафуй рагон кæсгон кафт.
Сæ уосонгæмæ ‘й ку бахонунцæ,
Уазал месин ин æрбадавунцæ,
Æрбавгæрдунцæ нард хæрсгæ далис,
Æрбакъæр-къур уй ухстбæл фезонæг.
«Маргъуз фæдзахста махæн, – зæгъунцæ, –
Æрцæуæггаги губун æфсадун.
Хуарзи хабар дæр, фудкойгæнæг дæр
Нæ царди астæу бæлццон лæг фæууй».
Æртæ ‘хсæви ‘ма æртæ даргъ бони
Етæ хинцунæй нæ ауæрдунцæ.
Цуппæрæймаг бон æ дзоргъа бæхбæл
Рафæндараст уй ‘уазæг Маргъузмæ.
Къулдуни сæрæй кæсуй дæлæмæ,
Кæсуй дæлæмæ: урух будурбæл
Гъæу нитътъæпæн æй, æ бæрæг астæу
Гъæуæн æрттевуй даргъ ‘уазæгдонæ,
Хорау æрттевуй и цъæх зæлдæбæл.
Æ бæх уордæмæ уæд ниййаразуй,
Рæуæг бацæуй ‘уазæги цудæй
Æма ниллæууй Маргъузи тургъи
Уæларвон бæхгин, æвæсмард цæуæг.
Ра имæ цæуй асæй рæстæмбес,
Æ уиндæ – неци, гурæй дæр – уотæ,
Сæгъдзар бор ходæ, цъæх цохъагин лæг.
Бæхæй Уасгергий æрхезун кæнуй,
Æ цъæх нимæт ин исесуй æма ‘й
Бахонуй, базбæл пилæстæг сирей
Æрбадун кæнуй хуарз иуазæги.
Дзоруй Уасгерги: «Маргъуз мæ гъæуй».
«Маргъуз дæ размæ ‘й», – зæгъуй ин е дæр.
Ниддес уй ‘уазæг æхе нимæри:
«Циуавæйраг æй – Хуцауи дессаг –
Мæнæн мæ фусун; æ уиндæ – неци.
Хузæнæн ма ин финдз дæр ку уидæ.
Æ кой ба кæми ‘й, æ фонс дæр ахид!»
Уомæй дессагдæр е ‘уазæгдонæ:
Æрхи – æ фæрстæ, æ сæри астæу
Цирагъи бæсти сæумон æстъалу;
Доммаййи сиутæ æ рагъæнтæ ‘нцæ,
Уонæбæл ауигъд – æ тохæн гæрзтæ.
Сæнт уорс пилæстæг æ бадæнтæ ‘нцæ,
Уонæбæл æфтуд – рæсугъд дангъатæ.
Уалдæнмæ ибæл изæрæрдæмæ
Æмбурдтæ кæнуй беурæ адæмтæ,
Рæнгъæй и дуармæ даргъ ‘уазæгдони
Етæ лæуунцæ ‘уазæги сæргъи.
Хинцун байдайуй фусун ‘уазæги:
Сæумæ ин – уорс гал, цъæх гал – æхсæвæ.
Æстæмæй-астмæ ‘й некумæ уадзуй.
Игъæлдзæг уогæй хуæрдæ-ниуæзтæй,
Уæгæ нæ кæнуй идардæй бæлццон.
Æстæймаг бони зæгъуй Уасгерги:
«Фæлдад дзабурæй хъæбæрдæр нæрсуй
‘Уазæг æдзохдæр хуæрдæ-мийнасæй!..
Никки февулæд дæ беурæ фонс дæр;
Фал æз бадунмæ дæумæ нæ цудтæн.
Загътон мæ зæрдтæй, Маргъузи хæццæ
Лæбурди еу цуд ку фæккæнинæ;
Дæу фæрци, Маргъуз, нæхе бæстæмæ
Де ‘знæгти фонсæй ку фæттæринæ».
Маргъуз радзоруй: «Мæ бæх, лæхъуæнтæ!»
Æрбаласунцæ губунгин бор бæх,
Губунгин бор бæх, æ цæсти къеутæ
Халони æстæ; зулун къæхтæ ‘ма
Дони хъаймагъæй – æ дæлхъуртæмæ,
Къæндзæги буни – æ еугур барцæ,
Байрæгути хуæрд – æ цубур думæг.
«Гъе, уæууæй, Маргъуз, – дзоруй е ‘уазæг, –
Ци мæрдцæстæ дæ, дæхецæн дæр ма
Хузæнæн бæхбæл ауæрдгæ кæнис?
Уомæй хуæздæр бæх нæбал иссердтай?
Ра ‘й уадзæ, е ба хæта хæмпæлти,
Фагус æзмæнта æ даргъ сæфтгутæй».
«Нæ даргъ фæндагбæл бæрæг уодзæнæй! –
Зæгъуй ин фусун. – Æ дангъа – æ цуд!»
Рабадунцæ ‘ма ранæхстæр унцæ
Цудгин бæхтæбæл Маргъузи тургъæй.
И гъæдрæбунмæ ку бахъæртунцæ
Æ бæхæргъаумæ; дзоруй Уасгерги:
«Анæй мин раттæ сæ барæуæдзтæй,
Зæрдæ нæ коруй анæй хуæздæр фонс,
Ду дæр раздæхæ дæ хæдзарæмæ,
Æз дæр цæудзæнæн мæ даргъ фæндагбæл».
«Сæрбæлтау дин уæд мæ нард бæхæргъау,
Æгайтима сæ дæ сæрмæ хæссис!
Де ‘ннæ фæндæ ба дзæгъæл æй, ‘уазæг,
Ме стæги гъæдæ федар кæдæй æй,
Кæдæй байдæдтон лæбурди цæун, –
Некæд раздахтæй æрдæг фæндагæй
Æнæ финдз Маргъуз æ гъæугæронæй.
Зæгъдзæнæнцæ ми: лæбурди цæун
Нæбал бандиудта æнæ финдз Маргъуз.
Хæсгæ мард фæуун беурæ хуæздæр æй
Маргъузæн, мæ хор, уæхæн фудкоййæй.
Дони урухбæл денгизи уордæг
Дууæ гъæуи ‘нцæ мæ хъалондартæ.
Донæн æ еу фарс Тæтæр цæрунцæ,
Донæн е ‘ннæ фарс Туркаг сахар ес.
Ниуæзтæй нæ хуарз фæххинцдзæнæнцæ.
Сугъзæрийнæй худ – сæ еу тъæпæнæг.
Мæхе сласдзæнæн сæ тъæпæнæгмæ.
Рауадздзæнæн æз фæстаг ниуазæн,
Нæ Уасгергийæн æ даргъ цæрæнбон,
Мæ цæстæ дæмæ фæнникъолдзæнæн,
Тъæпæнæг дæмæ æз исдæтдзæнæн,
Дæ бæхбæл цæфтæй мабал ауæрдæ,
Уæдта уодзæнæй – Хуцауи фæндæ…»
Фæннæхстæр унцæ, уонæн сæ бæхтæ
Дони кæнунцæ бабузи накæ,
Урух сау денгиз етæ кæрдунцæ
Сæ реугудуртæй цъæх фелауæнтæ.
Сæ кæрæдземæн и дууæ бæхи
Рази барæ дæр нæбал дæттунцæ.
Идардбæл бадуй сæ дони финкæ,
Сæ пурфæй сах хор нæбал фæззиннуй.
Ку бацæунцæ Тæтæри гъæумæ…
Дууæ дзилли дæр æрбамбурд унцæ,
Цæттæ дарунцæ хуæрдæ-ниуæзтæ.
Сæ сугъзæрийнæ тъæпæнæг уæллæй
Æрæвæрунцæ Маргъузи фарсмæ.
Даргъ фингитæбæл æрабадунцæ,
Фæссæ хинцунцæ дуккаг рæфтæмæ.
Исистуй Маргъуз æ финги сæргъи,
Разæгъуй уотæ æ кæдзос хъурæй:
«Фæууй афонæ хуæрдæ-ниуæзтæн,
Фал ес афонæ сæ фæуунæн дæр!
Цæун нæ гъæуй нæ даргъ фæндагбæл.
Фæндаггон лæгæн агъазгæнæг æй
Уæларви цæрæг – бæхгин Уасгерги,
Æ цæрæнбон ин рауадзун гъæуй».
Æ галеу къохæй æнæ финдз Маргъуз
Уæзбун тъæпæнæг уæхæн фелвасуй,
Кæми фунхтонцæ нивонд гали мард.
Æ бæх Уасгерги ниццæфтæ кæнуй,
Фæххаун кæнуй æфсорхъи фæрстæй
Æркъедзæрттæ ‘ма уой финдзи хъæлтæй –
Æхседæрфтæ ‘ма курдбадзи цæхæр.
Ку балæборуй, Маргъузи къохæй
Уæд æрбаскъæфуй уæзбун тъæпæнæг –
Æ сæрæй бунмæ – сугъзæрийнæй худ.
Ниббазуртæ уй ‘уазæги фæдбæл
Æнæ финдз Маргъуз губунгин бæхбæл.
Сæ фæсте адæм рафæдес унцæ,
Тæтæр зæгъунцæ: «Ци хъæбæр уаруй!»
Етæ кæд æнцæ Маргъузи фæттæ,
Маргъузи фæттæ, æ хъæзин фæттæ,
Фæдесон лæгтæн сæ уодхæсгутæ.
Турк дæр зæгъунцæ: «Арв нæбæл тохуй!»
Арв дæр не ‘рттевуй – æ фæтæн церхъæй
Цæхæртæ хауй финдзой Маргъузæн.
Фæззигон сифтау тъæфилтæй бæргæ
Фæдесон адæм цæфæй хаунцæ.
Бундор низзилдæй уони хæдзæртти,
Уазал кæнунцæ Маргъузи къохæй.
Ку бахъæртунцæ урух денгизмæ,
Барæй байдайуй æ бæх уорамун
Æвæсмард изæд – уæларвон цæрæг,
Æхе фæккæнуй Маргъузи фæсте.
«Уæууæй, ме ‘уазæг, дæ бæх бастадæй!» –
Æ бæх фездахуй æнæ финдз Маргъуз,
Æхе уорамуй ‘уазæги фæсте.
Багæпп кæнунцæ ивулд денгизи,
Дæлæмæ ‘здахуй æ бæх иуазæг,
Цума æй ласуй арф денгизи дон.
«Хæдзаруат кæнун, уæууæй, ме ‘уазæг!
Ку мин фæллæсис и арф денгизи!»
Æхе фæккæнуй Уасгергий дæллæй
Æнæ финдз Маргъуз æма саразуй
Уæд е ‘хси гъæдæ æфсорхъи фарсмæ.
Æрбахъæртунцæ Маргъузи гъæумæ;
Дуккаг сæумæ ба ку ранæхстæр уй
Цитгин иуазæг æ хæдзарæмæ.
Авд лæхъуæни ин – æ бæхти хæццæ,
Уони хæццæ ин никки бафтауй
Тæтæри хæзна – уæзбун тъæпæнæг.
Æрдæг фæндагбæл сагъæс байдайуй,
Сагъæс байдайуй уæларвон бæхгин:
«Рагон æмбесонд мæбæл æрцудæй,
Хонхи адтæн ‘ма дортæ нæ фæйдтон, –
Маргъузæн æ фий лухгонд цæмæн æй,
Уомæн æ бæрæг ку нæ базудтон».
Æрдæг фæндагæй фездæхуй æма
Ниллæууй бабæй Маргъузи тургъи;
Цæуæг-æзмæлæг некæми зиннуй.
Ку багъæр кæнуй – цъæхдзæстæ кизгæ
Æрцæуй гъеуæд ‘уазæги гъæрмæ.
«Маргъуз кæми уа? Гъæугæ мæ кæнуй».
«Уæлæ уобайбæл Хуцаумæ ковуй,
Дони билæбæл æ уоси мардбæл».
Ис имæ цæуй уæларвон бæхгин
Æфсæндуаргин уобаййи размæ.
Хуцаумæ ковуй æнæ финдз Маргъуз,
Намаз ку фæцæй, уæд имæ дзоруй
Рæсти Уасгерги, æвæсмард изæд:
«Гъулæг дин ма уæд, мæ дзæбæх фусун.
Хæссун мæ хæццæ дæ хуарзи хабар,
Фалæ æвгъау æй дæу хузæн лæгæн
Аци дуйнейбæл æнæ финдз хæтун.
Ку мин зæгъисæ дæ финдзи хабар».
Æ сæр бателуй æнæ финдз Маргъуз:
«Фудæбони лæг ке разиндтайсæ, –
Зæгъгæ, ин зæгъуй, – уой дин, иуазæг,
Бæргæ базудтон дæ фæууиндæй дæр.
Дæ фæууиндæ ‘ма дæ бæхбæл бадтæй.
Дуккаг мин адтæй – нæ фонс кæнунбæл
Барæй уорæдтай дæ уайгæ бæхи,
Æртиккаг адтæй – денгизи астæу
Дони лæсæг мин дæхе ку скодтай.
Нур ба мæ къахис еума хатт дæр ма.
Кунæг не ‘нгъæлис, – æзнаги къохæй
Кæд лухгонд фæцæй Маргъузæн æ финдз.
Ма мин фæттæрсæ, мæ хуарз иуазæг!
Еу анз фæццудтæн идардмæ балци.
Ниууагътон ами нæуæг хунд уосæ.
Фæстæмæ надбæл æвгъæди æсмаг
Цæун байдæдта мæ финдзи хъæлти.
Нæбал фæразтон… мæ хæдзарæмæ
Куд хæстæг – уотæ хъæбæрдæр кодта.
Туххæй æрхъæрттæн мæйдар æхсæви.
Æхсæвæртæбæл кæсун, – мæ уосæ
Хуссуй æхецæн гъæццоли буни,
Хуссуй ‘ма кадæр уомæн æ фарсмæ.
Мæ тог сирадæй, – мæ церхъ фелвастон
Æррæуигътон сæ, – фæтæн пилæстæг
Урундухъ дæр ма фæддууæ ‘мбеси ‘й;
Æркастæн сæмæ листæгдæр, æма –
Ех дон ниллæудтæй мæ тогдадзинти!
Æстур тæрегъæд æрхастон, ‘уазæг:
Æвгъæди бадтæй мæ уосæ, мæгур,
Ме ‘рцудмæ хустæй фæрдуги хузæн
Æнæ тæрегъæд минкъи сувæллон.
Мæстæй фелвастон мæ циргъ сæрдасæн,
Мæ финдз уой сахат æрбацъипп ластон.
Хуцау равардта мæнæн дуйней фонс,
Фал мæхе уодæн уæдæй ардæмæ
Нæ ес æнцойнæ, – аци уобайбæл
Ковун Хуцаумæ, мæ царди бæнттæ
Евгъуйун кæнун æрхунæй, мæ хор!»
«Лæгау фæллæууæ, лæгау, мæ фусун!
Ба ма мæ хонæ марди уæлгъосмæ».
Сесуй Уасгерги æ реуи дзиппæй
Бор фæрдуг æма уомæй æрсæрфуй
Биццеуи мард дæр, и уоси мард дæр,
Æ фусунæн дæр æ финдзи бунат.
Рабадуй уосæ æ медбунати,
Æ сувæллон дæр дзедзе агоруй,
Маргъузи финдз дæр уæд банихæсуй.
Сæ кæрæдзебæл цийнæ кæнунцæ.
Иронх си нæ уй сæ хуарз иуазæг.
Фæрсуй æй Маргъуз: «Ци бæстон лæг дæ?»
«Уæларвон бæхгин Уасгерги ку дæн,
Дæу базонунмæ бæргæ рацудтæн».
Маргъуз нийдзулуй: «Хæстæг ан, – зæгъуй, –
Нæ рохс базургин Хуцауи дзурдæй:
Еу мадæ-фидæй игурд бæргæ ‘нцæ
Дæ кæстæр уосæ не ‘фсийни хæццæ».
Хорау ниррохс уй урух базургин,
Уæлдай цийнитæ куд нæ кæнонцæ
Сæ кæрæдзебæл! Маргъуз самайуй
Уæхæн кувдтæлтæ – æгас дзиллитæ
Æрæмбурд унцæ… Хуæрдæ, мийнасæ…
Кавд æма зардæн кæрон нæ фæууй.
Къурпи бадæгмæ, кæстæр уосæмæ,
Æ уорс æфсорхъæй уæларвон бæхгин
Æрфестæг уй ‘ма «дæ бон хуарз» зæгъуй,
«Бонхуарз» ку зæгъуй – игъæлдзæг фæууй.
Дзоруй æ уосæн Маргъузи хабар,
Дзоруй ин никки æ хуæри хабар:
«Салантæ, – зæгъуй, – æрветунцæ дин».
Зæгъуй æ уосæ: «Мæ сæри хецау,
Барæй дин скодтон Маргъузи кой æз.
Мæхуæдæг коргæй, нæ фæццудайсæ,
Уой бæргæ зудтон! Æгайтима мин
Нæ хæстæгути хæстæгмæ фæйдтай!»
Цæруй сæ астæу уарзондзийнадæ,
Цийнæ кæнунцæ сæ кæрæдзебæл.
Мæнæ, хуарз адæм, махæн дæр раттæд
Хуцау нæ астæу федуддзийнадæ!
Сæцигонд рæхис – уарзондзийнадæй
Федар баст куд уæн нæ фæди-фæдмæ.
НАРТИ ЕУНÆГИ ТАУÆРÆХЪ
Нарти Еунæгмæ изæрæй бадзурдæ ‘й:
– Уæ, Еунæг, ами дæ?
Еунæг рауадæй:
– Ка, дæ? Циуавæр дæ?
– Æз дæн æхсæни лæг. Сæумæ Нарти фонсрадæ гъонгæс дæубæл æй æма дин игъосун кæнун!
Еунæг уонтæбæрзонд, сæргубурæй фæстæмæ баздахтæй. Сагъæс кодта:
– Нарти фонсæн ци кæндзæнæн?
Уотæ сагъæс куд кодта, уотæ ‘ймæ бадзурдæ ‘й:
– Еунæг, ами дæ?
Ра ‘ймæ уадæй:
– Ка дæ? Циуавæр дæ?
– Æз дæн хабархæссæг: сæумæ хорискасти дæ фиди лимæнтæ иуаргæ кæнунцæ. Уоми ку нæ исæмбæлай, арази нæ уодзæнæнцæ!
Фæстæмæ мæстгунæй æрбацудæй æма зустгомау къелабæл æрбабадтæй.
Уæд æй æ мадæ фæрсуй:
– Ци кæни, биццеу? Мæстгунæй ку æрбадтæ?
– Æма ци кæнун? Сæумæ Нарти фонс дæу бæгъдауонд æнцæ, зæгъгæ, уотæ мæмæ æрбадзурдта æхсæни лæг. Нур ка дзоруй, е ба уотæ зæгъуй: «Сæумæ хорискæсæни дæ фиди лимæнтæ иуаргæ кæнунцæ». Уонæн мæгур Еунæг ци кæндзæнæй?
Уой дзубанди куд кодтонцæ, уотæ ба ‘ймæ бадзурдæ ‘й:
– Сæумæ хорискæсæни дæ фиди марæг дин дæ уосæ хæссуй. Æмбесбони уоми ку исæнбæлай, уæд дин нæ уодзæнæй!
Фæстæмæ баздахтæй хæдзарæмæ æма мæстгунæй къелабæл æрбабадтæй.
Æ мадæ ‘й фæрсуй:
– Е ба к’ адтæй?
– Е ба к’ адтæй? Сæумæ æмбесбони мæ фиди марæг мин, дзурд кæбæл бафтудтайтæ, еци кизги хæссуй. Уой хабархæссæг æй.
Мадæ дæр бахъурмæ ‘й:
– Мæгур Еунæг уомæн ци кæндзæнæй?
Уæд имæ лæхъуæн дзоруй:
– Мæ фиди уорс аласа ма ести бакæндзæнæй?
– Дæ фиди уорс аласа, дæхуæдæг ку базонай, уæд е ба хуарз уодзæнæй.
Æхсæвæ-бонмæ æ бæх фæккой кодта, æхе æррæвдзæ кодта. Сæумæ куддæр фæббон æй, уотæ уорс аласабæл рабадтæй æма Нарти фонс рамбурд кодта, æма син еунæг сискъæрæн адтæй, – уордæмæ сæ исæскъардта. Уоми сæ фæууагъта, æхуæдæгка хорискæсæнмæ уорс аласай фæййаразта. Æ фиди лимæнтæмæ сехуар афони бафардæг æй; æ фиди лимæнтæн салан равардта.
Уæд син загъта:
– Цæретæ еумæ! Еунæг мæгур æй, еунæг куд мæгур æй, уой мæнæ мæнæй базонетæ!
Загътонцæ ин:
– Махæй мæгурдæр ку некæми уа, уæддæр нин æнæ байуарæн нæййе æма нæ рацохтæ кæнæ!
– Ма кæнтæ, рæдуетæ! Еунæг куд мæгур æй? Надбæл еунæг бæласæ ку уа, – алкедæр æй æ цæфи хай кæнуй æма никъкъузуртæ уй. Надбæл дор еунæг ку уа, уæд ибæл алкедæр æ бадти хай кæнуй. Мæнбæл нур абони æртæ гъуддаги ес æма ма кæнтæ, рæдуетæ.
– Мах ан, æма нæ рацохтæ кæнæ! Ке нин дзори, уонæбæл берæ фæссагъæс кодтан æма нин цалæнми гæнæн адтæй, уалæнми дæмæ нæ рарвистан. Гæнæн нин ку нæбал адтæй, уæдта дæмæ рарвистан æма корæн, цæмæй нæ рацохтæ кæнай, уой!
Еунæг байурста æ фиди лимæнти, æхуæдæгка æ бæхмæ фæццæуй. Æ бæх ку раласта, уæд æй фæрсунцæ:
– Ци кæни? Кумæ цæуи?
– Гъуддагмæ цæун.
– Мæнæ рæфтад ести искæнæ! Ра нин ковæ!
Ку нæ сæмæ игъуста, уæд сæ мадæ рауадæй:
– Дæ гъуддаг дин æз зонун æма уæддæр рафестæг уо! Еу æртæ къерей ракодтон, – уони раковæ!
Рафестæг æй. Бацудæй медæгмæ æма бадгæ не ‘ркодта, фал урдугæй ракувта.
Сагъæсæй æфсес адтæй æма неци бахуардта.
Уæд ин сæ мадæ ракувта фæндарастбæл. Райарфæ кодта, уорс аласабæл рабадтæй æма уайунтæ райдæдта, æма æмбесбони æ кай- йестæмæ фæммедæг æй, æма æ бæх ниццæфтæ кодта.
Кизгæ мæсуги сæрæй ракастæй:
– Ейæ Еунæги æхси гъæр ку æй!
Къæразгæй ку ракастæй, уæд имæ Еунæг дзоруй:
– Е, уæлæ налат силæ! Цæмæн мæ басайдтай?
– Нæ дæ басайдтон. Æнæбари гъуддаг æй.
– Мадта рахезæ, мах ба цæуæн!
Кизгæ ‘ймæ дзоруй:
– Атемæй фæххæссунмæ дæ сæрмæ ма ‘рхæссæ! Далæ авд надей астæумæ ниццо! Æмбесбони нæ уордæмæ гъæуй, – дæ лæгигъæдæ æма дæхуæдæг!
Æ бæхи къембур ракъуæрдта æма авд надей астæумæ ниццудæй; æ бæхбæл æртикъахуг фæсахсæн исæвардта, хезунмæ ‘й рауагъта, æхуæдæгка æ саргъ æ нивæрзæн бакодта æма хуссун æвзурста, фал имæ хуссун нæ цудæй сагъæсæй. Дууæ цубур усми ‘йбæл рацудæй, уæд бабæй æ уорс аласабæл рабадтæй. Цæунтæ байдæдта фæстæмæ, налат силæ мæ басайдта, зæгъгæ.
Уотæ ба дин мегъи æстуг рацæуй, æ сæрти ба мегъæн сау халæнттæ тæхуй. Æрхъæрттæнцæ. Сау халæнттæ ке худта, етæ ба адтæнцæ, бæхбæл гъазгæй, бæхи фæстаг къæхтæ зæнхæй фæстæмæ ке ‘хстонцæ, етæ.
Уæд æрхъæрттæнцæ киндзхонтæ æма мæгур Еунæги хъал киндз- хонтæй еу искъуæридæ, иннæ ‘й искъуæридæ, цæй, рагъазæн, зæгъгæ. Е дæр син дзурдта:
– Ниммæ уагътæ! Надбæл цæун мæ цæмæннæ уагътæ?
Киндзхонтæ раевгъудæнцæ.
Мæгур Еунæг сиахси нæ уинуй. Уонæй ба сæ еу – сиахс. Цуппар бæхгини имæ фездахтæнцæ, цæй, рагъазæн, зæгъгæ.
Еунæг дæр сиахсмæ дзоруй:
– Кæд гъазæн, уæд надбæл цæхгæрмæ ниллæудзæнæн æма, кæцæй дæ фæндуй, уордигки æруайæ, æма мæ дæ бæхæй искъуæрæ, æма кæд фæхъхъан уон, уæд хæснæ дæу. Уæдта надбæл цæхгæрмæ ду ниллæууæ æма æз дæр æруайдзæнæн, æма кæд нæ фезмæлай, уæдта ду хуæздæр. – Гъæйдæ! – рахæснæ кодтонцæ. Надбæл уорс аласа цæхгæрмæ ниллæудтæй æма сиахс идардæй æруадæй; ис æй цафта. Уорс аласа æзмæлгæ дæр нæ фæккодта.
Уæд, сиахс к’ адтæй, ейæ надбæл цæхгæрмæ ниллæудтæй. Еунæг уорс аласа æрбанбурдтæ кодта æма, идардмæ нæ фæццудæй, фал хæстæгæй æруадæй, æма, сиахс к’ адтæй, уой истъæпп ласта, æма, хонх ниццæфау, лæг еуæрдæмæ дууæ ‘мбесемæй фæххаудтæй. Æ кард фелваста Еунæг æма киндзхонтæн, кæмæн æ сæр ракъуæридæ, кæмæн ба – æ цонг, уотемæй сæ хауæггаг фæккодта, сæ хауæггаг ба – ледзæггаг. Уотемæй сæ киндзæ ци уæрдуни бадтæй, уой сæхемæ раздахта. Нарти гъæумæ ку схъæрттæй, уæд, къохбæл-хуæцæг к’ адтæй, уомæй æ уосæ сæхемæ æ мадæмæ барвиста, æхуæдæгка Нарти фонсбæл рагъæр кодта æма æргъау æрискъардта, дæркъæ дæр си нæ фæгъгъудæй, уотемæй.
Сæхемæ ку ‘рцудæй, уæд æстæмæй-астмæ фæгъгъазтонцæ æгас Нарти адæм.
Гъæзтитæ ку фæййевгъудæнцæ, уæд Еунæг кувд искодта æма æ лимæнтæмæ дæр рарвиста. Æрбацудæнцæ. Етæ дæр бабæй æртæ бони кувд фæккодтонцæ. Кувд дæр фæххæлеу æй.
Уой фæсте Еунæг Нарти гъæуи астæу дзæбæх фæццардæй.
Нартмæ, гъе, уæхæн адæмтæ берæ адтæй æма сæ кой дæр уомæн байзадæй.
Еунæг еунæг бон Нарти фонс дæр фæххизта, æ фиди лимæнти байурста, æ фиди марæги рамардта, æ уосæ æрбахудта, уæхæн лæг адтæй!
Нартæн бæстæзнаг æма адæмæзнаг некæмибал байзадæй. Сæ хъал бон кæбæл калдтайуонцæ, уæхæн нæбал ирд-тонцæ. Уой адæбæл кæрæдземæ итинггæнгæ цудæнцæ, гегæ кæнун байдæдтонцæ. Дзурд дзурдбæл нæбал бадтæй, се ‘хсæн федуд нæбал адтæй. Кæрæдзей æлгъистонцæ изæдтæ ‘ма идаугути аммени сахати.
Хуцаумæ сæ кувд фæйнæхузти хæссун байдæдтонцæ. Хуцау ба син сæ миутæ Æносон Киунуги финста. Æгæр ку кодтонцæ, уæд сæмæ Уасгергий ниммийнæвар кодта.
Уасгерги Нартæмæ æртахтæй, æ сугъзæрийнæ базуртæй уацæ рохс уадзгæй, æма син загъта: «Ци кæнтæ, куйти Нартæ?! Хевидхуар ун уин аккаг ку нæ ‘й! Фæццотæ Фудиронхгæнæн Дормæ æма уæ тæрегъæдтæ исесетæ, уæдта ци уа, е уодзæнæй!»
Уотæ исдзоргæй, Уасгерги арви æрфитæмæ ниффардæг æй.
Еци Дор ба уæхæн дессаги Дор адтæй, Нартæн сæ уоди фарнæ уой медæгæ æвæрд куд адтæй, уомæ гæсгæ. Тæрегъæдгунтæ, фæсмонгæнгутæ, устурвудонтæ æма уæззау сæйгитæ имæ цудæнцæ агъазмæ. Уотемæй и Дор æхуæдæгка, мæститæй æма риститæй идзагæй, туппурæскъудтæ ниууидæ.
Гъема и Нартæ нирраст æнцæ Фудиронхгæнæн цъæх Дормæ, æма æ цори нистадæнцæ. Дор сæмæ фæсмони уагæй неци æрæстæфтæй, мæстæй æ бунтæй низмалдæй æма фæрки-фæркгай ниццæй. Уой адæбæл сæ æхемæ æнгæрон не ‘руагъта. Нарти адæм ба, устуртæ дзоргæй, фæстаг хатт æздахтæнцæ сæ хæдзæрттæмæ.
Нарти адæм ку исхъал æнцæ, уæд Хуцауи хæццæ буцæу кæнун байдæдтонцæ. Сæ хæдзæртти дуæртти тæрвæзтæ нæбал кодтонцæ, Хуцау нæ æхецæн ковун æнгъæл уодзæнæй, зæгъгæ, дуæрттæбæл бацæугæй нæ сæр ку рагубур кæнæн, уæд.
Уотемæй сæхебæл Хуцауи зæрдæ фæхходун кодтонцæ.
Стонг æнзтæ сæбæл растадæй. Зæнхæбæл тиллæги муггаг нæбал задæй. Айдагъ ма син æхсæвигон уæларвбæл разиннидæ хуар, цирагъи хузæн содзгæ. Нарти адæм сагъиндахъæй æхстонцæ еци хуар æма ин бонæ æ нæмуг уигътонцæ, æма уомæй ма цардæнцæ. Уæдæй ардæмæ байзадæй «нарти хуар». Е куддæр фæззиндтæй, уотæ Нарт дæр фесавдæнцæ.
МИНКЪИЙ ЦИКАТÆ ÆМА ВАРИАНТТÆ
Нарти адæми Хуцау ку скодта, уæд адтæнцæ муггæгтæ-муггæгтæ. Хуæздæр муггæгтæ Нарти æхсæн Æхсæртæгкатæ ‘ма Борæатæ адтæнцæ. Етæ ба кæрæдзей хæццæ хилæ адтæнцæ, æфхуæрд, ихæсгин, уæддæр ескумæ ку багъæуидæ балцимæ, æндæрмæ, уæд-еу цудæнцæ, фал сæ зæрдæ ба уæддæр кæрæдземæ нæ лæвардтонцæ. Уæд еу уалдзæг, сосæни мæйæ ку ‘рцудæй, уæд Æхсæртæгкатæн сæ адæм сæхемæ н’ адтæй. Уæд уонæмæ адтæй еу уæхæн уод, лæгигъæдгун, фал æ бакаст ба неци, фунукæй æндæмæ нæ цудæй, уæхæн уод. Уоститæ к’ адтæй, етæ рацудæнцæ ‘ма ин цуппар галуæрдуни сефтигътонцæ. Уæдта еци фунукбадæги рахастонцæ ‘ма ‘й сивардтонцæ раззаг уæрдуни. Уомæн ба æ ном хундтæй Зевæг. Надбæл ин сæ саразтонцæ, ‘ма ‘й галтæ исластонцæ гъæдæмæ. Уоми ба сагъæс кæнуй, сог æркæнун кæми гъудæй, еци бунати ку ‘рлæудтæй, уæд:
– Нур æз ци кæнон, бакустæн ку нæ дæн, сог æркæнун фæрæтæй ку нæ зонун, уæд æз ци кæнон, Хуцау?!
Уæд никкувта Хуцаумæ:
– Йа, хуцаути Хуцау! Ци Хуцау мæ сфæлдиста, еци Хуцау! Æз дæуæй корун ‘ма мин æртæрегъæд кæнæ: мæ уæрдунтæ согæй идзаг куд фестонцæ ‘ма фæстæмæ куд раздæхон, уотæ мин, Хуцау, раттæ! Хуцау дæр ин æртæрегъæд кодта, æ уæрдунтæ фæстæмæ ра- здахтæнцæ. Зевæг, еци бадгæ, уæрдуни фæццæуй. Цæун байдæдта ‘ма æрхъæрттæй гъæумæ. Борæати æррæстæмæ ку ‘рхъæрттæй, уæд Борæфæрнуги кизгæ бадуй уæладзуги ‘ма къæрæзгитæй кæсуй æндæмæ. Зевæги ку ‘руидта уæрдуни сæрбæл, уæд ибæл ниххудтæй æ гъæлæсидзаг. Е дæр имæ фæстæмæ æ къембур фездахта ‘ма ин зæгъуй: – Дуйнескæнæг Хуцау дæ мæ тæрегъæдæй еци рауæн бауæззау кæнæд!
Зевæг Хуцауи аммени сахати райгурдæй ‘ма уой туххæй, ци сковидæ, уой ин Хуцау лæвардта, скувдиадæ ин адтæй. Галтæ ‘й нилластонцæ тургъæмæ ‘ма бадуй, бадуй, нæ хезуй уæрдунæй, æнгъæл кæсуй, кæд мæ еске бахæссидæ, зæгъгæ. Уоститæ имæ рацудæнцæ ‘ма ‘й сæ гъæбеси бахастонцæ, æривардтонцæ ‘й æ ба-дæни, тъæригъоси. Уалинмæ хабар рацудæй, Борæати Борæфæрнуги кизгæ уæззау æй, зæгъгæ. Æ афонæ ку ‘рхъæрттæй, уæд кизгæн райгурдæй лæхъуæн. Адæм æй базудтонцæ, ‘ма зæгъуй Борæфæрнуг:
– Йарæбий, мæнæн аци гъуддаг ка бакуста, е Æхсæртæгкатæй æндæр неке адтæй, загъдгин уони хæццæ ан!
Багъаст кодта ‘ма æ гъуддаг Борæфæрнуг тæрхондонæмæ равард- та. Уæд ин истæрхон кодтонцæ:
– Къамбецдзари медæгæ сæ, кизги дæр ‘ма лæхъуæни дæр, Зе-вæги дæр, куд ниввæрайтæ ‘ма сæ Терки куд багæлдзайтæ.
Уæд, кизгæ к’ адтæй, е, ци имæ адтæй, уони бафснайдта. Уæдта сæ бакодтонцæ æртей дæр къамбецдзари, бахудтонцæ ин æ ком ‘ма сæ раластонцæ, багæлстонцæ сæ Терки: ласун сæ байдæдта дон, уæдта сæ еу рауæн ба рагæлста еу атагъамæ. Уоми лæуун байдæдтонцæ ‘ма сæбæл цæй бæрцæ рацудайдæ, Хуцау зонуй, уæдта кизгæ к’ адтæй, е æргъуди кодта, сæ бунати сабурæй ку лæудтæнцæ, уæд. Æ кæрдæн систа ‘ма къамбецдзар искъæртт кодта, ‘ма сæмæ дуйней рохс æрзиндтæй. Уæд уоми хæссун байдæдтонцæ лæхъуæни ‘ма гъазунгъон бацæй. Ци рацудæй, уой Хуцау зонуй, уæдта уосæ зæгъуй Зевæгæн: – Цæй-ма, мæ сæри хецау, уоци рауæн гъæунгти ку ‘рцудтæ, уæд мæн дæ дзурдæй ку бауæззау кодтай, нур ба ами кæдмæ цæрдзинан? Цæрæн бунæттæн нин ести сунафæ кæнæ!
Е ба уотæ зæгъуй:
– Æ, дæ бонæн уай, мæнæ кизгæ, æз æндæмæ ку нæ цæун, бæстæбæл кæми хуæздæр цæрæн бунат æрахæссæн, уомæн æз ку неци зонун, уæд дин æз ци кæнон?
Уæд фæрсуй мадæ æ фурти:
– Биццеу, хуæздæр, лигъздæр бунат æрцæрунмæ дæ цæстæ не-кæми æрахæссуй, гъазунмæ ку фæццæуис, уæд?
Е ба ин зæгъуй:
– Уæ, нана, нана! Мах атагъай медæгæ ан, фал æз уæлбилæмæ исхезун ‘ма уоми ба рæсугъд будуртæ ес, бон-изæрмæ уоми ба сæгтæ раздахæ-баздахæ кæнун, ‘ма син сæ думгутæбæл ниххуæцун, ний- йахæссун сæ нæ фæразун, фал бафæллайун, ‘ма нæхемæ фæстæмæ æрцæун.
Уосæ зæгъуй æ лæхъуæнæн:
– Мадта хуæцæ мæнæ дæ фидæбæл, мах ба ‘й уæлæмæ исзелæн. Ниххуæстæнцæ ибæл ‘ма ‘й мæнæ фæззелунцæ уæлæмæ. Сзилд-тонцæ ‘й уæлæмæ мадæ ‘ма фурт. Уоми ба Зевæг ракастæй æ цæстæй, рагъæуæйттæ кодта, æ зæрдæмæ ку бацудæй, уæдта бабæй Ху- цаумæ никкувта:
– А, хуцаути мæхе Хуцау! Аци рауæн нин авæрттæ куд феста, æдæфсæн галауантæ!
Куд искувта Хуцаумæ, уой бабæй ин Хуцау саккаг кодта. Уоци рауæн сæвзурстæнцæ авæрттæ. Цæрун байдæдтонцæ. Еу бон ку адтæй, уæд Æхсæртæгкатæ ‘ма Борæатæ еумæ балци рацудæнцæ. Уони рæзти ку ‘рцудæнцæ, уæд кæсæнцæститæй кастæнцæ ‘ма дес кодтонцæ. Дес ба уобæл кодтонцæ, æма уоми фиддæлтæй ардæмæ гъæу ку некæд цардæй, уæд нур уоми хæдзæрттæ ку зиннуй, зæгъгæ. Уæд сфæндæ кодтонцæ: – Мадта цæуæн ‘ма сбæрæг кæнæн!
‘Ма цæун байдæдтонцæ уордæмæ. Æрфестæг æнцæ се ‘уазæгдонæмæ. Уордæмæ син хастонцæ хуæруйнаги æма ниуазуйнаги дзæбæх. Æвæццæгæн уоми фæцæнцæ иуазæгдзийнади еу къуæре.
Нур цæун афонæ ‘й, зæгъгæ, ку сунафæ кодтонцæ, уæд Сос-лан зæгъуй:
– Цæуон, æз ба хæдзари райарфæ кæнон! – ‘ма хæдзарæмæ бацудæй. Уосæ ‘й ку æруидта, уæд е ‘ргом иннердæмæ рахатта. Сос- лан бамæстгун æй, еци мæстгунæй хæдзарæй раздахтæй ‘ма радзубанди кодта е ‘мбалтæн:
– Гъе, атæ ‘ма атæ, хæдзарæмæ ку бацудтæн, уæд ми æфсийнæ æхе банимахста.
Уæдта Борæфæрнуг зæгъуй:
– Мадта æз дæр ма бабæрæг кæнон, циуавæр æй, – зæгъгæ, ‘ма бацудæй. Кæрæдзей ку ‘руидтонцæ кизгæ ‘ма фидæ, уæдта кæрæдзебæл ниццийнæ кодтонцæ. Фæццийнæ кодтонцæ, уæдта син Борæфæрнуг рахаста уордигæй кусийнидзаг ниуазуйнаг ‘ма гъолгуни хай. Е ‘мбалтæмæ сæ ку бавдиста, уæд дзоруй Сосланмæ:
– Сослан, куд æй, ду дæхе лæгдæр фæххонис, нур æз хай дæр ма ку рахастон!
Сослан е ‘рфгутæ æргæлста ‘ма æ зæрдæй унæфтæ кæнуй:
– А Борæати хæццæ фидæй ардæмæ цагъдæхсæн ан ‘ма мин уони хæццæ лимæнгæнæн нæ ес!
Ку баниуазтонцæ, уæдта Борæфæрнуг зæгъуй Сосланæн:
– Сослан, е дæуæн дæ ностæ ‘й, ‘ма ностæ æ теуæй æфсæрми ку нæбал кæна, уæд дуйней цард ихæлгæ кæнуй, уой туххæй ди æхе банимахста.
– Мадта, – зæгъунцæ, – цæуæн æдта не ‘рвадæн арфæ ракæнæн! ‘Ма Æхсæртæгкатæ бацудæнцæ хæдзарæмæ, æрлæудтæнцæ Зе-вæги сæргъи. Зевæг хуссуй бумбулий сæрбæл уæлгоммæй ‘ма имæ дзорунцæ: – Дæ бон хуарз, не ‘рвадæ!
Е ба сæмæ фæрсмæй ислæвардта æ къох:
– Æгас цотæ.
Уоми цæрун сæ фæндун байдæдта Æхсæртæгкати дæр ‘ма Бо-рæати дæр, æ царди дзæбæх ин ку ‘руидтонцæ, уæд:
– Гъæйтт-гиди, аци лигъз будури мах дæр ку ‘рцæрианæ!
‘Ма имæ мийнæвæрттæ æрветун байдæдтонцæ. Уæд Зевæги нæ фæндæ адтæй, фал силгоймаги фæндæ цæуй ‘ма уосæ сарази кодта æ лæги: – Æр сæ уадзæ цæрун, мах ами еунæгæй куд цæрæн.
Уоми син дзурд равардта ‘ма рацудæнцæ. Рæвдзæ кæнун рай- дæдтонцæ, авæрттæ саразтонцæ ‘ма уоци рауæн Зевæги зæнхæбæл гъæу иссæй. Уæд цæрун байдæдтонцæ федауцæй Борæатæ ‘ма Æхсæртæгкатæ. Сойнæ ‘ма мудау схæлар æнцæ ‘ма уоми цæргæ байзадæнцæ.
НÆРТОН ЗИВÆГИ ÆМА УАЦИРОХС-ЗÆРДИРОХСИ ТАУÆРÆХЪ
Нартæй еу лæгæн авд фурти адтæй. Гъема, уонæн сæ кæстæр Зивæг адтæй. Хуцауи дзурдæй ин дууæ зæнги нæ адтæй ‘ма, мæгур, алли бон дæр, æнæ æндæмæ рацæугæй, сæ хæдзари силти фарсмæ тъæригъоси бадтæй. Æ хестæртæн, æхсæземæн дæр, уоститæ адтæй ‘ма ‘й гъуд етæ кæниуонцæ, лæгтæ ескумæ ку рандæ уиуонцæ, уæд. Нур, Нартæ к’ адтæй, етæ дууæ муггагемæй адтæнцæ: Æхсæртæгкатæ æма Бориатæй. Бориатæ ка ‘й, етæ мулкбæл æхцулдæр адæмихатт адтæнцæ ‘ма еу кусти размæ сæхецæн сог, æндæр уæхæн гъуддæгтæ æрцæттæ кæниуонцæ.
Æхсæртæгкатæ бабæй мулкбæл æхцул н’ адтæнцæ, фал æнæ-уой кустуæлиуон цард – тухгæнæг хаттæнцæ. Зивæг дæр Æхсæртæгкатæй адтæй. Уæд еу анз хуасæ кæрдуни размæ Бориатæ сæхецæн берæ сог исцæттæ кодтонцæ, Æхсæртæгкатæ ба – нæ. ‘Ма хуасæ кæрдунбæл ба Æхсæртæгкати æхсæз æнсувæри хуасæ кæрдунмæ рандæ ‘нцæ, хæдзарæ æнæ согæй ниууагътонцæ, уотемæй. Киндзитæн дæр гæнæн нæбал адтæй, сог гъæуагæмæ гæсгæ, æма алли бон дæр Бориатæмæ соггор цудæнцæ. Уотемæй сæ сæрæн ку нæбал адтæнцæ, уæдта и киндзитæн сæ зæрди æрифтудæй налат миуæ, – цæйтæ, маха нæ фунуктъиз Зивæги согмæ сау гъæдæмæ рарветæн, зæгъгæ, дууæ галти ин исефтигътонцæ ‘ма имæ дзорунцæ:
– Уæртæ дин дууæ галти исефтигътан ‘ма согмæ фæццо! Кенæ ба, хуæруйнаг цæбæл искæнæн, уæхæн нæбал ес. – Рахастонцæ ‘й æма ‘й раззаг уæрдуни исæвардтонцæ. Бæргæ дугъ-дугъ кодта Зивæг: – Уæ, мæ киндзитæ, Хуцау уин ма бакома, мæхе мæгурбæл мæ цæмæннæ ниууагътæ, æз цæй сог æркæндзæнæн, кумæ мæ æрвететæ? Фал æй и киндзитæ гъуди дæр не ‘ркодтонцæ ‘ма ин æ галтæ гъæдæрдæмæ еу нарæг билтæ надбæл исаразтонцæ, цæмæй фæстæмæ мабал æриздахтайдæ, кенæ, цæмæй билæй рахаудтайдæ, уой туххæй. Цæун байдæдта мæгур Зивæг сагъæсгæнгæ:
– Нур ци бакæнон? Мæ бон сог æркæнун ку нæ ‘й ‘ма фæстæмæ ци амалæй раздæхон?
Уотемæй хъæбæр ку исгузавæ ‘й, уæдта Хуцаумæ искувта:
– А, хуцаути мæхе Хуцау! Ду мæ искодтай, атæ мæгур дæр мæ ду исфæлдистай, фал мæ кæд естæмæн искодтай, уæд мин мæ галтæн се ‘рух аци унгæг надбæл гъæуæрдæмæ раздахæ, цæмæй уæддæр ма фесæфон, уой туххæй.
‘Ма ин Хуцау æ галтæ гъæуæрдæмæ раздахта. Уæд Зивæгæн æ зæрдæ фæррохсдæр æй, ‘ма мин кæд мæ уæрдунтæ согæй байдзаг кæнидæ, зæгъгæ.
Ис бабæй кувта ‘ма бабæй ин Хуцау æ дууæ галуæрдуни хъауари, фадгæ согæй байдзаг кодта, раззаг уæрдуни сæрбæл Зивæг æхуæдæг, уотемæй. Гъæумæ ку бахъæрттæй, уæдта Бориати Борæфæрнуги хæдзари рæзти æ над адтæй ‘ма уобæлти фæццæйцудæй. Гъема ‘йбæл Борæфæрнуги кизгæ Уацирохс-Зæрдирохс уæлесæрæй ниххудтæй æ гъæлæсидзаг, дæлæ не ‘рваддæлти Зивæг цæхæн лæг иссæй, зæгъгæ. Аййепгун лæгмæ е ци гъигæ фæккастæй ‘ма ‘й и Зивæг ралгъиста æхе меднимæр:
– Ду нур дæ фур хъалæй мæнбæл ходгæ кæнис, фал дæбæл Хуцау уæхæн бон искæнæд, ‘ма дæ сæрæн куд неци зонай, уотемæй дæ фиди хæдзари куд базæрдæхсайгæ уай! – зæгъгæ. Гъема, Хуцауи дзурдæй, Уацирохс-Зæрдирохс бауæззау æй.
Æвæдзи, æ афæнттæ ку æрхъæрттæнцæ, уæд и кизгæн æ губун устур кæнун байдæдта. И фидæ уой ку базудта, уæд сæргубурæй хæтун райдæдта, гъома, адæми æхсæн бадун, дзорун нæбал æн-диудта, мæ кизгæ мæ фæййаллайаг кодта, зæгъгæ, уотемæй.
Борæфæрнуг æ зæрди нез æ реуи дарун ку нæбал фæразта, уæдта, æ маст æрдзорунмæ, Нарти иуонæхсæртти æринбурд кодта ‘ма сæмæ æ кизги ракодта. Фæрсун æй райдæдтонцæ:
– Ци кодтай, ци дæбæл æрцудæй, цæмæн нæ фегадæ кодтай? Мах дæ рæсугъддзийнадæ æма дæ кадæмæ гæсгæ нæ суйни сæрбæл ку хуæстан, уотæ ездон дæ ку æнгъалдтан! Гъема нур ба, цидæр адтæй æма кæмæй дæ, уой зæгъæ, кенæ ба дæ марæн.
– Неци зонун, – зæгъгæ, Хуцаумæ ниннеуидæ, – мæ сæрæн. Еу хатт Зивæг дууæ уæрдунемæй сог æрбаласта ‘ма уобæл, дессаг мæмæ фæккастæй, ‘ма бахудтæн мæ зæрди фæндон. Гъема мæ кæд е ралгъиста æма мæбæл кæд уой фидбилиз ес, æндæра неци зонун, – зæгъгæ, син, е ‘цæгæй кæугæй, соми кæнуй кизгæ. Уæд етæ дæр Зивæги æрбахудтонцæ ‘ма уой дæр бафарстонцæ:
– Сог ку ластай, уæд дæбæл аци кизгæ ести ниххудтæй ‘ма ‘й ралгъистай?
– Æцæг адтæй! Ку мæбæл ниххудтæй, уæд мæмæ хъæбæр гъигæ фæккастæй æма ‘й ралгъистон, – зæгъгæ, син загъта Зивæг дæр. Мадта ибæл дæу бæллах æрцудæй, мæнæ къулух хæрæг, зæгъгæ ‘й хъæбæр бафхуардтонцæ. Зивæг дæр ма, мæгур, æхе бæргæ рæститæ кодта:
– Æлгъистæй нурмæ дæр ма некæмæн неци адтæй. Гъæладзорæ ци кæнтæ, æдта нур сумах дæр ку ралгъетон, уæд сумах дæр исæфгæ кæндзинайтæ? – зæгъгæ.
Уотæ рæхги ба Уацирохс-Зæрдирохсæн лæхъуæн райгурдæй. Нартæ син къамбецдзар гæбæт исцæттæ кодтонцæ, уоми се ‘ртей дæр бакодтонцæ ‘ма сæ дони багæлстонцæ. Дон сæ цæй бæрцæ фæлласта, уæдта и гæбæти еу рауæн фæззелæни медæгæ уæлбилæмæ исгæлста. Медгæбæт цæргутæ уой ку æрлæдæрдтæнцæ, уæд, и кизгæмæ кæрдæн адтæй ‘ма уомæй гæбæти фæкъкъæртт кодта. Рацудæнцæ æндæмæ, кæсунцæ ‘ма разиндтæнцæ хонх рæбун сакъадахи билæбæл цагъанай размæ. Гъема, лæгъуз рæстæги еци син-дзитæбæл халаууон бакæниуонцæ, сæ цард дæр уони сифтæй ев-гъуйун кодтонцæ.
Уæд и биццеу нæртон игурд адтæй ‘ма ибæл бæнттæ ку рацудæй, уæдта бацæппо-лæппо æй, уоми æхецæн æндурæ искодта ‘ма си цъеутæ мардта. Гъема, гъе, уонæй дзæбæхдæр цæрун рай-дæдтонцæ. Фал Уацирохс-Зæрдирохс хуарз цард ахур куд адтæй, уомæ гæсгæ, уотæ лæгъуз цæрун нæбал фæразта ‘ма Зивæги æ фурти хæццæ исхъурмæ кæниуонцæ, искурдиадæ дин ес, ‘ма исковæ Хуцаумæ, цæмæй нин уæлæ еци хонхи сæрбæл аварæ феста, ‘ма уоми куд цæрæн, уобæл, зæгъгæ, кенæ ба нин аци гъезæмæрттæ дæу фудтæ ‘нцæ, ‘ма дæ рамардзинан! – Уæй, мæхе мæгурбæл мæ ку ниууадзиайтæ, е уин искурдиадæ! – зæгъгæ, сæмæ мæтъæлгомау исдзоруй æнæ къæхтæ Зивæг дæр.
Нæй, нæ ‘й уадзунцæ. ‘Ма уæдта Зивæг æхе меднимæр искувта: – А, хуцаути мæхе Хуцау, мадта ма мин фæстаг хатт байагъаз кæнæ. Уæлæ мин хонхи цъоппбæл устур авар фестун кæнæ, æ цуппар тегъемæ цуппар мæсуги куд уа, уæхæн, сæ фарсмæ ба федар кесена мæхецæн цæрунмæ. Уонæбæл ба зилдæгæй федар бæрзонд горен куд уа. Уæдта мæнæ ме ‘мбæлтти хæццæ уоми куд фестæн ‘ма нин хуæдзелгæ цард куд уа!
Æцæгæй, куд искувта, уотæ син хонхи цъоппбæл авæрттæ фес- тадæй. Зивæг, мæгур, уорс кесенай заманай бумбули хуссæнтæбæл хуссун райдæдта ‘ма хæрдмæ «уф» кодта. Хуæдзелгæ цард дæр ин байгон æй ‘ма мæтæй мардæй!
Уæд, еу кæми адтæй, уоми Нарти иуонæхсарæ лæхъуæнтæ уотари рацудæнцæ; берæ фæххаттæнцæ æма син Хуцау се стонг ба Зивæги размæ æрхаста. Ниддес æнцæ, аци авæрттæ нурмæ ку некæд фæу- уидтан, уæд атæ ци уонцæ, зæгъгæ, бадзурдтонцæ ‘ма сæмæ æнæ фидæ лæхъуæн рауадæй. Дуар син бакодта, медæмæ сæ бахудта ‘ма сæ хъæбæр фæххинста. Уæд етæ дæр райарфæ кодтонцæ ‘ма рандæ ‘нцæ сæхемæ десгæнгæ. Сæхемæ ку иссудæнцæ, уæд сæ зæрæндтæ нихæси фæрститæ кодтонцæ: «Ести хабæрттæ нин радзоретæ!»
Етæ дæр ма дин, сæ хинцæг хæдзарæй фæстæмæ, æндæр ци радзурдтайуонцæ? Ходуйнаг уин нæ ‘й мæнгæдтæ дзорун, уоми ке неци ес, уой мах нæ зонæн, зæгъгæ, син зæрæндтæ алли фудтæ никкалдтонцæ. Етæ дæр ард хуардтонцæ, куд си ес, ‘ма сæмæ хъæбæр фæммийнасæ кодтан, зæгъгæ.
Уæд зæрæндтæ исфæндæ кодтонцæ: «Цæй, маха ‘й бабæрæг кæнæн!» – ‘ма ниццудæнцæ дуккаг бон. Æцæгæй си разиндтæй, куд дзурдтонцæ, уæхæн галауантæ. Ба сæмæ дзурдтонцæ. Лæхъуæн бабæй уони дæр медæмæ бакодта. Хъæбæр сæ фæххинстонцæ. Нур сæ Уацирохс æма лæхъуæн фæсмардтонцæ, Нарти зæрæндтæ ба сæ нæ зудтонцæ. Нарти зæрæндтæ хуарз ку фæммийнасæ кодтонцæ, уæд фестадæнцæ ‘ма син раздæр Борæфæрнуг райарфæ кодта, уæдта иннетæ дæр. Фал Сослан ба сили рахаститæмæ ку æркастæй, уæд æ зæрдæмæ бацудæй ‘ма æхе фæстаг ниууорæдта, æ зæрдæй ин хуæздæр райарфæ кæнунмæ гъавта. ‘Ма ин æ къох ку райста, уæд ин арфæ кæнун райдæдта, фал имæ и силæ уайтагъддæр æ къилдун фæххатта. Е Сосланмæ ци гъигæ фæккастæй ‘ма имæ дзоруй:
– Ци кæнис, хуарз уосæ, мах ди хъæбæр боз ку ан, уæд дæхе иннердæмæ цæмæн рахаттай?
– Неци базудтай?
‘Ма ци базонон, зæгъгæ, рафарста Сослан и уоси.
– Мадта æз уæртæ уæ хестæр – Борæфæрнуги кизгæ Уацирохс- Зæрдирохс дæн, мæнæ ба мæ фурт, Зивæг ба уæртæ уорс кесенай æй. Сослан æ фур цийнæй е ‘мбæлттæмæ рауадæй ‘ма сæ фæстæмæ медæмæ бахудта. Уоми фиццаг не ‘ууæндтæнцæ, уæдта Зивæги хабар дæр ку æригъустонцæ, уæд кæрæдзебæл цийнæ кæнун райдæдтонцæ, Зивæги дæр сæ размæ рахудтонцæ. Æстæмæй-астмæ бабæй фæббадтæнцæ се ‘рвади хæдзари, уæдта сæ Нарти гъæумæ хонун байдæдтонцæ, уордæмæ æрбаледзетæ, зæгъгæ. ‘Ма син Уацирохс-Зæрдирохс дзуапп равардта:
– Махæн уоми цæрун Хуцау не саккаг кодта, мах уордæмæ неци фæццæудзинан, фал мах ка уарзуй, е ба ардæмæ æрледзæд! – зæгъгæ, кæрæдземæн райарфæ кодтонцæ.
Уой фæсте ба Нартæй уордæмæ кадæртæ фæллигъдæй.
Бориати Борæн адтæй,
Райда-уарайда,
Еунæг хъæбæр рæсугъд кизгæ,
Райда-уарайда!
Борæфæрнуг е ку хундтæй,
Райда-уарайда,
Зонæнгин ба е ку адтæй,
Райда-уарайда!
Еу бон кæми адтæй, уоми,
Райда-уарайда,
Мæсуги сæрккагæй ку фæккæсуй,
Райда-уарайда!
Идардмæ бæхгин ку ниууидта,
Райда-уарайда,
Уæд Хуцаумæ е ку скувта:
«Райда-уарайда!
Йа, хуцаути мæхе Хуцау,
Райда-уарайда,
Тар мегъæ ‘йбæл уæхæн скæнæ,
Райда-уарайда,
‘Ма æ надбæл куд фæррæдуйа,
Райда-уарайда,
Уотемæй махмæ ци ‘рбаздæха».
Райда-уарайда!
Мæсуги сæрæй е æрцæуй бунмæ.
Райда-уарайда,
Æ фидæ Борæн е ку дзоруй,
Райда-уарайда:
«Ауæхæн дессаг некæд фæууидтон,
Райда-уарайда!
Надбæл еу уод фондз уоди схæссуй!
Райда-уарайда!»
«Æ, налат силæ, цитæ дзорис?
Райда-уарайда!
Еу уод фондз уоди куд хæсдзæнæй?»
Райда-уарайда!
«Мæ фидæ Борæ ма рамæла,
Райда-уарайда,
Нæртон дууæ етæ ку ‘нцæ,
Райда-уарайда,
Лæхъуæн æма рæсугъд киндзæ,
Райда-уарайда,
Сæ фусун махмæ ку уодзæнæй».
Райда-уарайда!
Æцæг тар мегъæ ку ниббадуй,
Райда-уарайда,
Лæхъуæн æ надбæл фæррæдуйуй,
Райда-уарайда,
Бори хæдзарæмæ барæдуйуй,
Райда-уарайда,
Борæфæрнуг сæбæл ниццийнæ уй.
Райда-уарайда!
Етæ адтæнцæ нæртон лæхъуæн,
Райда-уарайда,
Сæнт сау рæсугъд уæззау киндзæ,
Райда-уарайда,
‘Ма зайуйнаг рæсугъд æфсæ,
Райда-уарайда!
Хуарз æгъдау син ку раттунцæ,
Райда-уарайда,
Æхсæвæр син ку скæнунцæ,
Райда-уарайда,
Æртæ рауæни æртæ уати,
Райда-уарайда,
Борæфæрнуг ку никкæнуй,
Райда-уарайда,
Æхсæвæ киндзæн ку райгуруй,
Райда-уарайда!
Сугъзæрийнæ стуггин лæхъуæн.
Райда-уарайда!
Æфсæ низзадæй уадæндзо ‘ма,
Райда-уарайда,
Мегъæнуайæн рæсугъд байраг.
Райда-уарайда!
Æхсæртæгкатæй лæхъуæн адтæй,
Райда-уарайда,
Бориатæн ба тоггин адтæй,
Райда-уарайда!
Бафедудтонцæ еци надбæл,
Райда-уарайда,
Борæфæрнуги хъаури фæрци,
Райда-уарайда!
Æстæмæй-астмæ етæ уони,
Райда-уарайда,
Сæхемæ ниууорæдтонцæ.
Райда-уарайда,
Устур æгъдауæй рарвистонцæ,
Райда-уарайда,
Етæ уони Нарти ‘хсæнмæ,
Райда-уарайда!
Еци игурд уæхæн иссæй,
Райда-уарайда,
Знæгти нихмæ ‘ма царди хуарзбæл,
Райда-уарайда,
Цæрæнбонти тох ка кодта,
Райда-уа-рай-да!
Курд-Алæгонæн адтæй рæсугъд кизгæ ‘ма уой хæццæ балци рандæ ‘й Хъуми будурмæ. Уоми еу рауæн æрæнцадæнцæ æма и кизгæ дзоруй Курд-Алæгонмæ:
– Дæ фарнæ, дæ фарнæ, де ‘зæди стæн! Уæртæ Хъуми будурти денгизи билтæбæл еу бæх æрбацæуй æма фондз уоди æрбахæссуй. Кæд ди не ‘руагæс кæнуй, уæд дæ фæлгæсæнтæй дæр ракæсæ!
Курд-Алæгон дæр ибæл фæттург кодта æма и кизгæ дæр нигъгъос æй. Æхуæдæг ба никкувта:
– А, хуцаути мæхе Хуцау! Аци сахат уæхæн бон ци никкæна æма арф мет ци ниууара, е ба цъæх ех ци ниууа, æма еци бæхгин ардæмæ ци æртухса махмæ!
Еци сахатбæл дунгитæмæ февналдта æма арф мет ниууардта. Уобæл нигъгъизтæй æма и мет ниййех æй. Ци рацудæй, уæдта Курд-Алæгонмæ æрбадзурдæ ‘й:
– Уæ тургъи – иуазгутæ æма нин фусун фæууотæ!
– Иуазæг Хуцауи иуазæг æй, – зæгъгæ, æма сæ баазтонцæ. Етæ ба дин – лæхъуæн, æ конд, æ уиндæн нæ, уæхæн адæймаг, æ фæсабæрцæ ба кизгæ; е ба уомæй æндагъддæр. Ниссæбæл цийнæ æнцæ, хуарз сæ фæййидтонцæ. Хуссун афони ба и лæхъуæн загъта:
– Еу хæдзари нин уат никкæнетæ!
Ниссин уæттæ кодтонцæ æма сæмæ æхсæвæ ба кæсгутæ искодтонцæ. Адæм æринцадæнцæ, зæгъгæ, уæдта и кизгæ æма и лæхъуæн дæр еу уати исхустæнцæ, иннæ уат ба ревæдæй байзадæй. Раст æмбесæхсæви a` и кизгæн сугъзæрийнæ æстуггин лæхъуæн райгурдæй æма и лæг бадзурдта Курд-Алæгонмæ:
– Ходуйнаг ма уæд, уæртæ ме ‘мбал цидæр кæнуй!
Ниццирагъ кодтонцæ, ба имæ цудæнцæ æма и сувæллони багъуд кодтонцæ. Зартæ æма зари сæртæ уой елхъинабæл цæмæннæ хастайуонцæ, уотемæй бонмæ фæззардтонцæ æма фæккафтонцæ.
Æмбесбони ба и бæх байраг низзадæй. И кизгæ дæр куд нæ ниццийнæ адтайдæ, æ дзурд ке исæнхæст æй, уобæл. Курд-Алæгон дæр æй балæдæрдтæй æма ма ин никкувта:
– Хуцау дæ бæстæн хуарзæрдæмæ фæккæнæд, – зæгъгæ.
Ци рацудæй, Хуцау зонуй, уæдта и биццеу дæр, и байраг дæр рацæппо-лæппо æнцæ æма и лæг æма уосæн дæр сæ хæдзарæ сæ зæрди æрæфтудæй.
Курд-Алæгон син устур лæвæрттæ ракодта æма сæ уотемæй рарвиста.
Нарти æмбес хай Деденæги адтæй. Зæнæг ба ин н’ адтæй æма Нарти Уацирохс ка хундтæй, уой æхецæн дуккаг уосæн æрхудта. Уацирохсæн æ конд, æ уиндæн н’ адтæй.
Еу хатт кæми адтæй, уоми Уацирохс донмæ рацудæй æма ин Сослани Хуцау æ размæ фæккодта. Нæрæмон лæг æй нæбал уагъта, – фенбæлæн, зæгъгæ, æма ин Уацирохс кæми састайдæ. Кæнæгой адтæй æма Ацæти Таувези хæццæ хаттæй.
На, нæ-уа æй ку нæбал уагъта Сослан, уæдта ин Уацирохс дæр загъта:
– Ци мæмæ æрцудтæ, Ацæти Таувез мин ку нæ фестадтæ, уой фæууиндæ мин рауай!
Сослан дæр ма ци исдзурдтайдæ æма мæстæйдзагæй раздахтæй. Уой фæсте ба и Нартæн Ахкемай устур синд адтæй æма Деденæг дæр уордæмæ семунмæ æрцудæй. Сосланæн ба ма Уацирохси æфхуæрд æ зæрди адтæй æма Хæмици фурт Батразæн балæдæрун кодта æ зæрдиуаг. И дууæ исфæндæ кодтонцæ Деденæги бафхуæрунбæл æма синди æ фæйнæ фарсемæ ниххуæстæнцæ. Нур Уацирохс æма Адæкезæ ба Нарти синдмæ билæй кастæнцæ, Сослан сæ цæмæн нæ батергади кодтайдæ æма уони æрдæмæ се ‘рух ку рахатиуонцæ синди зилди хæццæ, уæдта дууæ бæдæйнаг лæги Деденæги истелиуонцæ, сæхуæдтæ ба исзариуонцæ: – Уæ, Деденæг, кæнæг хусгæ!
Изæрæй и синд рахæлеу æй æма Деденæг дæр сæхемæ иссудæй, æма ин Адæкезæ уотæ зæгъуй:
– Дессаг, кæнæг хусгæ, зæгъгæ, уотæ цæмæн исзариуонцæ? Деденæг ба æмбаргæ лæг адтæй æма ин уотæ:
– Æмбурди хъал лæхъуæнтæ кунæг еститæ нæ фæззарунцæ ‘ма уонæмæ игъосæ, уæдта еститæ дзордзæнæнцæ. Кунæг уæхæн зартæ нæ фæккæнунцæ лæхъуæнтæ, уобæл бабæй мæ ци фæрсис?
Уобæл и уостити зæрдæ банцадæй, фал Деденæг ба фæггурусхæ æй: цидæр æй, уæддæр Уацирохс еске хæццæ хæтуй, Нарти лæхæйдзаг сувæллæнттæ мæбæл зар хумæтæги нæ раскъардтонцæ, зæгъгæ, æма æй æ гъæдин мæсуги сæрккаги бакодта, æхуæдæгка Адæкези хæццæ бунккаги цардæй.
Уотемæй цæрун райдæдтонцæ. Уацирохс, æнæ бони рохс фæууингæ, æнæ арви цъæхмæ искæсгæй, бадтæй æ уати æма имæ уордæмæ ба алли æхсæвæ дæр цудæй Ацæти Таувез. Уомæн ба гæдиæй базуртæ адтæй æма æрбатæхидæ мæсуги сæрти, къæразгæбæл бабадидæ, æ базуртæ уоми исесидæ. Уацирохс дæр æй базонидæ æма ин къæразгæ æрбайгон кæнидæ æма æхсæвæ-бонмæ уоми фæууиуонцæ. Сæумæрдæмæ ба Таувез æ базуртæ бабæттидæ æма фæстæмæ рандæ уидæ.
Уотемæй, ци рацардæнцæ, уæдта Уацирохс бауæззау æй. Нур, кой кæндзæнæн, зæгъгæ, уæдта загъта æ сæри хецау Деденæгæн:
– Ами цæрун нæбал фæразун: бони рохс нæ уинун, адæймаг нæ зонун, уотемæй ма аци цард æма рæсугъддзийнадæй æз ци кæнун? Нур ба мæ дзæбæх дарæс дæр нæбал гъæуй, фал ма мæ дæхецæн нурмæ куд аккаг кодтай, уотæ кæд аккаг кæнис, уæд мин фур-дзартæй лæмæгъ кæрцæ искæнæ æма мæ бунккæгти цæрун уадзæ. Æз дæр мæхе нæбал æфснайдзæнæн æма мæмæ кæд некебал хицæ кæнидæ.
Деденæгмæ æ дзубандитæ раст фæккастæнцæ æма ин, куд загъта, уотæ æ над æ барæ рауагъта. Уацирохс дæр æ бæнттæ нимайун райдæдта æма æ бони радæ ку æрхъæрттæй, уæдта Ацæти Таувезæн лилагъз искæнун кодта, мудадзæй æй хуарз байсарста, уæдта и су- вæллони дзедзейæй бафсаста æма æй денгизи багæлста.
И лилагъз дæр лæсун райдæдта. Уæд еци денгизбæл Хуцау балердзаутæ фæккодта. Æгас бон фæххаттæнцæ и балердзаутæ æма нецæбæл хуæст кодтонцæ. Бафæлладæнцæ и балердзаутæ æма денгизи билæбæл сæ хизтæ æма сæ бæлæгътæ куд рагæлстонцæ, æма рæфтадбæл куд æрбадтæнцæ, уотæ ба сæбæл Сослан, Уорæзмæг, Хæмиц æма Деденæг иссудæнцæ:
– Байрайайтæ æма уин берæ Хуцау ратта! Ци æй, ци мæтъæл бадт кæнтæ, – зæгъгæ, сæмæ дзорунцæ Нарти дзæбæхтæ.
Етæ ба син:
– Ци агъази мæтъæл бадт æй! Æгас бон фæххаттан а денгизи æма еунæг кæсалгæ дæр нæ арми нæ бафтудæй, нур ба сехуар кæнунмæ бабадтан, æма нæмæ рафестæг уотæ, – зæгъгæ, æма син сæ бæхти идæнттæбæл æрхуæстæнцæ.
– Фарнæ уæмæ рафестæг уæд, фал уи корæн, æма мах номбæл дæр уæ хизтæ еу гæлст бакæнтæ, кæдимайди ма ести ниййахæссиайтæ мах нивæй.
Балердзаутæ дæр февналдтонцæ æма сæ хизтæ багæлстонцæ, æма – неци. Сæ еуей хизи ба Хуцау, Уацирохс ци лилагъз багæлс-та, уой бафтудта.
– Уæ нивæ амæй хуæздæр н’ адтæй, – зæгъгæ, æма балердзаутæ ниххуæстæнцæ, æма и лилагъз сæ еуемæ дæр дарунцæ, се ‘ннемæ дæр, æма æй неке комуй.
Уæдта Деденæг уотæ:
– Ра æй хæссетæ мæнмæ, æз æй хæсдзæнæн!
Уорæзмæгетæ дæр ибæл фæххудтæнцæ:
– Амæн ба, цидæр фæйна, уой корун е ‘гъдау æй! Æноси корагæ æй.
Цидæр адтæй, и лилагъз Деденæгмæ бацудæй æма уотемæй ранæхстæр æнцæ.
Надбæл ба сæмæ дзоруй:
– Ци дессаг æй: уæртæ Сау хонхбæл цъетети рæбун нæзи гъæдæ содзгæ æрбацæуй!
Етæ хонхæрдæмæ кæсуни ку фæцæнцæ, уæд Деденæг ба лилагъз фæззихъир кодта æма имæ уордæгæй ба биццеу ниххудтæй. Фæ ‘й æнгон кодта, Нартæ мин æй ма базононцæ, зæгъгæ, ‘ма сæхемæ уотемæй иссудæй.
Цийнæгæнгæ исмедæг æй æ мæсуги æма Адæкезæн радзурдта и сувæллони хабар. Е дæр æхебæл фестæлтæ, цидæр бузгъуртæ æ хъæстæбæл истухта æма ракой æй:
– Деденæги уосæ Адæкезæ зæруæрдæмæ бауæззау æй!
Дуккаг бон ба Деденæг сувæллони Адæкези фарсмæ ниввардта, æхуæдæг ба синхæнттæмæ радзурдта:
– Не ‘фсийнæ цидæр кæнуй æма имæ бакæсетæ!
Синх æрæмбурдæнцæ æма кæрæдземæ хуæрзæнгорæггæгти уадæнцæ, Деденæгæн лæхъуæн райгурдæй, зæгъгæ.
Нарти дзæбæхтæ имæ арфæмæ цæмæн нæ цудайуонцæ æма имæ уотемæй устур æмбурд иссæй. Æмбурди адæм ибæл сæвардтонцæ Ерæхсау. Адæкезæн дзедзе н’ адтæй æма ин хæссæг агорун райдæд-тонцæ. Нартæ æй сæ кæрæдземæн нæ уодæнстæнцæ. Алкедæр уотæ фæндæ адтæй æма уой енцег куд адтайдæ, уотæ, фал æй кадæр фæххаста, уонæй ин æ дзедзе дарун неке бафæразта: Ерæхсау дзе-дзе ку исивазидæ, уæд ин æ зæрди ауиндзæнтæ тонунмæ багъавидæ æма æй фæстæмæ æрхæссидæ.
Æрæгиау ба Уацирохс уотæ:
– Æз ба ‘й мæхе дзедзебæл бафтауон, кæдимайди ма ин дзедзе æрифтауинæ, – æма æй æхемæ райста.
Уацирохсмæ ба дзедзе куд н’ адтайдæ æма æй уайтагъддæр ра- цæппо-лæппо кодта.
Уайтагъддæр Деденæги фурт Ерæхсау хæтунгъон фæцæй æма, æскъуæхт лæг æй, зæгъгæ, Нарти астæу æ кой рацудæй. Сослан ин æ хабæрттæ куд нæ игъустайдæ æма ин фæсаууонмæ хæлар разагъта. Ерæхсау дæр Сослани нæ зудта, фал ин фæсаууонмæ ба лимæнеуæг кодта.
ДЕДЕНÆГИ ФУРТ ЕРÆХЦАУ ÆМА НАРТИ СОСЛАН
Нартбæл фуд догæ никкодта; тар мегъæ сæбæл ниббадтæй ‘ма сæ ракæсун нæ уагъта. Уæхæн рæстæг сæбæл никкодта. Нарти Сатана к’ адтæй, е æхсæвæ Гори федармæ цудæй, бонæ ба Нарти гъæумæ цудæй. Еу ку адтæй, уæд Сатана еци мегъæй не ‘рæндиудта Нарти гъæумæ ‘ма уоми бадтæй.
Еу æхсæвæ ба, нур сæумæ идзулдзæнæй, зæгъгæ, уæд фæстæмæ æриздахтæй Нарти гъæумæ. Ку ‘рцудæй, уæд раст еци сæумæ ба сæбæл хор ракастæй.
Загътонцæ Сатанайæн:
– Нæбал дæ рауадздзинан. Де ‘рцуд нин хуасæ ку фæцæй ‘ма нин ку рахор æй! – æма ‘й æруорæдтонцæ уоми.
Ку ‘ризæр æй, уæд æй Уасгерги базудта, гъенур ами æризадæй, зæгъгæ, ‘ма уайун байдæдта Будури изæдмæ, ‘ма ин зæгъуй:
– Гъе, атæ ‘ма атæ, ‘ма мæ дæ хуарзæнхæ уæд, ести зунд мин байамонæ!
Е ба ин загъта:
– Мадта дин æз унафæ кæнун: ку ‘ризæр уа, уæд дæхе æхсинæг фестун кæнæ, æз ба мæхе турмон-хъæрццигъа фестун кæндзæнæн ‘ма дæ расордзæнæн, раст дууæ изæри астæу къæразги куд фæммедæг уай, уотæ, Сатана кæми бадуй, уордæмæ.
Æризæр æй ‘ма ‘й æ разæй фæккодта, ‘ма ‘й къæразгæй фæммедæг кодта. Сатана дæр фестадæй ‘ма æ дууæ къохи фергъувта, уосæн дæр иуазæг ес, зæгъгæ, ‘ма хъæрццигъай фæстæмæ расурдта. Ку æрæнафонæ ‘й, уæд æй гъæбесæй райста ‘ма ‘й къæразгæбæл æривардта ‘ма бабæй фæстæмæ æ гъæбесмæ батæхидæ. Къæразгæбæл æй февæридæ ‘ма, фæстæмæ ку батæхидæ, уæд Сатана фæггурусхæ ‘й, оххай, а цидæр æй, зæгъгæ.
Урузмæг ба афæй балций адтæй, ‘ма Сатана Гори федармæ уой туххæй цудæй. Архайуй ибæл, æндæдуар цæмæй фæууа, уобæл ‘ма ин æндæмæ нæбал комуй. Еу æй къæразгæбæл куд февардта, уотæ ба фæстæмæ æ гъæбесмæ батахтæй ‘ма, Уасгерги куд адтæй, уотæ фестадæй ‘ма загъта Сатанайæн:
– Уæхæн маргъ ма синтæсæд, мæн æ разæй ка скæна!
Е ба ин загъта:
– Хуцау ди ма сбоз уæд! Мæхе ди фæгъгъæуай кодтон, нур ба мæ уæддæр басайдтай!
Уоми æризадæнцæ ‘ма лæг æма уосæ адтæнцæ, ‘ма бони уалæнгæ уоми фæцæй Уасгерги, уæдта рацудæй ‘ма рандæ ‘й. И уосæ бауæз- зау æй ‘ма бæнттæ нимайун байдæдта, ‘ма, æ афæдзи бон ку æрцудæй, уæдта денгизи билæмæ рандæ ‘й хъæппæлтæ æхснуни рæуони, ‘ма ин райгурдæй сугъзæрийнæ æстуггин лæхъуæн. Лилагъзи ‘й ниввардта, æ дзедзейæй æй бафсаста, уæдта ‘й денгизи багæлста ‘ма ин никкувта Хуцаумæ:
– А, Хуцау, æдта ‘й сæхе муггагбæл, Æхсæртæгкатæбæл бафтуйун кæнæ!
Деденæг æзæнæг адтæй ‘ма денгизи билæбæл цардæй; æхуæдæг ба Æхсæртæгкатæй адтæй. Цауæн кодта æма, еу ку адтæй, уæдта неци æ арми бафтудæй, ‘ма ‘й Хуцау изæрæрдæмæ балердзаутæмæ бахаста. Ку бахъæрттæй, уæд син балихстæ кодта:
– Æнæхуæргæ дæн, нецæбæл фембалдтæн æма æнæ æхсæвæр ахсæви байзадтæн. Нур ба мæн хатир фæууинетæ æма хизæ еу дард ракæнетæ, кæд естæбæл мæн амондæй фæххуæст уаййайтæ.
Хизæ радардтонцæ ‘ма си еци лилагъз бафтудæй; æр имæ кастæй ‘ма загъта:
– Ци кæнон! Мæ нивæ уомæй хуæздæр н’ адтæй. Нур ба мин а дæр согæн исагъаз уодзæнæй.
Æма къудурон æ фæсабæрцæ бабаста, ‘ма ранæхстæр æй. Цæун байдæдта ‘ма уæдта æ фæсабæрцæй биццеуи кæун иссудæй. Ами цидæр ес, зæгъгæ, ‘ма ‘й æ гъæбесмæ æрбайста ‘ма имæ игъуста, ‘ма си сувæллони гъæрзун цудæй.
Хуцау, ма мæ фесафæ, зæгъгæ, ести мин æй фæккæнæ, мæхе цæбæл рæвдауон, уæхæн!
Æрцудæй, сæ хæдзарæмæ ‘й бахаста; ра ‘й игон кодтонцæ ‘ма си сугъзæрийнæ æстуггин лæхъуæн райста, цийнæ ибæл кæнунцæ ‘ма зæгъунцæ:
– Ку ‘й исгъæр кæнæн, уæд нин æй дзæгъæлзад хондзæнæнцæ. Фæлтау дæхебæл, – æ уосæн зæгъуй, – уæззауи кой рауадзæ, уæди уалæнгæ ба ‘й не сгъæр кæндзинан ‘ма ‘й сосæггæй хæсдзинан. Уосæ æхе ниттумбултæ кодта, къимбустæ, æндæртæ æхебæл ниттухта ‘ма Нарти гъæутæбæл райгъустæй, Деденæги уосæ бауæззау æй, зæгъгæ.
Ци рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта хабар рацудæй, Деденæгæн лæхъуæн райгурдæй, зæгъгæ, ‘ма хуæрзæнгоргутæ рарвистонцæ.
Сослан æ сагъæдахъи фелваста ‘ма син фехста сæ хæдзарæ, ‘ма фати хæццæ рарвиста:
– Æз ибæл ном ивæрун – Ерæхцау.
… Нарти медæг кувд кодтонцæ Алæгатæ ‘ма Нарти адæм æмбурд кодтонцæ. Кувд ба уой туххæн кодтонцæ ‘ма Сайнæг загъта:
– Æз мæ кизги, æмбурди медæгæ æхуæдæг ке равзара, уомæн ратдзæнæн.
Æ кизгæ ба Агундæ хундтæй. Æримбурд æнцæ и адæм ‘ма Деденæги фурт дæр Ерæхцау, Деденæгæн уорс бæх адтæй, ‘ма уобæл саргъ сивардта, ‘ма загъта:
– Цæуон, æз дæр бабæрæг кæнон ме ‘рваддæлти, некæд сæмæ адтæн, неке си зонун.
Над ин ниййамудтонцæ:
– Цо, æма сæ дуармæ устур мæсуг уодзæнæй, ‘ма уордæмæ ку бахъæртай, уæд дин Сатана байамондзæнæй, куд дæ цæун гъæудзæнæй, уой.
Цæун байдæдта ‘ма бахъæрттæй, ‘ма мæсуги буни балæудтæй. Ра имæ кастæй æфсийнæ-Сатана, ци дæ, циуавæр дæ, зæгъгæ.
Е ба загъта:
– Деденæги фурт дæн ‘ма фæууинуни туххæй æрбацудтæн ме ‘рвадтæлтæмæ, ‘ма кумæ цæуон, уой мин байамонæ.
Загъта ин Сатана:
– Дæлæ Алæгатæ кувд кæнунцæ, сæ кизги дæттунцæ, æхуæдæг ке равзара, уомæн, ‘ма цо уордæмæ.
Дзоруй и æфсийнæмæ:
– Æдта мæ дæ хуарзæнхæ ку фæууидæ ‘ма мин кегъæре еске ку фæууидæ, кæми цæрунцæ, уой нæ зонун.
Хуарз, зæгъгæ, (Хæмици фурт Батраз æхсæвæ изæдти хæццæ тухта, бонæ ба фунуки бадтæй, æ къæхтæ дзингай къæхти хузæн, æ сæр ба цæгæр, уотемæй) ‘ма ин уой рахудта, ‘ма æ разæй фæййагайнæ ‘й: – Рауай, хуарз иуазæг, ниддæ хæццæ кæндзæнæн нуртæккæ. Е ба имæ дзоруй:
– Кæд æзмæлдзæнæ, уой бæсти мæ фæсабæрцæ рабадæ!
Е ба ин æ бæхмæ ракастæй ‘ма дзоруй:
– Дæ бæх, дууæ ка фæххæсса, уæхæн нæ ‘й, – зæгъгæ.
– Мæ бæх ба дууæ куд нæ фæххæсдзæнæй? Рабадæ!
Е дæр рабадтæй ‘ма ‘й еу-дууæ ампъези рауагъта, уæдта ‘й æ уæргутæй фелхъивта, ‘ма æ гъæлæсæй æ уæцъæфи лæхæ искалдæй. – Ци ‘й а, ци мæрддзаг æй? Дæу туххæн мæ бæх атæ ‘й?
– Æма дин æз нæ загътон, дæ бæх, дууæ ка фæххæсса, уæхæн нæ ‘й.
– Гæр, куд нæ фæххæсдзæнæй, раздæр рабадай-ра!
Рабадтæй раздæр ‘ма бабæй æй еу мæнги рауагъта, уæдта ‘й æ уæргутæй нæуæгæй фелхъивта, ‘ма бæх æ уæргутæ æ буни рацавта разæй.
Рахизтæй Батраз ‘ма ‘й фестæгæй ниххудта. Ра имæ уадæнцæ ‘ма ибæл Æхсæртæгкатæ ниццийнæ ‘нцæ, Деденæгæн ци фурт ес, зæгъгæ. Сослан зæгъуй: «А, Хуцауи ку фæндæуа, уæд нин нур ба нæбал райервæздзæнæй – Сослан ба Агунди курдта – ‘ма, мæхе бон ку нецибал уа, уæд а ести фæрæзнæ кæндзæнæй».
Рабадун æй кодтонцæ ‘ма:
– Сау ниуæзтæ кæнун нæ бæззуй, фал гъазун дæр гъæуй! – зæгъгæ.
Æма Сайнæг финги кæрæнттæбæл дæлæмæ кафгæ рацудæй, уæлæмæ дæр исæздахтæй ‘ма æ бадæни æрбадтæй æнæ еу къæбæр фæззулун кæнгæ. Ерæхцау дæр рагæпп кодта ‘ма уомæй æндагъддæр æрзелæн кодта, ‘ма æ бадæни æрбадтæй.
Хуæрунцæ, ниуазунцæ, уæдта бабæй еци Сайнæг рагæпп кодта ‘ма се ‘гасемæн дæр сæ болат хъæматæ фелваста, ‘ма сæ зæнхи рацавта, ‘ма сæбæл кафгæ æрцудæй, ‘ма æ бунати æрбадтæй.
Ерæхцау дæр бабæй рагæпп кодта ‘ма хъæматæн сæ фестонтæ бунмæ рацавта, ‘ма, еу хъæмай финдзæй иннемæ гæппгæнгæ, уотемæй сæбæл кафгæ æрцудæй, ‘ма æ бунати исбадтæй.
Сайнæг нæбал исфæразта ‘ма зæгъуй:
– Деденæги дзæгъæлзад фурт ба мæ æзмæлун дæр ку нæбал уадзуй! Е дæр фестадæй ‘ма рацудæй:
– Æдта хуарз! Æз кæд дзæгъæлзад дæн, уæд дин дзæгъæлзад исбæрæг кæнун кæндзæнæн!
Рабостæ кæнуй ‘ма фæццæуй.
Сайнæг дзоруй:
– Ох-хай! Хуарз адæм мæхебæл не саразтон! – зæгъгæ, ‘ма Сос- ланæн зæгъуй, – цо, ра ‘й æздахæ, нæ кизгæ дæр лæвард фæууæд, – зæгъгæ, – ма ‘й рауадзæ бостæй.
– Гъе, ма мæ фæссайæ, æздахгæ ба ‘й ракæндзæнæн, – зæгъгæ, ‘ма æ фæсте уайун байдæдта, ‘ма ‘й раййафта, ‘ма ин загъта: – Раздæхæ, æ кизгæ Агунди мин равардта ‘ма ди корун, ма мæ фенамондгун кæнæ, æма раздæхæ!
Загъта ин:
– Сайдзæнæй нæ ‘ма фæлтау ма ‘здæхæ!
– На, нæ нæ фæссайдзæнæй, ра мин æй æвардта, ‘ма ди корун, раздæхæ!
– Æздæхгæ кæнун, – зæгъгæ, – фал сайгæ ба нæ сайгæ кæндзæнæй. Раздахтæнцæ ‘ма ку исхъæрттæнцæ, уæд æмбурд рахæлеу æнцæ, ‘ма син загътонцæ:
– Сайнæг æ федари бацудæй, – зæгъгæ.
– Нæ дин загътон, нæ, ба нæ сайдзæнæй, – зæгъгæ, ин загъта Ерæхцау ‘ма ибæл æфсæдтæ кæнун байдæдтонцæ. Æфсæдтæ æримбурд кодтонцæ ‘ма ин неци амал ирдтонцæ.
Ерæхцау уæдта загъта:
– Дзалмадзани хурфи мæ бакæнетæ ‘ма мæ хонхи сæрмæ фехсетæ ‘ма ин кæд неци амал искæнон, уæд мæ зæнхæмæ ма ‘руа-дзетæ, авд дони сæрти мæ бахæссетæ, уæдта райгас уодзæнæн, – зæгъгæ. Хонхи сæрмæ ‘й фехстонцæ ‘ма сæ сæрæн нæбал адтæнцæ. Ку исхъурмæ ‘нцæ, уæд Сайнæгмæ адтæй æртæ фати Хуцауи скурдиадæй ‘ма уонæй еу рауагъта, ‘ма искувта:
– А, Хуцау, æдта уæлæмæ еунæгæй цæуй, дæлæмæ ба дууемæй куд æриздæха!
Ерæхцау дæр æхе æнæдон санс фестун кодта ‘ма хонхи бунмæ рандæ ‘й. Фатæн дæр æнгъуд адтæй ‘ма, е ‘нгъуд ку æрхъæрттæй, уæд хонхи билæбæл ницъцъæлæс æй. Е дæр уой ку базудта, уæд бабæй исистадæй ‘ма сæбæл нæуæгæй тохун райдæдта, ‘ма сæ исхъурмæ кодта. Сайнæг дæр бабæй дуккаг фат рауагъта ‘ма никкувта: – А, Хуцау, æдта фæстæмæ æнæ уой куд нæбал æрæздæха, – зæгъгæ, ра ‘й уагъта ‘ма ин фулдæр æнгъуд искодта.
Е дæр, фат ибæл ку рауагъта, уæд æхе борæмæз фестун кодта ‘ма æхе хонхи рауагъта. Хезун бабæй æй байдæдта ‘ма, е цæй бæрцæ, е ба дууæ уой бæрци фæллæудтæй, ‘ма бабæй фат хонхбæл басастæй. Е дæр исистадæй ‘ма бабæй сæбæл нæуæгæй тохун байдæдта. Ку исхъурмæ бабæй æй, æ сæрæн ку нæбал адтæй, уæд Сайнæг æ кизгæмæ дзоруй:
– Нæ дæ ниууадздзæнæнцæ нур Æхсæртæгкатæ.
И кизгæ дæр ин загъта:
– Кадæй мæ нæ равардтай, нур ба мæ æгадæй дæттунмæ гъавис, – зæгъгæ.
– Мадта ма син нур ци кæнæн? – фæрсуй Сайнæг и кизги.
Е дæр ин фæстаг фат рауадзун кодта.
Сайнæг никкувта:
– А, Хуцау! Æдта ин, фатæн, æнгъуд дæр нæ кæнун ‘ма, кæд еци лæгæн адзал ес, уæд æй æнæ уой рамаргæ мабал æруадзæ, – зæгъгæ, ‘ма фат уотемæй рауагъта.
Е дæр, цалинмæ фат цудæй, – дорти дæр фарста, къæдзæх дæр фарста, цæй бæрцæ æнгъуд ин ес, зæгъгæ, ‘ма ин неке неци загъта. Уæдта фат фæстæмæ раздахтæй ‘ма æ тæккæ сæри астæу æр-уадæй, ‘ма е скъелæй фелвæстæй. Рахаудтæй ‘ма имæ дæллæй Сос-лан æ къохтæ бадардта, ‘ма ‘й зæнхæмæ не ‘руагъта. Давун æй байдæдта ‘ма ‘й еу фондз доней сæрти ку бахаста, берæ ин ку нæбал адтæй, уæд ибæл Сирдон фембалдæй, ‘ма имæ дзоруй:
– Уæу, мæнæ дессаг! Уæртæ фæххæлæф кодтонцæ ‘ма Агунди фæххæссунцæ, ду ба мард дæ уæле ци скодтай?
Нæ имæ байгъуста Сослан ‘ма фæххæссуй мард. Сирдон æндæрхузи æхе æрбакодта ‘ма бабæй имæ дзоруй:
– Уæу, мæнæ дессаг! Уæртæ Агунди фæххæссунцæ, ду ба ма мард дæ рагъи хæссис.
Сослан дæр бæласæ æртасун кодта ‘ма ‘й бæласи æнхæли февардта, ‘ма ‘й фæстæмæ исуагъта, æхуæдæг ба уайун байдæдта, ‘ма – некæми неци, адæм дæр фæххæлеу æнцæ. Æма фæстæмæ бабæй уайун байдæдта, ‘ма е дæр уалинмæ ба рамардæй. Фæстæмæ бабæй уайун байдæдта ‘ма Сайнæги хæдзарæмæ æхе хæстæг рауагъта, ‘ма æхе ниммæлæг кодта.
Ци рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта Сайнæг загъта:
– Цотæ ‘ма, ка рамардæй, ци рамардæй, уони бабæрæг кæнтæ. Æма бæрæггæнæг рарвиста. Æма хаттæнцæ ‘ма сæ халæнттæ хуардтонцæ, ‘ма фæстæмæ баздахтæнцæ, ‘ма загътонцæ Сайнæгæн: – Халæнттæ сæ хуæрунцæ.
Уæдта сæ фæрсуй:
– Сослан ба кæми ‘й?
– Йей-йей! – загътонцæ, – Сослан уæлгоммæ лæууй ‘ма ин халæнттæ æ цæститæмæ æвналунцæ.
– Е барæй æхе уотæ искодта.
– Гæр, мах æй уингæ ку фæккодтан, уæд куд?
Нæ си æруагæс кодта ‘ма син загъта:
– Цотæ ‘ма ин мæнæ аци бурæу е скъели низзелетæ, æма, æ уæрагисæрæй ку искæса, уæдта ‘й мæнмæ фæстæмæ æрбахæссетæ. Ниййин æй зилдтонцæ е скъели, æрба имæ ‘й хастонцæ фæстæмæ ‘ма имæ исæсмуста, æма загъта:
– А марди хъанзи смаг нæ кæнуй.
Агундæ загъта:
– А, уæууæй! Æ мардæй уой асæ кæмæн тæрсис, уомæ мæхе къахæй цæмæннæ цудтæн!
Хуцау дин ма бакомæд, зæгъгæ, загъта Сайнæг ‘ма дуар фегон кодта, ‘ма рацудæй, ‘ма имæ гъузун байдæдта мæнгæйгай, халæй хали аууон. Сослан æхе нигъгъос кодта, уæдта имæ нæбал фæллæудтæй ‘ма имæ рагæпп кодта, церхъ имæ фелваста.
Е дæр æхе фæстæмæ фездахта ‘ма, нур дуар ниццæвон, зæгъгæ, уотæ ба ‘й Сослан фæстегæй церхъæй ниррæуигъта, ‘ма ‘й дууæ ‘мбеси рахаун кодта. Æ сæрти балæуирдта медæмæ ‘ма кизгæ Агундæн загъта, гъенур мæн бадæ, зæгъгæ, ‘ма ибæл æрфедар æй.
Агундæ дæр ин загъта:
– Æз дæу бадæн! Хуæздæр лæг æз нæбал агорун, фал а мардæн ести унафæ гъæуй ‘ма бал мæн ба исуадзæ.
Нæ ибæл æууæндтæй ‘ма ‘й уæлмæрдти астæу ниввардта, ‘ма Хуцаумæ никкувта:
– А, Хуцау, æдта, а мин берæ зинтæ кæд фæууинун кодта, уæддæр æй мæнæ кизги хатирæй ивæрун ‘ма ибæл хуарз уобай куд феста! Æма ибæл хуарз уобай фестадæй.
Агундæ загъта:
– А æвæрд фæцæй, фал дæу туххæй æхецæн зин ка скодта, хонхи сæрмæ дзалмадзани фехстæй ка исхизтæй, уой мард ди байронх æй ‘ма уомæ цæуæн, ‘ма уомæн ба æз ести унафæ искæнон.
Цæун имæ байдæдтонцæ; ба имæ хъæрттæнцæ ‘ма Сослан бæласæ æртасун кодта, ра ‘й иста, æма ‘й зæнхæбæл æривардта. Кизгæ æ сæргъи æристадæй ‘ма никкувта Хуцаумæ:
– А, Хуцау, еу уоди барæ мин равардтай, нур мæнæ а мæн туххæй æхе фесафта ‘ма ди, а Хуцау, уой корун, ‘ма, куд адтæй, уотæ куд феста!
Æма е дæр рабадтæй:
– Охх-охх, цæйбæрцæ фæххустæн!
Загъта Агундæ:
– Мæнæн амæй æндæмæ æнсувæр куд уай, уотæ, хъиамæтбæл дæр, уæлæбæл дæр хуæрæ æма æнсувæрæй куд цæрæн, уотæ.
Сосланæн ба загъта:
– Абони уæнгæ мæ лæгмæ цæун дæр нæ уагътай, нур ба дæ уосæ дæн.
Æма, гъе, уæд æрхудта Сослан уосæ, уæди уалæнгæ ба ин уосæ н’ адтæй. Ерæхцау ба ин къохбæлхуæцæг адтæй.
НАРТИ ДЕДЕНÆГ ÆМА Æ ФУРТ АРÆХЦАУ
Уацирæт æма Борæфæрнуги хуæрæ адтæнцæ Нарти Деденæги уоститæ. Хъал лæг адтæй Деденæг, сæнттадæ, уорс дарæс, уорс бæхгин, фал адтæй æвæстаг лæг. Нихæси астæу Уацирæти хабар æрцудæй. Ка уотæ зæгъуй: «Мæн фулдæр уарзуй!» Ка уотæ зæгъуй: «Мæн фулдæр!» Сирдон фæннæхстæр уй, Уацирæти уатмæ бацæуй; æ еу къах æма æ лæдзæг уати медæг ку фæккæнуй, уæд зæгъуй:
– Атæ ‘ма атæ, ести дзуапп лæхъуæнтæн рарветæ!
Æ усхъи сæрæй имæ нæ ракæсуй Уацирæт-рæсугъд.
Никки ин зæгъуй: «Æз ами дæ хæццæ еунæгæй ку дæн, еу уинæг нæ ку нæййес!»
Æ кæрдæн фелвасуй Уацирæт-рæсугъд æма ин разæгъуй:
– Рандæ уо!
– Усхъунмæ кæрци дæ æз фæххæтун кæндзæнæн, – загъта ин Сирдон.
Зар скæнуй Уацирæтбæл Сирдон Нарти фæсевæди хæццæ. Зари медæгæ ибæл сæ хъумайаги Теуредзи æримистæ ‘й.
Нихæси зарун баидайунцæ. Уой фегъосуй Деденæг. Æрги унгæгмæ æ уоси рарветуй, Теуредзи ба – сау гъæдæмæ.
Еу бон ку фæууй, уæд Теуредз фæццæуй Æрги унгæгмæ. Дзулати мæсугмæ бадзоруй Уацирæт-рæсугъдмæ. Цæрун райдайунцæ. Лæхъуæн син райгуруй. Теуредз ин лагъз скæнуй: æ сæр æнгом, æ уæле дигорон нивтæ къохæй конд. Дони ‘й багæлдзуй стур Терки.
Деденæгмæ æхсæвæ бадзурдæ ‘й:
– Дæ зæнæги хай дин дон фæлласуй!
Никки имæ бадзурдæ ‘й.
– Цирдæмæ цæуон, уомæн неци зонун.
Уæд имæ ку бадзоруй æртиккаг хатт:
– Хъизлари хиздаргутæ, уонæмæ бафтуйдзæнæй, ра син æй корæ! Фæццудæй. Ра ‘й курдта стур лæварæн æхецæн и лагъз æма ‘й схаста æ хæдзарæмæ. Игон кæнун ин ку нæ фæккомуй, уæд къæсибадæг уосæмæ бадзорунцæ. Цуппар мудадзин цирагъи ин сæвардта æ цуппар тегъемæ, байгон æй лагъз.
Гъомбæл æй лæхъуæн. Цæунгъон кæнун байдæдта. Ном ибæл нæ фæууй. «Ном мин цæмæннæ ес?» – фæрсуй Деденæги.
– Цалæнмæ Сосланбæл фембæлай, уалæнмæ дæбæл ном æвæрæн нæййес!
Цауæни фæццæуй лæхъуæн æма Сосланбæл фембæлуй.
– Хецæнæй цауæн кæнæн, æви еумæ? – ба ‘й фæрсуй лæхъуæн. Æ сæр имæ не ‘рхæссуй Сослан: «Биццеуи хæццæ цауæн кæнон!» Æма зæгъуй: «Хецæнæй!»
Æгас бонсау изæрмæ Сослан неци рамаруй, лæхъуæн ба рамаруй берæ, дууинсæдзи еу гъæуаггин. Изæри фембæлунцæ. Сослан нихъхъурмæ уй, æгас бон неци рамардта. Лæхъуæн ин дууæ хаййи бакæнуй.
– Дæ ном ци ‘й? – бафæрсуй Сослан.
– Ном мæбæл нæййес. Цалдæн Сосланбæл фембæлон, – загъта, – мæ фидæ Деденæг ном не ‘вæруй.
– Дæ ном фæууæд, – загъта Сослан, – Деденæги фурт Арæхцау. Еу бон Арæхцауи зæрди æрæфтудæй:
– Сослан мæ номæвæрæг ку æй, ба ‘й бæрæг кæнон, – загъта. Майрæнбони æрбацæуй стур донбæл Сосланмæ. Нарти хуарз уосæ Æхсийнæ имæ кæсуй æма загъта:
– Кæд донæн æ тæнгутæ агора, уæд нецæй лæг æй, кæд æ арф, уæдта уомæй тæрсун гъæуй.
Донæн æ тæккæ астæути банайуй. Багъæр кæнуй. Неке имæ ракæсуй. Нарти Æхсийнæ Нарти Мæгуйраги фунукæй фестун кæнуй æма ин æй æ хæццæ бæхбæл рарветуй:
– Сослан Хузми федари кувди ‘й, – зæгъгæ, – Келæхсæнмæ кувд ес Хузми федари.
Уордæмæ ранæхстæр унцæ.
Мæгуйраги бæх нæбал ‘йафуй Деденæги фурти бæхи. Æхе бæхбæл æй рабадун кæнуй Арæхцау. Мæгуйраг ин æ бæхи фæрстæ балхъевуй, бæх ниллæууй æма ин зæгъуй:
– Ци кæни, Деденæги фурт, лæгбæл мæ ку нæ нимадтай, нур ба мæ уæзæй дæ бæх ку бастадæй!
Ай хæццæ ку рагъазианæ, зæгъгæ ‘й, бафæндæ уй Деденæги фурти. – Цæй, æндурæй нæхе бавзарæн, – зæгъуй Арæхцау.
Мæгуйраг фат фехсуй æма Хузми федари къæсæрбæл сæмбæлуй, уордæгæй фесхъеуй æма финги кæрон фæкъкъаппил кæнуй, Сос-лани думæггæгтæ равдуста.
Æрцæунцæ Келæхсæни кувдмæ, æрхезунцæ сæ бæхтæй.
Сослан айдагъ æ енцеги кой кæнуй, хецæнæй æй сбадун кодта. Келæхсæнæн æ зæрдæ фæххудтæй.
– Ци кæни, Сослан, айдагъ дæ енцеги хæццæ дзоргæ дæр ку кæнис, хуæргæ дæр?
Уæд Сирдон дзоруй:
– Деденæгæн æ номбæл фурт æй.
– Уотемæй ма, – зæгъуй Келæхсæн, – æгæр-мæгур дæр е ‘цæг фурт ку уайдæ, уæд ибæл куд цийнæ кæнисæ?
Арæхцау æ бæхбæл рабадуй æма рандæ уй.
Келæхсæн зæгъуй:
– Еци бæхгин ма мин ка ‘рбаздаха, уомæн мæ еунæг рæсугъд кизги, Агунди, дæттун!
Сослан æ фæсте рауайуй æма ин зæгъуй:
– Æрлæууæ, мæ енцег! Мæнæн Келæхсæн дæттуй æ еунæг кизги! Арæхцау æрбаздахтæй æма ‘й фæххинстонцæ. Уой фæсте Келæхсæн идæун баидæдта, мæ кизги нæ ратдзæнæн, зæгъгæ.
Сослан Нартмæ иссудæй æма зæгъуй:
– Аци сабатæй иннæ сабатмæ мин Хузми федармæ æфсæддон лæгæй куд фæццæуайтæ!
Алкедæр æхе цæттæ кодта.
Арæхцау загъта:
– Раттетæ мин ести бугъзуртæ!
Ниддес унцæ æ мадæ æма æ фидæ.
Е син зæгъуй:
– Ма тæрсетæ! Мæнæн е Хуцауи унафæ ‘й!
Ис æй аразунцæ. Рæфти Нарти адæм æрæмбурд унцæ.
Лæхъуæн Сосланмæ дзоруй. Нæ имæ кæсуй, нæ имæ игъосуй. Е ‘нгаси фæцæй ‘ма ин загъта:
– Сувæллон ку дæ, кумæ цæуис?
– Кæстæреуæг дин кæндзæнæн, дæ бæхмæ дин уæддæр фæккæсдзæнæн! Хузми федармæ ниццудæнцæ. Уоми сæ фæрсуй Сослан:
– Ка уи цæмæн бæззуй?
Сувæллон загъта:
– Хонхи айнæгмæ мæ фехсетæ æма уоми банæлуæг уодзæнæн. Мæ уод мæ медæгæ ку ‘руа, уæдта мæ зæвæтæй хонх фехалун мæ бон æй, фæссæ цæгъддзæнæн не знæгти! Уæддæр дин фæдзæхсун: Сирдон уоми уодзæнæй ‘ма мæ Келæхсæнæн амондзæнæй. Æртæ фати имæ ес; уонæй мæ ниццæвдзæнæй. Æрхаудзæнæн æма мæбæл фæххуæцæ! Авд сауæдоней сæрти мæ бахæссæ! Ма мæ ниууадзæ, – Сосланæн фæдзæхсуй æхе. Уотæ бакæнунцæ. Æ зæрдæ е ‘муод æрцæй æма рабадтæй. Хонх ниццæвидæ ‘ма ‘й фæзгъæл рагæлдзидæ. Фæзгъæли буни адæми фæккæнидæ æма сæ исафта.
Сирдон загъта Келæхсæнæн:
– Фæ ‘й æхсæ!
Арæхцауи къели фат сæмбалдæй. Сослан æй хæссун байдæдта; æртæ сауæдоней сæрти ‘й бахаста. Уоми ба сæбæл зæронд уосæ рамбалдæй æма загъта:
– Æз цæун, Хузми федари Хæмици фурт Батраз басаста ‘ма уордæмæ хæзнатæ хæссунмæ.
Еунæг сауæдонæбæл ма ‘й гъудæй, – саугин ибæл фембалдæй. Е дæр уотæ зæгъуй.
Æрсагъæс кодта Сослан. Фæснад æй цъæх зæлдæбæл æрæвæруй æма раздæхуй.
Сирдон адтæй зæронд уосæ дæр æма саугин дæр. Ба ‘й лæдæрдтæй Сослан. Раздахтæй фæстæмæ ‘ма ‘й нæбал ‘ссирдта. Фæстæмæ е ‘фсæдтæмæ ‘ссудæй.
Ба ‘й фарстонцæ, Арæхцау ци фæцæй, зæгъгæ. Ра син æй дзурд- та. Фæххæлеу æнцæ æфсæдтæ. Сослан загъта:
– Атемæй ма ци ‘фсонæй фæццæуон нæхемæ, мæ гъуддаг æнæ сæнхæст гæнгæй?
Донхæссæни æхе марди арæзт никкодта. Дондзаутæ цудæнцæ, дес ибæл кодтонцæ:
– Еци æфсæдтæй уæхæн лæги мард байзадæй, æ кондæн конд нæййес, æ асæн асæ нæййес!
Келæхсæн загъта:
– Е Сослан æй. Фудбон ибæл ку никкæнидæ! Бурæу фæххæссетæ ‘ма ин е скъели низзелетæ, ‘ма ин æ хъанзæй æрбахæссетæ!
Агундæ ин загъта:
– Дæуæн ку нæ райгурдайнæ!
Нæрæмон Сослан нæ фæллæудтæй. Ку рацудæй Келæхсæн, уæд æй басурдта. Дуарбæл æ сæр куд фæггубур кодта, уотæ ‘й æрцавта ‘ма ин æ сæри фахс ракъуæрдта. Æ сæрæн æрхийæй фахс скæнун кодта Келæхсæн. Донгæнтти цудæй ‘ма æ сæри фахс ку стæвдæ уидæ, уæд ибæл дон æркалидæ.
Сирдон загъта:
– Сослан, будурмæ ‘й расайæ ‘ма ибæл тохæ!
Еу бон æй расайдта Сослан будурмæ ‘ма ‘й рамардта изæрæрдæмæ. Сослан бацудæй Келæхсæни федармæ, мæ уоси рахæссон, зæгъгæ. – Дæу дæн, – загъта кизгæ, – ма тæрсæ!
Кæрдæн æрбайста ‘ма ‘й æ зæрди бæрæгастæу ниццавта, уоми æхе рамардта.
Сослан ниггузавæ ‘й, æ къохтæ æ дусти бакодта æма æ хæдзарæмæ æрфардæг æй.
Цæрун байдæдта Сослан.
НАРТИ ОРÆЗМÆГ ÆМА КЪАНТДЗИ ФУРТ МИНКЪИ СÆУУАЙ
Нарт цауæни исрæвдзæ кодтонцæ æма хæтунмæ рандæ ‘нцæ. Орæзмæги ниууагътонцæ, зæронд æй, зæгъгæ.
Нарти зæронд Орæзмæг сæумæ фестадæй æма кæсуй:
– Арæбий, адæм кæми ‘нцæ? Нарти фертæсгутæй ами ку некебал ес!
Æ дууæ хъал урси сæумæ донмæ раласуй. Дууæ хъал урси дон исæзмæнтунцæ сæумæрагиау.
Æнæдзоргæ киндзитæ кæрæдземæ дзорунцæ сæумæрагиау:
– Зæронд хæрæгбæл Нарт нæбал æнвæрсунцæ æма куд æй? Е дæр син се ‘нæдзоргæ киндзитæн дон хæссун нæбал уадзуй!
Сæумон дзурд уадæбæл бадуй, æ гъоси æрцæуй. Æ сæр æргубур уй. Æ хъал урситæ раласуй фæстæмæ:
– Йа, уæууæй, æнæдзоргæ киндзитæ дæр ма мин мæ зæронд мæ цæстæмæ бадардтонцæ!
Бацудæй. Хъал урситæ бакодта. Уонтæбæрзонд æма сæргубурæй хæдзарæмæ бацудæй. Сугъзæрийнæ сиребæл æхе æргæлдзуй æ фурмæстæй, æ буни сау фунук фестуй.
Сатана-æфсийнæ имæ дзоруй:
– Ци кæнис, нæ зæронд? Ка дæ бафхуардта? Мæ болат кæрдæн ин æ реуи ку бацæвдзæнæн!
Фæййибæл зуст кæнуй:
– Мæн æфхуæрд дæуæн есгæ нæ ‘й, фал мин сæумæмæ, хъæрæу фæд куд æвзарон, уæхæн мет рауарун кæнæ!
Бæрсткувд æма бæстæлгъистæ уосæ сарсийнæ æрбаскъæфуй, æртæ армидзагемæй æртæ цæхгун губори ракæнуй, уæларвмæ ковæн асийнæбæл исхезуй, тæбæгъи сæ февæруй æма никковуй:
– Хуцаути мæхе Хуцау! Дæхецæй мин лæвард ка ‘й, уобæл мин ма ‘рфæсмон кæнæ æма мин мæ кувд райсæ: исони бони мет куд рауара, нæ зæронд æмбойни цауæни хъæрæу фæд куд æртаса!
Æхсæвæ æрбадунгитæ кæнуй; бæхи уæрагисæри уæнгæ мет рауаруй. Сæумæ, æхсæвæ ‘ма бон кæрæдземæй куд хецæн кæнунцæ, уотæ Орæзмæг æ устур сау æрфæнбæл саргъ февæруй æма цæун байдайуй. Гъæуæй куддæр фæццох уй, уотæ нæуæгзад байраги фæд райеруй. Уайуй, уайуй æ фæдбæл: «Æвæдзи, берæгътæ ба-хуардтонцæ еци байраги æма ин æ зæнги наргутæй бæрци цъухтæ искæндзæнæн!»
Сорун æй байдайуй. Ба ‘й æййафуй. Уасæнги асæ æ бæх, саргъикъохти астæу цæхгæрмæ хуссуй биццеу, нимæтæй æмбарзт. И байраг æ цудæй цæуй. Орæзмæги зæронд æй ку баййафуй, ни ‘й цæфтæ кæнуй устур æрфæнæй. Байраг ин æ цуд дæр нæ нийхалуй, и хуссæг ин не ‘ригъал уй; фæстæмæ устур æрфæн фесхъеуй æма е скъелти уæнгæ зæнхи рафедар уй. Æхе истонуй тухæй бæх, ни ‘й цæфтæ кæнуй:
– Куйтæ дæ бахуæруйнаг, уасæнги асæ бæх ку æй, уой куд нæ бафæразтай!
Истъæпп бабæй æй кæнуй. Биццеу райгъал уй æма имæ дзоруй: – Ци кæнис, хуарз зæронд лæг, Хуцауи надбæл цæун мæ цæмæннæ уадзис?
– Гъæ, уæййаг! Дæ уæлдай дзорæ мæ гъоси ма цæуæд, æрбахезæ мæ фæсабæрцæмæ! Æмбойни цауæни рацæугæй, дæу хузæн хæлаф-хæдойнаг Сатана-æфсийнæн ку некæд иссердтон!
Ку нæбал æй уадзуй, уæд и биццеу равналуй æ фæсабæрцæ æ бæхарцæмæ ‘ма ин æй бæхи æлвасæнтæй бæхи астæу бакæнуй, æма сæ æ усхъи исесуй æсхъæрау. Æ бæх æ цуд дæр нæ уадзуй. Бæхæй дæр, лæгæй дæр сæ гæбæзтæ æнцагъд кæнунцæ.
Зæронд Орæзмæг имæ дзоруй:
– Цидæр изæд дæ, цидæр идауæг дæ, ду ке зæгъай, уой кæндзæнæн, зæнхæмæ нæ ку æруадзай, уæд.
– Мадта изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр нæ дæн, фал ду, фонси фудæй ка мæлуй, уæхæн зæронд лæг дæ æма исон мæнæ аци туппурмæ хъæбæр раги куд рацæуай, æз ба дин фонс фæккæнон: Кæнти Сæр Хуйæндонæ – денгизиуордæг, уомæ ма хонунцæ æнихалд бæхæргъау æма, гъе, уони тæрунмæ цæун, æма рагъæн рæуæг, хъæстæн дзæбæх хуаллаг дæр дæ хæццæ куд рахæссай, уотæ.
Фæстæмæ æрбаздæхуй Орæзмæг æ хæдзарæмæ; æ фурмæстæй æ бæхи саргъ дæр нæбал исесуй, ба ‘й æскъæруй æ бæхдонæмæ. Бацæуй æ хæдзарæмæ сæргубур æма уонтæбæрзондæй.
Сатана-æфсийнæ имæ дзоруй:
– Ци кæнис, нæ лæг? Дæ зæрдæ гъари ‘й æма дæ зæрди фæдбæл ма цо, фал мин зæгъæ, ка дæ бафхуардта, æз ба ‘й де ‘фхуæрдмæ бафхуæрон.
– Ниммæ уадзæ, не ‘фсийнæ, – загъта. – Ме ‘сæвди надбæл исбуцæу дæн. Кæд мæ фæййервæзун кæнай, уæд хуарз, кенæ ба дин лæг нæбал е.
– Гъæйдт, нæ лæг, тæрсгæ ма кæнæ! Æз дин æгас ку уон, уæд дæу фæййервæзун кæнун мæнæн æнцон æй.
– Нæ зонун, нæ зонун, ду ма мæн фæййервæзун кæнай! Уæхæн лæгбæл исбуцæу дæн æма саргъикъохæй уæлæмæ нæ зиндтæй; ме стур æрфæн имæ ниццæфтæ кодтон уасæнги асæ бæхмæ æма ме стур æрфæни цудæн æ саудзуд дæр нæ нийхалдта.
– Мæ барæ ‘й уадзæ уой, нæ лæг! Æз уæхæнттæ мети буни берæ ниммардтон!
Æ дустæ бамедæгмæ кæнуй, сарсийнæ раскъæфуй æма Хуцау-мæ никковуй:
– Йа, хуцаути мæхе Хуцау! Æмбесæхсæвæмæ авд агарци куд ниууара, æмбесæхсæвæй бонмæ уазал уотæ куд уа æма цæгæрсæр медхуссæнмæ тъæппитæ куд кæна!
Февналуй уарунмæ. Уотæ ниууаруй æма, авд агарци хæдзарæ кæмæн адтæй, уомæн мети буни фæцæй. Æмбесæхсæвæй бонмæ ба ибæл уазал уæхæн никкодта æма медхуссæнмæ цæгæрсæр тъæппитæ кодта.
Сæумæ ‘й фегъал кæнуй:
– Систæ, нæ лæг, тонау хæссунмæ! Айфонмæ мети буни ниссалдæй. Е дæр рагæпп кæнуй. Биццеуи баййафуй уодæгасæй…
Уайун байдайунцæ Орæзмæг æма минкъий биццеу. Сау денгиз æма Уорс денгиз кæми еу кæнунцæ, уордæмæ бахæццæ унцæ. Сау денгизи сау риндзæбæл æрбадун кæнуй Орæзмæги; сæгти æрдонг ибæл æрискъæруй æма сæ æнæ еу фæццох рамаруй. Дууадæс лæгей тавга ин сирдтонвидæй байдзаг кæнуй. Сагдзæрттæй ин тар уосонгæ ракæнуй. Сæгутдзæрттæй ин фæлмæн листæн ракæнуй, æхуæдæгка ин ниффæдзæхсуй:
– Абони майрæнбон, – иннæ майрæнбони кæсæ денгизмæ. Мæнæ мин кæсис мæ бæрзæндæмæ, мæ уæрхцæмæ дæр, мард ку фæууон, уæд аци сау денгиз мæ тогæй сурх исуодзæнæй, гъема уæд дæ хæдзарæ агорæ! На æма уорс тæнхъа ласуй, уæдта уой зонæ – мæ цанси ести бафтудæй.
«Хуæрзбон» ин зæгъуй æма денгизи рандæ уй. Сауæнгæ денгизи буни рафардæг уй, Донбеттиртæмæ ниххæццæ уй.
Донбеттиртæ ибæл ниццийнæ унцæ:
– Æгас цо, нæ хуæрифурт! Цирдиги, ка некæд цæуагæ?
– Æз æрцудтæн Кæнти Сæр Хуйæндонæмæ, уой æнихалд бæхæргъау тæрунмæ.
– Гъей, – зæгъгæ, ибæл нихходунцæ. – Уомæн тæрæн нæййе, дæ фидæ дæр уобæл мард ку фæцæй, дæуæн ба ма де ‘хсир де ‘донгонтæй ку цæуй.
– Æнæ цæун мин нæййес! Над мин байамонетæ!
– Кæд æнгъезуй, уæд дæуæн цæугæ нæ ‘й, фал, кæд æнæ цæугæ нæййес, уæдта дæбæл косун гъæуй. Уонæмæ уотæ цæугæ нæ `й, æфсæн урс сæ гъæуайгæс æй, уæдта æфсæнцъух берæгъ, уæдта æфсæнцъух сау сунт. Берæгъæн адзал нæййес, æ тæрнихи æртæ уорс æрдой, уони ку нæ ракъуæрай, уæд. Сау сунтæн адзал нæййес, æ дордони буни уорс пакъу, уой ин ку нæ рахаун кæнай, уæд. Дæ байраг зæбæтæй урси ку нæ ниллæуун кæна, уæд сæмæ бацæун нæ бауадздзæнæй. Дæндагæй æй ку нæ ниллæуун кæна, уæддæр сæмæ нæ бауадздзæнæй бацæун. Æма дин дæ бæх равзарæн: мæнæ нæмæ æртæ дугъосуги æнæдон санс фицуй æма кæд дæ бæх уонæй ислæсун бафæраза, уæд дин цæугæ ‘й, кенæ ба нæ. Æнæдон санси ин æ байраг рауадзунцæ, æма кæсалгау иннердиги фелвæсуй. Æзмесæмæ ‘й рауадзунцæ æма æхе февдолуй, æма ибæл æзмесæ ниххуæцуй. Уæдта бабæй æй нæуæгæй æнæдон санси рауадзунцæ, æма иннердиги кæсалгау фелвæсуй. Цæхуарæмæ ‘й баласунцæ æма цæхуари æхе февдолуй, бæхи асæ исуй. Бæзгиндæр санси ‘й рауадзунцæ. Кæсалгау иннердиги фелвæсуй. Тугулдормæ ‘й рауадзунцæ. Уоми æхе февдолуй æма теуай асæ исуй.
Нур ба имæ дзорунцæ:
– Дæ бæхæй бæргæ исрæвдзæ дæ, фал ма дин дæхе ку бавзарианæ. Хорискæсæни дин содзийнæ æрсадздзинан æма, кæд содзийни бун фергъæвай, уæд дæ рауадздзинан, кенæ ба нæ.
Хорискæсæни содзийни бун æривæрунцæ, æма æ сагъæдахъи фат содзийни буни рацæвун кæнуй.
– Иссæудзæнæ гъенур бæхæргъауи размæ æма дæхецæн къагъд искæнæ. Дæ бæхи саргъ исесдзæнæ æма ‘й дæхемæ ниййесдзæнæ. Дæ бæх уæгъдæ рауадздзæнæ. Уайтагъддæр æй æфсæн урс базондзæнæй, æр имæ хæццæ уодзæнæй, зæбæтæй тохун байдайдзæнæнцæ. Зæбæтæй ку бауæгæ уонцæ, – дæндагæй бавналдзæнæнцæ. Е ин цалдæн æ тугулдор хуæра, уæдмæ ин дæ байраг е ‘фсæйнаг фæууодзæнæй. Е ин æ цæхуарæ хуæрд ку фæууа, уæд ин дæ байраг ба æ зæрди ауиндзæнтæбæл æрхуæцдзæнæй. Æр æй хъан кæндзæнæй æма имæ цурд бадæ æма ибæл саргъ æвæрæ. Саргъ ибæл ку исæвæрай, уæд ибæл бадун бафæразæ. Ку ибæл рабадай, уæд дæ æртæ хатти уæларв фæккæндзæнæй, æртæ хатти ба дæларв. Дзурд ди агордзæнæй. Дзурд ин раттæ, куд си дæхе нæ рацох кæндзæнæ, æма дин бæхтæ еу бæхи хузæн тæрдзæнæй.
Иссæуй. Уоми æхецæн къагъд искæнуй. Бæх уæхæн гъæр никкæнуй æма дуйнетæ низмæлунцæ. Байраг ин æ хезун дæр нæ ниу-уадзуй. Сæумæ хорискастæй хорæфтудмæ зæбæтæй фæттохунцæ. Фæстагæрдæмæ и байраг еу цæфæн дууæ цæфи кæнун байдæдта. Бони рохсмæ кæрæдзей хуæрун райдайунцæ. Бони рохсмæ ин байраг е ‘фсæйнаг хуæрд фæууй, е бабæй ин æ тугул дор хуæрд фæууй. Урс ин е ‘змесæмæ бавналуй, е бабæй ин æ цармæ бавналуй. Урс ин е ‘змесæ хуæрд ку фæцæй, уæд ин и байраг ба æ зæрди ауиндзæнтæбæл æрхуæцуй. Æр æй хъан кæнуй æма и биццеу цурд бадуй, æма ибæл саргъ февæруй. Ра ибæл бадуй; æртæ хатти ‘й уæларв фæккæнуй, æртæ хатти – дæларв.
Бæх имæ дзоруй:
– Дæхе ми ма рацох кæнæ, æз дин еци бæхæргъау еу бæхи хузæн фæттæрдзæнæн; уобæл дин нæртон уасхæ дæттун.
– Дзурд дæттун, куд мæхе бæхæн ци ‘гъдау уодзæнæй, еци ‘гъдауæй куд нæ рацох уодзæнæ мæхецæй.
Рауадзуй и бæхи æма бæхæргъау еу бæхи хузæн æмбурд кæнун байдайуй. Уалинмæ æфсæнцъух берæгъ ратæхуй. Къагъдæй имæ нигъгъавуй æма ин е ‘ртæ уорс æрдой рахаун кæнуй, зæрди ауиндзæнтæ бахæссуй фат, гуппгæнгæ рахауй. Æ рахес гъос ин æривгæрдуй æма ин æй æ сиудони ниввæруй.
Уалинмæ сау сунт ратæхуй. Æ дунгæй бæлæстæ мортæ кæнунцæ, гъæр кæнуй , – цъеу тæхун ку нæ уадзæн, уæд ардæмæ ке мадæ, ке фидæ æрбандиудта?
Зиннун имæ ку байдайуй, уæд имæ нигъгъавуй æма ин æ дордони буни уорс пакъу рахаун кæнуй. Гуппгæнгæ рахауй. Æ сæр ин æрлух кæнуй æма ‘й æ хурдзини ниввæруй.
Бæхæргъаубæл рагъæр кæнунцæ бæх æма и биццеу.
Сагъæс кæнуй и биццеу:
– Ани æнæ фæдес фæттæрæ, уæд цъинати кунæг миститæ мæнæутæ нæ бахуæрунцæ, уой хузæн!
Гъæурæбунти урдугмæ рацæуй. Уæлмæрдти рæбунти æрбацæуй гъæумæ. Æхсæз циртей астæу зæронд уосæ бадуй. Æ думæггæгтæбæл цъæх зæлдæ рауадæй. Æ размæ сойнифунхти фингæ идзагæй.
Дзоруй имæ и уосæ:
– Гъуйдт, дæ хуарзæнхæ! Фæдессайæги хузæн дæ, æрба мæмæ æздæхæ, еу рохсаг зæгъæ!
Ба имæ æздæхуй. И уосæ сойнифунх æрбайсуй æма ибæл æ дзедзе бадоцуй:
– Авд фурти мин адтæй, æхсæз мин си еци æнамонд бæхæргъауи туххæй мард фæцæй. Нур ба ма мин си еу ес æма и уорс, и бор уæ астæу. Æртæ хатти ин ниххатир кæнæ. Кæд нæ лæдæра, уæдта æ тæрегъæд æхе. Еу æнамонд цъæх бæх нæмæ ес, уадæнуай æма ме- гъæндзо, уайтагъд дæр дæ сæргъи балæудзæнæй.
«Хуæрзбон» ин зæгъуй:
– Хуæрзбон, мæ мадæ! Кæнти Сæр Хуйæндони хæдзарæ ци рауæн æй, уой мин зæгъæ!
– Кæнти Сæр Хуйæндонæ авд хъабагъей хецау æй. Авд хъабагъи имæ æмбурд æнцæ, кувд син кæнуй.
Бацæуй æма дуарæй багъæр кæнуй:
– Гъæйдт, Кæнти Сæр Хуйæндонæ! Дæ бæхæргъау дин фæттардæуй! – Гъæйдт, æвæдзи хуæрун кæмæ цæуй, уæхæн æй. Æрбакæнетæ ‘й, мæ бæхæргъау тæргæ нæ ‘й: ме ‘фсæн урс, ме ‘фсæнцъух берæгъ, ме ‘фсæн сунт – етæ цалинмæ æгас, уалинмæ мин сæ неке фæттæрдзæнæй! Айфонмæ етæ гъæр кодтайуонцæ.
Æртикъахуг фингæ ин идзагæй радавунцæ. Цъилинæй сæрвди хузæн син æй рахуæруй, æхуæдæгка хестæрти сæргъæмæ иссæуй уæлæмæ. Кæнти Сæр Хуйæндонæ уæллаг кæронæй бадуй.
– Фæдес, Кæнти Сæр Хуйæндонæ! Мæнæ уæ хестæртæн хестаг уæ сау сунти сæр!
Кæстæртæмæ æрцæуй дæлæмæ, дзоруй сæмæ:
– Фæдес, кæстæртæ! Мæнæ уин уе ‘фсæнцъух берæгъи гъос кæстагæн!
Бæхбæл рабадуй. Уайтагъд дæр бæхæргъауи сæргъи балæууй. Бæх æма сæ лæг æнхузæнæй тæрунцæ.
Кæнти Сæр Хуйæндонæ дæр дзоруй:
– Гъуйдт, фæдес гъæуй! Е хумæтæги барæг н ‘адтæй!
Уайтагъд дæр и цъæхбæхгин æ сæргъи балæууй. Фæттæ ибæл хурæ калæгау калуй.
Дзоруй имæ минкъи биццеу:
– Ма кæнæ, и уорс, и бор н‘ астæу æй!
Сагъæдахъи фатæй æй рахсуй æма ‘й зæнхæмæ равдозуй.
Фæдес ибæл цалинмæ æрæмбурд унцæ, уалинмæ бабæй етæ бæхæргъау тæрунцæ. Фæдес цалинмæ гъæутæмæ уадæнцæ, уой къахтонцæ, уалинмæ бабæй етæ дæр раидард æнцæ.
Фæббадуй æма бабæй цъæхбæхгин æ сæргъи æрбалæууй, æма бабæй тохуй уомæй æндагъддæр.
– Нæ-нæ! Хъæбæр æстъæлфун, æнгъæл дæн, баидæдтай, фат дæр дæмæ нæбал ес!
– Гъе мадта нур ба дæ тæрегъæд дæхе фæууæд, дæ мади дзурд не синхæст кодтай!
Фат фехста æма ин æ реуи фæйнæгутæ е уонти хæццæ фæстæмæ рахаста, æма гуппгæнгæ рахаудтæй. Фæдесонтæ фæстæмæ марди хæццæ раздахтæнцæ æма ‘й гъæутæмæ схастонцæ.
Етæ дæр бæхæргъау Донбеттирти тургъи фæммедæг кодтонцæ, агъаз ин равардтонцæ æма бæхæргъаубæл рагъæр кодтонцæ.
Орæзмæг дæр сæумæ раги денгизмæ кæсуй æма уорс тæнхъа ласуй. Мæтъæлгомау зæгъуй:
– Æнгъæл дæн, мæ бæллахи лæг рацæуй!
Орæзмæг дæр æртæ цагъди искодта. Уайтагъддæр дони бунæй бæхтæ гæппитæ кæнун байдæдтонцæ, дзиндзæбарцæ, дзиндзæ- гъун, цæппозур сæфтæг, æргъеубилæ бæхтæ.
Фæууæлбилæ унцæ.
Орæзмæги зæронд дæр бæхти рази зелæнтæ кæнуй.
– Гъæйдт, мæ зæронд æмбал, дæ бон хуарз!
– Æгас цо, ме ‘нæсайд æмбал! Уæддæр ма æгас æрбацудтæ! Февналуй æма бæхтæ æртæ цагъдемæ калуй. Хецæнæй дууæ бæхи бæхбæттæнбæл бабаста. Устур бæхæргъау иуаруй и биццеу.
Орæзмæги зæронд сагъæс кæнуй:
– Æвæдзи еу хай æ хуæздæри хай уодзæнæй, иннæ ба е ‘мбалхай. Æма мæ фагæ нæ ‘й еу хай, æнæ неци бафæллойнæ гæнгæй!?
Иурст фæууй бæхтæ.
Дзоруй:
– Гъенур ба, зæронд лæг, райсæ дæ хестаг!
Зæронд лæг дæр еу хай райсуй æ хестаг.
Дзоруй имæ:
– Гъенур ба де ‘мбалхай райсæ!
– Гъæйдт, æмбалхай ба ду райсæ, кæстæр куд фæууй, уотæ, æз ку райстон хестаг!
– Дзорун мæ ма кæнæ, хуарз зæронд лæг! Мæ фидæ мин уотæ нæ фæдзахста: «Дæхецæй хестæрæй раздæр хай райсæ!»
Райсуй иннæ хай дæр. Дууæ бæхти къуар дæр еу бакæнуй æма сæ рауадзуй, æхуæдæг разæй, и бæхтæ ба и урс тæруй. Биццеу æхе бæхти къуар дæр уони фæсте ратæруй æма гъæй кæнуй, уотемæй цæунцæ. Се ‘ртæсæн надмæ æрбахæццæ унцæ.
Биццеу имæ дзоруй:
– Гъенур, зæронд лæг, райарфæ кæнæн кæрæдземæн, нæ фонси кондæй ирайгæ куд уæн, уотæ.
– Йарæбий, нæ дæ зонун.
– Æз дæн Къантдзи фурт минкъи Сæууай. Мæ фиди мин рамардта Кæнти Сæр Хуйæндонæ, æ бæхæргъау тæрунмæ ин фæццудæй. Мæ фиди тог есунмæ фæццудтæн.
– Мадта еу сувæллон нæхемæ ниууагътон æма ибæл кæд банвæрсдзæнæ, уæд дин æй бийнонтæн саккаг кæнинæ.
– Хуцау зæгъуй, æма мæ лимæн, – зæгъуй Къантдзи фурт Сæууай. – Мадта мæнæ аци бæхти къуар дæр федауæггаг фæууæд, – зæгъгæ, æ бæхти къуар ин баскъæруй.
Райарфæ кæнунцæ. Е сæхемæ идадзæ бæхи хæццæ рандæ уй. Орæзмæги зæронд саухалæнвæтæнæй Нарти гъæумæ бæхæргъау истардта. Зæрæрдæмæ Орæзмæги фонсиконд Нарти уæд баизадæй.
Косæрттаг ка ‘рирветидæ, аци нивонд абони уæнгæ дæу туххæй фæххастон, нур ба ‘й дæхе тургъи исковæ, еци къуар дæр дæу фæууæд, зæгъгæ, е ма ин бæхтæ ралæвар кæнидæ.
Уотемæй æ уосæн загъта Орæзмæг:
– Нæ кизги ин равардтон æма нæмæ, ка ‘й зонуй, уæхæн цæуæг ку уа, уæд нæ сиахс уодзæнæй, æма ‘й хуарз фæууиндзæнæ, æз ба ма мæ хæтæнти рахæтон, балци фæццæуинæ Хъара-Ногъайтæмæ.
Еу бон гъæуккаг æнахур лæхъуæн иуазæгдонæмæ бацæуй. Æстæмæй- астмæ ‘й фæххинста. Уотемæй сиахси рæуаги гъæуи лæхъуæнтæ хæдзарæ æртæнæг кодтонцæ. Афæдзи бони Къантдзи фурт Сæууай иуазæгдонæмæ бацудæй. Кæсуй иуазæгдонæй æма согфадæнæй еу пихсил кизгæ согтæ хæссуй.
Фæндур æрбайсуй æма имæ, æнæ цъухæй дзоргæй, фæндурæй дзоруй, дзæбæх кизгæ, ку мин ракафисæ, зæгъгæ.
Согтæ давгæй, исмедæг уй хæдзари æма дзоруй:
– Нана! Иуазæгдони уæхæн дессаг иуазæг ес æма æ фæндури цагъдмæ зæрдæ нæ лæууй. Æ фæндурæй дзоруй, кизгæ, ку мин ракафисæ, зæгъгæ.
Заманай уосæ февналуй æма кизги рарæвдзæ кæнуй, ра ин фæдзæхсуй, дзæбæх ракафдзæнæ, зæгъгæ.
Фæммедæг уй иуазæгдони æма ин кафуй. Е дæр ин цæгъдуй: «Дессаг дзæбæх кафис, хуарз кизгæ, фал дæ еу къах уæззаудæр æй». Æ цæстисуг калгæ фæстæмæ исмедæг уй æ мадæмæ æма дзоруй: – Ци лæгъуз иуазæг æй, мæ еу къах мин æстурдæр хонуй!
Заманай уосæ местæлтæ фелвасуй æма местæлтæй фаги нæмуг æрхауй. Ра ‘й рæвдзæ кæнуй фæстæмæ. Æруайуй æма бабæй ин кафуй. Дзоруй имæ:
– Дессаг хуарз исрæвдзæ дæ, хуарз кизгæ, фал дæ сæри еу фарс æстурдæр ку æй!
Кæугæ, æмбохгæ иссæуй фæстæмæ:
– А ба ци ‘намонд иуазæг æй! Мæ сæри еу фарс мин æстурдæр ку хонуй!
Заманай уосæ айдæнæ æрбаивæруй æ рази æма ин æ дзиккой хæлттæ нимайунмæ февналуй, æма ин еуæрдæмæ дууæ хали фулдæр адтæнцæ, æма си еу иннердæмæ ракодта.
Фæ ‘й æрвиста æма бабæй ин кафуй.
Кæсуй æма имæ дзоруй:
– Хъæбæр хуарз исрæвдзæ дæ сæрæй дæр, къахæй дæр æма цо, æма дæ мадæн зæгъæ: «Е мæ сæри хецау æй æма мæ хонгæ кæнуй».
Æ мадæмæ исмедæг уй. Зæгъуй ин:
– Гъе, атæ зæгъуй, атæ зæгъуй, хонгæ мæ кæнуй!
Сиахси фингæ ин куд æрæрветуй, уотæ Орæзмæги зæронд тъупп гæнгæ исмедæг уй. Ра имæ гæпп кæнуй сиахс, æр æй фестæг кæнуй. Расалантæ кæнунцæ кæрæдземæн. Майрæнбонмæ ин æ бийнонтæ барæвдзæ кæнуй. Майрæнбони ин сæдæ киндзхони рабадун кæнуй. Майрæнбони Къантдзи фурт Сæууай Орæзмæги кизги ниффардæг кодта.
Къантдзи фурт Сæууай муггаг иссæй Нарти Сатанай кизгæй.
Нартбæл фуд анзтæ фуд бонау искодта. Уæд гъæздуг лæг Борæфæрнуг, зæгъгæ, афæй балций адтæй. И афæййи фæсте ку ‘рцудæй Борæфæрнуг, уæд и Нарт фагустæбæл нихъхъантæ ‘нцæ.
Уæд Борæфæрнуг хæдзарæмæ бацудæй, нæ адæм басор æнцæ, зæгъгæ, æма еу комæй галæргъау æртæрун кодта. Иннæ коммæ рарвиста ‘ма къамбецæргъау æртæрун кодта. А æртиккаг коммæ рарвиста æма листфонс æртæрун кодта.
Ку рамбурд æнцæ, уæд Сирдон загъта Нарти фæсевæдæн:
– Мах æрдунтæй гъазианæ.
Нарти фæсевæд рацудæнцæ гъазунмæ æма сæбæл уæд уæллæй æрцудæй еу биццеу, æма имæ февардтонцæ еу æхст. Фехста и биццеу. Æ фат нæ бахаудтæй æма ибæл ниххудтæнцæ Нарти фæсевæд.
Е дæр син уæд загъта:
– Æз уæхæн нисан нæ фехсун, фал уæ фæттæ нисанæн нисса-дзетæ идарддæр æдтæгфæсте.
Ниссæ фаста æ фатæй.
– Нур ба уæ ходтæ æрсадзетæ!
Æрсагътонцæ æма син сæ никъкъуæхтæ кодта. Уæдта бацудæй хæдзарæмæ еу биццеу æма загъта:
– Æхсæртæгкатæй нин еу биццеу нæ фæттæ ‘ма нæ ходтæ никъкъуæхтæ кодта.
Æма ин Сирдон загъта:
– Æрба ‘й хонетæ!
Фал и биццеуи æ бунатæй сæзмæлун дæр нæ бафæразтонцæ.
– Цотæ æма ин зæгъетæ: «Ронгагор æрцудтæ æма рацо ронг ниуазунмæ!»
Æма æрбацудæй уæд хæдзарæмæ, æма ин Сирдон загъта:
– Æхсæртæгкатæ, хонгæ уæ киндæ уа, æма цæугæ нæ кæнтæ; ма уæ хундæ уа, æма уæд уæ сæрæй дуæрттæ кæнтæ.
Æма уæд еци биццеу рацæфтæ кодта Нарти биццеути, æма кæмæн æ цонги гъолæ фелвæстæй, кæмæн ба еугур дæр расастæй.
Уæд имæ Борæфæрнуг уæллæй æрдзурдта:
– Кæд уотæ æрдунгин æма фатгин дæ, уæдта уæртæ денгизи билæбæл мæ авд лæхъуæни бадунцæ, айкæ нисанæн дарунцæ æма уони хæццæ бавзарæ дæхе!
– А, Хуцау, мæн дæр уæхæн лæг искæнæ, æма, Борæфæрнуги авд лæхъуæни, инайбаст искæнгæй, сæ хæдзарæмæ ци скæнон, уæдта Борæфæрнугæн, æ сæр æркæнгæй, бæхъæбæл æй æрцæвгæй, уомæн уадæ æ рехæ æма æ сæригъун бæндзуггай куд хæсса, уæхæн лæг дæр мæ Хуцау разиннун кæнæд!
Фæццудæй æма авд лæхъуæнемæн райарфæ кодта, уæдта загъта: – Æз сумахмæ æрцудтæн, фегъустон, айкæ нисанæн ке даретæ денгизæн æ еу билæй иннæ билæмæ.
Уæд имæ, сæ еу к’ адтæй, – еу фат февардта. Фехста æма фат донæн æ тæккæ астæу ниххаудтæй, æма ибæл ниххудтæнцæ.
– Æз уотемæй нисан нæ фехсун, фал уартæ айки сæрбæл содзийнæ ниссадзетæ æма ‘й, лæг ка ‘й, е æхсæд æ сагъæдахъæй!
Ниссагътонцæ содзийнæ æма бабæй еуемæй еу æхст ракурдта. Фæ ‘й æхста æма ‘й фатбуни æрбахаста. Уæдта син райарфæ кодта ‘ма загъта:
– Мæн Хуцау уæхæн лæг разиннун кæнæд æма уæ æз, инайбаст искæнгæй, уæ уостити цормæ бæгънæгæй куд искæнон!
Уæдта рацудæй æ мадæмæ æма ин загъта:
– Уæллаг синхи биццеутæ галмуги цæкутæй цæрунцæ, мæнæн ба цæку некæд искодтай.
– Æз ба дин цæку куд нæ ракæндзæнæн!
Биццеу ба «цæку-цæку» кодта. Ра ин кодта цæкутæ æма ин сæ къоси ракодта. Уæд ин биццеу загъта:
– А, уæууæй, е, мæ мадæ! Æнгъæлдæн мæ гъæдин къохæй исхастай?!
Уæд ин сæ æ къохи ракодта æма имæ сæ бадардта. И биццеу ин цæкути хæццæ æ къох нилхъивта.
– Мæн æнæ нилхъевун дин хуасæ нæййес, æви ци?
– Æдта мин мæ фиди ка рамардта, уой зæгъæ, æнагæ.
Е ба ин загъта:
– Дæ фиди дин ка рамардта, уой, дæлæ сæумæ ниццо дони-гъосмæ æма фиццагидæр ка рацæуа, еци уоси къустелæ фатæй ниццæвæ æма дин æй зæгъдзæнæй.
Сæумæ рагиау донигъосмæ ниццудæй æма еу уосæ рацудæй, æма ин æ къустелæ ниццафта фатæй, æма и уосæбæл къустели дон никкалдæй. – Кæд уотæ æрдунгин дæ, уæд дин Сау Сайнæги фурт Сау Албæг дæ фиди ку рамардта!..
Уæд имæ фездахтæй æма ин æ къустелæ ранихаста, æма ин загъта: – Æз дæуæн дæ фæлуст куд искæнон, Сайнæги æлдарæн ба æ сæр куд ракъуæрон, уæхæн лæг мæ Хуцау искæнæд!
Иссудæй æ мадæмæ бабæй æма ин загъта:
– Мæ фидæй неци байзадæй цума?
– Дæлæ æ бæхæн ма æ гъостæ зиннунцæ гозей бунæй.
Ни ‘ймæ цудæй. Æ дууæ гъосемæй æй фелваста æма ‘й сапон- æвдулд ракодта. Ис æй хæццæ кодта æма æ мадæмæ дзоруй:
– Саргъæй, гæрзтæй ба куд адтæй мæ фидæ?
– Саргъ уæд, гæрзтæ уæд, алцидæр разиндзæнæй.
Бæхбæл саргъ февардта, гæрзтæ æрбаста, рабадтæй, ни ‘й цæфтæ кодта. Еуæрдæмæ нигъгъазта, иннердæмæ багъазта æма исдзурдта æ мадæмæ:
– Куд федаун?
– Кудзи лæхæбæл сæумон æртæх куд федауа, уотæ!
Ниццæфтæ кодта, ниггæрæхтæ кодта никкидæр и биццеу и бæхи æма бабæй дзурдта æ мадæмæ:
– Гъенур ба куд федаун?
– Мæнæ уалдзæг сугъди кæрдæгбæл хор куд бафелауй, уотæ федауис.
Цæун байдæдта æма, æ къустелæ кæмæн басаста, еци уосæмæ нихъхъæрттæй, æма ин æ фæлуст равардта, уæдта ‘й бафарста, Сайнæги фурт Сау Албæг кæми цæруй, уобæл, æма ин и уосæ загъта: – Нуртæккæ бæхтæ донмæ фæлласуй æма маймаиддæр æ уæлети ма бацо, æ бæхти дон ин ма ниллæкъун кæнæ, ра дæ мардзæнæй.
Ни ‘ймæ цудæй æма фудæнæн æ уæллæй дони нистадæй, æма ‘й лæкъун кæнун байдæдта.
Сау Албæги бæхтæ лæкъун дон ку рауидтонцæ, уæд ниххæлбиндзитæ кодтонцæ æма ин æ дууæ дæр фæййервазтæнцæ.
Уæд ибæл Сайнæги æлдар фæгъгъæр кодта:
– Гъей, Къантдз! Дæ фиди дæндæгутæбæл мæ церхъ багъзалдæй, æндæра дин дæ сæр æркъуæринæ!
Къантдз ба ин загъта:
– Хор уæмæ цирдæгæй искæсуй?
Ацирдæгæй, зæгъгæ, Сайнæги æлдар æ сæрæй райамудта.
Сайнæги æлдар æ сæр куд фæззилдта, уотæ ин æй Къантдз церхъæй ракъуæрдта æма донмæ ниххаудтæй. Æ базуг ин æрбав-гарста, æ фæсабæрцæ ‘й æрбабаста и базуги æма сæ хæдзарæмæ иссудæй. Бадзурдта æ мадæмæ:
– Нана, дæ ком исуадзæ, дæ саутæ исесæ, мæ фиди марæги рамардтон!
– Нæй, нана дин дæ рун бахуæра! Ци хъазгæси базуг æрæвгарс- тай, ци хугæси базуг æй?
Къантдз ба ин загъта:
– Мадта и сæумæ дон тог ку нæ ласа, и уадæ ба ин æ сæри- гъунтæ бæндзуггæйттæй ку нæ хæсса, уæд мæнгæ дзорун!
Баæруагæс æй и мадæй, сæумæ ку фæууидта, æ фурт ци дзурд-та, уони, уæд, æма загъта:
– Дæ фиди дин иуонггъæуаггин нæ бакиндæ ‘й. Æ базуг ин фæххæссæ фæстæмæ.
Къантдз фæххаста базуг фæстæмæ.
Ку ‘й рауидтонцæ биццеуи Бориатæ, уæд загътонцæ:
– Нæ саг фæрæтмæ æрцудæй! Маргитæ ‘й!
Къантдз æ бæхæй æргæпп кодта. Арц зæнхи ниррæхуста æма ибæл æ бæх бабаста.
Мæрдæвæрунбæл нихъхъæрттæй Къантдз. Адæм æй берæ адтæй. Зæрæндтæ загътонцæ фæсевæдæн:
– Хæлæф ма кæнтæ! Уæлæ ин æ арцæ фезмæлун кæнун бафæразетæ! Иссудæнцæ лæхъуæнтæ, фал си еу дæр арцæ фезмæлун кæнун нæ бафæразта. Фал уæддæр фæсевæд нæ байгъустонцæ хестæртæмæ ‘ма тохун исамадтонцæ, тохун. Ци гæнæн ма адтæй Къантдзæн дæр: церхъæй нæ, арцæй нæ, фал сæ, и базуг к’ адтæй, уомæй ракъуæрæ- бакъуæрæ фæккодта æма сæ еугурæй дæр ниххафта. Уой фæсте ба ниййервазтæй Борæфæрнугмæ дæр æма дæ гъæуй ма, гъæуй! Ниссæ баста инайбаст æма сæ бæгънæгæй сæ уостити размæ истардта. Сæ ес, сæ бес дæр син исхаста.
Фæссæбæл гириз кодта, уæдта сæ рамардта. Рамардта Борæ- фæрнугæн æхе дæр.
КЪАНТДЗИ ФУРТ СÆУУАЙЙИ БÆХ ГЕМУДÆ НАРТИ ДОГЪИ ÆРФИЦЦАГ ÆЙ
Æстур догъ адтæй Нарти æма и догъи фиццагæн авд уацайраги адтæй, фæстагæн дæр æртæ, æма æрæмбурд æнцæ Нарт се ‘рфæнти хæццæ.
Сæууаййи бæх минкъий аласа адтæй, уасæнги асæ, æма ‘й сæ еу дæр искъуæридæ, иннæ дæр, а ци ‘й, зæгъгæ.
Ни ‘й ласта Сæууай Едилмæ æма ‘й уоми, дууæ суги еумæ кæми кæнунцæ, уоми хъуммæ баскъардта, æма ин бæх загъта:
– Кæркуасæнти мæмæ æрцо æма мæ куд исæууæрдай!
Уотæ бакодта æма ибæл Едили хурæбæл саргъ исæвардта, æма ‘й фæгъгъазун кодта. Бæх ин загъта:
– Цалдæн мæ къахи бунæй уорс зинг хаун райдайа, уалинмæ рæвдзæ нæ уодзæнæн.
Сæумæ, æхсæвæ æма бон ку нæма фæххецæн æнцæ кæрæдземæй, уæд Æхсийнæ ракастæй æма дес кодта:
– А, хуцаути Хуцау! Къантдзити муггагæй ку некæмибал хонунцæ, уæд Едили хурæбæл е ци уодзæнæй?
Загъта ин Сæууаййæн нæуæгæй бæх:
– Нæма дæн рæвдзæ æма мæ нæуæгæй донмæ баскъæрæ.
Æма ‘й баскъардта. Нæуæгæй еци афони бабæй имæ æрцудæй æма ибæл гъазун райдæдта, æма æ къахи бунтæй уорс зинг хаун байдæдта. Бæх загъта:
– Гъенур рæвдзæ дæн æма Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй.
Догъ нæхстæр кодта æма е дæр сæ хæццæ ранæхстæр æй, æма ибæл цæмæннæ айуан кодтонцæ етæ дæр.
Аст бони кæми ниццудайуонцæ, уордигæй адтæй се ‘рбауайун. Цæунтæ райдæдтонцæ æма сæ фиццаг æ разæй искодта, уотемæй сæ синдзи фæццæун кодта æхсæвæ-бонмæ, сæ бонивайæн ба син хурæмæ ракодта æма сæ бон-сау изæрмæ бабæй уоми фæххæтун кодта. И бæхтæн сæ фæрстæ ниллæгун æнцæ, уотемæй и будурмæ раервазтæнцæ. Се ‘нгъудмæ рахъæрттæнцæ. Æртæ бони æма æртæ ‘хсæви уоми фæсалæбæл æхе рауагъта æма уолæфтæй, етæ ба ра-уадæнцæ. Æртиккаг сæумæ ку ‘рхъæрттæй, уæдта е дæр рабадтæй æма сæ сорун райдæдта æма, ке куд æййафта, уотæ син æ бæх, кæмæн бæхбадæги гъос тудта, кæмæн ба бæхи гъос. Æртæ бони раздæр исхъæрттæй. Ку исхъæрттæй, уæд басабур æй æма син загъта:
– Мæгур лæг дæн æма мин мæ хай раттетæ, æз ба мæ хæдзарæ байагорон.
Нæ имæ игъустонцæ:
– Ду бабæй кæцæй æрфиццаг адтайсæ?
– Æдта, кæд æцæг нæ ‘й, уæдта мин мæ фиццаги бæсти мæ фæстаги хай.
Еугай-дугай хъæртун райдæдтонцæ, кæмæн бæхбадæги гъос нæ, кæмæн бæхи гъос нæ, уотемæйти исхъæрттæнцæ.
Фарстонцæ сæ:
– Ци кодтайтæ?
– Магъа, ци кодтан? Гъе, атæ нæ бакодта.
Æнæгъдау кæми адтæнцæ?! Æма ин æ фиццаги æма æ фæстаги хай равардтонцæ, æма дæс уацайрагей хæццæ æ хæдзарæмæ иссудæй Къантдзи фурт Сæууай.
Устур и Нартæ исфæндæ кодтонцæ: «Фæруæ сог содзун нæбал фæразæн, нур ба исон уæлбони сконди Тæгæри Тъæпæнмæ толдзæ сог ласунмæ ка нæ фæццæуа, е хъоди фæууæд!»
Сæумæ Дæллаг синхи федеуæг Сибека, Уæллаг синхи федеуæг ба Тæразон сæбæл фæгъгъæр кодтонцæ. Нартæ ранæхстæр æнцæ Тæгæри Тъæпæнмæ. Сог æрцæттæ кодтонцæ. Æхсæвæ сæхебæл уæрдун бурæу æркодтонцæ æма сæбæл зæйти мет ниууардта. Алке æхе æнхуæрсун нæбал фæразта. Сæ согтæ ракалдтонцæ.
Нур ба нæ хæдзæрттæмæ ци мадзалæй бахъæртæн, зæгъгæ, æма Уорæзмæги дууæ уорс сиуæ сау гали сæ разæй ракодтонцæ. Æставд лæдзæг Алмуталхъ ба сæ галдæрæг адтæй.
Ранæхстæр æнцæ. Уотæ рæхги ба сæ разæй и арф метæй Сау робас фæггæпп ласта. Алмуталхъ дæр æралæуирдта æ фæсте æма и робасæн æ думæг сугъзæрийнæ метбæл райзадæй, æхуæдæг ба ниффардæг æй. Уорæзмæги галтæ дæр нæбал фæразтонцæ. Аци фурт Ацæмæзмæ ба адтæй тотуригурд сау сиуæ дууæ уорс гали æма уони сæ разæй ракодтонцæ, уотемæй исхъæрттæнцæ.
Алмуталхъ дзорæгмæ нæбал дзурдта, ходæгмæ нæбал худтæй. Æхсийнæ ин тумбул фингæ дардта, уæддæр нæ хуардта. Уæдта ра- дзубанди кодта е, цæбæл нæ хуардта, уой.
Æхсийнæ ин загъта:
– Еци робас, нæ фиддæлтæ сæ биццеуæй ардæмæ ке агурдтонцæ, е ку адтæй, нур ба бахуæрæ, уæдта ин ести мадзал кæндзинан. Æхсийнæ рарæвдзæ кодта Уорæзмæги, Хæмици æма Сослани. Цæун райдæдтонцæ етæ æма нихъхъæрттæнцæ денгизи билæмæ. Агорун æй райдæдтонцæ денгизи синдзи.
Фæ ‘й агурдтонцæ æстæмæй-астмæ æма æй нæ ирдтонцæ. Хуал-лаг дæр сæмæ нæбал адтæй. Уæддæр сæ уæластæн æртæ бони хæтун райдæдтонцæ æма сæ бæхтæ бастадæнцæ. Еу сæумæ Сослан рагигомау рауæлæ ‘й æма робас сæ уосонги цорæй фæггæпп ласта. Сорун æй райдæдтонцæ ‘ма сæ бæхтæ бастадæнцæ. Уорæзмæг æй æ æрфæнбæл сорун райдæдта æма æй Уæрппи буни баййафта, æма æй рамардта. Нартæ æхсæвæ байзадæнцæ сæ бунати æма судæй мæлæтмæ æрифтудæнцæ. Сослан æртæ ухсти байдзаг кодта робаси фидæй. Фезонгутæ исфунхтæнцæ æма Сослан дзоруй Уорæзмæг æма Хæмицмæ, бахуæретæ, зæгъгæ.
– Мах робаси фид бахуæрунмæ неци бакæндзинан!
Нæ бакумдтонцæ æма Сослан æхуæдæг хуæрун райдæдта, иннетæ дæр райдæдтонцæ:
– Уæддæр Нарти робаси фидхуар, – зæгъгæ, æма æй игъаугидæр нæбал ес.
Фал кæрæдземæн ба ниффæдзахстонцæ:
– Маке маци зæгъæд, æндæра нæ Сирдон цард нæбал ниу- уадздзæнæй.
Сæумæ ранæхстæр æнцæ æма робасдзарбæл нæ федудтонцæ. Уорæзмæг уотæ загъта:
– Мæнæн мæ бæх дæр фæхъхъиамæт кодта, мæхуæдæг ба уæ хестæр æма ин мæнмæ æмбæлуй и царæн.
Хæмиц ба уотæ загъта:
– Æз ба астæуккаг дæн ‘ма мæнбæл æмбæлуй!
Сослан бабæй загъта:
– Æз ба уин кæстæреуæг дæр ку фæккодтон æма мæнбæл æмбæлуй. Н’ адтæй – адтæй, уæддæр æй Сослан æ фæсабæрцæ ниббаста. И Нарт сæ хæдзарæмæ иссудæнцæ æма и царбæл нæ федудтонцæ. Сæ гъуддаг Нарти Устур тæрхонмæ рацудæй. Сæ тæрхон ралух æй: – Ка си хуæздæр тауæрæхъ ракæна, и робасдзар уой фæууæд! Уорæзмæг хестæр адтæй æма фиццагидæр зæгъуни барæ уой адтæй. – Зæгъæ, Уорæзмæг, дæ кезу æй, – зæгъгæ, загътонцæ Нартæ. Уорæзмæг загъта:
– Ци мингий мæбæл рацудæй, уоми мæбæл дессагдæрæн æрцудæй аци гъуддаг… Рандæ дæн еунæгæй цауæни. Фæххаттæн æма некæми неци иссердтон. Хуаллаг дæр мæмæ нæбал адтæй, уæддæр уæластæн æртæ бони хæтун байдæдтон. Уæдта мæ изæр еу хæдзарæмæ æрхастон. Авари исбадтæн æма мæ зæрдæй загътон:
– Тæходуй, арт мæ ку адтайдæ!
Арт мин фестадæй. Уæдта уотæ бакодтон:
– Тæходуй, аци арти фарсмæ мин тумбул фингæ идзагæй ку фестидæ!
Фингæ мин фестадæй æма мæхе бафсастон.
– Гъæй, гиди! Нур ма мæ аци æфсесæй уат ку уайдæ!
Уат мин фестадæй æма ниххустæн. Уæдта еу уосæ æрбацудæй æма мæ дæллæй урундухъи ниххустæй. Хуссæг мæмæ нæбал цудæй, мæхе раргъувтон æма уосæ исдзурдта:
– Гъе, не ‘фсес иуазæг, сабур!
Дуккаг хатт дæр – уотæ. Æртиккаг хатт ба æ сæргъи балæудтæн. Хуцау дин ма бакомæд, зæгъгæ, буйнагин æхсæ æ нивæрзæнæй исиста æма мæ уомæй æрсæрфта:
– Мæнæн куд хуарз, уотæ Бегендий гал фестæ!
Гал фестадтæн. Мæ уæзæг мин рафхалидæ, мæ зунд ба ма мæхемæ адтæй æма æфсой æвæрун нæбал уагътон. Уæдта мæ бæх фестун кодта. Фæммæбæл куста, цалдæн мæ рагъ рафхалдæй, уæди уалдæн, уæдта мæ куй фестун кодта.
Куййæй ин косун райдæдтон, мæ лæги зунд мæхемæ уогæй. Мæ хуарзи хабар райгъустæй. Еу кæми адтæй, уоми имæ еу фий-йаутæ æрцудæнцæ мæн корунмæ. Уонæн мæ равардта. Зæлдагин бæндæн мæ хъури, уотемæй мæ фæлластонцæ етæ. Косарт мин никкодтонцæ æма мин æй мæ рази себури æривардтонцæ.
Æз дæр еу иуонуг исистон æма æй бахсидтон, уæдта бабæй инней, уотемæй мæхе бафсастон. Æхсæвæ ба кæронмæ ниллæудтæн, мæ буни буйнаг нийтудтонцæ, уотемæй.
Уæд дин берæгъбал æрбацудæнцæ. Æз дæр сæ расурдтон æма, ке куд раййафинæ, уотæ ин æ хæкъолæ истонинæ. Уотемæй и дзогæ фæййервæзун кодтон æма мæ и фиййаутæ борæ нæл фуси хæццæ и уосонгæмæ фæстæмæ æрластонцæ.
Дуккаг хатт мæ æндæр фиййаутæ фæлластонцæ. Гъесин бæндæн мин мæ хъури бафтудтонцæ. Æз дæр мæхе фæстæмæ нийвазинæ æма мин мæ къуди ниннæмиуонцæ.
Æрхъæрттæн бунатмæ æма мин хъæсхъæр цæлæ никкодтонцæ, сæхуæдтæ ба мæ лæдзæгдзæфтæй ратардтонцæ кæронмæ. Фиййау-тæ мæн устурзæрдæй æнæ сагъæсæй исхустæнцæ. Берæгътæ дæр, æз уоми ке адтæн, уой куд нæ зудтайуонцæ æма тегътæй ниудтонцæ:
– Уорæзмæг, геруз ниууай нæ тæрегъæдæй, мах хъурбæл ка ниххуæстæй! Æма дин дæ аккаги цæлæ дæр бæргæ никкодтонцæ! Æз дæр сæмæ нинниудтон:
– Мæнæй ма тæрсетæ, рацотæ, уæ тæрегъæд уæхе!
Æстонг берæгъбал æрцудæй æма син мæхуæдæг агъазгæнæг, уотемæй ниццагъта и фусти дзогæ. Сæумæ мæ фиййаутæ ниннадтонцæ, уотемæй и уосонгæмæ æрцудтæн. Нæбал фæразтон еу рауæн бадунæй. Еу кæми адтæй, уоми ба къæсибадæг уосæмæ рафтудтæн. Къæсибадæг уосæ ба цардæй хæмпæли.
Еу бон кæми адтæй, уоми уордæмæ ниццудтæн. Бацудтæн ин æ хæдзарæмæ æма æхуæдæг уоми н’ адтæй, афæдзи хуаллагæн ба ин адтæй æртæ гудуни. Уони æрсастон æма сæ мæ буни æркодтон. Уотæ рæхги ба къæсибадæг уосæ æрбацудæй æма нирдеуагæ кодта:
– Дæ буни байзайæ, кæд куй нæ дæ, уæд дин ци зæгъон! Мæ афæдзи хуаллаг мин ку нæ бахуардтайсæ, уæд дин ести адтайдæ, нур ба дин ци кæнон!
Æз дæр фестадтæн æма къæсибадæг уосæ æ гудунтæ ку æруидта, уæд загъта:
– Цо уæхемæ æма дæхе искъулух кæнæ. Ахсæви ба уæ урундухъи буни балæсæ æма дин цидæр кæна, уордæгæй мабал ракомæ! Уоми хъес- хъес кæнæ æма æй хуссун ма ниууадзæ. Сæумæрдæмæ рафунæй уодзæнæй æма æ гъæлæсæй цалинмæ æхседæн зингитæ кала, уæдмæ ди æ фунæй ма баруагæс уæд! Уæдта, æ нивæрзæн буйнагин æхсæ æма уомæй дæхе æрсæрфæ, уæдта Хуцауи ка фæндæ уа, е уодзæнæй.
Æз дæр, къæсибадæг уосæ мин куд байамудта, уотæ мæхе искъулух кодтон æма и уоси урундухъи буни балæстæн. Æхсæв- æндæргъцæн æй хуссун нæ ниууагътон: хъес-хъес кодтон. Уосæ ку æрфæллад æй, уой ку базудтон, уæдта æрсабурдæр дæн. Бон-ивайæнтæбæл иссæй, уотæ ба и уосæ тарф фунæй æрцæй. Æз дæр буйнаг æхсæ æристон, мæхебæл æй æрхастон æма ци адтæн, уой фестадтæн. Уæдта уоси æрсæрфтон: – Мæнæн куд хуарз, уотæ егар гацца фестæ, – зæгъгæ, æма егар гацца фестадæй.
Мæ дууæ егари уомæй райгурдæнцæ. Уæдта æй æфсæ бæх фестун кодтон æма мæ устур æрфæн уомæй райгурдæй. Уони куд æцæг зæгъун æма радзурдтон, уацæгæй робаси цар мæн æй æма æй мæнæн раттетæ!..
Болат-Хæмиц загъта:
– Дууæ уоси мин адтæй. Еу бон мин сæдæ гъунемæй нимæт кодтонцæ æма мæбæл алли зари сæр хастонцæ: «Аци нимæт уæхæн нивгун нимæт уодзæнæй æма нин нæ сæри хецау Ауармæ цæудзæнæй. Ауари рæсугъд хъумæцтæй нин æ нахæтбæнстæ идзагæй хæсдзæнæй. Ауари рæсугъд кизги ба нин æртиккагæн хондзæнæй!»
Мæхе исхуссæг кодтон къелабæл æма сæмæ фегъустон, уæдта син загътон:
– Хуцау уин ма бакомæд! Мæ зæрди ка не ‘фтудæй, уой мин мæ зæрди æрæфтудтайтæ!
Ауари хъумæцтæ хæссун райдæдтон, уæдта Ауари рæсугъд кизгæ уосæн ракурдтон. Уоститæй ба не ‘руагæс кодта. На, нæ-уа, исхонуй æй, зæгъгæ, уой мин ку базудтонцæ, уæдта цæхгун æртæ къерей ракодтонцæ, туппурмæ рауадæнцæ ‘ма искувтонцæ афæй сæйгæ æма некæд рабадгæбæл, æ афæдзи бони ба æ мæлæт куд фæцайдæ, уобæл.
Ауари рæсугъд надбæл фæссæйгæ æй. Æ афæдзи бонмæ фæссадæй æма, нур мæлдзæнæн, зæгъгæ, уæдта мин загъта:
– Мæ хъиамæтæй дæбæл неци ес, фал мæ æртæ æхсæви ба-гъæуай кæнæ!
Ауари кизгæ рамардæй, гъæуай кæнун æй байдæдтон. Ме стур кæрцæ искодтон уæлæфтауæй, мæ церхъ ба уой медæги баримахс-тон. Дууæ æхсæви багъæуай кодтон, æртиккаг æхсæвæ ба Руймон æрбалæстæй уобаййи дуари цъасæй æма и мардмæ æ гъæлæс куд фæххæлеу кодта, уотæ ба æй мæ церхъæй расæрфтон. Руймон дууæ ‘мбеси рахаудтæй æма фиццаг æрдæг лæсун райдæдта, ‘ма еу фæрдуг æрхаста. И дууæ лухи еумæ бакодта, уотемæй ‘ма сæбæл æй æрсæрфта, ‘ма ниццæфстæнцæ. Æз фæллæбурдтон æма фæрдуг ба- рæмугътон, æма æй мардбæл сæрфун байдæдтон, æма мард æрабадтæй. Уæдта мæ фиййаг лæдзæгбæл еу сæри хъаболæ бакодтон æма ибæл уотемæй цагъд искодтон уобаййи хурфи.
Уæд изæрæй уоститæ сабатизæри æрцудæнцæ æма фæндури цагъд уобаййи хурфæй ку фегъустонцæ, уæдта фæстæмæ фæллигъдæнцæ. Адæм дессагмæ æрцудæнцæ æма уордигæй Ауари кизгæбæл дуккаг алай никкодтонцæ. И дууæ уосей æнæдæндти думгутæбæл ниббастон, се ‘стæги хъазала ба син басугътон.
– Уой цацæгæй зæгъун, – загъта Болат-Хæмиц, – уацæгæй æй мæ лæхъуæнæн раттетæ…
Сослан загъта:
– Æз ба мæ енцег æрвади хæццæ Фæс-Нарт-Хузæдзæгатмæ цауæни фæццудтæн.
Æстæмæй-астмæ фæххаттæн æма некæми неци иссердтон. Уæдта ма уæластæн æртæ бони æрхаттæн æма еу тæрхъос рамардтан. Нæ бунатмæ æй æрхастан, ба æй гъуд кодтан. Уæдта æз рафунæй дæн, мæ енцег æрвадæ ба ухститæ байдзаг кодта фидæй. Ис сæ бор кодта ‘ма сæ мулдзугбæрзи никъкъуæрдта.
Тæрхъос фæггæпп ласта æма ниффардæг æй. Æз дæр цæй бæрцæ хустайнæ æма æригъал дæн. Фæрсун мæ енцег æрвади, кæми æй нæ тæрхъос, маха ести бахуæрæн, зæгъгæ.
Е ба мин уотæ: «Мæнæ æй мулдзугбæрзбæл байвардтон фезонæгæй æма рагæпп ласта, æма ниффардæг æй!»
Кæми ми байруагæс адтайдæ æма рамæстгун дæн, – æстонг лæги бæстæ ку нæ гъæуй, æма æй рамардтон. Хæссон æй, зæгъгæ, куд загътон, уотæ ба мулдзуги бæрзмæ батухстæй и мард æма æр-игас æй.
– Цæмæннæ мæ бауагътай, мæрдти дин уосæн ку курдтон Барастури кизги!
– Мадта мин мæхе рамарæ, – загътон ин æз дæр.
Æ къох мæмæ нæ батастæй æма мæхуæдæг мæхе рамардтон. Мæрдтæмæ бацудтæн æма мæрдти Барастури кизги уосæн ракурдтон. Уомæй мин лæхъуæн райгурдæй. Уæдта мæ мæ енцег æрвадæ мулдзугбæрзмæ батулдта æма æригас дæн.
Уобæл Сослан æ енцег æрвади æвдесæнæн бадардта æма загъта: – Нур ба мин и сау робасдзар уомæн ходдзагæн раттетæ!
Сослан æд æвдесæн ке радзурдта, уомæй Нарти тæрхонгæнгутæ и робасдзар уомæн исаккаг кодтонцæ.
НАРТИ СОСЛАН ÆМА КÆРЗÆЛГЪИСТ УОСÆ
Нарти Сослан æрфæнбæл рабадтæй æма цауæни рацудæй. Цæй бæрцæ фæххаттайдæ, уæдта еу сагбæл фембалдæй. Саг ралигъдæй ‘ма ‘й Сослан расурдта. Хъæбæр берæ ‘й фæссурдта ‘ма ‘й не ‘ййафта, кæми фæззиннидæ, уоми ‘й бахæстæг кæнидæ, кæми фæййау-уон уидæ, уоми бабæй си райзолдæр уидæ. Уотемæй ин раййафуни амал нæ ирдта, исхъурмæ ‘й Сослан дæр, уæдта æрфæн дæр исхед кодта. – А ци дессаг æй! – зæгъгæ, дзоруй Сослан, – æрфæн дæр мин уотæ хъæбæр ку некæд исхед кодта, раййафуни амал дæр ин ку нæ ерун, ци дессаг æй æдта! – Æхецæн расоми кодта, æз, зæгъгæ, дæу ку ниууадзон.
Цæй бæрцæ ‘й фæссурдтайдæ, уæдта и саг еу лигъз будури еу кесенамæ æрхъæрттæй, ралæуирдта æ бæхæй, бæхбæттæнбæл æй бабаста, æхуæдæгка саги фæдбæл кесенамæ фæммедæг æй. Уоми ба дин еу уоси хуйгæ баййафта, фарсбæл ба саги цар æд сиутæ ауигъдæй лæудтæй.
Дæ бон хуарз, зæгъгæ, и уосæмæ дзоруй Сослан.
– Æгас цо, мæнæ куййи муггаг, мæ еунæг гъоги мин хезун цæмæннæ уадзис, дæ разæй мин æй цæмæн æрсурдтай?
Сослан нигъгъос æй, уæдта имæ дзоруй:
– Хъæбæр æстонг исдæн ‘ма дæмæ кæд ести ес, уæд мин хуæруйнаг раттæ.
– Уæртæ фингæ дæхердæмæ æрбанхуæрсæ ‘ма си хуæруйнаг дæр, ниуазуйнаг дæр ес, – хуæргæ дæр бакæнæ ‘ма ниуазгæ дæр.
Сослан фингæ æрбанхуæрста æхердæмæ, еу дзоли къæбæртæ си, еу фиди хунтæ си, арахъи ниуазæн, бæгæний къос. Æр сæмæ кастæй Сослан ‘ма загъта:
– Бахуæрон сæ ‘ма мин ку неци исагъаз уодзæнæнцæ, ма сæ хуæрон, æма судæй ку мæлун?!
Ци гæнæн адтæй, хуæрун байдæдта ‘ма куд хуæргæ цудæй дзоли къæбæртæ ‘ма фиди хунтæ, уотæ фингæ идзагдæргæнгæ цудæй, бæгæний къосæй ба ку раниуазидæ, уæдта бабæй фæстæмæ райдзаг уидæ. Дес ибæл фæккодта Сослан, æхе бафсаста хуарз, уæдта и уосæмæ дзоруй: – Æз мæхе хуарз фæууидтон, фал ма мин мæ бæхæн дæр ести хуæруйнаг ку раттисæ, уæд хуарз уайдæ.
– И куййи муггаг æхе бафсаста, нур ба ма æ бæхи сагъæс кæнун дæр байдæдта. Уæртæ кæвдæси сæри хуасæ ивæрд ‘ма си дæ урзи-дзаг æресæ, ‘ма ин, гъе, уой раттæ, уомæй фулдæр æй нæ гъæуй.
Æ урзидзаг æриста хуасæй Сослан æма ‘й æ бæхæн ниввардта кæвдæси, бæх æй хуæрун байдæдта, ‘ма ‘й куд хуæргæ цудæй, уотæ хуасæ фулдæргæнгæ цудæй. Кæвдæс æ тæккæ билтæмæ иссæй. Уотемæй Сослан æ бæхи дæр ку бафсаста, уæд фæстæмæ авармæ бацудæй. Изæр кæнун дæр байдæдта ‘ма Сослан е ‘хсæвеуат уоми кæнун унафæ искодта. Изæр талингитæ кæнун куд байдæдта, уотæ ба дин авари тугури еу дуаргондбæл еу маргъ æрбатахтæй, мед авар куддæр фæцæй, уотæ ба е дæр уосæ фестадæй. И дууæ уоси адтæнцæ хуæртæ, Сослан си фиццаг ци уоси æрбаййафта, е хаттæй æ саги цари, и хæдзари хецау дæр е адтæй, иннæ хуæрæ ба маргъи хузи хаттæй, цардæй æ хуæрæмæ.
Ку раталингæ ‘й, уæд дуар æрæхгæдтонцæ ‘ма урундухъбæл уат ракодтонцæ сæхецæн, Сосланæн ба зæнхи рауат кодтонцæ. Урундухъи и дууæ уоси æрбахустæнцæ, Сосланмæ ба дзорунцæ: «Ниххуссæ ду дæр, лæгæн силгоймæгти рази хуссун бæргæ не ‘нгъезуй, фал дин иуазæги хатир фæууæд».
Сослан дæр ниххустæй зæнхи. Сагъæстæ бацудæй Сосланмæ ‘ма нæ фунæй кодта. Дууæ уоси ку рафунæй æнцæ, уæд хур-хур кæнунцæ, æхседæн зингитæ сæ гъæлæстæй калун байдæдтонцæ ‘ма Сосланбæл ку ‘рхауиуонцæ, уæдта æ нимæти цæх-цæх иссæуидæ.
Сослан содзунæй ку фæттарстæй, уæд дууæ уосей дæр райгъал кодта ‘ма сæмæ дзоруй: «Корун уи ‘ма мæ рауагътæ, æз ба мæ хæдзарæмæ цæуон».
Уоститæ ба имæ дзорунцæ:
– Нур ма нæ ку æригъал кæнай, уæд дин ци гъæуа, уой бакæн- дзинан, – ‘ма фæстæмæ исхустæнцæ. Ку рафунæй æнцæ, уæд бабæй æхседæн зингитæ сæ гъæлæстæй калун байдæдтонцæ ‘ма бабæй Сос- ланбæл ку ‘рхауиуонцæ, уæд æ нимæти цæх-цæх иссæуидæ. Сос-лан содзунæй ку старстæй, уæд бабæй и дууæ уосей райгъал кодта ‘ма сæмæ дзоруй:
– Содзун æма уи корун, ра мæ уагътæ, æз ба цæуон мæ хæдзарæмæ.
Æхе меднимæр ба загъта æхецæн: «Хуарз рауæн нæ бафтудтæн, æнгъæлдæн аци хатт ме сæфт æрцудæй».
Уоститæ имæ рамæстгун æнцæ, – а ба нæ хуссун ку нæбал ниууадздзæнæй, зæгъгæ, ‘ма, фиццаг си ци уоси æрбаййафта, е æ нивæрзæнæй буйнагин æхсæ фелваста, ‘ма уомæй Сослани æрцафта. Сослани Хуцау рæсугъд кизгæ фестун кодта æма имæ и дууæ уоси дзорунцæ:
– Рацо, нур ба нæ астæу нæ дæлфæдти исхуссæ.
Сослан дæр рæсугъд кизги хузи дууæ уосей дæлфæдти ниллæстæй ‘ма исхустæй. Ку рафунæй æнцæ и уоститæ, уæд Сосланмæ æхседæн зингитæ нæбал хаудтæнцæ ‘ма е дæр бафунæй æй. Ку фæббон æй, уæд, ци уосæ æртахтæй, е бабæй маргъи хузи фæстæмæ фæттахтæй, иннæ уоси хæццæ ба хæдзари байзадæй Сослан. Уотемæй цæрун байдæдтонцæ.
Цæй бæрцæ сæбæл рацудайдæ, уæдта Сослан, рæсугъд кизгæ куд адтæй, уомæ гæсгæ ‘й коргутæ фæцæй. Лæгмæ ‘й равардта и уосæ ‘ма киндзи рандæ ‘й. Цæй бæрцæ ибæл рацудайдæ, уæдта Сосланæн дууæ кизги райгурдæй. Уæд Сосланæн æ зунд æхемæ адтæй ‘ма загъта æхецæн:
– Нур атемæй кæдмæ цæрдзæнæн, Нартæ мæнæй сæ суйни сæрбæл ку хуæстæнцæ, – уадзæн, зæгъгæ, Сослан загъдæуй.
Æма цæмæй фæстæмæ и уосæмæ æрифтудайдæ, уой туххæй æ лæги хæццæ хилæ ракъахтонцæ. Æ лæг ин еу дууæ тъæппи фæккодта. Сослан дæр æй æ буни фæккодта ‘ма ин æ фæрстæбæл ранцæдтитæ кодта, æ фæрскъитæй дæр басæститæ кодта, ‘ма имæ уотемæй æ бунæй дзоруй: «Корун ди, ‘ма мæ уæддæр маргæ ма ракæнæ!»
Ни ‘й уагъта Сослан. Лæг дæр загъта:
– Æз дæу хæццæ цæрунмæ неци бакæндзæнæн.
‘Ма ин æхе дæр, æ дууæ кизгей дæр рахудта фæстæмæ и уосæмæ. Ра ин гъæститæ кодта Сосланæй: «Атæ мæ бакодта, æ буни мæ искодта, мæ фæрскъитæ мин ниммортæ кодта, дæ кизги хæццæ цæрун мæ бон нæбал æй».
Кæрзæлгъист уосæмæ бабæй æрæфтудæй фæстæмæ Сослан силгоймаги хузи. Ци фуддæр миуæ ма ин бакæнон, зæгъгæ, æма бабæй Сослани нæуæгæй буйнагин æхсæй æркъуæрдта ‘ма Сослан æфсæ бæх фестадæй. Æфсæ ку фестадæй, уæд æй бæхæргъаумæ раскъард-та. Дууæ байраги низзадæй. Æ байрæгутæ дæр дзæбæх раустур æнцæ ‘ма бабæй Сослан загъта æхецæн: «Нур æз бæхæй кæдмæ цæрдзæнæн, Нартæ мæнæй сæ суйни сæрбæл ку хуæстæнцæ, нур ба син устур ходуйнагдзийнадæ ку ‘рхастон».
Цæмæй бабæй Кæрзæлгъист уосæмæ æрæфтудайдæ, уой туххæй фудагдзийнæдтæ кæнун байдæдта, бæхтæ ратæрæ-батæрæ кæнун райдæдта, кæмæн æ фарс æ зæбæтæй ниццæвидæ, кæмæн æ лæбæз истонидæ æ дæндагæй, æ байрæгутæ дæр æхе хузæн фудаг кæнун байдæдтонцæ. Бæхгæс си ку нæбал фæразта, уæд Кæрзæлгъист уосæмæ æрцудæй ‘ма ин загъта: «Дæ бæх æма дæ байрæгутæ мæ бæхæргъауæй рандæ кæнæ, мæ бæхæргъауи мин æзгули кæнунцæ, æнцад сæ нæ уадзунцæ ‘ма мæ сæ мизд дæр нæ гъæуй».
Фæццудæй Кæрзæлгъист уосæ бæхæргъаумæ ‘ма е ‘фсæ бæх æд байрæгутæ æрласта. Ци зиндæрдзийнæдти ма ‘й бафтуйун кæнон, зæгъгæ, Сослани, ‘ма бабæй Кæрзæлгъист уосæ е ‘фсæ бæхи æ буйнагин æхсæй æрцафта. Сослан куй фестадæй.
Куй къæсæргæс куд адтæй, уомæ гæсгæ хæдзарæ, тургъæ гъæуай кодта, гъæунги рацæуæг нæ уагъта. Æ кой алли кæрæнттæмæ райгъустæй; Кæрзæлгъист уосæмæ, зæгъгæ, ауæхæн хуарз куй ес ‘ма имæ æ хабармæ гæсгæ еу фиййау æрцудæй:
– Хуарз куййи хабар дæмæ фегъустон ‘ма мин æй раттæ, мæ фонс мин берæгъ цæгъдуй алли æхсæвæ дæр, ‘ма мин кæд ести фæййагъаз уа, уæдта дин æ хæццæ нæл фус æрласдзæнæн.
Кæрзæлгъист уосæ ин æй равардта и куййи, фал ин бафæдзахс-та: «А куййи дин дæтгæ кæнун, фал æй æгадæ ма скæнæ, уæдта мин æй æнæ зианæй мæ къох иссерун кæндзæнæ».
Фиййау æ куййи фæлласта æ бунатмæ, косарт ин ракодта, хуарз æй бафсаста, изæрæй ба ин фусти кæронмæ гобанæй ниууат кодта. Сослан кæд куййи хузи адтæй, уæддæр æ зунд ба æхемæ адтæй ‘ма ку раталингæ ‘й, уæд Хуцауи искурдиадæй алли сирди æвзагæй дæр зудта ‘ма берæгътæмæ берæгъи æвзагæй нинниудта:
– Берæгъ кæми дæр ес, рацотæ ардæмæ, мах ба фусти дзогæ ниццæгъдæн!
Берæгътæ ку ‘рæмбурд æнцæ, уæд син и куй загъта:
– Гъенур æз мæнæ мед æскъæт лæудзæнæн. Еугаййæй цотæ ‘ма уотемæй фусти дзогæ ниццæгъддзинан.
Берæгътæ бацийнæ кодтонцæ, Хуцау нин равардта, зæгъгæ, ‘ма еугай-дугаййæй мед æсдойнæмæ хезун байдæдтонцæ. Куй дæр сæ, ка ‘ймæ куд æрбалæуеридæ, уотæ ба ‘й равгæрдидæ, сæ мæрдтæ ба син кæрæдзебæл ниццурхта, уотемæй берæгъти еугурæй дæр фæццагъта, æхуæдæгка бонæрдæмæ фусти кæронмæ гобанбæл исхустæй. Фиййаутæ сæумæй ку ракастæнцæ ‘ма и куййи хусгæ ку фæууидтонцæ, уæд загътонцæ:
– Æнгъæлдæн а куй нецæмæн бæззуй ‘ма нин берæгътæ нæ фус-ти фæццагътонцæ.
Бакастæнцæ сдойнæмæ. Берæгъти мæрдти барз ку ‘руидтонцæ, уæд ма сæ фур цийнæй ци кодтайуонцæ, уой нæбал зудтонцæ. И куййи хуарз нæл фуси хæццæ Кæрзæлгъист уосæмæ фæлластонцæ, хъæбæр ин райарфитæ кодтонцæ, уотемæй рандæ ‘нцæ. Уоци хабар, берæгътæ ке гузавæ кодтонцæ, уæхæн иннæ фиййаутæ дæр фегъустонцæ ‘ма имæ етæ дæр куйгор æрцудæнцæ. Кæрзæлгъист уосæ бабæй уонæн дæр загъта: – Дæтгæ уин æй кæнун, фал æй æгадæ дæр ма скæнтæ, уæдта мин æй фæстæмæ дæр æнæ зианæй æрхъæртун кæндзинайтæ, нæл фус æ хæццæ, уотемæй…
Æ хъурбæл ин рæхис рафтудтонцæ ‘ма ‘й уотемæй фæлластонцæ сæ бунатмæ. Ку æризæр æй, уæдта фиййаутæ сæхуæдтæ бахуардтонцæ, и куййæн ба æстгутæ ракалдтонцæ. Æстгутæй куй ци ба-хуардтайдæ, еу минкъий сæ рахсидта, уæдта сæ ниууагъта. Изæрдалингæ кæнун ку байдæдта, уæдта фиййаутæ и куйбæл фæгъгъæр кодтонцæ, цо дæлæ фусти кæронмæ, зæгъгæ.
И куй дæр фусти кæронмæ рандæ ‘й, фал Сослан кæд куййи хузи адтæй, уæддæр æ зунд ба æхемæ адтæй æма загъта æхе меднимæр: – Сумах мæн æгадæ кæми кæнтæ, уоми уин, ци гъæуа, уой æз бакæндзæнæн, – æма фусти кæронмæ мæтъæлæй исбадтæй. Ку раталингæ ‘й æма фиййаутæ ку ниххустæнцæ, уæд берæгъи æвзагæй нинниудта, берæгъ кæми дæр ес, зæгъгæ, ардæмæ рацотæ, мах ба мæнæ дуйней фусти дзогæ ниццæгъдæн.
Берæгътæ алли къумтæй æрæмбурд æнцæ ‘ма и куй, æхуæдæг хъæбæрдæр, уотемæй и фусти дзогæ ниццагътонцæ. Сæумæй ку æрбон æй, уæд фиййаутæ ракастæнцæ ‘ма дин и куй хуссуй, – æнæ хуссæг æма фæллад дæр куд н’ адтайдæ, – и фусти дзогæ ба – цагъд. Нирдеуагæ кодтонцæ фиййаутæ, фесавдан, зæгъгæ. А куййи устурзæрдæй ма хусгæ дæр ку никкодтан, зæгъгæ. Куймæ мæстгун куд н’ адтæнцæ, фал Кæрзæлгъист уосæй тарстæнцæ ‘ма ‘й ниццæвун дæр нæ бандиудтонцæ. Кæрзæлгъист уоси æлгъистæй тарстæнцæ ‘ма сæхемæ кæд нæбал адтæй фустæ, уæддæр ин балхæдтонцæ æндæр фиййауæй нæл фус, сæ дзурд куд адтæй, уомæ гæсгæ, ‘ма ин æй фæлластонцæ и куййи хæццæ. Фал ин уæддæр гъаст кодтонцæ:
– Дæ куй нæ фесафта, уой устурзæрдтæй нин берæгътæ нæ фусти дзогæ ниццагътонцæ! – уотемæй рандæ ‘нцæ.
Куй ка ‘й, е и уосæн æхемæ цæрун байдæда ‘ма ‘йбæл ци рацудайдæ, уæдта дууæ къæбиси низзадæй. Æ къæбистæ хæссун байдæд- та, кæцæй син еу ести, кæцæй син иннæ ести, уотемæй син алли æрдигæй алли хуæруйнæгтæ давта, кæд сæ тагъддæр раустур кæнинæ, зæгъгæ. Æ дууæ кизги дæр дзæвгарæ раустур æнцæ, æ дууæ байраги дæр исбæхтæ ‘нцæ.
Уотемæй, еу бон кæми адтæй, уоми ба къæсибадæг уоси хæдзарæмæ бауадæй ‘ма син сæ арти хурфæй сæ нартихуари гудун раскъафта. Къæсибадæг уосæ æ фæсте æрхъæрттæй ‘ма æ дууæ къæбиси кæрдзини гудун куд хуардтонцæ, уотемæй сæ æрæййафта.
Дзоруй и куймæ:
– Ходуйнаг дин нæ ‘й, ду Нарти Сослан ку дæ ‘ма дæ сæрмæ цитæ хæссун байдæдтай.
Куй дæр загъта:
– Бæргæ Сослан дæн, фал дин ци кæнон, Кæрзæлгъист уоси къохи бафтудтæн æма е ‘лгъистæй атæ гъезæмæрттæ кæнун.
– Дæ тæрегъæдмæ гæсгæ дин æз еу амал бамондзæнæн, цæмæй Кæрзæлгъист уоси къохæй раервæзай, уой: изæрæй авармæ хуссунмæ ку цæуонцæ, уæд дæхе фæрразæй кæнæ, хуссæни буни фæммедæг уо, тæрдзæнæнцæ дæ æндæмæ, гъæр дæр дæбæл кæндзæнæнцæ, æлгъетгæ дæр дæ кæндзæнæнцæ, нæмгæ дæр дæ кæндзæнæнцæ, ‘ма уæддæр ма ракомæ æндæмæ, ку нæ син комай, уæд дæ ниу-уадздзæнæнцæ, сæхуæдтæ ба урундухъи ниххуссæнæнцæ, ‘ма ку рафунæй уонцæ, уæдта и уоси нивæрзæнæй буйнагин æхсæ исесдзæнæ, дæхе си æрцæвдзæнæ, уотæ дзоргæй: «А, Хуцау, куд адтæн, уотæ мæ фестун кæнæ», – уæдта син сæхе дæр, ци дæ фæндæуа, уой фестун кæндзæнæ.
Къæсибадæг уосæ куд бамудта Сосланæн, уотæ бакодта и уосæн. Изæрæй, гъоги хузи авармæ фæммедæг уон, зæгъгæ, куд гъавта и уосæ, уотæ ба и куй æхе фæрразæй кодта ‘ма хуссæни буни фæммедæг æй. Еу сахат ку рацудæй, уæдта бабæй е ‘ннæ хуæрæ дæр маргъи хузи тугури дуарбæл фæммедæг æй.
А куй ба ами цæмæн æй, зæгъгæ, ибæл дууемæй гъæртæ кæнунцæ, æлгъетунцæ ‘й, нæмгæ дæр æй фæккодтонцæ, уæддæр син ратæрун нæ бакумдта. Нинниуазтонцæ, бахуардтонцæ, уæдта ниххустæнцæ. Ку рафунæй æнцæ, уæд и куй хуссæни бунæй ралæстæй, Кæрзæлгъист уоси нивæрзæнæй буйнагин æхсæ фелваста, æхе си æрцафта, æхуæдæгка исдзурдта:
– А, Хуцау, фиццаг куд адтæн, уæхæн лæг мæ фестун кæнæ. Сослан фиццаг куд адтæй, уотæ æ лæги хузи фестадæй. Уæд бабæй нæуæгæй Хуцаумæ искувта:
– А, Хуцау, аци дууæ хуæрей дууæ силæ хæрæги фестун кæнæ, – æхуæдæгка сæ еци буйнагин æхсæй æрцафта.
И уосæ ‘ма и хуæрæ дууæ силæ хæрæги фестадæнцæ ‘ма сæ Сослан аварæй расурдта æндæмæ. Сосланæн дæр æ берæ зинти фæсте æ хæдзарæмæ æрцæун афонæ куд н’ адтæй. Æ дууæ кизги, æ дууæ байраги, æ дууæ къæбиси æ хæццæ ракодта, уотемæй æ хæдзарæмæ æрцудæй.
Нарти адæм æй рагæй нæбал фæууидтонцæ ‘ма ‘йбæл фæццийнитæ кодтонцæ. Цал бони рацудайдæ, уæдта Нарти Урузмæг, Хæмиц, Сослан, етæ хæтун унафæ искодтонцæ, цауæни рацудæнцæ.
Берæ фæххаттæнцæ, берæ бæнтти нецæбæл фембалдæнцæ, уæдта Сау робас рамардтонцæ. Æстонг дæр куд не ‘ссайуонцæ? Робаси фид некæд бахуардтонцæ, фал син гæнæн нæбал адтæй, æ фид ин бахуардтонцæ, æ цар ба син сæ астæу зæгъддзаг иссæй. Сæ еу дæр уотæ – «мæнæн æй раттетæ», иннæ дæр уотæ – «на, мæнæн æй раттетæ», – уотемæй ибæл ку нæ федудтонцæ, уæдта сæ астæу уотæ ралух кодтонцæ: «Хуæздæр æма дессагдæр тауæрæхъ ка ракæна, гъе, сау робасдзар уой куд уа, уотæ».
Хестæргай райдæдтонцæ тауæрæхътæ кæнун.
Фиццаг Урузмæг тауæрæхъ кæнун байдæдта:
– Цауæни рацудтæн, – зæгъгæ, загъта, – ‘ма берæ фæххаттæн, ‘ма нецæбæл исæмбалдтæн, уæдта еу тæрхъос рамардтон, тæрхъоси растигътон, арт ракодтон, тæрхъоси мард ухстбæл рацавтон, æма ‘й артмæ фезонæг кæнун байдæдтон. Уотæ ба мæмæ еу фиййау – биццеу дæр фæззиндтæй. Мæ фезонæг фиййау-биццеумæ февардтон, ду бал æй артмæ тавæ, æз ба еу минкъий рахуссон, зæгъгæ.
Æз рафунæй дæн, биццеу дæр фезонæг ку сфунхта, уæд мæн æригъал кæнунмæ базийнадæ кодта ‘ма бал ухст æд фезонæг еу мулдзугути гобати размæ зæнхи ниссагъта. Ухстбæл мулдзугутæ исхилдæнцæ ‘ма куддæр фезонæгбæл бамбалдæнцæ, уотæ тæрхъос райгас æй, ухстæй рагæпп кодта ‘ма фæллигъдæй.
Æз ку райгъал дæн, уæд мæ фезонæг ку нæбал рауидтон, уæд биццеуи рафарстон:
– Ци фæцæй мæ фезонæг ба?
– Дæ фезонæг ку исфунх æй, уæд дæмæ базийнадæ кодтон æр-игъал кæнунмæ ‘ма ухст мулдзуги гобати размæ зæнхи ниссагътон, æма ‘йбæл мулдзугутæ куддæр бахилдæнцæ фезонæгбæл, уотæ тæрхъос райгас æй, ухстæй ралæуирдта ‘ма фæллигъдæй.
Мæнæй нæ байруагæс æй, кæд æй æхуæдæг бахуардта, зæгъгæ, æма имæ рамæстгун дæн, мæ кард фелвастон ‘ма ‘й ниррæуигътон, ‘ма ‘й дууæ æмбеси рахаун кодтон. И биццеуи рамардтон ‘ма ‘йбæл æрæгиау ба æрфæсмон кодтон, цæмæн æй рамардтон, мæ фезонæги туххæй, зæгъгæ, уæд мæ зæрди уотæ æрбафтудæй, кæд æй рæстбæл рамардтон, уæддæр ка ‘й зонуй. Биццеуи мард и мулдзугути гобати размæ февардтон ‘ма ‘йбæл куддæр мулдзугутæ бахилдæнцæ, уотæ и биццеу дæр райгас æй ‘ма мæмæ дзоруй:
– Цæмæннæ ма мæ бауагътай, æз ба дин мæрдтæй мæрдти Барастури кизги уосæн æрбахудтайнæ.
– ‘Ма мæмæ лæгмæ комуй? -зæгъгæ ‘й бафарстон.
– Цæуй дæмæ, – зæгъгæ.
– Мадта мæ, гъа, мæнæ кардæй цæвæ ‘ма æз ба мæрдти Барас-тури кизги мæхецæн уосæн æрбахонон, – мæхуæдæгка ин бæрæг афонæ ба загътон, – гъеуæдта мæ мулдзугути гобати размæ февæрдзæнæ. Биццеу мæ кардæй ниццавта ‘ма рамардтæн, мæрдтæмæ бацудтæн ‘ма мæрдти Барастури кизги мæхецæн уосæн рахудтон; мулдзугути гобати размæ мин биццеу мæ мард февардта ‘ма мæбæл мулдзугутæ ку ‘рбахилдæнцæ, уæдта райгас дæн.
Гъе, етæ еугурæй дæр куд æцæг адтæнцæ, уой бæрæггæнæн ба уин уæртæ нæхемæ мæ уосæ, мæрдти Барастури кизгæ, мæрдтæй ке ‘рбахудтон, ейæ.
Урузмæги фæсте ба Хæмиц радзурдта æхебæл тауæрæхъ.
– Цауæни рацудтæн, – зæгъгæ, загъта Хæмиц, – ‘ма еу коми гъæди æрдози куд фæццæйцудтæн, уотæ ба ракæсæ-бакæсæ ракодтон, ‘ма æрдози еу саг куд фæхъхъан æй, уотæ ‘й рауидтон. «Ци дессаг æй? Ка ‘й рамард-та?» – зæгъгæ, ракæсæ-бакæсæ кæнун æма некæми неци фæууидтон.
Саги марди размæ бацудтæн ‘ма уоми лæуун, уотæ ба дин еу улинкъи асæ лæг фæззиндтæй: «Æгас цо, цирдигкæй, Хæмиц?»
Берæ дин Хуцау раттæд, зæгъгæ, имæ дзорун æз дæр. Февналд- та саги мардмæ, ра ‘й косарт кодта, арт ракодта, саги мард еугурæй дæр ухститæбæл рацавта ‘ма сæ арти алли фæйнæ фарсеми æрæвард-та. Дес кодтон, æгас саги мард цæмæн фезонæг кæнуй, ка ‘й бахуæрдзæнæй, зæгъгæ.
Фезонгутæ исцæттæ ‘нцæ, кæрдæгбæл сæ æрæвардта ‘ма хуæрун райдæдтан. Æз еу дууæ роси ку скæнинæ, уæд е ба æгас мæкъустæг рахуæридæ, уотемæй саги мардæй æз еу минкъий ба-хуардтон, инней ба и минкъий улинкъи асæ лæг рахуардта. Хуæрд ку фæцан, уæдта мæмæ дзоруй, цæуæн нур ба сирддзауæн ракæнæн, зæгъгæ.
Еу къулдунбæл иссудан. Сирдтæ нæ размæ бæлттæй уадæнцæ ‘ма сæ улинкъи асæ лæг æхсун байдæдта. Сæдæ сирди марди ку сæййафтонцæ, уæдта сæ е рагъи ракодта ‘ма сæ еу лигъзмæ æрхаста. Лигъзи ба сæ æртæ æмбеси кæнун байдæдта. Дес кодтон: æртæ æмбеси сæ цæмæн кæнуй, æвæдзи мин æртиккаг хаййæй æндæр нæ дæттуй ‘ма Нарти æхсæн ходуйнаг æма аллайаг кæндзæнæн, æмбали хæццæ, зæгъгæ, цауæни адтан, ‘ма мин æмбали хай дæр нæ бакодта. Айæ хумæтæги лæг нæ ‘й. Дзорун дæр имæ не ‘ндиудтон. Æртæ ‘мбеси конд ку фæцæнцæ, уæдта мæмæ дзоруй:
– Гъенур ба дин мæнæ еу хай дæ хестæри хай, иннæ хай ба дин æмбалхай!
Æртиккаг хай ба æхецæн райста, уотемæй сæдæ сирдей марди æртиккаг хай е ‘рагъи фæккодта улинкъи асæ лæг. Кастæн имæ ‘ма еу туппури фæммедæг æй.
Мæ фур десæй мин рафæрсун нæ бантæстæй, гæр куд нæ ‘й рафарстон, кæмæй адтæй, циуавæр адæми муггагæй æй, зæгъгæ. Мæ сирди мæрдтæ фæууагътон ‘ма æ фæдбæл фæууайун. Ци туппури фæммедæг æй, уордæмæ дуар бахуастон ‘ма мæмæ и улинкъи асæ лæг рауадæй.
Ци ма дæ гъæуй, зæгъгæ, мæ фæрсуй.
– Гъигæ дин ку уа, уæддæр, кæмæй дæ, циуавæр адæми муггагæй дæ, уой базонун мæ фæндуй. Уæдта мæ сумахæй æстæггадæ ку уайдæ ‘ма уæмæ кæд кизгæ ес, уæд мин æй бийнонтæн раттæ.
– Мах ан камбадатæй, елиати хуæрифурттæ ‘ма мин хуæрæ дæр ес, ‘ма ‘й кæд фæддарун бафæраздзæнæ, уæд дин æй дæттун.
Туппурмæ мæ медæгмæ бахудта ‘ма дин уоми ба авд уæладзуги хуарз хæдзæрттæ.
Нæуæгæй бабæй æй фæрсун:
– Аци зæронд бадæн, хæтгæ дæр куд нæ фæккодтон ‘ма сумах хузи адæмбæл некæдма исæмбалдтæн.
Е дæр, Хуцау дуйней куд исфæлдиста, уой дзубанди æркодта: – Фиццагдæр Хуцау исфæлдиста елиати ‘ма æгæр тухгин адтæнцæ, уæдта уони зæнхæй рандæ кодта, ‘ма исфæлдиста камбадати, етæ бабæй ин æгæр минкъий конд фæцæнцæ, уонæй дæр бабæй зæнхæбæл берæ нæбал ниууагъта, ‘ма фæстагдæр ба исфæлдиста нæртон адæми, абони дæр ма зæнхæбæл цæрунцæ еци нæртон адæми цæуæт.
– Гъи, нур ба мин дæ хуæри дæр фæууинун кæнæ.
– Мæ хуæрæ, – зæгъгæ, загъта, – бонæ хæфси цари фæууй, æхсæвæ ба хæфси царæй рахезуй ‘ма хорау рохс кæнуй.
Хæфсæ мæмæ равардта ‘ма ‘й æз дæр мæ дзиппи ниццавтон, хуæрзбон син загътон, ‘ма рацудтæн, нæхемæ æрцудтæн. Мæ сирди мæрдтæ хæссунмæ æгас гъæуи разеу кодтон ‘ма сæ æрхастан. Етæ еугурæй дæр куд æцæг адтæнцæ, уой бæрæггæнæн ба уин мæнæ мæ уосæ, камбадати кизгæ, елиати хуæрифурт, хæфси цари.
‘Ма хæфсæ æ дзиппæй фелваста.
Фæстагдæр ба Сослани радæ адтæй ‘ма е дæр ратауæрæхъ кодта, æхебæл æрдзурдта, Кæрзæлгъист уосæ ин ци фудæбæнттæ фæууинун кодта, уони. Кизгæ ‘й куд фестун кодта ‘ма ‘й лæгмæ дæр куд равардта, дууæ байраги куд низзадæй, уæдта бабæй æй куй куд фестун кодта ‘ма, куй уогæй, ци фудæбæнттæ фæууидта, гъе, уони еугурæй дæр æрдзурдта, уæдта син загъта: «Гъе, етæ еугурæй дæр куд æцæг адтæнцæ, уой бæрæггæнæнтæ ба уин уæртæ мæ дууæ кизги, мæ дууæ байраги ‘ма мæ дууæ къæбиси».
Сослани тауæрæхъ сæмæ дессагдæр фæккастæй ‘ма сау робас-дзар уой бацæй, ‘ма уотемæй æрæздахтæнцæ цауæнæй Нарти Урузмæг, Хæмиц æма Сослан.
Урузмæг, Хæмиц æма Сослан цауæни цæун исфæндæ кодтонцæ ‘ма син зæгъуй Сатана:
– Нæ хецаутæ, уæ аци бони цауæни цуд фæндараст нæ уодзæнæй. Етæ ба ин зæгъунцæ:
– Нур дæумæ ку байгъосианæ!
Уомæ нæ фæккастæнцæ ‘ма уæддæр ранæхстæр æнцæ цауæни.
Мет нæуæг уард адтæй. Сæумæй фæсарæфтæмæ фæххаттæнцæ, фал гæндзæхгини фæд дæр не ‘ссирдтонцæ. Фæсарæфтæ ку фæцæй, уæд еу сау робаси фæдбæл фæцæнцæ ‘ма зæгъунцæ:
– Абæл рахæтæн уæддæр, не ‘фсийни рази ходуйнаг куд нæ фæууæн, уотæ, ‘ма ‘й Едили билтæбæл скъæрæн кæнæн, – зæгъгæ. Сау робас сæ разæй рагæпп кодта ‘ма ибæл се ‘ртæ дæр еци еу цагъд искодтонцæ, кæрæдзей нæ базудтонцæ, уотемæй.
Сæ еу иннемæ дзоруй:
– Ци фæцæй? Æз æй фехстон.
Е ба имæ дзоруй:
– Ду дæр æй фехстай? Сумах дæр æй фехстайтæ?!
Дзорун ибæл байдæдтонцæ. Фæ ‘ймæ цæунцæ ‘ма Сослан дзоруй: – Гъенур бабæй сумах дауæ кæндзинайтæ, æгириддæр кæд нæ фехстайтæ, уæддæр.
Етæ ба ин зæгъунцæ:
– Гæр æма нæ фæттæ бæрæг нæ уодзæнæнцæ?!
– Зæгъетæ æдта, кæмæ уи ци фат адтæй, уой. Мæнæн геппи уагъд фат адтæй.
Хæмиц ба загъта:
– Мæнæн æфсæйнаг фат адтæй.
Урузмæг дæр загъта:
– Æдта мæнæн ба къохæй конд фат адтæй.
Сосланмæ дзурдтонцæ:
– Ду бабæй дауæ кæндзæнæ ‘ма зæгъæ: ке геппи уагъд адтæй дæ фат?
Е ба:
– Мæнæн нæ фиддæлти еумæйаг геппи уагъд адтæй.
Урузмæг дæр загъта:
– Мæнæн мæхе къохæй конд адтæй, м’ арти къембурæй ке фæххуастон, уæхæн.
Хæмиц ба загъта:
– Æз ба Сафай цори бадтæн ‘ма æфсæйнаги кæрæнттæ ке ‘ркъуæридæ, уони æримбурд кодтон, ‘ма уонæй фæттæ искодтон. Уотæ тухгин адæм адтæнцæ, ‘ма кæрæдзебæл не ‘ууæндтæнцæ. Цалинмæ робасмæ цудæнцæ, уалинмæ кæрæдзей фондз фарсти бакодтонцæ.
– Гъе, сидæуæн нæбал ес, – зæгъгæ.
Ис имæ цудæнцæ, растъигътонцæ ‘й, æркастæнцæ имæ ‘ма ин сæ еу æ бæрзæй басаста, иннæ ба æ суйнæ, иннæ æ астæу.
Уæддæр ма кæрæдзебæл дауæ кæнун байдæдтонцæ ‘ма ин æ суйнæ ка басаста, е зæгъуй:
– Æз ин æ суйнæ басастон ‘ма цæун нæбал фæразта, æма æ цар мæнмæ цæуй.
Уотемæй æртемæй кæрæдземæ фæдздзурдтонцæ:
– Æз ин æ суйнæ ку басастон!
Иннæ ба уотæ:
– Æз ин æ бæрзæй ку басастон!
Иннæ ба уотæ:
– Æ астæу ин ку басастон!
Уотемæй хъаугъа кæнун байдæдтонцæ. Æрбадтæнцæ ‘ма загътонцæ: – Ци кæнæн? Æнæ æхсæвæр ку изайæн.
Хæмиц ‘ма Урузмæг кæрæдземæ бакастæнцæ ‘ма загътонцæ:
– Нур си æхсæвæр искæнианæ, фал а фудбони лæг æй ‘ма нæ фæллæудзæнæй, ескæд нин бафедис кæндзæнæй.
Загътонцæ Сосланæн. Сослан ба загъта:
– Мадта æз ба сумахæй ку тарстæн.
Исфезонæг æй кодтонцæ ‘ма ‘й бахуардтонцæ. Ранæхстæр æнцæ сæхемæ. Урузмæг загъта:
– Уæ хестæр дæн, æма си, сумах фæрци, уомæй мæ кæрцæн æфцæкъуатæ ку скæнон, æма ‘й, сумах фæрци, ку бадарон, уæд сумахæн ци ходуйнаг уодзæнæй?!
Хæмиц загъта:
– Æз уой ку бадарон, мæ кæрцæн реутæ ку скæнон, уæд уи адæм арфæ кæндзæнæнцæ.
Сослан загъта:
– Уæ кæстæр уогæй, æз уомæй ходæ ку скæнон æма гъасти ку балæууон, уæд сумахæй гъаст кæндзæнæнцæ Нарти фæсевæд?
Нæ ибæл бафедудтонцæ, кæрæдземæн æй нæ бауодæнстæнцæ ‘ма уотемæй Сатанамæ иссудæнцæ. Сатана сæмæ рауадæй æма сæмæ дзоруй: – Ци кæнетæ, нæ хецаутæ? Уæ уонтæ бæрзондæй, уæ сæртæ ба губурæй, уотемæй ку ‘рбацудайтæ, кæрæдземæ дæр ку нæ кæсетæ. Цидæр æнхæл уæ астæу бацудæй!
Сирдон имæ дзоруй:
– Ци æнхæл бацудæй, ци?! Фæндаг содзæг, хузесæг, æзинæ син сæ над басугътай æма ма сæ уадзгæ кумæ ракодтай?
– Æма дин мæнмæ игъустонцæ, артæфтуд адæм!
Сатана имæ дзоруй Сирдонмæ никкидæр:
– Нæ хецаути аразæг дæ æма анæн ести унафæ искæнæ, е ба кæрæдзей ма бахуæронцæ.
Уæд син загъта:
– Мæнæ син Нарти хуарз адæммæ ратдзинан сæ гъуддаг тæрхонмæ. Æримбурд кодта Нарти хуарз адæмтæ. Ра сæмæ цудæнцæ ‘ма сæ фæрсунцæ:
– Ци ‘й уæ гъуддаг?
‘Ма син етæ дæр æрдзурдтонцæ сæ гъуддаг:
– Атæ, атæ ‘ма Сау робас рамардтан, фал ин æ царбæл нæ федауæн.
Урузмæг загъта:
– Мæ кæстæртæй фæккурдтон, æнгъæл дæр сæмæ кастæн æма мин æй не саккаг кодтонцæ.
Хæмиц загъта:
– Æз мæ хестæрæй дæр фæккурдтон, мæ кæстæрæй дæр фæккурд-тон, ра мин æй дæттетæ ‘ма си мæ кæрцæн реутæ скæндзæнæн, зæгъгæ, ‘ма мæ нецæмæ æрдардтонцæ.
Сослан загъта:
– Æз мæ дууæ хестæремæн берæ кæстæреуæг фæккодтон æма æнгъæл кастæн, кæд мин раттиуонцæ робасдзар, æма си мæхецæн ходæ искæнинæ, зæгъгæ, ‘ма ме ‘мбæлтти астæу раппæлинæ, фал мæ нецæмæ бадардтонцæ.
Загътонцæ и адæм:
– Маргæ уи æй ка ракодта?
– Уобæл нæ кæрæдземæ цæмæй исдзорæн, уæхæн нæмæ нæбал ес. Не ‘хст фæййеу æй ‘ма ин нæ еу æ бæрзæй басаста, не ‘ннæ æ астæу, не ‘ннæ ба æ суйнæ, ‘ма уобæл уомæй нæ бафедудтан. Гъенур, уæ хуарзæнхæ, ‘ма нин ести унафæ искæнетæ.
Æр сæмæ кастæнцæ æма загътонцæ:
– Нур æй уæ еуемæн раттæн, æма уе ‘ннетæ нæ ба- уодæнсдзæнæнцæ: æртæ ‘мбеси ‘й кæнæн æма цар исæфгæ кæнуй. Нур ба хуæздæр тауæрæхъ ка ‘ркæна, уомæн æй ратдзинан. Хестæр-гай куд ратауæрæхъ кæнайтæ, уотæ.
Урузмæг дзорун байдæдта:
– Æз цауæни рацудтæн, æмбес бони уæнгæ фæххаттæн ‘ма неци фæд фæууидтон, æмбес бони ба тæрхъоси фæд иссердтон. Æ фæсте цæун байдæдтон. Æма еу сахат фæццудтæн, уæдта мин рæубеси фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, ами тæрхъоси фæд ку кодта, нур ба рæубеси фæд кæнун ку байдæдта! Нæ ‘й ниууадздзæнæн уотемæй.
Æма æ фæсте цæун байдæдтон. Ци фæццудтæн, уæдта мин саги фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, а ци дессаг æй, рæубеси фæд ку кодта, нур ба саги фæд кæнун ку райдæдта! Нæ ‘й ниу-уадздзæнæн уотемæй! Æма æ фæсте цæун байдæдтон. Ци рацудтæн, уæдта мин гъæ-уанзи фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, ци дессаг уодзæнæй а, зæгъгæ, саги фæд кодта, нур ба гъæуанзи фæд кæнун ку байдæдта. Нæ ‘й ниууадздзæнæн, зæгъгæ, ‘ма æ фæсте цæун байдæдтон. Цæун æма еу сахат, уæдта адæймаги фæд кæнун байдæдта. А, Хуцау, æдта а ци дессаг æй! Гъæуанзи фæд ку кодта ‘ма нур ба адæймаги фæдмæ ку раздæхтæй! Нæ ‘й ниууадздзæнæн, зæгъгæ, ‘ма æ фæсте цæун байдæдтон. Кæсун имæ райдæдтон æма æ басмухъæй, кизги фæд ке адтæй, уой базудтон. Уотæ маст мæмæ бацудæй æма ци-дæриддæр уа, маргæ ‘й кæндзæнæн, зæгъгæ. ‘Ма мæ церхъ еци æргъувдæй хæссун байдæдтон. Бакæсæ ‘ма дин еу синдзи къотæри бадуй кизгæ, сугъзæрийнæ кизгæ. Церхъ имæ радардтон æма мæмæ церхъ радардмæ фæххудтæй, мæ къохæй æрхаудтæй, ‘ма имæ бацудтæн. Загътон ин: – Хуцау кæмæн нæййе, цæбæл мæ фæммæстæй мардтай? Нур ами бунат кæми æркæнæн, уæхæн дæр ку нæййес, æнæ æхсæвæр дæр уæд нур куд уодзинан?
Кизгæ загъта:
– Бунат æз иссердзæнæн, мæ хæццæ рацо.
Рацудтæн ‘ма мæ еу кесенамæ ниххудта, æнæ дуар, уæхæнмæ, айдагъ æ сæри – къæразгæ.
Кизгæ исхизтæй, къæразгæ фегон кодта ‘ма ниххизтæй.
– Æз ба нур кæбæлти ниххезон, – зæгъгæ, ‘ма мæмæ асийнæ æруагъта. Ниххизтæн æз дæр кесенамæ. Уоми ба дууæ сунтæги ‘ма мæ уоми æрбадун кодта. Æхсæвæ мæ хуарз фæххинста, уæдта мин урундухъи уат никкодта. Æхсæвæ ку сæмбес æй, уæд нæбал фæллæудтæн æма имæ бавналинæ. Кизгæ дæр мин уотæ:
– Ци кæнис? Цæмæн уотæ кæнис? Ниммæ уадзæ!
Кæми ‘й уагътон! Ба бабæй имæ æвналдтон. Е дæр уæдта æ нивæрзæнæй буйнаг æхсæ фелваста ‘ма мæ рацафта, ‘ма мæ егар гацца фестун кодта. Ци рацудæй, уой Хуцау зонуй, уæдта сгъазтон ‘ма мæ бон ку ‘рхъæрттæй, уæд мæ æндæмæ рахаста, ‘ма цъилобибæл низзадтæн дууæ егари. Афæй раевгъудæй, уæдта бабæй мæ æхсæй рацæфтæ кодта ‘ма æфсæ фестадтæн. Æндæмæ мæ ракодта, ба мæ баста, сæумæ ба мæ æргъаумæ рауагъта: уоми дæр бабæй сгъазтон ‘ма низзадтæн байраг.
Байраг дæр исбæх æй, егари къæбистæ дæр исустур æнцæ. Уæд уомæн адтæй лæг Ахъуз, ‘ма æстæмæй-астмæ хусгæ кодта, æстæмæй- астмæ ба хæтгæ кодта. Ку ‘рцудæй, уæд мæн дæр фæууидта, егæртти дæр фæууидта ‘ма ‘й уотæ бафарста:
– Ци ‘нцæ атæ? Кæцæй æнцæ?
Ахъуз к’ адтæй, е æркастæй ‘ма загъта æхе зæрдæй, айæ бæсти кæлæн, арви хийнæ ‘й æма цидæр бакодта, зæгъгæ, ‘ма æхсæ райс- та, уæдта дзоруй:
– А, хуцаути Хуцау, æдта ‘й, фиццаг куд адтæй, уотæ фестун кæнæ!
‘Ма мæ рацафта. Фиццаг куд адтæн, уотæ фестадтæн.
– Ци адтæй? – фæрсуй мæ. Кæронмæ ин æрдзурдтон, куд адтæй, уой.
– Мадта цо, цалинмæ нæма систадæй, дæ саргъ сивæрæ ‘ма фæндаги раст фæууо. Е ба ку æригъал уа, уæд ма дæ фуддæри ма бафтауа, – зæгъгæ.
Фæстæмæ кæсгæ, размæ ледзгæ, уотемæй ардæмæ æрбахъæрттæн. Нур кæбæл бадун, мæхуæдæг ке низзадтæн, еци бæх – е ме ‘рфæн. Мæ дууæ егари – мæхуæдæг ке низзадтæн, еци дууæ егари.
Е уин мæ тауæрæхъ.
…Адæм дæр дес кодтонцæ. Амæй æмбесонддæр мах некæд фе- гъустан. Нур ма амæй куд баистæ уодзæнæй робасдзар?!
Загътонцæ: «Зæгъгæ, Хæмиц, ци фæууидтай, уой!»
Е дæр загъта:
– Еу бон ку адтæй, уæд рацудтæн цауæни. Еу саги фæд иссерд- тон ‘ма æ фæдбæл цæун. Саг бæласæн æ къобæлттæмæ сивналидæ ‘ма сæ хуæргæ цудæй. А ци дессаг æй, зæгъгæ, бæласæн æ ниллæг къалеутæ хуæрæ, фал æ къобæлттæмæ ка ‘вналуй, е циуавæр уодзæнæй, – ‘ма æ фæсте цæун. Сау гъæдæмæ бацудæй. Уой астæу еу æрдозæ адтæй, уой астæу устур тæгæр бæласæ. Уой буни æрбадтæй ‘ма æ сиутæ бæласæй бæрзонддæр адтæнцæ – гъе, уæхæн сирд! Гъузун имæ байдæдтон: гъузун бæласæй бæласæмæ, уотемæй имæ багъузтæн хæстæг.
Нур æй æхсон, зæгъгæ, имæ куд бахъæрттæн, уотæ ба имæ, æ дæргъцæ удзеснæ, æ уæрхцæ ба улинкъæ, уæхæн лæг æрбацудæй. Саг фæхъхъан æй æма ‘й æрбавгарста. Æз дæр лæугæ байзадтæн, уомæ кæсгæй. Уæдта имæ æз дæр æрбахъæрттæн. Кæсун имæ, е нур уомæн ци кæндзæнæй, зæгъгæ. Е дæр æхе фæббæгънæг кодта æма ‘й æ фæстаг къахæй райауигъта бæласæбæл. «А, Хуцау, а ци уодзæнæй?!» – дес кæнун.
‘Ма ин мæ еу фæккастæй ме ‘ннæ фæккастмæ æ цар еци сахат фæххецæн кодта. Стур райарт кодта æма арти фæрстæ фезонгутæй райдзаг кодта. Фезонгутæ ку сцæттæ ‘нцæ, æхсæрфæмбæлттæ ку скодта, уæд мæмæ дзоруй:
– Рауай, зæронд лæг, мах ба ести бахуæрæн мæнæ Хуцауи лæварæй.
Дес кодтон:
– А, Хуцау, уингæ мæ ку нæ кæнуй, уæд мæ куд базудта?! Ци гæнæн ма адтæй ‘ма имæ бацудтæн. Нимæт мин мæ буни февардта, æхсæрфæмбæлттæ мин мæ къохи бакодта ‘ма мæ сæргъи æрлæудтæй.
– Сбадæ, – зæгъгæ, имæ дзорун.
– Раковæ, уæдта æз дæр сбаддзæнæн.
Ракувтон ‘ма имæ æхсæрфæмбæлттæ равардтон: еу си райста, иннети ба мин мæ рази æривардта. Еци рацо-бацо гæнгæ, æхе рафсаста, дон мин æрбахаста, хуарз мæ фæууидта. Еци æнæ ‘рбадгæ февналдта, и саги мард æртæ ‘мбеси æрбакодта. Сагъæс кодтон: æртæ хаййи кæнуй æма ма ин, æвæдзи, æмбал еске ес. Мадта ма æртиккаг хай цæмæн кæнуй?
Æртæ хаййи ракодта, уæдта дзоруй:
– Райсæ, зæронд лæг, дæ хестаг.
Никки мæмæ дзоруй, мæ хестаг ку райстон, уæд:
– Е, нур ба дæ хай райсæ, – зæгъгæ.
Е дæр æ хай рабаста, мæнæн дæр сæ рабаста ‘ма рацудтæн. Еу минкъий ку рацудтæн, уæд мæ зæрди æрбалæудтæй: «Æ ном ин ку нæ бафарстон. Нарти адæм мæ ку фæрсонцæ, дæ саги æртиккаг хай ци фæцæй, зæгъгæ, уæд ци зæгъдзæнæн?» Фæффæстæмæ дæн, е дæр мæ ралæдæрдтæй ‘ма мæмæ дзоруй:
– Лæууæ, цæун дæмæ! – зæгъгæ.
Æр мæ лæдæрдтæй ‘ма мæ фæрсуй:
– Ци кæнис, ци ма дæ фæндуй?
Æз дæр ин загътон:
– Хуарз мин ракодтай, нур ба Нарти адæм мæ ку фæрсонцæ, уæд син ци зæгъдзæнæн, дæ ном дин нæ бафарстон.
Е загъта:
– Æз Донбеттири фурт Созорухъ дæн.
Бийнонтæ мин нæма адтæй ‘ма ин загътон:
– Æй-гиди, дæ цæрдæгдзийнадæмæ дин æрхицæ кодтон ‘ма мин сумахæй бийнонтæ ку уайдæ! – зæгъгæ.
Е мæмæ дзоруй:
– Æз уой туххæй дæу гъастæй нæ рауадздзæнæн: рацо нуртæккæ мæ хæццæ.
Дони билæмæ мæ бахудта, дони билæбæл мæ ниссагъта ‘ма дзоруй: – Налмаз, кæми дæ? Мæнæ мин мæ уаргъ фæррæуæгдæр кæнæ, рацо. Кæсун, кæсун æма дин уотæ ба донæй хæфсæ сгæпп ласта. Хæфсæ гæппитæ-гæппитæ гæнгæ æрбацудæй ‘ма нæ размæ ниллæудтæй.
– Е, мæ лæвар дин фæууæд хæфсæ, – зæгъуй мин.
Сагъæси бацудтæн:
– А, Хуцау, ай бабæй Нартмæ куд хонон, – зæгъгæ. Е дæр мин: – Сагъæс ибæл ма кæнæ, дæ цæуни кой кæнæ. Ку ‘рцæуай, уæд æй авари бакæнæ, рохс имæ куд нæ цæуа, уотæ; æхе бæрагæ æй уадзæ, кенæдта дæуæн уомæй бийнонтæ нæ уодзæнæй.
Мæ уаргъ райстон ‘ма цæунтæ байдæдтон, е дæр мæ фæсте гæппитæ кæнун байдæдта. Сагъæс кæнун: ци кæнон? Рохсæй æй бахонон ‘ма е куд уодзæнæй. Мæхебæл æрталингæ кодтон, талинги мæ куд фæцайдæ, уотæ. Талинги ‘й авармæ бакодтон. Загътон:
– Ай некæмæн иской кæндзæнæн, цалинмæ ин æ бæрæг базонон, уæдмæ.
И æхсæвæ имæ бацудтæн, а ци уодзæнæй, зæгъгæ. Хæфсæ дорбæл бадтæй æн’ арт, æнæ рохс, æнæ ‘ндæрæй. Дуар ку рахгæдтон, уæд æ хæфси цар рагæлста ‘ма си кизгæ уæхæн рахизтæй, ‘ма авар æгæр дæр ма ниррохс æй. Мæ фур цийнæй ци кодтайнæ, уой нæбал зудтон, мæ зæрдæ ниррохс æй:
– Хуцау, дæуæй боз! Нарти астæу ке нæ фæхходуйнаг дæн, мæнæ хæфсæ уосæн куд ракурдта, зæгъгæ.
Хуцау æхуæдæг зонуй, ци нæбæл рацудæй, уæдта исунафæ кодтон: атемæй кæдмæ цæрдзинан, æ хæфси цар ин рандæ кæнон, уæдта ма ци кæндзæнæй. ‘Ма уотемæй æризайдзæнæй. Мæ зæрдæй уотæ куд дзурдтон, уотæ ба мæмæ дзоруй:
– Ци кæнис, ци фæндæ кæнис?! Мæнæн уотемæй фæццæрæн нæййес, дæ къохи нæбал уодзæнæн, дæхе дæр фесафдзæнæ – ма кæнæ уæхæн унафæ!
Зæгъун ин:
– Мадта атемæй кæдмæ цæрдзинан? Куд уодзæнæй нæ гъуддаг? Мæ зæрди хæццæ тохун байдæдтон, – на, нæ ‘й ниууадздзæнæн, зæгъгæ. ‘Ма еу æхсæвæ ку адтæй, уæдта еу ку рафунæй æй, уæд хæфси цар артмæ багæлстон. И цар артбæл куддæр фембалдæй, уотæ нитътъæпп ласта, кизгæ дæр фæххаудтæй бæрзонд, нигъгъæр кодта æ гъæлæсидзаг:
– Хуцау ди ма сбоз уæд! Мæн дæр æма дæхе дæр фенамонд кодтай! Фæггæп кодта ‘ма мин зæгъуй:
– Нуртæккæ мæ донмæ куд нихъхъæртун кæнай, уотæ!
Дони билæмæ ку нихъхъæрттан, уæд мæмæ дзурдта:
– Ци кæнон нур? Æз лæхъуæнæй уæззау дæн ‘ма дин æй дæхебæл бафтауон. Цæугæ, раздæхæ, – зæгъгæ, – ‘ма фæстæмæ куддæр раздахтæн, уотæ е дæр фездахтæй, ‘ма мин ме ‘уонæбæл бату кодта. Ме ‘уонæ к’ адтæй, е бонæй-бонмæ устурдæр кæнун байдæдта. Уæд мин Сатана загъта:
– Нæ хецаути лæхъуæн, хъурмæ дæр ма кæнæ, хуасæ дæр æй нæ гъæуй, уадзæ ‘й, уæдта ‘й, ци афони гъæуа, уæд æй æз ракъæртт кæндзæнæн.
Æ афонтæ ин нимайун байдæдта е, æз уони цæмæй зудтон! Уæдта мин загъта:
– Нæ хецаути лæхъуæн, æ афонæ æй ‘ма нæ денгизæн æ тæккæ арфдæр кæми ‘й, уордæмæ цæун гъæуй.
Дзурдтон имæ æз:
– Денгизи ба ‘й цæмæн къæртт кæнун гъæуй, уæд сори ба ци кæнуй?
Е ба мин загъта:
– Сорбæл æй ку ракъæртт кæнай, уæд бæласæ урдуг истгæ нæбал байзайдзæнæй, будури зæлдæ ами нæбал исуадздзæнæй, адæм басодздзæнæнцæ еугурæй дæр.
Сæумæ мæ донмæ рахудта, болат хъæма æ хæццæ фæххаста Сатана. Загъта Æхсæртæгкатæн:
– Рацотæ, уæ фæстаг бонтæмæ уин ка байагъаз кæна, уæхæн уодзæнæй; кæд Хуцау дæтта, уæд æй денгиз нимбæрздзæнæй ‘ма исард фæууодзæнæй; кæд нæ, уæдта, кæй уалæнгæ ‘й нимбæрза денгиз, уой уалæнгæ исард уодзæнæй. Нæ æй кард никкæрддзæнæй, нæ ба си фат бахездзæнæй.
Денгизмæ ниццудæнцæ ‘ма ‘й фарстонцæ Сатанай:
– Айæ нæл ку æй æма а ци ‘й?
Сатана дæр син æрдзурдта, хæфсин уосæ мин ке адтæй, уой. Хæфси цари уæхæн бадтæй æма уомæй ку райгурдайдæ, уæд ин æгæр адтайдæ. Нур ба ‘й кæд денгиз рамбæрза, уæд ин рамарæн нæ уодзæнæй, кæд æй нæ рамбæрза æгасæй, уæддæр исард уодзæнæй, кæй уалæнгæ ‘й рамбæрза, уой уалæнгæ ‘ма ‘й – нæ кард никкæрддзæнæй, нæ ба си фат бахездзæнæй.
Фæххуæстæй æма ‘й денгизмæ ракъæртт кодта, денгизмæ ра- хаудтæй, денгиз аги хузæн сирадæй æма ‘й денгиз рамбарзта. Айдагъ æ сæрæй ма еу минкъий гæппæл райзадæй. Сатана син загъта: – Нуртæккæ ‘й хонетæ уæларв Сафамæ ‘ма ин æ сæри фарс æрхийæй раййеветæ.
Хонун æй байдæдтон, уæларв Сафамæ ‘й схудтон æма ин загътон: – Гъе, атæ ‘ма атæ!
Е дæр мин уотæ:
– Æндегæй æй зæгæлсард кæндзæнæн, фал медæгæй ба уæд куд? Хæмици фурт Батраз ба загъта:
– Æндегæй дæу бæрагæ уæд, медæгæй ба ‘й æз мæхуæдæг зæгæлсард кæндзæнæн: ниххуфдзæнæн ‘ма уæд медæгæй зæгæлсард кæндзæнæй. Е уин ме ‘мбесонд, Батраз, гъе, уотемæй мæ фурт æй. Уомæй хуæздæр тауæрæхъ мæнмæ нæййес.
Уобæл ба хъæбæрдæр дес никкодтонцæ.
– Æдта мах ауæхæн дессаг ку некæд фегъустан, мах ба ‘й уосæй райгурун ку ‘нгъæл адтан, лæгæй лæг райгургæ ба ку некæд фе- гъустан.
Загътонцæ:
– Æллæх, æллæх, амæй æй некебал райсдзæнæй! – уотæ дессаг сæмæ фæккастæй. Сосланмæ бакастæнцæ:
– Гъи, ци зæгъис, Сослан, ду ба?
– Ци зæгъон, – зæгъгæ, загъта, – мæнбæл цæугæ дæр нецима ракодта, фал ци цæрун, уомæй ба мæ енцег æрвади хæццæ рацудтæн цауæни. Хæтун байдæдтан ‘ма бон-изæрмæ фæххаттан. Изæ-ри уалæнгæ цъеуи фæд некæми фæууидтан. Сæстонг дæн хъæбæр, загътон:
– Нур айсонккæй æнæхуæргæ ку ан, куд ма рахъæртдзинан сæумæмæ?
Мæ енцег æрвадæмæ бакастæн ‘ма загътон:
– Нур ци кæнæн, æнæхуæргæ ку ан, мæ бæх нивгæрдон æма ходуйнаг фæууодзæнæн Нарти адæми æхсæн, дæу бæх нивгæрдæн, æма бабæй е ба бустæги ходуйнаг, – уæд ци кæнæн?
Уотæ куд дзурдтон, уотæ ба нæ рæзти раст еу тæрхъос гæппитæ гæнгæ æрцæуй.
– Æ, Хуцау дин райарфæ кæна!
Фæ ‘й æхстон, ра ‘й æстъигътон, арт бакодтон, ниййибæл цийнæ ан æма мæ енцег æрвадæмæ бадзурдтон:
– Гъе, нур æй хуарз исфезонæг кæнæ.
Фæййимæ ‘вналдта ‘ма ‘й гъуд кæнун байдæдта. Æз мæхе ба- уагътон ‘ма рафунæй дæн. Сцæттæ кодта фезонгутæ ‘ма сæ гобати расагъта. Гобати сæ куд расагъта, раст уотæ тæрхъос фестадæй, ухст айдагъæй райзадæй, тæрхъос дæр ниффардæг æй, мæ енцег æрвадæ дæр имæ кæсгæ байзадæй. Æригъал кæнун мæ нæбал æн-диудта ‘ма еу афони ба мæхуæдæг æригъал дæн. Ку ‘ригъал дæн, уæд имæ дзорун:
– Тагъд æрхæссæ фезонæг, мах ба ести бахуæрæн!
Е мæмæ дзоруй:
– Ку сцæттæ ‘й мæ фезонæг, уæд æй дæлæ гобати æрсагътон, дæлæ ухст дæр ма уоми ‘й, еци сахат, тæрхъос, куд адтæй, уотæ фестадæй ‘ма никъкъуæрдта.
Дзурд мæмæ гъигæ фæккастæй, стонг адтæн еуемæй, иннемæй ба имæ, а мæн сайунмæ куд æндеуй, зæгъгæ, хъæма фелвастон ‘ма ин æй æ тæккæ зæрди рацавтон. Рамардæй, уæдта еу сахат рацудæй ‘ма сагъæс кæнун байдæдтон:
– Ци кæнон нур, ме схæссæг дæр ку рамардтон, æнæ æхсæвæр дæр ку байзадтæн, уæд ма æз Нарти гъæумæ куд иссæудзæнæн!
Уотæ фæммæстгун дæн ‘ма мæ хъæма мæхемæ рахаттон: мæхе рамарон, зæгъгæ, куд ма иссæудзæнæн Нарти гъæумæ! Уæд мæ зæрди æрифтудæй:
– Цæй, тæрхъос гобати кæми райгас æй, уоми лæхъуæн дæр райгас уодзæнæй ‘ма ‘й гобатмæ батулдтон. Лæхъуæн нибберигъта ‘ма рабадтæй.
Дзоруй мæмæ:
– А-гиди, минкъий ма мæ ку бауагътайсæ, мæрдти Барастури кизги дин уосæн исгъуддаг кодтон, мæ хæццæ дæр рацудайдæ, фал мæ æнхæст нæ бауагътай.
Нæбал фæллæудтæн æма мæ хъæма фелвастон:
– Тагъд æдта мæ хъæмайæй рамарæ, мæхуæдæг имæ куд бацæ-уон, уотæ.
Е дæр мин хъæма тæккæ мæ зæрди рацавта. Мæрдтæмæ бацудтæн ‘ма æцæгдзийнадæй Барастури кизги уосæн куд рахудтон, уотæ ба мæ гобатмæ батулдта, ‘ма уоми дзурдæфтудæй мин байзадæй. Е æцæгдзийнадæй ке адтæй, уобæл мæнæ мæ енцег æрвади бафæрсетæ. Тæрхони адæм æркастæнцæ ‘ма загътонцæ:
– Хуарз тауæрæхътæ æркодтайтæ, фал уæддæр мæрдтæй некема æриздахтæй ‘ма Сау робаси цар Сосланæн аккаг кæнæн.
Е дæр, Сау робаси цар æхе бацæй, уой ку базудта, уæд загъта: – Е, уой мин дзæбæхæй ку равардтаййайтæ, Сау робаси фидхуартæ, уæд уин хуæздæр н’ адтæй! Нур ба уæддæр мæхе нæ бацæй!
Етæ дæр ин загътонцæ:
– Хуцау ди ма сбоз уæд! Уомæй ди ку тарстан ‘ма нæ нур ба уæддæр ку рагъæр кодтай.
Нартæмæ адтæй зæронд Уæрхæг. Нарти æмбес хай мулкæй дæр æма адæмæй дæр адтæнцæ Уæрхæги.
Уосæ ба нæ курдта Уæрхæг. Æ адæм к’ адтæй, етæ ибæл авд сабати авд æмбурди æрцæнцæ æма ин загътонцæ:
– Уосæ ракорæ, Уæрхæг, кенæ ба де ‘нхузон хъалмæ рандæ уодзинан!
Уæрхæг фæттарстæй æма æхе уосæ корунбæл исефтигъта. Дууа-дæс байагурдта фæндурдзæгъдгутæй, дууадæс ба кафгутæй, дууа-дæс хæтæлдзæгъдгутæй, дууадæс ба заргутæй, уотемæй Болат- Хæмицмæ ранæхстæр æй.
Болат-Хæмицмæ ба адтæй тъæрæбæл бадæг кизгæ.
Уæрхæг уой корунтæ исамадта. Бамийнæвар кодта Болат-Хæмицмæ ‘ма, цидæр адтæй, и кизгæ нæ кумдта, зæронд лæгмæ куд фæццæуон, зæгъгæ.
Уæрхæг æрбадтæй е ‘мбалти хæццæ кегъоги медæг. Е ‘мбалтæ гъазтонцæ уоми, æхуæдæг ба сæ астæу бадтæй æма дини киунугути кастæй. Æ унæут кизгæ бауадæй æма ин радзурдта бадæг кизгæн: – Ци фæйдтон?! Ци фæйдтон нæ хецауи хæдзари?! Ауæхæн дессаг ба нæма фæйдтон: уæртæ кегъоги адæм гъазунцæ, сæ астæу ба еу зæронд лæг бадуй æма дини киунугути кæсуй.
Бадæг кизгæ ракастæй къæразæй. Уæрхæг имæ киунуги тегъæ фæххатта æма и кизгæ фæстæмæ бахаудтæй. Еци фæдбæл и кизгæ барвиста æ фидæмæ, Болат-Хæмицмæ:
– Æз уомæй æндæр некæмæ цæун!
Уæрхæгæн е ‘мбалтæ фæккиндзхон æнцæ ‘ма ‘й уотемæй, алай- булаййæй, исхудтонцæ. Ци ибæл рацудæй, Хуцау зонуй, æма и кизгæ бауæззау æй. Уæрхæг ин æ бæнттæ нимайун байдæдта.
Е ‘нгъуд ку ‘рхъæрттæй, уæд ин райгурдæй лæхъуæн. Уæрхæг æй уормеги думæггаги кæрони батухта. Хуцауæй ин искурдиадæ лæвæрд адтæй ‘ма искувта:
– Уæ, хуцаути мæхе Хуцау! Цалдæн аци биццеу тоги къубарæ феста, уалдæн ин мæлæт куд нæ уа, уотæ!
Ном ибæл исæвардта – Уæрхæги фурт Субæлци.
Уалдæнги Субæлци рацæппо-лæппо æй æма ин Уæрхæг ракурд-та уосæ, æхе хузæн бонгини кизгæ.
Субæлци рандæ ‘й къуæре балци.
Еу бон кæми адтæй, уоми Уæрхæг æ дууæ æфсорхъи раласта донмæ. Уотæ рæхги æ уæллæйти æрбацудæнцæ Соппæри æртæ фурти æма и дон ниллæкъун кодтонцæ. Дууæ æфсорхъи фæйнердæмæ раивазтонцæ æма раервазтæнцæ Уæрхæгæй.
Уæрхæг син загъта:
– Мæ лæхъуæн уин ами ку адтайдæ, уæд уин дессæгтæ фæууинун кодтайдæ!
Соппæри æртæ фурти имæ æрбацудæнцæ æма ин æ рагъæй гæрзæ растигътонцæ, æ уормег ба ин листæг къуæхтæ никкодтонцæ.
Уæрхæг къæдз-къæдзити бацудæй сæ хæдзарæмæ.
И æхсæвæ Субæлци æрхъæрттæй æма æ уатмæ бадзурдта. Æ уосæ имæ радзурдта:
– Цалдæн дин дуар æрбакæнон, уалдæн уоми бадæ!
Е имæ бадзурдта:
– Айгез æма Агузни æфсæдти хæццæ истухтон, хуфийни хузæн мæ никкодтонцæ æма мæлун!
Æ уосæ ин дуар æрбакодта, æ хъæппæлтæ ин фелваста, ни ‘й хуссун кодта, æхуæдæгка ин æ царæй фиди ‘хсæн ралæстæй æма сагъадахъи фæттæ гæр-гæргæнгæ ракалдæнцæ.
Субæлци уой адæбæл æ мадæй райгурæгау иссæй æма фæрсун райдæдта æ уоси.
– Цæй туххæй мин нæ кодтай дуар?
Уосæ ин загъта:
– Ду балци рандæ дæ, дæ фидæ ба дууæ æфсорхъи донмæ ралас-та æма ин Соппæри æртæ фурти æ дон ниллæкъун кодтонцæ. Хъал æфсорхътæ ниххурруттитæ кодтонцæ æма фæйнердæмæ ратудтонцæ. Уобæл дæ фидæ бамæстгун æй æма сæмæ исдзурдта: «Мæ фурт уин ами ку адтайдæ, уæд уин дессæгтæ фæууинун кодтайдæ!»
Етæ имæ уобæл баздахтæнцæ æма ин æ рагъæй гæрзæ рауагътонцæ, сæхуæдтæ ба ма имæ æрцудæнцæ, æма, мæ сувæллонæй ме ‘стури уалдæн ци уормегбæл фæккустон, уой ин никъкъуæхтæ кодтонцæ. Субæлци æ хъæппæлтæ искодта фæстæмæ:
– Мæнæн ами ниххуссун аккаг нæ ‘й!
Æма, æ фидæ Уæрхæги нæ фæййингæй, æ бæхбæл рабадтæй æма рандæ ‘й Соппæри æртæ фуртей фæсте.
Етæ Соппæри мæри уосонгæ куд искодтонцæ, уотæ Субæлци сæ сæргъи балæудтæй ‘ма син загъта:
– Корун уи, мæ фидæй мин ци гæрзæ рауагътайтæ, уой мин раттетæ!
Хестæр дзоруй кæстæрмæ:
– Цогæ æма и куййи бафснайæ!
Кæстæр рауадæй æма ‘й сагъадахъæй фехста. Сагъадахъ Су- бæлцийæн æ зæрди сæри исæмбалдæй æма еу бæласæ равдузта.
Субæлци æ иуæнгтæй рафаста и бæласæ, æхуæдæг ба фехста Соппæри кæстæр фурти æма ‘й фæттумбул кодта.
Хестæр дзоруй астæуккагмæ:
– Цогæуай, не ‘рвадæ ку некæми зиннуй!
Астæуккаг рауадæй æма е ‘рвади мардæй ку рауидта, уæдта фехс- та Субæлций.
Фат æ зæрди сæри исæмбалдæй æма ‘й еу бæласæй рахаста дуккагмæ, æма ‘й ниффедар кодта. Субæлци бæласæбæл æ иуæнгтæй рахуæстæй ‘ма и бæласи рафаста, сæрмæ ‘рдо рагъавта, фæ ‘й æхста, æма ‘й фæттумбул кодта.
Хестæр рауадæй æма е ‘рваддæлти ку рауидта, уæд Субæлций фехста. Фат æй дууæ бæласеми рахаста, æртиккаги ба ‘й ниффедар кодта.
Субæлци æ иуæнгтæй бабæй бæласæбæл рахуæстæй æма ‘й ратудта, уæдта ‘й е дæр фехста, æма ‘й фæттумбул кодта.
Уотемæй Субæлци æртей дæр бафснайдта æма æхуæдæг дæр нæбал фæразта, æма рахъан æй. Æ уодæй гъазта, мæлæт ба ин н’ адтæй, цалинмæ тоги къубулойнæ фестадайдæ, уалдæн.
Мæрдтæмæ байгъустæй:
– Болат-Хæмиц, дæ хуæрифурт гъезæмарæ кæнуй!
Мæрдтæй рацæунвæткæ н’ адтæй, медæгмæ бацæунæй фæстæмæ. Болат- Хæмиц æ дзабуртæн сæ фийтæ къелтæрдæмæ искодта, уотемæй рацудæй дуарбæл. Дуаргæстæ бабæрæг кæниуонцæ æма медæгмæ фæдæй фæстæмæ æндæмæ фæд н’ адтæй.
Болат-Хæмиц бахъæрттæй Субæлцимæ æма ‘й æ мадæй райгу-рæгау искодта. Субæлци дæр уæд, æ фидæй ин ци гæрзæ рауагътонцæ Соппæри æртæ фурти, уой рахаста æма ‘й æ фидæбæл банихаста. Уотемæй е дæр исдзæбæх æй æма цæргæ байзадæнцæ нури уæнгæ.
НАРТИ УÆРХÆГ ÆМА Æ ФУРТИ ТАУÆРÆХЪ
Уæрхæг Нарти астæу хъæбæр зæронди уæнгæ фæццардæй æнæ уосæй. Уæд Нарти фæсевæд баунафæ кодтонцæ: «Уæрхæгæн æ фæсте байзайæгrаг нæййес ‘ма ин уосæ ракорæн; кæд ма нур дæр нæ бакома, уæдта ‘й дортæй куд рамарæн, уотæ!»
Уæрхæгмæ еци унафи хабар кадæр бахаста ‘ма мæзгитмæ фæццудæй, æма намаз кæнун райдæдта, ковун Хуцау-мæ:
– А, Хуцау! Мæ унафæ уотæ ку адтæй æма, мæ рамæлæти уæнгæ дæр уосæ нæ ракордзæнæн, зæгъгæ, гъенур ба ци кæнон? Уосæ ракорон, æма Хуцауи размæ мæ уасхæ ихæлгæ кæнуй. Ма ракорон ‘ма Нарти астæу кадгинæй фæццардтæн нур ба мæ æгадæй ку рамаронцæ, уæд мæ ходуйнагдзийнадæ Нарти астæу байзайдзæнæй, фал мин кæд Нарти фæсевæд Хуцауи арæзтæй уосæ корун кæнунцæ?
Уæд имæ Нарти фæсевæди мийнæвæрттæ æрцудæнцæ ‘ма ин загътонцæ: «Уæрхæг, Нарти æхсæн кадгинæй фæццардтæ. Нур ба дæ фæсте байзайæггаг цæмæй байзайа, уой туххæй Нарти фæсевæди фæндæй уосæ ку ракорисæ, уотæ!»
Уæрхæг исарази æй уосæ ракорунбæл ‘ма Нарти фæсевæдæн загъта: «Майрæнбони алке æ рæвдзæй æрбацæуæд ‘ма уин уæд зæгъдзæнæн, кумæ цæун гъæуй, уой».
Æхуæдæгка Уæрхæг мæзгитмæ бабæй бацудæй ‘ма ковун рай-дæдта: «Хуцау, ниммин хатир кæнæ, уасхæ дин равардтон, нур ба ‘й фехалдтон, фал кæд дæхе арæзтæй æй, æндæра Нарти фæсевæди зæрди цæмæй æрæфтудайдæ еци гъуддаг?!»
Майрæнбони имæ Нарти фæсевæд сæ киндзхон рæвдзæй æрбацудæнцæ ‘ма сæ Уæрхæг къуæрттæ-къуæрттæ фæккодта: фæндур-дзæгъдгути хецæнæй, кафгути хецæнæй, бæхгинти хецæнæй, заргути дæр хецæнæй, æма сæ уотемæй цæун рæвдзæ æркодта.
Уæдта сагъæдахъи фат фехста Уæрхæг æма ауæдзæ хатгæ рандæ ‘й фат, уæдта еу бæрзонди хонсари фарси ниффедар æй.
Еци сагъæдахъи фати ауæдзæбæл рацудæй Уæрхæг æ киндзхонти хæццæ. Уæрхæг æ киндзхонти хæццæ цæунбæл ку ‘ссæй, уæд Нарти Æхсийнæ Сатана киндзхонтæн бафæдзахста, надбæл, зæгъгæ, уе ‘нгæс бадардзинайтæ Уæрхæгмæ, ‘ма дони хулуй ку кæна, уæд ма кæд æ мезунцъаг исфинкæ кæна, уæд ма ин зæнæг ес, æма уæд цæудзинайтæ, кæд нæбал исфинкæ кæна, уæдта раздæхдзинайтæ фæстæмæ.
Сæ фæдзæхстмæ гæсгæ ‘й еу рауæн багъæуай кодтонцæ Уæрхæги ‘ма æ дони хулуй хъæбæр исфинкæ кодта; киндзхонтæн сæ гъуддагмæ сæ зæрдæ фæррохсдæр æй æма уотемæй се ‘нгъудуатмæ рандæ ‘нцæ. Цæй бæрцæ фæццудайуонцæ, уæдта сæбæл байзæр æй æма Нарти фæсевæди æхсæвеуат искæнун фæндæ адтæй, фал син Уæрхæг загъта: «Цалинмæ мæ сагъæдахъи фатмæ рахъæртæн, уæдмæ нин æхсæвеуат искæнæн нæййес!» Цæун бабæй байдæдтонцæ, цæун, ‘ма æхсæвæ еу афони ба, – Уæрхæги сагъæдахъи фат кæми ниннæхстæй, уордæмæ æрхъæрттæнцæ, ‘ма син Уæрхæг загъта, не ‘хсæвеуат, зæгъгæ, ами кæнгæ ‘й!
Нарти фæсевæд исхъаугъа кодтонцæ, ай будури æнæдон рауæн, зæгъгæ, куд ниллæууæн?
Уæрхæг æ сагъæдахъи фат къахун байдæдта ‘ма дзæвгарæ ку искъахта, уæдта зæнхи бунмæ устур дуар байгон æй, ‘ма Уæрхæг æ киндзхонти хæццæ зæнхи бунмæ еци дуарбæл ниццудæнцæ, ‘ма уоми ба райгон æй дзенети дзæхæрадонæ. Дзенети дзæхæрадони Нарти фæсевæди зæрдæ исрохс æй æма устур кафт исаразтонцæ. Дзенети цидæр адæм адтæй, етæ сæбæл еугурæй дæр æрæмбурд æнцæ. Сæ фæндури гъæрмæ сæмæ Болат-Хæмици кизгæ авд аз-гъунсти уæладзуги сæрæй ракастæй.
Нарти Болат-Хæмиц æма æ кизгæ раздæр рамардæнцæ ‘ма мæрдти дзенети адтæнцæ, ‘ма Уæрхæг мæрдтæмæ Хæмици кизги корунмæ фæццудæй. Уæрхæг Хæмици кизги куддæр рауидта, уотæ авд уæладзуги бунмæ иссудæй ‘ма намаз кæнун райдæдта. Ковуй Хуцауæн, авд уæладзуги сæрмæ мин, зæгъгæ, асийнæ куд феста, уотæ!
Æстæмæй-астмæ фæккувта, уæдта ин авд азгъунсти сæрмæ асийнæ фестадæй æма ‘йбæл Уæрхæг исхизтæй æ тæккæ сæрмæ; минкъий ма ‘й куд гъудæй сæрккаг уæладзугмæ исхъæртунмæ, уотæ ба имæ кизгæ æхуæдæг рауадæй æма ‘ймæ дзоруй: «Минкъий уотæ фæллæууæ, нуртæккæ дæмæ рацæудзæнæн мæ рæвдзæй!»
Уæрхæг æй уоми бахизта ‘ма кизгæ алли хъумацæй æхе ку ра- рæвдзитæ кодта, уæдта имæ рацудæй, ‘ма зæнхæмæ æрхизтæнцæ. Уотемæй зæронд Уæрхæг æма Болат-Хæмици кизгæ бафедудтонцæ ‘ма лæг æма уоси æгъдауæй цæрун райдæдтонцæ.
Уæд сæмæ мæрдти Барастир фæззиндтæй ‘ма син Нарти фæсевæдæн æма Уæрхæгæн дæр загъта: «Сумахæн ами ун нæма æнгъезуй ‘ма уæлæбæл дуйнемæ фæстæмæ цотæ!»
Нарти фæсевæд Болат-Хæмици кизги мæрдтæй рахудтонцæ зæронд Уæрхæгæн æма уæлæбæл дуйнемæ иссудæнцæ, ‘ма ‘й Уæрхæги хæдзарæмæ исхудтонцæ.
Цæй бæрцæ рацудайдæ, уæдта Уæрхæгæн лæхъуæн райгурдæй ‘ма ‘йбæл ном исæвардтонцæ – Уæрхæги фурт минкъий Цибалци.
Цибалци æхсæвæ райгурдæй, бонæ ба хор къæразгæй æрбакастæй ‘ма хори тунæ Цибалций цæстæмæ ниййарæзтæй.
Уæрхæг уой ку рауидта, уæд бахудтæй ‘ма ‘й æ уосæ рафарста: «Цæбæл ниххудтæ?»
Уæрхæг ба ин загъта: «Æнмæйæнттæй ин тарстæн ‘ма нур ба уотæ æрцудæй: æдосæ Хорæн дæр кизгæ райгурдæй ‘ма нур ба къæразгæй Цибалций цæститæмæ æрбакастæй, ‘ма, гъе, уобæл ниххудтæн!» Уæд Цибалци рагъомбæл æй ‘ма Хори гъæуи биццеути хæццæ гъазун райдæдта. Еу кæми адтæй, уоми ба ‘й Хори гъæуи биццеутæ раскъафтонцæ, «нæ сиахс», зæгъгæ, ‘ма ‘й Хори хæдзарæмæ бахудтонцæ.
Уоми ба Цибалци Хори кизгæ Адæдзейи хæццæ сæ кæрæдзей базудтонцæ, уæдта Цибалци уой дæр базудта, ‘ма ин Хор æ кизгæ Адæдзейи-рæсугъди ке равардта, уой.
Уотемæй Цибалци Хори кизги хæццæ Хори хæдзари цæрун байдæдта лæг æма уоси æгъдауæй.
Цæй бæрцæ фæццардайуонцæ, уæдта, еу кæми адтæй, уоми ба Цибалци ниммæтъæл æй ‘ма ‘й æ уосæ Адæдзейи-рæсугъд фæрсуй, цæбæл мæтъæл дæ, зæгъгæ.
Уæд ин Цибалци загъта: «Ами мин цард хуарз кæд ес, уæддæр мæ мадæ ‘ма фидæ мæ зæрди æфтуйунцæ ‘ма мæ нæхемæ фæндуй».
– Мадта мæнмæ дæр уотæ хуæздæр кæсуй: гъæздуг цæгатæй мæгур хæдзарæ хуæздæр æй ‘ма дæ кæд фæндуй, уæд цæуæн дæ фиди хæдзарæмæ, нæхемæ.
Цибалци æма Хори кизгæ Адæдзе-рæсугъд Хори хæдзарæй сæхемæ цæун унафæ искодтонцæ, фал Адæдзе-рæсугъд æ фидæ Хорæн загъта: «Уæд мæ сæри хецауи фидæн ба ци фæххæссон хецайуагæн?»
Хор ба ин загъта, мæнæ ин аци æсхъæр хæссæ, зæгъгæ.
Еци æсхъæр ба уæхæн адтæй, ‘ма е ‘фцæкъуатæй заргæ кодта, æ реутæй фæрсаг кодта, æ дустæй æрдзæф кодта, æ думæггæгтæй ба кафгæ кодта.
Уотемæй Цибалци æ уосæ Адæдзейи-рæсугъди хæццæ æ хæдзарæмæ æрцудæй, ‘ма Уæрхæгæн ба хецайуагæн æ ностæ æрхас-та æсхъæр, Хор ин æхуæдæг ке равардта, уой.
Раги, еци дзамани æгъдау уотæ адтæй, ‘ма лæг уосæ ку æрхонидæ, уæд ин афæй балци æнæ цæун н’ адтæй ‘ма Цибалци æ уоси, Адæдзейи-рæсугъди, сæ хæдзари ниууагъта, æхуæдæгка афæй балци рандæ ‘й.
Уæрхæг дæр, æ ностæ ин ци æсхъæр æрхаста хецайуагæн, уой искæнидæ æ уæле ‘ма нихæсмæ рацæуидæ. Уæхæн æсхъæр некæд фæууиндæ ‘й æма адæм Уæрхæгбæл æмбурд кодтонцæ, ‘ма ‘ймæ кастæнцæ.
Уæд Соппæри æртæ фурти Уæлппи бæрзондæй ракастæнцæ ‘ма Нарти гъæуи нихæсмæ ниууидтонцæ Уæрхæги, еци дессаг æсхъæр æ уæле, уотемæй. Хъæбæр фæддес кодтонцæ ‘ма загътонцæ:
– Ци дессаг æсхъæр ес еци лæгъуз зæронд Уæрхæги уæле! Цæйтæ, цæуæн æма ин е схъæр дæр байсдзинан, уæдта ин æ рагъæй дæр дууæ гæрзи рауадздзинан, æма сæ нæхемæ исхæсдзинан!
Соппæри æртæ фурти æрцудæнцæ Уæрхæгмæ æма ин е схъæр дæр байстонцæ, уæдта ин æ рагъæй дæр дууæ гæрзи рауагътонцæ, ‘ма уотемæй сæхемæ исфардæг æнцæ.
Уæрхæг ба, е ‘рагъæй ин дууæ гæрзи ку рауагътонцæ, уæд ма къæдз-къæдзи æ хуссæнуатмæ бацудæй ‘ма нихъхъан кодта, ‘ма уоми тумбулæй лæудтæй.
Уæд афæй æрхъæрттæй ‘ма Уæрхæги фурт Цибалци æхсæвæ æнафони исхъæрттæй, ‘ма æ уосæмæ дуар бахуаста.
Уосæ дæр имæ дзоруй: «Нæ дин байгон кæндзæнæн дуар, цалинмæ мин нæртон уасхæ раттай, ци дин зæгъон, уой куд бакæндзæнæ, уобæл».
Мæнкъæй Цибалци дæр имæ дзоруй:
– Дæттун дин нæртон уасхæ, тагъд байгон кæнæ дуар, мæлун! Адæдзе-рæсугъд дæр ин дуар фегон кодта ‘ма Цибалци фæммеддуар æй: æ хъæппæлтæ фелваста ‘ма æ фæрстæй фæттæ гæр-гæрæй æркалдæнцæ; æ фæрсти цар ницъцъæлæ ‘й ‘ма дзоруй æ уосæмæ, мæлун, зæгъгæ.
Æ уосæ Адæдзе-рæсугъд дæр рагæпп кодта, æ хорæй авги уæхæн хуасæ фелваста, ра ин си ниуазун кодта æма Цибалци, фиццаг куд адтæй, уомæй дæр хуæздæр фестадæй.
Цибалци ку æрдзæбæх æй, уæдта Адæдзейи-рæсугъди фæрсуй: «Гъенур ба мин зæгъæ, уасхæ ми цæбæл курдтай, уой!»
Адæдзе-рæсугъд ин загъта: «Соппæри æртæ фурти æрцудæнцæ ‘ма дин дæ фиди зæрондæй æсхъæр раластонцæ, æ рагъæй ба ин дууæ гæрзи рауагътонцæ, ‘ма уæртæ æ хуссæни тумбулæй лæууй, ‘ма дæ фиди æфхуæрд куд райсай, уотæ!»
Цибалци сæумæй раги фестадæй ‘ма æ готони рæвдзæй Соппæри æрдозæмæ фæццудæй, ‘ма cи хумæ кæнун райдæдта.
Соппæри æртæ фурти бабæй Уæлппи бæрзондæй ракастæнцæ сæ будуртæмæ ‘ма Соппæри æрдози еу лæг ниууидтонцæ хумæ гæнгæ, ‘ма хъæбæр ниддес кодтонцæ:
– Дессаг, е ка уа? Мах зæнхæ ка бандеудзæнæй æнæ бафæрсгæй? Æма ‘ймæ æртемæй дæр рацæй цудæнцæ. Ку имæ æрхæстæг æнцæ, уæд æй бафæсмардтонцæ ‘ма сæмæ сæ хестæр дзоруй: «Е ба Нарти зæронд бунмез, Уæрхæги фурт Цибалци ку æй, æма ‘ймæ æртемæй ци цæуæн?» Сæ кæстæрмæ дзоруй: «Уайгæ ду ‘ма ин ци гъæуй, уой ин бакæнæ, мах ба еу мæнги цауæни рахæтæн!»
Дууæ хестæри цауæни рандæ ‘нцæ, кæстæр ба Цибалцимæ æрхъæрттæй æма ‘ймæ дзоруй:
– Куййæй ка райгурдæй, ду ке зæнхæбæл рахуæстæ, æнæ бафæрсгæй? Æвæдзи ду дæ фиди маст хатунмæ гъавис, фал дæмæ гъенур бæрæг уодзæнæй.
Фæгъгъæбесæй æнцæ. Рахуæцæ-бахуæцæ фæккодтонцæ, уæдта сæ дууæ дæр нæбал фæразтонцæ ‘ма фæйнердæмæ рахъан æнцæ.
Цибалций æ уосæ ци хуасæй радзæбæх кодта, еци хуасæ ин æ хæццæ равардта ‘ма ин загъта: «Ку исхъурмæ уай, уæд си еу бани- уазисæ!»
Цибалци дæр еци хуаси авгæ æ дзиппæй фелваста ‘ма си рахупп кодта, ‘ма еци фæдбæл фæннæуæг æй, ‘ма Соппæри кæстæр фурти рамардта.
Уалдæнги Соппæри дууæ хестæр фурти цауæнæй æрцудæнцæ, ‘ма хестæр астæуккагмæ дзоруй: «Цоуай, рабæрæг кæнæ, нæ кæстæр æнсувæр ци бакодта Уæрхæги фуртæн, уой базонæ!»
Астæуккаг æнсувæр имæ ку ‘рхъæрттæй, уæд бабæй уой хæццæ дæр фæгъгъæбесæй æнцæ ‘ма бабæй ку ‘рфæллад æнцæ, уæд бабæй фæйнердæмæ рахъæнттæ ‘нцæ. ‘Ма бабæй Цибалци æ хуасæй раниуазта, фæннæуæг æй ‘ма бабæй астæуккаг æнсувæри дæр рамардта.
Уæд имæ хестæр æнсувæр æхе рауагъта ‘ма ‘ймæ гъæрæй дзоруй: «Дæлæ куй! Уогæ ба мин мæ дууæ æнсувæрей дæр рамардтай!»
Цибалций хæццæ е дæр фæгъгъæбесæй-гъæбесмæ æнцæ. Цæй бæрцæ фæххуæстайуонцæ, Хуцау зонуй, уæдта бабæй етæ дæр фæйнердæмæ рахъæнттæ ‘нцæ. Цибалцимæ дæр æ хуасæй нæбал адтæй ‘ма сæ дууæ дæр æрдæгмæрдтæй лæудтæнцæ хъантæй.
Уæд еци хабар мæрдтæмæ Болат-Хæмицмæ байгъустæй. Дæ хуæрифурт Соппæри дууæ фуртей рамардта, зæгъгæ, æртиккаг фурти хæццæ ба сæ кæрæдзей æрдæгмæрдтæ фæккодтонцæ ‘ма сæ дууæ дæр хъæнттæй лæуунцæ.
Болат-Хæмиц еци хабар куддæр райгъуста, – буйнагин цъæфсæ раскъафта ‘ма мæрдтæй уæлæбæл дуйнемæ исхизтæй, ‘ма уайтæкки дæр Цибалций сæргъи æрбалæудтæй. Буйнагин цъæфсæй æй ра-къуæрдта ‘ма Цибалци, фиццаг куд адтæй, уомæй дæр ма хуæздæр фестадæй. Соппæри хестæр фурт ба ма æрдæгмардæй хъанæй лæудтæй ‘ма ‘ймæ Цибалци дзоруй: «Мæ фиди æсхъæр æма ин æ рагъæй ци дууæ гæрзи рауагътайтæ, етæ кæми æнцæ, уой мин бамонæ ‘ма дæ нæбал рамардзæнæн».
Соппæри хестæр фурт ба ин загъта: «Дæ фиди æсхъæр æма ин æ рагъæй ци дууæ гæрзи рауагътан, етæ æнцæ уæртæ Тарæ-коми думæгмæ Соппæри устур лæгæти!»
Цибалцийæн Соппæри хестæр фурт ма уой ку радзурдта, уæдта бабæй уой дæр рамардта, æхуæдæгка Тарæ-коми думæгмæ Соппæри лæгæтмæ фæццудæй ‘ма уордигæй æ фиди æсхъæр, æма ин æ фиди рагъæй ци дууæ гæрзи рауагътонцæ, уони рахаста.
Уæдта ин Болат-Хæмиц загъта: «Цæй нур ба цæуæн рахæтæн!» Æма фæйнæ сауæнгебæл рандæ ‘нцæ. Болат-Хæмиц цауæни рæуони мæрдтæмæ фæстæмæ никъкъуæрдта, Цибалци сæ бунатмæ саги марди хæццæ фездахтæй.
Болат-Хæмиц ку некæмибал зиндтæй, уæд æй Цибалци базудта, фæстæмæ мæрдтæмæ ке рандæ ‘й, уой; æ буйнагин цъæфсæ дæр ин бунати ниууагъта. Цибалци саги мардæй, æсхъæрæй, æ фиди рагъи гæрзитæй, буйнагин цъæфсæй, – еугурæй дæр сæ рамбурд кодта ‘ма æ хæдзарæмæ æрцудæй. Æ фидæ Уæрхæги рагъбæл, ци дууæ гæрзи си рауагътонцæ Соппæри фурттæ, уони февардта ‘ма ‘й буйнагин цъæфсæй ратъæпп кодта, ‘ма Уæрхæг, фиццаг куд адтæй, уотæ фестадæй. Æ уосæ дæр ибæл ниццийнæ ‘й: «Æгайти ма дæ фиди æфхуæрд райстай!»
Уотемæй Нарти Уæрхæги фурт Цибалци æма æ уосæ, Хори кизгæ Адæдзе-рæсугъд, дзæбæх цæргæ байзадæнцæ Нарти æхсæн.
Устур и Нартмæ бæрæгдæр адтæй дууæ муггаги: Бориатæ æма Æхсæртæгкатæ.
Бориатæ адтæнцæ берæ муггаг, Æхсæртæгкатæ ба адæмæй – минкъий, æхсарæй ба – итинг муггаг.
И дууæ муггаги Хуцау кæрæдземæ фæййерис кодта. Еу хатт кæми адтæй, уоми Бориатæ ниццудæнцæ Æхсæртæгкатæмæ ‘ма си нæлистæгæй муггаг нæбал ниууагътонцæ, Багъодзайæй фæстæмæ.
Е ба адтæй, еу, дæхуæдæг куд зонай, уæхæн нæбæззон, иругъд- гомау. Фал ма Æхсæртæгкатæн сæ уоститæй еу мæгури кизгæ æ цæгатмæ рандæ ‘й зæрдæхсайгæй.
Ци рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта ин райгурдæй фазæнттæ – дууæ лæхъуæни. Нæмттæ сæбæл исæвардтонцæ Æхсарæ æма Æхсæртæг. Рацæппо-лæппо æнцæ и биццеутæ, гъазунгъон фæцæнцæ æма æнгарти рафхуæриуонцæ. Етæ ба син рафедис кæниуонцæ, – кæмæй айтæ, уой ку нæ зонетæ, зæгъгæ.
Сæ мадæ дæр син радзубанди кодта: «Уæ муггаг – Æхсæртæгкатæ. Ба ма уи изадæй Багъодза, зæгъгæ, еу, иннети ба Бориатæ ниццагътонцæ».
Дууæ лæхъуæни фæйнæ бæхи исефтонг кодтонцæ; цæун райдæд-тонцæ æма Багъодзай дуармæ æрлæудтæнцæ. Багъодза сæ байуазæг кодта; иуазгутæ дæр ин сæхе бафæсмæрун кодтонцæ ‘ма базонун кодтонцæ, етæ Æхсæртæгкати байзайæггæгтæ ке адтæнцæ, уой.
Багъодза дæр сæбæл ниццийнæ ‘й, уæдта син æрдзурдта æ царди гъуддæгтæ ‘ма иуазæги фæлхæнтæ.
Æризæр æй. Æхсæвæ и кæстæр Æхсарæ загъта: «Аци æхсæвæ и фæткъу бæласæ æз куд гъæуай кæнон, уотæ».
И фæткъу ба адтæй Багъодзайæн æ тургъи. Изæрæй тала рауа- дзидæ, æ деденæг рафадидæ, рафæткъу уидæ, сæумæмæ ба æзгъæлун райдаидæ.
Еу маргъ ин ибæл багъомпал æй ‘ма ‘й цæттæ кæнун нæбал уагъта. Æхсæвæ имæ æрцæуидæ ‘ма ‘й ниццæгъдидæ.
Багъодза дзурд равардта: «Изæрæй мæмæ кадæр цæуа, е æй гъæуай кæнун ку нæ бафæраза, уæд ин æ сæр куд æркæнон, уотæ».
Еци дзурдмæ гæсгæ сæдæ сæри æркодта ‘ма сæ зилдæгæй æ кегъоги кæрæнтти хамеци мехтæбæл æрцавта. Уомæ гæсгæ Багъо-дза, цидæр адтæй, нæ арази кодта Æхсарæн, уотемæй ку нæ ба-фæраза, уæд мæхе фид ку бахуæрдзæнæн, зæгъгæ. Н’ адтæй, уæддæр Æхсарæ не скоммæ кастæй ‘ма æхсæвæ бæласи буни бадун райдæдта. Фæббадтæй, бонивайæн æрдæмæ ба рафунæй æй. И маргъ æртахтæй æма ниццагъта и фæткъу. Багъодза дæр, цæмæй æ сомийæн æцæг адтайдæ, уомæй ин æ еу æнгулдзæ æркъуæрдта.
Дуккаг æхсæвæ ба гъæуай кæнун райдæдта Æхсæртæг.
Раст бонивайæни ба еу цидæр, маргъи хузи, и бæласæмæ æртахтæй ‘ма ‘й куд ниццагъта, уотæ ба ‘й Æхсæртæг дæр фехста, ‘ма ‘й фæццæф кодта.
Е дæр нихъхъес-хъес кодта ‘ма фæстæмæ рандæ ‘й. Æхсæртæг еу бæласи сифæбæл тоги æртæх иссердта, ба ‘й тухта, æ киси ‘й ниввардта, сæумæ ба загъта Багъодзайæн: «Ме ‘рвади дæумæ уа- дзун, æз ба цæун, ци ниццавтон, уой бабæрæг кæнунмæ».
Æ дууæ егарей хæццæ ранæхстæр æй. Алли рауæн дæр агурдта ‘ма ‘й некæми ирдта.
Уæдта еу хани гъæумæ бахъæрттæй. И ханæн ба æ кизгæ æ уодæй гъазта ‘ма ибæл адæм æмбурдтæ кодтонцæ. И кизгæ ба адтæй, Æхсæртæг и ‘хсæвæ ке ниццавта, е.
Æхсæртæг адæми кæронмæ бастадæй и тоги æртæх æ кисæй, бæласи сифæбæл, исиста, уомæй ин æ цæф байсарста æма и кизгæ æ мадæй райгурæгау иссæй.
Хан ин æй бийнонтæн равардта. Æхсæртæг ханмæ цæрун райдæдта. Адтæй цауæйнон лæг; æ дууæ егарей хæццæ фæццæуидæ ‘ма уотемæй æхе сирди фидæй дардта. Уотемæй цардæй Æхсæртæг. Цауæни-еу ку цæуидæ, уæд ин ниффæдзæхсиуонцæ, еу комæй уотæ, уордæмæ ма бацо, зæгъгæ.
Еу бон Æхсæртæг фæххаттæй ‘ма некæми неци иссирдта, изæрæрдæмæ ба еци коммæ бафтудæй.
Уой медæгæ ба сæгтæ æруæзтæй хизтæнцæ, сæ астæу ба – уорс гъæуанз. Æхсæртæг фехста уорс гъæуанзи. Гъæуанз зелун райдæдта ‘ма коми думæги еу æндзæри ниллæудтæй.
Ниййимæ цудæй Æхсæртæг ‘ма ‘й и рæбун еу лæгæти бафснайдта. Æхсæвæ арт никкодта ‘ма фезонæгæй дууæ ухсти байдзаг кодта. Уæд имæ лæгæти хурфæй еу уосæ æрацудæй ‘ма имæ дзоруй: «Мæ фонс мин цæмæн фæццагътай?» Æхсæртæг дæр ин загъта: «Дæ фонс нæ ‘нцæ, фал æрацо ‘ма ести бахуæрæ».
Уосæ исбадтæй арти фарсмæ, æхуæдæг ба ин æ егæртти хъури æ дзиккой халæ бабæттун кодта, æ сагъæдахъи кæронбæл ба æ уæдæртæ бакæнун кодта. Уæдта ухстæлтæмæ равналдта ‘ма сæ æ гъæлæси бакалдта, уой фæсте ба Æхсæртæги хæццæ фæллæгæй-лæгмæ æнцæ. Уосæ ибæл фæхъхъæбæрдæр æй, буйнагин æхсæй æй æрцавта ‘ма, æхецæн куд хуарз, уотæ ‘й фестун кодта.
Æхсарæ æнгъæл кæсун райдæдта е ‘рвадæмæ.
Уа, нæ уа, ку некæми зиндтæй, уæдта имæ агорæг рандæ ‘й. Æма, цидæр адтæй, и ханмæ нихъхъæрттæй.
Маха дæ фесæфун æнгъæл ку адтан, зæгъгæ, ибæл ниццийнæ ‘нцæ Æхсæртæги рæуаги.
Æхсæвæ ‘й уатмæ бакодтонцæ. Æхсарæ балæдæрдтæй, е ‘рвадæ ке фесавдæй, уой ‘ма е дæр уосæй æхе астæу æ кард ниввардта. Уосæ ибæл фæддес кодта. Æхсарæ ‘ма Æхсæртæг æнхузæн адтæнцæ ‘ма ‘й нæ бафæсмардта.
И бонæ Æхсарæ цауæн райдæдта æ дууæ егарей хæццæ ‘ма ‘й Хуцау еци коммæ бахаста; рамардта е дæр еци уорс гъæуанз; еци лæгæти ‘й бафснайдта; ниййарт кодта ‘ма фезонгутæ исрæвдзæ кодта. Уалæнги имæ лæгæтæй и уосæ æрацудæй, гъæртæ гæнгæ: «Мæ фонс мин цæмæн фæццагътай?»
– Дæ фонс нæ ‘нцæ, фал рацо ‘ма ести бахуæрæ!
– ‘Ма мæбæл дæ егæрттæ фæххуæцдзæнæнцæ, дæ сагъæдахъ ба мæ ниццæвдзæнæй, ‘ма мæнæ дæ егæрттæбæл мæ дзиккой халæ бафтауæ, дæ сагъæдахъбæл мæ уæдæртæ бакæнæ!
Æхсарæ дæр ин æ дзиккой халæ артбæл багæлста, æ уæдæртæ ба ин къоли разилдта.
И уосæ имæ дзоруй: «Ци ‘й е? Цæй цæх-цæх æй ‘ма цæй тъуппитæ ‘нцæ?»
– Цæститæ дæбæл нæ ес? Фезонгутæ цæх-цæх кæнунцæ. Тъуппитæ ба, æвæдзи, æруæзтæ дортæ зелунцæ ‘ма уордæгæй цæуй.
Уосæй байруагæс æй, æрбацудæй, арти фарсмæ исбадтæй ‘ма фæгъгъæбесæй æнцæ. Уосæ хъæбæрдæр кæнун райдæдта. Æхсарæ дæр æ егæрттæбæл фæгъгъæр кодта.
Егæрттæ фæллæбурдтонцæ ‘ма уосæн е скъелти рафедар æнцæ, фат ба ‘й фехста. ‘Ма и уосæ рауæлгоммæ ‘й, ‘ма лихстæ кæнун райдæдта, мæ уод де ‘уазæг, зæгъгæ.
– Ме ‘рвадæ мин куд адтæй, уотæ фестун кæнæ ‘ма дин хатир фæууæд!
Уосæ син буйнагин æхсæй сæ астæутæ æрцавта ‘ма Æхсæртæг куд адтæй, уотæ фестадæй æ егæртти хæццæ. Уæдта Æхсарæ ‘ма Æхсæртæг и уосæмæ баздахтæнцæ ‘ма ‘й фæрки-фæркгай никкодтонцæ.
Ханмæ æрцудæнцæ. Хан, дууæ ‘рвадемæй ка ке сиахс адтæй, уой нæбал зудта. Æрæхсæвæ ‘й ‘ма лæхъуæн æ уатмæ бацудæй. Æ уосæ болат кæрдæн æриста ‘ма ‘й сæ астæу æривардта.
Æрбон æй ‘ма лæхъуæнтæ сæ хæдзарæмæ ранæхстæр æнцæ, хан син лæвæрттæ дæр ракодта.
Надбæл Æхсæртæг гурусхæ кæнун райдæдта е ‘рвадæбæл.
Æхсарæ сагъæдахъбæл фат исæнгон кодта ‘ма загъта: «Кæд махмæ ести цъумурдзийнадæ æрхъæрттæй, уæд аци фат еуемæй фæццæуæд, дууемæй ба æриздæхæд ‘ма мæ сæри астæу ниххæссæд, кенæ ба дууемæй æриздæхæд, ‘ма мин мæ растдзийнадæ куд базонай ду, уой бакæнæд!»
Сагъæдахъи фат дууемæй æриздахтæй ‘ма Æхсæртæгæн е ‘нгулдзæ къохæй фæххаун кодта.
Æрваддæлтæ кæрæдзебæл баууæндтæнцæ.Æхсæртæг æма Æхсарæй бабæй нæуæгæй исахидтæнцæ Æхсæртæгкати муггаг.
ÆХСÆРТÆГКАТÆ ÆМА БОРИАТÆ КУД ЦАРДÆНЦÆ, УОЙ ТАУÆРÆХЪ
Æхсæртæгкатæ ‘ма Бориатæ адтæнцæ нæртон муггæгтæй æма цардæнцæ æзнагæй, сæ кæрæдземæ дардтонцæ мади уазал æма фиди хæран. Бориати Борæфæрнуги уосæ Алцри адтæй Æхсæртæгкати кизгæ, хуæрифурттæ дæр син сæмæ адтæй.
Æхсæртæгкати Урузмæгæн адтæй еунæг лæхъуæн, Айсана. Айсана алли бон дæр цауæни цудæй ‘ма фæстæмæ саги марди хæццæ ку ‘рцæуидæ, уæдта æ уæргътæ Курдалæгони дуармæ устур бадæнбæл февæридæ, æхуæдæгка ма еци фæлладæй дæр Курд-алæгони устур дзæбокæй хъæстаргъ æртæ цæфи никкæнидæ.
Бориатæ Айсанамæ соцъа кодтонцæ ‘ма ‘йбæл марун унафæ ракодтонцæ. Еу бон кæми адтæй, уоми Бориатæ Курдалæгони дуармæ хъæбæр арф къахт искодтонцæ, æ сæр ба ин гъæмпæй бамбарзтонцæ. Айсана еци изæрæй цауæнæй ку ‘рцудæй æма Курдалæгони размæ ку ‘рхъæрттæй, уæд еци къахти ниххаудтæй, æма уоми рамардæй. Æхсæртæгкатæ, сæ лæг ку нæбал зиндтæй, уæдта ‘й агорун райдæдтонцæ. Фæдæй хуарз ка æртаста, уæхæн куй сæмæ адтæй ‘ма сæ хæдзарæй Айсанай фæд райста, ‘ма сæ Курдалæгони дуармæ къахти сæргъи æрлæуун кодта, ‘ма ‘й уордигæй исистонцæ Айсанай мард; уæдта ‘й Бориатæ ке рамардтонцæ, е дæр син исбæрæг æй.
Уæдæй фæстæмæ Æхсæртæгкатæ агорун байдæдтонцæ сæ тог райсунбæл Бориатæй.
Раги æгъдау уотæ адтæй æма дууæ муггаги ку фæттоггин уиуонцæ, уæд сæ еу иннемæй кизгæ ракоридæ, ‘ма хуæрифурт æхсæнтæ исуиуонцæ, ‘ма уотемæй се ‘знаггадæ фехæлидæ.
Æхсæртæгкатæ кæд æфхуард адтæнцæ, уæддæр Бориатæн загътонцæ: – Кенæ нин уæ фæсевæдæй кизгæ раттетæ, кенæдта уин мах ратдзинан.
Бориатæмæ уæхæн кизгæ н’ адтæй, фал син Æхсæртæгкатæ загътонцæ, мах уин, зæгъгæ, ратдзинан кизгæ! ‘Ма Хæмици рехæ радастонцæ, ра ‘й рæсугъдтæ кодтонцæ, уæдта ‘йбæл кизги дарæс искодтонцæ, ‘ма ‘й лæгмæ равардтонцæ сæ хуæрифуртæн – Бориати Борæфæрнуги фуртæн. Кизги рæуони Бориатæ Хæмици æрхудтонцæ Борæфæрнуг æма Алцрий лæхъуæнæн.
Æхсæвæ еунæгæй ку байзадæнцæ Борæфæрнуги лæхъуæн æма Хæмиц кизги хузи, уæд æй Хæмиц рамардта, æхуæдæгка ралигъдæй Бориатæй æма сæхемæ иссудæй. Уотемæй Æхсæртæгкатæ сæ тог райстонцæ Бориатæй, Борæфæрнуги лæхъуæн кæд сæ хуæрифурт адтæй, уæддæр æй рамардтонцæ.
Нæртон адæмæн искурдиадæ адтæй ‘ма Алцри, æ лæхъуæни ин е ‘нсувæртæ рамардтонцæ, зæгъгæ, уой ку базудта, уæд Æхсæртæгкатæмæ фæууадæй ‘ма, æмбурд куд адтæнцæ Урузмæгæй, Хæмицæй, Сосланæй, æндæрæй, уотемæй сæ феййафта, ‘ма сæ ралгъиста:
– Ардигæй æндæр бæстæмæ ледзæг куд фæууайтæ ‘ма авд анзи уæ зæгъæн цъухæн загъд уæ арми куд нæбал æфтуйа, уе ‘ргъæвагæ хуæцæнгарз æргъæвгæ куд нæбал кæна, уæ кæрдагæ кард кæрдгæ куд нæбал кæна, иуазæггади кæмæ бацæуайтæ, е ба иуазæг куд нæбал кæна!
Сослан иннетæй нæрæмондæр адтæй ‘ма ‘ймæ нæбал фæллæудтæй, ‘ма ‘ймæ е дæр дзоруй:
– Мадта дин мах æлгъист ба фæууæд уотæ, ‘ма уæ Борæфæрнуги хæццæ нæл хæрæг æма силæ хæрæг фестун кæнæд, ‘ма авд анзи Нарти нихæсæй куд нæ рацох уайтæ, уæдта нæл хæрæг кæмидæр уа, етæ ба дæбæл куд æримбурд уонцæ, æма дæбæл куд фæллæуеронцæ, адæм дæр уæ куд нæ зононцæ, ка айтæ, уой, уотемæй!
Уотемæй сæбæл сæ кæрæдзей æлгъист æрцудæй.
Æхсæртæгкатæ фæллигъдæнцæ æндæр бæстæмæ ‘ма иуазæггади бацудæнцæ еу гъæуи Кæнти æлдармæ, Хуйæндагмæ. Кæнти æлдар Хуйæндаг сæмæ æндæмæ дæр нæ ракастæй, фал загъта:
– Уæртæ сæ кæркдонæмæ бакæнтæ!
Алцрий æлгъист сæбæл æнæ цæугæ н’ адтæй ‘ма авд анзи фæццардæнцæ Кæнти æлдар Хуйæндаги кæркдони.
Уæд еу хатт хисти гал æвгарстонцæ ‘ма кард агурдтонцæ, ‘ма сæмæ Сослан æ церхъ фелваста:
– Мæнæ ‘й мæн кардæй равгæрдетæ!
Сослани кард райстонцæ ‘ма ‘й гали æвгæрдæнбæл æрбадарæ- æрбадарæ фæккодтонцæ, ‘ма син цар дæр нæ ниллух кодта, ‘ма ин æ кард фехстонцæ. Сосланæн гъигæ куд н’ адтайдæ, фал Алцрий æлгъист æ зæрдæбæл æрбалæудтæй ‘ма уæд æ зæрдæ банцойнæ ‘й. Уæд хисти фингитæ исаразтонцæ ‘ма дзорунцæ:
– Еске, – зæгъгæ, – ниххæлар кæнæд!
‘Ма бабæй Урузмæг ралæуирдта:
– Æз сæ рахæлар кæндзæнæн!
Урузмæг финги сæргъи нирхуæстæй ‘ма зæгъун æ арми нецибал бафтудæй. Алцрий æлгъист бабæй сæбæл уоми дæр æрцудæй.
Уæд бабæй гъæуи еу мардæн догъ уагътонцæ ‘ма Æхсæртæгкатæ дæр сæ бæх еци догъи рауагътонцæ, ‘ма син фæстаг байзадæй, æгирид æнæ хай, æртæ бони фæстагдæр ба исхъæрттæй, ‘ма син сæ бæхбæл гириз кодтонцæ, уæхæн лæгъуз бæх, зæгъгæ, цæмæн ра-уагътайтæ догъи!
Уæд бабæй гъæуи хъабагъ ниссагътонцæ ‘ма æндургин к’ адтæй, етæ ибæл æрæмбурд æнцæ.
Хæмиц дæр е ‘ндури хæццæ фелвæстæй ‘ма загъта:
– Æз æй фехсдзæнæн раздæр!
‘Ма Хæмицæн раздæр барæ равардтонцæ. Хæмиц дæр хъабагъи цъозмæ ниййарæсæн кодта ‘ма ‘й фехста, ‘ма цъоз нæ, фал хъабагъи гъæдæ дæр нæ фергъавта. Хæмиц хъæбæр ниммæтъæл æй, а дуйнебæл е ‘ндурæй цæмæдæр багъавтайдæ, уомæн ин фæййевгъауæн н’ адтæй, фал бабæй сæбæл уоми дæр Алцрий æлгъист æрцудæй.
Уотемæй Æхсæртæгкатæбæл – Урузмæг, Хæмиц æма Сосланбæл Алцрий æлгъиститæ еугурæй дæр æрцудæнцæ. Сæ авд анзей кæрон ку æрхъæрттæй, уæд Сослан æ церхъ фæрсинсад кæнун райдæдта ‘ма ин загъта:
– Гал æвгæрдунмæ дæ дæтдзæнæн ‘ма гали бæрзæй нæ, фал ма æвгæрдæгæн дæр æ зæнгтæ нæ рахаун кодтай, уæд мин додой дæ сæр кæнуй!
Сæ авд анзи фæййевгъудæнцæ ‘ма Сослан фиццагдæр-фиццагдæр Кæнти æлдар Хуйæндагмæ фæммедæг æй, уомæй бал, зæгъгæ, фиццагдæр мæ маст райсон.
Кæнти æлдар Хуйæндаг Сослани куддæр рауидта, уотæ ‘йбæл ниццийнæ ‘й æма имæ дзоруй:
– Æгас цо, Сослан!
Фингæ ин æрбайаразун кодта ‘ма ‘й хъæбæр кадгин искодта. Сослан дæр имæ дзоруй:
– Авд анзи нæ хъæбæр æгадæй фæййидтай, фал мæ нур ба искадгин кодтай æма дин хатир фæууæд!
Уæд еу мардæн бабæй хист кодтонцæ ‘ма си гал равгæрдунмæ кард агурдтонцæ. Сослан сæмæ æ церхъ фелваста ‘ма сæмæ ‘й равардта, фал син загъта:
– Уæхе ба си гъæуай кæнтæ!
Галæвгæрдæг дæр ибæл гириз кодта:
– А бабæй, – зæгъгæ, – еухаттиккон кард æй!
Æрбавгарста гали ‘ма æ бæрзæй нæ, фал ма æвгæрдæги зæнгитæ дæр рахаун кодта.
Сослан дæр имæ дзоруй:
– Нæ дин загътон, дæхе гъæуай кæнæ, – зæгъгæ.
Уæд фингтæ исаразтонцæ ‘ма бабæй дзорунцæ:
– Еске сæ ниххæлар кæнæд, – зæгъгæ.
Урузмæг ниуазæн райста ‘ма фингтæ хæлар кæнун райдæдта, ‘ма ‘ймæ еугурæй дæр сæ гъæлæстæй нийгъустонцæ, уотæ цъухгин адтæй Урузмæг.
Уæд гъæуи хъабагъ ниссагътонцæ ‘ма ‘йбæл æндургинтæ æмбурд кодтонцæ. Уæд сæмæ Хæмиц фелвæстæй ‘ма си раздæр æхсуни барæ ракурдта. Фæ ‘й æхста хъабагъи Хæмиц ‘ма еунæг еци æхстæн цъоз рагæлста. Еугуремæй дæр уæд байруагæс æй, Хæмицæй æндургиндæр берæ ке неке ес, е.
Уæд хабар рацудæй, догъ ес, зæгъгæ, ‘ма Æхсæртæгкатæ дæр сæ бæх догъмæ æрластонцæ. Уоми бабæй сæбæл гириз кæнун байдæдтонцæ, – мæнæ бабæй еци бæх, зæгъгæ, еу анз догъи æртæ бони фæстагдæр ка иссудæй иннæ бæхтæй, е!
Догъи рандæ ‘й ‘ма Сослан сæ бæхбадæгæн уотæ ниффæдзахс-та, дæ бæх, зæгъгæ, æртæ бони фæстæдæр бауорамдзæнæ, уæдта ‘й рауадздзæнæ æхе бæрагæ!
Бæхбадæг дæр, Сослан ин куд загъта, уотæ бакодта; æртæ бони фæстæдæр æй бауорæдта æ бæхи, уæдта ‘й рауагъта æхе бæрагæ. Æхсæртæгкати бæх сæбæл уайтагъддæр еувæрстæ кæнун байдæдта. Ци бæхмæ исхъæртидæ, уомæн ба, кæмæн æ думæг ратонидæ, кæмæн æ барцæ, кæмæн æ гъостæ, кæмæн ба æ билæ, уотемæй иннæ бæхтæй æхсæз бони раздæр исхъæрттæй. Некæмæй ируагæс кодта, Æхсæртæгкати бæх иннæ бæхти хæццæ уадæй, е; еугурæй дæр уотæ æнгъалдтонцæ, ‘ма, кæд æй бæхбадæг хæстæг ескæми бауорæдта ‘ма уордигæй исуадæй, фал син бæхбадæг загъта:
– Мæнæ уæ бæхтæ ку ‘ссæуонцæ, уæд æй базондзинайтæ, мæ бæх бæхти хæццæ уадæй, æви нæ.
Уалдæнги æхсæз боней фæсте ба иннæ бæхтæ дæр еугай-дугаййæй хъæртун байдæдтонцæ; кæмæн æ думæг тунд, кæмæн æ гъос, кæмæн æ барцæ, кæмæн ба æ билæ.
Алкедæр рафæрсидæ, мæ бæх ци кодта, зæгъгæ.
‘Ма бæхбадгутæ загътонцæ:
– Æхсæртæгкати бæхбадæг æ бæх æртæ бони фæстагдæр бауо-рæдта, уæдта уайунахур бæх исмæстгун æй ‘ма ке исæййафидæ, уомæн ба, кæмæн æ думæг ратонидæ, кæмæн æ гъос, кæмæн æ барцæ, кæмæн ба æ билæ, уотемæй нæбæл фæййеувæрстæ кодта не ‘гасебæл дæр.
Æхсæртæгкати бæх, æнæ дайуагæй, фиццаги хай райста. Уотемæй Æхсæртæгкатæн сæ гъуддæгутæ алцæмæй дæр ку исрæвдзæ ‘нцæ, уæдта фæстæмæ æрбацудæнцæ Кæнти æлдар Хуйæндагмæ. Кæнти æлдар Хуйæндаг сæмæ фиццаг ци цæстæй кастæй, еци цæстæй сæмæ нæбал кастæй, фал сæ рафарста, цæмæн æрифтудайтæ ардæмæ æма уæ ци гъæуй, зæгъгæ. Сослан ба ин загъта:
– Нæ æнтоггин Бориати хæццæ рагæй дæр цæрæн мади уазал æма фиди хæранæй ‘ма ди нур ба мах дæуæй корæн æфсæдтæ Бориати фесафуни туххæй.
Кæнти æлдар Хуйæндаг ба ин загъта Сосланæн:
– Цотæ уæлæ айнæгмæ ‘ма ‘ймæ хатиаг æвзагæй исдзордзæнæ, ‘ма дин айнæги фарсæй дуар байгон уодзæнæй, æма си æфсæдтæ цæудзæнæй, ‘ма дæ цæй бæрцæ гъæуа, уой бæрцæ си рауадздзæнæ, фал син сæ разæй раздзæуæг рарветдзæнæ, ‘ма дин æй ме ‘фсæдтæ ку раййафонцæ, уæд уин уæ сæртæ куд æркæнон, уотæ, уæдта цал æфсæддони рауадзай, уой дæр ку нæ базонай, уæддæр уин уæ сæртæ куд æркæнон, уотæ!
Æхсæртæгкатæ исарази æнцæ еци дзурдтæбæл æма рандæ ‘нцæ айнæгмæ. Сослан Урузмæги æрфæнбæл рабадун кодта ‘ма ин загъта: – Æфсæдтæ ку рауадзæн, уæд-еу сæ разæй уайдзæнæ æррæстæ нæхе гъæумæ!
Айнæгмæ хатиаг æвзагæй исдзурдта Сослан ‘ма æ дуар фегон æй, ‘ма дуйней æфсæдтæ ракалдæй. Сосланæн банимайун дæр æ бон нæбал иссæй, уотæ берæ си рауадæй ‘ма сæбæл уæдта дуар фехгæдта. Урузмæг ба æрфæнбæл сæ разæй уадæй ‘ма ‘й æййафгæ дæр нæ кодтонцæ. Сосланæн сауæнгæ дæр æ мадзæлттæ кæнæг адтæй Сатана. Æхсийнæ хъумацæй æртикъахуг хæлаф ракарста ‘ма ‘й кауæбæл райауигъта.
Сирдон, дуйнебæл ци нæ зудта, уæхæн н’ адтæй, дæлуймонти хуæрифурт адтæй, æма, уомæ гæсгæ, Сирдон еци æртикъахуг хæлаф куддæр рауидта, уотæ ‘йбæл ниддес кодта ‘ма загъта:
– Мæн ма сайтан цæмæн фæххонунцæ, айæ мæнæй сайтандæр æй; Сослан Кæнти æлдар Хуйæндаги æфсæдтæ айнæгæй рауагъта сæдæ сæдæ мини, сæдæн æрдзæ сæ уæлдай, уонæй дæр æртæ къахи некæбæл ес, уæд æй а кæмæн искодта?
Кæнти æлдар Хуйæндаг радзурдта ‘ма ‘й рафарста:
– Æфсæдти разæй раздзæуæг ка æрвист æй?
Сослан ба ин загъта:
– Мæ раздзæуæги мин де ‘фсæдтæ нæ раййафтонцæ.
– Уæд, цал æнцæ, уой ба базудтай?
– Мадта ‘ма Сослан цæмæй Сослан æй, кæд уони банимайун нæ фæразуй, уæд: сæдæ сæдæ мини, сæдæн æрдзæ сæ уæлдай.
Раервазтайтæ, зæгъгæ, сæмæ дзоруй Кæнти æлдар Хуйæндаг ‘ма цотæ, зæгъгæ, ‘ма мин ме ‘фсæдтæн ци кæнун кæнтæ, уой син бакæнун кæнтæ!
Æхсæртæгкатæ Кæнти æлдар Хуйæндаги æфсæдти хæццæ иссудæнцæ ‘ма Бориати ниццагътонцæ, муггаг си æгириддæр нæбал ниууагътонцæ.
Еци бонæй фæстæмæ Бориати кой фесавдæй, Æхсæртæгкатæ ба сæ гъæуи цæргæ байзадæнцæ.
Стонг анз Нарти адæмбæл ку скодта, стонг анз.
Сæ Авд нихæси ку сревæд æнцæ,
Рацæуæг, æзмæлæг ку нæбал фæууй
Устур Нарти гъæунгти.
Нарти Сатанамæ ку ес авд медæггойни,
Авд медæггойни фидæй идзаг.
Никки имæ ку ес авд медæггойни,
Авд медæггойни уорсаг æма дзолæй идзаг.
Никки имæ ку разиннуй алли хуæрдæ-ниуæзтæ,
Алли хуæрдæ-ниуæзтæ авд анзей фагæ.
Авд нихæсеми федеуæг нигъгъæр кæнун кæнуй:
«О, Нарти адæм, фегъосетæ! Урузмæг уæ абони
Æхемæ хонуй, хинцгæ уæ кæнуй.
Цæунгъон ка ‘й, е рацæуæд.
Цæунгъон ка нæ ‘й, уой ба хæсгæ ракæнтæ
Урузмæги тургъæмæ».
Нарти адæм ку рамбурд æнцæ,
Цæунгъон ка ‘й, етæ ку ‘рцæунцæ, ка нæ ‘й,
Уой ба сæ усхъити ку ‘рхæссунцæ.
Фингитæбæл ку сбадунцæ. Уæд се ‘хсæн
Урузмæг ку ‘рбадуй.
Уæларвæй цæргæс ку ‘ртæхуй,
Æма Урузмæги æ уæлнихти ку сесуй,
Денгизи сакъадахи устур дорбæл æй æрæвæруй.
Æ размæ лæгтæ рацæунцæ, медæмæ ‘й бахонунцæ,
Кувд ин ку саразунцæ. Дууæ лæхъуæни
Æ уæлгъос лæуунцæ. Урузмæг раковуй:
«Дууæ лæхъуæнемæй ка фæффиццаг уа,
Ковæггаг уомæн, – зæгъуй, – махæн не ‘гъдау
Уотæ ку æй». – Дууæ лæхъуæни дæр
Исуайунцæ. Раззаг ку схæццæ уй,
Уæд æ къах фæггуруй æма бахауй
Хъæмай циргъбæл. Хъæмай фий
Æ тæккæ зæрди уæд исмедæг уй.
Урузмæг никкæуй æма рацæуй.
Дорбæл ку сбадуй денгизи астæу,
Цæргæс бабæй æй æ уæлнихти
Исесуй æма æрæвæруй нæуæгæй
Нарти адæми астæу, æхе бунати.
«Нарти адæм, – зæгъуй Урузмæг, –
Ци уин радзорон? Рагон тауæрæхъ
Æви æригон хабар?» Етæ дæр зæгъунцæ:
«Ци нæ фегъустан, уæхæн хабар нæ гъæуй».
Куд адтæй, уой син радзоруй.
Æ уосæ Сатана æ дзиккотæмæ февналуй
Æма уотæ разæгъуй:
«О, зæронд æнамонд, дæ фурттæй ма
Еунæг е байзадæй, де ‘нæном лæхъуæн,
Уой дæр рамардтай, уой дæр бахуардтай!»
Адæм фæххæлеу æнцæ сæ фур хъурмæй.
Е ‘нæном лæхъуæн мæрдти ку фæууй,
Уæд Барастурæй фæндаг ракоруй уæлæмæ:
«Куд дæ рауадзон? – зæгъуй Барастур.
– Еугур мæрдтæ дæр дæ фæдбæл цæудзæнæнцæ».
Фесинмæ цæфхæдтæ æ бæхбæл
Бакæнуй æма рацæуй æнæном лæхъуæн,
Урузмæгбæл фембæлуй æма ин
Разæгъуй: «Фонс кæнунмæ фæццæуæн исон,
Нарти Стур фæзи дæ хездзæнæн».
Урузмæг æрбацæуй æма нихъхъурмæ уй:
«Минкъий биццеутæ дæр ма мæ сæ хæццæ
Фонс кæнунмæ хонунцæ!»
Ма тæрсæ, Урузмæг, зæгъгæ, загъта Сатана,
Æз Хуцауæй къæвда ракордзæнæн.
Авд бони ци ‘руара, уой бæрцæ æруаруй еу бонмæ.
Ракæсуй Сатана хæдзари сæрæй æма
Ниууинуй лæхъуæни цъæх зæлдæбæл бадгæй.
Урузмæг лæхъуæнмæ бацæуй.
Еумæ цæунцæ, Урузмæг разæй, лæхъуæн фæстегæй.
Фал Урузмæги бæх нæ фæразуй арф мети цæун.
«Аййепп ма уæд», – зæгъуй лæхъуæн æма æхе разæй фæккæнуй. Æ коми тулфæй лæхъуæни бæх мет тайун кæнуй
Æма фæндаг урухгæнгæ цæуй.
Ба ‘й фæрсуй Урузмæг: «Кæми нæма адтæ?»
Донбеттирæн æ бæхæргъæуттæмæ бацæунцæ.
Гæс син адтæй æфсæнцъух берæгъ.
Къагъд искæнунцæ; къагъди ниббадуй, æ бæх исуадзуй.
Берæгъ бæхмæ æ гъæлæс хæлеуæй куд æрхæссуй,
Уотæ ‘й фехсуй æнæном лæхъуæн æма ‘й рамаруй.
Æ гъос ин æрлух кæнуй, æ дзиппи ‘й ниввæруй.
Фæдесон ку нæ зиннуй.
Уæд æхуæдæг фæдесонæн гъæутæмæ бацæуй:
«Фæдес, Донбеттир, и бæхæргъæуттæ фæттардæуй!»
Адæм ибæл ходæгæй мæлунмæ, кувди бадгæй, æрцудæнцæ.
Лæхъуæни имæ рарветунцæ, медæмæ ин зæгъуй.
«Мæ бæхбæл мин хуæцун нæ бафæраздзинайтæ,
Дæхецæй устурдæрмæ бадзорæ».
Æндæр лæг рацæуй, е тухгиндæр разиннуй,
Ниффæдзæхсуй æнæном лæхъуæн: «Федар хуæцæ!»
«Бæх æ гъос ку ратона, уæд ин æ цуппæртæбæл
Хуæцун бафæраздзæнæн», – зæгъуй лæг.
Фингæбæл æй æрбадун кодтонцæ,
Ку бахуардта, уæд син загъта:
«Кæд уи не ‘руагæс кæнуй, уæд мæнæ
Уæ гъæуайгæси гъос». – Æхе бæхбæл багæлста
Æма ралигъдæй. Фонс сæ разæй фæккодтонцæ
Урузмæги хæццæ. Фæдесонтæ сæмæ ку ‘рхæстæг æнцæ,
Фæдеси хæццæ тохун байдæдтонцæ,
Уони дæр размæ нæбал рауагъта,
Нарти Устур фæзæмæ æртардтонцæ фонс,
Уоми ба биццеу загъта: «Аци фонс дæр
Дæу уæнтæ, Урузмæг, фал мæбæл
Ести схарз кæнæ, мæрдти размæ
Кæдзосæй куд бацæуон, уотæ.
Æз дæ фурт дæн, де ‘нæном лæхъуæн».
Æ бæх ниццæфтæ кæнуй ‘ма ратæхуй.
Урузмæгæн æ цæститæ донæй райдзаг æнцæ.
Æма æ фæдбæл уайун байдæдта.
«Дæ цæсгом ма мин фæййинун кæнæ!»
«Нæбал ес мæнæн раздæхæн!
Лæууæ, куд дин загътон, уотæ бакæнæ».
Ниллæудтæй Урузмæг. Е ба бацудæй
Мæрдти дуармæ. Фал хор ранигулдæй,
Æма ин бацæуæн нæбал адтæй,
Хуцаумæ скувта ‘ма дудзи хор ракастæй,
Дзенетмæ бацудæй. Урузмæг дæр фонс
Мæгуртæбæл байурста ‘ма æ фуртбæл
Æ мулк бахарз кодта еугурæй дæр.
Устур хист дæр адæмæн уæдæй байзадæй.
Не ‘фсийнæ Сатана æй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Сатанамæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-ра-сæ, сой!
Сатана нин радавдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-ра-сæ, сой,
Нæ тумбул финги æртæ къерей,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Еу ма дæр нин радавдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Фарс фезонæг цæх-цæхгæнгæ.
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Еу ма дæр мин радавдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Сау гъосини сау бæгæни,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ хестæр Урузмæги къохи сæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Уотæ зæгъуй, бакæндзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуцаумæ нин исковдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Хуцауæй нин хуарз гъуддæгтæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уотæ зæгъуй, ракордзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ хуарз Уасгергимæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Хуарз гъуддагбæл нæ сараздзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Фæндараст нæ фæккæндзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фонси Фæлвæрамæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Фонсæфсес нæ фæккæндзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Минтæ-минтæй нин февæрдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уотæ зæгъуй, сау нæл сæгътæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Еу ма дæр нин февæрдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Сæдтæ-сæдтæ зæдтаг фустæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Никколамæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Фæлвæрай фонсæй нин февæрдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Уотæ зæгъуй, бор нæл фустæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуари Уацелламæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Нæ сабийти нин æ дари дусæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Хуарзæрдæмæ радаудзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Стур кувдтитæ уæд кæндзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ хестæртæн уæд мингæйттæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Уонæй кæстæртæн уæд сæдгæйттæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Уонæй кæстæртæн уæд фæндзгæйттæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фæйнæ, фæйнæ раниуазæн,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой,
Æ хæдзарæн авди бæркад,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нарти Æхсийнæ – Сатана донмæ рацæуй;
Дони билæбæл стур дортæбæл
Æ хъæппæлтæ æхснуй.
Æ хæлаф ма ин байзадæй æхснуйнаг.
Уой ку фелвасуй,
Уæд ин æ уорс бауæр идардмæ еу фиййау фæййинуй
Æма донуордæг æхе стур дорбæл бадæлгоммæ кæнуй,
Æма нигъгъæр кæнуй уой фæсте:
– Хуарз уосæ, аци дор де ‘уазæг!
Батергади кæнуй уой рæсугъд уосæ.
Еу мæйæмæ ‘й курдтæмæ бахæссуй;
Етæ ‘й нимморæ кæнунцæ.
Æ авд фæлтæрни ин ку басæттунцæ,
Уæд ма ‘й байзайуй æфсæйнаг, æ хъаппæ.
Уой рахæссуй Æхсийнæ ‘ма ‘й фараст мæйи фæсте
Уордæгæй ‘ссæуй сувæллони гъæр.
Æфсæн хъаппæ басæттунцæ,
Уордæгæй исесунцæ уæд минги сувæллон.
Е фæууй Сослан, сос дори губунæй игурд
Ка хуннуй; æндон æфсæйнаг еугурæй дæр,
Уæраги къæдзтæй фæстæмæ.
Æ лæг æй нæ базонуй,
Е ‘хсирæй æй ку схæссунцæ.
Сгъомбæл уй Сослан,
Нартмæ æрцæуй æнæгъун лæхъуæнæй.
Кæцæй æй, уой си неке зонуй.
Æхсийнæ ку фæууй скъонхт Урузмæгæн æ уосæ.
Урузмæг еци сахати адæмæн сæ уарзон нæ фæууй.
Маруни фæндæ ибæл кæнунцæ Нарт.
Стур кувд ку фæууй,
Уæд фиццаг ниуазæни марг сцæттæ кæнунцæ.
Хонæг имæ Сослани рарветунцæ.
Сослан дæр ин Нарти фæндæ балæдæрун кæнуй.
Урузмæг æ хæццæ райсуй цубур хъæзæ лæдзæг,
Æ медæгæ марг, уæхæн лæдзæг.
Лæдзæг æ дуси ку бакæнуй Урузмæг.
Ниуазæн имæ ку ‘рхæссунцæ,
Уæд æй дуси хæтæли медæгæ рауадзуй.
Хуæрдæй æхе дзæбæх бафсадуй Урузмæг.
Æндегæй ин дуаргæрон стур къахт
Ку сцæттæ кæнунцæ Урузмæгæн,
Фал æй Сослан, куд æ кæстæр,
Æ рагъи февæруй æма ‘й дзæбæхæй рахонуй къахти сæрти.
Фурт ин нæ фæууй Урузмæгæн.
Сослани æ фурт скæнуй.
Уой фæсте Æхсийнæ базонун кæнуй Сослани рантæсæн.
СОСЛАН НАРТИ АДÆМИ ЗАКЪИТÆЙ КÆРЦÆ КУД ÆСКОДТА
Нарти Сослани зæрди æрифтудæй лæги закъитæй кæрцæ скæнун. Райдæдта уой туххæн Нарти адæми закъитæ тонун æма си кæрцфагæ æрæмбурд кодта. Уæд сæмæ Нарти кизгуттæ æма уоститæ æрæмбурд кодта æма сæ уонæмæ кæрцæ скæнунмæ равардта.
Уоститæ æма и кизгуттæ, кæрцæ кæнгæй, нæ фæу-уидтонцæ, нæ, ка æ лæги закъæ, ка е ‘рвади, ка ба æ фиди закъæ, фал ци кодтайуонцæ, – Сослан хъаурæгин адтæй.
Уæд сæмæ фелвæстæй къæсибадæг уосæ æма син и кæрци æфцæкъуатæ гъæуаггин искæнун кодта, æма син загъта: «Асæхъ-Масæхъ- Гъолонрехи закъæй ин æфцæкъуатæ гъæуй».
Сосланæн загътонцæ: «Дæ кæрцæ æфцæкъуатæ гъæуаггин иссæй æма ин Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæ исхæссæ æфцæкъуатæн».
Сослан рандæ ‘й Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи агорунмæ. Тухгин адтæй е. Сослан æй ниууидта, тугулдортæй кинау гъазгæй. Уæд имæ Сослан нихъхъæртуй æма ин «бонхуарз» зæгъуй.
Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ дзоруй Сосланмæ: «Ду зондзæнæ Нарти Сослани гъæзтитæй еститæ, ба мин сæ амонæ».
Уæд ин Сослан зæгъуй: «Мæнæ хæрди буни зонгутонтæ ниббадæ, æз ба дæбæл хонхæй тугулдортæ уадздзæнæн».
Ниббадтæй. Сослан ибæл тугулдортæ уæллæй уадзун байдæдта. Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ сæ райахæссидæ æма сæ фехсидæ. – А нецæй гъазт æй, – зæгъгæ, имæ уæлæмæ дзоруй.
– Мадта мæнæ къæдзæхи буни сбадæ, æз ба дæбæл къæдзæх ракалдзæнæн.
Исбадтæй. Сослан ибæл æгас хонх ракалдта, фал æй Асæхъ-Масæхъ- Гъолонрехæ æ къохæй бауорæдта.
– А дæр нецæй гъазт æй, – зæгъгæ, бабæй дзоруй Сосланмæ. – Мадта ма Сослан еу гъазт фæккæнуй: æртæ бони, уазал зу- мæгон бæнттæй, дони буни фæббадуй, дон хъæбæр арф ниййех уй æма, гъе, уой æ сæрæй æстонуй.
– Уой дæр бавзардзæнæн, – зæгъгæ, загъта Асæхъ-Масæхъ- Гъолонрехæ æма рандæ ‘нцæ денгизмæ.
Ниххизтæй. Нарти адæмæн искурдиадæ адтæй æма Сослан искувта: «Уо, хуцаути мæ Хуцау, а дон хъæбæр ниййех кæнæ!»
Æрбадумгитæ кодта, æрбауазалтæ кодта, дон ниййех æй.
Æртæ бони ку рацудæй, уæд Сослан дзоруй Асæхъ-Масæхъ- Гъолонрехæмæ:
– Исхуæцай нур!
Исхуæстæй. Ех æстудта къæр-къæр гæнгæ.
– Никкидæр ма дæ сæр ниццæвæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй Сослан. Ниццавта æ сæр фæстæмæ денгизи.
Сослан бабæй искувта:
– Уо, хуцаути мæ Хуцау, уæхæн бурдæн æрбахæссæ, æма денгиз бæласæ æма къалеуæй куд байдзаг уа.
Æрбабурдæн кодта æма денгиз бæласæ æма къалеуæй байдзаг æй. Дон ниййех æй, бæлæстæй æма къалеутæй рæхсæнæт басти хузон иссæй. Уæд Сослан дзоруй Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæмæ:
– Исхуæцай нур!
Исхуæстæй, ех никъкъæр-къæр кодта, фал æй не студта. Никкидæр бабæй, «ци федар ниццæй», зæгъгæ, исхуæстæй, æма ех æ сæри æмбæрцæ студта, рауидта Сослани къæдзæ уæргутæ, æма ‘й рафæсмардта. Сослан имæ бауадæй æма ин æ сæр ракъуæрунмæ куд гъавта, уотæ имæ сдзурдта:
– Мæ астæуистæги хъанз мин æсласæ æма ‘й дæ астæубæл æрбабæттæ, е ба мæ тухæ дæумæ бацæуа.
Сослан ин æ сæр ракъуæрдта, æ астæуистæги хъанз ин бæласæбæл æрбабаста æма бæласæ зæлланггæнгæ фæххаудтæй.
Сослан исхаста Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехи закъæ æма æ кæрцæн æфцæкъуатæ скæнун кодта.
Гъе, уотемæй Нарти Сослан Нарти адæми закъитæй кæрцæ скодта.
Нарти Сослан исфæндæ кодта Гори федар басæттун æма Борæти Борæфæрнуги кизгæ Агундæ-рæсугъди æхецæн уосæн æрхонун. Гъæуама ин алли хæдзарæй дæр рацудайдæ æфсадмæ еу лæг. Ка нæ фæццудайдæ, е ба ин авд улинкъи биццеу уацайраг лæвардта.
Нарти æхсæн адтæй еу мæгур еунæг лæг, Дзен-дзети фурт Дзимайхуæ. Дзимайхуæбæл адтæй Нартæн гъонгæси кезу дæр, – ку нæ фæццудайдæ, уæдта Нартæн фиста уацайраг. Батухстæй Еунæг: «Ци кæнон нур, кæцирдæмæ цæуон, Сосланæн æфсади, æви Нартæн гъонгæс? Сæ еуемæн мæ уæддæр уацайраг федун ку гъæуй æма мæ нæуæг игурд еунæг фурт уацайраг раттуниау дæр нæма ‘й». – Еци ‘хсæвæ ин райгурдæй лæхъуæн. И нæуæг игурд лæхъуæн ку ‘ркастæй æ фиди гузавæмæ, уæд æ цæнгтæй нибберигъта æма авдæни фæрстæ ратудта, æхуæдæг ба дзоруй æ фидæмæ:
– Гузавæ ма кæнæ, Сослани хæццæ æз фæццæудзæнæн.
– Дæ рунтæ дин ку рахуæринæ, ду мин ескумæ цæунгъон ку уайсæ, уæдта мæгур дæр нæ уинæ, – загъта Дзимайхуæ.
Æрдзимайхуæ ба загъта, æнæ цæун мин нæ ес, зæгъгæ. Фестадæй æма æхе рарæвдзæ кодта æфсадмæ. Уотæ тухгин адтæй, еци нæуæг игурдæй дæр, æма авдæни фæрстæ ку ратудта, уæд сæ еу Хъазбеги хонхбæл фæцæй, иннæ ба Менгитаубæл. Рацудæй Æрдзимайхуæ Сослани æфсадмæ æма имæ Сослан ку ‘ркастæй, уæд æй фæрсуй, кумæ рацудтæ, зæгъгæ. Биццеу ба ин загъта: «Дæуæн рацудтæн æфсадмæ!»
– Ду бабæй тохунмæ куд фæццæудзæнæ, и хъумуз ма де ‘донгонтæбæл ку кæлуй.
– Ескæми дин дæ бæхбæл фæххуæцдзæнæн.
– Мæ бæх тæрсагæ ‘й, е ‘донæ дин ратондзæнæй.
– Æз ба ин æ барцæмæ фæллæбордзæнæн.
– Æ барцæ дин ку ратона, уæдта?
– Уæдта ин æ гъостæмæ фæллæбордзæнæн.
– Æ гъостæ дин ку ратононцæ, уæдта ма ин ци кæндзæнæ?
– Уæдта ин æ къахмæ фæллæбордзæнæн.
– Уой дæр дин ку ратона, уæдта?
– Æ думæг ин райахæсдзæнæн.
– Уой дæр ма дин ку ратона, уæдта ци кæндзæнæ?
– Уæдта кæд нæртон номдзуд Сослан æнæбарцæ, æнæгъостæ, æнæдумæг æма æнæкъах бæхбæл гæдзæ кæна, уæд æз дæр еци ходуйнагбæл ниггæдзæ кæндзæнæн.
Ра ‘й уагъта Сослан æфсади хæццæ. Бахъæрттæнцæ Гори федармæ. Сослан æ бæх февардта Æрдзимайхуæмæ. Хъал бæх е ‘донæ ратудта. Биццеу имæ фæллæбурдта æма ин æ цуппар къахи æрба-баста. Бæласæ æртасун кодта æма бæхи бæласи сæрбæл исбаста, уæдта бæласæ рауагъта, æма бæх бæласи сæрмæ рандæ ‘й. Æфсад тухтæнцæ Гори федарбæл, æма син неци æнтæстæй.
Биццеу æрцудæй Сослани размæ. Сослан æй фæрсуй, кæми ‘й мæ бæх, зæгъгæ. Æрдзимайхуæ дæр ин байамудта бæласи сæрмæ. Сослан балæдæрдтæй, хумæтæги биццеу ке нæ адтæй, уой. Уæд æй Сослан бафарста, ци кæнунмæ гъавис, зæгъгæ.
Æрдзимайхуæ ба ин загъта:
– Æз цæун федари сæрмæ æма ‘й мæ зæбæтæй ниррæ-уегъдзæнæн, æма райхæлдзæнæй, фал цæф кæндзæнæн, æма мæмæ аргъавд бадæ. Зæнхæмæ мæ ма ‘руадзæ, уотемæй мæ авд сауæдоней сæрти баесæ, уæдта тæрсгæ ма кæнæ, дæу ци фæндуй, е уодзæнæй.
Иссудæй федари сæрмæ æма ниррæуигъта федар æ зæбæтæй. Федар ниххæр-хæр ласта. Гори федар саст æрцудæй, фал Æрдзимайхуæ фæццæф æй. Сослан æй зæнхæмæ не ‘руагъта, уотемæй æй сауæдæнтти сæрти давун байдæдта. Сирдон фидбилиз кæми н’ адтæй рагæй æносмæ дæр, Сосланмæ ба фудæнхæ адтæй æ цæрæнбонти, зæронд лæги хузи рацæуидæ æ рæзти фиййаги хæццæ æма имæ сдзоридæ:
– Сослан, уой мард ма кумæ хæссис, Уорæзмæг Агундæ-рæсугъди ку фæххæссуй, уæд?
Сослан не ‘ригъуста еу æртæ хатти Сирдонмæ, еунæг æвдæймаг сауæдонæбæл ма ‘й хезун куд гъудæй, уотæ ба зæронд уоси хузæнæй бавдиста æхе Сирдон æма бабæй ин фиццæгти хузæн загъта. Сос- ланæй баруагæс æй зæронд уоси дзурд: «Силтæ ма уотæ кæми дзорунцæ, уоми æвæдзи æцæг æй». Тапкагонд ракодта æма биццеуи уобæл февардта, æхуæдæг ба бамедæг æй Гормæ. Уæхæн хабарæй си неци разиндтæй æма Сослан балæдæрдтæй, сайгæ ‘й ке бакодтонцæ, уой. Бæргæ ма фездахтæй биццеумæ, фал уой бацудмæ листæг къуæхтæгонд æрцудæй.
Ци ма кодтайдæ Сослан? Фæстæмæ раздахтæй. Е ‘фсадæй берæ цагъд фæцæй æма сæ рарвиста фæстæмæ, æхуæдæг ба мæрдти ас-тæу марди ‘фсон æхе никкодта. Борæфæрнуги унæут æй мард æнгъæл адтæй æма ин къибилайæй æ дæндæгутæ ниццафта, азуймаг фæууо, зæгъгæ. Ку ‘ссудæй хæдзарæмæ, уæд загъта Агундæн æма имæ е дæр рацудæй, æма ‘й фæууидта. Е дæр, фæстæмæ ку баздахтæй, уæд загъта æ фидæн. Борæфæрнуг не ‘ндиудта Сосланмæ æма ин Агундæ бауайдзæф кодта, Сосланæн æ мардæй дæр ма тæрсгæ кæнис, зæгъгæ. Е дæр æ сæрмæ нæбал æрхаста еци уайдзæф æма имæ рацудæй уинунмæ. Æнхæст имæ нæма æрхъæрттæй Борæфæрнуг, уотæ ба Сослан рагæпп ласта, – нæрæмон адтæй Сослан.
Борæфæрнуг ралигъдæй æ разæй. Ба ‘й сурдта Сослан æма, Борæфæрнуг дуарбæл фæммедæг унмæ куд гъавта, уотæ ба ин æхсаргардæй æ сæргæхцæ рахаун кодта Сослан. Борæфæрнуги сæрбæл Курдалæгон æрхи бампъузта æма исдзæбæх æй. Расурдта Борæ-фæрнуг Сослани, е дæр æ разæй ралигъдæй. Æнæдон будурмæ ‘й расайдта Сослан æ фæдбæл. Борæфæрнугæн ба æ сæрбæл æрхи тæвдæ кодта, хормæ æнæ донæй нæ фæразта. Дзæвгарæ ‘й ку ‘рбасайдта Тимили будури, уæд имæ фездахтæй фæстæмæ Сослан. Борæ-фæрнуг ледзунбæл фæцæй, фал ледзун дæр кæми фæразта æнæ донæй? Зæнхæбæл ма рахафидæ æ сæр, фал ин берæ не ‘нхус кодта е дæр. Сослан æй баййафта æма ин æ сæр ратæхун кодта, æхуæдæг ба Агундæ-рæсугъди æрхудта æхецæн уосæн.
Нартбæл зæйти мет æруардта æма исæвди къахбæл æрлæудтæнцæ. Рацæуæн, ракæсæн син нециæрдæмæ бал адтæй. Сæнт зелæ кодтонцæ, уæддæр ма нæ фонсæй ести ку раервæзидæ, зæгъгæ. Дууæ синхи дæр æрæмбурд æнцæ, федеуæг сæбæл нигъгъæр кодта туппурæй: «Æрæмбурд уотæ, маха ести баунафæ кæнæн!»
Æрæмбурд æнцæ Устур нихæсмæ. Фæндæ кæнун байдæдтонцæ: «Исæфæн ‘ма нин ка бабæрæг кæна Хъуми будуртæ, уалæ нин фæлгæсæнæй ка ракæсдзæнæй будурмæ?»
Æма зийнадæ кæнунцæ, кæрæдземæ дзорунцæ: «Ракæсæн ку нæ ес, рацæуæн ку нæ ес, зæйи буни еске ку фесæфдзæнæй, – арви нæрунау сæ гъæр ку цæуй алли æрдиги.
Уорæзмæг дзоруй:
– Ма тæрсетæ, еске уи фæххуæздæр уæд.
Сослан ба дзоруй:
– «Ду цо»-æй не срæвдзæ уодзинан, кæрæдземæ ку кæсæн, уæд, æма уотæ нæ, – гъæйдæ халæ искæнæн.
Æма халæ искæнунбæл исарази æнцæ.
Сослан æхе хæлттæгæнæг искодта. Æртæ хатти дæр Сирдони халæ ниууорæдта. Æ къохи æй ниууорамидæ, фæдздзоридæ:
– Мæнæ Сирдони халæ рахаудтæй, – уотæ æртæ хатти дæр.
Сирдон æ бадæнæй фесхъиудтæй æма дзоруй:
– Æз сумахæн ци кæнун, рагæй æносмæ дæр мæ робасау мæ цармæ соретæ. Нур æз Хуцауи халæбæл фæццæудзæнæн, фал мæ баууæндун кæнтæ, цалдæнги æриздæхон æма мин мæ бæрæг базонайтæ, уалдæнги уæ бадæнтæй куд не систдзинайтæ, уобæл мин дзурд куд раттайтæ. Æма ин загътонцæ уасхæ, цалдæн æрцæуай, уалдæн нæ бадæнтæй не систдзинан, зæгъгæ.
Сирдон дзоруй: «Раттетæ мин уæддæр Хæмици уормен».
Бацудæй хæдзарæмæ, фæндаггаг рахаста – æртæ къерей æма арахъ. Иссудæй фæлгæсæнмæ, сæ уæллæй æфцæги билæмæ. Уоми æ хуаллаггагæй æхе хуарз фæууидта, æхе исрасуг кодта. Æрцудæй фæстæмæ, æ уæле Хæмици уормен усхъунмæ исхатта. Уæллаг дон-есæни лæхцорæнмæ æхе ниддардта, æ гъунæрдæмæ ибæл ниййех æй, уотемæй æрцудæй дзæнгъар- мунгъур гæнгæ. Бон сæбæл уæхæн бон искодта, æма дæллæй хæр дунгæ æрбахаттæй, аннæрдиги ба сæбæл бурдæн калдта. Е ‘рцудмæ сæ бадæнти кæмæн æ къах басудæй, кæмæн æ гъос, кæмæн æ фий, кæмæн æ къох басудæй. Расугæй е ‘взаг æ коми нæ хæттæй Сирдонæн, уотемæй се ‘хсæнти æрцудæй æма сæмæ дзоруй:
– Ахсæви æхсæвæ ‘й, фал сæумæ ба раги æрæмбурд уотæ æма уин хабар зæгъдзæнæн.
Сæумæ, æхебæл ма си ка адтæй, етæ рагацау æмбурд кæнун байдæдтонцæ нихæсмæ. Сирдон сæмæ нæ зиндтæй æма имæ рарветиуонцæ: «Ра нæмæ кæсæ». Æрæгиаугомау бабæй сæмæ рацудæй æма сæмæ дзоруй:
– Далæ Тухи фурт Нокарай зæнхи сугъди кæрдæг айдæнау æрттевуй æма махæн уордæмæ ка фæццæудзæнæй гъонгæс, æндæр фонс бауорамуйнаг некæми ес.
Ци фæдздзурдтонцæ кæрæдземæ, зæгъгæ, дугæйттæй еске фæццæуæд гъонгæс.
‘Ма Хæмиц дзоруй:
– Нарт дууемæй гъонгæс рацудæнцæ, уой уæ сæрмæ куд хæссетæ? Еунæгæй бабæй си æ нифс неке хаста. Сæ фæстаг бабæй халæ кæнунбæл иссæй. Сирдонæн цæугæ нæбал адтæй æма сæмæ дзоруй: – Кæд мæбæл æууæндетæ, уæд æз исхалæ кæндзæнæн.
Зæгъунцæ ин:
– Исхалæ кæнæ.
Халæ исесидæ ‘ма исдзоридæ: «Мæнæ Сослани халæ рахаудтæй». Æ къохи ‘й римахстæй дардта, уотемæй æртæ хаттеми дæр загъта: «Мæнæ Сослани халæ рахаудтæй». Сослан имæ целхъ фелваста ‘ма имæ æхе æртардта: «Мæ фæдбæл есгæрдæгау æноси цæмæ хæти?»
Ци гæнæн ма ин адтæй æнæ цæугæ, æ сæрмæ ‘й нæбал хаста. Хæдзарæмæ бацудæй, урундухъбæл исбадтæй æма æ буни фæффунук æй. Сатана имæ дзоруй:
– Ци кæнис, ме ‘нæниййергæ бæдолæ, ка мин дæ бафхуардта? Дзоруй имæ Сослан:
– Ци ма кæнон, Нартæн гъонгæсбæл мæ халæ рахаудтæй дæлæ Тухи фурт Нокарай зæнхæмæ. Æз уордиги æнæ фидбилиз нæбал æрбацæудзæнæн.
Сатана ба имæ дзоруй:
– Тæрсгæ ма кæнæ, биццеу. Уæлæ ундуги байрагдзартæй ма кæд ести ес, уæд уони зæнхæмæ æркалæ.
Е ‘ндæргъцæ, е ‘нуæрхцæ ин си скодта лæмæгъ. Æхуæдæг ба ин ниффæдзахста:
– Май-майиддæр дæхе ма базонун кæнæ, еске дæмæ ку фæззинна, уæд, амæлттæ кæндзæнæ. Уæдта, Хуцау ци зæгъа, е уодзæнæй. Сæумæ ба сæмæ Сослан дзоруй:
– Нарт, уæ фонс рамбурд кæнтæ.
Дæлæфцæг ин сæ фæккодтонцæ. Тухи фурт Нокарай зæнхæмæ сæ баскъардта. Æцæг, куд загъта, уотæ хезунцæ комдзæфæй сугъди кæрдæгбæл Фæнсиуарæни Нокарай зæнхи. Туппури сæрбæл тари уосонгæ искодта æхецæн. Тухи фурт Нокара цардæй Циуалтаси. Нокарамæ кувди æмбурд адтæй. Еу биццеу имæ дзоруй дуарæй:
– Дæ зæнхи дин еу биццеу хезуй, аргъдунгæ син нæййес, уой бæрцæ фонс.
Медæгмæ ‘й бакодтонцæ, ести баниуазæ, бахуæрæ, мæн зæнхæмæ неке æрцæудзæнæй, зæгъгæ.
Уотемæй еу къуар хатти, уæдта имæ бадзурдта еу зæронд лæг: – Гъæйтт, Нокара, уæлæ дин дæ зæнхи еу гъонгæс хезуй хъæбæр устур зæрдæй, зари сæртæ æрхæссуй, уотемæй.
Нокара загъта:
– Гъæуæмбурд бал рацæуа, уæдта ‘й бабæрæг кæндзæнæн.
Ба ‘й æруагæс æй. Сау аласæбæл саргъ байвардта, ранæхстæр æй. Æцæгæй дæр будур фонсæй байдзаг æй. Ис имæ хъæрттæй Сосланмæ æма имæ дзоруй:
– Фонс берæ, гъонгæс.
Е дæр ин салан равардта.
Уæдта ‘й Нокара бабæй фæрсуй:
– Ци дæ? Циуавæр дæ? Ами цæмæн хезис?
Æма ин Сослан загъта:
– Æз дæн Нарти гъонгæс, Нартмæ дæн ихуæрст. Исæвди къахбæл ниллæудтæнцæ ‘ма хуæздæр амалæн ардæмæ рацудæнцæ.
– Мадта мин Сослани нæ фæсмæрис?
‘Ма имæ дзоруй:
– Уасхæ дин дæттун, æз Сосланæн æ мæкъур дæр куд некæд фæууидтон.
– Сослани гъæзтитæй мин ести байамонæ.
– Еу гъаст си зонун: уæртæ еци богъати астæумæ æ сæр бадаруй æма богъатæ фæйнердæмæ рахаунцæ.
Дзоруй имæ Нокара:
– А нецæй гъазт æй. Æндæр гъазт ма мин байамонæ.
– Еу гъаст ма зонун: сæ уæллæй хонхи буни нистуй æма имæ Нарти фæсевæд иссæунцæ, ‘ма ибæл хуæнхтæ изазунцæ, е ба сæмæ æ тæрних даруй. Дортæ фæйнердæмæ æ фæрстæмæ кæлунцæ, æ тæрнихбæл ба листæг морæ кæнунцæ, дасæн дорау кæлунцæ.
Тухи фурт Нокара имæ дзоруй:
– Рацо, ба мин æй амонæ.
Фонс ниууагътонцæ æрдози. Хонхи бунмæ бацудæй Нокара, æ тæрних даруй хонхмæ. Сослан хонхи бæрзондмæ исхизтæй, хонх ибæл уæллæй изазуй, фæрцитæй ибæл сæ калуй. Листæг зуртæй æ тæрнихбæл фæрстæмæ æгъзæлунцæ. Æма имæ дзоруй Нокара:
– А хуарз гъазт æй.
Фонси размæ рацудæнцæ. Нокара Сосланмæ бабæй дзоруй:
– Сослани гъæзтитæй ма мин байамонæ ести. А хуарз гъазт адтæй.
Сослан имæ дзоруй:
– Æз дæн мæгур лæг, Нарти гъонгæс. Сосланæн, – уасхæ, æ мæкъур дæр некæд фæууидтон. Еу гъазт ма ин зонун: далæ дони ниббадуй, сæдæ цæдемæй имæ ласунцæ гъæдæ ‘ма хурæ, дон ний- йауазунмæ ‘ма ниххезуй уордæмæ Сослан, ‘ма ‘йбæл гъæдæ ‘ма хурæ никкалунцæ. Айдагъ æ къобалæ ма фæззиннуй.
Нокара дзоруй:
– Мадта æнæ бавзарун мин нæ ес уомæн дæр.
Æ сæдæ ихуæрсти искодта æ дæс галей хæццæ; етæ ба гъæдæ ‘ма хурæ ласун байдæдтонцæ. Дон цæхгæрмæ ниййаузтонцæ. Тухи фурт Нокара аузтмæ ниххизтæй. Сослан ибæл æ сæдæ ихуæрстей хæццæ калун байдæдта гъæдæ, хурæ, пихсæ. Аузт идæрдтæбæл æрлæудтæй. Сосланæн искурдиадæ адтæй æма искувта:
– А, хуцаути мæхе Хуцау! Аци бонæ, хорхæтæни æнсури мæйи куд фæууй, уотæ ци сйех уа мæнæ аци аузт!
Хæзни мегъæ ибæл æнгонгомау исбадтæй. Аузт еугур цъæх ех фестадæй. Загъта ин Сослан уæд:
– Исхуæцæ гъенур!
Исхуæстæй æма ма кæцæй исхуæстайдæ, изолтæбæл никъкъæр-къæр кодта. Нæ ин искумдта. Ех кæми фезмалдæй, уоми дæр ма цæмаузтитæ рацæй.
Дзоруй имæ Сослан Нокарамæ:
– Исхуæцæ ма!
Нæбал ин комуй æзмæлун дæр. Æ бæрæг ин ку базудта Сослан дæр, нур ин нецибал искæндзæнæй, зæгъгæ, уæд имæ дзоруй:
– Гъæйтт, Тухи фурт Нокара, гъенур дæ тухæбæл исæнбалдтæ, ци ма фæдзæхсис?
– Ци дин фæдзæхсуйнаг дæн, дæ амонд бахуæрæ. Ардиги ма дæмæ ку сервазтайнæ, уæд… Сослан дæхуæдæг ке адтæ, уой базудтон дæ миу-тæй æма дин ести кодтайнæ, фал дæ амонд бахуæрæ. Нур ба мæ дæ фæндон бунати иссердтай, цидæр мин кæнай, дæ барæ дæн. Байрагдзар къæреди бунæй имæ исласта æ целхъ. Ехи сæрбæл имæ бацудæй.
Сослан имæ дзоруй:
– Дæхуæдæг дæр, дæ бон кæмæн цудæй, уони сæртæ къуæрдтай, нур ба гъæуай кæнæ дæхе!
Нокар имæ дзоруй:
– Мæ сæр мин къуæрдзæнæ, фал, мæ астæуистæги хъанз ка ‘й, уой мин ехи сæрбæл ма ниууадзæ, дæхебæл æй æрбатохдзæнæ æма дæмæ мæ тухæ бацæудзæнæй.
Ехи æмбæрцæ ин æ сæр райамадта. Æ зæлдагæ рехи хæццæ æ сæр, готони къудурау, ехбæл низзелæн кодта. Астæуистæги хъанз фелваста, арви талингити рандæ ‘й, фæстæмæ бæлæсти хехтæ цæгъдгæ æрцудæй. Сослан æй изазнæй тæрсæ бæласæмæ багæлста – тæрсæ бæласи листæг хъуæлтæ ракодта. Сослан дзоруй:
– Гиаур, хуарз фæндæ мин ку кодта.
Сæри къудурмæ бацудæй Сослан, ра ‘й хаста, æ цилле закъæй æй бæхбæл æрбаста. Сослан ниццудæй Нокарай синхмæ. Нокарай хæдзарæмæ бацудæй. Нокарай бæхи бæхбæттæнбæл бафтудта. Сæри дуарæй хæдзарæмæ базилдта:
– Мæнæ уин уæ хецау хунæ æрбарвиста.
Æ бийнонтæ аххæй никкудтæнцæ, æхецæй тухæдæрбæл кæми исæмбалдæй, ци кодта, зæгъгæ, уайтæккæ дæр ин уомæй тарстан; тохæг галæн æ сиуæ сæттуй.
Сослан Нокарайæн æ бийнонтæ æ ес-беси хæццæ ракодта. Иссудæй æ фонси цормæ. Нæуæг сугъди кæрдæгбæл фонс ракæ-дзос æнцæ. Нокарай бæхгæсти хæццæ æ фонсбæл рагъæр кодта. Нарти синхбæл баскъардта æ фонс, уотæ дзоргæй: «Нарт, уæ фонсæй æнирай фæууотæ. Уæ фонс дæр фæййервазтæнцæ, анзи фудтæ дæр раевгъудæнцæ!»
Алке æ фонс æртасуй æ хæдзарæмæ. Нокарай бийнонти æма ес-беси хæццæ хæдзарæмæ бацудæй.
Æхсийнæ Сосланмæ дзоруй:
– Гъæйтт, биццеу, æз дин, фиццаг мæтъæлæй ку цудтæ, уæд загътон: лæг арви гъæрæй нæ мæлуй. Гъенур уæддæр кадæ ‘ма намуси хæццæ не ‘рцудтæ Нарти бæстæмæ?
Нокарай бæсти цæрæн адтæй Циуалтаси. Æ тухæмæ гæсгæ изол бæститæ дæр гъæуай кодта. Æхебæл ке æрæмбурд кодта, еци цæргутæй алке æхе цæрæн бæстæ байагурдта, æхе бæстæмæ рандæ ‘й. Етæ дин Тухи фурт Нокарай æгъдæуттæ.
Сослан Нокарай ес-беси хæццæ æхе цæрæн хæдзари æрсабур æй. Нарт дæр сæ зинтæй раервазтæнцæ! ‘Ма сæхецæн цæрун-хуæрун байдæдтонцæ.
СОСЛАН ÆМА НОКАРАЙ ФУРТ НОКАРА-ÆЛДАР
Стонг анз скодта. Хезнæ нæбал адтæй.
Сирдон син Нарти адæмæн ку баунафæ кæнуй:
– Фæттæретæ фонс Нокара-æлдари хезнæмæ!
Неке æндеуй уордæмæ цæун;
Сослан ба еци рæстæги уоми нæ фæууй.
– Хæлттæ сгæлдзетæ, – зæгъуй Сирдон, –
Ке халæ схауа, уомæн æнæ фæццæун нæййес!
Сосрухъо, Субалци Нарти скъонхт лæгтæ фæуунцæ.
Халæесæг æхе скæнуй Сирдон æма,
Сослани халæ цæмæй схауа, уой бакæнуй.
Сослан дæр ку фæззиннуй уæдмæ.
Æ пæлæз – е ‘усхъитæбæл, æ церхъ – æ дæлагис,
Сослан уотемæй фæннæхстæр уй.
Нокарай размæ ку бацæуй Сослан;
Нокара æй хабæрттæбæл фæрсун байдайуй.
– Æз мæгур фиййау лæг дæн, – зæгъуй Сослан, –
Æз неци зонун, фал Нарти астæу
Фулдæр дес нецæбæл кæнунцæ, – Сослани гъæзтитæбæл.
– Ба мин сæ амонай, – зæгъуй Нокара-æлдар, –
Фæндуй мæ базонун уой гъæзтитæй ести.
Сослан загъта: «Сосланæн æ еу гъазт уотæ ‘й:
Хонхæй рауайуй æма æ сæр дорбæл ниццæвуй».
– Е ба æнцон æй, – загъта Нокара-æлдар;
Хонхи сæрæй дæлæмæ рауадæй,
Дор æ сæрæй дууæ ‘мбеси фæххаун кодта.
– Дуккаг, – загъта Сослан, – ех дони бацæуй Сослан,
Дон ибæл ку ниййех уй, уæдта ‘й хæрдмæ срæдовуй.
– Е дæр зин æй, – загъта Нокара
Æма ин е дæр бантæсуй.
Æ фонс ниууагъта Сослан,
Æхуæдæгка Нартмæ рандæ ‘й.
– Цæуон, – загъта Нокарайæн, –
Æз сæ хуæздæр базонон Сослани гъæзтитæ
Æма дин сæ радзордзæнæн.
Сослан загъта Нартæн: «Неци амал ин ерун,
Нур ба ин æндæр унафæ гъæуй».
Сирдон загъта: «Уорсфесдонæ хъæма – æ мæлæт.
Е ба ‘й æ кири медæгæ.
Æ уосæ рæсугъд лæхъуæни ку фæййина,
Уæд имæ æрхицæ кæндзæнæй.
Рæсугъд лæхъуæн æй Уацил,
Æ лæгигъæдæ ба неци ‘й,
Е цæуæд Сослани хæццæ Нокарай уосæмæ».
Фæццудæнцæ. Сæ гъуддаг рацудæй
Æма Сослан рамбурд кодта дзаумаутæ ‘ма фонс.
Нокара сæбæл фембалдæй;
Фæгъгъæбесæй æнцæ.
Уорсфесдонæ хъæма ин æ зæрди сæри
Бацавта Сослан Нокара-æлдарæн.
ОРÆЗМÆГИ БОРÆАТÆ КУД ФÆРРАСУГ КОДТОНЦÆ
Борæатæ Орæзмæги хинцунмæ худтонцæ æма ин Æхсийнæ загъта: – Маргæ дæ кæнунцæ æма дин фиццаг синон æрхæсдзæнæнцæ, æма раковæ, æма ‘й раниуазæ. Дуккаг синон дин æрхæсдзæнæнцæ, а ба дæ нæртон хестаг, зæгъгæ, æма е ба марги хæццæ уодзæнæй, æма ‘й хæтæли рауадзæ. Де ‘стур уормег искæнæ, дæхуæдæг ба фестин гобæнттæбæл исбадæ æма уæдта ниуæзтæ уоми исæфдзæнæй.
Фæццудæй æма фестин гобæнттæбæл исбадтæй, æма ин фиццаг синон рахастонцæ, æма ‘й ракувта, æма ‘й раниуазта. Уæдта ин дуккаг æрхастонцæ, а ба дæ нæртон хестаг, зæгъгæ. Æма ‘й е дæр æ хæтæли рауагъта. Уотемæй ин уæдта хæссун райдæдтонцæ æма е дæр, ке ахуадгæ искæнидæ, ке ба хæтæли рауадзидæ. Уæдта ‘й Сирдон базудта, налат кæми н’ адтæй. Нур æхуæдæг ба, кæд Æхсæртæгкати косæг адтæй, уæддæр Борæатæн цъуххæссæг адтæй. Загъта Борæатæн: – Уæ, бун бауайтæ! Гъæздуггадæ тæллæх бафтудтаги хузæн æй. Уæ ниуазуйнаг исафетæ, хæтæли ‘й нивгæнетæ æма фестин гобæнттæмæ уайуй.
Орæзмæг дæр имæ цæмæннæ рауозгалдта æма ци кæнуйнаг адтæй. Борæатæ ин уæдта загътонцæ:
– Цæй, нур бæхгини ниуазæн раниуазæн.
Æма ‘й фестун кодтонцæ, æма ин уотемæй давун байдæдтонцæ, æма ин ниуазун кæнун кодтонцæ. Орæзмæг дæр «нæ» æ сæрмæ нæ хаста æма ниуазта. Дзой-дзоймæ æрцудæй, нур ин хæтæли уадзæн дæр нæбал адтæй.
Уæдта Æхсийнæ загъта Сосланæн:
– Уæлæ уин уæ зæронди ниуæзтæй марунцæ æма уайгæ, æма ин ести амал искæнæ! Зилдæй кæбæл истонцæ, е уодзæнæй.
Сослан ранæхстæр æй æма еу гъæдæ æ хæццæ райста.
Ку исхъæрттæй, уæд сæмæ дзоруй:
– Уæ, гурумухъ адæм! Кардæй, фатæй рамаретæ. Ниуæзтæй, хуæрдæй ба некæд неке рамардæй.
Æма син Сослан сæ дуари сæри гъæдæ рацавта, æма ибæл æрхуæстæй, æма кæмæн æ къох расаста, кæмæн æ цæстæ рахаун кодта, уæдта Орæзмæги райста, бæхбæл æй исæвардта, æма бæхæн загъта: – Цо, ни ‘й хъæртун кæнæ Æхсийни къохмæ, куйтæ дæ бахуæрæд, ескæми ку ниллæууай!
Æр æй хæццæ кодта. Æхсийнæ ‘й райста æма ин тæвдæ ниуæзтæ исцæттæ кодта. Ба ин ниуазун кодта æма ‘й ниххуссун кодта. Сæумæ уæдта загъта Орæзмæг Æхсийнæн:
– Борæатæ мæ ниуæзтæй мардтонцæ, фал мæ ме ‘зæди хай рахаста æма фæййервазтæн.
– Мадта дæ лæхъуæнæн гъæуй æви æнсувæрæн?
– Æнсувæрæн дæр хуарз æй, фал æнсувæр еу бон гæлдзгæ кæнуй, лæхъуæнæй ба ‘й Хуцау кæмæн дæттуй?
– Æнсувæр дин ку адтайдæ, уæд дæ зæронд æлдари хузæн сугъзæрийнæ гъолгун урундухъи фæддардтайдæ, фал дин нур ба лæхъуæнæн фæууæд.
Æма гъеуæд раргом æй Сослан. Уæдмæ зæнхи буни авари нимæхст адтæй æма ин уордæмæ Æхсийнæ хуæруйнаг æрвиста.
Сослан будурмæ рацудæй æма уинуй:
Фæндагбæл мегъи пъæсту æрбацæуй.
Мегъи пъæстуйæн æ сæрти тæхуй сау халæнттæ,
Æ фæсте ба зиннуй готони ауæдзæ.
Ниййимæ цæуй æма разиннуй Æлбеги фурт минги Тотраз.
Мегъи пъæсту – æ бæхи коми тулфæ,
Сау халæнттæ – æ бæхи къубарæ,
Готони фæд – æ бæхарци фæд.
Саргъбæл уæлгоммæ хуссуй сувæллон,
Æлбеги фурт минги Тотраз.
Уæлæмæ имæ схезуй Сослан æма ин
Æ тæрних кардæй æрцæвуй.
Фиццаг цæфмæ ин неци сбæрæг уй.
Дуккагмæ дæр неци сбæрæг уй.
Æртиккаг цæфмæ биццеу райгъал уй:
– Ци кæнис, Сослан?
Уæдæй ардæмæ мин мæ тæрних
Дæ кардæй ку хуаис!
Æз ку неци, йарæби, æз ку цæун мæхе фæндагбæл,
Зæгъгæ, Сослан хуарзау нæбал фæууй.
Æлбеги фурт минги Тотраз æ бæхарцæбæл
Сосланæн æхе дæр, æ бæхи дæр ку исесуй.
Бæхарцæ ин æ саргъæй е ‘фтаугити астæу бацæвуй,
Уотемæй æй дзæвгарæ ку фæххæссуй.
Сослан разæгъуй: «Ра мæ уадзæ аци хатт,
Дæ хуарз фидистæн, Æлбегистæн».
– Æмгъуд нин фæууæд, – зæгъуй Æлбеги фурт минги Тотраз, – Уæрппи бæрзондмæ, абони майрæнбон –
Иннæ майрæнбонмæ. – Сослан дæр æй,
Уасхæ нæ астæу, зæгъгæ, баууæндун кæнуй.
Сослан æрбацæуй æ хæдзарæмæ мæстгунæй,
Æ фур мæстæй ку ‘рбадуй, уæд сире къелай бун ниттонуй. Ци кæни, зæгъгæ ‘й бафæрсуй æ уосæ.
– Ци ма кæнон? Къаннæг биццеутæ дæр ма ми
Гириз кæнун байдæдтонцæ: Æлбеги фурт
Минги Тотразæн æмгъуд равардтон, –
Абони майрæнбон, иннæ майрæнбони
Уæрппи бæрзондбæл куд фембæлæн.
Сослани уосæ зонæнгин адтæй:
– Уомæн, – загъта, – неке неци кæндзæнæй,
Еугур æндон болат æй æ фæсонтæй фæстæмæ,
Æ фæсонтæ ин ку нæ ниццæвай,
Уæд ин неке неци бафæраздзæнæй.
Уомæн æ бæх дæлуймонти хаст æй,
Дæ бæхбæл бабæттæ аллихузи муртæ,
Æма дæхе ку баримæхсай, – дæ рæзти рафецаугæй,
Е ‘рух ратдзæнæй сæхердæмæ, – уæд базмæлун кæнæ
Дæ бæхи æ мурти хæццæ.
Дæ мурти гъæрæй æ бæх нæбал фæллæудзæнæй.
Æмгъуди бони Сослан Гъазæн туппури аууон къахт ку скæнуй, Къахт ку скæнуй, æхе ку баримæхсуй,
Уалинмæ æрцæуй Æлбеги фурт минги Тотраз,
Рагъæуай-багъæуай кæнуй, ку некæми неци уинуй.
Ард де ‘рдиги фæууæд, Сослан, зæгъгæ, ‘ма
Сæхердæмæ ку раздæхуй.
Е ‘рух ку рахатуй гъæуæрдæмæ,
Уæд æ бæхи муртæ ку базмæлун кæнуй Сослан,
Бæх дæр ку фæттæрсуй, минги Тотрази ку раскъæфуй,
Хъæзи фæттæй æй цæвунтæ уæд
Райдайуй Нарти Сослан.
Æлбеги фурт минги Тотраз
Æ идони ласæнтæ ку ‘рбатонуй,
Æ бæхи гъостæмæ уæд ку фæллæборуй.
Æ бæхæн бауорамуни мадзал ку нæ еруй,
Уæд бæхæн е ‘фсæри къæдзæмæ ку балæборуй,
Е ‘фсæри къæдзæ ин ку срæдовуй,
Уалинмæ хъæзи фæттæй Сослани цæфтæй
Æ фæсонтæ ку байдзаг унцæ,
Уæд рахауй Æлбеги фурт минги Тотраз
Æма æ уод ку исесуй.
Æ мадæ рарветуй дууæ лæхъуæни æ фурти агорæг:
– Абони Уæрппи бæрзондмæ син адтæй æмгъуд
Мæ фурт æма Нарти хуарз Сосланæн.
Ба мин æй бæрæг кæнтæ!
Дууæ лæхъуæни Уæрппи бæрзондмæ схæццæ унцæ.
Идардмæ сæ ниууинуй Сослан æма
Баслæхъæй æ сæр истохуй,
Ба сæ фæрсуй: «Кумæ цотæ?»
– Абони Æлбеги фурт Тотраз
Уæрппи бæрзондмæ тохунмæ рацудæй
Сослани хæццæ ‘ма си ка фæммард æй,
Уой бæрæг есунмæ цæуæн мах.
– Дзæгъæл цуд ку кæнтæ, Æлбеги фурт
Æ бæхбæл гъазгæй, урух будурти
Ниффардæг æй уæдæйти, Сослани мард ба
Уæлæ берæгътæн хуалийæн байзадæй.
– Дæ цæрæнбон берæ, мах ба уой туххæй
Дзæгъæл хъиамæт ку кодтан.
Æраздæхунцæ фæстæмæ Тотрази мадæмæ,
Хуæрзæнгорæггаги имæ ку бацæунцæ,
Зæронд уосæ син æрцæттæ кæнуй
Нард фидтæй ‘дзаг тумбул фингитæ,
Дони арæхæн син алли ниуæзтæ.
Уæддæр мади зæрдæ зонæнгин кæми нæ ‘й?
Æнцад нæ фæууй зæронд уосæн æ зæрдæ.
Сæ уæллæй æрбабадуй æма сæ бафæрсуй:
– Уæхуæдтæ ‘й фæййидтайтæ, æви уин еске загъта?
– Мæнгæ зæгъун ходуйнаг æй, нæхуæдтæ ‘й
Нæ фæййидтан, фал нин еци хуарз хабар
Загъта еу бæхгин. – «Циуавæр æй?
Еци бæхгини уи неке бафæсмардта?»
– Листæг имæ фæккастæн, – загъта еу, –
Æма ниддеси дæн, – баслæхъи тухт æ сæр,
Фал æ еу цæсти дууæ гагуй адтæй.
Æ ростæмæ февналуй, æ уæргутæ æрцæвуй
Тотрази мадæ ‘ма никкæуй:
– Сослан адтæй е, Сослан! Уомæй æндæр
Хуцауи скондæй дууæ гагуй æ еу цæсти
Некæмæн ес. Фæццотæ имæ æма кæд
Разæй цæф æй, уæд æй уæлмæрдти байвæретæ.
Хуцауи унафæй уайтагъддæр
Рабаддзæнæй фæстæмæ.
Кæд фæстеггæй цæф æй, уæдта ‘й
Æрхæссетæ ардæмæ æма ибæл мæхе
Кæунæй бафсадон.
Фæццæунцæ ‘ма Тотрази мард куд рахæссунцæ,
Уотæ сæбæл Сирдон фембæлуй.
– Кумæ ‘й хæссетæ?
– Дæлæ уæлмæрдтæмæ.
– Уой бæсти ‘й хæссетæ æ хæдзарæмæ:
А, лæги къохæй мард ка нæ фæцæй,
Уæхæн æй, барæй æхе бæргæ рамардта
Хъал биццеу, кæсетæ, æ бæхи æфсæртæ
Куд рарæдувта. Хæссетæ ‘й уой бæсти
Æ зæронд мадæмæ, е ба ин кæд ести
Хуцауæй ракора.
Уотемæй
Æнæ хай фæцæй уæлмæрдтæй
Æлбеги фурт Тотраз. Нæбал ин адтæй
Аци дуйнемæ раздæхæн æма æ зæронд мадæ
Еунæг фурти мардбæл кæунæй æхе
Ниттуппуртæ кодта.
СОСЛАН ÆМА ÆЛБЕГИ ФУРТ МИНГИ ТОТРАЗ
Сослан федог ку нигъгъæр кæнуй:
– Абони майрæнбон, иннæ майрæнбони
Хæдзарæн лæгæй Гъазæн туппурмæ ка нæ рацæуа,
Е хæдзарæн лæг ихæсгин фæууодзæнæй!
Æлбеги фурт минги Тотраз авдæйнон ку фæууй.
Æ саударæг мадæ æ уæлгъос ку бадуй,
Æ цæстисуг гæр-гæрæй ку калуй:
– Хуцау дин æй ма бакома, Нарти Сослан,
Æлбег мард ке ‘й æма æ хæдзарæй
Рацæуæг ке неке ес,
Уой куд хуарз зонис!
Сослан æма Æлбег рагæй дæр знаг адтæнцæ.
Æлбеги фурт минги Тотраз æ авдæнæй
Æ мадæмæ ку сдзоруй:
– Ци кæни, мæ мадæ, цæбæл кæуис?
– Куд нæ ма кæуон? Нарти Сослан,
Нæ хæдзарæй рацæуæг ке неке ес,
Уой хуарз ку зонуй! Дæу мин
Куд райсонцæ, мæ минги сувæллон,
Уой ку аразуй Нарти Сослан.
– Ма тæрсæ! – зæгъгæ, ку сдзоруй.
– Ма тæрсæ, мæ мадæ,
Раттæ мин мæ фиди гæрзтæ!
– Ци афонæ дин æй?
Дæу хузæн авдæйнони Стур Нарт
Сæ къæхти буни ку никкæндзæнæнцæ!
Æлбеги фурт минги Тотраз
Æхе авдæни ку бателуй;
Авдæнбæттæнтæ ку ратонуй,
Авдæнæн æ еу фæйнæг
Сау гъæдæмæ ку фæттæхуй;
Авдæнæн е ‘ннæ фæйнæг
Сау денгизмæ ку фехсуй.
Æ фæрсти фæйнæгутæ
Цъæх æрдозти сæмбæлунцæ.
Уæд æхуæдæг фæггæпп кæнуй,
Æ зæронд мади фелвасуй
‘Ма ‘й хæпполти ку фехсуй.
Хæпполти ‘й ку фехсуй,
Æхуæдæг æй ку райахæссуй:
– Мæ фиди тохæнгæрзтæ мин!
– Сау хъæндзалгун æфсæн кири,
Дарий медæгæ, дæ фиди церхъ,
Схъæр æма схъæр ходæ,
Рагъæнбæл æ бæхарцæ.
Е ‘взестæ саргъ ку рахæссуй,
Бæхдонæмæ ку бацæуй.
Æ фиди уорс бæх фагуси медæгæ
Æ гъостæмæ сау-сауидæй ку зиннуй.
Биццеуи ку фиййинуй бæх,
Æ дæндагæй имæ февналуй,
Æ зæвæтæй æй нитътъæпп ласуй
Минги Тотраз и бæхи.
Бæх дæр кæвдæси бахауй
Æма ибæл уотемæй саргъ сæвæруй.
Ни ‘й æртайуй æма
Нарти Стур Гъазæн туппурмæ рацæуй.
Стур Нарт синдбæл æрхуæстæнцæ.
Уалæ Æлбеги бæх раервазтæй, зæгъгæ, имæ
Ахæссунмæ рауайунцæ æ размæ.
Халон ласæгбæл куд бабада,
Уотæ бæхи саргъбæл минги Тотрази
Ку фæййинунцæ Нарти адæм.
Æ бæхæй ку ‘рхезуй,
Нарти рæнгъæмæ ку бацæуй.
Æ хæццæ ‘й синдмæ ку неке уадзуй.
Æлбеги фурт фæммæстгун уй
Æма Нарти Сосланмæ ку бацæуй:
– Сослан, ду къуардæн сæ хестæр дæ
Æма мæ дæ хæццæ синди бауадзæ!
– Рандæ! – ибæл фæгъгъæр кæнуй Сослан.
«Дæ хъумуздæнттæ дæ медгомтæбæл уогæй,
Ду бабæй ке хæццæ семунмæ гъавис?»
Куй халица куд раскъæфа, уотæ ‘й раскъæфуй
Æлбеги фурт Сослани синди тумугъæй,
Æ буни ‘й æрæвæруй
Æма ин æ церхъ æ хорхбæл бадаруй.
– Æз дæ мадæ, дæ фиди иуазæг; аци æмбурди мæ
Ходуйнаг мардæй ма марæ! – зæгъуй Сослан.
– Фæууæд! – зæгъуй Тотраз. – Иннæ майрæнбони
Стур Гъазæн туппури цори фæууæд не ‘мбæлæн!
Стур Сослан æ хæдзарæмæ мæстгунæй ‘ссæуй.
Ци кæни, зæгъгæ ‘й, бафæрсуй æ уосæ Агундæ-рæсугъд.
Ра ин дзоруй: «Атæ ‘ма атæ…
Къаннæг биццеутæ дæр ма
Мæ хæццæ сæ тухæ æвзарун байдæдтонцæ».
Агундæ-рæсугъд зонæнгин фæууй:
– Уомæн, – æ бæхæй зæгъуй и лæгæн, –
Дæлуймонтæй хаст æй. Фал мури гъæрæй
Ку нæ фæттæрса, уæд æ дæндагæй
Лæги фид ку бахуæрдзæнæй!
Æхуæдæг æй, æма кæд биццеу зиннуй
Æлбеги фурт, уæддæр ин разæй
Ку неке неци кæндзæнæй, æндон болат æй,
Еугур æндон æй æ дууæ уоней астæуæй фæстæмæ.
Æнгъуди бони сæумæ раги дæ бæхбæл
Муртæ бабæттæ æма къотæррæбун
Фæступпур дæхе баримæхсдзæнæ.
Дæ цорти Æлбеги фурт рафецаудзæнæй.
Дæ бæхи дзæнгæргутæ базмæлун кæнæ,
Гъе, уæдта уодзæнæй дæхе фæндæуагæ.
Æлбеги фурт минги Тотраз
Гъазгæ туппурмæ ку рацæуй.
Сосланмæ дзæвгарæ ку фæллæууй,
Уæд гъæутæрдæмæ ку рахатуй:
– Ард де ‘рдиги фæууæд, Сослан,
Æнгъуди бонмæ ка нæ рацудæй! – зæгъгæ.
Ку ранæхстæр уй минги Тотраз,
Уæд Сослан æ бæхи муртæ ку базмæлун кæнуй.
Тотрази бæх ку фæттæрсуй,
Уорамун ин ку нæбал комуй!
– Уæ, берæгътæ дæ бахуардтонцæ, – зæгъуй Тотраз.
Идони ласæнтæ æрбатонуй,
Æ гъостæбæл ин ку ниннодар уй,
Уорамун ин ку нæ комуй.
Æ дууæ гъоси Тотрази къохи ку райзайунцæ,
Уæддæр ин ку неци фæрæзнæ еруй Æлбеги фурт.
Уалдæнмæ имæ Сослан дæр æрбахæццæ уй
Æма ин æ дууæ уоней астæу
Хъæзин фæттæй цæвун байдайуй.
Æлбеги фурт минги Тотраз размæ æхе ку багæлдзуй.
Æ бæхи гъæлæси æ къохтæ ракæнуй,
Æ дууæ æфсæри ин фæйнердæмæ уæд рафадуй.
Размæ бахауй, биццеу æ сæрбæл, уотемæй.
Æлбеги фурт минги Тотраз
Еци рауæн æ уод исесуй.
Сослан рагæй æносмæ Нæртон адæмæй
Бæгъатæр лæг адтæй.
Дууадæс æмбали рахонуй,
Æ зæрдæ нæбал даруй,
Уæрппи бæрзондмæ сæ бахонуй.
Уосæнгтæ сæгдзæрттæй самайунцæ.
Æхсæвæ уарун байдайуй мет.
Метæй сæ уосæнгтæ сæумæмæ
Сæ уæраги сæртæмæ æртасунцæ.
Ба ‘й фæрсунцæ е ‘мбалтæ: «Циуавæр æй, Сослан,
Цидæр æфсад нæбæл æрбацудæй,
Нæ уосонгæ ку ‘ртастæй?»
Уонæбæл уаруй заути мет, æносон цъететæ.
Ехæнæй дæр уæд баргъæфсунцæ,
Стонгæй дæр баигудзæг унцæ.
Сослан рагæй дæр хъаурæгун лæг фæууй.
Фæййагайуй Сослан,
Сау гъæди хъуæцæ бауинуй,
Сау гъæди смедæг уй,
Бæласрæбунæй хъуæцæ ку цæуй.
Лæги хузæн имæ цидæр фæззиннуй,
Къозотæ ратонуй Сослан бæласæй,
Фæ ‘й æхсуй Сослан.
Сувæллони хъест фæккæнуй æма раледзуй, –
Е ‘рух схатуй Сосланмæ, ра ‘й æлгъетуй:
– Мæ тæрегъæд дин, Сослан!
Иуойнони Цалх дин дæ дууадæс æмбалемæн
Сæ къæхтæ ракъуæрæд!
Саг рамаруй. Уæрппи бæрзондмæ
Е ‘мбалтæмæ æрцæуй, ку багъæр кæнуй:
– Æндæмæ ракæсетæ! Саги мард райсетæ!
Æндæмæ ракæсæг нæ фæууй.
Медæмæ бацæуй, æ размæ
Æ дууадæс æмбали къудуртæй лæуунцæ.
Уæллаг кæронæй сæ хестæр ка уй,
Е ма ку кæсуй æ дууæ цæстемæй.
– Е, уæууæй, ме ‘мбалтæ!
Мæ тæрегъæд уæ ку басугъта.
Е Иуойнони Цалх ку æй! – сорун æй байдайуй.
Ци æй фæссоруй, æ цæстæ ‘й баййафуй.
Уинун æй байдайуй, йафун æй байдайуй.
Фæрбунмæ ‘й басоруй.
Фæрбунæй фендæ уй.
Уордигæй æй расоруй.
Æхсæрбунмæ уæд баледзуй.
Гъæр кæнуй æхсæрбунмæ:
– Уорамæ ‘й, ма ‘й рауадзæ!
Хумæллæг ибæл тохун уæд æхе байдайуй.
Уоми батухсуй.
Фæстæмæ имæ фæккæсуй Иуойнони Цалх:
– Ку нæбал дæ базудтон, Сослан,
Зин дин ку скодтон!
Æ фæсабæрцæ ‘й æрбайсуй Сослан,
Сковуй: «Мæнæ хумæллæг,
Хуцау дæ раттæд дуйнебæл,
Уæхæн хуарз дæбæл æрзайæд,
Æма дæ адæм се ‘гъæлдзæг сахати
Куд агоронцæ идардмæ дæр!
Ра ‘й хæссуй æмбес надмæ.
Æмбес надбæл ин Иуойнони Цалх
Нæбал комуй æ фæсабæрцæ,
Æхе æргæлдзуй æма разæгъуй:
– Æз ди корун, рауадзæ мæ, Сослан, мæ хæдзарæмæ!
Фæстæмæ дæмæ фездæхдзæнæн.
– Цогæ æдта дæ хæдзарæмæ,
Дæ дзурди мæнгæ ма фæууо!
Рæхги æрхъæртæ аци рауæнмæ!
Сослан дæр æрхезуй æ бæхæй
Æма æ цъæх нимæтбæл, æ саргъ æ нивæрзæн,
Цъæх зæлдæбæл æрхуссуй.
Хъаурæгун лæг берæ фæххуссуй.
Иуойнони Цалх æ рæзти æрзелуй.
Еуæрдæмæ æхе рахсуй,
Иннердæмæ фæззелуй,
Кæддæра куд хуссуй Сослан,
Кæд барæй æхе схуссæг кодта, зæгъгæ.
‘Симæ дзоруй: «Ци берæ хуссис, Сослан?
Хуссагæ ку некæд фæууис!»
Сослан ин æ дзурдмæ ку нæ фестадæй.
Æ уæрагисæртæбæл ин æхе раскъæруй,
Фæххаун кæнуй ин æ дууæ уæраги.
Фегъал уй Сослан.
Цæстисугæй æ нимæт ницъцъифæ кæнуй,
Уомæй цъифæдæр æ саргъ ку ниууй.
Иуойнони Цалх æхе нирримæхсуй еу уобаййи буни.
Дуйней рохсмæ æхе равдесун ку нæбал бандеуй.
Сæйун байдайуй Сослан еци рауæн.
Сирдтæ дæр имæ фæрсæг цудæнцæ.
Ровас æрцæуй, кæуй, дзиназуй:
– Ци ма кæндзæнæн, Сослан, æнæ дæу,
Дæ хуалийæй мин хæйттæ ку уидæ!
Дæ хуарздзийнадæй мæ губун идзаг æй!
Уæд ин Сослан уотæ разæгъуй:
– Растæрæ, ровас, мæ тогтæй,
Мæ уæраги фидтæй дæхе бафсадæ!
Ка ма сæ хуæрдзæнæй?
Еци нард фидтæй дæхе бафсадæ!
Ровас æрцудæй, æ тогтæй ин растæруй.
– Æ, гæди ровас, кæуæг ку скодтай дæхе!
Хуцау дæ адæмæн хиццаг фестун кæнæд,
Дæ цармæ дин ци гъавонцæ!
Сирдони имæ Хуцау æрхæссуй,
Æхе ибæл е дæр кæуæг искæнуй.
Сослан ин зæгъуй:
– Сатанамæ мин гъæргæнæг фæццо!
– Гъай-гъай, фæццæудзæнæн!
Дæ бæхбæл фæццæуинæ.
– Ра ‘йбæл бадæ, фал мин æй ресун ма фæккæнæ!
– Ма тæрсæ, мæ хор!
Царæй æфтауги астæу синдзæ бацавта,
Æ къохи райсуй никки синдзитæ,
Синдзин æхсæй ин æ дæлвæзтæ схаун кодта.
Уотемæй рандæ уй гъæргæнæгæн.
Сатанайæн фегъосун кодта.
Дууадæс уæрдуни ку сцæттæ кæнунцæ.
Уонæй имæ ласунмæ уæд рацæунцæ.
Мæцути ин цирт ку скъахун кæнуй Сатана,
Сослани цирт хуннуй уоми.
Дууадæс уæрдунемæй имæ фæццæунцæ,
Æрба ‘й ласунцæ æма ин зæгъунцæ:
– Кæд дæ фæндуй, – дæ адзали уæнгæ ами уæлæбæл, –
Кæд дæ фæндуй, – цæрдуодæй уордæмæ ниххезæ,
Уæддæр дæ фæстаг уордæмæ цæуй!
Æ циртмæ цæрдуодæй уæд ниххизтæй.
Иуойнони Цалх, Сосланæн æ енцег к’ адтæй,
Деденæги фурт Арæхцау, уомæй нæбал æндиудта.
Агоруй æй и дуйней рохси Иуойнони Цалхи.
Некæми ‘й еруй Деденæги фурт Арæхцау.
Дæсний бафæрсунцæ; е ин разæгъуй:
– Дууæ хъал богъай дæ разæй тæрун байдайæ,
Зæронд уæлмæрдтæ кæмидæр уа, уордæмæ!
Дууæ хъал богъай æ разæй скæнуй,
Уотемæй сæ тæрун байдайуй.
Еу уобай, еу марди бунат æнæсгарст некæми ниууадзуй.
Еу хатт зæронд уобæйттæмæ нимбохунцæ.
Сæ сикъатæй рахафунцæ уобаййи фарс.
Рагъæр кæнуй Иуойнони Цалх:
– Æз ами Арæхцауæй мæхе ку баримахстон,
Уæд мæбæл сумах ци неуетæ?
– Æгайтима ами бадис!
Сослани фæлдист фæууо!
Ни ‘й къуæхтæ кæнуй,
Уотемæй ин æ тог бахатуй æ енцег Арæхцау.
Сослан сæумæ раги æ дуармæ тæрхъоси фæд фæййидта.
Сирдон загъта: «Сосланæй тæрхъостæ дæр гириз кæнунцæ!» Æ тæрхъос марæн хъамуци райста Сослан,
Цауæни рацудæй и арф хъæзæмæ,
Уоми фæййидта Донбеттири кизги.
Е ин загъта: «Тæрхъоси фæд мæ фæд æй!
Æз дæ рагæй дæр уарзун,
Дæхецæн мæ уосæ скæнæ!»
Е ин загъта: «Ци ма мæ гъæуй, дæу хузæн хæфситæ
Мæхецæн уоститæн ку хонинæ!»
Æхсинæги базуртæ ибæл æрзадæй
Æма кизгæ е ‘нсувæр Иуойнонмæ фæттахтæй.
Æма ‘й ракурдта Цалх Сослани марунмæ.
Иуойнони Цалх Сослани рæзти æруадæй,
Фал имæ нæбал бандиудта ‘ма ралигъдæй.
Сорун æй байдæдта Сослан.
Будурæй тар гъæдæмæ баервазтæй
Æма сибулдзæ бæласæ æ размæ фæцæй.
– Ма рауадзæ! – гъæр кæнуй Сослан. – Хуæцæ ибæл!
Сибулдзæ дæр ибæл æхе ниццавта Иуойнони Цалхбæл,
Фал æй дууæ ‘мбеси рахаун кодта.
Тæрсæ бæласæмæ бахъæрттæй,
Е дæр ибæл æхе ниццавта,
Фал æй нæ бафæразта уорамун.
Æхсæри къотæрмæ бахъæрттæй,
Е дæр ибæл æхе ниццавта.
Хумæллæгмæ æрхъæрттæй,
Е ибæл æхе æрбатухта æма ‘й нæбал рауагъта.
Сослан загъта: «Хумæллæг, Хуцау дæ адæми æмбурди
Цитгин скæнæд, сæ цийнæ бони дæ куд агоронцæ!»
Уæдæй ардæмæ хумæллæг агорунцæ адæм
Цийнæ сахати бæгæнийæн.
Æхсæрæ, сибулдзæ ‘ма тæрсæн дæр райарфæ кодта:
Етæ дæр гъæди астæу бæрæг æнцæ.
Цалх ку ниллæудтæй,
Уæд Сосланæй корун байдæдта,
Ра мæ уадзæ, зæгъгæ.
– Уадзун дæ, – загъта Сослан, –
Дæ мадæ ‘ма дæ фиди къæхтæ ралух кæнæ!
Фæстæмæ бабæй æрцо дæхуæдæг!
Нарти Сирдон фидбилиз кæми нæ ‘й.
Æхе зæронд лæги хузи Цалхмæ æрбавдесуй:
– Ци мæтъæл дæ?
– Сослани дзурдæй мæ мадæ ‘ма мæ фиди
Къæхтæ гъæуама ралух кæнон!
– Ци ‘нæзунд дæ, – зæгъуй Сирдон, –
Дæхе еу рауæн бафснайæ,
Цæмæй дæ зондзæнæй?
Иуойнони Цалх бабæй фæззелуй,
Сирдон ибæл фембæлуй бабæй лæги хузи
Æма бабæй ин зæгъуй: «Æнæзунд ма уо!»
Æртиккаг хатт ибæл фембæлуй Сирдон сувæллони хузи:
– Сосланæн æ дууæ уæраги тæссонд æнцæ,
Æнæуой еугурæй дæр æндон æй. Ку хусса, уæд ин
Æ уæргутæ ралух кæнæ, уæд ма дин ци кæндзæнæй?
Сирдони унафæбæл рацудæй.
Фæстæмæ æрцудæй. Сослан бабæй рандæ ‘й
Æнæ гæрзтæй хъамуций хæццæ тар гъæдбунмæ.
Æ къæхтæ ин ралух кодта Иуойнони Цалх.
Сирдон æрцудæй, æхе кæуæг скæнуй,
Уæдта баивæруй синдзæ царæй æфтауги астæу
Æма Сослани бæхбæл еуæрдæмæ рагъазуй,
Иннердæмæ рагъазуй,
Нартмæ рандæ уй гъæргæнæг.
Берæгъ ибæл æрфецауй Сосланбæл æма ин зæгъуй:
– Мæ уæраги тогтæ мин бастæрæ, берæгъ!
– Хуцау ма зæгъæд, Сослан,
Æз дæу фæрци берæ мийнасæ фæккодтон,
Нур ба æз дæу тог стæрон!
– Хуцау дин мæ зæрдихатт раттæд, –
Загъта Сослан. Уæдæй ардæмæ берæгъ бæгъатæр æй.
Сæлаур имæ æрцæуй;
Е дæр ин сæ нæ бакомуй æ уæргути тогтæ стæрун.
Ровасæн зæгъуй; ровас ин сæ растæруй.
– Еунæ Хуцау дæ адæмæн знаг фæккæнæд,
Æноси дæр дин дæ уод куд агоронцæ марунмæ!
Уæдæй ардæмæ ровасæн æнцойнæ нæййес.
Нарти Æхсийнæн разæгъуй Сирдон:
– Сослан цауæни дуйней сирдтæ рамардта,
Уæрдунæй имæ цæун гъæуй.
Рацæунцæ. Сослани уæрдунæй æрбаласунцæ.
Сослан ниууосиат кæнуй:
– Къантдзи фурт минги Сæууай – мæ тогесæг,
Иуойнони Цалхи куд рамара!
Сирдони æхемæ ихуæрсти райсæд бæх сæрфунмæ, –
Бæх æй рамардзæнæй.
Къæсибадæг уоси бафæрсунцæ.
Е син баунафæ кæнуй.
Богъай æ разæй скæнуй
Къантдзи фурт минги Сæууай.
Богъа æмбохгæ рацæуй æма
Цалх ‘ссеруй зæронд уæлмæрдти.
Къантдзи фурт æй рамаруй.
Сирдони мæлæт дæр бæхи цæфæй æрцæуй.
НАРТИ СОСЛАН МÆРДТÆЙ КУД ÆРБАЗДАХТÆЙ, УОЙ ТАУÆРÆХЪ
Сослан нæртон лæг адтæй, сауæнги дæр цауæни хаттæй. Уæд зæрæрдæмæ æ еунæг фурт рамардæй æма ибæл гузавæ кодта, æдта ци кодтайдæ? Æма, еу бон кæми адтæй, уоми æ сагъæсæй ранæхстæр æй, кумæ цудæй, уой дæр нæ зудта, уотемæй.
Цæун байдæдта, цæун æма ‘й Хуцау сау гъæдæмæ бахаста, ‘ма дуйней рохс нæбал рауидта. Стонг дæр иссæй æма тар гъæди медæгæ æруолæфтæй.
Еу сахат уотемæй уоми фæббадтæй, уæдта исгузавæ’й æма Хуцаумæ искувта: «Йа, Хуцау, табу де Стурдзийнадæн! Корун ди æма мæ уæддæр судæй ма рамарæ», – зæгъгæ. Фестадæй ‘ма ранæхстæр æй, æ развæндаг нæ уидта, уотемæй, æма ‘й Хуцау мæскъæмæ бафтуйун кодта. Мæскъæ-мæскъæ урдуг цæун байдæдта ‘ма ‘й Хуцау дæлзæнхæ фæккодта.
Дæлзæнхæ ку фæцæй, уæд гъæдæ дæр исфедуд æй, æма лигъз рохс будуртæ байгон æй. Сослан, мæгур, ракæсæ-бакæсæ кæнун байдæдта, кæд ескæми ести фæйнинæ ‘ма ме стонг исуадзинæ, зæгъгæ, ‘ма неци.
Уæд цæун байдæдта ‘ма еу рауæнмæ круппи хузæн пихсæ ба-уидта, ‘ма имæ ниннæхстæр æй: «Цæуон уордæмæ ‘ма си æндæр ку неци уа, уæддæр и пихсити мæхе бафснайдзæнæн», – зæгъгæ, имæ бахъæрттæй. Уоми ба дин пихси æхсæн æхсири цадæ. И пихсæ к’ адтæй, е дин ибæл зилдæгæй æ билтæбæл исæвзурстæй. ‘Ма Сослан баздахтæй, æма æхе æхсирæй исæфсаста, уæдта пихсити буни хорæфтуди æхе рахъан кодта, ‘ма уоми уолæфуй. Уотæ рæхги ба еу æртæ бæлæуи æ сæрти æрбатахтæй æма æхсири цадæн е ‘ннæ билæбæл сæ бæлæуи хъæппæлтæ ракалдтонцæ, ‘ма æртæ кизги фес-тадæнцæ, сæ конд, сæ уиндæн н’ адтæй, уæхæнттæ. Сæхе цадæмæ бакалдтонцæ æртемæй дæр æма уоми æртадтонцæ.
Сослан дæр сæмæ берæ фæккастæй, уæдта багъузтæй ‘ма си кæстæри хъæппæлтæ иснимахста. Кизгуттæ дæр æртайунæй ку бафсастæнцæ, уæд дин кæстæри хъæппæлтæ уоми – нæбал. Рагорæ- багорæ кæнун сæ байдæдтонцæ, æма сæ уæхæн нæртон лæг банимахс- та, кæми ма сæ иссирдтайуонцæ?
Уотемæй сæ ку нæбал ирдтонцæ, уæдта и кизгуттæ Хуцауæй дзурд равардтонцæ: «Уæ, нæ хъæппæлтæ нин ка банимахста, е нин сæ фæстæмæ ку ратта, уæд ин Хуцауæй соми кæнæн, цидæр нин зæгъа, уой ин ке бакæндзинан, уобæл, цифæнди ку феста, уæддæр», – зæгъгæ.
Æма син Сослан сæ сомибæл нæртон уасхау баууæндтæй, æма син сæ хъæппæлтæ равардта, кæд мæ мæ хæдзарæбæл исæмбæлун кæниуонцæ, зæгъгæ, æнгъæл кæсгæй.
Фал силæ æцæг æ дзурдæн кæд адтæй? Куддæр сæ хъæппæлтæ сæ къох иссирдтонцæ, уотæ си ке хъæппæлтæ н’ адтæй, е фæл-лæбурдта Сосланмæ ‘ма ‘й æхсири цади æхсæн фæккодта еци æд гæрзтæ: – Ардæмæ цъеу-маргъ ку нæ тæхуй, уæд ду ба мæн хъæппæлтæ ци ‘гъдауи туххæй банимахстай, – зæгъгæ.
Гъема бабæй, мæгур, и Сослан æхсæз дæлзæнхи фæцæй, æхсири цади уотæ ниллæстæй.
Уордæмæ бабæй ку рахъæрттæй, уæдта еу денгизбæл сили дзиккой халæбæл бацудæй иннæ фарсмæ ‘ма бабæй судæй мæлунмæ æрцудæй, уотемæй уæнгмæрдтитæ гæнгæ еу хонхи цъасæмæ бахъæрттæй. Гъема, цъаси балæсон, зæгъгæ, куд загъта, уотæ ба ин Хуцау еу халон æ сæрти æрбатæхун кодта æма ‘й Сослан дæр изгæхуæрд лагъзгубунæй фехста, ‘ма, дæ фудгол уотæ – æрхаудтæй и халон, ‘ма ‘й еци хомæй бахуардта. Е стгутæ ‘ма ин æ сестæ ба еумæ исцурхта, æхуæдæг ба хонхи цъаси балæстæй, æма дин тæккæ меддуар зиндони фæммедæг æй.
Ка си е ‘взагæй ауигъд, ка æ сæригъунтæй, ка æ хæкъолæй, ка ба сæрмесиндзæгмæ, уотемæй си æрлæууæн дæр н’ адтæй тæрегъæдгун адæми æсмагæй. Фал Сослан куддæр исмедæг æй уордæмæ, уотæ ба еугур зиндони адæм цийнæ кæнун байдæдтонцæ: «Æгас цæуæд, Сослан! Уæлæбæл ци хабæрттæ ес», – зæгъгæ ‘й фарстонцæ.
Е дæр син зæрдитæ ивардта, цийнæ сæбæл кодта æма ‘й сæ хецаумæ бахудтонцæ.
Сæ хецау дæр ибæл ниццийнæ ‘й: «Æгас цæуай, Сослан! Уодæгасæй ци амалæй æрцудтæ ардæмæ?» – зæгъгæ ‘й фæрсуй.
Сослан дæр имæ дзоруй: «Судæй мæлун æма бал мин хуæрун бакæнæ, уæдта мæ фæрсдзæнæ», – зæгъгæ.
‘Ма имæ тæрегъæдгунти хецау дзоруй: «Ами хуæргæ нæ фæккæнунцæ», – зæгъгæ.
– Мадта æнæхуæргæй ка лæууй, уæхæнттæн ба æз хабæрттæ нæ фæдздзорун, – зæгъгæ. Сослан фестадæй, æ къох сæбæл рарæуигъта, уотемæй фæннæхстæр æй æма бахъæрттæй дзæнæтмæ.
Уоми ба дуйней кæдзос адæм цъæх зæлдæбæл цийнæ кæнунцæ, зарунцæ, хуæдзелгæ фингитæ сæ рази алли дзæбæх хуæруйнæгтæй идзагæй лæуунцæ æма и адæм куддæр Сослани рауидтонцæ, уотæ имæ ниппæр-пæр кодтонцæ: «Æгас цæуай, Сослан! Мæнæ Сослан мæрдтæмæ уодæгасæй æрцудæй», – зæгъгæ, ибæл сæхе цийнæй мардтонцæ. Æвæдзи уодæгасæй ке ниццудæй, уой туххæй ибæл ести бæрæггæнæн адтæй. Еу дæр «мæнмæ рауай», иннæ дæр «мæнмæ рауай», – зæгъгæ, си æй алкедæр æхе размæ хонуй, фал си некæмæ бакумдта:
– Барæнтæ, барæнтæ, мæ хортæ! Æз ба уин уæ хецауæн ра-йарфæ кæнон, атæ хуарз цард сумахæн ка уинун кæнуй, уомæн, – зæгъгæ. Гъой-гъой-гъой, адæм уой ку райгъустонцæ, гъома, Сослан нæ хецаумæ цæуй мах туххæй арфæ кæнунмæ, зæгъгæ, уæд сæ фур цийнæй æ разæй гур-гургæнгæ сæ хецауи размæ исмедæг æнцæ. ‘Ма ин радзурдтонцæ: «Нарти Сослан уодæгасæй ардæмæ æрцудæй æма дæ размæ æрбацæуй арфæмæ», – зæгъгæ.
И хецау дæр фестадæй Сослани размæ рацæунмæ ‘ма дин Сос-лан дæр уотæ рæхги исмедæг æй. Кæрæдзебæл ниццийнæ ‘нцæ, цума рагæй зонгæ адтæнцæ, уотæ. Берæ фæдздзубанди кодтонцæ ‘ма дзæнæти хецау Сослани гури кæндтитæмæ æма цъухи рахастмæ ку æркастæй, уæд загъта: «Сослан, хъæбæр æхцæуæн мин адтæй дæ фæууиндæ, дæ базонун æма нур ба еумæ мæнæ ами хецауадæ кæндзинан, кæд дæ фæндуй, уæд», – зæгъгæ. Сослан не сарази æй: «Нæ мин ес ниллæууæн ами, уой туххæй, æма дин æй æнæфсæрмæй зæгъдзæнæн мæ хабар: æнæ силгоймагæй мæ бон нæ ‘й фæццæрун еунæг бон дæр, иннемæй ба мин мæ хæдзари неци зонунцæ ‘ма мæбæл сæхе рамардзæнæнцæ гъезæмарæй», – зæгъгæ.
– Гъæй, Сослан, Сослан, цæбæлти гузавæ кæнис! Æз дæуæн ами уосæ ке иссердзæнæн, уой зонæ, – зæгъгæ, бабæй æй арази кæнуй дзæнæти хецау уоми байзайунбæл.
Гъема уæдта Сослан исарази æй, ‘цæгæй ин загъта:
– Кæд мин рæсугъд кизгæ уосæн иссердзæнæ, уæдта ке кизгæ уодзæнæй, уой мин зæгъæ æма лæуун, – зæгъгæ.
Мæхецæн æртæ кизги ес ‘ма дæ уонæй кæци гъæуа, уой дин ратдзæнæн, зæгъгæ, ин дзурд равардта дзæнæти хецау.
– Мадта мæн æ зæрдæмæ уотæ хæстæг ка ивæруй, уой ном базонун мæнæн ихæс æй ‘ма, ци хуннис, уой мин зæгъæ, – зæгъгæ, имæ дзоруй Сослан дæр, – уæдта мин дæ кизгуттæ дæр фæууинун кæнæ! – Уомæй зиндæр мæбæл маци æрцæуа. Мæ ном хуннуй Барастир æма мæ хонгæ алкæмидæр уотæ кæнунцæ, мæрдти Барастир, зæгъгæ. Уотæ рæхги ба Барастири æртæ кизги адæми дзахъуламæ гæсгæ сæ фиди размæ исмедæг æнцæ ‘ма Барастир дзоруй Сосланмæ:
– Мæнæ дин атæ ба ме ‘ртæ кизги ‘ма дæ си кæци гъæуй, е дæу. Сослан дæр сæбæл æ цæстæ радардта ‘ма дин етæ ба, кокойнæ къотæри размæ æхсири цади ци æртæ кизги фæууидта, æхсири цади ‘й ка багæлста, етæ, ‘ма æхе меднимæр æ цæстæ æхемæ æркъуæрдта, дессаг мастхатæн рæстæг мин искодта, зæгъгæ. Æхсири цади ‘й ка багæлста, кæстæр кизги ниййамудта ‘ма ин æй равардта Барастир. Сослан æй æрхудта уоми, адæм еугурæй дæр киндзхон фæццудæнцæ, уотемæй.
Хуарз! Сослан уоми цæй бæрцæ фæццардæй, Хуцау зонуй, уæд-та мæрдти Барастирæн загъта: «Мæ фидæ! Аци цард æз мæхецæн не саккаг кæндзæнæн, мæ уæлæбæл хæдзарæ ку нæ бабæрæг кæнон, уæд, æма мин ести агъаздзийнадæ раттæ, цæмæй ма мæ райгурæн хæдзарæ фæууинон, уой туххæй, уæдта æрæздæхдзæнæн, æма дуйнемæ дæр еумæ цæрдзинан», – зæгъгæ.
– Ма кæнæ, мабал цо дæ хæдзарæмæ! Ку фæццæуай ‘ма уотемæй ма фæстæмæ ку æздæхай, уæд зиндони уодзæнæй дæ бунат, уой туххæй, æма мин мæ хабархæссæг халони рамардтай мæрдти дуармæ, ‘ма уой тæрегъæдæй, – зæгъгæ, ин æрдзубанди кодта мæрдти Барастир. Фал Сослан уæддæр нæбал исарази æй æма ин æ кизгæ уоми ниууагъта, уотемæй ранæхстæр æй, гъома, фæстæмæ ку æриздæхон, уæдта ин æ кизги æрхондзæнæн, æма мин уомæ гæсгæ дзæнæт уодзæнæй, зæгъгæ, уотемæй, æма бахъæрттæй мæрдти сувæллæнтти æхсæнмæ.
Етæ дæр бабæй ибæл цийнæ кæнунцæ, мæнæ Нарти Сослан, зæгъгæ. Сослан дæр сæбæл цийнæ кæнуй, сувæллæнтти æфсесæй, ефтонгæй, игъæлдзæгæй ку фæууидта, уæд; иннемæй ба, кæд мæхе фурти дæр фæууининæ, зæгъгæ, уомæ æнгъæл кæсгæй. Гъема æрæгиау ба æ фурт фæззиндтæй æма кæрæдзебæл сæ фур цийнæй берæ фæккудтæнцæ, гъе, уæдта, æвæдзи, æ фурти кутемæй ниу-уагъта, Хуцау зонуй, ‘ма бабæй уордигæй дæр ранæхстæр æй.
Цæун байдæдта, цæун, ‘ма дуйней лигъз будурти бафтудæй, æма кæми ма бауолæфтайдæ, уæхæн бунат нæбал ирдта. Æрæгиау еу бæласæ бауидта ‘ма уоми исмедæг æй. Æ сæрмæ ин исхизтæй ‘ма си – астъонæ, астъони авд цæргæси бæдоли, ‘ма дин ибæл ниццийнæ ‘нцæ: «Мæнæ Нарти Сослан, æгас цæуай», – зæгъгæ.
– Сумах бабæй мæ цæмæй зонетæ, – зæгъгæ, сæ фæрсуй Сос-лан. – Е бабæй дин ци загъд æй: «Цæмæй зонетæ»? Гæр æма алли бон нæ мадæ дæу кой ку фæккæнуй, – зæгъгæ, ин цæргæси бæдæлттæ дæр. Уотæ рæхги бæласи зæнгæбæл еу руймон исцæй лæстæй цæргæси бæдæлттæ хуæрунмæ ‘ма имæ Сослан фездахтæй, æма ‘й æ церхъæй никъкъуæхтæ кодта бæласи буни. Цæргæс алли æхсæвæ дæр æ дзамани бæдæлттæ уадзидæ ‘ма ин сæмæ еци руймон багъомпал æй, æма ин сæ алли бон дæр хуæргæ кодта, æма и цæргæс, уони ба, багъомпали уалдæнгæ, æндæр рауæнмæ фæххаста, ‘ма баустуртæ ‘нцæ, уæдта сæ фæстæмæ уоми ниввардта, раст Сослан уоми ци бон адтæй, уой разæй.
Сослан бабæй фæстæмæ исхизтæй цæргæси бæдæлтти размæ ‘ма ‘ймæ дзорунцæ: «Ба дæ римæхсæн, кенæ ба нæ мадæ ку фæззинна, уæд дæ æ фур цийнæй рахуæрдзæнæй», – зæгъгæ ‘й сæ еу æ базури сеси буни раримахста.
Изæрæрдæмæ ба бæдæлтти мадæ фæззиндтæй ‘ма æ базурти пæр- пæрæй устур думгæ фелвæстæй, уой фæсте – уарун. Уарун ба адтæй цæргæси цæстисугæй, æ бæдæлттæн бабæй тарстæй æма уой азарæй. Уæд æрхъæрттæй æ астъонæмæ ‘ма æ бæдæлтти уоми ку æруидта, уæдта æ фур цийнæй ци ракодтайдæ, уой нæбал зудта, фал сæмæ æрæгиау ба дзоруй: «Еци руймон ка рамардта, ка уæ фæййервæзун кодта, уæдта ци аллон-беллон æсмаг æй», – зæгъгæ.
– Аллон дæр дæхуæдæг, беллон дæр дæхуæдæг, æндæр ба ами æсмаг нæййес, фал хуали хуæрун ахур дæ, ‘ма бабæй, æвæдзи, дæлæ руймони фиди æсмаг дæ финдзи цæуй. Ервæзун ба нæ фæккодта Нарти Сослан, алли бон ке кой кодтай, ейæ, – зæгъгæ, ин дзуапп равардтонцæ æ бæдæлттæ.
– Æма ци фæцæй нур ба Сослан? Тæходуй, уой фæууинæ, уæд ин мæ дæндагæй цирагъ бадаринæ, – зæгъгæ, сæ фæрсуй и цæргæс.
– Ба ‘й хуæрдзæнæ, æндæр ба дин æй байамонианæ.
Ма тæрсетæ, зæгъгæ, син дзурд равардта.
Гъема ‘йбæл ку баууæндтæнцæ, уæдта имæ ‘й бавдистонцæ, ‘ма ‘й цæргæс æ фур цийнæй авд хатти ранихъуардта, авд хатти ба ‘й фæстæмæ исгæлста. Уотемæй, æвæдзи, кæрæдзебæл цæй бæрцæ фæццийнæ кодтонцæ, Хуцау зонуй, уæдта æрæхсæвæ ‘й æма еугурæй дæр астъони ниххустæнцæ.
Сæумæ ба и цæргæс Сослани фæрсуй: «Гъи, мæ бæдæлтти уод ервæзунгæнæг, дæ хуарздзийнадæ дин цæмæй бахатон?» – зæгъгæ. – Арфæгонд уо, дæ дзæбæх дзубандити туххæй, фал мин кæд хуарз фæуун дæ зæрди ес, уæд мæ мæ райгурæн бæстæбæл исæм-бæлун кæнæ! Цирдигон дæн, уой ба дин амонун, æвæдзи, нæ гъæуй. Гъема мин еци хуарз агъаз бакæнæ, – зæгъгæ, загъта Сослан.
Цæргæс еци дзубанди ку æригъуста, уæд ниссагъæси æй æма дзоруй: «Бæргæ дæ исмедæг кæнинæ дæ хæдзари, фал базæронд дæн ‘ма хуæруйнаг æма ниуазуйнагбæл тагъд æхсицгæ кæнун, ‘ма мæ хæццæ етæ ку нæ уонцæ, уæд ескæцæй рахаудзинан, фал, цæй, ду абони лæууæ, æз ба ескумæ мæхецæн фæндаггаг агорунмæ цæ-уон, æма кæд ескæцæй ести æрхæссинæ», – зæгъгæ. Сослани уоми ниууагъта, æхуæдæг ба раздахтай. Гъема еу хани кувди косæрттæ, авд къамбеци фæхсунгондæй, уæдта авд цæудзар гæбæти сæнæ ра-скъафта, уотемæй уони хæццæ Сослани размæ исмедæг æй. Æхсæвæ ма уоми фæцæнцæ. Сæумæраги цæргæс æ фæндаггаг æ базурти æхсæн æ рагъи исцурхта. Сослани ба син сæ сæрбæл рабадун кодта, уотемæй ратахтæнцæ. Гъема, еу уæлзæнхæ ку фæууиуонцæ, уæдта-еу Сослан цæргæси гъæлæси къамбеци мард æма сæни габæт рацæвидæ.
Уотемæй, æвдæймаг уæлзæнхæ ку фæцæнцæ ‘ма цæргæси гъæлæси сæни гæбæт æма къамбеци мард ку рацавта, уæд и цæргæс æнхæст нæ рафсастæй. Сослан дæр æй ралæдæрдтæй ‘ма, уоххай, фæстæмæ хауæн, зæгъгæ, æ зæнги хæцъæф æрбалух кодта ‘ма ‘й цæргæси гъæлæси рацавта. Æма ‘й и цæргæс æ дæлæвзаг нилхъивта. Уотемæй туххæй- фудтæй фæууæлбилæ ‘нцæ.
Ку фæууæлбилæ ‘нцæ,уæдта и цæргæс Сослани зæнги хæцъæф фæстæмæ банихаста æма кæрæдземæн хъæбæр райарфæ кодтонцæ, уотемæй си алкедæр æ хæдзарæмæ рандæ ‘й: цæргæс æ бæдæлттæмæ, Сослан ба æ райгурæн хæдзарæмæ, и Устур Нарти æхсæнмæ.
Сослан æ гъæумæ ку бахæстæг æй, уæд кæсуй ‘ма дин еу фиййау æмбесмæ – заруй, кафуй, æмбесмæ – кæуй, æрдеуагæ кæнуй, ‘ма имæ Сослан дзоруй:
– Ци кæнис, дзæбæх биццеу? Æмбесмæ кæугæ ку кæнис, æмбесмæ ба заргæ, – зæгъгæ.
– Ци ма кæнуйнаг дæн? Нарти Сослан, – хуарз лæг æй худтонцæ, – рамардæй ‘ма уобæл кæун. Æма нур ба фондз анзи цæуй уæдæй ардæмæ, æма ин устур хист кæнунцæ. Гъема, изæри ку ниццæуон, уæдта æз дæр еци хисти мæхе нифсаддзæнæн ‘ма уобæл зарун, – зæгъгæ, ин биццеу дзуапп равардта.
Сослан бахудтæй æма имæ дзоруй:
– Цо, мадта Нартмæ хуæрзæнгорæггаги уайæ, æз Сослан дæн, æма æма æй фегъосун кæнæ, е ба сæ хист кувдмæ раййевонцæ, – зæгъгæ. Биццеу дæр фæтътъæбæртт ласта, хъонцгун хæдзарæмæ исмедæг æй æма еуемæн дæр, иннемæн дæр радзоридæ: «Сослан æгас æй, æрбацæуй», «Сослан гъæуи фæстемæ æрбахъæрттæй», – зæгъгæ. Фал дин ибæл кæми æууæндтæнцæ: «Рандæ уо, дзæгъæл дзорæ ма кæнæ, хъæсти нез дæ бахуардта», – зæгъгæ ‘й расхуститæ кодтонцæ. Уотæ рæхги ба сæмæ æцæгæй Сослан исмедæг æй æма ‘й адæм сæ фур цийнæй зæнхæбæл дæр нæбал уагътонцæ. Хъуритæ ‘й кодтонцæ, хъæбæрдæр – Нарти зæрæндтæ, иуонæхсæрттæ. Цидæр адтæй, сæ хист кувдмæ раййивтонцæ æма æгас нæртон адæм сæ зонгити хæццæ æстæмæй- астмæ фæццийнæ кодтонцæ.
Гъема син Сослан мæрдти хабæрттæ фæдздзурдта, уæдта син, мæрдти дзæнæти хецау Барастир ке хуннуй, уой дæр загъта æма уæдæй ардæмæ адæм базудтонцæ Барастири хабар.
Дуйнемæ уоми нæ бадтайуонцæ, Сосланæн рохсаг зæгъунмæ ка ‘рцудæй, еци адæм, æма фæххæлеу æнцæ. Алке æ хæдзарæмæ рандæ ‘й. Сослан дæр æ уоси размæ æризадæй ‘ма ин æ гъезæмæрттæ, æ фудæбæнттæ, уæдта æ лæгигъæдтæ, уæдта сæ фурти ке фæууидта, уони æрдзубандитæ кодта, ‘ма, мæгур, и уосæ берæ фæккудтæй, æ фурт ин æ зæрди ку æрифтудта, уæд.
Зæнæги зин ци æнгъæлетæ, ци, мæ хортæ? Зæнæги маст куд басæтта ниййерæги зæнгæ, уотæ неци!
Гъе, уой фæсте ба Сослан рамардæй, æ гъезæмæрттæ ибæл ку æртæфстæнцæ, уæд. Æма мæрдти æгъдауæй зиндонæмæ бафтудæй уотемæй, уæлæбæл берæ лæгъуздзийнæдтæ ке фæккодта, уой туххæй, иннемæй ба мæрдти хабархæссæг халони ке рамардта, уæдта Барастири кизгæй ке фæггириз кодта, уой туххæй.
Гъема ‘й е скъелтæй ниййауигътонцæ зиндони, æ буни ба ин алли бон дæр Барастири кизгæ арт кæнуй синдзитæй.
Нарти Сослан, зæгъуй, идард балцимæ бæргæ рандæ уй.
Æ мегъæндзо æма ‘й æ уадæндзо бæх
Арвæй зæнхи астæути бæргæ фескъæфуй.
Нæртон Сосланæн Кæнтæмæ æзнæгтæ бæргæ адтæй.
Кæнтæ Сослани ранди хабар бæргæ фегъосунцæ,
Нæртон адæммæ сæ дзурд хæссун ку байдайунцæ:
– Устур лæвæрттæ уин ракæндзинан,
Æма нин нæ маст райсун бауадзетæ, – зæгъгæ.
Нартæ фæстагæрдæмæ ку сарази унцæ.
Кæнтæ син берæ фонс ку ниббæттунцæ,
Сослани мадæ Сатанай
Цардæгасæй зиндони цадæмæ ниггæлдзетæ, зæгъгæ.
Нартæ аци гъуддагбæл ку сарази унцæ.
Аци устур зин хабар, зæгъуй,
Нарти Сослани мадæ Сатанабæл ку сæмбæлуй,
Нартæ дæ цардæгасæй зиндони цадæмæ
Багæлдзун фæндæ искодтонцæ, зæгъгæ.
Уæд, зæгъуй, Нарти Сатана
Къумнимæхсæнтæ кæнун ку байдæдта.
Еу бон, зæгъуй, Сатанайæн æ зæрдæ бæргæ баунгæг уй.
Сæ серамæ, зæгъуй, æрхунбадæ бакæнгæй,
Æрхун цæстисугтæ ку æгъзалуй.
Уоци рæстæги арви цъæхти Хуцау хой бæргæ æрбауадзуй.
Нарти Сатана, æ цæстисугтæ цæппозурæй æгъзалгæй,
И хоймæ ку сдзоруй:
– Æ, уæлæ хой, дæ хуарзæнхæ мæ тухгин ку гъæуй.
Нартæ мæ уодæгасæй майрæнбони зиндони ку гæлдздзæнæнцæ, Уæ, корун ди, уæлæ хой, æма мин
Хабархæссæг фæууо Сосланмæ, – зæгъгæ.
Уæд и гиаур хой Сатанамæ фæстæмæ ку ‘рхъуахъ кæнуй:
«Куд нæ дин фæццæудзæнæн æз, Сатана, гъæргæнæг,
Дæ лæхъуæн Сослан коми ‘дзаг сирдтæ ку ниццæгъдидæ,
Уæд мин уонæй неци лæвардта.
Фуддæр фудтæ дæр ма дин ку уининæ», – зæгъгæ.
Уæд и хоййи Сатана ку ралгъетуй:
«Хауæги фæххауæ, хуæдмæл ба дæ хуаллаг», – зæгъгæ.
Хоййи фæсте Нарти Сатанай сæрти халон бæргæ æрбатæхуй, Уомæ дæр бабæй Нарти Сатана бæргæ исдзоруй:
«Уо, халон, дæ сæр мæ багъудæй æма мин исбæззæ!» – зæгъгæ. Е дæр бабæй ин фæстæмæ ку разæгъуй:
«Фуддæр фудтæ дæр дин ку уининæ, Сатана,
Дæ кæркæргъауæй мин еу цъеу
Ку некæд исуæлдай кодтай!» – зæгъгæ.
Уæд Нарти Сатанай размæ зæрбатуг
Ку ницъцъæбар-цъубур кæнуй:
«Уо, номдзуд Сатана, ци хъурдохæни бахаудтæ,
Цæбæл æгъзалис дæ цæппозур цæстисуг?» – зæгъгæ.
Уæд имæ Нарти хуарз Сатана унгæг хъурæй ку бадзоруй:
«Уо, адæмуарзон зæрбатуг, фæдесон мин фæццо,
Уо, адæмуарзон зæрбатуг, Сосланæн мин зæгъæ:
Уартæ, дан, дин дæ зæронд мади
Уодæгасæй Нартæ зиндони цадæмæ ку гæлдзунцæ,
Тагъд мæмæ фæззиннæ, зæгъгæ, майрæнбонмæ.
Майрæнбони мæ гæлдзуни рæстæг уодзæнæй», – зæгъгæ.
«Уо, номдзуд Сатана, æз дæуæн фæдес хабархæссæг
Куд нæ фæууодзæнæн!
Æз куд феронх кæндзæнæн, хуарз Сатана,
Дæуæн дæ хуарздзийнæдтæ:
Ду мин мæ бæдæлттæ тикиси дзухæй куд райстай,
Ду мин мæ бæдæлттæ æхсири куд ниртадтай
Æма мин сæ уотемæй мæ астъони куд ниввардтай, уой».
Адæмуарзон зæрбатуг æ дууæ сау базури ку райтиндзуй,
Ку райтиндзуй æ дууæ базури æма тæхунтæ ку байдайуй.
Авд бони æма авд къуæрей Нарти нæрæмон Сослан
Æ дзиндз-аласабæл арв æма зæнхи астæу кæми фæттахтæй,
Уоци идард бæстæмæ
Бонвæрнони искасти хæццæ бæргæ бахъæрттæй.
Адæмлимæн зæрбатуг Сослани бууат бæргæ раеруй.
Сослан æнæсагъæсæй æхецæн и цъæх зæлдæбæл,
Павзбуни парахат бæргæ фæххуссуй.
Адæми лимæн зæрбатуг бæласи цъоппæй
Мин æвзагемæй бæргæ ниууасуй:
«Гъæйтт, Нарти номдзуд нæрæмон Сослан,
Дæхецæн цъæх зæлдæбæл ци дзæбæх хуссис!
Гъæйтт, Нарти номдзуд нæрæмон Сослан,
Дæ зæронд мадæ Сатанайæн
Æ уæззау зин хабар цæмæй лæдæрис!
Гъæйтт, Нарти номдзуд нæрæмон Сослан,
И майрæнбони дин Нарти адæм
Дæ уарзон мади уодæгасæй
Зиндони цадæмæ гæлдзгæ ку кæнунцæ.
Дæ уарзон мадæ æ цæстисугтæ цæппозурæй ку калуй
Æма дæмæ хори тунау фæззиннун æнгъæл ку кæсуй!»
Нарти нæрæмон номдзуд Сослан
Цæсти тъæбæртмæ ку рауæлæ уй.
Е ‘ртикъахуг дзиндз-аласабæл
Еци æ байвæд бæргæ рабадуй,
Нарти бæстæмæ, зæгъуй, бæргæ фæййагайуй.
И Нарти адæмæн се ‘нгъуди бони бæргæ æрхъæртуй.
Сосланæй æдас уогæй, номдзуд Сатанай
Зиндони цадæмæ бæргæ рахæссунцæ.
Нарти Сатана ма стъалутау æ дууæ хъоппæгъ цæсти
Бæргæ ниййирд кæнуй,
Бæргæ ма ‘й фæффæндуй фæстаги хатт
Æ фурт Сослани фæууинун.
Нæртон Сослан дæр æ нæртон бæхбæл
Арвæй зæнхи астæу бæргæ тæхуй.
Нæртон Сослан Нарти адæми изолæй бæргæ æрбауинуй,
Бæргæ сæбæл фæцъцъæхахст кæнуй и нæртон Сослан.
Нартæ дæр æй, зæгъуй, бæргæ æруинунцæ
Æма Сослани мадæ, номдзуд Сатанай,
Хæлæф, тагъдгæнгæй,
Зиндони цадæмæ бæргæ ниггæлдзунцæ.
Сæхуæдтæ Нартæ æ уоци байвæд
Сæ хæдзæрттæмæ рахæлеу унцæ.
И нæртон Сослан бæргæ никкæуй,
Зиндони цадæмæ æ мади фæсте
Æхе бæргæ багæлдзуй,
Фалæ Сатана зиндони цади ку ранигъулуй.
Уæд уоци рауæн нæртон Сосланæн
Æ бæхи къæдзелæ, æ бæхи барцитæбæл,
Се ‘нгъуд кæмæн фæцæй, уоци адæмтæ
Æрдой нимæдзæй ку ниххуæцунцæ.
Нарти Сослан сæ æ бæхи фæдбæл
И уæлзæнхæмæ бæргæ исласуй,
Æ фал уони æхсæн ку нæ разиннуй
Нарти номдзуд Сатана.
Уæд Сослан ку ниммæтъæл уй,
Æ хæдзари дуæрттæ бæргæ æрихгæнуй,
Æхе адæммæ ку нæбал февдесуй,
Æ рехæ æ астæумæ бæргæ рауадзуй.
Уæд и Сосланмæ цæун ку байдæдтонцæ æ зонгитæ,
Сæ къохти, сæ усхъити æд къуала бæлæстæ.
Етæ нæртон нæрæмон Сосланæн
Зæрдитæ ивæрун бæргæ байдайунцæ:
«Фæццæуæн, Сослан, зиндони дуармæ,
Басæтдзинан æй æд къуала бæлæстæй,
Æма рахонæ дæ зæронд мади», – зæгъгæ.
Уæд син Нарти нæрæмон Сослан бæргæ разæгъуй:
«Зиндони дуæрттæ бæргæ басæтдзинан,
Фал уони фæсте ку бадуй мæнæн мæ тоггин æзнаг,
Ку ниллæудтæй е Мæрдти бæстæмæ бацæуæни гъæуайгæсæн.
Гъе, уомæй махæн баервæзуни фес
Ку не суодзæнæй».
Номдзуд Сосланæн æ хуарз хæлæрттæ
Хъонцгæнгæ ку раздæхунцæ.
Уоци уæззау хабар æ хуарз хæлармæ,
Саулæги фурт Мæрзæздухтмæ, бæргæ байгъусуй.
Уæд и Саулæги фурт Нарти бæстæмæ
Æ хъазар хæлар, Нарти Сосланмæ, рафæндараст уй.
Нæртон нæрæмон Сосланмæ бæргæ æрхъæртуй,
Нæртон нæрæмон Сосланæн ку бахъонц кæнуй.
Уæд ин Саулæги фурт Мæрзæздухт
Ку ‘ртауæрæхъ кæнуй:
«Мæ зинаргъ хæлар,
Адæми астæумæ цæмæн нæбал цæуис,
Адæми астæу цæмæн нæбал ходис,
Цæмæн æруагътай де ‘хсари кадæ?
Цæуæн мæ хæццæ,
Маха и дуæрттæ ниббугъæ кæнæн!»
«Бæргæ хуарз уайдæ,
Фал мæ ме ‘знаг,
Мæ зинаргъ хæлар,
Уоми, бацæуæни, гъæуай ку кæнуй».
«Уомæй, мæ хæлар,
Мацæмæй тæрсæ.
Мæ барæ ‘й уадзæ,
Ду ба-еу, Сослан,
Дæ бæхи цæвæ!»
Ранæхстæр æнцæ дууæ æмбали
Мæрдти бæстæмæ.
Зиндони дуæрттæ
Нимморæ кæнунцæ.
Уæд Сосланмæ æ тоггин
Бæргæ сæвзедуй зæрдтагонæй,
Фал ибæл Саулæги фурт,
Хъаурæгин Мæрзæздухт,
Ку фæгъгъæр кæнуй.
И тоггин æзнаг
Æ медбунати цавддорау ку фестуй,
Нарти Сослан Барастури размæ ку ‘рлæууй,
Корунтæ си ку байдайуй.
Æ мадæ Сатанайæн уордигæй рацæуæн ку нæбал фæууй.
Уордигæй фæстæмæ
Нарти нæрæмон нæртон Сослан
Сæргубур ‘ма уонтæбæрзондæй
Бæргæ фæццæруй и Нарти æхсæн.
Цалдæнгæ цардæй,
Уæдмæ алли майрæнбон дæр
Зиндони цадæмæ
Бæргæ фæццæуидæ,
Уоми æ цæстисугтæ
Уорс цæппозурæй
Ку ниррæдзæгъдидæ.
Гъе, уæдæй нурмæ,
Майрæнбони ка рамæлуй,
Е амондгунбæл нимад ку цæуй.
Уотæ адтæй,
Гъе, уотæ ‘й, мæ хортæ,
Нарти номдзуд Сатанай фесæвд.
Уотæ берæ уарзта,
Мæ хортæ, Сослан æ мадæ Сатанай.
Уой адæбæл, мæ хортæ,
Сослан æ фур мæстæй
Уодæгасæй ку бацудæй мæрдтæмæ.
СОСЛАН ДЗЕНЕТÆЙ ЦÆМÆН РАЗДАХТÆЙ
Сослан хæтæг лæг адтæй, рауон-циуон. Æ уод, æ цæстæ – ести хъазауатдзийнадæ бакæнун: сирд рамарун, еске фæххинцун, æфхуæруйнаг лæги бафхуæрун. Бадун нæ уарзта.
Еу хатт, цæуон æз ба ескæми рахæтон æма ести рамарон, зæгъгæ, Сау хонхмæ иссудæй. Бон-изæрмæ фæххаттæй æма некæми неци иссирдта. Бафæллад æй, уæдта стонг дæр иссæй – еунæг бони фагæй æндæр хуæруйнаг нæ рахаста æма ‘й раги бахуардта. Æ цуди медæгæ еу донбæл исцурæвæрæ ‘й æма уотæ ниссагъæс кодта: «Цæй, аци донбæл цæуон, естæбæл æмбæлдзæнæн: е дондзау, е курондзау, е ба æндæр ести». Цæун райдæдта дон-дон, дон цирдæмæ цудæй, ецирдæмæ. Фонс донмæ тæрæг дæр не ‘ссирдта, бæх донмæ ласæг дæр нæ, курондзау дæр, æндæр ести дæр, уотемæй дони фæдбæл ниццудæй зæнхи бунмæ, и дæлæбæл дуйнеймæ.
Дæлæбæл дуйнеймæ ку рафардæг æй, уæд уоми ба уæхæн будурмæ бахъæрттæй, æма си ци хуари муггаг н’ адтæй, фонсæй, сирдæй, æндæрæй, уæхæн н’ адтæй. Сирдтæ дæр си тæрсгæ нæ кодтонцæ, фал хизтæнцæ æнæуой фонси хузæн.
Уоми æфтуйгæ цудæй дæнттæ устур донбæл, уой билæбæл ба, лæгмæ ка нæма фæццудæй æма æнæкурд, уæдта, курдуати ка рамардæй, уæхæн сæдæ кизги синдбæл исхуæстæнцæ æма семунцæ. Сæ рази ба алли хуæруйнаги муггаг æма ниуазуйнаги муггагæй идзаг. Сæрæй есгæ æма бунæй ахедгæ ке хонунцæ, сæ хуæруйнæгтæ – уæхæнттæ.
Сослани ку рауидтонцæ, уæд ибæл ниццийнæ æнцæ: «Гъæ, уæртæ Сослан, ци изæд, ци идауæг дæ æрхаста ардæмæ? Дæу дæ нивæ не ‘рхаста ардæмæ, фал бабæй дæ дæ лæгигъæдæ æрхаста дзенетмæ, æндæра ардæмæ цæуæн нæййес æд гебенатæ».
Сослан сæ рафарста: «Циуавæр айтæ, ци айтæ сумах?»
Етæ ба ин загътонцæ: «Мах, æнæ лæги гъæстæ фæууогæй ка рамардæй, уæхæн кизгуттæ ан, æма мæнæ аци хуæруйнæгтæ ба, махæн уæлæбæл дуйней ке ниххæлар кодтонцæ, етæ æнцæ. Нур ба нæ рази ‘нцæ, куд уинис, уотæ».
– Ести мин бахуæрун кæнтæ, æстонг дæн, – загъта син Сослан. Семгæ бал ракæнæ, уæдта дин бахуæрун кæндзинан, зæгъгæ ‘й синдбæл исхуæцун кодтонцæ.
Сослан, рæсугъддæр ци дууæ кизги адтæй, уони астæу æрхуæстæй синдбæл æма, куд нæрæмон адтæй, уотæ уайтагъддæр кизгуттæй еуей цонг фелхъивта. Кизгæ æхе фæууæгъдæ кодта æма Сослани нинтъухта устур дони астæумæ. Сослан дæр æд гæрзтæ дони ранигъулидæ, кæми ба фæууæлбилæ уидæ æма сæмæ дзоруй:
– Фæррæдудтæн, ниммин хатир кæнтæ.
Кизгуттæ дзорунцæ:
– Ниййин хатир кæнун гъæуй.
Ци кизгæ ‘й ниггæлста донмæ, е бабæй æй исиста донæй дæр æма ин загъта:
– Уæлæбæл дуйней кудтитæ фæккæнис, уотитæ гæнæн ами нæййес, фал дин мах хæццæ бунат ес æма цæрæ ами нæ хæццæ, дзенети. – Æстонг дæн æма мин ести бахуæрун кæнтæ, – зæгъгæ, бабæй сæмæ дзоруй Сослан.
– Нæ хæццæ цæрæ ами, уæлæбæл дуйнеймæ мабал бæллæ æма дæ бафсаддзинан. Мæнæ мах рази ци хуæруйнæгтæ ес, уони уиндæй мах куд æфсæст ан, уотæ ду дæр уодзæнæ сæ уиндæй, хуæргæ ба си неке кæнуй ами.
Сослан ба син загъта:
– Хуæрун фæткæ кæми нæййес, еци дзенет мæн нецæмæн гъæуй. Нарти ‘хсæнмæ цæун, – зæгъгæ, син нæ бакумдта дзенети лæуун. Ра ‘й æскъардтонцæ æма рараст æй еу рауæнбæл. Уоми ба къуар адæймаги Нартæй, ка æ хорхæй ауигъд, ка ба е ‘взагæй, ка æ цонгæй, ка æ къахæй æма æндæртæ. Дзорунцæ имæ:
– Гъатт, Сослан, ис нæ уæгъдæ кæнæ, фæннæ ервæзун кæнæ аци гъезæмарæй.
– Сосланмæ уæхæн барæ лæвæрд нæййес, фал ци кæнетæ, цæмæн уæхæн бунæтти бафтудайтæ?
– Мах уæлæбæл дуйнебæл лæгъуздзийнадæй ци нæ кодтан, уæхæн н’ адтæй, æма нин нур ба мæрдти ‘гъдауæй аци хузи тæрхон æрцудæй. Рандæ ‘й бабæй уордигæй дæр æма бацудæй æндæр рауæнмæ. Уоми ба зиндони цади адæм хæфситæ, хелæгтæ, æнкъуæлхитæ æма æнæуой уæхæнтти хæццæ ранигъулиуонцæ, уæдта фæззинни-уонцæ. Хæфситæ ниууасиуонцæ, дзорунцæ:
– Гъатт, Сослан, мах де ‘уазæг, фæннæ ервæзун кæнæ!..
– Сослани бон ами неци ‘й, фал ци кæнетæ, цæмæн уæхæн зин æвзаретæ?
– Уæлæбæл царди давун æма хахурæй ци нæ кодтан, уæхæн н’ адтæй, æма нур ба нæ тæрхон уотæ рацудæй мæрдти æгъдауæй. Сослан бабæй рандæ ‘й уордигæй дæр æма бацудæй еу æндæр рауæнмæ. Уоми ба рæсугъд æвзестæ авæрттæ, уоми ба æвзестæ къелатæбæл бадтæнцæ еу къуар лæги. Алли хуарз, алли дзæбæхæй адтæй сæ раз идзаг, æвналгæ ба сæмæ нæ кодтонцæ. Ниййибæл цийнæ ‘нцæ, æгас цо, Сослан, зæгъгæ.
Æстонг дæн æма мæ бафсадетæ, зæгъгæ, бабæй коруй уонæй дæр Сослан хуæруйнаг.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Нæ хæццæ лæууæ ами. Уæлæбæл дуйнемæ мабал бæллæ, мабал цо, æма, мæнæ мах рази ка ‘й, еци хуæруйнæгтæ махæн куд æнхус æнцæ, æнæ бахуæргæй, уотæ дæуæн дæр уодзæнæнцæ. Дзенети лæуунæй дæ барæ ес нæ хæццæ, ескæд дæмæ фæсмон æрцæудзæнæй, ку нæ ниллæууай, уæд.
Хуæруйнаг дæттун фæткæ кæми нæййес стонг лæгæн, еци дзенет мæн нецæмæн гъæуй, зæгъгæ, бабæй син нæ ниллæудтæй уоми дæр. Сослани фæндадтæй Нарти адæмæн мæрдти хабæрттæ фæдздзорун æма син загъта: «Ами нæ ниллæудзæнæн, фал мин зæгъетæ, сумах цæмæн ауæхæн арæзти медæгæ айтæ?»
Етæ ба ин загътонцæ:
– Мах уæлæбæл давгæ некæмæй неци кодтан, хуарз фæуунбæл кустан. Берæ уарзтан мæгур адæми æма син æнхус кодтан, æма, уомæ гæсгæ, дзенети – нæ бунат.
Ниууагъта бабæй уони дæр Сослан æма еу æндæр рауæнмæ бацудæй, еу сугъзæрийнæ авармæ. Уоми ба сугъзæрийнæ – сæ къелатæ, æнæуой арæзт къуар лæги си бадтæй, сæ рази алли хуæруйнаги дзæбæхæй идзаг. Етæ дæр бабæй ниццийнæ æнцæ Сосланбæл, кæцæй фæдтæ, ци хуарз адтæй, ке ‘рцудтæ, е, зæгъгæ, нур ба лæууæ нæ хæццæ ами. Сослан бабæй си коруй хуæруйнаг:
– Æстонг дæн æма мин хуæрун ести бакæнтæ.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Нæхуæдтæ дæр хуæргæ нæ кæнæн, фал нæ рази ка ес, уони уиндæй ба æфсæст ан. Ду дæр мабал цо уæлæбæл дуйнемæ, фал цæрæ ами мах хæццæ æма уодзæнæ æфсæст дзенети медæгæ.
Сослан ба син загъта:
– Хуæруйнаг дæттун фæткæ кæми нæййес стонг лæгæн, еци дзенети æз нæ лæуун.
Етæ ба ин загътонцæ:
– Ма кæнæ, ма цо ардигæй, æрфæсмон кæндзæнæ еу бони сæри æма дæ дзенетæй барæ нæбал уодзæнæй.
Нæбал сæмæ байгъуста æма ин идарддæр байамудтонцæ над. Рацудæй уордигæй æма Хæмици фурт Батрази иссирдта уоми. Батраз адтæй дзенети хецау æма Сосланбæл ниццийнæ ‘й.
Сослан дæр ибæл ниццийнæ ‘й æма бабæй си хуæруйнаг коруй. Батраз дæр ин загъта:
– Кæд ами лæууис, уæд дин ес хуæруйнаг, кенæ ба нæ.
Нæ бабæй исарази æй уомæн дæр Сослан иннети хузæн.
Æз Нартæн, мæрдти ци фæууидтон, уони æнæ æрдзоргæ не-кæми ниллæудзæнæн, фал мæбæл цæмæй баууæндонцæ, ами ке адтæн, уобæл, уæхæн бæрæггæнæн ба мæ ести гъæуй, зæгъгæ, загъта Сослан. Батраз ин æ дууæ иуоней астæу ниффинста, – Сослан куд рацудæй Сау хонхмæ, куд бацудæй мæрдтæмæ æма цитæ фæууидта, уони. Анз ибæл ке рацудæй æма еунæг хуæрдæй æндæр ке неци бакодта, уони. Сослан исуæлбилæ ‘й. Æ хæдзарæмæ бацудæй æма хуæруйнагбæл æхе ниццавта.
Цалинмæ хуæргæ кодта Сослан, уалинмæ Нарти адæм нæбал лæудтæнцæ Сослани уиндæмæ æма имæ рарвистонцæ.
Сослан рацудæй нихæсмæ æма ибæл ниццийнæ ‘нцæ: «Мах ба дæ рамæлун æнгъæл ку адтан, нур ба нин дæ хабæрттæ ракæнæ…» Сослан син фæдздзурдта, ци фæууидта, уони кæрæй-кæронмæ. Сирдон имæ фегъуста, уæдта дзоруй:
– Кæми дæлбунти бабæй зелæн кодтай, ка ‘й зонуй!
Æ сунтæбæл ци финст адтæй, уой сæмæ бавдиста Сослан æма ‘й ку бакæсун кодта, уæд ибæл баууæндтæнцæ, æцæг ке дзурдта, уобæл.
НАРТИ СОСЛАН АДЗАЛИ ФÆНДАГБÆЛ КУД РАНÆХСТÆР ÆЙ
Нарти Сослан цауæни рацудæй дууадæс æмбалей хæццæ. ‘Ма еу лæгæти сæ бунат æркодтонцæ. ‘Ма æхсæвæ уоми фæцæнцæ. Ку фæцæнцæ, уæд Сослан нæрæмон кæми н’ адтæй ‘ма цауæни рацудæй, е ‘мбæлтти ба фæууагъта лæгæти. ‘Ма æ разæй еу рæубес ралæуирдта. ‘Ма ‘й сорун райдæдта е ‘рфæнбæл, мæскъæй-мæскъæмæ æма къулдунæй- къулдунмæ гæпп кодта, уотемæй. ‘Ма ин еу гъæди къохмæ баервазтæй.
Æма æ фæсте бацудæй гъæди къохмæ. Уоми ба – мæсуг даст. Мæсуги хурфæй ба имæ кизгæ уæхæн рацудæй, æма, æ уиндæ, æ кондæн н’ адтæй, уæхæн. ‘Ма ин кизгæ загъта: «Æгас æрцæуай, Сослан!» Е дæр ин загъта: «Зæрдирай рауо, и дзæбæх кизгæ!» Уæд ин загъта и кизгæ, ци хуарз адтæй, ке ‘рбацудтæ, дæумæ фæббæлдтæн, нур ба мæ дæхецæн бийнонтæн хонæ, зæгъгæ.
Уæд ин Сослан загъта: «Дæу хузæнттæ нæ фæххонун бийнонтæн». ‘Ма ин загъта и кизгæ: «Хонæ мæ, ма кæнæ, ма мæбæл æстуйрадæ кæнæ!» Ку нæ ‘ймæ игъуста, уæд имæ бавдиста дони цадæ ‘ма тоги цадæ. Æрæгæмæ ку зиннисæ, уæд кæугæ кæнинæ ‘ма, мæнæ дони цадæ е æй, æгирид дæ хабар ку некуцæй уидæ, уæдта мæ фид тадæй, ‘ма тоги цадæ ба е æй, зæгъгæ, ин загъта и кизгæ. Нура мæ дæхецæн исаккаг кæнæ бийнонтæн, ма кæнæ, зæгъгæ. Уæд Сослан рамæстгун æй ‘ма ин загъта, дæу хузæн гаццатæ ку хонинæ, уæд мæнæн берæ ес уæхæнттæ, зæгъгæ.
И кизгæ никкудтæй, Сослан имæ ку нæ байгъуста, уæд, æхуæдæгка ‘й ралгъиста: «Дæ адзал тагъд фæууæд!» И кизгæн æ хестæр æрвадæ адтæй Уойнони Цалх. ‘Ма хæтунæй ку ‘рцудæй Уойнони Цалх, уæд ин загъта: «Мæхе къахæй кæмæ цудтæн, е мæбæл нæ банвæрстæй». ‘Ма ин Уойнони Цалх загъта: «Мадта ин ци бакæнæн, нæ бон ин ку неци исуодзæнæй». Уæд ин кизгæ загъта: «Дууадæс æмбали ин ес ‘ма ин уæддæр уони уæргутæбæл рауайæ, ‘ма ин е дæр маст уодзæнæй». Уайун байдæдта Уойнони Цалх æма ин æ дууадæс æмбалей уæр- гутæбæл разилдæй, ‘ма син сæ рахаун кодта. Уалдæнги Сослан дæр, сæ бунат кæми адтæй, уордæмæ æрцудæй ‘ма æ дууадæс æмбалей уæргутæ фæййидта хæудтитæй. Уæд сæ фæрсуй: «Ци кодтайтæ?» – Ци ма кæнæн? Дæ дуйнебæл дæр нæ хуæздæргай исафгæ фæццудтæ. Мах куд фесафтай, дæ сæр уотæ ку фесæфидæ, – зæгъгæ, ин загътонцæ дууадæс æмбали. – Уойнони Цалх нин нæ зæнгитæ рахаун кодта, æндæра ма ци кæнæн.
Уæд Сослан сорун райдæдта е стур æрфæнбæл Уойнони Цалхи. Æма ‘й еу фæрбуни раййафта. Фæурæ бæлæстæ уæд æд бунтæ тонгæ цудæй æма ибæл сæ размæ калгæ. ‘Ма ин неци хъаурæ кодтонцæ, ‘ма уæдта Сослан ралгъиста фæури, гъæдти фуддæр фæууо, зæгъгæ.
Сурдта æй, уотемæй тæрсбунмæ бахъæрттæй. Тæрсæ бæлæстæ æд бунтæй тонгæ ‘ма сæ размæ калгæ Уойнони Цалхбæл, ‘ма ‘й къæрттитæ гæнгæ цудæнцæ. ‘Ма Сослан искувта тæрсæ бæласæн, гъæди хуæздæр ду фæууо, зæгъгæ.
Уотемæй æй æрфæллайун кодта ‘ма ‘й æрахæста. Ку ‘й æрахæс-та, уæд Уойнони Цалх загъта: «Мæ уод де’ уазæг». Уæд ин загъта Сослан: «Цæугæ, ‘ма дæ мадæ ‘ма дæ фиди уæргутæбæл рауайæ», – æхуæдæгка имæ фæстæмæ куд æрæздæхдзæнæй, уобæл ин уасхæ æрхæссун кодта. Ра ‘й æрвиста уотемæй. Уалдæнги гæди Сирдон к’ адтæй, е Уойнони Цалхæй æхе фæрраздæр кодта ‘ма мæтъæлæй куд цудæй, уотемæй æй фæййидта Сирдон. ‘Ма ‘й бафарста: «Ци мæтъæлæй цæуис», – зæгъгæ. Уойнони Цалх ба ин загъта: «Ци агъаз æй, Сослан мæбæл æд къуала бæлæстæ фæккалдта ‘ма мæ никъкъæрттитæ кодта, уотемæй мæ æрахæста. Гъе, нура мæ мæ мадæ ‘ма мæ фиди уæргутæбæл дæр уайун кæнуй. Æхуæдæгка мин уасхæ æрхæссун кодта, фæстæмæ куд æрæздæхдзæнæн, уобæл. ‘Ма имæ ку æрæздæхон, уæд мин мæхе дæр маргæ кæндзæнæй, æндæр мин ци кæндзæнæй».
Сирдон к’ адтæй, е Сосланмæ æ дуйней дæр знаг адтæй. ‘Ма Уойнони Цалхæн загъта: «Соми ракæнæггаги дин ци уодзæнæй, фæццо æма дæхе курдбадзи байсæрун кæнæ, ‘ма дæхе курдбадзи хъæстаргъбæл æрæвзарæ. Уой ку рахаун кæнай, уæд Сослани зæнгитæ дæр уомæй федардæр нæ ‘нцæ. ‘Ма имæ æрцо, дæ сомийæн дæр æцæг уодзæнæ, уотемæй. ‘Ма æ дууæ зæнги ин рахаун кæнæ, дæхуæдæгка ниффардæг уо уотемæй. Дæ мадæ æма дæ фиди уæргутæбæл ба, зиан куд не суонцæ, уотемæй рауайæ ‘ма уоми дæр дæ сомийæн æцæг уодзæнæ», – уотæ ин загъта Сирдон.
– Хуарз, – загъта, – хуарз мин зæгъис.
Иссудæй ‘ма курдбадзи æхе байсæрун кодта Уойнони Цалх. ‘Ма курдбадзи хъæстаргъбæл æхе ниццавта, ‘ма хъæстаргъ дæр, уæдта толдзæ къудурон дæр рахаун кодта. Æ мадæ ‘ма æ фидæмæ иссудæй, æхе сæ уæргутæбæл разилдта, куд неци исзиан адтайуонцæ, уотæ. Æхуæдæгка Сосланмæ æхе рауагъта фæстæмæ. Ку рауагъта, уæд, заргæ нæ цудæй, ‘ма ‘й Сослан балæдæрдтæй, цидæр хийнæ исаразта, зæгъгæ. Сослан к’ адтæй, е фæсалæ зæнхæй пæскъутæ тонгæ ‘ма ибæл уонæй тохгæ, æхемæ ‘й нæбал уагъта, ба ‘й лæдæрдтæй. Изæрæй ба ин æ дууæ зæнги рахаун кодта Сосланæн, æхуæдæгка ниффардæг æй. Уалдæнги имæ берæгъ фелвæстæй Сос-ланмæ гъарæнгæгæнгæ: «Йа, уæууæй, алли адагæ нин фидæй ‘дзагæй ку дардтай, нур ма мах цæмæй цæрдзинан», – зæгъгæ. Сослан дæр дзоруй берæгъмæ: «Уой бæсти æрбацо ‘ма мæнæ еу мæнкъæй рахуæрæ мæ зæнгтæй». Берæгъ к’ адтæй, е рабостæ кодта ‘ма загъта: «Йа, уæууæй, дæу зæнги хуæрдæй дæр ма ци скæндзæнæн».
Сослан берæгъæн искувта: «Адæми фонсæй дин рисхъæ куд уа, уотæ, дæхецæн ба балæборунмæ мæ кæстæр æнгулдзи хъаурæ куд уа, фæстæмæ раздæхунмæ ба дин нæуæг ности зæрдæ куд уа, уотæ». Уæд имæ робас æрбацудæй гъарæнгæгæнгæ: «Йа, уæууæй, Сос-лан, алли адагæ нин фидæй ‘дзаг ку дардтай, нур ма мах цæмæй цæрдзинан?!» Уæд имæ Сослан дзоруй: «Уой бæсти æрбацо ‘ма мæ зæнги фидтæй ести рахуæрæ, ‘ма дæхе æрбафсадæ», – зæгъгæ. Робас загъта: «Ай, нæ дин æндеун, æндæра мæ бæргæ фæндуй». Уотемæй æрбанæхстæр æй. Уæд имæ Сослан æрбамæстгун æй ‘ма ‘й расурдта, æхуæдæгка ‘й ралгъиста: «Адæм дæ дæ цармæ куд соронцæ, еци фæлдесонди хæццæ байзайæ!» Робас дæр еци фæлдесонди хæццæ байзадæй.
Уалдæнги имæ гæди Сирдон фелвæстæй ‘ма ин загъта: «Байрайай, Сослан». Сослан ин загъта: «Мæнæй хуæздæр ку нæ байраисæ», – зæгъгæ. Æхуæдæг ба ин загъта: «Мæ мадæмæ, Æхсийнæмæ мин гъæргæнæг фæццо». Сирдон загъта: «Де ‘рфæн мин раттæ, æз ба уобæл фæццæуон». ‘Ма ин загъта: «Сомигонд ку адтæн, цалдæн-ги æгас уон, уæдмæ ибæл неке рабаддзæнæй». Уæд ин Сирдон загъта: «Ду æгæсти нимæдзи нæбал дæ ‘ма мæнгæ сомимæ нæ цæуй дæ соми», – зæгъгæ.
– Мадта фæццо æрфæнбæл, – зæгъгæ, загъта Сирдонæн.
Сирдон к’ адтæй, е кокойни синдзитæ рацагъта ‘ма сæ бæхи æфтаугити медæги февардта, уотемæй саргъ исæвардта. Æхуæдæгка еу кокойнæ синдзитæй цъæпæра ба ракодта æхсæн ‘ма ибæл уотемæй рабадтæй. Сослани рази еуæрдæмæ æргъазидæ, уæдта иннердæмæ. Æрфæнæй алли æрдигæй тог калдæй ‘ма, мæгур, Сос-лан кæунæй æхе æрифсаста. Уæддæр ин Сослан бафæдзахста æ мадæ Æхсийнæмæ, гъæргæнагæ уæрдун мæмæ куд æрæрвета, зæгъгæ, уотæ.
‘Ма Сирдон уотемæй Æхсийнæмæ исмедæг æй гъæргæнгæ æрфæнбæл. ‘Ма загъта Æхсийнæн: «Дæ хуæрзæнгорæггаг мæн, хъæбæр хуарз фонси хатт фæккодта дæ лæхъуæн». ‘Ма ‘й фæрсуй Æхсийнæ: «Циуавæр фонс фæккодта?» Сирдон ба ин загъта: «Уациамонгæй мин еу æртæ баниуазун кæнæ, æндæра дин сæ ци рæ-уонæй зæгъон». Уациамонгæй ин æртæ раниуазун кодта ‘ма имæ дзоруй Æхсийнæ: «Гъæйдæуай, циуавæр фонс фæккодта?»
‘Ма Сирдон загъта: «Мæ цæстæ ибæл искастæй». – «Куд?» – зæгъгæ ‘й, бафарста Æхсийнæ. ‘Ма ин Сирдон загъта: «Уойнони Цалх ин æ дууæ уæраги рахаун кодта». Æхсийнæ к’ адтæй, е кæрдæнмæ фæллæбурдта ‘ма ‘й Сирдони скъелæбæл фæккодта, Сирдон куд ралигъдæй, уотемæй. ‘Ма Сирдони скъели фæххастæй кæрдæн. ‘Ма ‘й фæстæмæ фæррæуигъта Сирдон. И кæрдæн авари фарси иннердигæй ралæуирдта. Сирдон ма ин кæми загътайдæ Сос-лани нистауæн, гъæргæнагæ уæрдун рарветуни туххæй, нæ ралигъдæй ‘ма. Æхсийнæ Сосланмæ æнæгъæргæнагæ уæрдун рарвиста. Е ‘ссудмæ ба ин æ цирт исрæвдзæ кодта алли рæсугъддзийнадæй. Сослан ку ‘ссудæй, уæд загъта: «Мæ цирт мин фæййинун кæнæ цæрдуодæй». Æ циртмæ ‘й бахудта ‘ма ‘ймæ Сослан ниххизтæй. Циртмæ ку ниххизтæй, уæд фæстæмæ нæбал искундта. Æхуæдæгка ниууосиат кодта Æхсийнæн: «Ме стур æрфæн мин Сирдонæн раттетæ, хъиамæтгун нæбæл æй, ‘ма. Дæхуæдæгка ин ниффæдзæхсæ, думетонг ибæл макæд исæвæрæ, зæгъгæ, хъаурæгин æй ‘ма дæ, ка ‘й зонуй, ку сзиан кæна. Мæ дзаумæуттæ ба мин раттетæ Деденæги фурт Ерæхцауæн».
Сирдонæн равардтонцæ Сослани æрфæн, сæхуæдтæ ба ин загътонцæ: «Думетонг ибæл макæд исæвæрæ, ку дæ исзиан кæна». Сирдон ибæл фудæнæн думетонг æвæрунмæ гъавта ‘ма ин æ сæргæхцæ фæббугъæ кодта. Сирдон æхецæн гъæдин сæргæхцæ искæнун кодта.
Уæд Деденæги фурт Ерæхцау к’ адтæй, е агорун байдæдта Уойнони Цалхи ‘ма ‘й нæ ирдта, уæдта къæсибадæг уоси фæрсунмæ æрцудæй. Къæсибадæг уосæн загъта: «Уойнони Цалх агорун æма ‘й нæ ерун, дæ хуарзæнхæй, ци мадзал ин ес иссерунæн, уой мин байамонæ». Къæсибадæг уосæ ба ин загъта: «Богъа афæй исхæссæ, уæдта ‘й рауадзæ æма дæхуæдæгка уой фæдбæл хæтæ, ‘ма дин æй е иссердзæнæй», – зæгъгæ. Богъа афæй исхаста ‘ма ‘й рауагъта. Уой фæдбæл хæтун байдæдта. Богъа алцæбæл дæр æмбухта. Æ гъæр ба хъæбæр идардтæмæ дæр игъустæй. Уæд, цидæр адтæй, еу уæл-мæрдти астæу исмедæг æй богъа ‘ма æмбохгæ рацудæй. Еу уобаййи хурфæй дзурд æригъустæй: «Гъо, мардæн дæ исхуардæй, Деденæги фурт Ерæхцауæн мæ зонун кæнуй», – зæгъгæ.
Уогæ ба ами дæ, зæгъгæ, Деденæги фурт Ерæхцау æрахæста Уойнони Цалхи, Сослани размæ ‘й исласта. Æхуæдæгка ‘й целхъæй æррæуигъта, Сосланæн фæлдист фæууо, зæгъгæ. Уойнони Цалхæн æ еу æрдæг Бестауи туппурбæл æноси хæрæг фестадæй. Е ‘ннæ ‘рдæг ба Гурдзий æфцæгбæл æносон цъете фестадæй.
Фæццудæй и кизгæмæ дæр æма уой дæр æрласта Сослани размæ. Æма ин æ дзиккотæ æривгарста, æхе ба ин, Сосланæн фæлдист фæууо, зæгъгæ, ‘ма ‘й рауагъта.
Уæд Сослан æрæги уæнгæ дæр ма, фæдес ку фегъосидæ, уæд æндæмæ рацæуидæ. Еу хатт ба къæсибадæг уоси фурт к’ адтæй, е ниффæдес кодта «фæдес», зæгъгæ. Сослан æндæмæ рацудæй ‘ма фæрсуй, ци фæдес æй, зæгъгæ, къæсибадæг уоси фурти. Е ба ин загъта: «Фæдес нæййес, фал мæ дæ фæййинун фæндæ адтæй ‘ма дæ уой туххæй рацæун кодтон», – зæгъгæ. Уой адæбæл Сослан не-кæдбал рацудæй фæдеси.
Еу хатт, зæгъуй, Нартæ цауæни рацудæнцæ, Сирдон дæр сæ хæццæ, уотемæй. Нур зинггæнæнтæ ба адтæнцæ Сослани ходи скъели: идзæгънæ, æддор æма кард. Гъæди еу рауæн рæубес рамардтонцæ æма, куд сæ кæстæр, уотæ Сирдонæн бафæдзахстонцæ фезонгутæ кæнун æма имæ Сослан æ зинггæнæнтæ равардта.
Сирдон баримахста зинггæнæнти, æхуæдæгка син исрæуагæ кодта, дони мин ниххаудтæнцæ, зæгъгæ.
Нарти адæм исæстонг æнцæ æма зинг ба нæ ирдтонцæ, сæ рази хæстæг уæйгутæ цардæнцæ æма зинггор цудæнцæ уонæмæ кезугай. Ка си иссæуидæ, уомæн ба къелабæл æ буни æнæдон санс рауадзиуонцæ æма уотемæй уоми байзаидæ, Сирдонæй уæлдай, къелабæл ниццæфстæнцæ. Сирдон дæр си ку федас æй, уæдта нин-дзарста æма æхе нифсаста. Уæдта æ билтæбæл дууæ æхсæрфæмбали исбаста, уотемæй иссудæй и уæйгути хæдзарæмæ. Уоми ба дин Нарти адæм рæнгъæй къелатæбæл ниццæфстæнцæ, уотемæй бадунцæ.
Сирдон уони фудæнæн е ‘взагæй и ‘хсæрфæмбæлттæ ранихъуардта. Уæйгутæ Сирдонæн дæр къела æрбайвардтонцæ уони рæнгъæбæл æма сæмæ Сирдон ба дзоруй:
– Табуафси, мæнæн ба ани рæнгъæбæл бадун нæ фенгъезуй, ку бадон, уæддæр æнæбун къустелæбæл. Сослани ходи скъели бадун, – зæгъгæ.
Етæ дæр ин уæхæн бадæн райаразтонцæ, æ буни ин санс ра- уадзиуонцæ æма ибæл нæ ниццæфстæй. Нур и артбæл ба устур дугъосуг хæпполайæй ирадæй æма си, кæми лæгæн æ сæр, кæми æ къох, кæми ба æ къах фæззиннидæ. Уалинмæ и уæйгутæй еу дзоруй: – Атæ рацæргæ ку æнцæ æма сæ цæмæннæ ниггæлдзетæ, е ба фицонцæ. – Нарт истаси ‘нцæ æма Сирдонмæ мæгур каст кодтонцæ. Уæйгутæн Сирдон загъта æ кæлмон æвзагæй:
– Мах сумахмæ уомæн не ‘рцудан, æма нæ цæмæй исфицайтæ æма бахуæрайтæ, фал уæмæ æрцудан фарстмæ: Нарти Алæгæн адтæй еунæг гъог, æ гъог ба авд анзи адтæй хускъæ. Уæдта рæдесун райдæдта. Алæг баздахтæй æма авд кæвдæси бийун райдæдта, уотемæй ба ‘й еу лæг фæууидта, æма имæ дзоруй: «Алæг, дæ гъог еунæг ку æй æма ин уал кæвдæси ба цæмæн бийис?».
Алæг дæр ин загъта æ гъоги хабар ‘ма ‘йбæл лæг бахудтæй. Уой бæсти ин еунæг кæвдæс исбийæ авдей асæ, æндæра дæ гъог авд уæси ба нæ низзайдзæнæй, фал зайдзæнæй авд уæсей асæ еунæг уæс, зæгъгæ. Алæг еунæг кæвдæс исбидта æма уотæ рæхги ба æ гъог низзадæй авд уæсей асæ еунæг уæс. И уæси Хуцау уæхæн уæс фæккодта, æма дзурд равардта, æхуæдæг Авд Нарти хумæ кæнунæй ке ‘фсаддзæнæй, уобæл. Еу хатт хумæ куд кодта, уотемæй æй цæргæс æд готон, æд галдæрæг, æд готондарæг исиста. Хæссунтæ ‘й райдæдта æма ‘й еу будури цæубæл æривардта. Цæуи рехи буни хизтæнцæ æгас дзогæ. Цæргæс гали бахуардта, е ‘уонæ ба цæуи цæсти бахаудтæй æма ниммардæй еци дзоги хæццæ. Æрæги-дурæги ба и иуонæ цæуи цæстæй рахаудтæй æма ибæл еу гъæу æрцардæй. Иуонæн ма æ тегъæбæл байзадæй фиди хунæ æма ‘й робас уомæ гæсгæ еуæрдæмæ фæлласидæ, уæдта иннердæмæ. Уæдта и робаси гъæу рамардтонцæ ‘ма ин æ еу фарс нистъигътонцæ. Æгас гъæу си сæ къæхтæй сæрмæ фæлуст искодтонцæ. Иннердæмæ хатун ба ‘й нæбал бафæразтонцæ. Уæдта ‘й еу цидæрæрдигон биццеу æ къахæй искъуæрдта, мæхецæн си дзиппи сæртæ искæнун кæндзæнæн, зæгъгæ. Гъенур ба мах фæрсæн: «Сумахæй уонæй ка устурдæр адтæй, уобæл. Нарти бон уой равзарун нæ ‘й». Сирдон æ дзубанди ку фæцæй, уæд уæйгутæй ка уотæ загъта, – биццеу устурдæр æй, ка ба – гал, зæгъгæ, фал сæ загъд ба еумæ нæ федудта æма фæххилæ ‘нцæ, и уæйгутæ сæ кæрæдзебæл æфсæйнаг лæдзгутæй ралæудтæнцæ, æма сæ кæрæдзей армæй бацудæнцæ. Уæйгутæ ку фæммард æнцæ, уæд Сирдон бафарста Нарти адæми, ци уин киндæуа, зæгъгæ.
Етæ дæр ин загътонцæ:
– Кард дæр, фид дæр дæ къохи æма дæ ци фæндуй, уой нин бакæнæ, æрмæст нин Нарти астæумæ нæ ходуйнаги кой ма ний-гъосун кæнæ.
Сирдон си уасхæ ракурдта, куд ин неци кодтайуонцæ, уобæл, æма син сæ буни гъар дон рауагъта, æма исуæгъдæ ‘нцæ. Нарти адæм нæ баууæндтæнцæ Сирдонбæл, Нарти астæу нæ кой кæндзæнæй, зæгъгæ. Æма бæласæ æртасун кодтонцæ, ‘ма ‘й уобæл ниббастонцæ. Уотемæй æй бæласи сæрмæ исуагътонцæ, сæхуæдтæ ба рандæ ‘нцæ.
Сирдон дæр уæллæй еу фиййау исуидта æма имæ гъæр кæнуй: – Нæ бакомдзæнæн æз Нартæн гъæуæлдар, мæ бон не суо-дзæнæй. Фиййау имæ æрцудæй æма хæрдмæ гъæр кæнуй:
– Ци нæ комис ду, ци дæ?
Сирдон дæр ин загъта:
– Нартæ мæ туххæй дæр сæхецæн гъæуæлдар кæнунцæ, æз ба син нæ комун æма мæ бæласæбæл исбастонцæ.
Фиййау æхе меднимæр, мæн ку æлдар кæниуонцæ, зæгъгæ, бакодта. Дæу ба æлхæнунмæ дæр не ‘ссердзæнæнцæ, зæгъгæ, Сирдон фиййауи фæрразæнгард кодта. Фиййау Сирдони хæццæ æ бунат раййивта æма ‘й Сирдон бæласæбæл исбаста. Æхуæдæг ба Нарти гъæунгти уорс дзогæбæл æскъотгæнгæ иссудæй. Нартæ ба ‘й уайтагъддæр базудтонцæ, нæ сайтан бабæй кедæр бастъалдта, зæгъгæ. Сирдон дæр Нарти адæми уобæл фæккой кодта æма æ хийнæ миутæй сæ астæу бæрæгдæрæй байзадæй.
Нартæ нихæси бадтæнцæ. Еу кæми адтæй, уоми Сохтатæ кæрæдземæ бадзорунцæ. Ка си уотæ загъта: «Аци бонмæ Дзанти Дзанайтæмæ кувди адтан». Иннетæ ба загътонцæ: «Орæзмæгетæмæ адтан мах ба». Уотемæй хормæ рахъантæ ‘нцæ. – «Туппурæй ихæлун», – сæ еу иннемæ дзоруй. Етæ ба судæй цæрддзомæ æрæфтудæнцæ, – «æстонг ан», уой зæгъун не’ ндиудтонцæ нихæси. ‘Ма барæй дзурдтонцæ кæрæдземæ, барæй. Сирдон сæмæ фегъуста ‘ма загъта: «Арæбий, Сохтатæ мæ хæдзари ку фембæлиуонцæ, еу хатт си ихæсгин дæн ‘ма сæ хонун аци æфсесæй мæ хæдзарæмæ». Æнгъæл адтæй, кæд æцæгæй хунди ескæми адтæнцæ. ‘Ма сæмæ дзоруй: «Рацотæ мах хæдзарæмæ дæр, рæфтад искæнтæ». Ба сæ худта. Зийнæдтæгомауæй цæунцæ, ма нæ хонæ аци æфсесæй, зæгъгæ. Хæдзарæмæ бацудæнцæ ‘ма син хинст исаразта хуæрдæ-хуæрдæбæл, фал син бафсæдæнти амал нæбал еруй. Дзоруй сæмæ: «Ци ‘й а, лæхъуæнтæ, уæхе нихæси зæлдæбæл равдолæ-бавдолæ ку кодтайтæ, нур ба уин бафсæдæн ку нæбал ес?» Дзорунцæ имæ: «Етт, Сирдон, алли фингæ дæр фарнæ æ хæццæ хæссуй, е ‘гъдау ин æнхæст кæнун гъæуй».
Сирдон загъта: «Хуцау мин æфсес Сохта мæ хæдзарæмæ мабал æрбацæун кæнæд».
Сохтатæ сæ китабтæ исластонцæ. Тохъули хæдзари зæнхи ас-тæу хустæй. Сохтатæн сæ еу дзоруй, китабмæ кæсгæй: «Дессаг, дуйней ихæлд æрхъæрттæй, æртæ бони ма ‘ймæ ес… Ци ма имæ кæсис, дæ тохъули нивгæрдæ, Сирдон, дæ бийнонтæн æй бахуæрун кæнæ». Ку нæбал æй уагътонцæ, уæдта сæмæ дзоруй: «Ни ‘й æвгæрдетæ, сумах хузæн кæстæртæ ба идимæ дæр ку нæ иссердтайнæ». Фæййимæ æвналдтонцæ ‘ма ‘й ракой кодтонцæ. Ку æй ракой кодтонцæ, уæд Сирдонмæ сог н’ адтæй, агæ фидæй райдзаг кодта ‘ма сæмæ дзоруй: «Сог гъенур нæййе, фал райамал кæнтæ уæхуæдтæ листитæ-еститæ». Файйаууон æнцæ фæйнердæмæ агорунмæ. Ка кауи зæрæндтæ, ка синхонтæй сог æрдавта. Етæ ку фендæмæ æнцæ, уæдта Сирдон ба устургомау рандзарста, сæ китабтæ син артбæл никкалдта еугурæй дæр ‘ма син сæ басугъта, цалдæн етæ листдзауæн кодтонцæ, уæдмæ. Фæйнердæгæй соги гъæбести хæццæ уадæнцæ, сæ китабтæ райагурдтонцæ ‘ма – кæми?.. Дзорунцæ кæрæдземæ, ци фæцæнцæ нæ китабтæ, зæгъгæ.
Сирдон ба сæмæ дзоруй: «Æз сæ артбæл ниццурхтон». Сохтатæ нирдеуагæ кодтонцæ, ку нæ фесафтай, ку нæ бабун кодтай, зæгъгæ. Сирдон ба ма сæмæ дзоруй: «Ци ма си кæнтæ? Дуйней ихæлд æрхъæрттæй, ку зæгъетæ, ‘ма ма си ци кæнуйнаг айтæ, махæн ба ма нæ фид исфицæд естæмæй». Сохтатæ к’ адтæнцæ, етæ фендæбилæ æнцæ, уой бæсти нæ мæрдти тог ку бахуардтаййанæ, зæгъгæ.
Рацудæнцæ ‘ма дууæ си еу фæдбæл дæр нæбал цудæй. Нихæси фæйнæ къумеми нихъхъан æнцæ – уарецавд кæркити æлхъивд никкодтонцæ сæхе. Сослан сæмæ дзоруй: «Ци кæнтæ, къæвда уæбæл фæккодта, ци кæнтæ, лæхъуæнтæ?» Етæ имæ дзорунцæ: «Ци кæнæн, Сирдон нин ауæхæн куст бакодта». Дзоруй сæмæ: «Мæнгæдтæ дзоретæ, уотитæ уой зæрди не ‘рæфтуйдзæнæй».
Сирдони хуæздæр ма ци гъудæй, æ тохъули бакой кодтонцæ, сог ин æрхастонцæ фæйнердигæй. Ходæзмолтæй Сирдон рацудæй æндæмæ, Сослани фарсмæ исбадтæй. Сослан имæ дзоруй: «Ци куст бабæй бакодтай, а кæстæртæ ди гъаст кæнунцæ». ‘Ма ‘ймæ дзоруй: «Гъаст дæр ма мæнæй гъæуй. Мæ тохъули мин нивгарстонцæ, дуйней ихæлд æрхъæрттæй, зæгъгæ, ‘ма соги нæййесмæ гæсгæ ба син сæ китабтæ басугътон, кæд нæ агæ рафицидæ, зæгъгæ. Фал си гъæуама æз рагъаст кæнон, мæ агæ мин мæ артбæл ниууагътонцæ».
Сохтатæ дзурдгъон нæбал иссæнцæ. Æфсæрмæй исистадæнцæ ‘ма фæйнæ гъæунгебæл рандæ ‘нцæ. Сирдон дзоруй Сосланмæ: «Цæуæн, бости хай – хæлæйфаг, етæ – бостæ, махæн ба – хуæруйнаг». Сослани хæццæ фæммийнасæ кодтонцæ. Уордиги æндæмæ Сирдон æхецæн хуæргæ ‘ма цæргæ байзадæй. Сирдон загъта: «Гъе, уæхæнттæ мæмæ алкæд цæуæд, кæстæр иуазгутæ».
Сирдон рацудæй, кумæ цудæй, ка ин ци зонуй?! Надбæл дууæ гурумухъ уæйугей гъæбесæй хуæцгæ баййафта, тохгæ. Фæрсуй сæ Сирдон, цæбæл тохетæ, ци уæбæл æрцудæй, цæбæл нæ федауетæ, зæгъгæ.
Етæ ба ин загътонцæ: «Дууæ æнсувæри ан, мæнæ аци баслæхъ ба нин, нæ фидæй ка байзадæй, е æй. Нур ба ‘й иуаргæ кæнæн æма ‘й нæ еу дæр æхе хонуй, иннæ дæр, нур ба нæ тæрхон дæумæ дæттæн». Сирдон ба сæ бафарста, уагæр, зæгъгæ, уæмæ ци кæсуй уæ баслæхъ, уотæ кæбæл нæ федауетæ. Æма ин уæйгутæ загътонцæ: «Баслæхъ уæхæн баслæхъ æй æма ‘й дæ уæле ку рабæттай, уæд дæ неке фæууиндзæнæй, неке дæ иссердзæнæй».
Сирдон æ цæстæ æхемæ æркъуæрдта æма син загъта:
– Хилæ ма кæнтæ, æз уæ бафедаун кæндзæнæн.
– Корæн, æма нæ бафедаун кæнæ, – загътонцæ уæйгутæ.
– Уæлæ еци тегъæмæ цотæ, баслæхъ ами уагътæ æма уордигæй æруаетæ ардæмæ, æма уи ка æрраздæр уа, уой куд уа баслæхъ, уотæ унафæ кæнун, – загъта Сирдон.
Арази ан еци унафæбæл, зæгъгæ, уæйгутæ сæ баслæхъ Сирдонмæ февардтонцæ æма рандæ ‘нцæ тегъæмæ. Тегъæй ку ракастæнцæ, уæд сæмæ дзоруй, рауаетæ, зæгъгæ.
Етæ ку рауадæнцæ, уæд Сирдон баслæхъ æ сæрбæл æрбабаста æма, уæйгутæ ку нæбал рауидтонцæ Сирдони, уæд сæ кæрæдзей нимморæ ластонцæ.
ХÆМИЦ ÆМА КАМБАДАТИ МÆНКЪÆЙ КАМБАДА
Нарт ка ‘й, етæ аци нартихуари кæнунæй бабун æнцæ. Хор анз сæбæл искодта ‘ма еугурæй дæр басугъдæнцæ сæ будуртæ, еунæг нартихуари дзелкъор дæр неке æрлас-та нæртон лæгæй æ хæдзарæмæ. Гъема судæй мæлунмæ æрцудæнцæ æгас Нарт дæр.
Лæг æ уодæн ку фæттæрса, уæд алли амали муггаг дæр кæнун куд райдайуй, уотæ Нарти тæнгъаздæнд Хæмиц дæр цауæни хæтун райдæдта. Гъема, сирди фидæй æ бийнонтæ дæр, уæдта æ синхонти дæр судæй мæлун нæ уагъта, бонефхæссæн сæ кодта.
Уæд, еу кæми адтæй, уоми ба уæлбони сконди æ гебена æ уæле ракодта, уотемæй сау гъæдæмæ хæтуни рандæ ‘й. Исмедæг æй сау гъæди æма си сирд гъæуай гæнгæ хæтуй, цауæйнон куд, уотæ, ‘ма æруидта еу æруæз. Се ‘хсæн адтæй, уæсити æхсæн дугæрдуг куд фæззæгъунцæ, уотæ еу устурдæр.
– Уой ку ‘рмарон, уæд мин Хуцау равардта, – зæгъгæ, æхе меднимæр æхецæн дзубандитæ кодта, уотемæй имæ Хæмиц нигъгъавта, фал уæдмæ Елиай гæрахау гъæр райгъустæй æма, Хæмиц кæмæ гъавта, еци саг фæууæлгоммæ ‘й.
Хæмиц дæр ниддес æй: «Сагмæ гъавгæ æз кодтон, маргæ ба ‘й æндæр кадæр кæцæйдæр ракодта, уæд а ци дессаг æй», – зæгъгæ, æ цæститæ саги мардмæ ниййирд кодта.
Кæсуй, кæсуй, ‘ма дин имæ еу минкъий сувæллон, æ дæргъцæ улинкъæ, æ уæрхцæ ба удзеснæ, уæхæн фелвæстæй. Рагъæуæйттæ кодта ‘ма Хæмици рауидта, фал имæ дзоргæ ба неци искодта, уотемæй саги марди сирдкъæртт ракодта.
Хæмиц дæр имæ кæсуй æма меднимæр бадугъ-дугъ кодта, ‘ма, додой дæ мæрдти арт кæнуй, æ цар ин ку æстъегъай, уæд мæ иннердæмæ хатунмæ дæр нæ хондзæнæ фæййагъаз кæнунмæ, зæгъгæ. Фал, хæрæги думæг, и сувæллон гъуди дæр не ‘ркодта Хæмици, уотемæй æй дзурди усми рагъуд кодта ‘ма заманай саги фидæй фондз ухсти артмæ тавун райдæдта.
Хæмици дæр, мæгур, гъудигæнæг ку нæ адтæй, уæд æхуæдæг, æнæ хонгæй, ниццудæй сувæллони размæ ‘ма имæ дзоруй: «Дæ бон хуарз, биццеу, ‘ма дин Хуцау берæ раттæд!»
Хæмицæн æ закъæ добæрай асæ адтæй ‘ма имæ и сувæллон дзоруй, еумæ нин æй Хуцау равардта, зæронд лæг, æма исбадæ, мах ба мæнæ еу фæйнæ роси искæнæн, зæгъгæ ‘й исбадун кодта, ‘ма фезонæг хуæрун райдæдтонцæ.
Уотемæй Хæмиц, куд нæртон кадæбæл цæуæг лæг адтæй, уомæ гæсгæ, еу минкъий ку рахуардта, уæд райарфæ кодта, дæ мийнасæ берæ уæд, биццеу, зæгъгæ, æма фингæмæ æвналгæ дæр нæбал никкодта, фал феппарзбæл исбадтæй. Еу цубур дзубандийæй, су- вæллони хуæрунмæ кастæй. Сувæллон дæр фиццаг ездон хуæрдтитæ кодта, фал Хæмиц æ хуæрун ку ниууагъта, уæдта æваст фондз ухстей дæр рафснайдта.
Цидæр адтæй, и дууæ лæги ку бахуардтонцæ, уæд сæхе сау гъæди фæсалæбæл рауагътонцæ ‘ма рафунæй æнцæ. Уотемæй сæбæл уоми æрæхсæвæ ‘й ‘ма уоми се ‘хсæвеуат æркодтонцæ, гъема, мæгур, Хæмиц æхсæвæ-бонмæ хусгæ дæр нæ никкодта, фал сувæллони лæгигъæдтæмæ куд æркастæй, уомæ гæсгæ ин Нарти хъурми дзубандитæ фæккодта. Гъема и сувæллон дæр ниггузавæ ‘й.
Уæд æрбон æй ‘ма Хæмиц сувæллонмæ дзоруй: «Корун ди, ‘ма мин мæ мæгурдзийнадæмæ æркæсæ, дæ хæццæ мæ рауадзæ хæтуни, кæд æз дæр дæумæ гæсгæ ести рамаринæ, ‘ма кæд Нарт судæй цæгъдуни нæ фæууиуонцæ».
– Æгайтима дæ сæр хæссис мæ хæццæ хæтунмæ, цæмæннæ дæ рауадздзæнæн, – зæгъгæ, ранæхстæр æнцæ. Гъема, мæскъæ дууæ ‘мбеси кæми кодта, уордæмæ ку бахæццæ ‘нцæ, уæдта сувæллон дзоруй Хæмицмæ:
– Де ‘хсæнтæ мæмæ равдесай, – зæгъгæ.
Хæмиц æ фæттæ фелваста æма ин сæ биццеу барæвдзитæ кодта, гъеуæдта фæйнæ мæскъебæл рандæ ‘нцæ.
Сувæллон Хæмицæн ниффæдзахста: «Сирд ку фæйнай, уæд имæ гъавгæ мабал кæнæ, фал дæ сагъиндахъ уой æрдæмæ фæййаразисæ æма ‘й бахсисæ уотемæй», – зæгъгæ.
Хуарз. Рандæ ‘нцæ ‘ма сувæллон бони æмбесмæ сæдæ саги рамардта, хæдзæбæл сæ бакодта ‘ма сæ æ рагъи æрхаста сæ бунатмæ. Уоми ба дууæ саги ухститæбæл рацавта ‘ма сæ хуарз исфезонæг кодта. Фезонгутæ нæ хуæруй – Хæмици хезуй.
Уотæ рæхги ба Хæмиц дæр сæдæ сирдей ургтæй уаргъ искодта, уотемæй фелвæстæй лæф-лæфгæнгæ.
Дзоруй имæ сувæллон: «Айдагъ ургти уаргъбæл дæ хъуæцæ ку кæлуй, дæ сирдти мæрдтæ ба кæми ‘нцæ?»
– Сæдæ сирди рамардтон, ци мæскъæбæл иссудтæн, уоми, ‘ма син айдагъ сæ ургтæ æрхастон, сæхе ба син, ке си кæми рамардтон, уоми ниууагътон, – зæгъгæ, имæ дзоруй Хæмиц дæр.
– А, Хæмици зæронд, Хуцау дин ма бакома, кæд берæгъти тæрегъæдти кумæ бацудтæ! Кæд сæмæ дæ нифс нæ хастай æрхæссунмæ, уæд сæ ма ниццагътайсæ, е ба си берæгътæ сæхецæн нæуæгæй-нæуæгмæ æвгарстайуонцæ. Нур ба уоми фенагъаз уодзæнæнцæ, нисмаг уодзæнæнцæ ‘ма смаг фид ба берæгъ дæр нæ фæххуæруй, – зæгъгæ, бабæй имæ дзоруй сувæллон дæр.
Гъема, мæгур, Хæмицæн сувæллони дзубандитæмæ æ зæрдæ исхъурмæ ‘й ‘ма имæ и биццеу дзоруй: «Рацæуай, кæми сæ фæммард-тай, уони мин байамонæ, æз ба дин син сæ бунат иссерун кæнон», – зæгъгæ, фæннæхстæр æнцæ.
Уайтагъддæр æй Хæмиц æ сирди мæрдти сæргъи балæуун кодта. Гъема сæ сувæллон сæ думгутæй æ рагъи æрхæццæ кодта. Уоми ба бауолæфтæнцæ и дууæ цауæйнони.
Уæдта сувæллон фезонгутæ æркарста ‘ма Хæмицмæ дзоруй:
– Хуæргæ кæнæ, мæ хестæр!
Хæмиц дæр еу къуар роси ракодта, уæдта бабæй æ хуæрун ниу- уагъта. Сувæллон дæр ма ‘ймæ еу къуар хатти æхе бахатта ‘ма уæддæр – нæбал. Гъема уæдта и сувæллон хуæрунмæ бавналдта ‘ма бабæй дууæ саги марди рахуардта.
Æз æдосæ дæр дæумæ гæсгæ æстонгæй байзадтæн, зæгъгæ, имæ исдзурдта уотемæй.
Хуарз. Уæд сæбæл æрæхсæвæ ‘й ‘ма ниххустæнцæ, æма бабæй, Хæмици уосæ седзæр ке адтæй, уой дзубандитæ фæккодта бонмæ сувæллонæн.
Уæд æрбон æй ‘ма сувæллон сирдти мæрдтæ æртæ æмбеси ракодта, ‘ма дзоруй Хæмицмæ: «Етт, Хæмиц, гъенур кæрæдземæн хуæрзбон зæгъун афонæ æркодта ‘ма мæ базонун фæндуй, æз æма дæуæй ка хестæр æй, уой!»
Хæмицæн, мæгур, æ зæрдæ рахудтæй сувæллони дзурдбæл ‘ма имæ дзоруй:
– Йай, биццеу, биццеу, – зæгъгæ, загъта, – ходуйнаг ку ‘й зæронд лæгæн уотæ хинттæ кæнун! Цæмæн ма мæ фæрсис, ка ни хестæр æй, зæгъгæ. Уотемæй ба ‘й нæ зонис, æз дæуæй хестæр ке дæн, уой? Нæ уинис æй, мæнæн мæ закъæ добæрай асæ ку ‘й, дæуæн ба дæ хъумуз дæ донгомтæй ку кæлуй, уæд, – зæгъгæ. – Фал дæ, æвæдзи, сирдтæй дууæ хаййи райсун фæндуй ‘ма уомæн хестæри кой кæнис. Йей, мæ хор, æз дин сæ еугурæй дæр ниу-уадздзæнæн, хъурмæ ма кæнæ, æз уæддæр мæгур æма мæгур!
– Мæстгун ма кæнæ, Хæмиц, фал кæд хестæр дæ, уæд кæци догон дæ, уой мин зæгъæ, уæдта кæци фæлтæрæй, – зæгъгæ, имæ дзоруй сувæллон дæр.
– А, ду цæй фæлтæртæ æма догтæ кæнис, уонæн æз мæ сæрæн ку неци зонун ‘ма ма мин уони байамонæ, – зæгъгæ, бабæй имæ Хæмиц дæр дзоруй.
– Мадта, мæ хор, байгъосæ, Хæмиц, æз ба дин сæ балæдæрун кæнон тæккæ фиццаг райдайæнæй. Фиццагидæр-фиццагидæр Хуцау исфæлдиста уадмерити ‘ма æгæр налат ке адтæнцæ, уой туххæн зæнхæбæл цæрунмæ нæ бæзтæнцæ ‘ма сæ Хуцау фесафта. Уони фæсте ба гæмерити рафæлдиста. Етæ бабæй, устур уогæй, лæхлæбæз, æгæр бунмез адтæнцæ ‘ма сæ уой туххæй Хуцау фесафта. Уæд уони фæсте ба елиати рафæлдиста. Етæ бабæй бустæги лæгигъæдгун разиндтæнцæ ‘ма сæмæ Хуцау æрхицæ кодта, æма сæ уæларвмæ æхе размæ исиста, ‘ма нур ба уоми цæрунцæ. Гъема уæд-та зæнхæбæл цæрæг нæбал адтæй, ‘ма камбадати рафæлдиста. Æз камбадатæй дæн, сæ тæккæ фиццаг адæмæй. Фал мах муггаг бабæй æгæр минкъийтæ фæцан ‘ма нæ уой туххæй фесафта, цæгæй, æз ма байзадтæн, уой туххæн, æма елиати хуæрифурт адтæн, ‘ма нæ муггаги исæфти дзамани уæларв мæ мадирвадтæлтæмæ адтæн. Гъе, уæдта мах фæсте ба сумах, Нарти рафæлдиста. Гъема, сумах ба зæнхи аккаг адæм разиндтайтæ, ‘ма ибæл фæццæретæ ниви хæццæ дзæбæхæй. Гъема, Хæмиц, еци Нарти æвдæймаг æййивдæй дæ, уой зонæ! Гъенур ба мæ, мæ хор, ду хаййи туххæй дзорун æнгъалд-тай, фал æз хайбæл нæ дзурдтон, цæмæй ести зонай туххæй, – гъома: Нарти æхсæн исбадгæй, ести куд зонай. Гъенур ба аци сирди мæрдтæ еугурæй дæр дæу фæууæнтæ ‘ма тагъд Нартæн сæхецæн сирди фид фæххæссун кæнæ, – зæгъгæ, Хæмици къох райста ‘ма фæннæхстæр æй æ хæдзарæмæ.
Хæмиц дæр уоми сагъдæй байзадæй ‘ма еу сахат, уæдта æ фæсте уайун байдæдта: «Айбæрцæ агъæзтæ ‘ма зундгин дзубандитæ мæнæн ка фæккодта, е мин кæд æнкъай силгоймаг дæр байамонидæ», – зæгъгæ, ‘ма ‘й сорун байдæдта, ‘ма ‘ймæ ку бахъæрттæй, уæдта имæ дзоруй: – Йей-йа, Камбадай фурт! Дæ агъæзтæ ‘ма дæ хуарз дзубандитæй мæ зæрдæмæ берæ райстон, ‘ма мин, дæ ном ци хуннуй, уой байамонæ! Уордигæй дæлæмæ ба ма мин еу агъаз бакæнæ, – гъома: кæд ма сумах муггагæй ескæми силгоймаг ес, уæд мин уосæ нæма ес, ‘ма мин уой гъуддаг бакæнæ, æз ба дæу фæрци æнкъайбæл фæххуæст уон! Гъема ди хъæбæр арфæ кæндзæнæн мæ рамæлæти уæнгæ алли гъуддаги туххæй дæр.
Камбадай фурт дæр имæ дзоруй:
– Мæ ном хуннуй Камбадати мæнкъæй Камбада. Нур ба, силгоймаг æнкъаййæн агорис ‘ма нæмæ кизгæ нæбал ес, ‘цæгæй мæхецæн рæсугъд хуæрæ ес, фал бонæ хæфси цар даруй, ‘ма дæу аккаг нæй!
– Хæфси цар нæ, кæд хелаги цар даруй, уæддæр ди корун, ‘ма мин исаккаг кæнæ, цæмæй дæу сугъзæрийнæ уоди хæццæ хæстæгдзийнади медæгæ баст уон, уой туххæй, – зæгъгæ, бабæй имæ дзоруй Хæмиц дæр.
– Уотæ хъæбæр ми ма корæ! Куд зæгъун мæ хуæрæй, уотемæй кæд дæ нифс æма дæ сæрмæ хæссис æ хæццæ цæрунмæ, уæд дæу фæууæд! Æма нæ Хуцау хаир хæстæг искæнæд, – зæгъгæ, ин загъта мæнкъæй Камбада дæр.
Гъема ин уæдта æ лæвари туххæй хъæбæр райарфæ кодта Хæмиц, фал ма ‘й бафарста: «Нур дин дæ хæдзарæ ба ци амалæй иссердзæнæн, уæдта дæмæ кæд фæццæуон мæ киндзхонти хæццæ? – Мæ хæдзарæ ба æнцон ерæн æй: мæнæ ардигæй нуртæкки мæ арци фий сау гъæди бæлæстæбæл буцæугæнгæ цæудзæнæн ‘ма си кæбæлдæр ракъобалæ уа, етæ еугурæй дæр хъантæ кæндзæнæнцæ. Будурмæ ку рахъæртон, уæдта мæ галеу къах серфмæ зæнхæбæл хафгæ цæудзæнæн ‘ма зæнхæ ауæдзæ кæнгæ цæудзæнæй. Еци ауæдзæ кæми исæскъуна, уоми уодзæнæй мæ хæдзарæ. ‘Ма мæмæ æрбацо, абони – майрæнбон, иннæ майрæнбони дæ киндзхонти хæццæ дæ уосæ, мæ хуæрæ хонунмæ! Хуарз. Уотемæй кæрæдземæн хъæбæр райарфæ кодтонцæ ‘ма си алкедæр æ хæдзарæмæ рандæ ‘й.
Хæмиц Нартæн сирдти мæрдтæ фæххæссун кодта. Уой фæсте ба Сослани æхецæн ис къохбæлхуæцæг кодта, уотемæй æгас Нарти Камбадатæмæ киндзхон исхудта æма сæ мæнкъæй Камбада астæй-астмæ, уæдта уæлæфтау æртæ бони хъæбæр фæххинста.
Уæд киндзæ хонун афонæ ку иссæй, уæдта Сослан кизгутти æхсæнмæ бацудæй, мæ хуæри ку бафæсмæринæ, зæгъгæ, ниуазæни хæццæ ‘ма сæмæ дзоруй:
– Мæ хуæрæ уи ка ‘й, е æрцæуæд æма мин мæ ниуазæн райсæд! Етæ дæр имæ дзорунцæ: «Махæй дæу хуæрæ неке æй, дæ хуæрæ дæлæ гобани дудагъи ‘ма дин дæ ниуазæн е райсдзæнæй!»
Сослан нæрæмон лæг адтæй ‘ма фæстæмæ дæр нæбал фæккастæй, фал гобани дудагъ фæхъхъел кодта: «А мæнæн цæй хуæрæ ‘й, гобани дудагъи æхе ка банимахста», – зæгъгæ, ‘ма си æцæгæй хæфсæ лæф- лæф гæнгæ æруидта.
Рамæстгун æй Сослан ‘ма рагъæр кодта æгас киндзхонтæбæл дæр: «Нарт, бабун айтæ абонæй фæстæмæ, уой туххæй, æма нæ зæронд Хæмиц фегадæ кодта – хæфси бæдолæ æхецæн уосæн ра-курдта ‘ма фестетæ, мах ба нæ хæдзарæ багорæн!»
Еугурæй дæр, Хæмицæй фæстæмæ, рафардæг æнцæ сæ хæдзæрттæмæ, Хæмици ба уоми ниууагътонцæ ‘ма е дæр æ уоси рахудта æнафони, адæм ку ниххустæнцæ, уæд. Гъема æ хæццæ цардæй сосæггай.
Уотемæй, цæй бæрцæ фæццардайуонцæ, уæдта Хæмицбæл Бориати Борæфæрнуг марун унафæ искодта, æстонг дзамани Нарти ке фæййервæзун кодта, уой туххæн ‘ма бæсти кувд искодта Борæ- фæрнуг. Кувдмæ ба Хæмицмæ дæр рарвиста.
Уæд Хæмици уосæ кувди хабар ку æригъуста, уæд лихстæ кæнун райдæдта Хæмицæн: «Нæ лæг, дæ дзиппи мæ кувдмæ фæххæссæ, æз аци хатт, Нарти хестæртæ куд ковдзæнæнцæ, уомæ байгъосон!»
Е дæр æй æ дзиппи ниввардта ‘ма ‘й кувдмæ æрхаста. Кувди ба æ уосæн хуæруйнæгтæ æ дзиппæмæ рацæвидæ. Гъема ‘й урдугистгутæ æристæфтæнцæ ‘ма уайтагъддæр Хæмици сосæг фæгъгъæр æй æгас кувди адæмбæл дæр. Хæмиц дæр, мæгур, хуарзау нæбал фæцæй ‘ма еци фæдбæл сæхемæ фæййагайдта, ‘ма æ уосæн загъта: «Абони уалдæнгæ дæ хъæбæр берæ уарзтон, фал мин нур ба дæ хæццæ фæццæрæн нæбал ес ‘ма дæ хæдзарæ байагорæ!»
– Мадта мæ кæд тæргæ кæнис, уæд мæмæ дæ мастæй куд неци байзайа, уой туххæй дæхе ниггубур кæнæ, æз ба дин де ‘уонти рахастмæ мæ цæстисуг никкалон ‘ма мæ маст иссæуа!
И силæ Хæмици æргубур кæнун кодта æма ин æ дууæ иуоней æхсæнмæ е ‘рхун никкудтæй. Уоси губуни, мæйæ ма ке гъудæй, уæхæн сувæллон адтæй ‘ма Хæмици иуонтæбæл ниццæфстæй, æхуæдæг ба, и силæ ка адтæй, ейæ никъкъуæрдта.
Хæмицæн дæр мæйи бонмæ æрхи сæр сувæллон райгурдæй.
Гъема ‘й уæдта уой фæсте ба Бориати Борæфæрнуг æ хуæрифуртæн, Сайнæги фурт Сау Албæгæн, рамарун кодта Хæмици.
Бецентæй уосæ ракоруй Нарти Хæмиц.
Бецентæ ин зæгъунцæ:
«Мах ан хæстмаст, цубурхъур, цубур муггаг:
Нæ бæрзæндæ – дууæ удзести,
Уæрхæмæ ан уомæй минкъий гъæуаггин.
Махæн нæ тухæ, нæ лæгигъæдæ
Æвзурст æй. Нур дин ку раттæн
Нæ рæсугъд хуæри, уæд дин сбæздзæнæй
Уодæмбалæн, дарун æй кæд базонай.
Фал æ зæрдæ естæбæл ин ку фæхходун кæнай,
Уæд нæ фегъустон ма зæгъæ,
Дæ хæццæ нæбал ниллæудзæнæй».
Æ дзиппи ‘й ниввæруй Хæмиц,
Еу бон æй Нарти кувдмæ рахæссуй.
Стур Нарт рæнгъитæй бадунцæ
Даргъ фингитæбæл æма ниуазунцæ.
Хæмици æрбадун кæнунцæ.
Е дæр хуæруй, ниуазуй æма
Хуæруйнагæй æ дзиппæн хай кæнуй,
Куд неке ‘й фæйна, уотæ.
Уæд Гæтæги фурт Сирдон уой æртергади кæнуй,
Нартæн сæ тъасхитæ бæрæг кæнуни бæрцæ
Æ уод дæр нæ уарзта, сæ аййепп син не ‘ронх кодта.
Еци бон адтæй Сирдон урдугистæг.
Барæй æхе ниуазæндæттæг ракæнуй,
Æма Хæмици думæггæгтæбæл æрхæтуй,
Силæстæги цъæхахст æваст фæццæуй.
Низгули унцæ Стур Нарт.
Сирдон ку зæгъуй:
«Гъе, уæууæй, Стур Нарт, маке уи байзайа!
Уæ уоститæ уæ дзиппи хæссун байдæдтайтæ
Кувдмæ, уой уин ку фегъосонцæ адæм,
Уæд уой бæсти уи ку неке байзайа,
Уæд хуæздæр æй!»
Адæми Хæмицмæ æркæсун кодта.
Хæмиц дæр ралигъдæй.
Уой фæсте загъта Хæмицæн æ уосæ:
«Хуцау си ма сарази уæд,
Мæнæн мæ сæрбæл кæми æрхаттæй Сирдон
Æма мæ ходуйнаг кæми фæккодта,
Уоми мæнæн дæ хæццæ цæрæн нæбал ес.
Лæхъуæн мæ губуни фезмалдæй,
Фурт дин ниййирдтайнæ. Нур ба
Æз цæун мæ цæгатмæ, фал ма дин
Æз ке зæгъон, уой бакæнæ».
Æ дууæ уони астæу ин
Нитту кодта æма ин загъта:
«Фараст мæйи уæнгæ ‘й багъæуай кæнæ
Къæртт кæнунæй, дæ уонти астæу
Ка сзайа, еци сункъæ».
Ни ‘й фу кæнуй æма рандæ уй æ цæгатмæ.
Еци бонæй фæстæмæ æ дууæ уони астæу
Хæмицæн рæсуйун байдайуй.
Е ‘мгъуд ку ‘рцæуй, уæд уордæгæй рацæуй,
Æ сæрæй æ бунмæ æндон болат, Батраз.
Содзгæ артмæ багæпп ласуй,
Уордæгæй синдзгун артмæ багæпп кодта,
Æцæг æндон уæд ку фестуй Хæмици фурт
Нарти Батраз.
Еу бон кæми адтæй, уоми Нарти адæм Уацамонгæбæл дзорун райдæдтонцæ. Хæмицæй фæстæмæ еугурæй дæр æрдзурдтонцæ, фал Уацамонгæ Сослани дзурдтæбæл еу минкъий исирадæй, иннети дзурдтæй ба сибиртт дæр некæбæл искодта.
Уæд Хæмицмæ æрхъæрттæй дзурди барæ, фал син нæ арази кодта: – Мæ фурт Батрази æной уин неци зæгъдзæнæн, – зæгъгæ.
Æма Батрази æрцудмæ æнгъæл кæсун райдæдтонцæ. Батраз ба еци бон хæтуни адтæй æма гъæумæ куд рараст æй, уотæ ибæл еу уæйуг рамбалдæй. Батраз æй фæрсуй:
– Ци хуæздæр хабар ракæнай, кæд Нарти фалдзос ескæми адтæ, уæд?
Уæйуг дæр ин загъта:
– И Нартæмæ еу хабар ес: æримбурд æнцæ сæ Устур нихæси æма Уацамонгæбæл дзорунцæ, дæу фидæ Хæмиц ба син нæ комуй æнæ дæу дзорун, æма е скъелтæбæл фиййаукуййи бадт искодта, уотемæй дæмæ æнгъæл кæсуй.
Батраз æ болат церхъæй уæйуги æркъуæхтæ кодта:
– Ду ба фиййаукуййи хузæн ке фиди хонис, – зæгъгæ, æма ранæхстæр æй сæ хæдзарæмæ.
Æрхъæрттæй æма имæ Æхсийнæ дзоруй:
– Ци ‘й а, биццеу, кæми фесафтдæ? И Нарти адæм Уацамонгæбæл дзорунцæ, дæ фиди дин батухсун кодтонцæ æма имæ никкæсун гъæуй. Батраз дæр ин загъта:
– Уæй, нана, уобæл тухсгæ ма кæнæ, хуæруйнаг мин ести февæрæ, уæдта Хуцау ци зæгъа, е уодзæнæй.
Æхсийнæ низзелæнтæ кодта æма ин æмидзаг тумбул фингæ ра- йаразта.
Батраз æхе хуарз фæууидта, уой фæсте ба Нарти тумугъмæ рацудæй. Ку рацудæй, уæд Нарти адæм Хæмицмæ дзорунцæ:
– Зæгъæ гъенур дæ зæгъуйнаг, – зæгъгæ. Батраз уой ку æр- игъуста, уæд син загъта:
– Мæ фиди бæсти дзурди барæ мæнæн раттетæ, кæд аккаг æй, уæд. Ис ин арази æнцæ Нартæ, æма Уацамонги сæргъи æрлæудтæй. Ку æрлæудтæй, уæд имæ Хæмиц дзоруй:
– Биццеу, зæгъуйнаг зæгъæ, æнæзæгъуйнаг ма зæгъæ!
Цæй зæгъуйнаг æма æнæзæгъуйнаг, зæгъгæ, загъта Батраз, и сæумон идаугутæй авд куд рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг Уацамонгæ мæ фидæн æ уæраги сæртæмæ исирайæд. Уацамонгæ Хæмици уæраги сæртæмæ исирадæй. Хæмиц бабæй имæ дзоруй:
– Биццеу, зæгъуйнаг зæгъæ, æнæзæгъуйнаг ма зæгъæ!
– Мадта изæйрон изæдтæй дæр аст куд рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг дæр Уацамонгæ мæ фидæн æ ронбастмæ исирайæд. Уацамонгæ Хæмици ронбастмæ исирадæй æма бабæй Хæмиц дзоруй: – Биццеу, зæгъуйнаг зæгъæ, æнæзæгъуйнаг ма зæгъæ!
Батраз ба загъта: «Хуалердари фурт Борхуар Алийи дæр æз куд рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг дæр Уацамонгæ мæ зæронд фидæн æ рехæмæ исирайæд æма си мæ фидæ æртæ ‘лвæси никкæнæд!»
Уацамонгæ Хæмицæн æ рехи уæнгæ исирадæй æма си æртæ ‘лвæси никкодта.
Уæд уалдæнги Хуалердар Уацамонги хурфи хъоппæгъи хузи бадтæй æма æ фурт Борхуар Алийи хабар куддæр райгъуста, уотæ уордиги ралæуирдта: «Уогæ ба Борхуар Алийи сумах рамардтайтæ», – зæгъгæ, æма мæнæуи æфсерæбæл фæххуæстæй, ис æй æмбурд кодта, ‘ма ма си минкъий куд райзадæй, уотæ ба имæ Уасгерги дзоруй:
– Уæддæр ма си мæнæн къерехуар ниууадзæ!
Фæсси уагъта, æхуæдæг ба хуари æфсерæмæ февналдта æма уой æфсерæ дæр исæмбурд кодта. Уасгерги бабæй имæ дзоруй, уæддæр ма си мæн бæхæн сайæнхуар ниууадзæ, зæгъгæ, æма ин ниууагъта уомæй дæр.
Уæди уæнгæ мæнæуæн дæр æма хуарæн дæр се ‘фсертæ сæ едæг-ти уæнгæ хъæрттæнцæ, фал уоци бонæй фæстæмæ мæнæуæ ‘ма хуари æфсертæ, нур цæй æстæ ‘нцæ, уой æстæй зайун райдæдтонцæ. Нарти адæмæн æхцæуæн кæми адтайдæ, фал ма син ци гæнæн адтæй æма рахæлеу æнцæ. Батрази лæгигъæдтæ Нарти адæм уæд базудтонцæ.
НАРТИ УРУЗМÆГ ÆМА ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗИ ТАУÆРÆХЪ
Еу кæми адтæй, уоми нæртон зæронд Урузмæг Нарти ни-хæси еунæгæй дорбæл цæурæхцæ кодта. Ку райгъал уидæ, уæдта æхе меднимæр цæбæлдæр бадугъ-дугъ кæнидæ.
Уæд Нарти сувæллæнттæ нихæси фалæнбулай къозоти гъазтонцæ ‘ма сæ еу къозо никъкъуæрдта, æма ‘й Хуцау Урузмæги уæрагбæл фæккодта. Урузмæг дæр куд нæ рамæстгун адтайдæ сувæллæнттæмæ æма къозой низзуввут кодта. Гъема, мæгур, и сувæллæнттæ кæун байдæдтонцæ ‘ма син æртæрегъæд кодта. Сæ къозо син фæстæмæ æрхаста, ниссæ сабур кодта, сæ хæццæ гъазун райдæдта, уæддæр и устуртæй ба неке зиннуй нихæсмæ ‘ма уæдта Урузмæг фæрсуй сувæллæнтти:
– Нæ уонæхсæрттæ кæми ‘нцæ, уомæн неци зонетæ? – зæгъгæ. Æма сувæллæнттæй сæ еу дзоруй:
– Æз, – загъта, – нур ибæл еу къуæре цæуй, уæд нæ фонс хезуни адтæн æма сæ Уаскъоппи бæрзондбæл фæууидтон, синди æрхуæстæнцæ, уотемæй.
‘Ма син сæ дзубандитæй неци фегъустай, зæгъгæ ‘й, фæрсуй Урузмæг.
Неци си фегъустон, ‘цæгæй се ‘хсæн бадзурд кодтонцæ, зæронд нæ хæццæ куд некæдбал бауадзæн, зæгъгæ.
Уотæ ин радзурдта и биццеу. Урузмæг, мæгур, еци дзубанди куддæр райгъуста, уотæ æ тог æхсирау райрадæй. Сæ хæдзарæмæ тундзгæ æрхæлæф кодта æма æ устур мæртæнбæл рабадтæй.
– Бæрæг уодзæнæй, æдта Нарти уонæхсæрттæ мæн се ‘хсæнмæ ку нæ бауадзонцæ, уæд, – зæгъгæ, ‘ма Уаскъоппи бæрзондмæ нæртон фæсевæди размæ исмедæг æй. Дзоруй сæмæ:
– Байрайайтæ, нæ уонæхсæрттæ! – зæгъгæ. ‘Ма имæ кæсгæ дæр нæ ракодтонцæ, фал си кæмæн куд æнтæстæй, уотæ кафта.
Урузмæг æ сувæллонæй æ базæронди уалдæнгæ ци æлдари кизгæбæл фæззелæн кодта, е сæмæ æрвайдæнæй кастæй ‘ма си цæмæй уой зæрдæмæ еске бацудайдæ, уой туххæй кафтонцæ «æз хуæздæр»-æй. Цæстизолæй дæр имæ ку нæ ракастæнцæ, уæд Урузмæг мæртæни къембур фездахта æма уайун исамадта и кизгæмæ, æхе меднимæр æхецæн дзурд равардта: «Тæходуйтæ, уæ Хуцауи фæрци, еци кизгæ мæ къохи ку бафтуидæ, уæд мæхуæдæг базæронд дæн, фал сæмæ ‘й исхонинæ ‘ма мæ кæддæра уæддæр сæ ас-тæумæ нæ бауадздзæнæнцæ», – зæгъгæ.
Уотемæй бахæстæг æй и кизги цæрæнмæ æма æ уад фæттагъддæр кодта. Кизгæ дæр хæдзари дзатмабæл бадтæй ‘ма зæронд лæг бæхбæл уайгæ ку æруидта, уæд имæ дзоруй:
– Кумæ ледзис, хуарз зæронд лæг?
– Кумæ ледзун, – зæгъгæ, загъта – Уæсхæри æфсæдтæ æрба- цæунцæ, дуйней содзгæ, цæгъдгæ, буларæ æфтаугæ. Мæнæн ба мæ хуæрæ Уаскъоппи бæрзондбæл æй, гъема ма кæд уой фæййер-вæзун кæнинæ, зæгъгæ, уордæмæ хæлæф кæнун.
– Удт, дæ хуарзæнхæй, хуарз зæронд лæг, мадта мæн дæр дæ хæццæ хонæ, кенæ ба мæн дæр бафхуæрдзæнæнцæ еци знæгтæ, ку æрбахъæртонцæ, уæд, – зæгъгæ, имæ дзоруй и кизгæ дæр.
– Бæргæ дæ хонинæ, фал æрбахæстæг æнцæ ‘ма еунæг бæхбæл ку уайæн, уæд нæ раййафдзæнæнцæ, ‘ма нæ не ‘носон цардмæ рарветдзæнæнцæ, – зæгъгæ, æнкъардгомау дзубанди ракодта Урузмæг. – Цæбæл цæуæн æма тагъд ци амалæй уайæн, уæхæн дзауматæ ба мæхемæ бæргæ ес, – загъта и кизгæ.
– Гъетт, мадта уотемæй ба фæстæмæ дæр ма кæсæ, фал ци амал ес, уомæй фæттагъддæр кæнæ, маха ледзæн, – зæгъгæ, дзоруй Урузмæг кизгæмæ.
Гъема и кизгæ хуарз дууæ саулохи раефтигъта æхгæд уæрдунбæл. Уоми рабадтæй еунæгæй æ бæхтæрæги хæццæ.
Ранæхстæр æнцæ. Урузмæг мæртæнбæл разæй надамонæг, и силæ ба уой фæсте уадæй, уотемæй. Цæй бæрцæ рацудайуонцæ, Хуцау зонуй, уæдта Урузмæг мæртæнмæ дзоруй сосæггити:
– Куйтæ дæ бахуардта, дæхе фæкъкъулух кæнæ барæй ‘ма æрлæууæ, цума мæ нæбал фæразис, уотæ, кæдимайди мæ кизгæ æ хæццæ исбадун кæнидæ!
Уотæ хъæбæр фæндадтæй кизги фарсмæ бадун Урузмæги.
Мæртæн дæр æхе фæкъкъулух кодта ‘ма æрлæудтæй. Гъема уæд-та и кизгæ Урузмæгмæ дзоруй:
– Мæ уод ервæзунгæнæг, хуарз зæронд лæг, дæ бæх ку нæбал фæразуй ‘ма рауай, мæнæ мæн хæццæ мæ уæрдуни рабадæ, – зæгъгæ. Кизги, мæгур, æнæуой дæр фæндадтæй зæронд лæги хæццæ бадун, цæмæй ин дзорæг æмбал адтайдæ, уой туххæй.
Гъема Урузмæг рабадтæй кизги фарсмæ, æ бæх бæхти фарсмæ бабаста, уотемæй.
Æнæ нади нæдтæбæл цудæнцæ ‘ма еу сæ уæрдун ку фæттехъул кæнидæ, уæд Урузмæг кизгæбæл банцойнæ кæнидæ. Гъема, алли банцойни хæццæ дæр Урузмæги уорс закъи сау æрдо рабадидæ, уотемæй цалдæн Уаскъоппи бæрзондмæ хъæрттæнцæ, уалдæнги Урузмæги уорс закъæ сау-сауид фестадæй.
Ку æрбахъæрттæнцæ, уæд Уаскъоппи бæрзондбæл Нарти уо- нæхсæртти æхсæн силæстæг ку нæ уидта, уæд фæстæмæ æздæхунмæ бæргæ рагъавта и кизгæ, гъома, балæдæрдтæй, Урузмæг æй ке басайдта, уой, фал ма дин æй кæми рауагътайуонцæ нæрæмон адæмихатт? Уотемæй ин, мæгур, гæнæн нæбал адтæй ‘ма байзадæй уоми. Уоми ку байзадæй, уæд Сослан бакафта:
– Корун ди æма мæ хæццæ еу кафт искæнæ, – зæгъгæ. ‘Ма имæ кизгæ кæсгæ дæр не скодта, уотемæй имæ дзоруй:
– Нæ кафун дæ хæццæ, уой туххæй, æма æгæр нæрæмон лæг дæ, – зæгъгæ. Уой фæсте ба имæ Хæмиц бакафта: «Мадта мæн хæццæ ракафæ», – зæгъгæ.
– Дæу хæццæ дæр нæ кафун, уой туххæй æма æгæр зæронд лæг дæ, уæдта худзар æркъетæ дарис, – зæгъгæ.
Уæд бабæй имæ Субæлци бакафта ‘ма бабæй уомæ дæр дзоруй: – Дæ хæццæ дæр нæ кафун, уой туххæн, æма ду ба цибæл лæг дæ, сили цъух дин ес, ‘ма мæхуæдæг еу силæ, уæд ма дæу хæццæ мæхе цæмæн исеу кæнон, – зæгъгæ.
Гъе, уæдта имæ се ‘гасей фæсте ба Батраз бакафта:
– Хуцау кæмæн нæййес, цæмæннæ нæбæл æнвæрсис, мадта мæн хæццæ искафæ, – зæгъгæ.
– Дæуæн ба дæ фиди фиди Хъæндзæргæс уæйуг Сау денгизи билæмæ æхецæн фиййауæн фæххаста ‘ма уой ку æрбаздахисæ, уæд бæргæ искафинæ дæу хæццæ ба, – зæгъгæ.
Гъема ибæл уæд е ‘мбæлтти æвдесæн бакодта Батраз, уотемæй рандæ ‘й и фиди фидæ Алæги агорунмæ Сау денгизи билæмæ.
Цæй бæрцæ фæццудайдæ, Хуцау зонуй, уæдта бахъæрттæй Хъæндзæргæс уæйуги зæнхæмæ ‘ма дин еу рауæн дæркъити фæсте еу устур сау дорбæл цæурæхцæ кодта, худзар къæредæ ибæл нихъхъæбæр æй, уотемæй Алæги иссирдта.
Батраз æй æваст кæми рафæсмардтайдæ, фал сæгъгæс ку æр-уидта, уæд имæ дзоруй: «Дæ фонс берæ, зæронд лæг! Мæлæти зæронд ку бадæ ‘ма циуавæр дæ? Сæгъгæс ма цæмæн хæтис», – зæгъгæ.
– Дæ цæрæнбон берæ! Æз нæртон лæг дæн ‘ма æнæбари бонæй æрифтудтæн мæ хецау, Хъæндзæргæс уæйугмæ, тугъди замани мæ æрхаста, ‘ма мæ нур ба атæ гъезæмарæй маруй. Фал дæу цæрунгъæ- уагæ уоди ба ци хор, ци къæвда æрхаста? Тагъд рандæ уо, кенæ ба дæ ами ку æрбаййафа мæ хецау, уæд дæ рамардзæнæй, – зæгъгæ, имæ дзоруй Алæг дæр.
– Гъетт, баба, баба, – зæгъгæ, загъта Батраз, – мадта æз дæр нæртон игурд дæн. Хæмици фурт дæн ‘ма дæу агорунмæ æрбацудтæн, ‘ма мин дæ хецауи байамонæ, æз ба си дæ мæститæ райсон, ра ‘й марон, – зæгъгæ.
– Цæй нæртон игурд дæ ду, цæмæн мæ саис? Нартæй æзмæлæг ку нæбал ес, кенæ ба мæ фурт Хæмицæн бийнонтæ ку нæ адтæй, уæд ду уой фурт кæцæй дæ? Æрцæуай ардæмæ, кæд нæртон игурд дæ, уæд дæ æз базондзæнæн, мæ къох дин де ‘уæнгти рахастбæл ку радарон, уæд.
‘Ма имæ Батраз хæстæг бацудæй. Алæг дæр ибæл æ къох ра- дæрдтитæ кодта ‘ма си байруагæс æй, Батраз нæртон игурд ке адтæй, ейæ, е ‘уæнгти рахастмæ гæсгæ. Гъема имæ уæдта дзоруй Алæг:
– Баууæндтæн нур æцæгæй, нæртон игурд ке дæ, уобæл ‘ма мин æхцæуæн æй, муггаг ма ни ке ес, ейæ, фал ди уæддæр корун, цæмæй дæхе банимæхсай æма рандæ уай ардиггæй, уой. Уой туххæн, æма ин неци искæндзæнæ, ра дæ мардзæнæй, – зæгъгæ.
– Æма мин ардигæй фæццæуæн нæбал ес, цалдæн дæу нæхемæ фæххонон æма дин де ‘знаги рамарон, уалдæн, – карзæй загъта Батраз дæр.
– Мадта дин Хуцау байагъаз кæнæд, æрауайæ ардæмæ ‘ма мæ дæ рагъи исæвæрæ, æз ба дин æй байамонон.
Е дæр æй æ рагъи исæвардта, уотемæй Хъæндзæргæс уæйуги хæдзарæмæ исмедæг æнцæ. Хусгæ ‘й ниййафтонцæ ‘ма ибæл æрбадтæй Батраз, æ дууæ гъосебæл ин æрхуæстæй, уотемæй.
Дзоруй имæ Батраз:
– Хуæрзбон зæгъгæ аци уæлæбæл дуйнейæн, маргæ дæ кæнун, мæ фиди фиди мин нурмæ ке фефхуардтай, уой туххæй!
– У-у, æз дæ мадæ, дæ фиди иуазæг æма мин мæ уоди монди ма бацо. Кæд дин дæ тог, де стæг бафхуардтон, уæд мин авд ме- дæггойни ес; уонæй алке дæр алли хуарздзийнадæй идзаг æй ‘ма ин си æ хъиамæти бæрцæ райсæ. Уæдта сæ еуеми ба сугъзæрийнæ цадæ ес, зæронд фиди фидæ лæхъуæн кæми феста, – зæгъгæ, имæ ко-рæгау дзоруй Хъæндзæргæс уæйуг дæр.
Уонити ин ку байамудта, уæд Батраз баздахтæй ‘ма уæйуги сæр ракъуæрдта, ра ‘й мардта. Æхуæдæг ба авд медæггойни байгон кодта ‘ма фиццагидæр Алæги сугъзæрийнæ цади нивдулдта, æма Алæг, æ уосгори дзамани куд адтæй, уотæ фестадæй. Гъе, уой фæсте ба иннетæми ци хуарздзийнæдтæ адтæй, уони рамбурд кодтонцæ ‘ма сæ бæхтæбæл исцурхтонцæ.
Уотемæй дууæ нæртон лæги Хъæндзæргæс уæйуги мулк, фонс рамбурд кодтонцæ еугурæй дæр ‘ма сæ Уаскъоппи бæрзондмæ Нарти уонæхсæртти размæ исмедæг кодтонцæ. Нарти уонæхсæрттæ дæр сæбæл цæмæннæ цийнæ кодтайуонцæ, хъæбæрдæр – Алæгбæл, гъома, исæвдæй ке разиндтæй, уой туххæй.
Хуцау зонуй, цæй бæрцæ фæццийнæ кодтонцæ, уæдта Батраз æлдари кизги хæццæ искафта.
Гъема кæрæдзей зæрдæмæ бацудæнцæ, кæрæдземæ сæ къохтæ равардтонцæ нæртон адæми æхсæн:
– Абонæй фæстæмæ мах лæг æма уосæ куд уæн нæ кæрæдземæн, уотæ, – зæгъгæ. Гъема уæдта Батраз, Алæги хæццæ ци фонс æрбакодта, уони æртæ æмбеси рахæйттæ кодта ‘ма дзоруй Урузмæгмæ: – Гъенур, Урузмæг, ду хестæр дæ, фал дæмæ уæддæр æндеун ‘ма дин хъæбæр арфæ кæнун. Фал мæнæ æртæ æмбеси ци мулк бакодтон, уомæй дууæ хаййи дæу фæууæд, еу дæхе хай, иннæ ба дин мæн хай, æруæдтаг, зæгъгæ, Алæгæн ба æ хай æхе уæд.
Урузмæг дæр нецибал исдзурдта ‘ма дууæ хаййи и Хъæндзæргæси мулкæй райста.
Уотемæй Нартæ Уаскъоппи бæрзондбæл кæрæдземæн райарфæ кодтонцæ ‘ма сæ хæдзæрттæмæ рандæ ‘нцæ.
Нартæбæл фуд æстонг анз искодта. Ци бахуардтай-уонцæ, е сæмæ нæбал адтæй. Цауæни хаттæнцæ ‘ма сирди фидæй сæ царди æгъдау евгъуйун кодтонцæ. Уæд, еу бон кæми адтæй, уоми Нарти Хæмиц цауæнæй еу сикъей мард æрхаста; æхе бийнонтæ дæр си хуардтонцæ, уæдта си адæмæн дæр фæллæвартæ кодта ‘ма уотемæй сикъей мард фæцæй. Æ синхон къæсибадæг уосæ дæр имæ фенгъæл кастæй ‘ма ин си неци рарвиста. Уæдта имæ æхуæдæг æрбацудæй, куд синхон, уотæ, æ сикъей æстгутæ ‘ма æ цари гæппæлтæ сосæггай сæхемæ æрбахаста ‘ма ин си хийнæ искодта. Æстгутæ ‘ма цари гæппæлтæ арти бакалдта ‘ма загъта:
– Абонæй фæстæмæ дин Хуцау Æфсатий фонсæй хай мабал бакæнæд, æхстмæ нæ, фал, дæ цæстæй карк дæр куд нæбал фæууинай, уотæ. Еци бонæй фæстæмæ Хæмиц цауæни хаттæй, сирди муггагæй æ цæстæ дæр нецибал фæууидта ‘ма ‘й базудта, цидæр хийнæ ин ке скиндæй, уой. Æндæр къæсибадæг уосæмæ фæццудæй фæрсунмæ. Е ба ин загъта: – Мæнмæ ба ма цæмæн æрцудтæ? Дæ размæ дæ синхон къæсибадæг уосæ дæмæ фенгъæл кастæй, дæ сикъей мардæй ин ратдзæнæ, зæгъгæ, ‘ма ин си ку нæ рарвистай, уæдта дин хийнæ искодта. Ниддæ баста, дæ сикъей марди æстгутæ ‘ма цари гæппæлтæ дин сосæггæй æхемæ æрбахаста ‘ма сæ арти бакалдта.
Мадта мин мæ баст исуæгъдæ кæнæ, зæгъгæ, корун байдæдта къæсибадæг уосæй Хæмиц.
– Хуасæ дин байамондзæнæн, – зæгъгæ, загъта къæсибадæг уосæ, – æртæ уæлвицги ‘ма хумæллæги сæхъун райсæ тæбæгъи ‘ма сау гъæдæмæ фæццо. Фиццагидæр ци стур бæласæмæ исхъæртай, уой буни сæ исковдзæнæ. Дууæ уæлвицги дæ фæйнæ фарсемæ рагæлдздзæнæ, æртиккаги ба бахуæрдзæнæ. Хумæллæги сæхъун ба ниддумдзæнæ ‘ма зæгъдзæнæ: «Абонæй фæстæмæ мæ баст ихалд куд уа, уотæ, уæдта аци хумæллæги сæхъун тæбæгъæй куд фæццох æй, уотæ ми ме ‘лгъист æма мæ хийнæ куд фæццох уонцæ, уотæ».
Къæсибадæг ин цидæриддæр загъта, уони бакодта Нарти Хæмиц. Уæдта æ кард, æ саздахъ райста ‘ма сау гъæди цауæни рацудæй. Гъæди еу сахат фæццудæй, уæдта еу æрдози цъæх зæлдæбæл сæгти къуар хезгæ ниууидта ‘ма сæ фехсон, зæгъгæ, уотæ ба сæгтæн сæ тæккæ баргъондæр к’ адтæй, е уоми райзадæй. Хæмиц дæр дес кæнуй: «Мегъæ дæр ку некæми ес, уæдта арви цæф дæр куд уодзæнæй, æндæр еске æй рамара, æма лæг дæр ку некæми зиннуй». Уотæ ба гъæдбунæй еу минкъий лæг фæззиндтæй, саги æрбавгарста, æ фæстаг хурфи дзауматæ ин фелваста ‘ма сæ бæласи сæрмæ фехста. Анæмæ дæр, зæгъгæ, æнгъæлдзаутæ ес æма атæ ба уони хай. Нарти Хæмиц берæ къуæцæлтæ рамбурд кодта, ниййимæ цудæй, æ сирди мардбæл ин къуæцæлтæ бакалдта, æхуæдæгка имæ дзоруй:
– Берæ дин Хуцау ратта Æфсатий фонсæй!
Ке дæттун мин сæ гъæуй, мæхе ку æнцæ, уæд, зæгъгæ, е дæр имæ дзоруй. Минкъий лæг саг ракосарт кодта, арт ракодта, ургтæ æма фидти дзæбæхтæй цуппар ухсти райдзаг кодта, æма сæ артмæ фезонæг фунх ракодта. Дууæ си Нарти Хæмици размæ æрбайвардта, дууæ ба си æхуæдæг хуæрун байдæдта. Уайтагъддæр минкъий лæг дууæ ухстей ‘дзаг фезонгутæ рахуардта. Нарти Хæмиц ба еунæг ухст дæр туххæй фæцæй.
– Хуæргæ цæмæннæ кæнис? – зæгъгæ, дзоруй минкъий лæг Хæмицмæ. – Куд тагъд рафсастдæ? Устур лæг уогæй, куд минкъий бахуардтай? – ‘ма æртиккаг ухсти дæр æхемæ æрбайста æма уой дæр бахуардта. Никки дæр саги фæстаг къалеуи æд фарс æркъуæрдта, ра ‘й фезонæг кодта æма уой дæр бабæй рахуардта. Нарти Хæмиц устур дестæ кодта, ци дессаги лæг æй, минкъий уогæй, ци берæ хуæруй, зæгъгæ, ‘ма ‘й базудта, хумæтæги лæг ке н’ адтæй, уой.
– Куд дæ фæндуй, Нарти Хæмиц, – зæгъгæ, имæ дзоруй минкъий лæг, – еумæ цауæни ку рахæтианæ, уотæ дæ фæндуй?
– Рахæтæн, – зæгъгæ, загъта Хæмиц дæр. Фæйнæ комеми рандæ ‘нцæ цауæн гæнгæ. Фæйнæ сæдæ сирди рамардтонцæ. Минкъий лæг сæ куд маргæ цудæй, уотæ син сæ къобæлттæбæл уæрдæхтæ æфтаугæ цудæй. Уæдта сæ еу рауæнмæ æрæмбурд кодта ‘ма сæ æ рагъи сæ бунатмæ æрхаста. Нарти Хæмиц ба æ сирди мæрдтæ къæрттитæ гæнгæ цудæй ‘ма син сæ ургтæ фелвасидæ, уотемæй син сæ ургтæ нимæти æрцурхта ‘ма сæ туххæй бунатмæ æрхъæртун кодта. Бунати сæ уæззау гæлст æркодта ‘ма имæ минкъий лæг дзоруй:
– Ци дин æнцæ атæ, ци уæззау гæлст сæ æркодтай?
– Сæдæ сирди, – зæгъгæ, – рамардтон ‘ма син сæ ургтæ мæ хæццæ æрхастон.
– Уæд дæ сæдæ сирдей мæрдтæ ба кæми ‘нцæ?
– Кæмити сæ рамардтон, уомити сæ ниууагътон.
– ‘Ма сæ дзæгъæли цæмæн ниууагътай? Берæгътæн æнæ уой дæр берæ ку ес, рацо мæ хæццæ ‘ма мин сæ байамонæ, кæми ‘нцæ, уой. Хæмиц æ хæццæ рацудæй ‘ма ин сирдти мæрдтæ амонгæ. Е дæр син сæ къобæлттæбæл уæрдæхтæ æфтаугæ ‘ма сæ еу рауæнмæ æмбурд кодта. Уæдта сæ æ рагъи ракодта, уони дæр сæ бунатмæ æрхаста. Дууæ сæдæ сирди марди ку æрæмбурд кодта еугурæй дæр, уæд сæ, минкъий лæг ка ‘й, е æртæ хаййи кæнун байдæдта. Хæмиц дес кодта, дууæ æмбалемæй æндæр ку нæ ан æма æртиккаг хай кæмæн кæнуй, зæгъгæ. Æвæдзи æхецæн дууæ хаййи кæнуй æма ацал-ауал анзи мæнбæл уæхæн æфхуæрд ку некæд сæмбалдæй. Хуæз-дæри хай ми ку некæд неке райста, уæд а куд æй, зæгъгæ, æхе меднимæр загъта æхецæн. Хæйттæгонд ку фæцæй, уæдта минкъий лæг фæрсуй Нарти Хæмици: – Æз æма дæуæй ка хестæр æй?
– Ка ни хестæр æй, зæгъгæ, уотæ ба мин цæмæн бафæразтай, – æз зæронд лæг ку дæн, ду ба ма лæхъуæн ку дæ?
– Мадта ди æз минкъий хестæр дæр нæ дæн, фал ди æгас фæлтæр хестæр дæн. Хуцау, зæгъгæ, фиццаг фæлтæри сфæлдиста гумерити æма ин æгæр устуртæ фæцæнцæ; уæдта дуккаг фæлтæри ба ис-фæлдиста уадмерити; уæдта æртиккаг фæлтæри ба исфæлдиста елиати ‘ма ин етæ æгæр тухгин фæцæнцæ; цуппæрæймаг фæлтæри ба исфæлдиста мæнæ мах, кæмбæдати ‘ма ин мах ба æгæр минкъий-тæгонд фæцан. Мах фæсте ба фæндзæймаг фæлтæри исфæлдиста сумах, нæртон адæми, гъема, æз дæуæй дæн хестæр æгас фæлтæр, фал уæддæр хестæри хай дæттун дæуæн. Æма фиццаг дæ хестæри хай исесæ, уæдта райсæ де ‘мбалхай дæр.
Уотемæй Хæмиц райста дууæ хаййи, Кæмбæдай фурт ба еу хай æма ‘й е ‘рагъи ракодта, уотемæй æ хæдзарæмæ рараст æй. Ку раевгъудæй, уæд еу сахати фæсте ба Хæмиц æ фæсте уайун байдæдта ‘ма ‘й Кæмбæдай фурт фæстæмæ ку рауидта, уæд æ сирдти мæрдтæ æривардта, ‘ма ‘й хезуй: æвæдзи мæбæл, зæгъгæ, æ зæрдæ естæмæй фæххудтæй. Ку имæ æрхъæрттæй, уæдта ‘й фæрсуй, ци хабар дæмæ ес, мæ фæсте ма ку уайис, зæгъгæ.
– Еу гъуддагбæл ма дæ фæрсун феронх дæн, кæмæй дæ, ци-уавæр дæ, уой мин зæгъæ, кенæ ба некæмæй байруагæс уодзæнæй, æз уой бæрцæ сирдтæ ке рамардтон, е, æма син уæд ци зæгъдзæнæн?
Æз дæн, зæгъгæ, загъта, Кæмбæдатæй, елиати хуæрифурт, цæрæн, зæгъгæ, зæнхи буни.
– Мадта ма ди еу гъуддаг корун. Минкъий уогæй, уотæ хъау- рæгин ка ‘й, кæд уæмæ уæхæн силгоймаг ес, уæд мæ сумахæй стæггагæ ку уайдæ, уотæ мæ фæндуй.
– Ес нæмæ, – зæгъгæ, загъта, – фал ин æнхæст афонæ нæма ‘й, хъæбæр æведауцæ ‘й, хæфси цари æй æма ку не сарази уай.
– Дæтгæ мин æй ракæнæ ‘ма мæ сумахæй стæггагæ фæууæд, ‘ма ‘й Хуцау цъифи золкъи цари дæр фестун кæнæд.
– Мадта дин махæй стæггагæ лæвар фæууæд æма, абони май-рæнбон æй, иннæ майрæнбони ба дæ киндзхонти хæццæ дæ бийнойнаг фæлласдзæнæ. Берæй æрцæунæй ма байауæрдетæ. Иуазæги хуаллагæй уин рахъæртдзинан.
– Мадта ма мин æруæд ци уодзæнæй, уой ку зæгъисæ.
– Æруæд ба дин уодзæнæй сæдæ сугъзæрийнæ гъоли.
Нарти Хæмиц æ нимæт фæггæлста, æ курæти думæггаг фæхъхъел кодта, ра ‘й ихалдта, сæдæ сугъзæрийнæ гъоли си исиста ‘ма сæ Кæмбæдай фуртæн банимадта æ къохмæ.
– Уæд уæмæ цæугæ ба кумæ фæккæндзинан? Кæми цæретæ, уой дæр ма мин ку байамонисæ.
– Мæнæ мæ биде фæрсмæ дардзæнæн ‘ма гъæди бæлæстæ лух гæнгæ цæудзæнæй, етæ еуæрдæмæ хъантæ гæнгæ цæудзæнæнцæ. Лигъз будурмæ ку рахъæртæн, уæдта мæ еу къах фæрсмæ дардзæнæн ‘ма зæнхæ ауæдзæ гæнгæ цæудзæнæй сауæнгæ мулдзугути гобати уæнгæ. Гъе, уоми ба дин зæнхи буни мæ хæдзарæ.
Уотемæй сæ кæрæдземæн хуæрзæбон загътонцæ. Кæмбæдай фурт æ сирди мæрдтæ е ‘рагъи фæккодта ‘ма æ хæдзарæмæ фæд гæнгæ рандæ ‘й. Хæмиц дæр æ сирди мæрдти ургтæ нимæти ратухта ‘ма Нартæмæ фæдеси рандæ ‘й. Æ хабар син радзурдта. Нарти адæ-ми æ хæццæ æрбахудта сирди мæрдтæмæ ‘ма сæ фæххастонцæ еугурæй дæр сæхемæ. Нарти адæм куд нæ дес кодтайуонцæ, уой бæрцæ сирдтæ, зæгъгæ, ка рамардта, ‘ма ‘й фарстонцæ Хæмици. Е дæр æрдзурдта, куддæриддæр адтæй сæрæй бунмæ, уой, циуавæр лæг ибæл исæмбалдæй ‘ма дууæ сæдæ сирди куд рамардтонцæ, куд сæ байурстонцæ, уой, уæдта син сæ кизги бийнонтæн куд ракурдта ‘ма имæ иннæ майрæнбони хонунмæ куд цæун гъæудзæнæй, уой.
Майрæнбон ку æрхъæрттæй, уæд Нарти адæм Хæмицæн дууæ сæдæ киндзхонемæй уосæ хонунмæ рацудæнцæ. Кæмбæдай фуртæн хуæрзбон ци рауæн загъта, уордæмæ æрбацудæнцæ. Уордигæй ба гъæди цагъдбæл рацудæнцæ, будурмæ ку рахъæрттæнцæ, уæдта, куд загъта, уотæ ауæдзæ фæззиндтæй. Ауæдзæбæл цæун байдæдтонцæ ‘ма еу мулдзугути гобатмæ бахъæрттæнцæ. Загъд син куд адтæй, уомæ гæсгæ уоми æрлæудтæнцæ. Сæ бæхтæй куд æрхизтæнцæ, уотæ ба сæмæ Кæмбæдати фæсевæд мулдзугути гобати бунæй исгæппитæ кодтонцæ, сæ нимæттæ, æндæртæ син зæнхи бунмæ ниййистонцæ, уæдта син дуар исигон кодтонцæ ‘ма син сæ бæхти дæр æма сæхе дæр уордæмæ никкодтонцæ. Æртæ бони ма хуарз фæммийнасæ кодтонцæ, уæдта син Кæмбæдатæ загътонцæ:
– Кæдмæ дæр нæмæ мийнасæ кæнайтæ, иуазæги хуаллаг дæр нæмæ берæ ес, уæдта уæбæл гъигæ дæр не суодзинан, фал уæ гъенур цæуни барæ ес.
Хæмици киндзхонтæ цæуни унафæ искодтонцæ. Сослан къохбæлхуæцæг куд адтæй, уотæ кизгæмæ бацудæй æма дзоруй: – Кæми ‘й мæ хуæрæ?
Дуйней рæсугъд силгоймæгтæ си æрæмбурд æй: уосæй, кизгæй. Сослан æнгъæл кæсуй, мæ хуæри мин байамондзæнæнцæ, зæгъгæ, ‘ма еуемæ дæр бакæсуй, иннемæ дæр, уæдта имæ дзорунцæ:
– Анæй дæ киндзæ неке æй, фал уæртæ гобæнтти æхсæн бадуй. – Гириз мæбæл цæмæн кæнтæ, – зæгъгæ, сæмæ дзоруй Сос-лан, – мæ киндзæ кæци æй, уой мин цæмæннæ байамонетæ.
– Мæнæ дæ киндзæ, – зæгъгæ, ‘ма имæ гобæнтти æхсæнæй хæфсæ фелвастонцæ.
Фиццаг сæ гириз кæнун æнгъæл адтæй, фал си ку байруагæс æй, æцæгæй сæ киндзæ хæфси цари ‘й, е, уæд æндæмæ рацудæй æма Нарти киндзхонтæмæ гъæрæй дзоруй:
– Нурмæ дæр Хæмиц æнæ уосæй уомæн байзадæй, æма рагæй дæр гириззаг адтæй, нур ба Нарти адæми бустæги фæхходуйнаг кодта. Хæфсæ ракурдта ‘ма нин уой Нарти æхсæнмæ хонун кæнуй. Алке æ бæхбæл рабадæд ‘ма æ хæдзарæмæ цæуæд!
Кæмбæдатæ ба загътонцæ:
– Хæмиц, нæ дин загътан, нæ кизгæн афонæ нæма ‘й ‘ма нуртæккæ хæфси цари ‘й, зæгъгæ? Загъд дин куд адтæй, бонæ ин хæфси царæй рахезæн нæййес, æхсæвæ ба цид рахездзæнæй ‘ма имæ кæд уотемæй фæддарунмæ дæ нифс нæ хæссис, уæд æй ма корæ!
Нарти киндзхонтæ фæххæлеу æнцæ, алке æ хæдзарæмæ рандæ ‘й. Хæмиц ма æхуæдæг еунæгæй æризадæй æма ин Кæмбæдатæ загътонцæ: – Гъа, мæ хор, мæнæ дæ сугъзæрийнæ гъолтæ дæр райсæ, мах уонæмæ гъæуагæ нæ ан. Уæдта дæ уоси дæр хонæ ‘ма дæ зæрдæмæ ку нæбал бацæуа, уæдта ‘й уæртæ уоци туппурмæ æрхондзæнæ ‘ма ‘й уоми ниууадздзæнæ.
Хæмиц æ бæхбæл рабадтæй ‘ма ин æ фæсабæрцæмæ хæфси дæр багæлстонцæ. Уотемæй сæхемæ иссудæнцæ. Хæмицæй уотæ, кæд хæфсæ рахаудтæй, зæгъгæ, е ба саргъи къудур æма æфтауги æхсæн балæстæй.
Æ бæх рафснайдта, саргъ ба медæмæ байста ‘ма исхустæй. Хæмиц ку рафунæй æй, уæд и кизгæ хæфси царæй ралæстæй æма авари кизги дзиккотæй хорау фæррохс æй. Хæмиц фегъал æй æма имæ дзоруй: – Ци изæд дæ, ци идауæг дæ?
– Изæд дæр, идауæг дæр нæ дæн, фал дæн, Кæмбæдатæй ци кизгæ ракурдтай, е. Бонæ мин хæфси царæй ралæсæн нæййес, æхсæвæ бабæй мин Хуцауи фæлдесондæй хæфси цари лæууæн нæййес.
Хæмиц нийдзулдæй, ни ‘йбæл цийнæ ‘й æма имæ дзоруй:
– Рацо, мадта, мæ хæццæ æрхуссæ.
Е ба ин загъта:
– Уотемæй дæ хæццæ нæма ниххусдзæнæн, фал мæмæ æрæвдесай, уосæ хонуни дарæси рæвдзитæй дæмæ цитæ ес, уони.
Хæмиц æ хуссæнæй фæггæпп кодта ‘ма имæ æ кири дуæрттæ фæййигон кодта, ‘ма си куд н’ адтайдæ хъумаци дзæбæхтæ ‘ма туни дзæбæхтæ – æ биццеуи дзаманæй уосæ хонуни уæнгæ ке фембурд кодта. И кизгæ кæрдæн райста ‘ма кæрдунмæ февналдта, æхсæвæ- бонмæ, сæдæ лæгей сæ къахæй сæ сæрмæ цидæр гъудæй фæлустæй, уони кæрдгæ дæр, хуйгæ дæр бакодта. Дуккаг æхсæвæ дæр гъеу-уотæ. Уотемæй дууæ сæдæ лæгей фæлуститæ ку сцæттæ кодта и кизгæ, уæдта загъта Хæмицæн:
– Нур ба сæ адæмæн райуарæ, сæ хуæздæртæ син, ка куд мæгурдæр æй, уонæн.
Куд ин загъта, уотæ сæ Хæмиц дæр райурста ‘ма адæм дес кодтонцæ, Хæмицæн еци хъæппæлтæ кæми адтæнцæ, зæгъгæ.
Уотемæй Хæмиц æ уоси хæццæ цæрун райдæдта, бонæ и уосæ хæфси цари бадтæй, æхсæвæ ба рахезидæ. Уотемæй сæбæл цæй бæрцæ рацудæй, уæдта Бориати Борæфæрнуг хуарисæр кодта æма Нарти адæммæ хонæг рарвиста. Хæмиц æхе кувдмæ цæуни рæвдзæ ракодта ‘ма имæ и уосæ дзоруй:
– Мæн дæр дæ хæццæ хæссæ.
– Ходуйнаг æй, – зæгъгæ, имæ дзоруй Хæмиц дæр. – Нарти æгъдауæй не ‘нгъезуй лæгæн æ уоси хæццæ цæун кувдмæ, ‘ма мин уой ку базононцæ, уæд мин се ‘хсæн рацæуæн нæбал ес.
Н’ адтæй, уæддæр ниллæудтæй, дæ дзиппи мæ, зæгъгæ, ниввæрæ, æхсæвæ ба нимæт мæ уæле æримбæрздзæнæн ‘ма мæ нæ базондзæнæнцæ. Гæнæн нæбал адтæй, Хæмиц хæфси æ дзиппи рацавта ‘ма Бориати Борæфæрнугмæ кувдмæ рандæ ‘й. Бон-изæрмæ кувди фæббадтæнцæ, фæммийнасæ кодтонцæ, изæрæй ба алке исхустæй. Хæмиц дæр исхустæй, æ уосæ æ хæццæ, уотемæй, стур нимæт сæ уæле æрæмбарзтонцæ.
Уæд Сирдон рагæй дæр Нартæн фидбилиз куд н’ адтæй, сайтанти хуæрифурт адтæй, ‘ма Хæмицæн æ уосæ кувди æ хæццæ ке адтæй, ‘ма æхсæвæ ба æ хæццæ ке хустæй, уой зудта, ‘ма ин уонити Нартæ цæмæй базудтайуонцæ, уой бакодта. Биццеути исардудта, цæмæй и хуссæг адæмбæл сæ хуссæнтæмæ бугътæ калдтайуонцæ. Биццеутæ дæр, ци лæхæ-бугъæ адтæй, уони адæмбæл сæ хуссæнтæмæ калун байдæдтонцæ ‘ма иуазгутæ еугурæй дæр хъаугъа кæнун байдæдтонцæ, ци ‘нæконд æма æнæгъдау æнцæ, зæгъгæ, Нарти кæстæр фæсевæд. Уæд син Сирдон, зонæнгин адтæй, ‘ма уотæ:
– Куцæй ма уæбæл ма гириз кæнонцæ Нарти биццеутæ дæр, Нарти хуæздæртæ кувдтитæмæ сæ уостити хæццæ æхсæвеуатæй цæун ку байдæдтонцæ.
– Уой ба ци хонис? – зæгъгæ, Нарти адæмæй алке æ хуссæнæй ралæуирдта. Хæмиц ба æхе æ хуссæни нигъгъос кодта. Еугурæй дæр æй базудтонцæ, Хæмиц æ уоси хæццæ æхсæвеуати Бориати Борæфæрнуги кувдмæ ке иссудæй, æма ке фæхходуйнаг æй, уой.
Хæмиц æ уоси хæццæ еци сахат сæ хæдзарæмæ æрцудæй ‘ма ин загъта:
– Абонæй фæстæмæ мин дæу хæццæ цæргæ нæбал æй, – Нарти астæу дæу туххæй стур ходуйнаг фæддæн ‘ма дæ уæхемæ ласун!
– Уосæ ба ин загъта:
– Ма мæ ласæ, уадзæ мæ, берæ мæ нæбал гъæуй, уæдта мæ хæфси царæй рахездзæнæн… Еу бон дæр, дууæ бони дæр, æртæ бони дæр дæбæл фæхходдзæнæнцæ, уæдта дæ феронх уодзæнæнцæ.
Нæ ин бакоммæ кастæй Хæмиц:
– Аци ходуйнагæй дæ хæццæ цæрунмæ неци бакæндзæнæн, – ‘ма æ бæхбæл саргъ февардта. Рабадтæнцæ ибæл æ уоси хæццæ ‘ма ин кумæ амунд адтæй æ хонунбæл, уордæмæ ‘й æрхаста. Уоми дæр бабæй ин æ уосæ загъта:
– Ма кæнæ, ма мæ цох кæнæ, фæсмон дæмæ цæудзæнæй. Фæнддзæнæй ма дæ, фал мин раздæхæн нæбал уодзæнæй, мæйæй æндæр мæ нæбал гъæуй, уæдта мæ хæфси цар рагæлдздзæнæн æма дæмæ адæм хицæ дæр ма кæндзæнæнцæ… Мадта мæмæ дæ дууæ уони æрбадарай.
Хæмиц имæ фæстæмæ æхе рахатта æма имæ е уонтæ бадардта, уосæ уæззау адтæй, е ‘нгъудмæ ба адтæй еугурæй мæйæ, ‘ма Хæмици дууæ уоней астæу нитту кодта ‘ма æ губуни ци сувæллон адтæй, е æ дууæ уоней астæу цар æма фиди астæу равзурстæй, æхуæдæгка дæлзæнхæмæ ниллæуирдта.
Хæмиц фæстæмæ æрбаздахтæй сæргубурæй, е уонти астæу къубус дардта, уотемæй. Сатана зонæнгин адтæй æма ‘й уайтагъддæр базудта, Хæмици дууæ уоней астæу къубуси сувæллон ке адтæй, уой, уæдта ма циуавæр æй æма ‘й цæй бæрцæ гъудæй игурунмæ, уой дæр. Хæмиц фулдæр бæнттæ хъанæй лæудтæй, уæззау уосæ æ за-йунмæ хæстæг хъан куд фæууй, уотæ, ‘ма æ мæйи бон ку æрхъæрттæй, уæдта имæ Сатана æ хуссæн уатмæ бацудæй, ‘ма ‘й, цума, нæ зудта, уотæ имæ дзоруй:
– Ци кæнис, ци, Хæмиц, дæ сæйгæ ци даргъ ниццæй?
– Магъа, мæнæ мæ дууæ уоней астæу цидæр сункъæ искодта ‘ма мæ фезмæлун нæбал уадзуй.
– Равдесай, æз ба дин æй фæууинон æма кæд исцæттæ ‘й, уæд æй фæкъкъæртт кæнон.
Хæмиц имæ æ дууæ уоней астæу бадардта. Фæййин æй къæртт кодта Сатана ‘ма биццеу фелваста. Иннæ авармæ ‘й бадавта ‘ма ‘й бузурти ратухта, æхуæдæгка ин ном равардта – Батраз. Сæ синхонти уосæ сæмæ æрбауадæй ‘ма Сатанамæ дзоруй:
– Æз ба уин уæ сувæллонæн дзедзе бадарон, – зæгъгæ, ‘ма имæ бауадæй, дзедзе ин æ гъæлæси рацавта æма ин Батраз æ дзедзе ратудта, ‘ма ин æй ранихъуардта. И уосæ кæугæ фелвæстæй Сатанамæ, уæ биццеу мин мæ дзедзе ратудта, зæгъгæ, Сатана дæр су- вæллонмæ бауадæй ‘ма имæ дзоруй:
– Еци мæгур уоси цæмæн бафхуардтай? Æ дзедзе ин фæстæмæ исгæлдзæ!
Сатанай дзурдмæ ин æнæ игъосун н’ адтæй ‘ма ин æ дзедзе æ губунæй фæстæмæ исгæлста, ра ин æй нихастонцæ фæстæмæ. Уосæ сæхемæ рандæ ‘й. Еци хабар адæмбæл ку æригъустæй, уæд æй базудтонцæ, Батраз хумæтæги игурд ке н’ адтæй, уой.
Батразæн æ нæуæг игурди дзамани Æхсæртæгкатæ æма Бориатæ стур æзнагæй цардæнцæ. Бориати Борæфæрнуг, æхуæдæг имæ нæ нифс кодта Хæмицмæ, фал ибæл æ хуæри фурти Сау Айнæги бадæг Сау Албæги сардудта. Уæдæй фæстæмæ Сау Албæг Хæмици рамарунмæ агурдта. Еу бон кæми адтæй, уоми сæ кæрæдзебæл исæмбалдæнцæ, ‘ма Сау Албæг е ‘фсоргъæбæл куд бадтæй, уотемæй æй æрсурдта. Хæмиц имæ æхе куд фæззилдта, уотæ ‘й кардæй ниццафта ‘ма ин æй Хуцау е ‘ндон дæндагбæл рауайун кодта, – кардæй еу къæртт фæххаудтæй. Никкиддæр æй ниццæфтæ кодта ‘ма ‘й, уотемæй, рамардта. Æхуæдæгка ‘й бæхи саргъбæл рабаста ‘ма ‘й рауагъта. Бæх Хæмици мард ку æрхаста, уæд æй Æхсæртæгкатæ уайтагъддæр базудтонцæ, сæ лæгбæл Бориати ардудæй Сау Албæги бæллæх ке æрцудæй, уой.
Хæмици фурт Батраз гъазунгъон ку рацæй, уæд, еу бон ку адтæй, уæд Бориатæмæ кувд адтæй ‘ма е дæр Сатанамæ дзоруй, æз дæр, зæгъгæ, Бориати кувдмæ цæун.
Сатана ба ‘й нæ уагъта ‘ма, цæмæй нæ фæццудайдæ, уой туххæй ибæл еу гебенатæ ракодта, æхуæдæгка ибæл фунук бакалдта. Батраз уæддæр нæ ниллæудтæй ‘ма Бориати Борæфæрнуги кувди исмедæг æй. Берæ сувæллæнттæ си адтæй ‘ма гъазтонцæ, нисан искодтонцæ, хæснæбæл сæ хъæппæлтæ æрæвардтонцæ, ка ‘й фер-гъæва, уой куд уонцæ, зæгъгæ.
Нисан æхстонцæ ‘ма ‘й неке фергъавта. Уæдта ‘й фæстаг ба Батраз фехста ‘ма ‘й фергъавта. Сæ хъæппæлтæ син рамбурд кодта ‘ма син сæ раскъафта. Нарти биццеутæ дæр æ фæсте ниббазуртæ ‘нцæ, нæ хъæппæлтæ нин фæххæссуй, зæгъгæ.
Е дæр сæмæ фæстæмæ фездахтæй ‘ма син сæ тæккæ устурдæри, раздæр имæ ка æрхъæрттæй, уой райахæста, æ къæхтæй æй низзилдта ‘ма ‘й фехста. И биццеу фагуси стур калдбæл исæмбалдæй, æ сæр размæ, уотемæй, ‘ма си иннердигæй ралæуирдта, æ еу къах раморæ ‘й, уотемæй. Иннетæн дæр, кæмæн æ цонг раморæ кодта, кæмæн æ астæуи стæг раморæ кодта, уотемæй фæстæмæ кæугæ раздахтæнцæ сæ хæдзæрттæмæ. Кувди адæммæ бахабар æй, нæ биццеути хъæппæлтæ еу биццеу фæххæссуй, сæхе ба син, зæгъгæ, ниттатхуалитæ кодта. Гæр, æма е ка уодзæнæй, зæгъгæ, уæдта син Сирдон уотæ:
– Ци зонун, уомæй, е, Хæмицæн хæфсæй ци биццеу байзадæй, е уодзæнæй.
Сирдон æ фæсте рацудæй æма имæ дзоруй:
– Уæлæ дæмæ кувди адæм дзорунцæ.
Батраз, Бориати Борæфæрнуги авд лæхъуæней хъæппæлтæ æ дæлагис, уотемæй кувди адæми сæргъæмæ бацудæй.
Алли лæгигъæдæй дæр æнхæст адтæй, сæ фингæмæ син февналдта ‘ма си цидæр адтæй, уони сæрæй бунмæ рахуардта. Еугурæй дæр ниддес æнцæ, уæдта имæ сæ еу дзоруй:
– Мадта кæд уотæ лæгигъæдгун дæ, уæдта дæ фиди марæгæн ести бакæнæ.
– Еци загъди хæццæ Батраз биццеути хъæппæлти зæнхæбæл фæккодта ‘ма исцирен кодтонцæ.
Дорин къæпхæнтæ къахæй ниггуппитæ кодта ‘ма етæ дæр гургурæй исцæфстæнцæ, æхуæдæгка сæхемæ фæтътъæбæртт кодта, ‘ма æ къахдзæфтæ дæр æ фæсте исцирен кæниуонцæ. Сæхемæ æрхъæрттæй ‘ма мæтъæл бадт тъæрæбæл æрбакодта. Сатана имæ дзоруй:
– Ци кæнис, еске дæ бафхуардта?
– Ка мæ бафхуардта? Адæми биццеутæ еугурæй дæр цæкутæ хуæрунцæ ‘ма мин нæ равардтонцæ, мæнæн ба цæкутæ дæр некæд искодтайтæ.
– Цæкутæ дæ уой бæрцæ дæр ку гъæуидæ! Нуртæккæ дæр дин ракæндзæнæн.
Æма устур къæйæ артбæл февардта. Къæйæ ку ‘ссурх зинг æй, уæд Сатана ‘ма сæ косæг уосæмæ фæллæбурдта ‘ма син сæ къохтæ тæвдæ къæйæбæл нилхъивта.
– Тагъд мин, мæ фиди марæг ка ‘й, уой зæгъетæ!
– Хуцау си ма сбоз уæд, дæуæн уой ка загъта, – зæгъгæ, имæ дзоруй Сатана, – дæ фиди дин рамарун кодта Бориати Борæфæрнуг æ хуæрифуртæн, Сау Айнæги бадæг Сау Албæгæн.
– Цæргæ ба кæми кæнуй? – зæгъгæ ‘й фæрсуй Сатанай.
Кæми цæруй, уой дæр ин байамудта, фал ин загъта:
– Уотемæй ибæл зин фæххуæст гæнæн æй, фал æ дууæ æфсоргъи, гъе, еци рауæнмæ сауæдонæмæ ку раласа дон ниуазунмæ, уæд æй гъеууордæмæ бабæрæг кæндзæнæ. Уæдта ин æхе кардæй фæстæмæ мæлæт дæр нецæмæй ес.
– Хуарз, – зæгъгæ, загъта Батраз. – Уæд мæ фидæн ба неци байзадæй, е бæх, е ба тохæн дзаумаутæ?
– Дæлæ бæх, æма æ дууæ гъоси зиннунцæ фагуси хурфæй, гъе, уой рартайæ ‘ма дин е бæх.
Батраз искъæтæй æ фидæ Хæмици бæх, æрфæни раласта, дони ‘й рартадта, саргъ ибæл февардта, æ кард æрбабаста, рабадтæй, æма ин Сатана кумæ ниййамудта, уордæмæ рандæ ‘й.
Сауæдони дондарæнмæ куд исхъæрттæй, уотæ ба Сау Айнæги бадæг Сау Албæг дæр æ дууæ æфсоргъей хæццæ æрхъæрттæй.
– Ци агори? – зæгъгæ, имæ дзоруй Сау Албæг.
– Дæу уæнгæ иссудтæн, – зæгъгæ, загъта Батраз. – Нарти адæмæй уотæ игъосун, ‘ма мæн карди хузæн ма цума дæумæ ес, уотæ. – Равдесай, циуавæр æй дæ кард?
Батраз æ кард фелваста ‘ма имæ Сау Албæг ку ‘ркастæй, уæд загъта:
– Мæн карди размæ дæу кард равдесунмæ дæр нæ бæззуй.
– Ра мæмæ ‘й æвдесай мадта.
Сау Албæг æ кард æрдæгмæ исласта, дестæ ибæл кæнуй Батраз. – Æ кæрони уæнгæ ма ‘й исласæ.
Еугур ласт æй искодта ‘ма дин æ кæрони ба æ комæрдигæй еу рауæн къæртт хаудт. Батраз ин æ кæронбæл фæххуæстæй ‘ма æ дууæ æнгулдзи сæ кæрæдзей иссердтонцæ, æхуæдæгка ‘й фæрсуй:
– Аци хуарз кард дин цæбæл фæкъкъæртт æй?
– Цæбæл фæкъкъæртт æй? Нарти Хæмиц мæрдти мæ сау хæрæги дæндæгутæ ку бахуæридæ! Маргæ ‘й ку кодтон, уæд æй ку æрсурдтон, уæд мæмæ æхе куд фæззилдта, уотæ ‘й ниррæуигътон аци кардæй, ‘ма æ еу дæндаг æндон адтæй, ‘ма уобæл фæкъкъæртт æй.
Еци загъдмæ ба Батраз нæбал фæллæудтæй, æ зæрдæ исирадæй ‘ма кард æхердæмæ æрбакъуæрдта ма æ хуæцæн Сау Албæгмæ райзадæй, кард ба уомæ бафтудæй. Æхе кардæй æй Батраз цъинккитæ кæнун байдæдта ‘ма ‘й рамардта. Æ еу цонг ин æрлух кодта, æхе ба ин æ еу æфсоргъбæл бабаста ‘ма ‘й раскъардта. Сау Албæги цонг æ фæсабæрцæ хурдзини ниввардта, уотемæй æрцудæй сæхемæ.
Сау Албæги цонг Сатанамæ бахаста ‘ма ин загъта:
– Дæ саутæ исесæ. Мæ фиди марæги, Сау Албæги рамардтон. Мæнæ а ба æ цонг, æ бæрæггæнæн.
Сатана ибæл нæ баууæндтæй ‘ма Уæрппи хонхмæ фæууадæй, ‘ма уордигæй Сау айнæгмæ ракастæй. Æцæгдзийнадæй, æ хуæртæ ‘ма уоси богъ-богъ арви нæрунау игъустæй. Сæ сугъзæрийнæ дзиккоти тонаутæ ба син, дунгæ хор бони саги сæтæ куд фæххæссуй, уотæ хаста. Сатана уонити ку рауидта, уæд си байруагæс æй, Батраз Сау Албæги ке рамардта, е. ‘Ма фæстæмæ сæхемæ ку æрцудæй, уæд æ саутæ исиста, æхуæдæгка Батразæн загъта:
– Дæ фиди дин мæрдтæмæ иуонг гъæуаггинæй нæ рауагъта, ‘ма ин æ цонг фæстæмæ фæххæссæ.
– Куд ин æй фæххæссон?
– Ма тæрсæ, неке дæ рамардзæнæй, – Сатана ибæл æ зæрдæ дардта.
Батраз æ бæхбæл фæстæмæ рабадтæй ‘ма, Албæги цирти билæбæл куд æрæвардтонцæ, уотæ ин æ цонг исхъæртун кодта. Æ бæхæй æрхизтæй, арцæ зæнхи никъкъуæрдта ‘ма ‘й уобæл бабаста. Æхуæдæгка, Албæги цонг æ къохи, уотемæй, мардмæ мæрдæгъдау гæнгæ бацудæй: «Мæ фиди мин иуонг гъæуаггинæй нæ рауагъта ‘ма ‘й æз дæр иуонг гъæуаггинæй нæ цæун кæнун мæрдтæмæ», – ‘ма ибæл æ цонг ниввардта.
Адæм гъос-гъосæй дзорунцæ: «Саг фæрæтмæ æрцудæй», – зæгъгæ. Фал си ка лæдæргæдæр адтæй, е сæмæ дзоруй:
– Атæ ка æрбандиудта, е хумæтæги лæг нæ ‘й. ‘Ма ин дæлæ æ бæхи арцæбæл исхуæцетæ. Кæд уой исласайтæ, уæд уæ ци фæндæуа, уой кæнетæ, кенæ ба сабур лæууетæ.
Фæсевæд бæхи арцæ исласун радæгай равзурстонцæ ‘ма си ‘й æзмæлун дæр неке фæккодта. Уæдта имæ Батраз æхуæдæг ниццудæй, ра син арфæ кодта сæ кæстæреуæгдзийнадæн, арцæ фел-васта, æ бæхбæл рабадтæй ‘ма никъкъуæрдта сæхемæ.
Еу бон кæми адтæй, уоми бабæй Батраз бæхбæл фуддæйрагæн Бориати рæзти æрцудæй, ‘ма ‘й сæ уоститæ куддæр рауидтонцæ, уотæ сæ лæгтæн балæдæрун кодтонцæ, уæ тоггин Батраз фæццæуй, зæгъгæ. Бориати Борæфæрнуги авд лæхъуæни дæр сæхе ра- рæвдзитæ кодтонцæ, сæ бæхтæбæл рабадтæнцæ ‘ма ‘й фæстегæй сорун райдæдтонцæ. Æр æй æййафтонцæ ‘ма имæ дзорунцæ:
– Хæтунмæ кæд цæуис, Хæмици фурт Батраз, уæд мах дæр дæ хæццæ цæуæн.
Хæмици фурт Батраз ба син загъта:
– Мæ хæццæ уæ уотемæй рауадздзæнæн: мæнæ ами æрлæудзæнæн, мæ гъæлæс уæмæ рахæлеу кæндзæнæн æма ‘й авдемæй дæр фехсдзинайтæ. Кæд æй фергъæвайтæ, уæд уæ уадзун мæхе хæццæ, кенæдта нæ. Æрлæудтæй ‘ма сæмæ æ гъæлæс рахæлеу кодта. Авдемæй дæр æй фехстонцæ æма фæттæ еугурæй дæр æ гъæлæси исæмбалдæнцæ. Авд фатей дæр æ гъæлæси фæууорæдта æма сæ фæстæмæ ракалдта. Фат си нæ хизтæй Батрази. Уæдта бабæй сæмæ дзоруй:
– Фæттæ мæмæ уотæ берæ нæййес ‘ма мæ авд фати дзæгъæли нæ фесафдзæнæн. Фал авдемæй дæр кæрæдзей фæсте æрлæууетæ ‘ма раззаг æ гъæлæс рахæлеу кæнæд, фат имæ фехсдзæнæн, æма ‘й раззаг æ гъæлæсæй райахæсдзæнæй.
Куд син загъта, уотæ кæрæдзей фæстети рæнгъæй æрлæудтæнцæ, сæ раззаг ба æ гъæлæс рахæлеу кодта. Батраз сæ фехста ‘ма фат раззаги гъæлæси исæмбалдæй, фæстаги мæкъурæй ба ралæуирдта. Авд æнсувæри дæр фæйнердæмæ æркалдæнцæ. – «Ци ‘нцæ атæ, фонс æнцæ æви ци ‘нцæ?» – ‘ма син сæ мæрдтæ сæ бæхтæбæл бабаста, уотемæй сæ раскъардта. Бориати Борæфæрнуг æ авд фуртей мæрдтæ ку фæууидта, уæд нирдеуагæ кодта ‘ма ‘й базудта, Хæмици фурт Батрази бæлах сæбæл ке сæмбалдæй, уой.
Цæй бæрцæ афæнттæ рацудайдæ, уæдта Бориати Борæфæрнуг æ авд фуртемæн хист кæнун унафæ искодта ‘ма, бæгæни кæнунмæ сог гъæдæй куд ласта, уотæ ба ибæл Хæмици фурт Батраз фембалдæй ‘ма имæ дзоруй:
– Согæй ци кæнис, зæронд лæг?
– Мæ авд фуртемæн хист кæнун унафæ искодтон ‘ма сог ласун бæгæни кæнунмæ.
– Уæ, мæнæ зæронд куй, бакæсæ ма имæ, гъæздуг æй ‘ма ин хиститæ кæнунмæ дæр рæстæг ес! – Батраз æй æ кардæй ниссихта ‘ма ин æ сæр рахаун кодта.
Уомæн дæр бабæй æ мард æ уæрдуни сæрбæл исæвардта, сæхемæ ‘й æрхъæртун кодта ‘ма сæмæ багъæр кодта:
– Мæнæ уæ согдзау æрхъæрттæй ‘ма имæ ракæсетæ.
Ра имæ калдæнцæ ‘ма сæ мард ку æруидтонцæ, уæд нирдеуагæ кодтонцæ. Сæ мард бабæй бафснайдтонцæ. Уæд бабæй еу бон кæми адтæй, уоми бабæй сæмæ Батраз æрбацудæй ‘ма Борæфæрнуги уосæмæ дзоруй:
– Еу минкъий мин мæнæуæ инайæ кæнуйнаг ес æма дæ нос-тæлти хæццæ рацæуайтæ, мах ба ‘й раинайæ кæнæн.
Æ разæй зæронд уосæ æма авд ностей ракодта, ‘ма сæ кокойни синдзæмæ æркодта. Уоми ба син ностæлтæн сæ дзиккотæ кæрæдзебæл бабаста, зæронд уосæмæ ба даргъ æхсæ равардта ‘ма сæ кокойни синдзи ратæрæ-батæрæ кæнун райдæдта бæгъæмбæдтæй. Сæ къæхти тог алли пазбунæй пурх кæнун байдæдта ‘ма сæ гъеууотемæй ба сæ хæдзарæмæ рарвиста.
Уотемæй Æхсæртæгкати Хæмици фурт Батраз Бориати Борæ-фæрнугæй æ фиди тог райста.
Батразæн æ фидæ æма æ мади æфхуæрд никкидæр æ зæрдæбæл æрлæудтæй. Нарти адæми æрæмбурд кодта ‘ма син загъта:
– Мæ фидæ Хæмици дæр мин бафхуардтайтæ, мæ мади дæр мин фæссурдтайтæ ‘ма уин ке зæгъон, уой мин ку не сæнхæст кæнайтæ, уæд уин æнæ ниццæгъдун нæййес. Дзалгъæдæй мин æфсой куд искæнайтæ, царвæй мин æхсæрфæмбæлттæ куд искæнайтæ, донгонæй мин хуфийни дон куд исхæссайтæ, хъумацæй ба мин æвзалу куд искæнайтæ, уотæ.
Нарти адæм ин дзурд равардтонцæ, ци зæгъис, уони дин еугурæй дæр искæндзинан, зæгъгæ. Ка загъта, – æз дзалгъæдæй æфсоййаг иссердзæнæн; ка ба загъта, – мæнмæ ба æдта царв берæ ес ‘ма æз ба царвæй æхсæрфæмбæлттæ искæндзæнæн; ка ба загъта, – мадта мæнмæ ба хъумац берæ ес æма си æвзалу искæндзæнæн. Уотемæй Нарти адæми æ разæй ракодта Хæмици фурт Батраз æма сæ Уæрппи хонхи бæрзондмæ искодта, бацæуæни риндзæбæл æрлæудтæй. Ка цæмæй зæрдæ байвардта, уобæл косун райдæдта. Дзалгъæдæмæ ка рандæ ‘й, е æфсоййи аккаг гъæдæ не ‘ссердта. Донхæссæг хуфийни дон фелвасидæ æма ин æркæлидæ. Æхсæрфæмбæлттæй зæрдæ ка ивардта, е дæр царв æрбатумбултæ кæнидæ, ухстбæл сæ рацæвидæ ‘ма сæ артмæ куддæр бадаридæ, уотæ ба фæддон уидæ. Хъумац берæ кæмæ адтæй, е дæр æ хъумац содзун байдæдта ‘ма ‘й ку расодзидæ, уæдта ‘й дунгæ раскъæфидæ, уотемæй е дæр æвзалу не скодта. Æма сæ дзурдтæй еунæг дæр не сæнхæст æй.
Батраз сæмæ исмæстгун æй ‘ма сæ цæгъдун байдæдта. Уæд еци дзамани изæдтæ ‘ма идаугутæ зæнхæбæл цардæнцæ адæми хузи ‘ма ку фæттарстæнцæ, нур Батраз нæ еугурæй дæр цæгъддзæнæй, зæгъгæ, уæд фæйнердæмæ фæттахтæнцæ, ‘ма Гори федармæ исæмбурд æнцæ. Батраз уордæмæ дæр сæ фæдбæл исхъæрттæй ‘ма сæмæ бацæуæни амал ку не ‘ссердта, уæд æхе дзармадзани фати райвæрун кодта ‘ма ‘й фехстонцæ. Дзармадзани фат мæсуги фарси балæ-уирдта, медæгæй мæсуги къагъд адтæй ‘ма Батраз уордæмæ ниххаудтæй. Ниццийнæ кодтонцæ нæртон адæм, изæдтæ, идаугутæ, Батразæн къагъдæй исхезæн нæбал ес, зæгъгæ. Къагъди ‘й рамарæн, зæгъгæ, загътонцæ æма ибæл дортæ, гъæдтæ калун байдæдтонцæ. Батраз дæр, къагъд куд идзагдæр гæнгæ цудæй, уотæ ба æ сæрмæ хезгæ цудæй ‘ма, уотемæй, фæууæлбилæ ‘й.
Ку æй рауидтонцæ изæдтæ, уæд, цæгъдуй нæ, зæгъгæ, ниппæр-пæр кодтонцæ арвмæ, зæнхæбæл ниллæуун некæми бал бандиудтонцæ. Хуцаумæ сæ гъаст бахастонцæ. Хæмици фурт Батраз нæ фæццагъта, зæнхæй нæ фæссурдта, нур ба нæмæ ардæмæ дæр ку ‘ссæуа, уомæй дæр си тæрсæн æма нæ багъæуай кæнæ.
Хуцау ба син загъта:
– Æ райгурци ин мæнæй мæлæт лæвæрд нæййес ‘ма ин мæн бон неци ‘й, фал елиатæ æ мади мади æрвадтæлтæ ‘нцæ æма ин уони бон ку неци исуа, уæд ин неке бон неци исуодзæнæй.
Изæдтæ Елиатæмæ æрцудæнцæ ‘ма син сæ хабар радзурдтонцæ. Етæ ба загътонцæ:
– Мах нæ еу къохæй иннæ къохи куд æрбалух кæндзинан? Е не стæг, нæ тогæй ку æй.
Фæстæмæ бабæй Хуцаумæ иссудæнцæ изæдтæ ‘ма ин гъаст кæнунцæ нæуæгæй. Елиатæ дæр, зæгъгæ, Батрази рамарунмæ нæ арази кæнунцæ, не стæг, нæ фид, дан, æй, зæгъгæ.
– Цотæ, – зæгъгæ, фæстæмæ бабæй сæ Хуцау рарвиста елиатæмæ, – ‘ма син зæгъетæ: «Ра ‘й маретæ Хæмици фурт Батрази, кенæдта зæнхæй ардæмæ ку схеза, уæд сумахæн дæр фидбилиз ис-уодзæнæй». Æр сæмæ цудæнцæ нæуæгæй елиатæмæ изæдтæ ‘ма син Хуцау ци загъта, уой загътонцæ. Исарази ‘нцæ елиатæ Батрази рамарунбæл. Æма ‘й гæрæхтæ кæнун байдæдтонцæ дугъосуг аги асæ æрхи фæттæй, ‘ма ин, æ сæр ка ‘й, уой, мæнæ гæгъæди куд уа, уотæ нитътъæпæн кодтонцæ. Батразæн æ сæр еугурæй æрхийæй конд адтæй, æ тæккæ бæрæг астæу хуари нæмуги асæ адтæй хъанз ‘ма фæтти цæфтæ уомæ ку рахъæрттæнцæ, уæд Батраз рахъан æй. Ку ‘рхъан æй, уæд ма Хуцаумæ уотæ искувта: «А, Хуцау, ку рамæлон, уæд къудургæлмæ куд ниууон æма ме смагæй, мæ фалæмбулай мæ сæрти цидæр изæд, цидæр идауæг ратæха, етæ куд мæлонцæ æма зæнхæмæ куд кæлонцæ».
Хуцауæй ин лæвæрд адтæй искурдиадæ æма, æ сæрти ци изæд ратæхидæ, е смагæй фæммард уидæ æма æрхауидæ. Изæдтæ бабæй Хуцаумæ нæуæгæй багъаст кодтонцæ:
– Батразæн нин е ‘гас фидбилиз адтæй, фал нин æ мард ба никкидæр стурдæр фидбилиз ку разиндтæй. Дуйней е смагæй бабæй ку фæццæгъдуни ан.
– Мæнæй ин искурдиадæ лæвæрд æй ‘ма ин мæ бон неци ‘й, фал цотæ, ‘ма ин зæгъетæ: «Софиай зæппадзæмæ дæ бахæсдзинан ‘ма нæ ниууадзæ».
Æр имæ цудæнцæ ‘ма ин загътонцæ хабар. Ис син арази æй, фал син загъта:
– Атемæй мæ не сфæраздзинайтæ, – ‘ма бабæй Хуцаумæ искувта: «А, Хуцау, хумæллæги голлаги уæзæн мæ фестун кæнæ!»
Куд искувта, уотæ фестадæй æма ‘й æмбурдæй рахастонцæ, Софиай зæппадзæмæ ‘й бахастонцæ, ‘ма ‘й дуарбæл баесæн, зæгъгæ, уотæ æ сæр размæ, уотемæй, уæдта сæмæ дзоруй:
– Æгас ма ку дæн ‘ма мин мæ къæхтæ раздæр байесетæ.
Æ къæхтæ размæ, уотемæй æй зæппадзи дуарбæл куд бацæй истонцæ, уотæ æ астæумæ куд бахъæрттæй, уотæ ба е ‘рæмбуйни къæдзтæ фæйнердæмæ фæккодта ‘ма ‘й размæлун кæнун нæбал ба- фæразтонцæ.
– Амæй медæгдæр мæ мабал есетæ. – ‘Ма искувта Хуцаумæ: «Мæ астæуæй дæлæмæ мæхецæй куд нæбал уа, мæ астæуæй уæлæмæ ба цæрæг уод куд уон!»
Куд искувта, уотемæй байзадæй Батраз, фал син загъта изæдтæн: – Астæуæй уæлæмæ цæрæг уод ку уодзæнæн, ‘ма уæд цæргæ цæмæй кæндзæнæн?
Изæдтæ ба ин загътонцæ: «Хуæруйнаг æма ниуазуйнаги муггаг цидæр ес, уомæй Хуцау æма изæдти ном цæмæй не ‘ссирдæуа, етæ дин агъаз куд кæнонцæ ‘ма уонæй дæ цард куд уа, уотæ!»
Хæмици фурт Батраз ниццийнæ кодта:
– Мадта айдагъ фиййаути месинтæ дæр мæ фагæ æнцæ. Етæ, месин цумгæй, Хуцауи ном некæд иссердтонцæ.
Гъе, уæдæй абони уæнгæ хуæруйнаги сæрæй Хуцауи ном цæмæйдæр не ‘ссерай, уой хъаурæ Нарти Хæмици фурт Батразмæ цæуй.
Раги, Нартæн се сæфт ку æрцудæй, уæд сæбæл хор анз искодта ‘ма сæ тиллæг будури басугъдæй, исæфтмæ, судæй мæлунмæ æрцудæнцæ, ци ма кодтайуонцæ, уой нæбал зудтонцæ. Фал ма сæ еу къуар бæнтти Бориати Борæфæрнуг ервæзун кодта, алцæмæй дæр гъæздуг адтæй, æма.
Уæд Борæфæрнуги тиллæг дæр фæцæй æма Нарти уонæхсар лæхъуæнтæ стонгæй рахъæнттæ ‘нцæ гъæунгти, нихæсти. Æма сæ хъумайаг Сирдон æ нæуæгзад гацца исардудта, цæмæй Нарти уонæхсар лæхъуæнти билтæбæл æ къæбисти залæ фæррасæрфæ-басæрфæ кодтайдæ, уой туххæй. Гацца дæр, æ хецау ин ци загъта, уой цæмæннæ кодтайдæ ‘ма и судæймард лæхъуæнтæн сæ билтæбæл æ залæ расæрфæ-басæрфæ кодта.
Уæд æй Бориати Борæфæрнуг уотемæй æруидта ‘ма ибæл æ дзиуарсар сугъзæрийнæ лæдзæг ниббунтæй-бунтæмæ кодта.
Уæ, Нæтæр-Уæтæр мæнгард Сирдон, сауæнги дæ хъумайаг гъуддæгтæ æма миутæ ци кæнис, дæ гацца дин дæ мæрдтæ бахуард-та, зæгъгæ, æма æ лæдзæг цуппар цуппæрæнхаййи рахаудтæй.
Сæхемæ æрбацудæй, къелабæл исбадтæй ‘ма бабæй къела дæр цуппар цуппæрæнхаййи фæххаудтæй. Дзоруй имæ æ уосæ:
– Ци ‘й а, нæ лæг, аци бон дæхе кеми ку нæ дæ ‘ма дæбæл ци æрцудæй, – зæгъгæ?
– Ци мæбæл æрцæуйнаг æй! Нартæн се сæфт æрцудæй æма сæ фур æстонгæй хъæнттæ, цæгъдуни кæнунцæ. Сирдони мæнгард ба ма сæбæл æ нæуæгзад гаццай исардудта ‘ма син е дæр æ залæ сæ билтæбæл расæрфæ-басæрфæ кæнуй, ‘ма, гъе, уобæл. Уæдта и гаццабæл мæ лæдзæг басастон, ‘ма, гъе, уобæл дæр. Фал, æвæдзи, мæ еугур мæститæ дæр иссæуиуонцæ, нæртон адæми ма ка бафсада се сæфти размæ, еунæг уæхæн лæг ма ку разиннидæ, уæд, – зæгъгæ, хъурмæгæнгæ æрдзубанди кодта Бориати Борæфæрнуг æ уосæн. Æ лæдзæги хъуæлтæ кæрæдзебæл райвæрæ-байвæрæ кодта, æхуæдæг ба сагъæсæй тухстæй.
Уæд имæ æ уосæ дзоруй: «Уæ, нæ лæг, нæ лæг, уæхæн тиллæг-гун лæг дæ агорун нæ гъæуй. Атæ ма мæхе фæсте рауай, æз ба дин хуæруйнæгтæ иссерон де ‘рваддæлти хинцунмæ».
Уосæ æ лæги авд медæггойней размæ бахудта. Уоми ба ин фиццаг еу медæггойни дуар байгон кодта, ‘ма е ба æ тæккæ цъоппидзаг кури хъуæццуд гъолгунтæй. Инней байгон кодта, ‘ма дин уоми ба фури бæзгин нард фæрстæ ‘ма гали астæуи стæги хъуæлтæ, кæсæлгити фезонгутæ. Æртиккаги байгон кодта, ‘ма е ба идзаг сæгъи фиуæй конд æхсæрфæмбæлттæй. Уотемæй се ‘гасей дæр байгон кодтонцæ ‘ма еугурæй дæр сæ тæккæ идзаг алли дзæбæх хуæруйнаг æма ниуазуйнагæй.
Борæфæрнуг уони ку æруидта, уæд æ сæр фæнниллæгдæр æй æма имæ æ уосæ ба дзоруй:
– Ци кæнис? Æз дæ байдзулун æнгъæл ку адтæн, ду ба ку фæммæтъæл дæ?
– Мæ зæронддзийнадæбæл фæммæтъæл дæн, уой туххæн, æма æз зæронд ку н’ адтайнæ, уæд, æвæдзи, мæн æнæ зонгæй, мæ хæдзари ауæхæн сосæг ивæрæнтæ нæ адтайдæ мæ хъиамæтæй.
Борæфæрнуг уæхæн æхсилкъæ дзубандитæ ку ракодта æ уосæн, уæд ин и уосæ дæр загъта:
– Гъой, нæ лæг, уонæй дæу хъиамæт неци адтæй, фал етæ æнцæ, мæ киндзи æрцæунæй ардæмæ мæмæ ниуазæнтæ æма хунтæ ка æрцудæй, еци дзæбæх мийнæстæ. Уæхæн зæрдæ мæгургæнæн дзубандитæ ма кæнæ, фæлтау цо, æрхонæ Нарти еугурæй дæр.
Борæфæрнугæн дæр æ зæрдæ фæррохсдæр æй, уомæ и фæрзеу хунтæ æма ниуазæнтæй æрæмбурд æй, уой ку базудта, уæд.
Гъема еци фæдбæл Нартæбæл федеуæг нигъгъæр кæнун кодта: – Уæ, Нартæ, къахбæл цæунгъон ма уи кадæр æй, е мæмæ æ къахбæл рацæуæд; къахбæл цæун ка нæбал фæразуй, е ба æ фазæбæл æрбалæсæд! – зæгъгæ. ‘Ма Нартæ еугурæй дæр æрæмбурд æнцæ, уод ма си кедæр медæгæ адтæй, етæ Бориати Борæфæрнуги хæдзарæмæ, ‘ма сæ е дæр хинста, ци ин æнтæстæй, уомæй.
Нур Борæфæрнугæн ба адтæй авд фурти, уонæн ба се ‘гасемæн дæр фæйнæ уоси адтæй ‘ма æгас киндзити дæр хаста медæгдон æма медæгхуарæй, хор, мæйæ син нæ уинун кодта, уотæ имонау сæ дардтонцæ. Борæфæрнугæн æ авд фурти ба еци хинсти рæстæги будури гъазтонцæ æндурæй æхсæнгæтти.
Уæд сæбæл уотемæй уæллаг синхæй Хуцау æрифтудта Цæгæр Черегихъой ‘ма ибæл Борæфæрнуги фурттæ гириз кæнун райдæдтонцæ, федис ин кодтонцæ. Цæй бæрцæ ибæл фæггириз кодтонцæ, уой Хуцау зонуй, уæдта имæ фæйнæ æхсти равардтонцæ гиризгæ-нæгау. Цæгæр Черегихъо дæр син се ‘ндури фæттæ листæг фæракæ никкодта, æхуæдæг ба æ хæдзарæмæ никъкъуæрдта.
Борæфæрнуги фурттæ ба, мæгур, еу рауæн æркъупхæ ‘нцæ ‘ма кæунæй сæхе мардтонцæ сæ фур мæстæй.
Уæд Сирдон, Хуцауи налат ка’й, е баздахтæй ‘ма фæтти пухцитæ рамбурд кодта, уотемæй сæ Борæфæрнуги колдуармæ ниппурх кодта, æхуæдæг ба хæдзарæмæ бацудæй ‘ма ‘й Борæфæрнуг фæрсуй:
– Ци хабар ес, кæми адтæ, уæ, мæнæ хъумайаг Сирдон, – зæгъгæ. – Кæми адтæн, – зæгъгæ, имæ дзоруй Сирдон дæр, – дæ авд фуртей æндурти фæттæ дин уæллаг синхаг Цæгæр Черегихъо дæ колдуари дуæрттæбæл листæг фæракæ никкодта ‘ма дин еци хабар игъосун кæнунмæ æрбацудтæн!
– Гъейтт, мадта тагъд се ‘гасей дæр æрбамбурд кæнетæ, – Черегихъой æрхонун кодта ‘ма имæ Борæфæрнуг дзоруй:
– Куй ке низзадæй, ци ‘гъдауи туххæй бафхуардтай мæ сувæллæнтти. Ду кæд уотæ лæг дæ, уæд дин дæ фиди дæндæгутæ нартихуари нæмгутау ка фегъзалдта ‘ма ‘й уотемæй ка рамардта, уой бафхуæрæ, уомæй дæ тог райсæ, – зæгъгæ.
– Гъетт, Бориати Борæфæрнуг, мæстгун ма кæнæ, фал мин æртикъахуг фингæ æртæ идзаги ракæнæ хуæруйнаги дзæбæхтæй, уæдта дин дзуапп зæгъдзæнæн дæ салантæн, – зæгъгæ, имæ дзоруй Цæгæр Черегихъо.
Уæхæн устур кувди ци райдзæгтæ кæнуйнаг адтæй æртикъахуг фингæ, бустæги ба – фæсмаст дзуаппмæ æнгъæлдзау, æма ‘й алли хуæруйнаги дзæбæхтæй райдзæгтæ кодтонцæ. Цæгæр Черегихъо дæр фездахтæй æма æхе хуарз рафсаста.
Гъема ку рахуардта, уæдта дзоруй:
– Гъæ, не ‘лдар, Бориати Борæфæрнуг, абони ду мæн æфхуæрис, фал мæ Хуцау ма рамарæд, цалдæн, ке сæрбæл мæ хæццæ хилæ кæнис, еци авд фуртей дин Едили синдзи бæхти думгутæбæл раласæ-баласæ фæккæнон, уæдта син сæ сæртæ æркæнон ‘ма дæмæ уони базелон дæ авари хурфæмæ, уалдæн. Уæдта дин дæ авд киндзей дæр еци синдзи медæгæ хуаринайæ фæккæнун кæнон бæгънæгæй, уалдæн, – зæгъгæ, фендæдуар æй æма æ мадæмæ исхæццæ ‘й æнкъардæй.
Æма имæ æ мадæ дзоруй, ци мæтъæл дæ, ци; уотæ ку нæ фæууис, уæд дæбæл аци хатт ба ци æрцудæй, зæгъгæ.
– Куд нæ ма уон мæтъæл, абонккæй далæ нихæси фæббадтæн ме’нгарти хæццæ ‘ма етæ се ‘гас дæр гулми цæкутæ хуардтонцæ, ду ба мæнæн цæкутæ дæр ма некæд искодтай! – зæгъгæ, æхе бамæгуртæ кодта Цæгæр Черегихъо.
Гъæ, мæ сугъзæрийнæ еунæг бæдолæ, дæ мадæ дæ финдзи фæууа, уæхæнттæбæл бабæй ци гузавæ кæнис, зæгъгæ, ин æ мадæ аги идзаг цæкутæ ракодта ‘ма си цолпийдзаг фелваста, уотемæй имæ æ къох бадаргъ кодта.
– Гъей, нана, æвæдзи мæ гъæдин къохæй ке исхастай, атæ байтамал дæр уомæн фæддæн, – дзоруй Цæгæр Черегихъо ‘ма и мадæ цæкутæ фæстæмæ равгæдта. Æма си фæстæмæ æ къохтæй фелваста: – Гъе, е ба дин къохи лæвæрд! Аци бон мæмæ куддæр кæсис биццеу, – зæгъгæ, имæ дууæ къохи дæр бадаргъ кодта.
Цæгæр Черегихъо дæр фæллæбурдта ‘ма æ мади дууæ къохи тæвдæ цæкути хæццæ нилхъивта. Æхуæдæг ба имæ дзоруй, нана, мæ фиди мин ка рамардта, уой мин цалдæн зæгъай, уалдæн дин дæ къохтæ нæбал исуадздзæнæн, зæгъгæ. Гъема и мадæ æ къохти содзунæн ку нæбал фæразта, уæд загъта:
– Хуцау си ма исбоз уæд, дæуæн уой ка загъта, уомæй. Дæ фиди дин рамардта нæ устур сакъадахи хецау Сайнæги фурт Сау Албæг, – зæгъгæ.
Мадта нур ба, Хуцауи ка фæндæуа, е уодзæнæй, зæгъгæ, Цæгæр Черегихъо æ цъеугъун мелтæ баздухта ‘ма æ мадæмæ дзоруй, – гъæтт, нæ мадæ, мæ фиди марæг кæми базудтон, уоми мин мæ тог есунмæ æнæ цæун нæбал ес. Фал ма мæ фидæн кæд къæсмустæ ести байзадæй, уæд нæуæг тохæн гæрзтæй етæ хуæздæр уодзæнæнцæ ‘ма мин сæ ку байамонисæ, зæгъгæ.
Уæртæ нæ сау кирæ уæхæнттæй идзаг бæргæ ‘й, фал сæбæл æрхугонд æй ‘ма имæ хатиагау дзорун гъæуй, кенæ ба дин игон кæнун нæ бакомдзæнæй, зæгъгæ, имæ æ мадæ дзоруй. Цæгæр Черегихъо дæр бауадæй ‘ма сау кири æ къахæй истъæпп кодта, ‘ма листæг буройнæ фæцæй. Хуæздæр дзаумауæн си изгæхуæрд æхсаргард иссердта ‘ма ‘й хуарз фæрсинсад искодта.
Уæдта бабæй æ мади фæрсуй, нана, нæ фидæн бæх ба неци байзадæй, зæгъгæ.
– Бæх ма ин бæргæ ес, фал уæртæ е дæр горени фагуси буни ниццæй ‘ма ма дæуæн цæмæн исбæздзæнæй?
Уæд бабæй Цæгæр Черегихъо уомæ дæр бауадæй æма ‘й æ дууæ гъосемæй фелваста.
Денгизмæ ‘й баласта ‘ма ‘й уоми цæхдони хæццæ айкæ ‘ма сапонæвдулд искодта, уотæмæй ин æ дзиндзæрдо исзиннун кодта. Уæдта ибæл æ фиди саргъ исивардта. Ра ‘йбæл бадтæй ‘ма еуæрдæмæ, уæдта иннердæмæ æргъæзтитæ кодта. Æхуæдæг ба дзоруй æ мадæмæ: – Нана, ра мæмæ кæсæ фæстаг къæразгæй, куд федаун мæ фиди бæхбæл?!
Мадæ дæр ракастæй æма имæ дзоруй:
– Куд федауйнаг дæ? Гъунгун зæронд хъебур куйбæл бæркъотæ куд низзæбæлттæ унцæ ‘ма етæ уобæл куд фæффедаунцæ, уой федуд кæнис! – Гъо-гъо-гъой!
Цæгæр Черегихъо уæхæн дзубанди куддæр райгъуста, уотæ æ бæхи ниццæлхъитæ кодта ‘ма кæсгон хумæ ‘ндæргъцæ зæнхæ æ фæсте усхъунмæ хатгæ рацæуидæ. ‘Ма бабæй уæдта дзоруй æ мадæмæ: – Нана, нур ба куд федаун?
Гъема уæдта æ мади зæрдæмæ дæр бацудæй ‘ма ин ракувта: – Æллæх, æллæх, биццеу, цæрунæй фæстæмæ дæ нецибал гъæуй ‘ма дæ Хуцау мæ фæндæуагæ лæг искæнæд. Федаугæ ба дессаг федуд кæнис: раст уалдзигон сугъди кæрдæгбæл хор ку бакæсуй, уæд е куд фæффедауй, уой федуд кæнис! – æхуæдæг ба ин рагъæн рæуæг æма хъæстæн дзæбæх хуаллаг ралæвардта къæразгæй.
Уотемæй Цæгæр Черегихъо фæннæхстæр æй ‘ма уайтагъд Сай-нæги фурт Сау Албæги гъæумæ исмедæг æй. Бадзурдта ин æ хæдзарæмæ. Еу унæут ракастæй.
Сайнæги фурт Сау Албæг кæми ‘й, зæгъгæ, имæ дзоруй Цæгæр Черегихъо. Саулох бæхтæ донмæ фæлласуй, бахезæ, нуртæкки фæззиндзæнæй, зæгъгæ, ин загъта унæут дæр.
Цæгæр Черегихъо уæдмæ нæ фæггæдзæ кодта, фал фæййагайд-та, Сайнæги фурт Сау Албæг æ бæхтæн дон даруниау кæми адтæй, уордæмæ ‘ма имæ донæн е ‘ннæ фæрсти фелвæстæй. Дондарæни сæрти бауадæй ‘ма дони еуæрдæмæ, уæдта иннердæмæ нигъгъазидæ, уотемæй дон ислæкъун кодта.
Уæд Хуцау Сайнæги фурт Сау Албæги саулохтæ фæттæрсун кодта ‘ма ракафтонцæ, сæ хецауæй сæхе ратудтонцæ.
Æма Сайнæги фурт Сау Албæг рамæстгун æй, Цæгæр Череги-хъой дæр æрфæсмардта æ бæхмæ гæсгæ ‘ма имæ дзоруй:
– Гъæ, мæнæ куй, æвæдзи дæу дæр дæ фиди фæндагбæл цæун фæндуй ‘ма ардæмæ уомæн фæззиндтæ, уæдта мин мæ саулохти дон дæр уомæн ниллæкъун кодтай ‘ма дин æз, лæг ци æрдиги æй, уой байамондзæнæн.
Цæгæр Черегихъо дæр æ фиди бæхæй ралæуирдта æма имæ дзоруй: – Тоггинæй тогагорæй игъаугидæр нæййес ‘ма дин хестæри барæ дæттун, цæвæ, фиццаг цæф дæу фæууæд!
Дæ цæвунтæ мæнмæ ‘нцæ, зæгъгæ, имæ бауадæй Сайнæги фурт Сау Албæг ‘ма фæгъгъæбесæй æнцæ. Рахуæцæ-бахуæцæ кæнунцæ ‘ма Хуцау Сайнæги фурт Сау Албæги фæббунæй кодта. Цæгæр Черегихъо дæр æ фиди æхсаргард фелваста, уомæй ин æ сæр ра- къуæрдта ‘ма ин æ тогæй месиндзæг байдзаг кодта, уæдта ин æ рахес цонг дæр æривгарста. Уотемæй æ тоггини мард уоми фæу-уагъта, цонг æма месиндзæги ‘дзаг тоги хæццæ ба æ хæдзарæмæ æрфардæг æй ‘ма æ мадæмæ дзоруй:
– Нана, абони уалдæнгæ сау фæддардтай мæ фидæбæл. Нур ба рамардтон мæ фиди марæги ‘ма ин мæнæ æ тогæй дæхе нихснæ, ‘ма дæ саутæ исесæ, уæдта ин мæнæ æ цонги фидтæй ба дæхе бафсадæ! Дæ хуæрзæнгорæггаг мæн!
– Нанай бæдолæ, нанайæй е некæд байруагæс уодзæнæй, ‘ма ду Сайнæги фурт Сау Албæги рамардтай, фал, æвæдзи, ескæми еу хугæси рамардтай, ‘ма мæ нур ба сайис.
– Мадта мæбæл кæд не ‘ууæндис, уæд исон уæлæ нæ устур мæсуги сæрмæ исхезæ ‘ма уордигæй гъæуай кæнæ, кæддæра ин æ мардмæ берæ адæм нæ цæудзæнæй. Уæдта æз уой цацæгæй зæгъун, уацæгæй исони бони, ду мæсуги сæрæй гъæуай ку кæнай, уæд дæбæл уостити дзиккоти тундтитæ саги сæтау куд къобæлттæ кæнонцæ, сæ дзиккоти бунæй ци тог кæла, уомæй ба дæбæл сæлфунæг уарун куд æрцæуа! ‘Ма ибæл иннæ бон ба цæгæй, мæсуги сæрмæ ку исхизтæй, уæд, Цæгæр Черегихъо куд загъта, уотæ æрцудæй.
Гъема уæдта мадæй байруагæс æй æ фурти æцæгдзийнадæ, фал æй фæстæмæ рарвиста:
– Æ цонг ин фæстæмæ фæххæссæ, адæмæй ходуйнаг æй, уой туххæн, æма дин дæ фиди мæрдтæмæ иуонг гъæуаггинæй нæ барвиста!
Цæгæр Черегихъо дæр æ бæхбæл æхе багæлста ‘ма Сайнæги фурт Сау Албæги цонг фæстæмæ исхаста. Ку исхъæрттæй, уæд æ бæхæн бæхарцæ расагъта ‘ма мæрдгин хæдзарæмæ, цонгæй æ сæр хуайгæ, мæрдæгъдау гæнгæ бацудæй:
– Рохсаг уæд, аци гъуддаг ми даргæ кодта, – мардбæл цонг байвардта, уотемæй фæстæмæ раздахтæй.
Нур Цæгæр Черегихъо мардмæ мæрдæгъдау кæнгæ ку бацудæй, уæд ибæл кæстæр фæсевæд ба марун унафæ ракодтонцæ, фал сæ еу зæронд лæг нæ бауагъта:
– А хумæтæги лæхъуæн нæ ‘й! Сабурдæр унафæ кæнтæ, фиццаг бал ин, цотæ, уæлæ æ бæхарцæ ласун равзаретæ! ‘Ма кæд уой ис- фæразайтæ, уæд ин ести искæндзинайтæ, кенæ ба ин неци искæндзинайтæ.
Гъема бæхарцæбæл сæхе равзурстонцæ. Æзмæлун дæр æй не сфæразтонцæ ‘ма уæдта ниссабур æнцæ.
Цæгæр Черегихъо дæр æ бæхи размæ иссудæй ‘ма бæхарцæ па- къуйау фелваста, æма ‘й фехста. Æхуæдæг ба æ бæхбæл рабадтæй ‘ма Бориати Борæфæрнуги хæдзарæмæ æрцудæй.
Гъема ин æ авд фуртей бæхти думгутæбæл ниббаста, уотемæй сæ Едили синдзи раласæ-баласæ фæккодта, уæдта син сæ сæртæ æркодта ‘ма сæ Борæфæрнугмæ авари хурфæмæ базилдта:
– Мæнæ дин авд сæри ‘ма сæбæл дзæбæх исковæ, – зæгъгæ. Уой фæсте бабæй ин æ авд киндзей ракодта, ис сæ бæгънæг кодта, уотемæй сæ еци Едили синдзи фæрратæрæ-батæрæ кодта хуар инайæгæнæгау.
Гъе, уотæ бафиста Черегихъо æ маст Бориати Борæфæрнугæн.
УАЗИ ФУРТ АЦÆМÆЗИ ЗАР
Нихæси бадтæнцæ адæм æма кастæнцæ. Загътонцæ:
– Уæлæ Фæснæлæрдæги Бонвæрнæ искастæй!
Еу лæг ба загъта:
– Е Бонвæрнæ нæ ‘й, фал Уази фурт Ацæмæз æй.
Уæдта бабæй загътонцæ:
– Дæлæ хорискæсæн æрдигæй Кæрдæг-æстъалу
искастæй.
Æма бабæй иннетæ загътонцæ:
– Е Кæрдæг-æстъалу нæ ‘й, фал, табу ин уæд!
Е æнккæтей рæстгæнæг Уасгерги æй.
– ‘Ма ци кæнуй? – загътонцæ.
– Хъæрæу Æфсатиймæ лæваргор Уази фурт Ацæмæз цæуй æма ‘й æ хæццæ хонуй.
Ранæхстæр æнцæ æма сæбæл надбæл Никкола фембалдæй.
Дзурдта сæмæ, кумæ цотæ, зæгъгæ.
‘Ма ин Уасгерги загъта:
– Мæнæ Ацæмæз Æфсатиймæ лæваргор цæуй æма мæ æ хæццæ хонуй. Загъта син Никкола:
– Алли лæварæй дæр уин барæ уодзæнæй æма ма бакометæ. Уæдта уæ нæбал уадздзæнæй, æдта ци коретæ, зæгъгæ, æма ин уæдта зæгъдзинайтæ:
– Æдта нин кæд лæвар кæнис, уæд нин де ‘носи хæтæл ралæвар кæнæ.
Бацудæнцæ æма син хъæрæу Æфсатий къуæре мийнасæ исаразта, къуæре сæ бонæй-бон хуæздæр фæххинста. Цæугæ ку кодтонцæ, уæдта син загъта:
– Ести райсетæ, кæд уæ фæндуй – бæхæргъау, кæд уæ фæндуй – галæргъау, кæд уæ фæндуй – æд фиййау дзогæ.
Уасгерги ин загъта, махæн фонс дарун нæ рæстæг нæ ‘й, зæгъгæ. Уæдта сæ бахъурмæ кодта, мадта уæ ци фæндуй, зæгъгæ, уой мин бандеуетæ.
Загътонцæ ин:
– Кæд нин дæттис, уæд нин де ‘носи хæтæл ралæвар кæнæ. Зийнадæ гæнгæ бацудæй æма син æй равардта. Æрбацудæнцæ сæхемæ. Уорс хонхи сæрмæ иссудæй Ацæмæз æма ‘й уоми ниццагъта. Ацæмæзи хæтæли гъæрæй Уорс хонхи къæбуртæ æркалдæнцæ æма зуртæ- зуртæ фæцæнцæ. Уæдта Сау хонхи сæрмæ исхизтæй. Уоми ‘й ниццагъта æма Сау хонх æд бунтæ низмалдæй. Еу ма ‘й ниццагъта æма Сау хонхи буни сау айнæги дуар фегон æй. Айнæги саурæсугъд имæ дуарæй ракастæй æма имæ дзоруй:
– Ци изæд, ци дауæг дæ, ардæмæ ку неке цæуй, адæми муггаг дæ æви æндæр ести дæ?
‘Ма ин загъта:
– Изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр нæ дæн, хуæнхаг адæймаг дæн. Уæдта ин загъта айнæги саурæсугъд:
– Ци рæсугъд цæгъдис, тæходуй дæ цæгъдтитæ мæ ку уай- уонцæ.
Ацæмæз ба дзоруй:
– Мæ цæгъдтитæ дæу уæнтæ, фал мæн ба, тæходуй, дæ цæсгони рæсугъддзийнадæ ку уайдæ.
Саурæсугъд имæ дзоруй уæдта:
– Мæ цæсгони рæсугъддзийнадæ дæу нæ ‘й, фал мæ ду ба мæ сæргъи истæгæн ку уайсæ.
Ацæмæз ба ин загъта:
– Хуарз æй, æз дæ сæргъи истæг ку уайнæ, фал мæ ду ба бийнонтæн ку уайсæ.
Саурæсугъд ин загъта:
– Бæргæ ку уайнæ дин бийнонтæн, фал зин дæттæн дæн, мæнæн мæ фидæ Саулæг хуннуй ‘ма мæнæ Сау айнæги медæги горен ес мæ хæдзарæбæл, Æфсатий сирдтæй уой ка байдзаг кæна, уомæн мæ дæттуй.
‘Ма ин загъта Ацæмæз:
– Мадта е зин нæ ‘й, – зæгъгæ, рацудæй хæтæли хæццæ æма Уорс денгизмæ бахъæрттæй. Хæтæл ами ниццагъта æма имæ сор собæхътæ æргъæуттæй рацудæй æма Сау денгизмæ æрбацудæнцæ æ хæццæ. Уоми дæр æй ниццагъта æма хæтæли гъæрмæ сор дудæхътæ билæй кæлун байдæдтонцæ. Етæ дæр æ хæццæ ранæхстæр æнцæ æма Хъуми будурмæ æрбацудæй, уоми дæр бабæй æй ниццагъта æма æ фæсте сау робæстæ æруæзтæй рацудæнцæ. Уордиги ба сау гъæдæмæ æрбацудæнцæ. Уоми дæр æй ниццагъта æма пихсилсæр сæгтæ æ фæсте рацудæнцæ æруæзтæй. Уорс хонхи сæрмæ æрбацудæй æма ‘й уоми ниццагъта, æма къæлæтсæр дзæбодуртæ æ фæсте рацудæнцæ æруæзтæй. Сау хонхи сæрмæ исхизтæй æма ‘й уоми ниццагъта, æма лацамарз гъунгун æрситæ дугъ-дугъ гæнгæ æ фæсте рацудæнцæ. Æрцудæй Сау айнæги дуармæ æма дуар бахуаста, Сау-лæг, ракæсæ, мæнæ дæхеуон райсæ, зæгъгæ.
Дуар байгон кодта æма сирдтæ багур-гур кодтонцæ, æма медгорен райдзаг æй, уæдта имæ исдзурдта Ацæмæз:
– Де ‘фсар берæ уæд, æндæ горен ка ‘й, етæ дин æргомæггаг, медæггорен ка ‘й, етæ ба дæ кизги æруæд, нур ба мин мæхеуон рарæвдзæ кæнæ.
‘Ма ин исрæвдзæ кодта, уæдта ‘й еунæг æхуæдæг рахудта, æ хæтæлæй ниццагъта е ‘цæгæй, цума æ хæццæ сæдæ лæги адтæй, уотæ. Игъæлдзæгæй рацудæй. Гъема ‘й æрхудта æма цæргæ, хуæргæй байзадæй.
И Стур Нарти Аци фурт Ацæмæз ранæхстæр æй цауæни Сау хонхмæ. Райста е, цауæни ку цудæй, уæд сугъзæ-рийнæ хæтæл, уæдта сагъæдахъ æ усхъи бафтудта ‘ма Нарти адæм загътонцæ:
– Аци фурт минги Ацæмæз цауæни фæццæуй Сау хонхмæ.
Сау хонхи сæрмæ исхизтæй ‘ма хæтæлæй ниууаста, ‘ма Сау хонхи къæдзæхтæ ниццагътонцæ, уотæ – исзардтонцæ. Дзæбодуртæ фурау кафун байдæдтонцæ уой хæтæли цæгъдунмæ. Сикъетæ уой хæтæли цæгъдунмæ уæрау кафун байдæдтонцæ. И мæргътæ сæ базуртæй уади гъæр кæнун байдæдтонцæ.
Дуккаг хатт хæтæлæй ку ниццагъта, уæд сау гъæди сæргин сæгтæ имæ галау уасун байдæдтонцæ; æрситæ сæ лæгæттæй ралæстæнцæ ‘ма кафун байдæдтонцæ.
Æртиккаг хатт ку ниццагъта, уæд Сау хонх дууадæс ивæзни байгон æй. Сайнæг-æлдар уордигæй рацудæй æ рæсугъд кизгæ Агунди хæццæ хормæ. Сузгъæрийнæ къелабæл дзиуарбадт æркодта Сайнæг. Æ кизгæ æ размæ рацудæй ‘ма, хор некæд фæййидта, ‘ма æ размæ кафун байдæдта. Æ думæггæгтæй кафгæ кодта, æ къохтæй ба – æрдзæф. Кафун ку байдæдта, уæд уæллæй, хонхи сæрæй, Аци фурт минги Ацæмæз кæсæнцæстæй ракастæй ‘ма дес кодта: а ци дессаг æй, æ кизгæ хор ку некæд фæйдта, нур ба æ размæ æ думæггæгтæй кафгæ ку кæнуй, æ къохтæй ба æрдзæф? Еци цæгъдгæ-цæгъдгæ дæлæмæ æхе ласуй, хæтæлæй ку исцæгъдидæ, уæд е дæр низзелидæ æ фиди размæ. Ку расабур уидæ, уæдта е дæр æ кафун ниу-уадзидæ.
Уой ин ку балæдæрдтæй Аци фурт минги Ацæмæз, и кизгæ æ хæтæли цагъдмæ кафуй, зæгъгæ, уæд хуæздæр цæгъдун байдæдта. Е дæр кафта. Ку æрхæстæг æй, уæд ин Сайнæг загъта:
– Æхецæн бийнонтæ ка агоруй, е идардæй нæ мийнæвæрттæ кæнуй, фал гъæуама хæстæгдæр цæуа.
Уой ку фегъуста Аци фурт минги Ацæмæз, уæд сæмæ æхе ра-уагъта ‘ма сæмæ кафгæ цæун байдæдта æ къохтæ, æ къæхтæбæл. Куд хæстæг кодта, уотæ уæрагисæртæй æхе ку фехсидæ, уæд дзæвгарæ хæпполти хаудтæй, уотемæй сæмæ хæстæг кодта. Ку нихъхъæрттæй, уæдта кизгæ ‘ма лæхъуæн кафун байдæдтонцæ ‘ма дууæ сахатти æнæ исуадзгæ фæккафтонцæ, æма син уой ку æруидта Сайнæг, уæд загъта:
– Цæй, кизгæ, иуазæг кæд нæ хæццæ рæфтад кæнуй, уæд рæфтад афонæ ‘й, кенæ ба иуазæг дæр фæндагираст куд уа, уотæ!
Кизгæ имæ дзоруй:
– Иуазæгæн кæрдзин бахуæрун не ‘нгъезуй, кæд ин кæрдзин хуæрун кæнис, уæд.
Æ дзурдæй æй ралæдæрдтæй ‘ма имæ дзоруй:
– Гъе, æдта уæ кæрæдземæн Хуцау хайир кæнæд.
– Гъе, æдта ирæдбæл мæхуæдæг исдзордзæнæн, – зæгъгæ.
Аци фурт минги Ацæмæз дзоруй и кизгæмæ:
– Зæгъгæ, дæ сæрæн ци аргъ кæнис, уой, де ‘рæд!
Кизгæ ба имæ дзоруй:
– Берæ нæ агорун: еу анзи цæуæтæй мæ фидæн сæдæ саги куд уа, уотæ.
Дзурдта Аци фурт минги Ацæмæз:
– Сæгтæ иссердзæнæн, фал сæ еу анзи цæуæтæй уони еумæ куд иссердзæнæн?
Е ба имæ дзурдта:
– Ку дæ гъæуа, уæд иссердзæнæ!
Бацудæнцæ, рæфтад искодтонцæ æма ин уомæй æндæр неци загъта, «ку дæ гъæуа, уæд иссердзæнæ», зæгъгæ.
Аци фурт минги Ацæмæз фæххуæстæй æма еци фæдбæл Æфсатиймæ бацудæй. Æфсатийæй ракурдта:
– Гъе, атæ-атæ, æ кизгæ мин равардта, фал мин ирæдæй ба, гъе, айбæрцæ тухæ искодта: еу анзи цæуæтæй сæдæ саги.
Е ба загъта:
– Нартион æхсарæй дæс лæги иссерæ, уони хæццæ иссо ‘ма уин байамондзæнæн, фæйнæ дæси еу рауæнмæ куд æримбурд кæнайтæ, уой. Аци фурт Ацæмæз рараст æй Нартæмæ. Уæдмæ ба и Нарт еугурæй дæр ранæхстæр æнцæ, байагорæн, зæгъгæ, Аци фурт минги Ацæмæз ци фæцæй: е æй зæйæ фæлласта, е хонхæй рахаудтæй.
Нихъхъæрттæй Аци фурт минги Ацæмæз и Нартмæ, куд ранæхстæр æнцæ, уотæ, ‘ма загъта, цæуон, и Нарти хестæртæн райарфæ кæнон, зæгъгæ, æма æруидта, кæмæн æ сагъæдахъ æ усхъæбæл, кæмæн æндæр ести, æма дес кодта: «А Хуцау, атæ кумæ ранæхстæр æнцæ?»
Уотæ ба ‘й бафæсмардтонцæ, мæнæ æрхæццæ ‘й, зæгъгæ.
Ба сæмæ ‘здахтæй ‘ма син загъта:
– Уæ бон хуарз, хуарз Нарти хестæртæ!
Загътонцæ ин:
– Æгайтима æрцудтæ! Мах ба дæу сагъæсæй ами нур къуæре тæрхæнтти ку бадæн! Нур æгайтима æрцудтæ! Уосæ коруни унафæ дин кодтан мах ба.
Е ба загъта:
– Киндзхонæй мæ уæ хуарзæнхæ уæд æма байагъаз кæнетæ, бийнонтæ ба мæхуæдæг иссердтон.
Уомæй ба байагъаз кæндзинан, зæгъгæ, ‘ма ин сæ гъæдæг адæмæй, цауæйнонтæй, дæс лæги исаккаг кодтонцæ. Сæдæ лæги ба ин Нарти хестæртæй киндзхонæн æ хæццæ куд бацæуа, уотæ.
Цауæйнонтæ разæй ранæхстæр æнцæ æма сæ рази сæдæ саги еу анзи цæуæтæй æримбурд кодтонцæ, ‘ма уæдта рараст æнцæ киндзæ хонунмæ. Сæдæ саги ин æ тæккæ размæ Фæснæли коми бакодтонцæ, сæ дзурд куд адтæй, уотæ.
Сайнæг дæр баздахтæй, æма сæдæ лæги, киндзхон к’ адтæй, уонæн, лæгæн дзæбодур равгарста, сæдæ дзæбодури Æфсатийæй ракурдта, уотемæй.
Бацудæнцæ киндзхонтæ æма æрбадтæнцæ. Сайнæг-æлдар сæ æстæмæй- астмæ бауорæдта, алкæмæн дæр æ дзæбодури хай æ размæ, уой хæццæ ба фæйнæ ронги гъосини ниуазуйнаг. Æстæмæн бон ку ‘рхъæрттæй, уæд киндзхонтæ ранæхстæр æнцæ æма рахудтонцæ Агундæ-рæсугъди сæ хæццæ.
Афæдзи уæнгæ Агундæ æртæ лæхъуæни ниййердта еци еунæг æхсæвæбæл, æнæ цорибадæг æ размæ, уотемæй, æнæ ка хестæр, ка кæстæр исбæрæг гæнгæ.
Номæвæргутæ, куд сæбæл исæвæрæн ном, зæгъгæ, сагъæс кæнун байдæдтонцæ ‘ма сæ дзурд Нарти Сатанамæ бацудæй. Уиндæй ба Ацæмæзи фурттæ уотæ адтæнцæ, æма син æртасуни амал æгас Нарти адæм не ‘ссирдтонцæ, уотæ æнхузон адтæнцæ.
Е ба – Сатана – загъта, нæййес син, зæгъгæ, уотæ номæй фæстæмæ: Ацæмæзи æртæ фурти.
Æма сæ Нарти адæм уотæ хонун байдæдтонцæ.
Нарти Насиран адтæй уосæ, лæги дарæсти. Дуйнебæл хæтун байдæдта æма уомæн æфсæддонæн ка нæ рацудæй, уæхæн нæййес. Авд сабати сæ авд æмбурди æркодта. Е ‘фсæдтæн сæ нимæдзæ ка ‘ссирдтайдæ, уомæ сæ барæ лæвардта. Кастæй алли сахат дæр æма си алли адæмæй дæр уидта е ‘фсади, фал си Ацæтæй неке адтæй. Бæрæг кæнунмæ сæмæ ‘ссудæй, ба сæмæ гъæр кодта, еу зæронд уосæ имæ ракастæй: «Ци кæнæн, мæ хор, махæй раздæр дин ка фæццудайдæ æфсæдти, фал Ацæтæй еу змæлæг нæбал ес. Еу сувæллон сæмæ сæнтæстæй, е дæр гъазунгъон фæцæй, бæхбæл рабадтæй æма кумæдæр рандæ ‘й».
Рацудæй Нарти Насиран. Кæсуй: еу бæхбæл еу лæхъуæн гъазуй, – еуæрдæмæ кæсгон хуми дæргъцæ рагъазуй, иннердæмæ дæр уотæ. Фæстаг хатт Нарти Насиранмæ æхе ниййаразуй æма ин «бонхуарз» зæгъуй.
– Кæмæй дæ?
– Æз дæн Ацæтæй, æрæгиау ка рантæстæй, еци Ацæмæз.
– Мæ адæмтæ дæу ку хезунцæ, – зæгъуй Насиран.
Æ хæццæ рацæуй Ацæмæз, е ‘фсæдтæ ин банимайуй: финддæс мини, сæ уæлдай ба – æртæ сæди.
Цæунцæ нур денгизи билæбæл цæрæг Гуцмаз-æлдармæ. Дон сæ ласуй радугай.
Ацæмæз æхе сæ дæллаг фæрсти фæккæнуй æма сæ ахæста радугай. Денгизи уордæг сæ æртумугъ кодта. Загъта син: «Нур бал ами лæууетæ, æз ба, мæ бон ка уа, уой бакæндзæнæн!»
Бацæуй бæхæргъæуттæмæ, ра сæ тæруй. Гуцмаз-æлдармæ фæдес фæккæнунцæ. Ра ‘й æййафуй, бон-изæрмæ фæттухтæнцæ, уæдта ин зæгъуй Гуцмаз-æлдар: «Сæумæмæ, кæд лæг дæ, уæд мæмæ фæккæсæ, сæумæ бабæй тохдзинан». Гуцмаз-æлдарæн адтæй уохæн силгоймаг, æма ин æ цæфтæ сдзæбæх кæнидæ. Сæумæ бабæй тохунцæ бон-изæрмæ. Изæри зæгъуй Гуцмаз-æлдар:
– Сæумæмæ мæмæ фæккæсæ.
Рандæ уй. Æ бæх зæгъуй Ацæмæзæн: «Йарæбий, ци ‘нæзунд дæ! Амæн æ уосæ уохæн хуарз уосæ ‘й, æма ‘й æхсæвæ е цæфтæй сдзæбæх кæнуй, дæу ба исон рамардзæнæй, еу амал ку нæ бакæнай, уæд. Дæхе марди хузæн ниййаразæ, тургъæмæ дæ е бæхи думæгбæл бастæй фæлласдзæнæй. Уоми дæбæл адæм æмбурдтæ кæндзæнæнцæ æма зæгъдзæнæнцæ: «Гъе уæууæй, Гуцмаз-æлдар, æртæ бони фæттухтдæ аци сувæллони хæццæ?!» Дзатмабæл дæ æрæвæрдзæнæй. Æхсæвæ ниххусдзæнæй Гуцмаз-æлдар. Цалдæнмæ цæхæртæ хаун байдайа æ гъæлæсæй, уалдæнмæ ма фестæ, уæдта имæ бацо ‘ма ‘й рамарæ!» Бæх куд загъта, уотæ æрцудæй гъуддаг. Æхсæвæ еу афони Ацæмæз, «фестон» – загъта æма фезмалдæй, мед аварæмæ ‘й балæдæрдтæй Гуцмаз-æлдар, рацудæй æма бабæй марди хузæн ний-йаразта æхе Ацæмæз. Фæллæудтæй Гуцмаз-æлдар æ сæргъи, уæдта бабæй медæмæ бацудæй, æ хур-хур сервазтæй. Уæдта æхседæрфтæ хаун байдæдта æ гъæлæсæй.
Фестадæй Ацæмæз æма ‘й рамардта. Уосæ к’ адтæй, е уой бацæй. Уосæн загъта: «Ис мæ дзæбæх кæнæ!» Е дæр æй дзæбæх кодта. Фæстæмæ раздахтæй. Насирани ‘фсæдтæ денгизи баиста. Уой фæсте Насиран æ дарæстæ рагæлста æма загъта: «Æз абони уæнгæ лæги хузæнæй фæццардтæн, лæги цæстæй мæмæ кастæнцæ, нур ба мæхе дæуæн аккаг кæнун, Ацæти Ацæмæз.»
Уотемæй, Ацæмæз дууæ уосей хæццæ цæрун байдæдта. Æфсæдтæ фæххæлеу æнцæ.
Нæртон адæми астæу Ацæтæ сæ райдайæнæй сæ байдауæнмæ тухгиндæр ‘ссæнцæ.
ФЕППАЙУЙНÆГТÆ
РАГОН НАРТИ ÆМА УОНÆН СÆ
ФÆСТАГОНТИ – ЗÆРОНД ДИГОРИ ДИН
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 144, 51 п.
Гарданти Михали финст. Киристонгъæу, 1893 – 1924.
М.а. – «Ирæф», №1, 2001, 50-71 ф.
НАРТИ РАНТÆСÆН
Уадмеритæ
Уæйгутæ
Нарт
(Аци æртæ тексти ист æнцæ «Нарти рантæсæн»-æй)
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п. Саулати Дзæрæхи дзурдтæй Туй-гъанти Мухарбеги финст. 1901.
УÆРХÆГ ÆМА Æ ЦÆУÆТ
Æхсæртæгкати Уæрхæг æма æ цæуæт
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 20.03.1909.
М.а. – «Нарты», 1 т.
Нарти фæткъу
Донбеттири кизгæ Ацира-рæсугъд
Æхсар æма Æхсæртæги мæлæт
Урузмæг æма Хæмици райгурд
Урузмæг æма Хæмиц Уæрхæгæн сæ мадæ Ацира-рæсугъди куд æрхудтонцæ
(Аци фондз тексти ист æнцæ «Нарти рантæсæн»-æй)
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п. Саулати Дзæрæхи дзурдтæй Туйгъанти Мухарбеги финст. 1901.
Сатанай райгурд
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 20.03.1909.
М.а. – «Нарты», 1 т.
ОРÆЗМÆГ ÆМА САТАНА
Æлдий тъæппи тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п., 229-230 ф. Радзурдта æй Хъæлицти Уомар, ни ‘й финста Дзагурти Губади. Задæлескæ, 28.06.1910.
Нарти Сатана æма Орæзмæги зар
(Бæгæний зар)
ЦИГСÆИ-и архив, Дзагурти Губадий фонд, 21 п. Радзурдта æй Гадати Тазе. Ни ‘й финста Дзагурти Губади. Дзæуæгигъæу, 3.09.1930. М.а. – «Нарты», 1 т.
Урузмæги балци æма Сатана
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 70, 25 п. Радзурдта æй Бузойти Гена.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сатанай зар
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 16, 10 п. Бузойти Генай дзурдтæй финст. Æхсæуæ, 1937.
М.а. – ИАС, 1 т.
Уонайи зар
ПНТО, в. 2, 1927. 146-147 ф. Кæлухти Елмæрзай дзурдтæй Гарданти Михали финст. Уæхъæцæ, 10.07.1926.
Орæзмæги кувд
ПНТО, в. 2, 1927. 11-15 ф. Къолойти Баззе æма Гецати Бабаййи дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 8.10.1903.
Орæзмæги тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 153, 144 п. Кæлухти Елмæрзай дзурдтæй Цагъати Анастасии финст. 17.08.1953.
М.а. – НК, 1 т.
Нарти Орæзмæг
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 36, 4 п. Ни ‘й финста Хадати Берди Золойти Къæбуси дзурдтæй. Киристонгъæу, 1938.
М.а. – ИАС, 1 т.
Нартæ æз-хуæздæруонбæл куд дзурдтонцæ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 (VII) п. Годзойти Тæкъай дзурдтæй Бесати Тазей финст. Дур-Дур, 4.02.1941.
М.а. – НК, 1 т.
СОСЛАН
Сослани рантæсун
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п. Ни ‘й финста Туйгъанти Мухарбег 1902 анзи. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сослани кæрцæ
ПНТО, в. 2, 1927. 59-61 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 24.10.1902.
Гори федари æфсæдтæ
ПНТО, в. 2, 1927. 47-51 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 18.10.1903.
Сослан æма Тотрази фурт Алибег
ПНТО, в. 2, 1927. 16-18 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 27.10.1903.
Сослан æма сæри хъаболæ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 88, 30 п., 275-276 ф. Бетрозти Емæзай дзурдтæй æй ниффинста скъоладзау. Лезгори гъæу, 1940.
Сослан
ЦИГСÆИ-и архив, фольк. №14, 7 п., 629-634 ф. Ниффинста æй Темирати Данел. Æ радзорæг бæрæг нæ `й.
Сослан æма Нарти адæм
ДС, 36-38 ф. Кадæнгæ Киристонгъæуи ниффинста Гарданти Константин. Æ радзорæг бæрæг нæ `й.
Нарти Сослан уодæгасæй мæрдти куд адтæй
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 86, 262 п. Бæзати Майрæни дзурдтæй Толасти Æндирей финст. Киристонгъæу, 25.01.1927.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сослани мæлæт æма Ойнони Цалх
ПНТО, в. 2, 1927. 18-21 ф. Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 23.10.1903.
Сослан мæрдтæмæ кутемæй цудæй
ПНТО, в. 2, 1927. 22-23 ф. Кæлухти Хамæзай дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 27.10.1903.
СИРДОН
Сослан æма Сирдони райгуруни тауæрæхъ
ПНТО, в. 2, 1927. 9-10 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 28.09.1903.
Нарти хийнæ Сирдон
ПНТО, в. 2, 1927. 61-64 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 28.09.1903.
Нарти Сирдон уæйугбæл марунвæндæ куд искодта «Ирæф», №1, 2004, 198-201 ф.
Туайти Батæрбеги дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Дзæуæги- гъæу, 1942.
Сирдон Сосланмæ цæмæн фезнаг æй
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 86, 262 п. Радзурдта æй Хъæлицти Уомар. Задæлескæ, 30.07.1910.
М.а. – ИАС, 1 т.
Нарти Сирдони тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 15, 8/2 п. Радзурдта æй Мудойти Мæхæмæт. Ни ‘й финста Толасти Æндире. Киристонгъæу, 4.03.1927.
М.а. – ПНТО, в. 5, 1941.
Сирдон æ мадæн куд хист кодта
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 36, 4 п. Ни ‘й финста Хадати Берди, Уæхъæцæ. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
Сирдони хæснæ
«Ирæф», №1, 2004, 201-202 ф.
Уæдати Хъубадий дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Дзæуæги- гъæу.
Сирдон æма æхсири къибила
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Текъойти Хъубадий дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Задæлескæ, 29.06.1910.
М.а. – «Нарты», 1 т.
Нарти мæгурбæнттæ
ПНТО, в. 2, 1927. 35-36 ф. Къолойти Баззей дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 8.10.1903.
Сирдони мард
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 36, 4 п. Цакъоти Елхъани дзурдтæй Хадати Бердий финст.
М.а. – ИАС, 1 т.
Нарти Сирдон
«Ирæф», №1, 2004, 205 ф.
Туайти Батæрбеги дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. 19.07.1942.
Сирдон дзенети
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Текъойти Хъубадий дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. 29.04.1910.
М.а. – «Нарты», 1 т.
ХÆМИЦ ÆМА БАТРАЗ
Батрази райгурун
ПНТО, в. 2, 1927. 23-25 ф. Къолойти Баззей дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 1903.
Золахъ фæрдуг æма фæндури фæззинд
(«Болат-Хæмиц»-æй)
ПНТО, в. 2, 1927. 9 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, сентябрь, 1903.
Уорæзмæг æма Хæмиц хестæрдзийнадæбæл куд дзурдтонцæ ЦИГСÆИ-и архив, ф. 14, 28/1 п. Радзурдта æй Текъойти Хъубади. Задæлескæ, 4.07.1910.
М.а. – ИАС, 1 т.
Нарти синд
ПНТО, в. 2, 1927. 25-32 ф. Къолойти Баззей дзурдтæй Гарданти Михали финст. 10-11 февраль, 1904.
Нартæ æма уæйгутæ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 п. Къолойти Геуæргий дзурдтæй Хъазбегти Хъазбеги финст. Киристонгъæу, 2.02.1941.
М.а. – ИАС, 1 т.
Хæмици мæлæт
(«Нарти Батраз»-æй)
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 15, 8/3 п. Толасти Æндирей финст. 1.08.1930. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
М.а. – ИАС, 1 т.
Хæмици фурт Батраз æ фиди тогесæг
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 76, 28/3 п. Радзурдта æй Саулати Дзæрæх. Киристонгъæу, 23.03.1909.
М.а. – ИАС, 1 т.
Хæмици фурт Батраз æма Орæзмæги тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 133 п. Радзурдта æй Магкити Цæппо. Ни ‘й финста Толасти Æндире. Къамати гъæу, 6.08.1927.
М.а. – НК, 1 т.
Сослан æма Хæмици фурт Батраз
ПНТО, в. 2, 1927. 57-58 ф. Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 27.09.1903.
Хæмици фурт Батрази мæлæт
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Саулати Дзæрæхи дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 23.03.1909.
М.а. – «Нарты», 1 т.
АЦÆМÆЗ
Насиран æлдар
ПНТО, в. 2, 1927. 68-72 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 25.09.1903.
Адæкези кизгæ Уадзæфтауæ
ПНТО, в. 2, 1927. 53-56 ф. Къолоти Баззей дзурдтæй Гарданти Михали финст. 1.10.1903.
Нарти сæлф ходæ
ПНТО, в. 2, 1927. 52-53 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 3.10.1903.
Аци фурт мингий Ацæмæз æма Æнзорай фурт
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 25.08.1909.
М.а. – «Нарты», 1 т.
Нарти Ацæмæзи зар
ИАС, 1 т., 270-279 ф.
Ни ‘й финста Туйгъанти Мухарбег. Дур-Дур, 1900. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
ХЕЦÆН КАДÆНГИТÆ
Бориатæ æма Æхсæртæгкатæ
ПНТО, в. 2, 1927. 42-46 ф. Хадати Гамоси дзурдтæй Гарданти Михали финст. 23.10.1903.
Сослан Телбердий æртæ фуртей кутемæй рамардта ЦИГСÆИ-и архив, ф. 31, 79 ф.
Хъæлицти Уомари дзурдтæй финст. Задæлескæ, 26.06.1910.
М.а. – ИАС, 1 т.
Тъизмудæ æма Нарти æгæнон синд
ПНТО, в. 2, 1927. 64-68 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 24.10.1903.
Нокари фурт Æхсæ-Будай
ПНТО, в. 2, 1927. 58-59 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. 27.09.1903.
Елæхсæрдтон æма Негор æлдар
ПНТО, в. 2, 1927. 72-75 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 1.10.1903.
Уасгерги `ма æнæ финдз Маргъуз
Туйгъанти Мухарбег, «Дигорон кадæнгæ», Дзæуæгигъæу, 1911. 28-41 ф.
Нарти Еунæги тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 4 т., 133 п. Темирати Данели финст. Æ къохфинсти №64, 566-575 ф.
Фудиронхгæнæн дор
Гъæдгæси дзурдтæй æй ниффинстонцæ Къибирти Амурхан æма Скъодтати Эльбрус. Сурх-Дигорæ, Хусфæрæк, 12.06.1986.
Нарти исæфт
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п. Тауæрæхъгæнæг Боранти Гадзи. Ни ‘й финста Туйгъанти Мухарбег, 1900.
М.а. – «Нарты», 1 т.
МИНКЪИЙ ЦИКЛТÆ æма варианттæ
Æхсæртæгкати Зевæг
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 87, 30 п. Радзурдта æй Саулати Дзæрæх. Киристонгъæу, 24.13.1909.
Нæртон Зивæги æма Уацирохс-Зæрдирохси тауæрæхъ ПНТО, в. 5, 1941. 163-166 ф. Баликъоти Слангерий дзурдтæй финст. Фæснæл, 18.12.1927.
Борæфæрнуг
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 36, 4 п.
Радзурдта æй Кертибийти Кертиби. Ни ‘й финста Хадати Берди. Уæхъæцæ, 1910.
М.а. – ИАС, 1 т.
Курд-Алæгон
ПНТО, в. 2, 1927. 46-47 ф. Ни `й финста Гарданти Михал. Мæхческæ, 8.10.1903.
Деденæги тауæрæхъ
ПНТО, в. 2, 1927. 32-35 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. 26.10.1903.
Деденæги фурт Ерæхцау æма Нарти Сослан
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 73 п.
Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 2.04.1909.
М.а. – «Нарты», 1 т.
Нарти Деденæг æма æ фурт Арæхцау
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 12 т., 133 п.
Тобойти-Дзæукъати Дзæрæхмæти фурт Цицеуи дзурдтæй æй ниффинста Толасти Æндире. 23.02.1927.
Нарти Орæзмæг æма Къантдзи фурт минкъи Сæууай «Ирæф», №1, 2004, 186-195 ф.
Гатути Дабеги дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Дзæуæгигъæу, 10.11.1924.
Къантдзи тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, I т., 133 п.
Хамихъоти Тæкъай дзурдтæй Собити Инали финст. Хонхи Дигорæ, Нæуæггъæу, 1898.
М.а. – «Ирæф», №3, 2004.
Къантдзи фурт Сæууаййи бæх Гемудæ Нарти догъи æрфиццаг æй ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п.
Хамихъоти Елмæрзай дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Нæ- уæггъæу, 22.06.1910.
М.а. – «Нарты», 1 т.
Нарти сау робас
ПНТО, в. 2, 1927. 37-42 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 26.11.1903.
Нарти Сослан æма Кæрзæлгъист уосæ
ПНТО, в. 5, 1941. 149-156 ф.
Хъайтухъти Адæгой дзурдтæй финст. Киристонгъæу, 5.07.1929.
Нарти сау робасдзари тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 87, 30 п., 90-106 ф.
Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 26.03.1909.
Зæронд Уæрхæг
ПНТО, в. 2, 1927. 75-78 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 30.09.1903.
Нарти Уæрхæг æма æ фурти тауæрæхъ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 12 т., 133 п., 2-10 ф.
Тобойти-Дзæукъати Дзæрæхмæти фурт Цицеуи дзурдтæй Толасти Æндирей финст. Киристонгъæу, 27.10.1927.
М.а. – «Ирæф», №3, 2004.
Æхсарæ æма Æхсæртæг
ПНТО, в. 2, 1927. 5-8 ф. Кертибийти Кертибий дзурдтæй Гарданти Михали финст. Мæхческæ, 30.10.1903.
Æхсæртæгкатæ æма Бориатæ куд цардæнцæ, уой тауæрæхъ ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 12 т., 133 п., 11-18 ф. Тобойти Цицеуи дзурдтæй Толасти Æндирей финст. 6.02.1927.
М.а. – «Ирæф», №3, 2004.
Урузмæг æма е ‘нæном фурт
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п. 37-40 ф.
Ни ‘й финста Туйгъанти Мухарбег, 1901. Æ радзорæг бæрæг нæ `й.
Сатанай зар
ЦИГСÆИ-и архив, Дзагурти Губадий фонд, 13 п. Ра ‘й дзурдта Хъубадти Елхъан. Дзæуæгигъæу, 24.11.1922.
Сослани рантæсæн
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 2 т., 133 п.
Туйгъанти Мухарбеги финст 1900-1912. Æ радзорæг бæрæг нæ `й. М.а. – «Ираф», №3, 2004.
Сослан Нарти адæми закъитæй кæрцæ куд æскодта ЦИГСÆИ-и архив, ф. №11, 67 п., 176-178 ф.
Хамихъоти Тæкъай дзурдтæй æй ниффинста Собити Инал. Хонхи Дигорæ, Нæуæггъæу, 1898.
Сослан Гори федар куд басаста
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 п.
Гацолати Урусбиййи дзурдтæй Хадати Бердий финст. Сурх-Дигорæ, 1.02.1941.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сослан æма Тухи фурт Нокара
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 46-6, 3 п.
Бетрозти Емæзай дзурдтæй финст. Лезгорæ, 1.01.1941.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сослан æма Нокарай фурт Нокара-æлдар
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 2 т., 133 п.
Туйгъанти Мухарбеги финст. 1900-1912.
Орæзмæги Борæатæ куд фæррасуг кодтонцæ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п.
Хъæлицти Омари дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Задæлескæ, 28.08.1910.
М.а. – ИАС, 1 т.
Æлбеги фурт минги Тотраз
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п.
Кадæнгæгæнæг Саулати Дзæрæх. Ни `й финста Туйгъанти Мухарбег. М.а. – ИАС, 1 т.
Сослан æма Æлбеги фурт минги Тотраз
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 2 т., 133 п.
Туйгъанти Мухарбеги финст. 1900-1912.
М.а. – «Ирæф», №3, 2004.
Сослан æма Иуойнони Цалх
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 2 т., 133 п.
Туйгъанти Мухарбеги финст 1900-1912.
М.а. – «Ирæф», №3, 2004.
Сослани мæлæт
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 2 т., 133 п.
Туйгъанти Мухарбеги финст. 1900-1912.
Нарти Сослан мæрдтæй куд æрбаздахтæй, уой тауæрæхъ ЦИГСÆИ-и архив, ф. 345, 5 т., 133 п.
Толасти Геуæргий финст.
Зиндони цадæ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 п.
Гатути Дабеги дзурдтæй Хъазбегти Хъазбеги финст. Дигори гъæу, 5.02.1945.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сослан дзенетæй цæмæн раздахтæй
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 п.
Кæлухти Елмæрзай дзурдтæй Хадати Бердий финст. Сурх-Дигорæ, 6.02.1941.
М.а. – ИАС, 1 т.
Нарти Сослан адзали фæндагбæл куд ранæхстæр æй ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 п.
Гасанти Мæхæмæти дзурдтæй æй ниффинста Хæмицати Алексей. Чикола, 12.02.1941.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сирдони миутæй
Бузойти Генай дзурдтæй финст.
Æхсæуæ, 4.03.1937.
ПНТО, в. 5, 1941. 186-187 ф.
Сирдон æма Сохтатæ
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 46, 3 п.
Радзурдта æй Бетрозти Емæза. Лезгорæ, 14.02.1941.
М.а. – ИАС, 1 т.
Сирдон æма дууæ уæйуги
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 36, 4 п.
Хадати Бердий финст. Фегъуста æй биццеу уогæй.
Хæмиц æма Камбадати мæнкъæй Камбада
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 15, 8/3 папкæ, 412-427 ф.
Бесолти Сергей дзурдтæй Толасти Геуæргий финст.
Батрази райгурæн
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п. Ни ‘й финста Туйгъанти Мухарбег. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
М.а. – ИАС, 1 т.
Нарти Уацамонгæ
Гобети Бебпай дзурдтæй финст. Устур-Дигорæ, 1937.
М.а. – ПНТО, в. 5, 1941. 157-158 ф.
Нарти Урузмæг æма Хæмици фурт Батрази тауæрæхъ Цъебойти Харитони дзурдтæй финст. Киристонгъæу, 1924.
М.а. – ПНТО, в. 5, 1941. 159-162 ф.
Нарти Батраз
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 15, 8 п. Ни ‘й финста Толасти Æндире. 1.08.1930. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
М.а. – ИАС, 1 т.
Цæгæр Черегихъой тауæрæхъ
Дзансолти Уогъалухъи дзурдтæй финст. 1937.
М.а. – ПНТО, в. 5, 1941. 167-171 ф.
Уази фурт Ацæмæзи зар
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 77, 29 п. 54-56 ф.
М.а. – ИАС, 1 т.
Аци фурт минги Ацæмæз
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 351, 145 п. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст. Киристонгъæу, 2.04.1909.
М.а. – «Нарты», 1 т.
Нарти Насиран
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 13, 6 п.
Ни ‘й финста Туйгъанти Мухарбег. Æ радзорæг бæрæг нæ ‘й.
М.а. – ИАС, 1 т.
А
Аварæ – цæрæн уат
Агарцæ – агауиндзæн бæхъи дæргъæ
Аггæл – агæмæ зелæнгæнæг, агæмæ кæсæг
Адагæ – донхуæрд арæхъ
Аласа – бæхи муггаг
Ангустаг – циуавæрдæр бæстаг
Арвайдæнæ – Нарти адæми фæлгæсæн айдæнæ
Аргъдунгæ, æлгъдунгæ- æнæнимæдзæ,
æнæкæрон берæ
Арцæ – рæхуайæн циргъаг
Асхъод – сосæг
Атагъа – донгæнтти пихсбун, къотæрбун, гъæдæй
æмбæрзт рауæн
Аул – хъаун, ахил, къабазæ, тогхæстæг
Ахæр, ахæри хъиамæт – исæфт, дуйней
исæфти бон
Ахъуз – думгæ, уадæ
Аццау – 1) æвеппайди; 2) гъæддаг бабузи муггаг
Æ
Æвдадзæ – уодихуасæ
Æвдуст – æфхуæрд, æлхъивд
Æврагъ – мегъæ
Æгæнон – æнæуаг устур, берæ
Æгъзæли-æгъзæлгай – листæг морæ, листæг
буройнæ
Æзморæ – хъаугъа, хилæ, гегæ
Æмигиртæ – еу лæги дууæ, кенæ цалдæр уоси
Æнагæ – æна
Æндарг, æндæрг – адæймаги, цæрæгоййи гури-
сконд, зинна-нæзинна хузæгонд тари, талинги
Æндон – исард
Æндурæ, æрдунæ – сагъæдахъ, саздахъ,
сагъиндахъ
Æргъæу кирæ – æрттевгæ æфсæйнагæй, къалайæй
конд кирæ
Æруæз – æрдонг, бал
Æрфæн – нартион бæх
Æрхугонд – къумайæй æхгæд
Æстæггадæ – дууæ муггагей æхсæн тогхæстæгдзий –
надæ (лæг æма уосæн биццеу ку райгуруй, уæд фæззæгъунцæ, «æстæггадæ сæмæ ес», зæгъгæ)
Æстæмæй-астмæ – рæстæгæй-рæстæгмæ, цæйдæр
бæрцæ рæстæг
Æтхæлд, æтхалун – æнхъерæн, уайдзæф
Æфсаргъæ – æгъдау, кæстæреуæг
Æфсæн кирæ – æфсæйнагæй конд кирæ
Æфсоргъæ, æфсорхъ – бæхи муггаг
Æхсæрфæмбал – игæр, кенæ рæуæги фидæй, хъа-
лойнаги тугъдæй, фезонæггонд ковунæн
Æхседæн зингитæ – зинги æсхъеуæдздзæгтæ
Æхседун – æндон кæнун
Æхсийнæ – паддзахи, æлдари уосæ
Æхсинæг – гъæддаг бæлæу (ами)
Æцæг дуйне, Устур дуйне – мæрдти
бæстæ, æносон бунат
Б
Бабиаг – циуавæрдæр бæстаг
Балердзаутæ – кæсалгдзаутæ
Барз, бæрз – туппургонд, зобат
Басмухътæ – къахидарæс
Бæрсткувд, барсткувд – Хуцаумæ ка
игъусуй, уæхæн кувд
Бæрцаг – æмсæр, æмбарæ
Бæхвæлладæй – бæхбæл бадтæй фæлладæй (ами)
Билдогъ – нихкъуæрд раттун
Болат – æндон
Бонвæрнæ – сæумон æстъалу
Борæмæзæ – циуавæрдæр санс, хуарæн
Г
Галауан- федар, устур цæрæнбунат
Гамходæ – дæ уæле ‘й æркæнгæй, ке фæрци нæбал
зиннай, уæхæн ходæ
Гебена – сундакъæй конд курæт
Гебунтæ – æфсæйнагæй конд къæндзугин къахидарæс
æма къохæрходтæ, хуæнхтæмæ хезунмæ
Гегæ – нихмæ ун, нæуарзондзийнадæ, æзнаггадæ
Гозе – фагус
Горцъе – гауз
Гуппургин – тухгин, мæрзæздухт, иуонггин
Гъ
Гъæуанз – силæ саг
Гъомурун – нези хатт
Гъосой – æнæ еу гъос
Д
Дангъа – бæрæггæнæн, игакæгонд
Дæсни уосæ – зонæнгин уосæ
Дигиза – киндзæмбал, исхæссæг мадæ, рæвдауæг
Доммай – гъæддаг гал (ур. зубр)
Донгинтæ – бæгæний фæлсодзæнтæ
Дугъосуг – устур цукбун, кенæ тъæпæнбун агæ,
бæгæни кæнунмæ, кувдтити æма устур хистити фид фицунмæ; æрхигурдти къохæй конд устур хæзна дзаума
Дудахъ – маргъи муггаг (ур. дрофа)
Думетонг – думæги бунти уагъд, саргъуорамæн
бæндæн, гæрзæ
Дз
Дзалгъæдæ – марггун къотæр (ур. азалия), ирæзуй
бæрзæндти
Дзахан-м ахан – зиндонæ
Дзахануми устур хъум – зиндони цадæ
Дзигло – хуæнхаг минкъий цъеуи муггаг (уотæ худтонцæ
уæйгутæ Нарти)
Дзин – дæлуймон, аргъæутти медæгæ адæймаги нихмæ ка
фæххуæцуй, е
Дзиндзæрдо – ирд зæлдагæ, сугъзæрийнæ æрдо
Дзиргъаг, дзиргъæг – циргъаг
Дзиуапп – дзуапп
Дзурунæ – дæрæн кæнун, пурх кæнун, цæгъдун
Е
Евгед- бæрагæ
Егар – цауæйнон куй
Емиллæг- бадт кæбæл нæма адтæй, уæхæн æнæ ахур бæх
Ехæврагъ – ехи мегъæ
З
Зам-Зами дон, Дзæм-Дзæми дон –
мæрдти бæсти устур цæугæдон, æ сæрти цæуй зиндони хед, еци хедбæл æнæ цæуæн нæййес
Зæрдæхсайгæй – æнæуодбарæй (ами)
Зиндони цадæ – мæрдти бæсти тæрегъæдгунти
цадæ
Золахъ (гъолахъ фæрдуг) – хъазар дори
муггаг, мард æгас кæнуни æма цæфтæ дзæбæх кæнуни тухæ
кæмæ ес аргъæутти, уæхæн фæрдуг
Зугул – хуарæй конд гул
Зурæ – хурбун, дорбун зæнхæ
И
Ивæзнæ – баредзæ, къохти райвæзти дæргъцæ
Игъауги – уæлдай
Идзæгънæ – бæласи къозой листæг инсад соргондæй,
æрцъинкк æма æртдорæй зинг кæбæл æфтудтонцæ, е
Иругъд – æдзæллаг, нецигъон, æруадзгæ
Исæрхун – хе ефхæссун
К
Кæнæгой – уадза, хæтагæ адæймаг (ами)
Кæстаг – кæстæри хай
Кегъæре – фæндагамонæг, лæггадæгæнæг
Кегъог – горенæй, кауæй, æндæр естæмæй æхгæд
цæрæн, æд зæнхи гæппæл, æд тургъæ æма æд азгъунститæ
Кунцæ – курдбадзи цæхæрбæл думæн тæнтæ, мийгæнæн
Кунцгом – кунци ком
Кур – богъа
Курæт – уæледарæс
Кусийнæ – гъæдин мийдауæн, хъалац
Кустуæлеуон – кустæй еппæрд, кустæй
уæлæнгæйтти изайæг адæймаг
Къ
Къабеллаг – мæллæг, фудхуз
Къахой – æнæ еу къах
Къæсибадæг уосæ – хингæнæг, кæлæнгæнæг,
дæсни уосæ
Къохой – æнæ еу къох
Къустелæ – бæласи мурайæй конд дзаумау, еу æртæ
къибилай дон кæми цæуй, уæхæн. Хонхбæсти си силгоймæгтæ дон хæссиуонцæ се ‘рагъи
Л
Лацамарз – æнæгъудгонд, æнæфснайд, дзæндæл, гу-
мудза
Лæзæрун – фехсуйун
Лæхцорæн – донкæлæн, æхсæрдзæн
М
Махсумæ – нартихуар, кенæ æндæр хуарæй конд
ниуазуйнаг
Мæртæн – бæхи муггаг
Мегъæнуай бæх – мегъи хузæн цурд уайагæ бæх
Медæггойнæ – хуаллаг æвæрæн бунат, къæбицгонд
Медгъун кæрцæ – æ гъун медæмæ кæмæн æй,
уæхæн кæрцæ
Мудзура – циргъ æфсæнфий лæдзæг
Н
Налхъут-налмас тæ – хъазар, æрттевагæ дортæ
Нахæтбон с, нæхæтбос – бæттæн, бæхи
фæсабæрцæ, саргъбæл ести бабæттунмæ – нимæт, дзæкъæлттæ æма æндæр дзауматæ
Р
Рисхъæ, ирисхъæ – нихидзауарæ, карнæ, амонд
Ронг- нартион ниуæзтæ, мудæй конд
Ронгæцæу – ниуæзти фæдбæл цæрддзогæнæг
С
Сайнæ азгъунст – мæнгæфсон азгъунст
Сами-Миса н,Сами-Мисин – адæймаг ци бæсти
сикъитæй конд æй, е
Саулох – бæхи муггаг
Сафа- уæлартон рæхис
Сæлф ходæ- æнæзингæ ке фæрци исуй адæймаг,
уæдта цидæрхузи агъази тухæ кæмæ ес, уæхæн ходæ
Сæргун уæрдун- рагон сæрæмбæрзт уæрдун
Сæцигонд рæхис – æздухтитæ рæхис
Сире – гъæдин хуссæн, дивани хузæн
Собахъ, совахъ- будуйрон сирди муггаг
(ур. антилопа)
Стæр- тугъдон балци, лæбурд, æсгæрст
Сугъди кæрдæг – фæсалæ басугъди фæсте,
уалдзæги ци кæрдæг æрзайуй, е
Т
Табæт – кирæ
Таус – дзубанди, кой
Тæзгъæстæг – рæуæстæг, тæссонд æстæг
Тæнхъа – финкæ
Тæппæзтæ – гæндзæхтæ
Тæрфæ – гъæди хъулфау, æндзæр, æнæбæласæ рауæн
Тонаутæ – лæбурди, тугъди уæлахездзау ке байсуй е ‘знагæй, етæ Туппур – къулдун, устур тегъæ
Тонх – адæймаги бунат дзиллон царди
Тург – зуст
Тъ
Тъасхæ – бæлдат, исбæрæг кæнун
Тъæпæнæг – гъæдин дзаумау; къумæл, бæгæни кенæ
æндæр уæхæн естидонæ
Тъæпсæ, тъæфсæ – къæсибадæг, кæлæнгæнæг
уоси æхсæ
У
Уадæндзо – уади, думги хæццæ æндзудгæнæг
Уадзæн – уасхæн, сомийæн
Уасхæ – артхуæрд, соми, федар дзурдлæвæрд
Уацайраг – знаги къохмæ бафтуйæг
Уацахæссæн – нивæ ахæссæн, уæларвон тухæй
хайгин
Уæластæн – уæлæмхасæн, уйнагæй фулдæр
Уæлеуат – азгъунсти уæллаг, сæрккаг уат
Унæут – æлдари сæрмагонд гъæуайгæнæг, фæсдзæуийнæ
Ундугæ – нарæг кауин бид тæрхæг, астæуартмæ хæстæг
ауигъд, ести хуаллаг сор кæнунмæ
Уобай – дорæй даст уæлзæнхон цирт
Уонæхсарæ – бæгъатæр, тугъдон финдздзæуæг
Уормег, уормен – теуай гъунæй конд хъазар,
æнæ дус уæледарæс, кæрцæ, дардтонцæ ‘й бонгиндæртæ
Уосæнсанст – уосæфхуæрд
Уосиат – адзали, мæлæти размæ фæдзæхст
Урундухъ – рагон, зурнæй зилд, гъæдин бадæн
Ф
Фагæ – тиллæги муггаг
Фаст – раст фæндæ, федауцæ унафæ, «фæййарæзт» (ами)
Фасти хадзи – раст фæндæгæнæг, тæрхонгæнæг
Фæдессайæг – æ фæсте фæдес ка расаидæ, е (е адтæй
тугъдон мадзал)
Фæзгъæл, фæзгъæр – хъуæл, фæхцæ, къæртт
Фæндагсодзæг хузесæг – фудвæндаггæнæг,
цæстæйсодзæг, фудкъах
Фиййаггонд лæдзæг – фиййаги хузæн лæдзæг
(ами: Хæмиц фæндур кæмæй искодта, е)
Финдзой – æнæ финдз
Фудиронхгæнæн Дор – Нартæ сæ масти
туппуртæ кæбæл исуадзиуонцæ, сæ тæрегъæдтæ кæмæ
нигъгъариуонцæ, еци нифс райсуни, ардхуæруни уас дор
Х
Хайуан(х æрсæн) – хæрæг, бæх, хъадир
Харадзаст, хæрадзаст – 1) мæтъæлæнгас;
2) уарунхæссæг тар мегътæ
Хард – гъулæг, зин
Хатиаг æвзаг – æнахур, æнæзонгæ æвзаг
Хахидонæ – нивæфтудтæ идонæ
Хæзгол, хуæзгол – кæнæгой уарзон
Хиздар – хизæй ахæссæг кæсалгдзау
Хой – маргъи муггаг
Хъ
Хъабагъ – 1) нисан; 2) дорин циртдзæвæн
Хъазауат – бæгъатæрдзийнадæ, уонæхсардзийнадæ
Хъалагъур – тохæнгæрзтæй ефтонггонд гъæуайгæс
Хъалаур- 1) гъæуайгæнæн бунат; 2) хъалагъурти къуар
Хъамуци – нæмæн, тохæн лæдзæг, æ бунккаг
кæрон – къоборгонд
Хъæстаргъ – курди дзаумау, æфсæйнаг кæбæл
надæуй, е
Хъæсхъæр цæлæ – ставд лæхурдæй конд цæлæ
Хъумайаг – ихуæрст, æцæгæлон
Хъутас (хъудас) – тумбул мурæ
Ц
Цæлхæмбурд – æмæмбурд
Цæмаузт – ехин аузт
Цæхгæр – гъæдин дзаумау
Церхъ – дууердигæй циргъгонд хуæцæнгарз
Цилпæ – 1) хъамил; 2) æнæгъудгонд хелæ
Цъ
Цъæмæлтæ – хуари уæлдæйттæ
Цъифхуар – хахуртæгæнæг, фудкойгæнæг, цъуххæссæг
Агунда – Елæхсæрдтони кизгæ
Агундæ – Ауари рæсугъд, Хæмици уосæ хæфси цари
Агундæ – Гори федари рæсугъд, Сослани фиццаг уосæ Агундæ-рæсугъд – Ацæмæзи уосæ, Сайнæг æлдари кизгæ Агундæ-рæсугъд – Бориати Борæфæрнуги кизгæ
Адæдзе (Адæдзе-рæсугъд) – Хори кизгæ, Цибалций уосæ Адæкезæ – Уадзæфтауи мадæ
Айгез æма Агузнæ – Субалци ке хæццæ истухтæй, уони æфсæдти финдздзæугутæ Айсана – Уорæзмæги фурт, Нокари фурт Æхсæ-Будаййи рамарæг Айсана-рæсугъд – Алумбегатæй, Тайсанай уосæ
Акула-рæсугъд – Хъара-денгиз æма Ахъ-денгизи астæу сакъадахи, Тамани будури цæрæг, Батрази уосæ Алаурди – сувæллæнтти незтæй гъæуайгæнæг изæд
Алæг – Нарти Батрази фиди фидæ
Алæгатæ – нартион муггаг
Алий – Сайнæги фурт
Алибег – Тотрази фурт
Алумбегати Алибег – Айсана-рæсугъди фидæ
Алцри – Æхсæртæгкати кизгæ, Борæфæрнуги уосæ
Анæгол – мудибиндзити баридауæг
Арæхцау – Деденæги номбæлфурт, Теуредзи фурт
Арган-Аурген – Хъара-денгизи билæмæ æфсæдтæгæнæг Асæхъ-Масæхъ-Гъолонрехæ – Сослан ке закъæ исхаста, е Астæ – адæмихатт, нæ рагфиддæлти ном
Астæуккæгтæ – Хуцауи тæрхон æнхæстгæнгутæ – Уодесæг, Алаурди æма Руни-Барæ Асти уосæ Агундæ – Елæхсæрдтон `ма Негор æлдари хуæрæ Ахъуз – къæсибадæг уоси лæг
Ацæ – Ацæти Ацæмæзи фидæ
Ацæмæз – Нарти нæртон хæтæлдзæгъдæг
Ацæтæ – нартион муггаг
Ацира-рæсугъд – Донбеттири кизгæ, Æхсар æма Æхсæртæги мадæ Æлди – Орæзмæги уосæ
Æнзорай фурт – Аци фурт мингий Ацæмæзи каййес
Æрдзимайхуæ – Дзимайхуи фурт, СосланГори федар сæттунмæ ке фæххудта, е Æставд лæдзæг Алмуталхъ – Нарти галдæрæг
Æфсати – сирдти æма цауæни баридауæг
Æхсар, Æхснарт – Уæрхæги фурт
Æхсæ-Будай – Нокари фурт
Æхсæртæг – Æхсари фазон
Æхсæртæгкатæ– Нарти зингæдæр муггаг
Багъодза – Æхсæртæгкати муггагæй
Барастур – Æцæг дуйней хецау
Барастури кизгæ – Сослани уосæ
Батраз – Æхсæртæгкати Хæмици фурт
Бецентæ – Нарти Хæмици каййестæ
Болат Хæмиц – Æхсæртæгкатæй
Борæфæрнуг – Бориати муггаги хестæр
Бориатæ – нартион номдзуддæр муггæгтæй еу
Борхуарали – Хуарелдари фурт
Будури изæд – хумтæ, игуæрдæнтæ, будуртæ ке бæрни æнцæ, еци уæларвон фæлдесонд Гæтæг – Сирдони фидæ
Гемудæ – Къантдзи фурт Сæууаййи бæх
Гумеритæ – Хуцау Нарти размæ ке сфæлдиста, еци фæлтæртæй еу Гуцмаз-æлдар – денгизи билæбæл цæрæг, Нарти Насиран ке хæццæ тухтæй, е Гъæдæрæхснæг – гъæди изæд, гъæди хецау
Гъæуизæд – гъæуи изæди хай
Дæлуймонтæ – сайтæнттæ
Деденæг – Ерæхсауи фидæ
Донбеттир – дони баридауæг, Ацира-рæсугъди ниййерæг Донбеттиртæ – денгизти, устур фордти цæргутæ
Дзендзет – Дзимайхуи фидæ
Дзимайхуæ – Æрдзимайхуи фидæ
Елæхсæрдтон – Гори федари цæрæг
Елæхсæрдтон – Негор æлдари æнсувæр
Елиа – арви нæрд æма арви æрттивди баридауæг
Ерæхсау – Ацæти Таувез æма Уацирохси фурт, Сослани хæццæ Гори федар сæттæг Еунæг – нартион бæгъатæр
Зевæг – Æхсæртæгкатæй, фунуктъиз
Зимайхуæ – Æрзæмайхуи фурт, Гори федар Сослани хæццæка саста, е Изæд – адæми дзæбæхдзийнадæбæл, федауцæбæл аразæг уæларвон исфæлдесонд Камбадати мæнкъæй Камбада – Хамици каййес
Кæнти Сæр-Хуæндонæ – Кæнти æлдар
Келæхсæн – Хузми федари хецау
Курдалæгон – уæларвон æрхигурд, курдон
Къантдз – Нарти Сæууаййи фидæ
Маргъуз (æнæ финдз Маргъуз) – Уасгергий æмсиахс Мæрзæздухт – Саулæги фурт
Минги Тотраз – Æлбеги фурт
Мадæ-Майрæн – æгас дуйней мадæ
Мисирхан – Мæйи кизгæ, Хæмици уосæ
Нарт (Нартæ) – уæйгути фæсте Хуцау ке сфæлдиста, еци фæлтæр Нарти Мæгуйраг – Ацæти æнсувæрти иуарæг
Нарти Насиран – тугъдон силгоймаг лæги дарæсти
Нарти фертæсгутæ – Нарти æртæст лæгтæ
Насиран-æлдар – нартион бæгъатæр, Тогус-æлдари æфсæдтæ ка ниддæрæн кодта, е Натар-Уатар – Сирдони фидæ
Негор æлдар – Нарти номдзуд бæхдавæг, Асти уорс аласа ка радавта, е Никкола – адæми лимæн, адæми фидæ
Нокара – Тухи фурт
Нокара-æлдар – Нокарай фурт
Ойнони Цалх – Нарти Сослани марæг
Руймон – æнахур, илгъаг, тæссаг цæрæгой, рæууес ке низзайуй еуæй-еу хатт хелаги хузи, уæхæн Сайтан – дæлуймон, æвдеу, фидбилизхæссæг, фудгæнæг Сатана – Нарти номдзуддæр силгоймаг, Уорæзмæги уосæ, Æхсийнæ, Æхсийнæ-æфсийнæ Сау Албæг – Сайнæги фурт, Хæмици марæг
Саулæг – Нарти бæгъатæртæй
Сау уæйуг – Сау хонхи цæрæг уæйуг
Сæдсæронтæ – уæйгутæ, æнахур тæссаг фæлдесондтæ Сæризæд – бийнонти изæди хай
Сæууай – Къантдзи фурт, Нарти дзæбæхтæй еу
Сибека – Дæллаг синхи федеуæг
Сирдон – Нарти хийнæдæр, циргъзунддæр лæг
Созурухъо -Нарти фæйнæгфарс
Соппæри æртæ фурти – Нартæй хъалонесгутæ
Сосæг-æлдар – Нарти Сослани фидæ
Сослан – Нарти гуппургинтæй еу
Сохтатæ – адæмихатт
Субæлци – Уæрхæг æма Ацира-рæсугъди фурт
Тайсана – Сатанай фурт
Таувез – Ацæти муггагæй
Тæтæрай фурт – Тæтæрати авд æрвадей кæстæр
Телбердий æртæ фурти – Нартæй хъалонесгутæ, Сослан сæ рамардта Тогус æлдар – денгизуордæг цæрæг, Насиран-æлдар æфсæдтæ кæбæл искодта, е Тула, Тулабег – Асти дуаргæстæ
Тъизмудæ – Хъæрæм Солтани уосæ
Уадæхезæ – Бориати уосæ, Æхсартæгкати кизгæ
Уадзæфтауæ – Ацæти Ацæмæзи уосæ, Адæкези кизгæ
Уадмеритæ – Хуцауи фæлдесондти кæцидæр фæлтæр
Уаз – Ацæмæзи фидæ
Уасгерги – Лæгти Изæд, фæндаг растгæнæг уæларвон бæхгин Уас-Тотур – Фæлвæрай фонсихатт гъæддон сирдтæй, æзнаггадæй гъæуайгæнæг Уацелла – уæларвон изæд
Уацил – Нокарай уоси басайæг
Уацирохс – Ацæти Таувези уарзон, Деденæги дуккаг уосæ, Ерæхсауи мадæ Уацирохс-Зæрдирохс – Нæртон Зивæги уосæ, Бориати муггагæй Уæйгутæ – Хуцауи фæлдесондти фæлтæр
Уæларвон Басил – Хуцауи уарзон адæймаг, Хуцауи рази лæууæг, дуйнейæн нæуæг цард дæттæг, зæронд анз æййевæг, нæуæг æнзтæ аразæг æма хуарздзийнæдтæ дæттæг
Уæрхæг – Нарти фиддæл
Уодесæг – адæймагæн Хуцау зæнхæбæл цæрун аккаг ку нæбал фæккæнуй, уæд ин æ уод æнæхатирæй ка сесуй, е
Уомар – Тухи фурт, уæйуг
Уон – Нарти номдзуд лæг
Урузмæг – Нарти номдзуд бæгъатæр, Æхсæртæги фурт, Хæмици фазон Урундухъ-æфсийнæ – унафгæр æфсийнæ
Фæлвæра– фонси баридауæг, изæд
Фидбилиз – дæлуймонти дуйней хецау
Фид-Уаней кизгæ – уæларвон Марсуги кизгæ
Хæмиц – Нарти номдзуд бæгъатæр, Æхсæртæги фурт, Урузмæги фазон Хириуфий Саулæг – Нарти кадæнгити устурдæрвудон архайæг, хевидхуар Хорцескæ – Хори кизгæ, Уони уосæ
Хуарелдар – хуартæ, тиллæгути баридауæг, изæд
Хуарз Хириуфий – нартион бæгъатæр
Хумбар – Нарти Устур хумгæнæг
Хуцау – дуйней сæр, дуйне исфæлдесæг
Хъæндзæргæс – æвдсæйрон уæйуг
Хъæрæм Саухал – Хъæрæм Солтани фидæ
Цæгæр Черегихъо – нартион бæгъатæр
Цæразон – Уæллаг синхи федог
Цибалци – Уæрхæги фурт, Адæдзей лæг
Авд Нарти – «СИРДОНИ МИУТÆЙ»
Адай цъопп – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Ауар (Ауарæ) – «СОСЛАН ÆМА ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗ» Ахкема – «ДЕДЕНÆГИ ТАУРÆХЪ»
Ахъ-денгиз – «НАРТИ СИНД»
Æрги нарæг – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Бестауи бæрзонд – «СОСЛАН ÆМА ТОТРАЗИ ФУРТ АЛИБЕГ» Гор – «СОСЛАН ГОРИ ФЕДАР КУД БАСАСТА»
Гори федар – «ГОРИ ФЕДАРИ ÆФСÆДТÆ»
Гъазæн туппур – «СОСЛАН ÆМА ÆЛБЕГИ ФУРТ МИНГИ ТОТРАЗ» Дæллаг дзиллитæ – УАСТЕРГИ ’МА ÆНÆ ФИНДЗ МАРГЪУЗ» Дæллаг синх – «ТЪИЗМУДÆ ÆМА НАРТИ ÆГÆНОН СИНД»
Дигоргом – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Дон (цæугæдон «Дон») – «ÆФСАТИЙ ÆМА ГЪÆДÆРÆХСНÆГ» Дзулати мæсуг – «НАРТИ ДЕДЕНÆГ ÆМА Æ ФУРТ АРÆХЦАУ» Идили дон (цæугæдон «Волга») – «АДÆКЕЗИ КИЗГÆ УАДЗÆФТАУÆ»
Курпи бæрзонд – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Мæцутæ – «СОСЛАН ÆМА ИУОÆНОНИ ЦАЛХ»
Менгитау – «СОСЛАН ГОРИ ФЕДАР КУД БАСАСТА»
Нарти бæстæ – «ОРÆЗМÆГИ ТАУÆРÆХЪ»
Нарти гъæу – «НАРТÆ ÆЗ – ХУÆЗДÆРУОНБÆЛ КУД ДЗУРДТОНЦÆ» Нарти Нихæс – «ОРÆЗМÆГИ КУВД»
Нарти Стур фæзæ – «УРУЗМÆГ ÆМА Е ’НÆНОМ ФУРТ»
Ногъай – «ОРÆЗМÆГИ ТАУÆРÆХЪ»
Нокарай зæнхæ – «СОСЛАН ÆМА ТУХИ ФУРТ НОКАРА»
Сау айнæг (Гори федар кæми ‘й, еци хонх) – «ГОРИ ФЕДАРИ ÆФСÆДТÆ»
Сау денгиз – «ТЪИЗМУДÆ ÆМА НАРТИ ÆГÆНОН СИНД»
Сау хонх – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Софиай дзæппаз – «ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗИ МÆЛÆТ»
Стур Гъазæн туппур – «СОСЛАН ÆМА ÆЛБЕГИ ФУРТ МИНГИ ТОТРАЗ»
Тамани будур – «НАРТИ СИНД»
Тарæ-ком – «НАРТИ УÆРХÆГ ÆМА Æ ФУРТИ ТАУÆРÆХЪ»
Тæгæри Тъæпæн – «НАРТИ СИНД»
Тæтæри гъæу – «УАСГЕРИ ’МА ÆНÆ ФИНДЗ МАРГЪУЗ»
Тимили будур – «СОСЛАН ГОРИ ФЕДАР КУД БАСАСТА»
Тубауи хонх – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Туркаг сахар – «УАСГЕРИ ’МА ÆНÆ ФИНДЗ МАРГЪУЗ»
Уазай æфцæг – «СИРДОНИ ХÆСНÆ»
Уазай бæрзонд – «СИРДОНИ ХÆСНÆ»
Уаскъопп – «НАРТИ УРУЗМÆГ ÆМА ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗИ ТАУÆРÆХЪ»
Уæллаг синх – «ТЪИЗМУДÆ ÆМА НАРТИ ÆГÆНОН СИНД» Уæрпп – «СОСЛАН ÆМА ТОТРАЗИ ФУРТ АЛИБЕГ»
Уæрппи бæрзонд – «ÆЛБЕГИ ФУРТ МИНГИ ТОТРАЗ»
Уæрппи хонх – «НАРТИ БАТРАЗ»
Уорс денгиз – «НАРТИ ОРÆЗМÆГ ÆМА КЪАНТДЗИ ФУРТ МИНКЪИ СÆУУАЙ»
Уорс хонх – «НОКАРИ ФУРТ ÆХСÆ-БУДАÆ»
Устур Нихæс – «НАРТИ УАЦАМОНГÆ»
Фæс-Нарт-Хузæдзæгат – «СОСЛАН ÆМА ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗ» Фæснæл – «УАЗИ ФУРТ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Хæрани туппур – «СОСЛАН ÆМА ТОТРАЗИ ФУРТ АЛИБЕГ» Хузæдзæгат – «СОСЛАНИ МÆЛÆТ ÆМА ОЙНОНИ ЦАЛХ»
Хузми федар – «НАРТИ ДЕДЕНÆГ ÆМА Æ ФУРТ АРÆХЦАУ» Хъазбеги хонх – «СОСЛАН ГОРИ ФЕДАР КУД БАСАСТА» Хъалæрдо – «ХУАРЕЛДАР»
Хъара-денгиз – «НАРТИ СИНД»
Хъара-Ногъай – «НАРТИ ОРÆЗМÆГ ÆМА КЪАНТДЗИ ФУРТ МИНКЪИ СÆУУАЙ»
Хъæреуи бæрзонд – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Хъæреуи хонх – «НАРТИ АЦÆМÆЗИ ЗАР»
Хъизлар – «НАРТИ ДЕДЕНÆГ ÆМА Æ ФУРТ АРÆХЦАУ»
Хъобан – «ÆФСАТИЙ ÆМА ГЪÆДÆРÆХСНÆГ»
Хъуми будур – «СОСЛАН ÆМА ТОТРАЗИ ФУРТ АЛИБЕГ»
Циуалтас – «СОСЛАН ÆМА ТУХИ ФУРТ НОКАРА»
Феппайуйнаг. Нарти кадæнгити архайгутæ æма архайди бунæттæй еуæй-еуетæ киунуги æмбæлунцæ хъæбæр берæ хæттити. Уомæ гæсгæ сæ æвдесæн еугай рауæнти.
Архайгути æма еуæй-еу бунæтти нæмттæ хецæн текстити æнцæ фæйнæ хузти финст, – зæгъæн: Урузмæг, Орæзмæг, Уорузмæг, Уорæзмæг; Ойнон, Уойнон, Иуойнон; Нарти Стур фæзæ, Нарти Стур Гъазæн фæзæ æма æндæртæ. Етæ дæр дзурдуæтти æвдист цæунцæ еугай хузти финстæй.
НАРТИ НÆМТТÆ КА ХÆССУЙ, ЕЦИ РАУÆНТÆ ДИГОРИ ÆМА УОНИ ÆВДЕСÆНДАРТÆ
1. Мæцути «Нарти Сослани обай».
2. Багъай (Багъайти, к.а.) тегъæбæл «Нарти Нихæс», Къумбулти гъæуи сæри. Ес си дортæ æвæрд зилдæй.
3. Лезгори буни «Нарти Нихæс». Ес си дортæ зилдæй.
4. Хæзнидони, Кети билæбæл «Нарти æртæ `нсувæрей уолæфæн бæласæ».
5. Секери сæри устур туппур хонунцæ «Нарти Нихæси туппур». 6. Æхсæрисæрæй Кæлухи астæу ес еу æрдозæ, æма уоми ес «Нарти Нихæс», æ дортæ ма ин æгас хонунцæ.
Æрдозæ хуннуй «Æфтуйæнтæ», Æрсаки.
7. Хъогъалухъти сæри, Дæргъæвси сæри æрбаррæстæ, ес æрдози гæппæл æма хуннуй «Нарти бæхтæ иуарæн».
ЦИГСÆИ-и архив, ф. 56, 23 (IV) п. 11 ф. Ни `й финста Хадати Берди, 1941.
8. «Астæуккаг Нартæ» («Нарти Гъазæн фæзæ») – Ирæфи дони галеу билгæронбæл, æндзæри, Донифарс æма Мæцути астæу. «Гъазæн фæзæ» Ирæфи дон æма зæнхи æрлæбурдтитæ æфхуæрунцæ `ма минкъийдæргæнгæ цæуй.
Тахъазти Федари дзурдтæй финст. Дзæуæгигъæу, 2.10.2001. 9. «Сослани ковæндонæ» æй дууæ Нарей (Уæллаг æма Дæллаги) астæу.
10. «Сослани бадæн дор» – æй æвæрд «Сослани ковæндони». 11. «Сирдони бадæн дор» – Багъайти, «Нарти Нихæси» зилдæй æвæрд устур дортæ дæргъеццон æнцæ, сæ еу ба æй цуппæртегъон. Æвæрд æй дортæн сæ хорæфтуйæн æрдиги. Фиддæлтæ куд дзори-уонцæ, уомæ гæсгæ, Сирдон еци дорбæл бадидæ. Нихæси адæм сæ кæрдтæ ци фæлмæн инсойнæ дорбæл циргъ кæниуонцæ, е дæр ма абони уæнгæ Нарти бадæн дорти рази `й.
Тамати Таймурази дзурдтæй финст. Дзæуæгигъæу, 7.11.1988.
Нари ракæсæни ес еу хумæ æма уомæй раздæр неци хуар рацæттæ уидæ (гъома, уомæй раздæр хуар некæми рацæттæ уидæ, к.а.). Уой фæдбæл рауадæй дзурд «Нæрæмон», зæгъгæ. Еци хумæ адтæй Нарти. ЦИГСÆИ-и архив, ф. 110, 88 (6) п. 173 ф.
Созаонти Дзитдзий дзурдтæй æй ниффинста Хъазбегти Хъазбег. 23.07.1940.
ЦУБУРГОНД ДЗУРДТÆ
в. – выпуск
д. – дело
ДС – Дигорские сказания по записям И.Т. Собиева, К.С. Гарданова и С.А. Туккаева, с переводом и примечаниями Всеволода Миллера. Москва, 1902.
ИАС – Ирон адæмы сфæлдыстад (Осетинское народное творчество), т. 1-2. Орджоникидзе, 1960-1961.
Изв. – Известия
«Ирæф» – Цæгат Иристони-Аланти финсгути Цæдеси журнал. Дзæуæгигъæу.
к.а. – киунугæ аразгутæ
м.а. – мухургонд адтæй
«Нарты» – Нартæ. Ирон адæмы героикон эпос (Осетинский героический эпос). М., 1 ч. – 1990, 2 ч. – 1989, 3 ч. – 1991. НК – Нарты кадджытæ. Ирон адæмы эпос. Дзæуджыхъæу, «Ирыстон», 2003.
оп. – опись
п. – папка
ПНТО – Памятники народного творчества осетин. Владикавказ, 1925, 1927, 1928, 1941.
р. – рауагъд
с. – сифæ
т. – том
ур. – уруссагау
ф. – нимæдзи разæй финстæй амонуй фонд, нимæдзи фæсте – фарс, кенæ – фæрстæ.
фольк. – фольклор
ЦИГСÆИ – Цæгат Иристони гуманитарон æма социалон æртасæнти институт.
ч. – чиныг