ФИППАИНÆГТÆ

ФИППАИНÆГТÆ (фыццаг том)

Коцойты Арсены уацмыстæ ацы рауагъды цæуынц æппæты æххæстдæр æмбырдгондæй. Дыууæ томы æппæтвæрсыгæй равдисдзысты фыссæджы сфæлдыстад. Фыццаг чиныг арæзт у радзырдтæй; уыцы жанры Арсен цы ныффыста æмæ дзы нæ къухы цы бафтыд, уыдон иууылдæр хаст æрцыдысты чиныгмæ (сывæллæттæн фыст радзырдтæй фæстæмæ). Фæлæ, фыссæгæн йæ архив абоны онг кæй нæма разынд, уымæ гæсгæ зын у радзырдты æххæст æмбырдгонд схонын. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар., К., К.). Уыйадыл, кæд дзæвгар библиографион куыст бакодтой йæ иртасджытæ, уæддæр кæронмæ бæлвырдгонд нæма сты йæ фыстытæ.

Арсен йæ фыццаг уацмыстæ фыста, кæнæ тæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ, афтæмæй уыдтой рухс. Æрмæст ын цалдæр радзырды бантыст рауадзын йæхи æвзагыл журнал “Æфсиры”. Советон дуджы дæр фыссæджы куыстытæ арæхдæр зындысты периодикон мыхуыры, фæлæ цалдæр хатты рауагъта Арсен хицæн чингуытæ дæр. Уыдоны сæйрагдæртæ сты: 1) Г.Коцойты. Радзырдтæ. Рауадзæг – Хуссар Ирыстоны Ахуырады Комиссарад, 1924 аз; 2) Арсен Коцойты. Радзырдтæ. Рауагъд II-аг, Мæскуы, 1927 аз; 3) Коцойты Арсен. Равзаргæ радзырдтæ, Цхинвал, 1929; 4) Коцойты Арсен. Радзырдты æмбырдгонд. Фыццаг чиныг, Орджоникидзе, 1934 аз; 5) Коцойты Арсен. “Фыдбылыз”, “Цæукъа æмæ фыркъа”, “Ханиффæйы мæлæт”, “Джанаспи”. Орджоникидзе, 1940 аз; 6) Коцойты Арсен. Уацмыстæ, фыццаг том, Дзæуджыхъæу, 1949 аз. (Ацы чиныг рацыд фыссæджы амæлæты фæстæ, бацæттæ йæ кодтой Ардасенты Хадзыбатыр, Епхиты Тæтæри æмæ Хъазыбегты Хъазыбег, радзырд ын ныффыста Епхиты Тæтæри). Чингуытæй рацыдысты Арсены уацмыстæ уырыссаг æвзагыл дæр.

Хицæн рауагъдтæ абаргæйæ куыд зыны, афтæмæй фыссæг йæхæдæг дæр, йæ редактортæ æмæ йæ рауадзджытæ дæр нæ арæзтой чиныг исты бæлвырд принципты бындурыл; уацмыстæ фæд-фæдыл æвæрд не сты нæдæр сæ ныффысты рæстæгмæ гæсгæ, нæдæр сæ темæтæм гæсгæ. Зæгъæм, 1-аг рауагъды “Сæумæрайсом” ис “Саломи”-йы фæстæ, афтæмæй “Сæумæрайсом”, иуæй, раздæр фыст уыд, иннæмæй, æвдисгæ дæр, раздæр чи уыд, ахæм хъуыддæгтæ кæны. Уый зæгъæн ис, Арсен йæхæдæг кæй арæзта, уыцы чингуытæй сеппæтæй дæр. Æрмæст 1949 азы рауагъды уынæм уацмысты сæ фысты рæстæгмæ гæсгæ равæрды фæлварæн. Къухфыст-æрмæг сæм кæй нæ уыд, уый азарæй чиныг аразджытæ, зæгъæн ис, ницы сбæлвырддæр кодтой фыссæджы сфæлдыстады хронологийæ; архайдтой, Арсен йæхæдæг цы рæстæг амыдта, уымæй. Афтæмæй зын бафиппайæн нæу, Арсены амынд азтæй бирæ гуырысхойаг кæй у, уый, йæхæдæг дæр сæ арæх ивта. Зæгъæм: “Фынддæс азыл” иу ран нысан кæны 1901 аз, иннæ ран – 1915 аз. Бæрæг у, йæ радзырдтыл, куы сæ ныффыста, уымæй дæсгай азты фæстæ зæрдаивæй кæй æвæрдта азты хыгъд, уымæ гæсгæ уыд фæрæдийæн дæр. Бæрæг у уый дæр, æмæ хаттæй-хатт радзырдты мидис комдзог цæуы амынд рæстæгыл: радзырд “Куыд мын алыгъдис”-ы фыссæг дзуры мидхæст, урс инæлæрттæ æмæ контрреволюцийы æфсæдты тыххæй, йæ фæстæ та æвæры: “1917 аз, Октябры агъоммæ”.

Ацы рауагъды пайдагонд цæуы 1949 азы æмбырдгонды фæлтæрддзинадæй, стæй Арсены иннæ чингуыты арæзты традицийæ. Фæлæ уымæй уæлдай хыгъд сты, фыссæджы сфæлдыстад цы цаутæ æмæ историон замантæ æвдисы, уыдон афонтæ дæр. Иуæрдыгæй, уацмысты равæрд у сæ фысты рæстæгмæ гæсгæ, иннæрдыгæй – сæ мидисмæ гæсгæ, афтæмæй чиныджы бæлвырддæр зыны, Арсен йæ рæстæджы историон рæзт æмæ цард куыд æвдыста, уый. Чи зоны, иуæй-иу уацмыстæ фыст уыдысты, цы бынаты сты, уымæй раздæр кæнæ фæстæдæр, фæлæ сæ раны сты иу царды уæрæх ныв ирддæрæй равдисыны тыххæй.

Чиныджы ис цалдæр радзырды, Арсен фæстæдæр кæуыл бакуыста, ног уацмыстæ кæмæй сарæзта, ахæмтæ. Уыдон сты варианттæ, фæлæ сын ис сæрмагонд радзырдты нысаниуæг дæр, сты хицæн æххæст уацмыстæ æмæ хаст цæуынц “Уæлæмхасæн”, зæгъгæ, уыцы хаймæ. Уырдæм бацыдысты, мыхуыры уырыссагау чи фæзынд, ахæм радзырдтæ дæр ирон æвзагмæ тæлмацæй.

Арсены уацмыстæн нæ баззад къухфыстытæ-автографтæ, æнæ уыдон та бæстон текстологон куыстæн бакæнæн нæй, зын раиртасæн сты, фыссæг йæ уацмысты стиль æмæ æвзагыл куыд æмæ цы хуызы куыста, уыцы фарстатæ. Иу кæнæ иннæ радзырды хицæн мыхуыры зыны чысыл ивдтытæ – уыдон фылдæр хатт вæййынц иугай дзырдтæ кæнæ хъуыдыйæдтæ, стæмдæр хатт – ныв æмæ бынæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон, фыццаджыдæр, Арсен йæхæдæг ивта. Фæлæ дзы кæд редакторты фæллой дæр ис, уæд та? Цалынмæ Арсены сфæлдыстады текстологтæ ацы хъуыддаг сбæлвырд кæной, уæдмæ наукон бындур нæ уыдзæн дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдты варианттæ æвдисынæн. Ивдтытæ æвдыст цæуынц 1949 азы рауагъды, стæй Епхиты Тæтæрийы монографийы (Епхиты Т. “Коцойты Арсен”, Орджоникидзе, 1955). Ам сæ нал фыссæм. Варианттæй хæссæм, уацмысы конфликт æндæр хуызы кæм ахицæн вæййы, кæнæ йын йæ мидис чи ивы, æрмæст ахæм бынæттæ. Тексттæ мыхуыр цæуынц абоны растфыссынады æгъдæуттæм гæсгæ, уымæй уæлдай сæм æвнæлд ницы хуызы ис. Арæх сæ æмбæлы варваризмтæ (æндæр æвзагæй ист дзырдтæ), стæй, ирон æвзагыл чи нæ фидауы, ахæм уырыссаг хъуыдыйæдты арæзт. Уыдон баззадысты, фыссæгæн йе стилы хиæдтæ цæмæй нæ фехæлой, уый тыххæй, йæхимæ куыд сты, афтæмæй. Зынæмбарæн бынæттæ, æндæр æвзагæй ист дзырдтæ æмæ, нæ рæстæджы стæм хатт чи æмбæлы, уыцы ирон дзырдтæ амынд цæуынц хицæнæй алы радзырдмæ, уацмысы фæд-фæдыл куыд сты, афтæ.

Фиппаинæгты цыбыргонд нысæнттæ

ХИ-24. – Г.Коцойты. Радзырдтæ. Рауадзæг – Хуссар Ирыстоны ахуырады комиссарад, 1924.

М-27. – Арсен Коцойты. Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.

ЦХ-29. Коцойты Арсен. Равзаргæ радзырдтæ, Цхинвал, 1929. РÆ-34. – Коцойты Арсен. Радзырдты æмбырдгонд, 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.

КА0-40. – Коцойты Арсен. “Фыдбылыз” æмæ æнд., Орджоникидзе, 1940.

“Уацмыстæ” – Коцойты Арсен. Уацмыстæ, фыццаг том, Дзæуджыхъæу, 1949.

РАДЗЫРДТÆ ( Радзырдтæн нæй автографтæ, уымæ гæсгæ хицæнтæй нысан нæ цæудзæн уыцы фиппаинаг).

Цуанонтæ

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт авторæн йæхи тæлмацæй уыд газет “Правда”-йы 1912 азы, “Помечтали”, зæгъгæ, ахæм сæргондимæ, уыдис ыл фыссæджы фæсномыг – Арсен Дарьяльский. Иронау раздæр рацыд альманах “Малусæджы” 1922 азы, йæ быны дыууæ дамгъæйы – А.К., стæй уыд Арсены чингуыты сеппæты дæр. Авторæн йæхи нысанмæ c8qc8 фыст æрцыд 1902 азы1(1 Арсен йæ уацмыстыл, кæд сæ ныффыста, уый нысан кæнын райдыдта æрмæст 1934 азы уагъд чиныджы. Ам амынд цæуынц фыссæгæн йæхи нысангонд азтæ). “Малусæджы” текст æмæ фæстаг редакциты ‘хсæн ис чысыл ивдтытæ.

Автор йæ фиппаинæгты амоны дыууæ гуырдзиаг дзырды нысан: 1) хъочах – сахъ, 2) чапартæ – æлдары фæддзутæ.

Лечъы бæстæ – афтæ хуыдтой ирон адæм Дагъистаны, рæсугъд къæлæсы уæрдон – файтон.

…йæ нард уыди… цыппар æнгуылдзы – нард барст цыди æнгуылдзы уæрхæй.

Фынддæс азы

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг мыхуыр уыд газет “Рæстдзинады”, N6, 1923 аз, йæ сæргонд уыд “Ныр цы?”, авторы фæсномыг – Габойты Габо. Уый фæстæ бацыд – ХИ – 24, æмæ фыссæджы иннæ чингуытæм дæр. Фæстаг редакцийы ис чысыл ивдтытæ.

“Уациллайы бон” æмæ “Сойгæнæн бонтæ” – дины бæрæгбонтæ.

Сæумæрайсом

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд газет “Рæстдзинады”, N 22, 1923 аз, уыдис ыл авторы фæсномыг – Габойты Габо. Уыд: ХИ-24, уый фæстæ – амынд чингуыты сеппæты дæр. Йæ вариант “Фидис” уырыссагау авторы тæлмацæй уыд газет “Кавказ”-ы 1901 азы. Фыст æрцыд 1902 азы.

Рæдыд

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг мыхуыр уыд альманах “Малусæджы”, æвæрд ыл уыд Арсены фæсномыг – Габойты Габо, бацыд фыссæджы радзырдты æппæт æмбырдгæндтæм дæр. Фыст æрцыд 1903 азы.

Æнæном радзырд

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг хатт уыд – РÆ-34. У 1903 азы фыст. миравоймæ прасенæ афыссын хъæуы – тæрхоны лæгмæ курдиат афыссын хъæуы.

гонорар – куысты мызд æхцайæ (журналист, фыссæг, нывгæнæг æмæ æндæртæн).

джиранка – уæзы барст, 400 граммы.

Ханиффæ

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Радзырды 1-аг вариант рацыд “Æфсиры” (N10, 1-11 фæрстæ), йæ сæргонд – “Ганиффæ”, авторы ном нысан уыд – Ар. К. Фæстæдæр ыл, кæд, уый бæрæг нæу, бакуыста ногæй, æмæ ацы вариант фæзынд – М-27, РÆ – 34.

Дыууæ варианты æхсæн ис зынгæ хицæндзинæдтæ. Фæстаг редакцийы, иуæй, йе ‘взаг фæаивдæр, иннæмæй, бынтон æндæр хуызы æвдыст æрцыд хъайтарты архайд, æмæ сын уымæй автор бæрзонд систа сæ уæздандзинад, сæ лæджыхъæд, сæ удты рæсугъддзинад.

Чысыл ивдтытæ бахаста Арсен хъайтарты нæмттæм: Ганиффæ – Ханиффæ, Дзаххотт – Дзанхот; Тега фыццаг варианты уыд Уæлладжыры комæй, дыккаджы – Дæргъæвсæй. Цымыдисаг у мæнæ ацы ивд дæр: “Тега бæхыл лæмæгъ хыссæйы куклайы хуызæн фидауы!” – “Тега бæхыл зыгуымы голлагау фидауы!” (Цас аивдæр у æрымысгæ фæлгонцæй адæмон хуызджын ныхас!) Фæлæ сæйрагдæр ивæнтæ сты, уацмысы мидис æндæр хуызон чи кæны, уыцы бынæттæ. Мæнæ, Тега æмæ Ханиффæйы ‘хсæн цы ‘рцыд, уый æвдисæнтæ:

1-аг вариант

Бæхыл хæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта иу усы худгæ цæсгом. Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Иу сахаты бæрц рацыдаид, уæд та дуар байгом и, æмæ уазæг рацыди æддæмæ, йæ фæдыл та уыцы ус, худгæйæ, рухсцæсгомæй.

2-аг вариант

Бæхыл хæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта усы тарст цæсгом.

Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Минуты бæрц рацыди, æндæр нæ, уæд та… æмæ а.д.

Бынтон æндæр хуызон у 1-аг варианты кæрон. Ам æй мыхуыр кæнæм: Æмæ радзырдта Ганиффæ, хабар куыд уыди, цы уыди – сæрæй-бынмæ. – Зæгъут мын сымах ныр, æндæр исты гæнæн ма мын уыди?! Афтæ фæци Ганиффæ йæ ныхас.

Къорд минуттæ уаты хъыпп-сыпп нал ссыди, æртæ дæр æнæ дзургæйæ, æнæзмæлгæйæ, лæууыдысты.

– Бæлвырд, æндæр хуыздæр гæнæн ын нал уыди, – сдзырдта зæронд лæг.

– Æндæр гæнæн ын нал уыди, – загъта йæ фæдыл Тасолтан дæр. – Фæлæ æфхæрд тугæй æхсинаг у.

– Ай-гъай, æфхæрд тугæй æхсинаг у, – загъта зæронд лæг æмæ сыстади бандонæй.

Дыууæ дæр рацыдысты.

х х х

Уыцы æхсæв Тега дис кодта, цæмæн æрæнкъарди фысым, цæмæн фендæрхуызон йæ ныхас, – фæлæ йæ бæхыл куы абадти, бузныг æмæ хæрзæхсæв куы загъта фысымæн, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, кæд, зæгъгæ, ай Тасолтан йæхæдæг у.

– Уæдæ мæ ай маст исынмæ агурдзæн, – загъта йæхинымæры Тега, – агурдзæни, æмæ йын мæхи куы нæ бацамонон, уæд мæ кæм ссардзæни?.. Хъуамæ ма бамбæхсон. Бамбæхсын Тегайæн худинаг у.

Гъе, уый тыххæй схъæр кодта Тега йæ ном, уый тыххæй загъта фысымæн:

– Сæр дæ куы бахъæуа, уæд бæрæг кæн Уæлладжыры коммæ Тогойты Тегамæ.

Йæ хæдзармæ куы ‘рцыди Тега, уæд æрхъуыды кодта йæ балцы хабар æмæ загъта йæхинымæры:

– Бæлвырд уый уыди Тасолтан йæхæдæг.

Тега æнæ хъусгæ нæ уыди Тасолтаны хъæбатырдзинады тыххæй, æмбæрста, уыимæ йæ зæрдиаг хæст кæй хъæудзæни, æмæ цæттæ дардта йæхи.

Тасолтан та æцæг зилын райдыдта Тегайыл. Уый афтæ загъта: “Æз нал æркæндзынæн бынат, нал бацæудзынæн мæ усы уатмæ, цалынмæ уыцы уæлладжырон зæххыл цæуа!..”

Иу бон Уæлладжыры фæдис фæцыди: чидæр аскъæфта фондзаздзыд сывæллоны.

Фæдисонты æппæты разæй фатау тахти йæ диссаджы араббаг бæхыл Тогойты Тега…

Мæнæ, мæнæ дыууæ-æртæ минуты ма æмæ скъæфæджы баййафдзæни æмæ сывæллоны байсдзæн. Тега топп æргъæвдæй дардта, фæлæ йын багæрах гæнæн нæ уыди: сывæллоны ныццæвынæй тарсти.

Æвиппайды скъæфæг сывæллоны зæхмæ æрæппæрста, æргæпп кодта йæхæдæг дæр æмæ сывæллоны аууонæй топп фæдардта Тегамæ.

Уый уыди Тасолтан. Тегаимæ комкоммæ схæцынмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ йыл хинæй рацыди. Уый хъуыста Тегайы хъæбатырдзинады тыххæй, хъуыста, фæдисы кæддæриддæр йæ араббаг бæхыл разæй кæй вæййы, æмæ сфæнд кодта бон сихорафон сывæллоны раскъæфын.

Ныр Тега топпы дзых йæхимæ арæзтæй куы федта, уæд бамбæрста Тасолтаны хиндзинад, бамбæрста, фæлæ уæддæр багæрах кæнын нæма уæндыди, сывæллонæн тæрсгæйæ.

Уалынмæ топпы хъæр фæцыди…

Диссаджы топпæхсæг уыди Тасолтан: ныхмæ хъавыди Тегайæн æмæ ныхы астæу ныццавта.

Хъыпп-сыпп нал сфæрæзта Тега.

Базгъордта йæм Тасолтан, йæ сæр ын хордзены авæрдта, багæпп кодта бæхыл, æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта.

Уый æртыккаг бон Тасолтан, йæ сæр бæрзæндты хæсгæйæ, сæ хъæумæ куы фæцæйцыди, уæд адæм загътой:

– Худинагæй нæ баззади Тасолтан, йе ‘фхæрд знаджы тугæй цæхсадта.

Цы уыдзæн, цы

Мыхуыр цæуы – РÆ-34 текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт фæзынд “Малусæджы”, 1922 азы, нысан ыл уыд авторы фæсномыг – Габойты Габо, радзырды æххæст сæргонд уыд “Цы уыдзæни, цы?.. Цы уыдзæни?” Уый фæстæ ма бацыд Арсены чингуытæм: ХИ-24, М – 27. Ныффыста йæ 1904 азы.

Кусеткæ (уырыссаг – кушеткæ) – къаннæг, нывæрзæнджын дивангонд; тæрхæг.

Гигойы куадзæн

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг хатт рацыд “Æфсиры”, (N 10, 1910 аз). Уыд – РÆ-34, фæстæдæр дзы фыссæг сарæзта иуактон пьесæ æмæ 1940 азы рацыд хицæн чиныгæй. Пьесæ Æппæтцæдисон конкурсы райста преми. Фыст æрцыд 1910 азы.

Хæлæрттæ

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг мыхуыр уыди уырыссагау авторæн йæхи тæлмацæй газет “Правда”-йы 1912 азы. “Æмбæлттæ”, зæгъгæ, ахæм сæргондимæ фæзынд “Рæстдзинады”, N 56, 1926 аз; уыд: М-27, ЦХ – 29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1912 азы.

денщик – революцийы агъоммæ: афицеры æххуысгæнæг (лæггадгæнæг) салдат.

магазинкæ – ам: хæцæнгарз.

Ваше высокоблагородие! – сидæн, афтæ паддзахы æфсады дзырдтой афицертæм, хистæр æфсæддон цинтæм.

Афтæ дæр вæййы

Мыхуыр у “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд “Рæстдзинады”, N 62, 1926 аз; уыд газет “Хурзæрины”, N 3, 1927 аз; альманах “Зиуы” 1927 азы. Бацыд авторы чингуытæм: ЦХ – 29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1913 азы.

Тохы бон

Ист у “Уацмыстæй”. Мыхуыр уыд журнал “Фидиуæджы”, N 11 – 12, 1927 аз. Бацыд – РÆ-34.

Хицæн редакциты æхсæн ис ивдтытæ, фыссæг систа, мидис раргом кæнын æмæ фæлгонц аразынæн бæлвырд ахъаз чи нæ уыд, уыцы афыстытæ. Фыст æрцыд 1915 азы.

рацъон фæрæт – фæтæнком фæрæт. Ирыстонмæ æфтыд Рацъæй, ныгуылæн Гуырдзыстоны районæй.

адли – дæргъбарæн, уыд 0,71 метры бæрц.

гололобый – ахæм æфхæрæн номæй хуыдтой Уæрæсейы колонизатортæ æмæ шовинисттæ кавказæгты.

городовой – паддзахы Уæрæсейы: горæты пъæлицæйы дæлдæр бынаты кусæг.

Фыдбылыз

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг хатт рацыд – “Мах дуг”, N 3-4, 1935. Уыд КА-40. Фыст кæд æрцыд, уый бæрæг нæу.

Ацы хабар Къостайы царды æнæмæнг уыд, стæй радзырды иннæ архайджытæ чи уыдысты, уый сбæлвырд кæнын нæма бантысти.

Курскаг слабодкæ – Дзæуджыхъæуы иу хай.

венаг бандон – зындгонд уыд горæт Венæйы конд хъæдын дзаума. баритон – нæлгоймаг зарæггæнæджы хъæлæс.

реалон скъолайы надзиратель – ам: скъолайы хъахъхъæнæг. самовар – донфыцæн згъæр мигæнæн, тæвд кæны, йæ мидæг ын зынджытæ бавæрынц, афтæмæй.

Йе ‘фсымæр облæстон газеты редактор куы у… – Ам ныхас цæуы газет “Терские ведомости” æмæ йæ æнæофициалон хайы редактор Г.В.Вертеповыл. Къоста 1899 азы Херсонмæ хаст куы уыд, уæд Цæлыккаты Аннæмæ фыста газетты тыххæй: “Надо бы и владикавказскую газету, да не знаю какую. “Казбек” я не люблю, а “Терские ведомости” – ненавижу, а между тем, первую придется просить даром, обещав посылать им что-нибудь, а “Терские ведомости” – выписывать из-за приказов Каханова и передовиц Вертепова. Как бы ни было, но мне надо быть всегда в курсе событий в Терской области” (т.V, стр. 89).

Царды зилдухæны

Ист у “Уацмыстæй”. Мыхуыры уыд “Фидиуæджы”, N 5-6, 1927, стæй – РÆ-34. Фыст æрцыд 1914 азы.

рессин æмæ ресфедер – нывтæ, хуызæгтæ аразæн кусæнгæрзтæ, инструменттæ.

тузуркæ (уырыссаг – тужурка) – хæдзары мидæг уæлæдарæн дзаума. картæ – ам: хæринæгты номхыгъд сæ æргътимæ.

Тазырæт

Ист у “Уацмыстæй”. Мыхуыр уыдис “Фидиуæджы”, N 3-4, 1927 аз, стæй – РÆ-34. Фыст кæд æрцыд, уый бæрæг нæу. Мыхуырты йыл автор йæхæдæг цы рæстæгтæ нысан кæны, уыдон раст не сты. Радзырды тексты ис ахæм ныхæстæ: “1916 азы, æрæгвæззæджы, Тазырæт рараст ис…” Афтæмæй бæрæг у, уацмыс 1916 азæй раздæр фыст кæй нæ уыдаид, уый. Млет – хъæу Гуырдзыстоны, Арвыкомы фæндагыл.

акцизон чиновник – паддзахы Уæрæсейы: адæмæй хъалонтæисæн куыстуаты кусæг.

артельщик – æмгуысты тыххæй чи баиу вæййы, ахæм къорды уæнг. Ам: нефтгуырæнты хицæуттæй иу.

Нобелы нефтгуырæнтæ – революцийы размæ Бакуйы нефтгуырæнтæ уыдысты фæсарæйнаг капиталистты къухы.

патрультæ – æфсæддонтæ, кæнæ пъæлицæйы кусджытæ.

браунинг – хæдæхсгæ дамбаца.

ливор – дамбаца.

инфлуэнцæ (итайлаг) – улæфæнты рог простудæ.

Цыппар æмæ ссæдз боны

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд “Мах дуджы”, N 2, 1934 аз, стæй – РÆ-34. Фыст æрцыд 1916 азы.

апати (бердзенаг, апатия) – адæймаджы æппындæр куыницыуал фендавы, ахæм уавæр; æрхæндæг, уæнгмард.

инертад (латинаг) – адæймагмæ архайын, истæмæ тырнын куынæуал фæцæуы, ахæм уавæр.

рясæ – сауджыны пæлæз.

Куыд мын алыгъдис!

Мыхуыр цæуы – РÆ-34 текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд газет “Хурзæрины”, N 18, 1926 аз. Автор ын йæ ныффысты рæстæг амоны – “1917 аз. Октябры агъоммæ” – фæлæ уый раст нæу. Радзырды ныхас цæуы контрреволюцийы рæстæгыл, уымæ гæсгæ йын ныффыссæн нæ уыд Октябры агъоммæ.

Газеты текстæн уыд ахæм бацæуæн: “Мæскуыйы 1918 азы царды нывтæй. Ахæм зындзинæдты Уæрæсе бахаудис паддзах æмæ стыр хæсты аххосæй. Уыцы зындзинæдтæй йæ фервæзын кодта Советон хицауад”.

Хус къæбæртæ

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Уыд – ЦХ-29, РÆ-34. У 1917 азы фыст.

Паддзахы галуаны æрцарди æмæ ма мах мæт кæны! – ныхас цæуы Рæстæгмæ хицауады сæргълæууæг Керенскийы тыххæй.

анархи – æнæзакъон æмæ æнæгъдаудзинад куы сиу вæййынц, ахæм хæццæ рæстæг.

Пресня – Мæскуыйы район.

Цæукъа æмæ фыркъа

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг хатт фæзынд журнал “Пионер”-ы N 1, 1940; уый фæстæ – КА-40. Арсены иннæ чингуыты нæ уыд. Фыссæг ыл нысан кодта 1913 аз. Фадат ын уыд, афтæмæй уацмыс 1940 азы онг мыхуыры кæй нæ фæзынд, уый гуырысхойаг кæны уыцы рæстæг. Фæлæ кæдфæнды фыст уæд, уæддæр йæ идейон-аивадон ахадын къаддæр нæ кæны. “Пионер”-ы тексты ма йæ кæроны уыд: “Зыд цæстæнгасæй афæлгæсыди йæ цæрæнуатыл æмæ дзы ауыдта йæхи хуызæн цæрæгойты. Æмæ йыл мæнæ æмбырдтæ кæнын байдыдтой сæгуыттæ, сычъитæ, дзæбидыртæ, цин кæнгæйæ рауын-бауын кодтой сæ ног уазæджы æмæ дзырдтой кæрæдзийæн: – Нæхи у. Цæрæд немæ сæрибары цардæй нæ уæгъды бæрзæндтыл”.

Æнхъæл нæ уыдысты

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Бацыд Арсены чингуытæм: М- 27, ЦХ-29, РÆ-34.

Автор ыл цы рæстæг нысан кæны, уымæ гæсгæ фыст æрцыд 1928 азы. Фæлæ уый раст нæу. Радзырд ис, 1927 азы фыссæгæн Мæскуыйы цы чиныг рацыд, уым. Афтæмæй 1927 азæй фæстæдæр фыст не ‘рцыдаид.

фуражкæ кокардæимæ – формæйы худ бæрæгдарæн значокимæ. хизантæ – Чысаны ирон адæм.

Къаспийы станцæ – цæрæнуат Гуырдзыстоны.

прейскурант – ам: хæринæгтæ æмæ сæ æргъты номхыгъд.

“Цæрæнбоны зарæг” – гуырдзиаг адæмон зарæг “Мравалжамиер”. Захъор – хъæу Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы.

Ахалгур – ныры Ленингор, цардысты дзы Чысаны Ерыстау æлдæрттæ. аукцион – базар; уæййаг дзаума кæнæ фос балхæндзæн, аргъ фылдæр чи дæтта, уый.

Душет – хъæу Гуырдзыстоны.

Æнæхъус Карум

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт фæзынд “Фидиуæджы”, N 5-6, 1927 аз, бацыд – ЦХ-29, РÆ-34. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу.

къогъодзитæ – къахыдарæс, рæхсæнтæй быд æрчъитæ.

чуститæ – сылгоймаджы дзабыртæ

духантæ – ам: хæрæндонтæ.

мамадзагълотæ – гуырдзиаг æлгъыст (куыдзы фырт).

толма, дзехви, хашлама – гуырдзиаг хæринæгтæ.

манети (гуырдзиаг) – сом.

тамада – куывды (бадты) хистæр.

къацо (гуырдзиаг) – лæгай.

шени чъири ме (гуырдзиаг) – дæ низтæ мæн уæнт.

шен генацвале – рæвдауæн дзырдтæ гуырдзиагау.

ицохле (гуырдзиаг) – бузныг.

шен мамадзагъли, шен дедас… (гуырдзиаг) – æнæфсарм æлгъыстытæ. Ахалгур – кæс фипп. 393 фарсыл.

Душет – кæс фипп. 393 фарсыл.

Цыппар туалладжы

Фыццаг хатт рацыд “Фидиуæджы”, N 1, 1927 аз. Авторы ном нысан уыд – Ар. К. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Нæ бацыд Арсены чингуытæм. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу.

Тексты мидисмæ гæсгæ цыппар æмбалы “туаллæгтæ” не сты, фæлæ сты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ.

“Собрание æркæсæд, постановлени рахæссæд, доложит æй скæнæд”… æмæ дарддæр – ам радзырды дыууæ архайæджы фæзмынц æмæ худынц, иронау дзургæйæ уырыссаг æмæ гуырдзиаг дзырдтæй æвзаг æнæхъуаджы чи хæццæ кæны, уыдоныл. Арсен стыр аргъ кодта æндæр адæмты æвзæгтæн, йæхæдæг иттæг хорз зыдта уырыссаг æвзаг (хуымæтæджы нæ куыста Ленины “Правда”-йы корректорæй!), кæм хъуыд æмæ æмбæлд, уым дзы пайда кодта, фæлæ нæ быхста æвзаг арвистон кæнын. Куыста æмæ архайдта ирон литературон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл. Ныффыста сæрмагонд фельетон “Ирыстоны нæуæг паддзах” (газет “Хурзæрин”, N 21, 1927 аз), уым цыргъзонд æмæ рæстдзæвин ныхæстæй фæхудт, æцæгæлон дзырдтæй æвзаджы фидауц чи халы, уыдоныл.

Радзырды Арсен хъæлдзæг юморы фæрцы худы хицæн адæймæгты хъæнтыл; кæд цалдæр хабары æрхаста, уæддæр гуырысхойаг нæ кæны ирон æгъдæуттæ уазæг хынцыны тыххæй. Уымæн æвдисæн фæстаг хабар.

Дадолты мæт

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд “Хурзæрины”, N 2, 1928 аз, йæ сæргонд – “Хæддзутæ”. Ног сæргондимæ фыццаг хатт бацыд – ЦХ-29. Кæд фыст у, уый бæрæг нæу. Радзырдæй Арсен сарæзта пьесæ “Сау мигъ”.

Бафиппаинаг у, дæсны Биганоны сурæт тынг хæстæг кæй у радзырд “Хины” (кæс 360 фарс) архайæг дæсны Айсæты сурæтмæ; фæстаг уацмыс мыхуыр уыд 1901 азы.

тæгиаг (тæгиан) – Тæгиатæй, Иры уæздæттæй (ивгъуыд заманы). хæрдгæйæ арæзт дзабыртæ – сыгъзæринытылд æндæхтæй нывæфтыдтимæ. батист къабайаг – тæнæг хуызджын хъуымацы мыггаг.

зин – дæлимон, хæйрæг.

æнæзæгъинæгтæ – хæйрæджытæ.

сивыр – хъæдын дзаума, йæ астæу хуынчъытæ.

Хъусой

Мыхуыры цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд – РÆ- 34. Ныффыста йæ 1920 азы.

Ханиффæйы мæлæт

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд “Мах дуджы”, N 4, 1934 аз, йæ сæргонд уыд “Куыд амард Ханиффæ”. Ног сæргондимæ фæзынд – КА-40. Кæд æй ныффыста, уый бæрæг нæу. трефты дамæ – хъазæн къамты, сау цыппæртигъон нысан кæуыл ис, уый.

фæхеры кæнын – фæхъеллау кæнын.

Æхцайы чырын

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг мыхуыр уыд “Фидиуæджы”, N 9-10, 1927 аз. Бацыд чингуытæм – ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1920 азы.

Саломи

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг хатт фæзынд “Рæстдзинады”, N 2, 1923 аз, бацыд чингуытæм: ХИ-24, М-27, ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1921 азы.

Фембæлдысты

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг мыхуыр уыд “Фидиуæджы”, N 1, 1928 аз. Ис чингуыты: ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1921 азы.

…Инæлары ус… цыди фыццаг къласы, хицæн купейы… – революцийы агъоммæ вагæттæ дих цыдысты цалдæр къласыл, уæздæттæ æмæ хъæздгуытæ цыдысты 1-аг къласы.

Ахалкалак – цæрæнуат Гуырдзыстоны.

Мырзæджы карьерæ

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт уыд – РÆ-34. У 1922 азы фыст.

приказчик – дуканийы æххуырст кусæг, уæйгæнæг.

оппортунист – йæхи пайдайæн уавæртæм гæсгæ чи ивы, адæмы хъуыддагыл гадзрахатæй чи рацæуы, ахæм адæймаг.

бюрократ – зæронд фæрæзтæй чи кусы, хъуыддагæн йæ рæзтыл чи нæ архайы, æрмæст ын йæ æддаг хуыз чи кæны, ахæм кусæг.

агуиан – иу агæй цы арахъ рацæуы, уый.

Декрет

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт уыд – РÆ-34. Фыст æрцыд 1924 азы.

требæтæ (треба) – дингæнæг адæмæн сæхи фæндонмæ гæсгæ сауджынтæ цы дины æгъдæуттæ кодтой (дзуар æфтауын, аргъауын), уыдон. крест – аргъауæн дзуар

скуфиа (скуфья) – чырыстон дины кусджыты хъæдабæ цъупхуд.

Бимболы карьерæ

Ист у “Уацмыстæй”. Фыццаг хатт уыд – РÆ-34. Фыст æрцыд 1922 азы. юнкерты скъола – паддзахы Уæрæсейы: æфсæддон скъола.

подпоручик – паддзахы æфсады афицеры цин.

цурыд кæрчытæ – царвы физонæггонд кæрчытæ.

малаканты слабодкæ – Дзæуджыхъæуы иу хай.

Æрхондон – къаннæг дон станицæ Къардонмæ æввахс.

оратортæ – ам: æмбырды чи ныхас кодта, уыдон.

керменисттæ – Цæгат Ирыстоны революцион парти “Кермен”-ы уæнгтæ.

Цы ‘рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв

Рацыд “Фидиуæджы”, N 3-4, 1927 аз. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Фыссæджы чингуыты никуы уыд. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу. женотделтæ – сылгоймæгты хъуыддæгтæм чи каст, ахæм чыртæ. муниципализаци – паддзахад хицæн адæймæгты бар куы байсы зæхх æмæ æндæр исбонæй æмæ йæ горæт кæнæ хъæуы хиæвзæрст хицауадæн куы радты, уæд уый.

национализаци – бонджынты исбон (зæхх, банчытæ, заводтæ) райсын æмæ йæ паддзахады исбон скæнын. Пролетарон национализаци у адæмы пайдайæн, социалистон цардæвæрды бындур.

Тъбет – хъæу Хуссар Ирыстоны, Цхинвалмæ хæстæг.

Дыууæ фембæлды

Мыхуыр цæуы “Уацмысты” текстмæ гæсгæ. Уыдис ма “Мах дуджы”, N 3- 4, 1934 азы. Йæ фысты рæстæг бæрæг нæу. Радзырд хæстæг лæууы аивадон очеркмæ, æгæр идеализаци кæны йæ рæстæджы колхозты цард.

батрак – зæхджын æмæ кулакмæ æххуырст кусæг.

æрцæуæггæгтæ – хохæй быдырмæ ралидзæг мæгуыр адæм.

саботаж – куыст къуылымпы кæнынæн мадзæлттæ аразын.

Фыдæбоны чызг

Ист у “Уацмыстæй”. Мыхуыр ма уыд “Мах дуджы”. Фыст æрцыд 1940 азы. Фыццаг хатт сæргонды бынмæ къæлæтты фыст уыд – “радзырд”, фæлæ йæ автор ахахх кодта. Йæхæдæг уыдта, æвæццæгæн, уацмыс аивады æууæлтæй æххæст кæй нæ у, радзырдæй очеркмæ хæстæгдæр кæй у, уый. кавалер – чызгимæ чи кафы, хъазт кæнæ æндæр æхсæнадон бынаты йæм хъус чи дары, ахæм лæппу.

Ферганы канал – зындгонд канал Узбекистаны, арæзт æрцыд советон дуджы.

каналы трассæ – канал кæуылты цæудзæн, уый бæрæггонд хахх зæххыл кæнæ картæйыл.

шурф – зæххы исты сгарыны тыххæй бынмæ цы нарæг уæрм ныкъкъахынц, уый.

æвдисæгтæ – куысты æнтысты бæрæггæнæнтæ.

дæлджинæг – бæрзонд былæй арф æрхмæ хауæн.

æндæуæгъ – æмерысгæнæг (уарзты).

Габо

Ист у “Уацмыстæй”. Уыдис чиныг “Мæлæт немыцаг оккупанттæн”-ы 1942 азы.

Радзырд хæстæг у очеркмæ, æвдисы цалдæр нывы Советон Цæдисы Хъайтар, инæлар Хетæгкаты Георгийы æвзонджы бонтæй.

Цымийы хъæу – ис Зæрæмæджы зылды.

гамхуд – адæмон сфæлдыстады: уыцы худ чи ныккæна, уый ничиуал уындзæн, йæхæдæг та уындзæн алцы дæр.

Нарыдон æмæ Арыдон – дæтты нæмттæ Зæрæмæг æмæ Нары зылды.

Сæгъ æмæ чиныг

Рацыд газет “Хурзæрины”, N 30, 1927 аз. Фыст дæр æрцыдаид уыцы аз. Ам мыхуыр цæуы “Хурзæрин”-ы текстмæ гæсгæ. Фыссæджы чингуыты никуы уыд.

Сæргонды бын къæлæтты фыст ис – “Индиаг таурæгъ”. Уый æрмæстдæр у аивадон фæрæз, æцæгæй та таурæгъ у Арсены оригиналон уацмыс. Фыссæг æмбисонды хуызы дзуапп дæтты, 20-æм азты ирон литературон æвзаджы тыххæй быцæутæ цы фарстаты фæдыл цыдис, уыдонæн. Уыди дыууæ фæндоны: иуæрдыгæй, Тыбылты Алыксандр фыста, цæмæй ирон национ литературæ арæзт цæуа иу диалектыл – Темырболат, Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Цомахъы æвзаджы бындурыл; иннæрдыгæй, Къосирати Сæрмæт домдта, цæмæй дыгурон диалектыл дæр цæуа хицæн литературæ. Историон æгъдауæй Тыбылы-фырты хъуыды уыд растдæр, уымæн æмæ иу адæмы национ литературæйы æвзагæн нæй диалекттыл хицæнтæгæнæн. Арсен дæр хæцыд Тыбылы-фырты хъуыдыйыл, ныффыста цалдæр уацы, уыдоны æвдисы, фæйнæрдæм хæцгæйæ нæ, фæлæ æмдыхæй аразын кæй хъæуы иу литературæ иу диалекты бындурыл.

Таурæгъ ирдæй æвдисы, сæ зонд иу чи нæ кæна, уыдон рухс æмæ хорздзинадыл куыд нæ фæхæст уыдзысты, уыцы хъуыды.

Буддæ – Инди æмæ æндæр скæсæйнаг бæстæты чи ныффидар, уыцы дины ахуырад буддизмы мифон бындурæвæрæг, æвдыст цæуы хуыцауы хуызы.

ФИППАИНÆГТÆ (дыккаг том)

Коцойты Арсены уацмысты II-аг том арæзт у фыссæджы бирæкъабазджын сфæлдыстады алы хуызтæй. Афтæ æххæст æмæ æппæтвæрсыгæй цæуынц фыццаг хатт. Иу-цалдæр уацмысæй фæстæмæ ацы томы æрмæг никуы уыд Арсены раздæры чингуыты, нæ уыд æмбырдгонд æмæ систематизацигонд. Уыйадыл томы арæзт у уыцы хъуыддаджы фыццаг фæлварæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нырма къухы нæ бафтыд Арсены æппæт фыстытæ раиртасын æмæ æрæмбырд кæнын.

Чиныг арæзт у цалдæр хайæ, хæйттæй иуæй-иуты ис хицæн циклтæ. Фыццаг хаймæ бацыдысты прозæйæ фыст уацмыстæ – уыдон сты Арсены сфæлдыстады сæйрагдæр хуыз. Сæрæвæрæн сын у повесть “Джанаспи”, авторы зынгæдæр уацмыс. Роман “Кæфхъуындар” кæд раздæр æрцыд фыст æмæ мыхуыр, уæддæр, æнæхъæн уацмыс кæй нæ у, уый тыххæй лæууы повесты фæстæ. Афтæмæй æвæрд не сты хронологимæ гæсгæ. Фæлæ ацы хайы дæр æмæ иннæты дæр циклты мидæг хицæн уацмыстæ æвæрд цæуынц хронологийы уагыл.

Дыккаг хай арæзт у пьесæтæй. Уыдонæй алкæмæн дæр ис прозæйæ фыст вариант æмæ мыхуыр цæуы 1-аг томы, фæлæ драмон варианттæ сты æххæст æмæ сæрмагонд аивадон уацмыстæ, уымæ гæсгæ хаст цæуынц хицæн хаймæ оригиналон уацмысты хуызæн.

Æмдзæвгæтæй Арсен ныууагъта цалдæр уацмысы, уыдон ифтонг не сты аивадæй, рæвдздæр сты дыууæ поэмæйы æмæ бацыдысты чиныгмæ. Хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у Арсены публицистикæ, дзуры алыхуызон æхсæнадон, этикон æмæ культурон фарстытыл. Уымæй уæлдай Коцойы-фырт бирæ азты дæргъы газеттæм фыста алыхуызон лыстæг хабæрттæ æмæ уацхъуыдтæ, пропагандæ кодта наукæ æмæ техникæйы ногдзинæдтæ, ирон æвзагмæ ивта, мыхуыр кодта хæдзары рæзтæн ахъаз чи у, ахæм уынаффæйы фыстытæ, истори æмæ дунезонæн уацтæ. Утæппæт куыстытæй чиныгмæ хаст цæуынц, фыссæджы æхсæнадон-политикон, этикон æмæ культурон домæнтæ искæцырдыгæй чи æвдисы, æрмæст ахæмтæ. Уацмыстæ кæрæдзи фæдыл æвæрд сты, иуæй, сæ темæтæм гæсгæ, иннæмæй, сæ фысты рæстæгмæ гæсгæ, афтæмæй аразынц хицæн циклгæндтæ.

Текстты мыхуыр æмæ фиппаинæгты арæзт у 1-аг томы принципты бындурыл.

Уацмыстæн нæй къухфыстытæ – уыцы фиппаинаг хицæнæй амынд нал цæудзæн. Бæрæг нæу, кæд сæ фыста, уыцы рæстæг, уымæ гæсгæ амынд цæуы æрмæст сæ мыхуырты рæстæг.

ФИППАИНÆГТЫ ЦЫБЫРГОНД НЫСÆНТТÆ

РÆ-34. – Коцойты Арсен. Радзырдты æмбырдгонд, 1-аг чиныг, Орджоникидзе,

1934.

КА-40. – Коцойты Арсен. “Фыдбылыз” æмæ æнд., Орджоникидзе, 1934. КА-40. – Коцойты Арсен. “Фыдбылыз” æмæ æнд., Орджоникидзе, 1940. “Уацмыстæ” – Коцойты Арсен. Уацмыстæ, 1-аг том, 1949.

ЦФ-59. – Коцойты Арсен. Цæукъа æмæ фыркъа, радзырдтæ сывæллæттæн, Орджоникидзе, 1958.

ПРОЗÆ

Джанаспи

Повесть фыццаг хатт рацыд – КА-40. Мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыди ма “Уацмысты”.

аренды – хаццон (зæхх æххуырсын).

вексыл – (вексель) – бæрæг афоныл æхцайы хæс бафидыны гæххæтт. йоркшираг хуы – Англисы Йоркширы районы кæй хастой, ахæм нардгæнаг хуыйы мыггаг.

Ахæм пъарадкæтæ æрæвæрдтой, æмæ æвзалы йедтæмæ ницыуал баззад сæ хæдзæрттæй,

– ам ныхас цæуы, Гуырдзыйы меньшевикты æфсад Хуссар Ирыстоны куы басыгъта, уыцы хабæрттыл.

Малаканты слабодкæ – Дзæуджыхъæуы иу район, Терчы галиу фарс. æрвæдзæг – бæндæны æлхынцъ, æлвасæн.

пикантон хабар – цымыдисаг, адæм сæхи цæуыл ирхæфсой, ахæм диссаг.

КÆФХЪУЫНДАР

Романæй баззад æрмæст скъуыддзæгтæ. Мыхуыр уыдысты 1923 азы “Рæстдзинад”-ы 11-17 номерты. Æвæрд ыл уыд Арсены фæсномыг – Габойты Габо. Фыццаг скъуыддзаджы бын уыд редакцийы фиппаинаг: “Ацы роман рæхджы рацæудзæн хицæн чиныгæй, фæлæ уал дзы мах иу-къорд гæбазы мыхуыр кæнæм”. Кæройнаджы фæстæ та уыд ахæм фиппаинаг: “Рæстдзинад”- ы 12-æм номеры (12-æмы нæ, фæлæ 11-æмы. –

Ш.Дж.) куыд загътам, уымæ гæсгæ ацы романæй æрмæст хицæн гæбæзтæ мыхуыр кодтам. Ам æй скъуыддзаг кæнæм. Æххæстæй рацæудзæн хицæн чиныгæй”.

Роман нæ рацыд хицæн чиныгæй, – йæ аххос бæрæг нæу. Арсен æй нæ бахаста йæ

иннæ чингуытæм дæр.

боа – сылгоймаджы хъуырбæттæн зынаргъ сырддзармæй.

муфтæ – сылгоймаджы дарæсы хай, сырддзармæй къухтæхъармгæнæн.

* Коцойты Арсен. Уацмыстæ. Чиныгуадзæн «ИР». Орджоникидзе. 1971